Иоанны ӕргомады чиныг

1

Цӕуыл дзурӕг у ацы чиныг

1 Ам цы фыст ис, уый Хуыцау бафӕдзӕхста Йесо Чырыстийӕн, рӕхджы цы уыдзӕн, уый Йын Йӕ цагъартӕн куыд раргом кӕна, афтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн, кӕй йӕм арвыста, Йӕ уыцы зӕды фӕрцы.

2 Ӕмӕ Иоанн фехъусын кодта, цы федта, ӕппӕт уыдӕттӕ; афтӕмӕй ӕвдисӕн ныллӕууыд Хуыцауы ныхасӕн ӕмӕ радзырдта Йесо Чырыстийы тыххӕй.

3 Ацы пехуымпар ныхӕстӕ чи кӕсы ӕмӕ сӕм чи хъусы, цы фыст дзы ис, уыдӕттӕ кӕмӕ хъарынц, уыдон тӕхудиаг сты, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс.1:3 Лк. 11:28.

Саламтӕ аргъуантӕн

4 Иоаннӕй Асийы авд аргъуанмӕ: хорзӕх ӕмӕ уын фарн, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уымӕй ӕмӕ, Йӕ бадӕны раз чи ис, уыцы авд удӕй,1:4 Ӕрг. 4:5.

5 Ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ – мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Уый мах уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы ссӕрибар кодта нӕ тӕригъӕдтӕй,1:5 1 Пет. 1:19; 1 Ин. 1:7; 1 Кор. 15:20; Кол. 1:18; Дзут. 9:14.

6 Скодта нӕ паддзӕхтӕ, Йӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Фыдӕн лӕггадгӕнджытӕ. Кад ӕмӕ Йын Паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.1:6 1 Пет. 2:9.

7 Мӕнӕ Уый ӕрцӕуы ӕврӕгътимӕ, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныдздзыназдзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ. Бӕгуыдӕр, афтӕ уыдзӕн! Амен.1:7 Мф. 24:30; Иуд. 14.

8 «Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ- 1:8 |iАлфӕ ӕмӕ Омегӕ|r – бердзенаг алфавиты фыццаг ӕмӕ фӕстаг дамгъӕтӕ. , [райдиан ӕмӕ кӕрон]», – зӕгъы Хицау Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, уыцы Дунедарӕг.1:8 Ӕрг. 2:8.

Иоанн Патмосы сакъадахыл

9 Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос чи хуыйны, уыцы сакъадахмӕ.1:9 Ром. 8:17.

10 Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ мӕ чъылдыммӕ фехъуыстон сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн домбай хъӕлӕс: «[Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]

11 Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс ӕмӕ йӕ арвит Асийы авд аргъуанмӕ: Эфесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филаделфи ӕмӕ Лаодикимӕ».

12 Ӕз акастӕн фӕстӕмӕ, чи мӕм дзырдта, уый феныны тыххӕй. Ӕмӕ куы акастӕн, уӕд федтон авд сызгъӕрин цырагъдарӕны,

13 Ӕмӕ цырагъдарӕнты ӕхсӕн – адӕймаджы фырты Халдихы, Йӕ уӕлӕ даргъ дарӕс, Йӕ риуыл баст уыди сызгъӕрин рон.1:13 Мф. 28:18.

14 Йӕ сӕрыхъуынтӕ уыдысты миты хуызӕн урс-урсид къуымбилау, Йӕ цӕстытӕ – пиллон артау.

15 Йӕ къӕхтӕ ӕрттывтой, пецы чи сзынг, ахӕм ӕрхуыйау, Йӕ хъӕлӕс та нӕрыд стыр ӕхсӕрдзӕнау.

16 Йӕ рахиз къухы – авд стъалыйы, Йӕ дзыхӕй ӕддӕмӕ зынди цыргъ дыком цирхъ, Йӕ цӕсгом уыди ӕмбисбоны тӕмӕнкалгӕ хуры хуызӕн.1:16 Мф. 28:18; Эф. 6:17; Ӕрг. 2:16.

17 Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау ӕрхаудтӕн Йӕ къӕхты цурмӕ. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,

18 Дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, ныр цӕрдзынӕн мыггагӕй-мыггагмӕ. Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.1:18 Ӕрг. 3:7.

19 Уӕдӕ ныффысс, цы федтай, цытӕ цӕуы ӕмӕ фӕстӕдӕр цытӕ ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй.

