Апостол Павелы фыстӕг ромӕгтӕм

1

1 Павелӕй, Хуыцау кӕй ӕрхуыдта ӕмӕ Йӕ фарны уац адӕммӕ фӕхӕссын кӕмӕн бафӕдзӕхста, Йесо Чырыстийы уыцы цагъар ӕмӕ апостолӕй.1:1 Ап. хъ. 9:15.

2 Уыцы фарны уацӕй Хуыцау Йӕ пехуымпарты фӕрцы развӕлгъау зӕрдӕ ӕвӕрдта Сыгъдӕг Фысты.1:2 Лк. 1:70; Ин. 1:45.

3 Уый у фарны уац Йӕ Фырты тыххӕй. Туг ӕмӕ стӕгӕй Уый уыди Давиды байзӕддаг,1:3 Мф. 1:1; Лк. 2:4.

4 Фӕлӕ Хуыцауы Фырт кӕй у, уый равдыстӕуыд Йӕ хъаруйӕ, сыгъдӕггӕнӕг Уды архайдӕй, мӕрдтӕй райгасӕй; Уый у нӕ Хицау Йесо Чырысти.

5 Йесойы фӕрцы ӕз схайджын дӕн хорзӕхӕй – сдӕн апостол, Йӕ номы сӕраппонд ӕппӕт адӕмты Хуыцауыл ӕууӕндынмӕ ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсынмӕ хонӕг.1:5 Ап. хъ. 2:22; 2 Кор. 10:5.

6 Сымах дӕр, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндынмӕ хуындтытӕ, уыцы адӕмтӕй стут.

7 Ӕз фыссын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕн сеппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.1:7 1 Кор. 1:2; Эф. 1:1.

Павел ӕмӕ ромаг аргъуан

8 Фыццаджыдӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн уеппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейӕн уӕ уырнындзинад зындгонд у.

9 Йӕ Фырты фарны уац адӕммӕ зӕрдиагӕй хӕссынӕй цы Хуыцауӕн кусын, Уый мын ӕвдисӕн у: куы фӕкувын, уӕд сымах ӕдзух мӕ зӕрдыл фӕлӕуут,1:9 Ин. 4:23; Ап. хъ. 24:14.

10 Ӕмӕ иудадзыг курын, кӕд Хуыцауӕн фӕндиаг у, уӕд мын, ӕппынфӕстаг, куыд бантыса сымахмӕ фӕцӕуын.

11 Уӕ фенынмӕ тынг бӕллын, Сыгъдӕг Уд мын цы ралӕвар кодта, уымӕй уын куыд бахай кӕнон ӕмӕ куыд сфидар уат.1:11 Ром. 15:29; 1 Фес. 3:10.

12 Ома, кӕрӕдзи сфидар кӕнӕм иумӕйаг уырнындзинадӕй, уӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ мӕ уырнындзинадӕй.

13 Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн ӕрцӕуынмӕ, фӕлӕ къуылымпытӕ ӕвзарын абонмӕ. Ӕз бӕллын, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, афтӕ мын сымахмӕ дӕр иуцасдӕр куыд бантыса.

14 Ӕз бердзентӕй- 1:14 Павел ам |iбердзентӕ|r хоны ӕрмӕст бердзенты нӕ, фӕлӕ сӕ культурӕ ӕмӕ ӕвзаг кӕуыл фӕзындысты, уыцы адӕмы, уыдонимӕ ромӕгты дӕр. дӕр, талынг адӕмтӕй дӕр, зондджынтӕй дӕр ӕмӕ ӕнӕфендтӕй дӕр хӕс дарын.1:14 Ап. хъ. 9:15; 1 Кор. 9:16.

15 Уӕдӕ мӕн зӕрдиагӕй фӕнды сымахмӕ дӕр, Ромы цӕрджытӕм, фарны уац хӕссын.

Хуыцауы ирвӕзындӕттӕг тых

16 Фарны уац кӕй хъусын кӕнын, уый худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр иудейӕн, стӕй муртатӕн дӕр, у Хуыцауы ирвӕзындӕттӕг тых.1:16 Мк. 8:38; 1 Кор. 1:24; 15:2; 2 Тим. 1:8.

17 Фарны уац куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы раст кӕны, куы Йыл баууӕнды, ӕрмӕстдӕр уӕд. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕн».1:17 Ром. 3:21.

Хуыцауы азар

18 Уӕларвӕй ӕргомгонд цӕуы: Хуыцауы ӕцӕгад фыдӕхӕй ссӕндӕг адӕм сӕ ӕнӕхуыцау миты ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй баййафдзысты Хуыцауы азар.

19 Хуыцауы тыххӕй цы базонӕн ис, уый сын ӕргом у, уымӕн ӕмӕ сын ӕй Хуыцау раргом кодта.

20 Ӕмӕ сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, Хуыцауы уыцы мыггагмӕйы тых ӕмӕ Йӕ ӕрдзыхъӕд дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бӕлвырд сты, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд.

21 Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн цы кад ӕмбӕлы, ахӕм кад Ын не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ӕмӕ се ’нӕрхъуыды зӕрдӕтӕ нытталынг сты.1:21 Эф. 4:18.

22 Сӕхи зондджынтӕ хонынц, фӕлӕ сӕ зонд фӕцыди,

23 Ӕнӕмӕлгӕ Хуыцаумӕ кувыны бӕсты кувынц, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймагмӕ гӕсгӕ, мӕргътӕм гӕсгӕ, цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕм ӕмӕ хилджытӕм гӕсгӕ конд фӕлгонцтӕм.

24 Уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау ныууагъта сӕ зӕрдӕты чъизи мондӕгты ӕвджид, ӕмӕ сӕхӕдӕг ӕлгъаг кӕнынц сӕ буар.

25 Уыдон Хуыцауы ӕцӕгад баивтой мӕнгдзинадӕй, кувынц ӕмӕ кусынц, кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыдонӕн, Сфӕлдисӕгӕн та нӕ кувынц – Уый арфӕгонд уӕд мыггагмӕ! Амен.

26 Уый тыххӕй сӕ Хуыцау ныууагъта ӕлгъаг мондӕгты ӕвджид. Сӕ сылгоймӕгтӕ лӕгимӕ цӕрыны ӕрдзон ӕгъдау баивтой, ӕрдзон чи нӕу, ахӕм ӕгъдауӕй.

27 Афтӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр ныууагътой сылгоймӕгтимӕ цӕрыны ӕрдзон ӕгъдау ӕмӕ мондаг кӕнынц кӕрӕдзимӕ. Нӕлгоймӕгтӕ фӕцалх сты ӕлгъаг митыл нӕлгоймӕгтимӕ, ӕмӕ кӕй фехӕлдысты, уымӕй сӕхи ӕртардтой аккаг ӕфхӕрдмӕ.

28 Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй сӕ Хуыцау бафтыдта ӕнаккаг митӕ кӕныны зыгъуыммӕ зондыл,1:28 2 Фес. 2:11.

29 Ӕмӕ ӕфтынц алыхуызон тӕригъӕдты, сты фыдзӕрдӕ, кӕрӕф, хӕлӕг, лӕгмартӕ, ӕмхиц хъаугъатӕм, сайынмӕ, хӕраммӕ, хахуырмӕ,

30 Сты маргӕвзаг, Хуыцау сын у ӕнӕуынон, сты налат, сӕрыстыр, хиппӕлой, фыдбылыз саразынмӕ дӕсны, ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс,

31 Ӕнӕмбаргӕтӕ, ӕууӕнкхортӕ, саузӕрдӕ, ӕгъатыр.

32 Кӕд ӕмӕ зонынц, ахӕм митӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ мӕлӕты аккаг кӕй сты, уый, уӕддӕр уыцы митӕм канд сӕхӕдӕг не сты ӕмхиц, фӕлӕ ма райгонд сты, ахӕм митыл ӕфтыд чи у, уыдонӕй дӕр.

2

Хуыцауы ӕнӕхӕрам тӕрхон

1 Уӕдӕ чидӕриддӕр ма у, иннӕмӕн тӕрхон куы кӕнай, уӕд дӕхи дӕр ницӕмӕй сраст кӕндзынӕ. Иннӕмӕн тӕрхон кӕнгӕйӕ, тӕрхон кӕныс дӕхицӕн дӕр. Уымӕн ӕмӕ иннӕмӕн цӕй тыххӕй тӕрхон кӕныс, дӕхӕдӕг дӕр уый гӕнӕг дӕ.2:1 Мф. 7:1; Лк. 6:37; 1 Кор. 4:5.

2 Мах та зонӕм: ахӕм митӕ чи кӕны, уыдонӕн Хуыцау стӕрхон кӕндзӕн ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ.

3 Ау, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ дӕхӕдӕг цы митӕ кӕныс, ахӕм миты тыххӕй иннӕмӕн тӕрхонгӕнӕг куы уай, уӕд Хуыцауы тӕрхонӕй фервӕздзынӕ?

4 Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у, уый ницӕмӕ дарыс ӕмӕ, Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ дӕу фӕсмонмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?2:4 2 Пет. 3:15.

5 Фӕлӕ хивӕнд кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг карздӕр кӕныс де ’фхӕрд азары бонмӕ – Хуыцау Йӕхи ӕнӕхӕрам тӕрхонгӕнӕгӕй куы раргом кӕна, уӕдмӕ.2:5 Иак. 5:3.

6 Хуыцау уӕд алкӕмӕн дӕр ратдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.2:6 Мф. 16:27.

7 Иудадзыг хорз хъуыддӕгты лӕудӕй намысмӕ, кадмӕ ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уӕвынмӕ чи тырны, уыдонӕн ратдзӕн мыггагмӕйы цард.2:7 Мф. 25:46.

8 Хиуарзон, ӕцӕгадӕн ӕгоммӕгӕс ӕмӕ тӕригъӕдмӕ ӕмхиц чи у, уыдоныл та Хуыцау ныккалдзӕн Йӕ азар.2:8 Дзут. 10:27.

9 Хӕрам митӕм ӕмхиц адӕймаджы бакӕндзӕн удхары ӕмӕ хъизӕмары хай: раздӕр иудейы, стӕй та – муртаты.

10 Хорз чи кӕны, уыдонӕй та алкӕмӕн дӕр ратдзӕн намыс, кад ӕмӕ фарн: раздӕр иудейӕн, стӕй та – муртатӕн.

11 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау никӕй хъулон кӕны.

Иудейаг Ӕгъдау никӕй бахиздзӕн тӕрхонӕй

12 Иудейаг Ӕгъдау кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй тӕригъӕд чи ракодта, уыдон амӕлдзысты, фӕлӕ сын Ӕгъдау тӕрхонгӕнӕг нӕ уыдзӕн. Ӕгъдау кӕмӕн уыд, афтӕмӕй тӕригъӕд чи ракодта, уыдон та тӕрхонгонд уыдзысты Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ.2:12 Лк. 12:47.

13 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау сраст кӕндзӕн, Ӕгъдау чи хъусы, уыдоны нӕ, фӕлӕ Ӕгъдау ӕххӕстгӕнджыты.2:13 Мф. 7:21; Иак. 1:22.

14 Муртаттӕн Ӕгъдау нӕй, фӕлӕ сӕ мидхъӕлӕсмӕ гӕсгӕ Ӕгъдауы домӕнтӕ куы феххӕст кӕнынц, уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн ӕгъдау сты, кӕд сын Ӕгъдау нӕй, уӕддӕр.

15 Ӕмӕ уымӕй ӕвдисынц, Ӕгъдауы домӕнтӕ сӕ зӕрдӕты фыст кӕй сты, уый. Афтӕ кӕй у, ууыл дзурӕг у се ’фсарм, уымӕн ӕмӕ сӕ куы зылын фӕкӕнынц сӕ хъуыдытӕ, куы – раст.

16 Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы фарны уац хъусын кӕнын, уый.2:16 Мф. 25:31; Ин. 5:22; Ап. хъ. 10:42; 1 Кор. 4:5.

Иудейтӕ ӕмӕ Ӕгъдау

17 Ныр та дӕумӕ дзурын, дӕхи иудей хонӕг. Ныфс дӕ ис Ӕгъдауӕй; дӕхицӕй ныббуц дӕ, цыма Хуыцау дӕумӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсы;

18 Хуыцауӕн фӕндиаг цы у, уый зоныс; Ӕгъдау дӕ сахуыр кодта, хуыздӕр цы у, уый ӕмбарыныл;

19 Фидарӕй ӕууӕндыс, цыма куырмытӕн фӕндагамонӕг дӕ, талынджы цӕрджытӕн – рухс,2:19 Мф. 15:14.

