Апостол Павелы фыстӕг Титмӕ
11 Павелӕй, Хуыцауы цагъарӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолӕй. Ӕз ӕрвыст дӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрстыты ӕрхонон уырнындзинадмӕ, ӕцӕгад базонынмӕ, Хуыцауы нымайынмӕ1:1 1 Тим. 3:16.
2 Ӕмӕ мыггагмӕйы цардыл зӕрдӕ дарынмӕ. Ахӕм цардӕй суанг дуне сфӕлдисыны размӕ ныфс бавӕрдта, Йӕ дзырд Чи нӕ сайы, уыцы Хуыцау,1:2 Ром. 14:24.
3 Фӕлӕ Йӕ зӕрдӕвӕрд фарны уацы руаджы раргом кодта Йӕхи нысангонд ӕмгъуыды. Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ мӕнӕн баргонд у уыцы фарны уац адӕммӕ хӕссын.1:3 Гал. 1:15; Эф. 3:8; Кол. 1:28; 2 Тим. 1:11.
4 Ӕз фыссын Титмӕ, нӕ иумӕйаг уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Фарн ӕмӕ дын хорзӕх Фыд-Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийӕ.
Титы куыст Криты
5 Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй куыст ахӕццӕ кӕнай кӕронмӕ, ӕмӕ алы сахары аргъуанӕн дӕр сӕвӕрай, ӕз дын куыд бафӕдзӕхстон, ахӕм хистӕртӕ:
6 Алчидӕр сӕ хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, йӕ сывӕллӕттӕ уой уырнджытӕ, хӕлд ӕмӕ ӕгоммӕгӕсы дау сӕм ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа.1:6 1 Тим. 3:4.
7 Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф.1:7 1 Тим. 3:3.
8 Уый хъуамӕ уа уазӕгуарз, хӕрзгӕнӕг, хӕдзонд-хӕдӕфсарм, раст адӕймаг, Хуыцауыл ӕнувыд, хиуылхӕцгӕ,
9 Цы ӕцӕгады ныхасыл сахуыр, ууыл иузӕрдион. Уӕд йӕ бон уыдзӕн раст ахуырадӕй ныфс бауадзын, ныхмӕлӕуджыты – багӕды кӕнын.1:9 1 Тим. 6:3.
10 Уымӕн ӕмӕ ис, ӕнӕпайда ныхас чи кӕны ӕмӕ адӕмы чи фӕливы, бирӕ ахӕм хивӕндтӕ, уӕлдайдӕр сунӕтгӕндтӕй.1:10 Ром. 16:17.
11 Ахӕмтӕн хъӕуы сӕ дзых сӕхгӕнын. Уыдон сӕ мӕнгахуырӕдтӕй ӕнӕхъӕн бинонты саразынц зылын фӕндагыл, ӕмӕ сӕ уыцы ӕгадгӕнӕг куыст арӕзт у сӕ дзыппытӕ ныннӕмынмӕ.
12 Критӕгтӕн сӕхицӕй иу, сӕхи «пехуымпар», афтӕ загъта: «Критӕгтӕ рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр сты фӕлитойтӕ, саузӕрдӕ сырдтӕ, зивӕггӕнаг фыдгуыбынтӕ».
13 Уыцы ӕвдисӕйнаг раст у. Уымӕ гӕсгӕ сӕ гӕды кӕн ӕгъатырӕй, цӕмӕй хӕцой раст уырнындзинадыл,
14 Ӕмӕ ма хъусой иудейаг аргъӕуттӕм ӕмӕ ӕцӕгад ныууадзӕг адӕмы амындтӕм.1:14 Мф. 15:9; Мк. 7:7; 1 Тим. 1:4.
15 Сыгъдӕджытӕн ӕппӕт дӕр сыгъдӕг у; тӕригъӕдӕй чъизитӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн та ӕппӕт дӕр чъизи у, уымӕн ӕмӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ цӕсгом счъизи.1:15 Мф. 15:11; Ром. 14:14.
16 Уыдон дзурынц, цыма Хуыцауы зонынц, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй тигъ кӕнынц сӕхи; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг дӕр саразын.
2Ӕгъдау аргъуаны
1 Ды та амон, раст ахуырад куыд домы, афтӕ.2:1 Тит. 1:3.
2 Зӕронд лӕгты ахуыр кӕн, цӕмӕй уой уӕззау зонды хицау, уӕздан, хӕдӕфсарм, раст уырнындзинадыл хӕст, уарзӕгой, фӕразон.
3 Зӕронд сылгоймӕгтӕн дӕр амон, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын. Хъуамӕ ма уой хахуыргӕнджытӕ, карз нозтмӕ ӕмхиц, хорз цы у, ууыл ахуыр кӕной иннӕты,2:3 1 Тим. 2:9.
4 Ӕрыгон сылгоймӕгтӕн амоной зонд, цӕмӕй уарзой сӕ лӕгты ӕмӕ сӕ хъӕбулты,
5 Уой хӕдӕфсарм, ӕнӕкъӕм, мӕт кӕной сӕ бинонтыл, уой зӕрдӕхӕлар, сӕ лӕгтӕн коммӕгӕс. Уӕд Хуыцауы ныхас рафауынӕн ӕфсон нӕ уыдзӕн.2:5 Эф. 5:22.
6 Афтӕ лӕппуты дӕр ахуыр кӕн хиуыл хӕцыныл.
7 Алы хъуыддаджы дӕр дӕхи ӕвдис фӕзминагӕй. Аккаг хуызы амон ӕцӕгад – мацы дзы аппар ӕмӕ йӕм мацы бафтау.2:7 1 Пет. 5:3; 1 Тим. 4:12.