20 Мӕ рахиз къухы кӕй уыныс, уыцы авд стъалыйы, стӕй авд сызгъӕрин цырагъдарӕны сусӕгдзинад ахӕм у: авд стъалыйы сты авд аргъуанӕн сӕ зӕдтӕ, авд цырагъдарӕны та сты авд аргъуаны.

2

Фыстӕг Эфесы аргъуанмӕ

1 Эфесы аргъуаны зӕдмӕ ныффысс: „Йӕ рахиз къухы авд стъалыйы Чи дары, авд сызгъӕрин цырагъдарӕны ӕхсӕн Чи цӕуы, Уый афтӕ зӕгъы:2:1 Ӕрг. 1:16.

2 Ӕз зонын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ фӕллой, фӕразон кӕй дӕ, фыдадӕмӕн кӕй нӕ быхсыс, йӕхи апостол чи хоны, уӕвгӕ та апостол чи нӕу, уыдоны кӕй бафӕлвӕрдтай ӕмӕ мӕнгард кӕй сты, уый кӕй базыдтай, уыдӕттӕ.2:2 1 Ин. 4:1; 2 Кор. 11:13; 2 Тим. 2:19.

3 Ды фӕразон дӕ, бирӕ бавзӕрстай Мӕ номы сӕраппонд, ӕмӕ нӕ бафӕлладтӕ.2:3 Гал. 6:9.

4 Фӕлӕ дӕ азымджыныл нымайын, дӕ фыццаг уарзт дӕм кӕй нал ис, уымӕй.

5 Уӕдӕ цы бӕрзонд ранӕй ӕрхаудтӕ, уый ӕрымыс, ӕрфӕсмон кӕн ӕмӕ араз дӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ. Афтӕ куы нӕ уа, куы не ’рфӕсмон кӕнай, уӕд дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын дӕ цырагъдарӕн йӕ бынатӕй айсдзынӕн.2:5 Ӕрг. 3:3.

6 Ӕниу дӕм хорзӕй уый ис, ӕмӕ николаитты хъуыддӕгтӕ Мӕнӕн куыд ӕнӕуынон сты, афтӕ ӕнӕуынон сты дӕуӕн дӕр.

7 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар".

Фыстӕг Смирнӕйы аргъуанмӕ

8 Смирнӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг, мард Чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас Чи у, Уый афтӕ зӕгъы:

9 Ӕз зонын [дӕ хъуыддӕгтӕ,] дӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ дӕ мӕгуырдзинад, фӕлӕ уӕддӕр хъӕздыг дӕ; зонын, йӕхи иудей чи хоны, уӕвгӕ та иудей нӕ, фӕлӕ хӕйрӕджы синагогӕ чи у, уыдон дыл цъыф кӕй калынц, уый.2:9 Лк. 6:20; Иак. 2:5; Ром. 2:29.

10 Цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕн дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕддӕр баззай иузӕрдионӕй ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард.2:10 Мф. 10:21.

11 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн дыккаг мӕлӕтӕй тас нӕу".2:11 Ӕрг. 21:8.

Фыстӕг Пергамы аргъуанмӕ

12 Пергамы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Цыргъ дыком цирхъ Кӕмӕ ис, Уый афтӕ зӕгъы:2:12 Ӕрг. 1:16; 19:21.

13 Ӕз зонын: ды цӕрыс, хӕйрӕг паддзахиуӕг кӕцӕй кӕны, уым. Уӕддӕр Мӕныл ӕнувыд дӕ, хӕйрӕг кӕм цӕры, уӕ уыцы сахары Мӕ иузӕрдион ӕвдисӕн Антипайы куы амардтой, суанг Мыл уыцы рӕстӕг дӕхи нӕ атигъ кодтай.

14 Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иуцасдӕр азымджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ уӕм ис, Валаамы ахуырадыл хӕст чи у, ахӕмтӕ; Валаам та сахуыр кодта Валакы, ӕмӕ уый Израилы адӕмы сардыдта мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕ хӕрыныл ӕмӕ хӕтыныл.

15 Афтӕ дӕумӕ дӕр ис николаитты ахуырадыл хӕст адӕймӕгтӕ.

16 Ӕрфӕсмон кӕн, науӕд дӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ семӕ тох самайдзынӕн Мӕ дзыхы цирхъӕй.2:16 2 Фес. 2:8; Ӕрг. 1:16.