20 Ӕнӕзӕндтӕн – зондамонӕг, сывӕллӕттӕн – ахуыргӕнӕг; ӕппӕт зонынад ӕмӕ ӕцӕгад дын Ӕгъдауы сты.

21 Уӕдӕ, иннӕйы ахуыр кӕнгӕйӕ, дӕхи цӕуылнӕ ахуыр кӕныс?

22 Нӕ давыныл куы ахуыр кӕныс, уӕд дӕхӕдӕг цӕмӕн давыс? Зӕгъыс «ма хӕт» ӕмӕ хӕтыс. Ӕлгъ кӕныс гуымирытыл, ӕмӕ къахыс кувӕндӕттӕ.

23 Ӕгъдауӕй буц дӕ, фӕлӕ Ӕгъдау кӕй халыс, уымӕй ӕгад кӕныс Хуыцауы.

24 Сыгъдӕг Фыст сымах тыххӕй зӕгъы: «Уӕ аххосӕй фауынц муртаттӕ Хуыцауы».

25 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд сунӕт пайда у. Фӕлӕ кӕд Ӕгъдауы сӕрты ахызтӕ, уӕд дӕ сунӕт ницыуал давы.2:25 1 Кор. 7:19; Гал. 6:15.

26 Уӕдӕ сунӕт чи нӕу, уый Ӕгъдауы домӕнтӕ куы ӕххӕст кӕна, уӕд ӕнӕсунӕтӕй дӕр Хуыцауы цӕсты сунӕтгонд нӕ уыдзӕн, ӕви?2:26 Ап. хъ. 10:35.

27 Уӕдӕ йӕ буарыл сунӕт кӕмӕн нӕй, афтӕмӕй Ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый рахӕсдзӕн тӕрхон дӕуӕн, Ӕгъдауы сӕрты ахизӕгӕн, кӕд дын фыст Ӕгъдау ис ӕмӕ сунӕтгонд дӕ, уӕддӕр.2:27 Мф. 12:41.

28 Ӕрмӕст ӕддаг бакастӕй иудей чи у, уый ӕцӕг иудей нӕу, стӕй ӕрмӕст буарыл цы сунӕт ис, ӕцӕг сунӕт уый нӕу.2:28 Ром. 9:6, 8.

29 Фӕлӕ иудей зӕрдӕйӕ чи у, уый у ӕцӕг иудей; зӕрдӕйы сунӕт – уый у ӕцӕг сунӕт. Уыцы сунӕт фыст ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕу, фӕлӕ Хуыцауы Удӕй у. Ахӕм адӕймагӕй ӕппӕлынц адӕм нӕ, фӕлӕ Хуыцау.2:29 Ром. 4:12; Кол. 2:11.

3

Адӕм азымджын сты

1 Уӕдӕ иудейтӕ иннӕтӕй цӕмӕй хуыздӕр уавӕры сты, кӕнӕ цы пайда дӕтты сунӕт?

2 Стыр пайда алцӕмӕй дӕр. Уӕлдайдӕр та сын Хуыцау Йӕ ныхас сӕ бӕрны кӕй бакодта, уымӕй.3:2 Ром. 9:4.

3 Уӕдӕ куыд? Кӕд иуӕй-иутӕ Хуыцауыл иузӕрдион нӕ разындысты, уӕд уый тыххӕй Хуыцау иузӕрдион нал уыдзӕн?3:3 2 Тим. 2:13.

4 Ницы хуызы! Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы, адӕмӕй та алчидӕр мӕнгард у, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ды раст кӕй дӕ, уый равдисдзысты Дӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ тӕрхон куы хӕссай, уӕд фӕуӕлахиз уыдзынӕ».3:4 Ин. 3:33.

5 Кӕд не ’взӕр митӕй Хуыцауы рӕстдзинад ӕргом кӕны, уӕд цы зӕгъӕм? Афтӕ зӕгъӕм: «Хуыцау раст нӕ уыдзӕн, Йӕ азар куы ныккала, уӕд»? (Адӕймаг куыд хъуыды кӕны, афтӕ дзурын.)

6 Ницы хуызы! Уӕдӕ Хуыцау дунейӕн ӕндӕр хуызы куыд хъуамӕ стӕрхон кӕна?

7 Кӕд ӕз иузӕрдион кӕй нӕ дӕн, уый Хуыцауы иузӕрдиондзинад тынгдӕр ӕргом кӕны ӕмӕ Хуыцауы намысыл ӕфтауы, уӕд ма мын тӕригъӕдджынау тӕрхон кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

8 Уӕдӕ ӕвзӕр митӕ кӕнӕм, мыййаг, цӕмӕй хорз расайой? Цыма ӕз ууыл ахуыр кӕнын, ахӕм даутӕ дӕр мыл мысынц чидӕртӕ. Уыдоны баййафдзӕн, цы тӕрхоны аккаг сты, уый.3:8 Ром. 6:15.

Алы адӕймаг дӕр тӕригъӕдджын у

9 Уӕдӕ куыд? Мах иннӕтӕй хуыздӕр уавӕры стӕм? Ӕппындӕр нӕ. Мах ныридӕгӕн равдыстам, иудейтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕ дӕр тӕригъӕды дӕлбар кӕй сты, уый.3:9 Гал. 3:22.

10 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Иунӕг рӕстгӕнӕг дӕр нӕй,

11 Нӕй ӕмбаргӕ адӕймаг, Хуыцауы ничи агуры.

12 Сеппӕт дӕр ныууагътой Хуыцауы, сты ницӕйаг; хорз чи ракӕна, иу ахӕм адӕймаг нӕй.

13 Сӕ хъуыр – гом ингӕн, сайынц се ’взагӕй, сӕ былтыл – калмы марг.

14 Сӕ дзыхтӕй сын ӕлгъыст ӕмӕ масты йеддӕмӕ ницы фехъусдзынӕ.

15 Сты цӕттӕ ӕвӕстиатӕй туг ныккалынмӕ.

16 Кӕмдӕриддӕр сты халӕг, семӕ ӕрхӕссынц фыдбылыз,

17 Фидыдӕй цӕрын нӕ зонынц.

18 Хуыцауӕй нӕ тӕрсынц».

19 Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый йӕ дӕлбар адӕмӕн зӕгъы. Ӕмӕ хи сраст кӕныны тыххӕй йӕ дзых байгом кӕнын никӕй бон бауыдзӕн – ӕгас дуне Хуыцауы раз дзуапп дӕтдзӕн.

20 Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕн. Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд цы у, уый Ӕгъдауы руаджы базонӕм.3:20 Ром. 7:7; Гал. 2:16.

Уырнындзинад раст кӕны тӕригъӕдджыны

21 Фӕлӕ, Ӕгъдаумӕ нӕ кӕсгӕйӕ, ныр байгом, Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй тыххӕй дзурынц, Хуыцауимӕ бафидауыны уыцы фӕндаг.

22 Ӕппӕт уырнджыты дӕр Хуыцау раст кӕны Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы, хъулон Ын сӕ никӕцы у.3:22 Гал. 3:28.

23 Уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр бафтыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы намысӕй ӕнӕхай сты,3:23 Ром. 3:10; 5:12.

24 Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сеппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы – Чырысти сын дӕтты сӕрибар.3:24 Ром. 8:32.

25 Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад – бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй,3:25 Ап. хъ. 13:38; 2 Кор. 5:19.

26 Цӕмӕй абон равдиса Йӕ рӕстдзинад: Йӕхӕдӕг раст у ӕмӕ раст кӕны Йесойыл ӕууӕндджыты.

27 Уӕдӕ цӕмӕй раппӕлӕм нӕхицӕй? Ницӕмӕй. Кӕцы ӕгъдау нӕ дӕтты ӕппӕлыны бар? Хъуыддӕгтӕ домӕг ӕгъдау? Нӕ, уырнындзинад домӕг ӕгъдау.

28 Уымӕн ӕмӕ мах афтӕ зӕгъӕм: адӕймаг Ӕгъдау ӕххӕст кӕна ӕви нӕ – уырнындзинады фӕрцы сраст вӕййы.

29 Ау, Хуыцау ӕрмӕст иудейты Хуыцау у, муртатты Хуыцау та нӕу? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, муртатты Хуыцау дӕр у.

30 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, ӕмӕ растыл банымайдзӕн ӕппӕт уырнджыты – сунӕтгӕндты дӕр, стӕй сунӕтгонд чи нӕу, уыцы уырнджыты дӕр.3:30 Ром. 4:11.

31 Уӕдӕ Ӕгъдау уырнындзинадӕй сафӕм? Ницы хуызы! Сафгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ фидар кӕнӕм.3:31 Гал. 3:24.

4

Авраам уырнындзинады фӕрцы сраст

1 Уӕдӕ цы зӕгъӕм нӕ дзуттаг адӕмы фыдӕл Авраамы тыххӕй? Цы йын бантыст?

2 Кӕд Авраам йӕ хъуыддӕгты фӕрцы сраст, уӕд йӕ бон уыд йӕхицӕй раппӕлын, ӕрмӕст Хуыцауы раз нӕ.4:2 Эф. 2:8.

3 Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы? «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл».4:3 Иак. 2:23; Гал. 3:6.

4 Фӕллойгӕнӕгӕн йӕ мызд лӕварыл нымад нӕу, фӕлӕ йӕ райсы, кӕй йын ӕмбӕлы, уый тыххӕй.4:4 Ром. 11:6.

5 Чи ницы сарӕзта, уый та, тӕригъӕдджынты Чи раст кӕны, Ууыл куы ӕууӕнда, уӕд ӕй йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцау нымайы рӕстгӕнӕгыл.

6 Йӕ хъуыддӕгтӕм ын нӕ кӕсгӕйӕ, Хуыцау рӕстгӕнӕгыл кӕй банымайы, уыцы адӕймаджы Давид дӕр тӕхудиаг хоны:

7 «Тӕхудиаг сты, сӕ ӕнӕуаг митӕ кӕмӕн ныббарстӕуыд ӕмӕ Хуыцау кӕй тӕригъӕдтӕ нал ӕрымысдзӕн, уыдон.

8 Тӕхудиаг у, Хицау аххосджыныл кӕй нӕ банымайа, уыцы тӕригъӕдджын адӕймаг».

9 Тӕхудиаг кӕй хоны: сунӕтгонды ӕви ӕнӕсунӕтгонды? Мах дзурӕм: Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстгӕнӕгыл.

10 Кӕд ӕй банымадта? Сунӕты фӕстӕ ӕви сунӕты размӕ? Сунӕты фӕстӕ нӕ, фӕлӕ сунӕты размӕ.

11 Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл.

12 Стӕй сунӕтгӕндтӕй дӕр сӕ фыдӕл сси, Авраамы фӕндагыл чи цӕуы ӕмӕ нӕ фыдӕл Авраам йӕ сунӕты размӕ Хуыцауыл куыд ӕууӕндыд, афтӕ Йыл чи ӕууӕнды, ӕрмӕст уыдонӕн.

Хуыцауы зӕрдӕвӕрд

13 Дуне уыдоны хай кӕй бауыдзӕн, уымӕй Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн зӕрдӕ бавӕрдӕуыд Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рӕстгӕнӕгыл кӕй банымадта, уый тыххӕй.

14 Дуне кӕд Ӕгъдау ӕххӕстгӕнджыты хай бауыдзӕн, уӕд уырнындзинад дзӕгъӕлы у, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд дӕр ницы у.

15 Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕркӕны Хуыцауы фыдӕхмӕ; Ӕгъдау куы нӕ уа, уӕд та йӕ халгӕ дӕр ничи кӕны.4:15 Ром. 3:20; 5:13; 7:8; 1 Кор. 15:56; Гал. 3:10.

16 Уӕдӕ уыцы зӕрдӕвӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл – Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у неппӕты фыдӕл,

17 Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ӕз дӕ скодтон бирӕ адӕмты фыдӕл». Бирӕ адӕмты фыдӕл Авраам у Хуыцауы раз – Кӕуыл баууӕндыди, мӕрдты Чи ӕгас кӕны, ӕмӕ цы нӕй, уый цардмӕ Чи ракӕны, уыцы Хуыцауы раз.4:17 Дзут. 11:12.

18 Кӕд ӕй ныфс нал уыди, уӕддӕр Авраам, зӕрдӕ даргӕйӕ, баууӕндыд ӕмӕ уый тыххӕй сси бирӕ адӕмты фыдӕл, Хуыцау ын куыд загъта, афтӕ: «Тынг бирӕ уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».

19 Авраам ӕмбӕрста: цӕуы йыл фондзыссӕдз азы бӕрц, йӕ буар сӕдых, Саррӕ нал ныййардзӕни, фӕлӕ уӕддӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта.