8 Дӕ ныхас уӕд раст, йӕ ныхмӕ сдзурын куыд ничи фӕраза, ныхмӕлӕууӕгӕн махӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон куыд нӕ бауа ӕмӕ куыд фӕхудинаг уа.2:8 1 Пет. 2:12.
9 Цагъартӕн фӕдзӕхс, цӕмӕй кӕсой сӕ хицӕутты коммӕ, алы хъуыддаджы дӕр сын ӕлхӕной сӕ зӕрдӕ, фӕстӕмӕ сӕм ма дзурой,2:9 1 Пет. 2:18; Эф. 6:5; Кол. 3:22.
10 Сӕ мулкӕй сын ма давой, кӕддӕриддӕр сыл уой иузӕрдион. Уадз ӕмӕ сеппӕт цардӕй кадджын кӕной нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад.
11 Ӕппӕт адӕмы фервӕзынӕн раргом Хуыцауы хорзӕх,2:11 Лк. 1:47; 2:30; 3:6; Тит. 3:4.
12 Ӕмӕ мах ахуыр кӕны ӕнӕхуыцау цард ӕмӕ зӕххон мондӕгтӕ ныууадзыныл, ӕмӕ ацы дунейы хӕдӕфсармӕй, рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл.2:12 1 Ин. 2:15; Эф. 1:4.
13 Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы намыс кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ.2:13 Ап. хъ. 24:25; 1 Ин. 3:2.
14 Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.2:14 Гал. 1:4; Эф. 2:10; Дзут. 9:14.
15 Ӕппӕт уыдӕттыл ахуыр кӕн уырнджыты, ныфс сӕ уадз ӕмӕ сын сӕ цӕстмӕ дар барджынӕй, алчидӕр дын аргъ куыд кӕна, афтӕ.
3Хуыцауӕн фӕндиаг цард
1 Сӕ зӕрдыл сын лӕууын кӕн, цӕмӕй коммӕ кӕсой хицӕуттӕ ӕмӕ ӕлдариуӕггӕнджытӕн, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр уой цӕттӕ,3:1 1 Пет. 2:13; Ром. 13:1.
2 Макӕй фыдгой кӕной, ма уой загъдгӕнаг, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр уой ӕвӕлмас ӕмӕ сӕрныллӕг.3:2 Кол. 3:12.
3 Мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕмбаргӕ, хивӕнд, дзӕгъӕл адӕм, чъизи мондӕгты ӕмӕ алы ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ, хӕлӕг, цъаммар, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт.3:3 1 Кор. 6:11; Эф. 2:1.
4 Фӕлӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау хӕрзаудӕнгӕнӕг ӕмӕ адӕмуарзон кӕй у, уый куы раргом,3:4 1 Тим. 4:10; Тит. 2:11.
5 Уӕд нӕ фервӕзын кодта, хорз хъуыддӕгтӕ нӕм цыма уыди, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ – ӕхсад ӕрцыдыстӕм ног цард дӕттӕг донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы систӕм ног адӕм.3:5 Ин. 3:5; Ром. 3:28; 2 Тим. 1:9.
6 Уыцы Удӕй нын нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы руаджы Хуыцау радта рӕдауӕй,3:6 Ром. 5:5.
7 Цӕмӕй Йӕ хорзӕхы фӕрцы сраст уӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Хуыцауӕй мыггагмӕйы цард райсыныл.
8 Ацы ныхас ӕцӕг у. Мӕн уый фӕнды, ӕмӕ адӕмы ӕнувыдӕй ахуыр кӕнай ӕппӕт уыдӕттыл, цӕмӕй Хуыцауыл чи баууӕндыд, уыдон сӕхи зӕрдиагӕй хъарой хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл. Уый хорз у ӕмӕ адӕмӕн уыдзӕни пайда.3:8 Эф. 2:10.
9 Рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты тыххӕй ӕнӕсӕрфат ранымай-банымайӕ, Моисейы Ӕгъдауы фӕдыл быцӕутӕй ӕмӕ загъдӕй та дӕхи хиз – дзӕгъӕлы ӕмӕ ӕнӕпайда сты.3:9 1 Тим. 1:4; 4:7; 2 Тим. 2:23.
10 Мӕнгахуырадыл чи лӕууы, уымӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты куы бамбарын кӕнай, уӕд дын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уӕд.
11 Ӕмӕ зон, ахӕм адӕймаг кӕй фехӕлд ӕмӕ тӕригъӕды кӕй бафтыд, ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхицӕн тӕрхон кӕй рахаста, уый.
Кӕронбӕттӕн
12 Артемайы кӕнӕ дӕм Тихикы куы арвитон, уӕд бацархай Никополмӕ мӕм ӕрцӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ зымӕг уым арвитын ис мӕ зӕрды.
13 Тӕрхоны хъуыддӕгты дӕсны Зинайы ӕмӕ Аполлосы зӕрдиагӕй срӕвдз кӕн фӕндагмӕ, хъуаг куыд ницӕмӕй баййафой, афтӕ.3:13 Ап. хъ. 18:24.
14 Уадз ӕмӕ мах уырнджытӕ дӕр сахуыр уой, ӕххуысы сӕр кӕм хъӕуы, уым ӕнувыдӕй хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл, науӕд сӕ уырнындзинад уыдзӕн ӕнӕпайда.3:14 Тит. 2:14.
15 Саламтӕ дын дӕттынц, мемӕ чи ис, уыдон иууылдӕр. Саламтӕ ратт, мах чи уарзы, уыцы уырнджытӕн. Хуыцауы хорзӕх уеппӕты дӕр уӕд.