17 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн бахӕрын кӕндзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ ӕмӕ йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕн, йӕ райсӕгӕй фӕстӕмӕ кӕй ничи зоны, ахӕм ног ном".2:17 Ин. 6:33.

Фыстӕг Фиатирӕйы аргъуанмӕ

18 Фиатирӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Пиллон артау Кӕй цӕстытӕ сты, зынг ӕрхуыйау Кӕй къӕхтӕ ӕрттивынц, Хуыцауы уыцы Фырт афтӕ зӕгъы:2:18 Ӕрг. 1:14-15.

19 Ӕз зонын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ уарзт, дӕ уырнындзинад, дӕ куыст ӕмӕ фӕразон кӕй дӕ, стӕй, дӕ фӕстаг хъуыддӕгтӕ фыццӕгтӕй фылдӕр кӕй сты, уый.2:19 2 Кор. 9:12.

20 Фӕлӕ дӕ уӕддӕр азымджыныл нымайын: йӕхи пехуымпар чи хоны, уыцы сылгоймаг Иезавелӕн дӕттыс йӕ ахуырадӕй Мӕ цагъарты фӕливыны фадат – ардауы сӕ хӕтыныл ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕй хӕрыныл.2:20 1 Кор. 10:19.

21 Ӕз ын радтон рӕстӕг ӕрфӕсмон кӕнынӕн, фӕлӕ хъахбай кӕй у, ууыл ӕй ӕрфӕсмон нӕ фӕнды.

22 Мӕнӕ йыл Ӕз ӕфтауын низ; йемӕ чи хӕты, уыдон та сӕ митыл куы нӕ ӕрфӕсмон кӕной, уӕд сӕ ӕппарын стыр бӕллӕхы.

23 Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз кӕй уынын зӕрдӕтӕ ӕмӕ зонд, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй ратдзынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.

24 Сымахӕн та – уыцы ахуырадыл Фиатирӕйы хӕст чи нӕу, хӕйрӕджы сусӕгдзинӕдтӕ кӕй хонынц, уый чи нӕ зоны, уыдонӕн – зӕгъын: ӕндӕр уаргъ уыл нӕ сӕвӕрдзынӕн,

25 Ӕрмӕст Ме ’рцыдмӕ фидар хӕцут, цы уӕм ис, ууыл.

26 Чи фӕуӕлахиз уа ӕмӕ Мын кӕронмӕ коммӕгӕс чи разына, уымӕн Ӕз ратдзынӕн адӕмтыл ӕлдариуӕг кӕныны бар,2:26 Ин. 6:29; 1 Кор. 6:3.

27 Ӕз ӕлдариуӕг кӕныны бар Мӕ Фыдӕй куыд райстон, афтӕ; здахдзӕн сӕ ӕфсӕн лӕдзӕгӕй, уыдон базгъӕлӕнтӕ уыдзысты ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтау,

28 Ӕмӕ йын ратдзынӕн Бонвӕрнон.2:28 2 Пет. 1:19; Ӕрг. 22:16.

29 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ".

3

Фыстӕг Сардисы аргъуанмӕ

1 Сардисы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Хуыцауы авд уды ӕмӕ авд стъалыйы Кӕмӕ сты, Уый афтӕ зӕгъы: зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ; ды хӕссыс удӕгасы ном, фӕлӕ мард дӕ.

2 Райхъал у ӕмӕ фидар кӕн, сӕфты къахыл дӕм цы лӕууы, уый. Уымӕн ӕмӕ зонын, дӕ хъуыддӕгтӕ Мӕ Хуыцауы цӕсты ӕнаипп кӕй не сты, уый.3:2 Мф. 24:42.

3 Уӕдӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодтой ӕмӕ цы фехъуыстай, уый ӕрымыс, цӕр уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн. Куы нӕ райхъал уай, уӕд дӕм Ӕз ӕрцӕудзынӕн хуыснӕгау, ӕмӕ кӕд ӕрцӕудзынӕн, уый нӕ базондзынӕ.3:3 2 Пет. 3:10; 1 Фес. 5:2; Ӕрг. 16:15.

4 Уӕвгӕ дын Сардисы ис, йӕ дарӕс чи нӕ фӕчъизи кодта, ахӕм цалдӕр адӕймаджы. Уыдон урс-урсид дарӕсы цӕудзысты Мемӕ, уымӕн ӕмӕ сты уый аккаг.3:4 Ӕрг. 6:11; 7:9; 19:8.