20 Хуыцау Йӕ дзырдӕн хицау кӕй разындзӕн, ууыл нӕ фӕгуырысхо, йӕ уырнындзинад дзы бауагъта тых, ӕмӕ Авраам скад кодта Хуыцауӕн,

21 Уымӕн ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыд, Хуыцауӕн Йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕнын Йӕ бон кӕй у, ууыл.4:21 Лк. 1:37.

22 Уымӕ гӕсгӕ йӕ Хуыцау «банымадта рӕстгӕнӕгыл».

23 Ӕниу, канд Авраамы тыххӕй нӕу фыст, Хуыцау ӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл, зӕгъгӕ,4:23 Ром. 15:4.

24 Фӕлӕ мах тыххӕй дӕр. Хуыцау рӕстгӕнджытыл банымайдзӕн мах дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕууӕндӕм нӕ Хицау Йесойы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕгыл.

25 Йесойы нӕ тӕригъӕдты тыххӕй рардӕуыди мӕлӕтмӕ ӕмӕ райгас Хуыцауы раз мах срасты охыл.4:25 1 Пет. 1:21; Ром. 5:6; 1 Кор. 15:22.

5

Хуыцауимӕ фидыд

1 Уӕдӕ сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти мах бафидауын кодта Хуыцауимӕ.5:1 Лк. 2:14; Эф. 2:16; Кол. 1:20.

2 Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы намысӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал и кӕрон.5:2 Ин. 14:6; Эф. 2:18; Дзут. 10:19.

3 Ӕмӕ нӕ цин ӕрмӕст ууыл нӕу, фӕлӕ нӕ тухӕнтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ зонӕм, тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ кӕй свӕййӕм фӕразон,5:3 Иак. 1:2; 2 Кор. 12:10.

4 Фӕразонӕй свӕййӕм фӕлвӕрд, фӕлвӕрд куы свӕййӕм, уӕд уый расайы зӕрдӕдарӕн.

5 Зӕрдӕдарӕн та къӕмдзӕстыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ махӕн лӕ- вӕрд Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй.5:5 Ром. 8:16; 2 Кор. 1:22.

6 Лӕмӕгъ ма куы уыдыстӕм, уӕд нысангонд ӕмгъуыдыл Чырысти амард тӕригъӕдджынты сӕраппонд.5:6 1 Пет. 3:18; Дзут. 9:15.

7 Рӕстгӕнӕджы тыххӕй исчи йӕ цард ратдзӕн, уый дызӕрдыггаг у. Чи зоны, искӕмӕ разына йӕ хӕрзгӕнӕджы сӕраппонд амӕлыны ӕхсар.

8 Фӕлӕ нӕ Хуыцау кӕй уарзы, уый равдыста, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд Чырысти мах сӕраппонд кӕй амард, уымӕй.5:8 Ин. 15:13; 1 Ин. 3:16.

9 Кӕд абон Йесойы Туджы фӕрцы сраст стӕм, уӕд нӕ цас фылдӕр ныфс ис, Йӕ фӕрцы Хуыцауы фыдӕхӕй кӕй фервӕздзыстӕм, уымӕй!5:9 Ром. 3:25; 1 Фес. 1:10.

10 Уымӕн ӕмӕ кӕд раздӕр Хуыцауы знӕгтӕ уыдыстӕм ӕмӕ Йемӕ бафидыдтам Йӕ Фырты мӕлӕты фӕрцы, уӕд нӕ цас фылдӕр ныфс ис, мах, Хуыцауимӕ фидыд адӕм, кӕй фервӕздзыстӕм Йӕ Фырты царды фӕрцы!5:10 2 Кор. 5:18; Кол. 1:22.

11 Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауимӕ кӕй стӕм, ууыл цин кӕнӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы – Уый нӕ бафидауын кодта Хуыцауимӕ.

Адам ӕмӕ Чырысти

12 Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдимӕ – мӕлӕт. Афтӕмӕй мӕлӕт сбарджын ӕппӕт адӕмыл, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр тӕригъӕды бафтыдысты.5:12 Ром. 6:23; 1 Кор. 15:21.

13 Тӕригъӕд Ӕгъдауы агъоммӕ дӕр дунейы уыди; фӕлӕ ӕгъдау куы нӕ уа, уӕд тӕригъӕд тӕригъӕдыл нымад нӕ цӕуы.5:13 Ром. 4:15.

14 Фӕлӕ мӕлӕт Адамы заманӕй Моисейы заманмӕ дӕр ӕлдариуӕг кодта, Адам кӕй ракодта, уыцы тӕригъӕды чи нӕ бафтыд, уыдоныл дӕр. Адам та у, фидӕны Чи хъуамӕ ӕрцыдаид, Уымӕн Йӕ развӕлгонц.5:14 1 Кор. 15:21, 45, 55.

15 Фӕлӕ тӕригъӕд ӕмӕ хорзӕх иу не сты. Кӕд иу адӕймаджы тӕригъӕд бирӕтӕн мӕлӕт ӕрхаста, уӕд уыцы тӕригъӕды зианӕй цас тыхджындӕр сты Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ, иу Адӕймаджы, Йесо Чырыстийы, хорзӕхмӕ гӕсгӕ бирӕтӕ кӕй райстой, уыцы лӕвар!5:15 Ин. 1:16; Эф. 1:6.

16 Ӕмӕ иу адӕймаджы тӕригъӕд цы расайдта, Хуыцауы хорзӕх уый хуызӕн нӕу. Иу тӕригъӕд ӕркодта карз тӕрхонмӕ, Хуыцауы хорзӕх та бирӕ тӕригъӕдтӕй раст кӕны.

17 Кӕд иу адӕймаджы аххосӕй иу тӕригъӕды тыххӕй мӕлӕт паддзах сси, уӕд иу Адӕймаджы, Йесо Чырыстийы, руаджы та цӕрдзысты ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты, Хуыцау йӕ хорзӕх рӕдауӕй кӕмӕн дӕтты ӕмӕ лӕвар кӕй раст кӕны, уыдон.5:17 2 Тим. 2:12; Ӕрг. 1:6; 22:5.

18 Уӕдӕ иу адӕймаджы тӕригъӕд ӕппӕт адӕмӕн карз тӕрхон куыд расайдта, афтӕ иу Адӕймаджы раст хъуыддаг раст кӕны ӕппӕт адӕмы ӕмӕ сын дӕтты цард.

19 Иу адӕймаджы ӕгоммӕгӕсӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ куыд систы, афтӕ иу Адӕймаджы коммӕгӕсӕй бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ.5:19 Флп. 2:8.

20 Ӕгъдау та ӕрцыди тӕригъӕды бабирӕйӕн, фӕлӕ тӕригъӕд куы бабирӕ, уӕд Хуыцауы хорзӕхӕн ныккӕнӕнтӕ нал уыд,5:20 Ром. 7:8; Гал. 3:19.

21 Цӕмӕй, тӕригъӕд куыд паддзахиуӕг кодта ӕмӕ адӕмӕн мӕлӕт куыд хаста, афтӕ паддзахиуӕг кӕна Хуыцауы хорзӕх дӕр, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы раст кӕна адӕймаджы ӕмӕ дӕтта мыггагмӕйы цард.

6

Тӕригъӕдӕн – мард, Чырыстийӕн – удӕгас

1 Уӕдӕ цы зӕгъӕм? Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхыл бафта, уый тыххӕй тӕригъӕдджынтӕй хъуамӕ баззайӕм? Ницы хуызы!6:1 1 Пет. 2:24; Гал. 6:14.

2 Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?

3 Ӕви ныл Йесо Чырыстиимӕ баиуы охыл куы саргъуыдӕуыд, уӕд Йемӕ кӕй амардыстӕм, уый нӕ зонут?6:3 Гал. 3:27.

4 Уӕдӕ аргъауыны рӕстӕг мах амардыстӕм ӕмӕ ныгӕд ӕрцыдыстӕм Йемӕ, цӕмӕй Чырысти Йӕ Фыды намысджын хъаруйӕ мӕрдтӕй куыд райгас, афтӕ мах дӕр райгас уӕм ӕмӕ цӕрӕм ног цардӕй.6:4 Гал. 6:15; Эф. 4:23; Кол. 2:12.

5 Ӕмӕ кӕд мах Чырыстийау амардыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй баиу стӕм Йемӕ, уӕд мӕрдтӕй дӕр райгас уыдзыстӕм, Уый куыд райгас, афтӕ, ӕмӕ баиу уыдзыстӕм Йемӕ.6:5 Ром. 8:11; 1 Кор. 6:14.

6 Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаджы Йемӕ байтыгъдӕуыд нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд басӕттынӕн ӕмӕ тӕригъӕды цагъарӕй фервӕзынӕн.6:6 Гал. 5:24.

7 Уымӕн ӕмӕ чи амард, уый ссӕрибар тӕригъӕдӕй.6:7 1 Пет. 4:1.

8 Ӕмӕ кӕд иугӕр Чырыстиимӕ амардыстӕм, уӕд ӕууӕндӕм, цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕй кӕндзыстӕм, ууыл.6:8 Кол. 3:5, 9-10; 2 Тим. 2:11.

9 Мах зонӕм, мӕрдтӕй райгасы фӕстӕ Чырысти кӕй нал амӕлдзӕн, уый: мӕлӕты бон Ыл нал цӕуы.

10 Уымӕн ӕмӕ куы амард, уӕд амард тӕригъӕдӕн иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ. Ныр та удӕгас у, ӕмӕ цӕры Хуыцауӕн.6:10 Лк. 20:38.

11 Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы.6:11 Гал. 2:19.

12 Уӕдӕ тӕригъӕд уӕ мӕлӕтон буарӕн паддзах ма уӕд, цӕмӕй буары чъизи мондӕгты коммӕ ма кӕсат.

13 Ӕмӕ уӕ буары уӕнгтӕ ма раттут тӕригъӕдӕн – ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотыхӕн, фӕлӕ сымах мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уӕ уӕнгтӕ.6:13 Ром. 12:1; Гал. 2:20.

14 Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар.6:14 Ром. 5:20.

Тӕригъӕдӕй сӕрибар

15 Уӕдӕ цы кӕнӕм? Ӕгъдауы дӕлбар нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар кӕй стӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тӕригъӕды бафтӕм? Ницы хуызы!6:15 Гал. 2:17.

16 Цагъарау кӕй коммӕ бакастыстут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут, уый нӕ зонут, ӕви? Тӕригъӕдӕн цагъартӕ куы уат, уӕд амӕлдзыстут, Хуыцауӕн коммӕгӕс цагъартӕ куы уат, уӕд уӕ сраст кӕндзӕн.6:16 Мф. 6:24; Ин. 8:34; 2 Пет. 2:19.

17 Бузныг Хуыцауӕй, сымах тӕригъӕдӕн уыдыстут цагъартӕ, фӕлӕ ныр зӕрдиагӕй коммӕгӕс стут, уӕ зӕрдӕйы уын цы ахуырад нывӕрдӕуыд, уымӕн.

18 Сымах суӕгъд стут тӕригъӕдӕй ӕмӕ систут рӕстады цагъартӕ.6:18 Ин. 8:32; Гал. 5:1.

19 Адӕймаджы хуымӕтӕг ӕвзагӕй пайда кӕнын, уымӕн ӕмӕ сымах лӕмӕгъ стут нырма. Уӕ буары уӕнгтӕ тӕригъӕдӕн кӕддӕр цагъартӕ куыд скодтат, цӕмӕй ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи митӕ кӕнат, афтӕ ныр та уӕ буары уӕнгтӕ рӕстадӕн скӕнут цагъартӕ, цӕмӕй цӕрат сыгъдӕг цардӕй.

20 Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕды цагъартӕ куы уыдыстут, уӕд сымахыл рӕстады бар нӕ цыд.

21 Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Сымах ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕй тыххӕй кӕнут, ӕппынфӕстаг мӕлӕт чи ӕрхӕссы, ахӕм митӕм.6:21 Ром. 1:26, 31; 7:5.

22 Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард.

23 Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн йӕ мызд у мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та – мыггагмӕйы цард нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ удӕнгомӕй.6:23 Ром. 2:7; 5:12.

7

Адӕймаг суӕгъд Ӕгъдауӕй

1 Ӕфсымӕртӕ, – Ӕгъдау чи зоны, ӕз уыдонмӕ дзурын, – адӕймаг удӕгас куы уа, Ӕгъдауы бар ыл ӕрмӕст уӕд кӕй цӕуы, уый нӕ зонут, ӕви?