5 Уӕлахиздзау уыдонау скӕндзӕн урс-урсид дарӕс, ӕмӕ йын йӕ ном царды чиныджы нӕ ахахх кӕндзынӕн. Мӕ Фыды ӕмӕ Йӕ зӕдты раз ӕй Ӕз банымайдзынӕн мӕхионыл.3:5 Лк. 10:20; Флп. 4:3.

6 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ".

Фыстӕг Филаделфийы аргъуанмӕ

7 Ӕмӕ Филаделфийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Давиды дӕгъӕл Кӕмӕ ис, куыд мачи сӕхгӕна, афтӕ Чи гом кӕны ӕмӕ куыд мачи байгом кӕна, афтӕ Чи ӕхгӕны, уыцы Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг зӕгъы:3:7 Лк. 1:32; Ӕрг. 1:18.

8 Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Мӕнӕ дын Ӕз байгом кодтон дуар ӕмӕ йӕ сӕхгӕнын никӕй бон бауыдзӕн. Дӕумӕ бирӕ тых нӕй, уӕддӕр хъуыстай Мӕ ныхасмӕ ӕмӕ Мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай.3:8 1 Кор. 16:9; Кол. 4:3.

9 Хӕйрӕджы синагогӕйы чи ис, йӕхи иудей чи хоны, уӕвгӕ та иудей нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ ӕрхаудзысты дӕ къӕхтӕм ӕмӕ базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.

10 Ды Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕны рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй.3:10 2 Пет. 2:9; 1 Кор. 10:13.

11 Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса.3:11 Ӕрг. 2:10.

12 Уӕлахиздзауы скӕндзынӕн Мӕ Хуыцауы Кувӕндоны цӕджындз, ӕмӕ дзы никуал рацӕудзӕн. Ныффысдзынӕн ыл Мӕ Хуыцауы ном, уӕларвӕй, Мӕ Хуыцауӕй, чи ӕрцӕудзӕн, Мӕ Хуыцауы уыцы ног Иерусалимы сахары ном ӕмӕ Мӕ ног ном.3:12 Дзут. 12:22; Ӕрг. 2:17; 14:1.

13 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ".

Фыстӕг Лаодикийы аргъуанмӕ

14 Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Амен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцауы сфӕлдысты сӕрӕвӕрӕн:3:14 Кол. 1:15.

15 Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Ды нӕдӕр уазал дӕ, нӕдӕр тӕвд. О, фӕлтау уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис!

16 Тӕвд дӕр ӕмӕ уазал дӕр нӕ, фӕлӕ хъӕрмуст кӕй дӕ, уый тыххӕй дӕ сӕппардзынӕн Мӕ дзыхӕй.

17 Ды зӕгъыс: ӕз хъӕздыг дӕн, бирӕ мӕм ис ӕмӕ ницы хъуаг ӕййафын. Фӕлӕ нӕ зоныс, ды мӕгуыр, кӕуинаг, гӕвзыкк, куырм ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕ, уый.3:17 1 Кор. 4:8.

18 Уынаффӕ дын кӕнын: арты чи ссыгъдӕг, Мӕнӕй ахӕм сызгъӕрин балхӕн ӕмӕ схъӕздыг уай; стӕй балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр Мӕнӕй балхӕн хос ӕмӕ дзы байсӕрд дӕ цӕстытӕ.3:18 Ӕрг. 7:13; 16:15; 19:8.

19 Ӕз кӕй уарзын, уыдоны багӕды кӕнын ӕмӕ бафхӕрын. Уӕдӕ у ӕнувыд ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн.3:19 Дзут. 12:5.

20 Мӕнӕ лӕууын дуармӕ ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ цӕл кӕндзынӕн йемӕ, уый та – Мемӕ.3:20 Ин. 14:23.

21 Уӕлахиздзауы Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.3:21 Мф. 19:28; Ӕрг. 1:6; 2:27.

22 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ"».

4

Паддзахы бадӕн уӕларвы

1 Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый».

2 Ӕз уайтӕккӕ фӕдӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард. Уӕларвы уыди паддзахы бадӕн, паддзахы бадӕны та федтон Бадӕджы.

3 Бадӕг тӕмӕнтӕ калдта зынаргъ дуртӕ иаспис ӕмӕ сардисау. Паддзахы бадӕны алыварс изумрудау ӕрттывта арвырон.