2 Зӕгъӕм, моймӕдзыд сылгоймаджы йӕ удӕгас мойыл ӕгъдау бӕтты. Йӕ мой куы амӕла, уӕд та ссӕрибар вӕййы, йӕ мойыл ӕй чи бӕтты, ӕгъдауы уыцы домӕнтӕй.7:2 Мф. 5:32.

3 Йӕ мой удӕгас куы уа, афтӕмӕй ӕндӕрӕй куы смой кӕна, уӕд ыл хӕтаджы ном сбады. Йӕ мой куы амӕла, уӕд ӕгъдауӕй сӕрибар у, ӕмӕ ӕндӕрӕй куы смой кӕна, уӕд хӕтагыл нымад нӕу.

4 Сымах дӕр афтӕ, ме ’фсымӕртӕ, Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры – мӕрдтӕй Сыстӕджы адӕм, ӕмӕ кусат Хуыцауӕн.7:4 Ром. 6:14; 8:2; 2 Кор. 11:2; Гал. 5:22.

5 Мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕс куы уыдыстӕм, уӕд Ӕгъдау цы чъизи мондӕгтӕ райхъал кодта, уыдон цардысты нӕ мидӕг ӕмӕ куыстой мӕлӕтӕн.7:5 Иак. 1:15.

6 Ныр мах амардыстӕм, кӕй уацары уыдыстӕм, ӕппӕт уыдӕттӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ссӕрибар стӕм Ӕгъдауӕй, цӕмӕй Хуыцауӕн кусӕм рагон фыстмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы ног цардӕй.7:6 Ром. 6:2.

Ӕгъдау ӕмӕ тӕригъӕд

7 Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Ау, Ӕгъдауӕй цӕуы тӕригъӕд? Ницы хуызы! Фӕлӕ Ӕгъдау куы нӕ уаид, уӕд тӕригъӕд цы у, уый ӕз нӕ зыдтаин. Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау куы нӕ фӕдзӕхстаид «Ма бабӕлл», уӕд нӕ зыдтаин, бабӕллын цы у, уый.

8 Фӕлӕ тӕригъӕдӕн фӕдзӕхсты фӕрцы фӕци фадат, ӕмӕ мӕм райгуырын кодта алы мондӕгтӕ. Тӕригъӕд та ӕнӕ Ӕгъдауӕй мард у.7:8 Ром. 4:15.

9 Ӕз кӕддӕр цардтӕн, ӕмӕ мын ӕгъдау нӕ уыди; фӕлӕ фӕдзӕхст куы фӕзынд, уӕд тӕригъӕд ӕрӕгас,

10 Ӕз та амардтӕн. Афтӕмӕй цард чи хъуамӕ раттаид, уыцы фӕдзӕхст мын фӕци мӕлӕты хос.

11 Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн фадат фӕци фӕдзӕхсты фӕрцы, асайдта ӕмӕ амардта мӕн уыцы фӕдзӕхстӕй.7:11 Дзут. 3:13.

12 Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауӕй у, фӕдзӕхст дӕр Хуыцауӕй у – раст ӕмӕ фӕрнджын фӕдзӕхст.7:12 1 Тим. 1:8.

13 Уӕдӕ мын уыцы фарн мӕлӕт ӕрхаста? Ницы хуызы! Уый тӕригъӕд сарӕзта – фарны фӕрцы мын ӕрхаста мӕлӕт, ӕмӕ уымӕй равдыста йӕхи. Афтӕмӕй фӕдзӕхсты руаджы сбӕлвырд, тӕригъӕд куыд тӕригъӕдджын у, уый.

14 Мах зонӕм, Ӕгъдау уӕларвон кӕй у, уый; ӕз та тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цагъар дӕн, тӕригъӕдӕн уӕйгонд.

15 Цы кӕнын, уый не ’мбарын. Цы мӕ фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ кӕнын, ме сӕфт цӕмӕй уынын, уыдӕттӕ.

16 Кӕд цы кӕнын, уый кӕнын мӕ нӕ фӕнды, уӕд бӕлвырд у: ӕз разы дӕн, Ӕгъдау фӕрнджын кӕй у, ууыл.

17 Ӕмӕ уыдӕттӕ ныр ӕз нал кӕнын, фӕлӕ сӕ кӕны, мӕ мидӕг цы тӕригъӕд цӕры, уый.

18 Ӕз зонын: мӕ мидӕг, ома, мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды, хорзӕй ницы цӕры. Уымӕн ӕмӕ мӕн фӕнды хорз кӕнын, фӕлӕ мӕ бон нӕу.

19 Цы хорз кӕнын мӕ фӕнды, уый бӕсты кӕнын, цы ӕвзӕр кӕнын мӕ нӕ фӕнды, уый.

20 Цы мӕ нӕ фӕнды, кӕд уый кӕнын, уӕд ӕй ӕз нӕ кӕнын, фӕлӕ йӕ кӕны, мӕ мидӕг чи цӕры, уыцы тӕригъӕд.

21 Уӕдӕ мын ахӕм ӕгъдау раргом: хорз кӕнын мӕ куы бафӕнды, уӕд мӕ бон вӕййы ӕрмӕстдӕр ӕвзӕр кӕнын.

22 Уымӕн ӕмӕ мӕ уд цин кӕны Хуыцауы Ӕгъдауыл,7:22 Эф. 3:16.

23 Фӕлӕ ӕз уынын: мӕ туджы ис ӕндӕр ӕгъдау. Уыцы ӕгъдау тох кӕны, мӕ зонд цы ӕгъдауы фарс у, уый ныхмӕ; ӕмӕ ӕз свӕййын, мӕ туджы цы тӕригъӕдджын ӕгъдау ис, уымӕн йӕ уацайраг.7:23 Иак. 4:1; Гал. 5:17.

24 Ӕвӕдза, цы мӕгуыр адӕймаг дӕн! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕт мын цы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд хӕссы, уымӕй?

25 Хуыцауы йеддӕмӕ ничи – бузныг Дзы дӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы руаджы. Уӕдӕ ӕз уыциу адӕймаг дӕн, фӕлӕ мӕ зондӕй кусын Хуыцауы ӕгъдауӕн, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй та – тӕригъӕды ӕгъдауӕн.

8

Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕсӕй

1 Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдон тӕрхонгонд никуы уыдзысты.8:1 Ром. 5:1.

2 Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй.8:2 Ин. 6:63; 8:36; 1 Кор. 15:45; 2 Кор. 3:7.

3 Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау – рарвыста Йӕ Фырты. Фырт райста адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн ӕрдзыхъӕд; ӕмӕ Йӕ ӕрхастӕуыд нывондӕн тӕригъӕды тыххӕй. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,8:3 2 Кор. 5:21; Гал. 3:13; Дзут. 7:18.

4 Цӕмӕй Ӕгъдау цы рӕстдзинад домы, уый сӕххӕст уа нӕ царды – мах цӕрӕм тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕсӕй.

5 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕ тырнынц, сӕ ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ; Удӕн коммӕгӕстӕ та тырнынц, Уды цы фӕнды, уымӕ.8:5 Ин. 3:6; 1 Кор. 2:14.

6 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнын мӕлӕт у; Уды цы фӕнды, уымӕ тырнын та – цард ӕмӕ фарн.8:6 Ром. 6:21.

7 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу.8:7 Иак. 4:4.

8 Уӕдӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕн Хуыцауы зӕрдӕ балхӕнын сӕ бон нӕу.8:8 Дзут. 11:6.

9 Сымах та уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕс не стут, фӕлӕ – Удӕн, кӕд Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд. Кӕд искӕмӕ Чырыстийы Уд нӕй, уӕд уый та Чырыстийы нӕу.8:9 1 Кор. 3:16.

10 Фӕлӕ кӕд Чырысти уӕ зӕрдӕты ис, уӕд уын Уд дӕтты цард, Хуыцауимӕ фидыд кӕй стут, уый тыххӕй, кӕд уӕ буар тӕригъӕды аххосӕй мӕлӕтон у, уӕддӕр.

11 Йесойы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕджы Уд кӕд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд Чырыстийы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕг райгас кӕндзӕн уӕ мӕлӕтон буӕрттӕ дӕр, уӕ зӕрдӕты Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы.8:11 Ром. 6:4.

12 Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй хӕс нӕ дарӕм, ӕмӕ йын коммӕгӕсӕй хъуамӕ ма цӕрӕм.8:12 Ром. 6:7.

13 Кӕд тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй цӕрут, уӕд амӕлдзыстут; фӕлӕ кӕд Уды хъаруйӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ марут, уӕд цӕрдзыстут.8:13 Гал. 5:19.

14 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Уды коммӕ чи кӕсы, уыдон иууылдӕр Хуыцауы хъӕбултӕ сты.8:14 Гал. 5:18.

15 Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасы цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ Кӕй руаджы систӕм, ахӕм Удӕй, ӕмӕ Йӕ фӕрцы хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъӕм: «Аввӕ, нӕ Фыд!»8:15 1 Ин. 4:18; 1 Кор. 2:12; Дзут. 2:15.

16 Уыцы Уд нӕ удимӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн.8:16 Эф. 4:30.

17 Ӕмӕ кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд иугӕр Йемӕ тухӕн ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ намысӕй.8:17 Гал. 4:7.

Фидӕны намыс

18 Ӕз фидарӕй ӕууӕндын: цы намысӕй схайджын уыдзыстӕм, уымӕн йӕ разы ницы сты абоны тухӕнтӕ.8:18 1 Пет. 4:13.

19 Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы намысимӕ Йӕ хъӕбулты Хуыцау кӕд равдисдзӕн, уымӕ.8:19 2 Пет. 3:13.

20 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы дуне бафтыд ӕнӕпайда цардыл; барвӕндонӕй йӕ нӕ равзӕрста, фӕлӕ йӕ ахӕм цардыл бафтауын Хуыцауы бафӕндыд. Уӕддӕр бауынаффӕ кодта,

21 Кӕй сфӕлдыста, уыцы дуне кӕй фервӕздзӕн мӕлӕты ӕфсондзӕй ӕмӕ схайджын уыдзӕн, Хуыцау Йӕ хъӕбултӕн цы намыс ратдзӕн, уымӕй.

22 Мах зонӕм: Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне абон дӕр ма хъӕрзы ӕмӕ хъизӕмар кӕны арӕг сылгоймагау.

23 Ӕмӕ ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм хинымӕр. Мах райстам Хуыцауы хорзӕхтӕн сӕ фыццаг – Сыгъдӕг Уд, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ кӕд сараздзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕн, уымӕ.8:23 Лк. 21:28; 1 Ин. 3:2; 2 Кор. 5:4; Эф. 4:30.

24 Мах уыцы зӕрдӕдарӕнимӕ фервӕзтыстӕм. Зӕрдӕ цӕуыл дарӕм, уый куы уынӕм, уӕд зӕрдӕдарӕн нал у. Адӕймаг цы уына, ууыл ма йӕ зӕрдӕ куыд хъуамӕ дара?8:24 Дзут. 11:1.

25 Фӕлӕ цы нӕма федтам, ууыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фӕразонӕй.

26 Ӕмӕ нӕм Сыгъдӕг Уд дӕр ӕрцӕуы ӕххуысмӕ, уымӕн ӕмӕ мах стӕм лӕмӕгъ ӕмӕ нӕ зонӕм, цӕй тыххӕй ӕмӕ куыд кувын хъӕуы, уый. Уӕд Уд мах тыххӕй фӕкуры Хуыцауӕй, ӕвзагыл чи нӕ бады, ахӕм уынӕргъынӕй.

27 Нӕ зӕрдӕтӕ Чи уыны, Уымӕн та зындгонд сты Уды хъуыдытӕ, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕджыты тыххӕй фӕкуры, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, афтӕ.8:27 Ин. 14:17.

28 Ӕмӕ мах зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕй ӕрхуындӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр фӕкӕны сӕ хорзӕхӕн.8:28 Эф. 1:4.

29 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йӕ Фырт уа фыццаггуырд.8:29 2 Кор. 3:18; Кол. 1:18.

30 Ӕмӕ рагацау кӕй снысан кодта, уыдоны ӕрхуыдта, ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, уыдоны сраст кодта, ӕмӕ кӕй сраст кодта, уыдонӕн радта намыс.8:30 Ром. 5:9; 9:24.

Хуыцауы уарзт

31 Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нын кӕй бон цы у?

32 Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ неппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви?8:32 Ин. 3:16.

33 Чи фӕзылын кӕндзӕн Хуыцауы ӕвзӕрстыты? Хуыцау сӕ раст кӕны.8:33 Ӕрг. 12:10.

34 Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахиз фарс ӕмӕ куры мах тыххӕй.8:34 1 Ин. 2:1.

35 Чырыстийы уарзтӕй мах ӕнӕхай чи фӕкӕндзӕн? Хъыг ӕви зынтӕ, ӕфхӕрд ӕви стонг, быгъдӕг-бӕгънӕг, тас ӕви цирхъ? Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст дӕр:8:35 1 Ин. 2:28; 2 Кор. 12:10.

36 «Дӕу кӕй стӕм, уый тыххӕй иудадзыг кӕсӕм мӕлӕты цӕстытӕм, нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл».

37 Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм нӕ Бауарзӕджы хъаруйӕ.8:37 1 Ин. 5:1; 1 Кор. 15:57; Ӕрг. 12:11.

38 Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕууӕндын: нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр ӕнӕбуар ӕлдӕрттӕ ӕмӕ тыхджынтӕ, нӕдӕр абон, нӕдӕр фидӕн,8:38 Эф. 6:12.

39 Нӕдӕр уӕле цы ис, нӕдӕр бынӕй цы ис, кӕй сфӕлдыстӕуыди, нӕдӕр уыдонӕй исчи бафӕраздзӕни, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцауӕй кӕй райстам, уыцы уарзтӕй мах ӕнӕхай фӕкӕнын.

9

Хуыцауы зӕрдӕвӕрд Израилӕн

1 Чырыстийы раз раст зӕгъын, нӕ сайын; ӕвдисӕн та мын у, Сыгъдӕг Уды дӕлбар чи ис, мӕ уыцы ӕфсарм –

2 Мӕнӕн тынг хъыг у ӕмӕ ӕдзух риссы мӕ зӕрдӕ.

3 Ӕз равзарин, мӕ туг-ме стӕг чи у, мӕ уыцы ӕфсымӕрты сӕраппонд Чырыстийӕ ӕнӕхай куы фӕуаин, стӕй ӕлгъыст куы баййафин, уый дӕр.

4 Уыдон израилӕгтӕ сты; Хуыцау сӕ Йӕхицӕн скодта хъӕбултӕ, равдыста сын Йӕ намыс, семӕ сарӕзта фидыдтӕ, радта сын Ӕгъдау, Хуыцаумӕ кувыны уаг ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтӕ.

5 Уыдонӕн ис, Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, уыцы рагфыдӕлтӕ; Чырысти туг ӕмӕ стӕгӕй уыдонӕй у – Уый у, ӕппӕтыл дӕр Кӕй бар цӕуы, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд мыггагмӕ! Амен.9:5 Мф. 1:1; Лк. 3:23.

6 Зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхас фӕсайдта. Израилы байзӕддӕгтӕ сеппӕт ӕцӕг израилӕгтӕ не сты.9:6 Ром. 3:3.

7 Авраамӕн дӕр йӕ байзӕддӕгтӕ сеппӕт йе ’цӕг хъӕбултӕ не сты. Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон уыдзысты нымад дӕ байзӕддӕгтыл».9:7 Дзут. 11:18.

8 Ома, ӕрдзон ӕгъдауӕй чи райгуырд, Хуыцауы хъӕбултӕ уыдон не сты, фӕлӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ чи райгуырд, уыдон нымад сты байзӕддӕгтыл.9:8 Гал. 4:28.

9 Мӕнӕ уыцы зӕрдӕвӕрд: «Ӕрцӕудзынӕн нысангонд рӕстӕджы, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕн лӕппу».

10 Зӕгъӕм ма ноджыдӕр. Ревеккӕйӕн йӕ дыууӕ фырты дӕр иу лӕгӕй уыдысты – нӕ фыдӕл Исаакӕй.

11 Уӕвгӕ дӕр нӕма райгуырдысты, нӕдӕр хорзӕй, нӕдӕр ӕвзӕрӕй ницыма сарӕзтой, афтӕмӕй дзы иуы сӕвзӕрста Хуыцау, цӕмӕй, цы снысан кодта,

12 Уый уа адӕймаджы хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, Хуыцауӕн Йӕхи куыд бафӕнда, афтӕ. Ревеккӕйӕн дӕр уымӕн загъта: «Хистӕр кӕстӕрӕн уыдзӕни цагъар».

13 Сыгъдӕг Фыст уымӕн афтӕ зӕгъы: «Иаковы бауарзтон, Исавыл та Мӕхи атигъ кодтон».

14 Ныр цы зӕгъӕм? Ау, Хуыцау раст нӕ кӕны? Ницы хуызы!

15 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Моисейӕн загъта: «Кӕмӕн Мӕ фӕнды Мӕ хорзӕх раттын, уымӕн ӕй ратдзынӕн. Кӕмӕн Мӕ фӕнды батӕригъӕд кӕнын, уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн».

16 Уӕдӕ ӕппӕт дӕр аразгӕ у, адӕймаджы куыд фӕнды ӕмӕ хи хъаруйӕ цы кӕны, уымӕй нӕ, фӕлӕ хорзӕхдӕттӕг Хуыцауӕй.

17 Сыгъдӕг Фысты Хуыцау фараонӕн афтӕ зӕгъы: «Паддзахӕй дӕ Ӕз уымӕн сӕвӕрдтон, цӕмӕй дӕ фӕрцы равдисон Мӕ тых, ӕмӕ цӕмӕй Мӕ кой айхъуыса ӕппӕт зӕххыл».

18 Уӕдӕ афтӕ: кӕмӕн Ӕй фӕнды, уымӕн ратты хорзӕх, кӕй Йӕ фӕнды, уый та схивӕнд кӕны.

Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ тӕрхон

19 Исчи мын зӕгъдзӕн: «Уӕдӕ ма нӕ цӕй тыххӕй зылын кӕны? Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн?»

20 Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»

21 Дурынгӕнӕгӕн ӕлыгыл йӕ бар нӕ цӕуы, ӕви, цӕмӕй иу ӕлыгӕй иу мигӕнӕн райсбавӕрдӕн скӕна, иннӕ та – иударонӕн?9:21 2 Тим. 2:20.

22 Афтӕ Хуыцау дӕр – фӕндыд Ӕй Йӕ азар ӕмӕ Йӕ хъомыс равдисын, уӕддӕр тынг фӕразонӕй быхста, фесафынмӕ цӕттӕ чи уыд ӕмӕ Йӕ азар кӕуыл хъуамӕ ныккалдтаид, уыдонӕн.9:22 Ром. 2:4.

23 Быхста сын, Йӕ хорзӕхӕй кӕй хъуамӕ схайджын кодтаид ӕмӕ намыс райсынмӕ цӕттӕ чи уыд, уыдонӕн Йе стыр намыс равдисынӕн.9:23 Ром. 8:28.

24 Уыцы адӕм мах стӕм – ӕрхуыдта нӕ канд иудейтӕй нӕ, фӕлӕ муртаттӕй дӕр,9:24 Ром. 3:29.

25 Осиа-пехуымпары чиныджы Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ: «Мӕ адӕм чи нӕ уыди, уыдоны схондзынӕн Мӕ адӕм, ӕмӕ кӕй нӕ уарзтон, уый схондзынӕн Мӕ уарзон».9:25 1 Пет. 2:10.

26 «Ӕмӕ сын афтӕ загъд кӕм уыд: „Сымах Мӕ адӕм не стут", уым сӕ схуындӕуыдзӕн цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ».

27 Исай та Израилы тыххӕй хъӕлӕсыдзагӕй зӕгъы: «Израилы фыртты нымӕц денджызон змисы бӕрц куы уа, уӕддӕр сӕ ӕрмӕст иу гыццыл къорд фервӕздзӕн.

28 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ тӕрхон зӕххыл рахӕсдзӕни тагъд ӕмӕ цӕхгӕр».

29 Исай-пехуымпар ма ноджыдӕр афтӕ загъта: «Хицау Саваоф нын байзӕддаг куы нӕ ныууагътаид, уӕд мах суыдаиккам Содомау, ахордтаиккам Гоморрӕйы хал».

Ӕнӕуырнӕг Израил

30 Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Хуыцауы цӕсты раст уой, муртаттӕ уымӕ нӕ тырныдтой, фӕлӕ сраст сты – сраст сты уырнындзинады фӕрцы.9:30 Ром. 10:20.

31 Израил та агуырдта, Хуыцауы цӕсты йӕ чи сраст кодтаид, ахӕм ӕгъдау, фӕлӕ йӕ не ссардта.9:31 Ром. 11:7.

32 Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дардта уырнындзинадыл нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгтыл. Израилы адӕм фӕкалдысты, фӕкӕлӕн цы дурыл ис, ууыл,

33 Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын, кӕуыл кӕлдзысты ӕмӕ хаудзысты, уыцы дур. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн».9:33 Мф. 21:44; Мк. 12:10; Лк. 2:34; 20:17.

10

1 Ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагӕй мӕ фӕнды ӕмӕ кувын Хуыцаумӕ, цӕмӕй израилӕгтӕ фервӕзой.

2 Ӕз ӕвдисӕн дӕн: Хуыцауыл ӕнувыд сты, фӕлӕ сӕ ӕнувыддзинад у ӕнӕфенд.

3 Уыдон нӕ зыдтой, Хуыцау адӕймаджы куыд раст кӕны, уый, ӕмӕ архайдтой сӕхи сраст кӕнынӕн сӕхи фӕндаг ссарыныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ басастысты Хуыцауы рӕстадӕн.10:3 Гал. 3:24.

4 Чырысти та кӕрон скодта Ӕгъдауӕн, цӕмӕй алы уырнӕг дӕр Хуыцауы раз сраст уа.

5 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адӕймаг куыд раст кӕны, уый тыххӕй Моисей афтӕ фыссы: «Йӕ домӕнтӕ йын чи сӕххӕст кӕна, уыцы адӕймаг цӕрдзӕн уыдоны фӕрцы».10:5 Гал. 3:12.

6 Уырнындзинады фӕрцы адӕймаг куыд раст кӕны, уый тыххӕй Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы: «Дӕхи макуы бафӕрс: „Чи ссӕудзӕн уӕларвмӕ?"» (ома, Чырыстийы зӕхмӕ ӕркӕнынмӕ).

7 «Кӕнӕ: „Чи ныххиздзӕн дӕлдзӕхмӕ?"» (ома, Чырыстийы мӕрдтӕй сыстын кӕнынмӕ).

8 Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы? «Хуыцауы ныхас дӕм хӕстӕг у, де ’взагыл ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы ис». Уый у, уырнындзинады тыххӕй мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы ныхас:

9 Йесо Хицау кӕй у, уый тыххӕй ӕргомӕй куы дзурай, ӕмӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндай, уӕд фервӕздзынӕ.10:9 Мф. 10:32.

10 Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ ӕууӕндын адӕймаджы раст кӕны, уырныны тыххӕй ӕргомӕй дзурын та ирвӕзындзинад дӕтты.

11 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн».

12 Ам иудейы ӕмӕ муртаты ӕхсӕн хъауджы нӕй – сеппӕтӕн дӕр иу Хицау ис, ӕмӕ рӕдауӕй дӕтты, Йӕ ном Ын чидӕриддӕр ссара, уыдонӕн.10:12 Ап. хъ. 10:34; Ром. 3:29.

13 Уымӕн ӕмӕ «Хицауы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн».10:13 Ап. хъ. 2:21.

14 Фӕлӕ Кӕуыл нӕ баууӕндыдысты, Уый ном куыд ссарой? Кӕй тыххӕй нӕ фехъуыстой, Ууыл куыд баууӕндой? Куыд фехъусой, куы ничи сын хъусын кӕна, уӕд?

15 Ӕмӕ куыд фехъусын кӕной, фехъусын кӕнынмӕ сӕ куы нӕ арвыстӕуа, уӕд? Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Куыд ӕхцон у фарны уац хӕсджыты ӕрцыд!»

16 Фӕлӕ сеппӕт фарны уацыл нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй Исай зӕгъы: «Хицау, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд?»10:16 Ин. 12:38.

17 Уӕдӕ уырнындзинад у фехъусынӕй, хъусгӕ та хъуамӕ фӕкӕнай ныхас Чырыстийы тыххӕй- 10:17 Фӕстӕдӕры къухфыстыты ацы бынат у афтӕ: |iУӕдӕ уырнындзинад у фехъусынӕй, хъусгӕ та хъуамӕ Хуыцауы ныхас фӕкӕнай.|r .

18 Фӕлӕ фӕрсын: нӕ йӕ фехъуыстой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фехъуыстой йӕ. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Ӕппӕт зӕххыл айхъуыст сӕ хъӕлӕс, ӕмӕ сӕ ныхас анхъӕвзта дунейы иу кӕронӕй иннӕмӕ».10:18 Мф. 24:14; 28:19.