4 Паддзахы бадӕны алыварс – цыппар ӕмӕ ссӕдз паддзахы бадӕны. Уыцы паддзахы бадӕнты бадтысты цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уыди сыл урс-урсид дарӕс, сӕ сӕртыл та – сызгъӕрин кадыхудтӕ.4:4 Ӕрг. 1:6; 2:26; 3:4; 6:11; 7:13.

5 Паддзахы бадӕнӕй-иу рацыд ӕрвӕрттывдтытӕ, хъуысти дзы ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, паддзахы бадӕны раз сыгъдис авд артӕвзаг цырагъы – уыдон сты Хуыцауы авд уды.4:5 Ӕрг. 1:4; 5:6; 8:5.

6 Паддзахы бадӕны раз уыдис цыдӕр, авджын денджызы хуызӕн, дзӕнхъайау ирд. Паддзахы бадӕн кӕм уыди, уыцы бынаты хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар уӕларвон удгоймаджы бирӕ цӕстытимӕ разӕй дӕр ӕмӕ чъылдымырдыгӕй дӕр.

7 Фыццаг уӕларвон удгоймаг уыди домбайы хуызӕн, дыккаг удгоймаг – галы хуызӕн, ӕртыккаг удгоймагӕн йӕ цӕсгом уыдис адӕймаджы цӕсгомау, цыппӕрӕм удгоймаг уыди тӕхгӕ цӕргӕсы хуызӕн.

8 Цыппар уӕларвон удгоймагӕй алкӕмӕн дӕр уыди фӕйнӕ ӕхсӕз базыры; алырдыгӕй дӕр ӕмӕ сӕ базырты бын дӕр уыди бирӕ цӕстытӕ. Ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕбанцайгӕйӕ дзурынц: «Чи уыд, Чи ис ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, уыцы Дунедарӕг Хицау Хуыцау сыгъдӕг у, сыгъдӕг у, сыгъдӕг у».4:8 Ӕрг. 1:8.

9 Паддзахы бадӕны Бадӕгӕн, мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгасӕн, уыцы уӕларвон удгоймӕгтӕ намысы, кады ӕмӕ арфӕйы ныхӕстӕ куы фӕдзурынц,

10 Уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры адӕлгом вӕййынц паддзахы бадӕны Бадӕджы раз, сӕ кадыхудтӕ ӕрӕвӕрынц паддзахы бадӕны раз ӕмӕ бакувынц мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгасмӕ:

11 «Ды намысы ӕмӕ кады аккаг дӕ, нӕ тыхджын Хицау ӕмӕ нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай, ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ ӕппӕт дӕр цӕры Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ».

5

Чиныг ӕмӕ Уӕрыкк

1 Уӕд паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухы ӕз федтон дыууӕрдыгӕй дӕр фыст чиныг-тыхтон; ӕхгӕд уыдис авд мыхуырӕй.

2 Ӕз федтон тыхджын зӕды. Уый хъӕрӕй бафарста: «Чи у ацы чиныджы мыхуыртӕ асӕттыны ӕмӕ йӕ байгом кӕныны аккаг?»

3 Ӕмӕ нӕдӕр уӕларвы, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр зӕххы бын никӕй бон уыди чиныг байгом кӕнын ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый фенын.

4 Ӕмӕ ӕз бирӕ фӕкуыдтон, уыцы чиныг байгом кӕныны ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый феныны аккаг кӕй ничи разынд, ууыл.

5 Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг».5:5 Ром. 15:12.

6 Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та – цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры; ӕдде бакӕсгӕйӕ Уӕрыкк уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, афтӕ. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты – ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.5:6 1 Пет. 1:19.

7 Уӕрыкк ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухӕй райста чиныг.

8 Чиныг куы райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры адӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй дзаг сызгъӕрин будсудзӕнтӕ – сыгъдӕджыты куывдтытӕ.

9 Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ асӕттыны аккаг дӕ, уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыд нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Хуыцауӕн балхӕдтай адӕм алы мыггаджы ӕмӕ ӕвзаджы, алы адӕмы ӕмӕ адӕмыхатты ӕхсӕнӕй,5:9 Ап. хъ. 20:28.

10 Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».5:10 1 Пет. 2:9.

11 Ӕз акастӕн ӕмӕ фехъуыстон, паддзахы бадӕны, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры алыварс цы бирӕ зӕдтӕ уыди, уыдоны хъӕлӕс. Уыдон уыдысты ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ, ӕнӕнымӕц,5:11 Дзут. 12:22.