19 Ноджы ма фӕрсын: Израил уый нӕ зыдта? Фыццаг ӕй Моисей куы зӕгъы: «Ӕз сараздзынӕн афтӕ, ӕмӕ хӕлӕг кӕндзыстут, Мӕ адӕм чи нӕу, уыдонмӕ; смӕсты уӕ кӕндзынӕн ӕнӕфенд адӕмы фӕрцы».10:19 Ром. 11:11.

20 Исай та ныфсджындӕрӕй зӕгъы: «Чи нӕ Мӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой; Ӕз раргом дӕн, Мӕ базонынмӕ чи нӕ бӕллыд, уыдонӕн».

21 Израилы тыххӕй та зӕгъы: «Ӕнӕхъӕн бон, мӕ цӕнгтӕ сӕм даргӕйӕ, сидтӕн ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд адӕммӕ».

11

Хуыцау нӕ ныууагъта Йӕ адӕмы

1 Уӕдӕ уӕ фӕрсын: ау, Хуыцау ныууагъта Йӕ адӕмы? Ницы хуызы! Ӕз мӕхӕдӕг дӕр израилаг дӕн, Авраамы байзӕддаг, Вениамины хӕдзарвӕндагӕй.11:1 2 Кор. 11:22; Флп. 3:5.

2 Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, Йӕ уыцы адӕмы нӕ ныууагъта. Ӕви сымах нӕ зонут, Сыгъдӕг Фыст Илиайы тыххӕй цы зӕгъы, уый? Мӕнӕ цы хъаст хӕссы израилӕгтыл Хуыцаумӕ:

3 «Хицау, Дӕ пехуымпарты амардтой, Дӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кодтой; иунӕг ӕз ма баззадтӕн, ӕмӕ мӕн дӕр хъавынц амарынмӕ».

4 Цы дзуапп ын радта Хуыцау? «Ӕз Мӕхицӕн ныууагътон, Ваалы раз сӕ зонгуытыл чи не ’рлӕууыд, ахӕм авд мин адӕймаджы».

5 Афтӕ ныр дӕр ис, Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ кӕй сӕвзӕрста, ахӕм адӕмы къорд.

6 Ӕмӕ сӕ Хуыцау кӕд Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сӕвзӕрста, уӕд хъуыддӕгтӕ нымад не сты, науӕд хорзӕх уӕвгӕ дӕр нал уаид хорзӕх.11:6 Ром. 4:5; Гал. 5:4.

7 Уӕдӕ цы? Израил цӕмӕ тырныдта, уый нӕ райста. Ӕвзӕрстытӕ йӕ райстой, иннӕтӕн та сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты,

8 Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау сӕ бафтыдта фынӕйыл, радта сын, абон дӕр ма кӕмӕй нӕ уынынц, ахӕм цӕстытӕ, ӕмӕ кӕмӕй нӕ хъусынц, ахӕм хъустӕ».11:8 Мф. 13:14; Лк. 8:10; Ин. 12:40.

9 Давид дӕр зӕгъы: «Сӕ минасы фынгтӕ сын разынӕнт ахсӕн хызтӕ ӕмӕ къӕппӕг, уадз ӕмӕ дзы бахауой ӕмӕ райсой сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.

10 Баталынг уӕд сӕ цӕстырухс, цӕмӕй ма уыной, ӕмӕ сӕ синтӕ ныкъкъӕдз уӕнт мыггагмӕ».

Ирвӕзындзинад муртаттӕн

11 Уӕдӕ фӕрсын: ау, израилӕгтӕ афтӕ фӕкалдысты, ӕмӕ мауал сыстой? Ницы хуызы! Фӕлӕ кӕй фӕкалдысты, уый фӕрцы муртаттӕм ӕрцыд ирвӕзындзинад, цӕмӕй сӕм израилӕгтӕ хӕлӕг кӕной.11:11 Ап. хъ. 13:47; Ром. 10:19.

12 Кӕд израилӕгтӕ сӕ фӕкалдӕй дунейӕн хъӕздыгад ӕрхастой, сӕ фӕсыккӕй та – муртаттӕн хъӕздыгад, уӕд, Хуыцаумӕ ӕнӕхъӕнӕй раздӕхгӕйӕ, уагӕры цас ӕмӕ цас хорзӕх ӕрхӕсдзысты!

13 Сымахӕн, муртаттӕн, зӕгъын: куыд муртатты апостол, афтӕ ӕз буц дӕн, мӕ бӕрны цы куыст ис, уымӕй.

14 Уыцы куысты фӕрцы кӕд мӕ бон бауид, мӕ туг-ме стӕг чи у, уыдоны муртаттӕм хӕлӕгыл бафтауын ӕмӕ дзы иуӕй-иуты фервӕзын кӕнын.11:14 1 Кор. 9:22.

15 Хуыцау сыл Йӕхи кӕй атигъ кодта, кӕд уый дунейӕн Хуыцауимӕ бафидауыны хос фӕци, уӕд сӕм Хуыцау ногӕй Йе ’ргом куы раздаха, уӕд уый цы уыдзӕн? Мӕрдтӕй рабадын нӕ уыдзӕн, ӕви?11:15 2 Кор. 5:19.

16 Кӕд хорысӕрӕй фыццаг дзул Хуыцауы у, уӕд дзултӕ иууылдӕр Хуыцауы сты. Кӕд уидаг Хуыцауы у, уӕд къалиутӕ дӕр Хуыцауы сты.

17 Кӕд къалиутӕй иуӕй-иутӕ асастысты, дӕу та, хъӕддаг зетибӕлас, сӕ бынаты бафтыдӕуыд ӕмӕ сой исыс бӕласы уидагӕй,11:17 Эф. 2:12.

18 Уӕд иннӕ къалиутӕм былалгъӕй ма кӕс. Кӕд сӕм былалгъӕй кӕсыс, уӕд та дӕ рох ма уӕд: уидагыл ды нӕ хӕцыс, уидаг хӕцы дӕуыл.11:18 Ром. 12:16.

19 Ды зӕгъдзынӕ: «Къалиутӕ уымӕн асастысты, цӕмӕй мӕн сӕ бынаты бафтыдӕуа».

20 Афтӕ у. Уыдон асастысты, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй, ды та бӕласыл уырнындзинады фӕрцы дӕ. Ӕмӕ хъал ма у, фӕлӕ тӕрс.

21 Хуыцау ӕрдзон къалиутыл кӕм нӕ бацауӕрста, уым дӕуыл бацауӕрддзӕн?

22 Дӕ зӕрдыл дар: Хуыцау зӕрдӕхӕлар дӕр у, ӕмӕ карз дӕр у. Чи Йӕ ныууагъта, уыдонӕн карз у, дӕуӕн та – зӕрдӕхӕлар, Йӕ хорзӕхыл Ын куы хӕцай, уӕд. Науӕд дӕу дӕр акъуырдзӕн.11:22 Ин. 15:2.

23 Дзуттӕгтӕ дӕр хивӕнд куы нӕ уой ӕмӕ куы баууӕндой, уӕд та сӕ бафтыдӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн Йӕ бон у бӕласыл сӕ ногӕй бафтауын.

24 Ӕрдзӕй хъӕддаг цы зетибӕлас уыди, кӕд дӕу уымӕй акъуырдӕуыд, ӕмӕ, ӕрдзы куыд нӕ вӕййы, афтӕ дӕ бафтыдӕуыд дыргъдоны зетибӕласыл, уӕд уыцы ӕрдзон къалиутӕ та цас хуыздӕр бафтдзысты сӕхи зетибӕласыл!

Израил ӕппынфӕстаг фервӕздзӕн

25 Фӕнды мӕ, ӕфсымӕртӕ, сымахӕн ацы сусӕгдзинад раргом кӕнын, цӕмӕй уӕхицӕй ма ныббуц уат: Израилы иу хай хивӕнд у, цас ӕмбӕлы, муртаттӕй уыйбӕрц Хуыцаумӕ цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.11:25 Лк. 21:24.

26 Ӕмӕ ӕппӕт Израил фервӕздзӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Сионӕй ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг, ӕмӕ Иаковы байзӕддӕгты суӕгъд кӕндзӕн сӕ ӕнӕхуыцау митӕй.

27 Ӕмӕ семӕ сараздзынӕн ацы фидыд, сӕ тӕригъӕдтӕ сын куы скуынӕг кӕнон, уӕд».11:27 Дзут. 8:10.

28 Фарны уацыл кӕй нӕ ӕууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы знӕгтӕ сты, ӕмӕ уый уӕ пайдайӕн у. Фӕлӕ сӕ Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, уымӕ гӕсгӕ сӕ уарзы сӕ рагфыдӕлты тыххӕй.

29 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау искӕй куы сӕвзары ӕмӕ йӕ куы схорзӕхджын кӕны, уӕд йӕ уынаффӕ нӕ ивы.

30 Сымах, муртаттӕ, кӕддӕр Хуыцауӕн ӕгоммӕгӕс куыд уыдыстут, ӕмӕ уын ныр дзуттӕгты хивӕнды тыххӕй куыд ныббарстӕуыд,11:30 Тит. 3:5.

31 Афтӕ уыдон дӕр: сымахӕн кӕй ныббарстӕуыд, уый тыххӕй абон сты хивӕнд, цӕмӕй ныббарстӕуа сӕхицӕн дӕр.

32 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт адӕмы скодта хивӕндӕн уацайрӕгтӕ, цӕмӕй ныббара сеппӕтӕн дӕр.11:32 Ром. 3:9; Гал. 3:22.

33 Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, зонд ӕмӕ зонындзинад! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!

34 «Хицауы зонд чи базыдта? Чи Йын уыд уынаффӕгӕнӕг?11:34 1 Кор. 2:16.

35 Кӕнӕ Хуыцауӕн чи цы радта, цӕмӕй йын ӕй фӕстӕмӕ фидын бахъӕуа?»

36 Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Хуыцау сфӕлдыста, ӕппӕт дӕр цӕры Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн. Кад Ын уӕд мыггагмӕ! Амен.

12

1 Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.12:1 1 Кор. 3:17.

2 Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын – хорз цы у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый.12:2 Эф. 1:18; 5:10, 17.

3 Хуыцау мын хорзӕх кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ уӕ алкӕмӕн дӕр зӕгъын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут, фӕлӕ уӕ алкӕмӕн дӕр Хуыцау уырнындзинад цас радта, уымӕ гӕсгӕ раст аргъ кӕнут уӕхицӕн.12:3 Эф. 4:7.

4 Зӕгъӕм, иу буарӕн бирӕ уӕнгтӕ куыд ис, ӕмӕ сӕ нысаниуӕг ӕмхуызон куыд нӕу,12:4 1 Кор. 12:12.

5 Афтӕ мах дӕр, бирӕ адӕм, Чырыстиимӕ иу буар стӕм, хицӕнтӕй та – иу иннӕмӕн уӕнг.

6 Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы нӕм алыхуызон курдиӕттӕ ис. Пехуымпарады курдиат кӕмӕ ис – пехуымпариуӕг кӕнӕд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ;12:6 Мф. 25:15; 1 Пет. 4:10; 1 Кор. 12:4.

7 Лӕггадгӕнӕджы курдиат кӕмӕ ис – лӕггад кӕнӕд; ахуыргӕнӕг чи у – ахуыр кӕнӕд иннӕты;

8 Ныфсдӕттӕг чи у – ныфс ӕвӕрӕд; исты дӕттыс – дӕтт сыгъдӕг зӕрдӕйӕ; хистӕр чи у – хистӕриуӕг кӕнӕд ӕнувыдӕй; хӕрзгӕнӕг чи у – хорз кӕнӕд зӕрдӕрухсӕй.12:8 Мф. 6:2.

9 Уарзут зӕрдиагӕй, фыдӕх уын уӕд ӕнӕуынон, тырнут хорз ракӕнынмӕ.

10 Кӕрӕдзи зӕрдиагӕй уарзут ӕфсымӕртау; иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй фылдӕр.12:10 1 Пет. 2:17; Эф. 4:2.

11 Кӕддӕриддӕр ут ӕнувыд, цӕхӕр калӕнт уӕ зӕрдӕтӕ, кусут Хуыцауӕн.

12 Уӕ зӕрдӕдарӕн уын уӕд циныхос; уӕ зынты ут фӕразон, кувут ӕнувыдӕй.12:12 Лк. 18:1.

13 Цы уӕм ис, уымӕй сыгъдӕджытӕн хай кӕнут сӕ хъуӕгты; ут уазӕгуарзон.12:13 1 Кор. 16:1; Дзут. 13:2.

14 Уе ’фхӕрджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй – ӕлгъитгӕ сӕ ма кӕнут, фӕлӕ сын хорзӕх курут Хуыцауӕй.12:14 Мф. 5:44.

15 Цин кӕнут цингӕнджытимӕ ӕмӕ кӕут кӕуджытимӕ.12:15 1 Кор. 12:26.

16 Цӕрут ӕмзӕрдӕйӕ. Хъал ма ут; дунейы цӕсты чи нӕ ахады, уыдонӕй уӕлдӕр уӕхи ма ӕвӕрут. Уӕхи цӕсты зондджынтӕ ма ут.12:16 Ин. 17:11.

17 Йӕ фыдӕхӕн макӕмӕн фидут фыдӕхӕй. Ӕппӕт адӕмы цӕсты хорз цы у, архайут уый кӕныныл.12:17 2 Кор. 8:21.

18 Гӕнӕн ӕмӕ уын амал куыд ис, уымӕй алкӕимӕ дӕр цӕрут фидыдӕй.12:18 Дзут. 12:14.

19 Уӕ маст макӕмӕй исут, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, фӕлӕ йӕ бакӕнут Хуыцауы фыдӕхы ӕвджид. Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты Хицау зӕгъы: «Мӕ бар у маст исын, Ӕз ӕй бафхӕрдзынӕн».12:19 Мф. 5:39; Лк. 6:28; 1 Кор. 6:7.

20 Уӕдӕ «кӕд де знаг ӕххормаг у, уӕд ӕй бафсад; кӕд ын дойны у, уӕд ын дон ратт. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ын йӕ сӕрыл ӕркалдзынӕ цӕхӕр».

21 Фыдӕх дӕ ма басӕттӕд, фӕлӕ фыдӕхыл уӕлахиз кӕн хорзӕхӕй.

13

Уырнӕг ӕмӕ хицӕуттӕ

1 Алы адӕймаг дӕр уӕд уӕлдӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицауад нӕй. Цы хицауӕдтӕ ис, уыдон Хуыцауы ӕвӕрд сты.13:1 1 Пет. 2:13; Тит. 3:1.

2 Уымӕ гӕсгӕ хицауады ныхмӕлӕууӕг Хуыцауы уагӕвӕрды ныхмӕ цӕуы. Ахӕмтӕ сӕхӕдӕг сӕхи фӕкӕндзысты тӕрхоны амӕддаг.

3 Хицӕуттӕй тӕссаг у, хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. Фӕнды дӕ хицауадӕй нӕ тӕрсын? Араз хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕ раппӕлдзӕн.13:3 1 Пет. 2:14; 3:13.

4 Уымӕн ӕмӕ хицау Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ дӕ фарнӕн кусы. Кӕд ӕвзӕр митӕ кӕныс, уӕд дзы тӕрс – цирхъ дзӕгъӕлы нӕ дары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ ӕфхӕры, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдоны.

5 Уӕдӕ коммӕ кӕсын хъӕуы канд ӕфхӕрд баййафыны тасӕй нӕ, фӕлӕ де ’фсарммӕ гӕсгӕ дӕр.

6 Уымӕ гӕсгӕ сымах фидут хъалон дӕр, уымӕн ӕмӕ хицӕуттӕ сӕ хӕстӕ ӕнувыдӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй Хуыцауӕн кусынц.

7 Уӕдӕ кӕмӕн цы ӕмбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн – хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн – фиддон, нымайын кӕй ӕмбӕлы, уый нымайут, кад кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн кӕнут кад.13:7 Мф. 22:21; Мк. 12:17; Лк. 20:25.

Ӕфсымӕрон уарзондзинад

8 Кӕрӕдзи уарзынӕй дарддӕр макӕмӕй мацы хӕс дарут. Уымӕн ӕмӕ иннӕйы чи уарзы, уый Ӕгъдау сӕххӕст кодта.13:8 Кол. 3:14; 1 Тим. 1:5.

9 «Ма хӕт», «Ма амар», «Ма дав», [«Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу»,] «Дӕу цы нӕу, уымӕ ма бабӕлл» – уыцы фӕдзӕхстытӕн дӕр ӕмӕ иннӕ фӕдзӕхстытӕн дӕр сӕ мидис мӕнӕ ацы ныхӕсты ис: «Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ».13:9 Мф. 22:39; Мк. 12:31; Лк. 10:27; Иак. 2:8; Гал. 5:14.

10 Уарзондзинад хионы хъыджы нӕ цӕуы. Уӕдӕ чи уарзы, уый Ӕгъдау сӕххӕст кодта.

11 Уыимӕ зонут, махӕн ныридӕгӕн кӕй ралӕууыд нӕ фынӕйӕ райхъалы афон. Уымӕн ӕмӕ куы баууӕндыдыстӕм, уӕдӕй нӕм ныр ӕввахсдӕр у ирвӕзындзинад.13:11 Эф. 5:14.

12 Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бон та ӕрбахӕстӕг ис. Уӕдӕ ныууадзӕм талынджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм рухсы хотыхтӕй.13:12 Ап. хъ. 17:30; 2 Кор. 4:6; Эф. 6:11.

13 Боны рухсмӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕдӕфсармӕй цӕрӕм. Ма бафтӕм фыднозтыл ӕмӕ ӕнӕуаг митыл, хӕтыныл ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтыл, быцӕутыл ӕмӕ хӕлӕгыл.13:13 Лк. 21:34.

14 Хицау Йесо Чырысти суӕд уӕ хотых, ӕмӕ уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд ма рӕвдаут, цӕмӕй йын йӕ мондӕгтӕ ма ӕфсадат.13:14 1 Пет. 2:11; Гал. 5:16.

14

Тӕрхон макӕмӕн кӕнут

1 Йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, ууыл уӕхи ма тигъ кӕнут, ӕмӕ уӕм иу хъуыды кӕй нӕй, уый тыххӕй уын йемӕ быцӕу ма уӕд.14:1 Ром. 15:1; 1 Кор. 8:12.

2 Иуӕн йӕ уырнындзинад дӕтты ӕппӕт дӕр хӕрыны бар, лӕмӕгъ та айдагъ халсартӕ хӕры.14:2 1 Кор. 10:25.

3 Чи хӕры, уый ӕнӕрвӕссон ма уӕд, чи нӕ хӕры, ууыл; ӕмӕ чи нӕ хӕры, уый тӕрхон ма кӕнӕд, чи хӕры, уымӕн: Хуыцау дзы Йӕхицӕн хъӕбул загъта.

4 Ды чи дӕ, ӕмӕ кӕйдӕр цагъарӕн тӕрхон кӕнай? Йӕ къӕхтыл лӕууы ӕви ахауд – уый йын йӕ Хицау равзардзӕн. Уӕддӕр слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Хицауӕн Йӕ бон у уый йӕ къӕхтыл сӕвӕрын.14:4 Иак. 4:12.

5 Чидӕр иу бон иннӕ бонӕй ахсджиагдӕрыл нымайы, иннӕмӕн та бонтӕ ӕмхуызон сты. Уадз ӕмӕ алчидӕр иузӕрдионӕй баззайӕд, цӕуыл ӕууӕнды, ууыл.

6 Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нымайы, уый йӕ Хицауы кадӕн нымайы. [Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нӕ нымайы, уый йӕ Хицауы кадӕн нӕ нымайы.] Чи хӕры, уый Хицауы кадӕн хӕры, уымӕн ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн. Чи нӕ хӕры, уый Хицауы кадӕн нӕ хӕры, ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн.14:6 1 Кор. 10:31; 1 Тим. 4:4.

7 Махӕй йӕхицӕн ничи цӕры ӕмӕ йӕхицӕн ничи мӕлы.14:7 1 Пет. 4:2; 2 Кор. 5:15; 1 Фес. 5:10.

8 Кӕд цӕрӕм, уӕд Хицауӕн цӕрӕм, кӕд мӕлӕм, уӕд Хицауӕн мӕлӕм. Уӕдӕ цӕргӕ ӕви мӕлгӕ кӕнӕм – кӕддӕриддӕр Хицауы стӕм.

9 Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр уый тыххӕй амард ӕмӕ райгас, цӕмӕй мӕрдтӕн дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн дӕр сӕ Хицау уа.14:9 Мф. 28:18; Ап. хъ. 10:42.

10 Ды та цӕмӕн тӕрхон кӕныс де ’фсымӕрӕн? Ӕмӕ ды дӕр цӕмӕн дӕлдӕр кӕныс де ’фсымӕры? Неппӕт дӕр Хуыцауы тӕрхоны раз ӕрлӕудзыстӕм.14:10 Мф. 7:1-2; 2 Кор. 5:10.

11 Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъд у: «Ӕз цардӕгас дӕн, – зӕгъы Хицау, – Мӕ разы ӕрзоныгыл кӕндзӕн алы адӕймаг дӕр, ӕмӕ алы ӕвзаг стаудзӕни Хуыцауы».14:11 Мф. 26:64; Флп. 2:10.

12 Уӕдӕ махӕй алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй.14:12 Мф. 12:36.

Ма фӕкӕлӕд де ’фсымӕр

13 Уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийӕн мауал тӕрхон кӕнӕм, фӕлӕ уый бӕсты бацархайут, цӕмӕй уе ’фсымӕр уӕ аххосӕй ма фӕкӕла ӕмӕ тӕригъӕды ма бафта.14:13 Мф. 18:7.

14 Хицау Йесоимӕ кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕз зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын, чъизи хойраг кӕй нӕй, ууыл; исчи чъизийыл цы нымайы, уый ӕрмӕст уымӕн у чъизи.14:14 Мф. 15:11.

15 Кӕд цы хойраг хӕрыс, уымӕй де ’фсымӕры хъыджы цӕуыс, уӕд уарзондзинадмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрыс. Уӕдӕ Чырысти кӕй тыххӕй амард, уый дӕ хойрагӕй ма саф.14:15 1 Кор. 8:11.

16 Архайут, цӕмӕй сымах хорзыл цы нымайут, уый мачи бафауа.

17 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хӕрд ӕмӕ нозт нӕу. Рӕстгӕнӕджы цардӕй цӕрын, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы фарн ӕмӕ цин – уый у Хуыцауы Паддзахад.14:17 1 Кор. 8:8; Гал. 5:22.

18 Йӕ ахӕм цардӕй Чырыстийӕн чи кусы, уый ӕлхӕны Хуыцауы зӕрдӕ ӕмӕ дзы адӕм дӕр сты райгонд.

19 Уӕдӕ тырндзыстӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ нын кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уымӕ.

20 Хуыцауы хъуыддаг хойраджы сӕраппонд ма хал. Алы хойраг дӕр сыгъдӕг у, фӕлӕ ӕвзӕр у, иннӕйы тӕригъӕды чи бафтауа, уыцы хойраг хӕрын.14:20 Мф. 15:11.

21 Фӕлтау дзидза ма хӕр, сӕн ма нуаз ӕмӕ, де ’фсымӕр цӕуыл фӕкӕла, [тӕригъӕды йӕ цы бафтауа, кӕнӕ йӕ цы слӕмӕгъ кӕна,] ахӕмӕй мацы кӕн.

22 Цы уырнындзинад дӕм ис, уый Хуыцауы раз ныууадз дӕхицӕн. Растыл цы нымайы, уый тыххӕй йӕхицӕн тӕрхон чи нӕ кӕны, уыцы адӕймаг тӕхудиаг у.14:22 1 Ин. 3:21.

23 Фӕлӕ цы хӕры, ууыл дызӕрдыг чи кӕны, уый тӕрхонгонд у, уымӕн ӕмӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ нӕ архайы. Уырнындзинадмӕ гӕсгӕ цы нӕ уа, уый та тӕригъӕды бафтын у.14:23 Тит. 1:15.

24 Кад Хуыцауӕн! Йӕ бон у сымахӕн хъару раттын; ууыл дзурӕг у, Йесо Чырыстийы тыххӕй ӕз кӕй хъусын кӕнын, уыцы фарны уац. Уым ӕргом кӕны Хуыцауы сусӕг фӕнд – уый ӕнусты дӕргъы ӕмбӕхст уыди,14:24 1 Кор. 2:7.

25 Ныр та раргом. Мыггагмӕ-йы Хуыцауы фӕндонӕй уыцы сусӕгдзинад пехуымпарты фыстыты фӕрцы зындгонд сси ӕппӕт адӕмтӕн, цӕмӕй баууӕндой ӕмӕ Хуыцауӕн суой коммӕгӕс.

26 Йесо Чырыстийы фӕрцы кад уӕд мыггагмӕ иунӕг ӕмӕ уӕлзонд Хуыцауӕн! Амен.

15

1 Мах, тыхджынтӕ, хъуамӕ ӕнӕбонтимӕ хӕссӕм уыдонӕн сӕ лӕмӕгъдзинӕдты уаргъ, ӕмӕ нӕхи зӕрдӕ ма ӕлхӕнӕм.15:1 Ром. 14:1; 1 Кор. 9:22.

2 Алчидӕр нӕ хъуамӕ ӕлхӕна хионы зӕрдӕ, хорзӕх ын цы хӕссы ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад цы фидар кӕны, уымӕй.15:2 1 Кор. 10:24.

3 Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр Йӕхи зӕрдӕ не ’лхӕдта; уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Дӕу чи ӕлгъыста, уыдоны ӕлгъыстытӕ ӕрцыдысты Мӕныл».

4 Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн, цӕмӕй фӕразон уӕвыны, стӕй Сыгъдӕг Фыст цы ныфс дӕтты, уый фӕрцы махӕн уа зӕрдӕдарӕн.15:4 Ром. 4:23-24.

5 Фӕразондзинад ӕмӕ ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын раттӕд, цӕмӕй сымах, Йесо Чырыстийы фӕзмгӕйӕ, уат ӕмзонд,15:5 1 Кор. 1:10; Флп. 2:2.

6 Ӕмзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕмдзыхӕй стауат нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцауы ӕмӕ Фыды.

7 Чырысти сымахыл куыд зӕрдиаг у, афтӕ зӕрдиаг ут кӕрӕдзийыл Хуыцауы кадӕн.15:7 Ин. 17:24.

8 Зӕгъын уын, Хуыцау Йӕ дзырд кӕй нӕ сайы, уый равдисыны тыххӕй Чырысти сунӕтгӕндтӕн сси кусӕг, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, Хуыцау уыдоны рагфыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый,15:8 Ап. хъ. 3:25; Ром. 3:30.

9 Ӕмӕ муртаттӕ стауой Хуыцауы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Уый тыххӕй стаудзынӕн Дӕу муртатты ӕхсӕн, Дӕуыл уыдзысты мӕ зарджытӕ».

10 Ӕмӕ ма ноджы загъд у: «Цин кӕнут Хуыцауы адӕмимӕ, муртаттӕ».

11 Ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Стаут Хицауы, ӕппӕт муртаттӕ, кад Ын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ».

12 Исай дӕр зӕгъы: «Фӕзындзӕн Иессейы Ӕвзар ӕмӕ муртаттыл кӕндзӕн ӕлдариуӕг; муртаттӕ Йыл дардзысты сӕ зӕрдӕ».15:12 Ӕрг. 5:5.

13 Зӕрдӕдарӕн Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ зӕрдӕдарӕн кӕна фидарӕй-фидардӕр.15:13 Ром. 12:12; 14:17.

Павел – муртатты апостол

14 Дызӕрдыг нӕ кӕнын, ме ’фсымӕртӕ, алы хорз миниуӕг уӕм кӕй ис, алцыдӕр кӕй зонут ӕмӕ уӕ бон кӕрӕдзийӕн зонд амонын кӕй у, ууыл.

15 Фӕлӕ уӕм мӕ ныфс бахастон цыдӕртӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕныны тыххӕй ныффыссынмӕ. Ӕз уый бакодтон, Хуыцауӕй мын цы хорзӕх лӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ –

16 Хуыцау мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй муртаттӕн уон Йесо Чырыстийы кусӕг ӕмӕ хӕлиу кӕнон Хуыцауы фарны уац, цӕмӕй муртаттӕ суой, Сыгъдӕг Уд кӕй ссыгъдӕг кодта, ахӕм фӕндиаг нывонд.15:16 Ап. хъ. 9:15; Ром. 12:2.

17 Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ кӕй дӕн, уый фӕрцы мӕ бон раппӕлын у, Хуыцауы сӕраппонд цы куыст хӕссын, уымӕй.

18 Цӕмӕй муртаттӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс суой, уый тыххӕй Чырысти мӕ фӕрцы цы сарӕзта, уымӕй уӕлдай ницӕй тыххӕй зӕгъынмӕ хӕссын мӕ ныфс. Чырысти уыдӕттӕ бакодта ныхас ӕмӕ хъуыддагӕй,

19 Ӕвдисӕйнӕгтӕй ӕмӕ диссӕгтӕй, Хуыцауы Уды хъаруйӕ. Афтӕмӕй Чырыстийы фарны уац ӕз ахӕлиу кодтон Иерусалимӕй суанг Иллирикмӕ.

20 Ӕз архайдтон, Чырыстийы кӕм нӕ зыдтой, фарны уац уым хъусын кӕныныл, кӕйдӕр конд бындурыл куыд нӕ амайон,15:20 1 Кор. 3:10; 2 Кор. 10:15.

21 Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Кӕмӕн нӕ загъдӕуыд Уый тыххӕй, уыдон фендзысты, ӕмӕ чи нӕ фехъуыста, уыдон бамбардзысты».

Павелмӕ ис Роммӕ цӕуыны фӕнд

22 Афтӕмӕй мын мӕ фадӕттӕм гӕсгӕ бирӕ хӕттыты нӕ бантыст сымахмӕ ӕрцӕуын.15:22 Ром. 1:13.

23 Уыцы рӕтты ныр ӕз мӕ куыст ахицӕн кодтон. Бирӕ азты дӕргъы та бӕллыдтӕн сымахмӕ ӕрцӕуынмӕ.15:23 1 Фес. 3:10.

24 Ӕмӕ Испанимӕ куы цӕуон, уӕд мӕ ныфс ис мӕ фӕндагыл сымах фенынӕй, иуцасдӕр уӕ фендӕй бафсӕдынӕй, стӕй мӕ фӕндагмӕ кӕй срӕвдз кӕндзыстут, уымӕй.

25 Ныр та цӕуын Иерусалиммӕ сыгъдӕджытӕн баххуыс кӕнынмӕ.15:25 Ап. хъ. 24:17.

26 Уымӕн ӕмӕ Македонийы ӕмӕ Ахайы уырнджыты бафӕндыд, Иерусалимы сыгъдӕджытӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын.15:26 1 Кор. 16:1; 2 Кор. 8:4.

27 Бафӕндыди сӕ, стӕй сӕ хӕсджын дӕр сты. Уымӕн ӕмӕ кӕд иугӕр муртаттӕ иудейтӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд хорзӕхӕй схайджын сты, уӕд сын хъуамӕ баххуыс кӕной сӕ зӕххон хъуӕгты.15:27 1 Кор. 9:11.

28 Ӕз уый куы саразон ӕмӕ цы ӕрӕмбырд, уый сӕм мӕхӕдӕг куы фӕхӕццӕ кӕнон, уӕд Испанимӕ мӕ фӕндаг акӕндзынӕн сымахыл.

29 Ӕз зонын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд уӕм кӕй ӕрхӕсдзынӕн Чырыстийы рӕдау арфӕтӕ.15:29 Ром. 1:11.

30 Ӕфсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы сӕраппонд ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы уарзты сӕраппонд курын сымахӕй: мӕн тыххӕй мемӕ зӕрдиагӕй кувут Хуыцаумӕ,15:30 2 Кор. 1:11.

31 Цӕмӕй Иудейӕйы фервӕзон ӕнӕуырнджытӕй, ӕмӕ Иерусалимы сыгъдӕджытӕн ме ’ххуыс уа ӕхсызгон,15:31 Ап. хъ. 20:23.

32 Ӕмӕ Хуыцауы куы бафӕнда, уӕд уӕм ӕрцӕуон цингӕнгӕ, ӕмӕ уӕм мӕ уд ӕрцӕра.15:32 Ром. 1:10.

33 Фарндӕттӕг Хуыцау уӕд уеппӕтимӕ дӕр. Амен.

16

Саламтӕ уырнджытӕн

1 Базонгӕ ут нӕ хо Фивӕимӕ, Кенхрейы аргъуаны диакъонимӕ.

2 Сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ йыл баузӕлут Хицауы кадӕн, ӕмӕ хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уымӕй йын баххуыс кӕнут. Йӕхӕдӕг бирӕтӕн баххуыс кодта, уыимӕ мӕнӕн дӕр.

3 Саламтӕ раттут Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн – Йесо Чырыстийы кадӕн ме ’мкусджытӕн.16:3 Ап. хъ. 18:2.

4 Уыдон мӕ сӕрвӕлтау кастысты мӕлӕты цӕстытӕм. Ӕрмӕст ӕз сӕ нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ раздӕры муртатты ӕппӕт аргъуантӕ дӕр. Саламтӕ раттут, сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕн дӕр.16:4 Мф. 18:20.

5 Саламтӕ раттут мӕ уарзон Эпенетӕн, Чырыстийыл Асийы фыццаг чи баууӕндыд, уымӕн.

6 Саламтӕ раттут Мариайӕн; уый сымахӕн бирӕ бакуыста.

7 Саламтӕ раттут мӕ хӕстӕджытӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон ахӕстоны уыдысты мемӕ, апостолты ӕхсӕн сты зындгонд, Чырыстийыл баууӕндыдысты мӕнӕй раздӕр.

8 Саламтӕ раттут Амплиатӕн, чырыстон уарзтӕй кӕй уарзын, уымӕн.

9 Саламтӕ раттут Урбанӕн – Чырыстийы кадӕн не ’мкусӕгӕн, ӕмӕ мӕ уарзон хӕлар Стахийӕн.

10 Саламтӕ раттут, Чырыстийыл йӕхи ӕнувыдӕй чи равдыста, уыцы Апеллесӕн. Саламтӕ раттут Аристовулы хӕдзаронтӕн.

11 Саламтӕ раттут мӕ хӕстӕг Иродионӕн. Саламтӕ раттут, Наркиссы хӕдзаронтӕй Хицауимӕ чи ис, уыдонӕн.

12 Саламтӕ раттут Трифенӕйӕн ӕмӕ Трифосӕн, Хицауы зӕрдиаг кусджытӕн. Саламтӕ раттут уарзон хо Персидӕйӕн. Уый бирӕ бакуыста Хицауӕн.

13 Саламтӕ раттут Руфӕн, Хицауы уӕлдай зӕрдиаг кусӕгӕн, стӕй мӕнӕн дӕр мад чи сси, йӕ уыцы мадӕн.

14 Саламтӕ раттут Асинкритӕн, Флегонтӕн, Гермесӕн, Патровӕн, Гермасӕн, стӕй семӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕн.

15 Саламтӕ раттут Филолог ӕмӕ Юлиайӕн, Нирей ӕмӕ йӕ хойӕн, Олимпасӕн, стӕй Хуыцауы адӕмӕй семӕ чи ис, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр.

16 Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. Саламтӕ уын дӕттынц Чырыстийы ӕппӕт аргъуантӕ.16:16 1 Пет. 5:14; 1 Кор. 16:20; 2 Кор. 13:12.

17 Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхи хизут, цӕуыл сахуыр стут, уыцы ахуырад чи ницӕмӕ дары, афтӕмӕй аргъуантӕ чи дих кӕны ӕмӕ фӕкӕлыны хос чи у, уыдонӕй – ӕмгӕрон сӕм ма цӕут.16:17 Мф. 18:17; Ап. хъ. 15:24; 1 Кор. 5:11; Гал. 5:9; Флп. 3:2; Кол. 2:8.

18 Ахӕмтӕ нӕ Хицау Чырыстийӕн нӕ кусынц, фӕлӕ сӕ чъизи мондӕгтӕн, рӕсугъд ӕмӕ козбау ныхӕстӕй фӕливынц, ӕнӕхин чи у, уыдоны.16:18 Флп. 3:18-19.

19 Фарны уацӕн коммӕгӕс кӕй стут, уый алкӕмӕн дӕр зындгонд у. Уымӕ гӕсгӕ ӕз цин кӕнын сымах тыххӕй. Фӕнды мӕ, цӕмӕй хорз аразынмӕ уат зондджын, ӕвзӕрмӕ та ма арӕхсат.

20 Ӕмӕ уын уӕд фарндӕттӕг Хуыцау рӕхджы уӕ къӕхты бын ныцъцъист кӕндзӕн хӕйрӕджы. Нӕ Хицау Йесойы хорзӕх уӕд уемӕ. Амен.

21 Саламтӕ уын дӕттынц ме ’мкусӕг Тимофей, мӕ хӕстӕджытӕ Луций, Иасон ӕмӕ Сосипатр.

22 Чырыстон салам уын дӕттын ӕз дӕр, Тертий, Павелы ацы ныхӕстӕ ныффыссӕг.

23 Салам уын дӕтты мӕ фысым, ӕппӕт аргъуан кӕй хӕдзары ӕрӕмбырд вӕййы, уыцы Гай. Саламтӕ уын дӕттынц Эраст, сахары ӕхцафснайӕг, ӕмӕ не ’фсымӕр Кварт.

24 Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕх уеппӕты дӕр уӕд. Амен.