12 Ӕмӕ дзырдтой хъӕрӕй: «Нывондӕн Кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы Уӕрыкк у кады, намысы ӕмӕ арфӕйы аккаг; Уый у тыхджын ӕмӕ хъӕздыг, зондджын ӕмӕ хъомысджын!»

13 Ӕз фехъуыстон, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдон сеппӕт дӕр уӕларвы, зӕххыл, зӕххы бын, денджызы – дун-дунейы чидӕриддӕр ис, уыдон цы дзырдтой, уый: «Паддзахы бадӕны Бадӕгӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн – арфӕ, кад, намыс ӕмӕ ӕппӕт бартӕ мыггагӕй-мыггагмӕ!»

14 Цыппар уӕларвон удгоймаджы загътой: «Амен». Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры дӕр адӕлгом сты ӕмӕ бакуывтой, мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕн.

6

Уӕрыкк асаста мыхуыртӕ

1 Ӕз федтон: Уӕрыкк авд мыхуырӕй асаста фыццаг, ӕмӕ фехъуыстон цыппар уӕларвон удгоймагӕй иуы хъӕлӕс, цыма арв ныннӕрыд: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».

2 Ӕз федтон урс бӕх; йӕ барӕгмӕ уыд ӕрдын, лӕвӕрд ын ӕрцыд кадыхуд, ӕмӕ рацыд уӕлахиздзауӕй, куыд фӕуӕлахиз уа, афтӕ.6:2 Ӕрг. 19:11.

3 Уӕрыкк дыккаг мыхуыр куы асаста, уӕд фехъуыстон, дыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».

4 Ӕмӕ рацыд ӕндӕр, ӕртхуыз бӕх; йӕ барӕгӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырад айсыны бар, цӕмӕй марой кӕрӕдзи; ӕмӕ йӕм радтой стыр цирхъ.

5 Уӕрыкк ӕртыккаг мыхуыр куы асаста, уӕд фехъуыстон, ӕртыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]». Ӕз федтон сау бӕх; йӕ барӕджы къухы уыди барӕн.6:5 Ӕрг. 5:9.

6 Цыппар уӕларвон удгоймаджы кӕм уыдысты, уырдыгӕй мӕм райхъуыст адӕймаджы хъӕлӕсау: «Мӕнӕуы къус- 6:6 |iКъус|r – килограммы бӕрц. динарыл, хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл, зети ӕмӕ сӕнӕн та знаггад ма ракӕн».

7 Уӕрыкк цыппӕрӕм мыхуыр куы асаста, уӕд фехъуыстон цыппӕрӕм уӕларвон удгоймаджы хъӕлӕс: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».

8 Ӕз федтон фӕлурс бӕх; йӕ барӕджы ном – мӕлӕт. Мӕрдтыбӕстӕ цыдис йӕ фӕдыл, ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди зӕххы цыппӕрӕм хайыл цирхъы ӕмӕ стонджы, рыны ӕмӕ зӕххон сырдты фӕрцы марыны бар.

9 Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се ’вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ.

10 Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Сыгъдӕг ӕмӕ ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»6:10 Лк. 18:7; Ӕрг. 19:2.

11 Уӕд сӕ алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыд урс-урсид дарӕс ӕмӕ сын загъдӕуыд, цӕмӕй банхъӕлмӕ кӕсой иуцасдӕр, зӕххыл ма уыдонау кӕй хъуамӕ амардӕуа, сӕ уыцы ӕмкусджытӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цалынмӕ нымӕц баххӕст кӕной, уӕдмӕ.6:11 Ӕрг. 3:5; 7:9.

12 Уӕрыкк ӕхсӕзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд федтон: зӕхх тынг нынкъуыст, хур ныттар сау хъисынау ӕмӕ мӕй ӕнӕхъӕнӕй ныссырх тугау.6:12 Мф. 24:29; Дзут. 1:11.

13 Стъалытӕ арвӕй ӕрхаудтой зӕхмӕ, тыхджын дымгӕ легъуийы куы ныууигъы, уӕд йӕ цъӕх дыргътӕ куыд ӕрызгъӕлынц, афтӕ.

14 Арв тыхтонау ӕрбампылд ӕмӕ цыдӕр ӕрбаци. Алы хох ӕмӕ сакъадах дӕр йӕ бынатӕй фенкъуысыд.

15 Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ, ӕфсӕддон разамонджытӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар дӕр бамбӕхстысты лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты – къӕдзӕхты ӕхсӕн.

16 Ӕмӕ дзурынц хӕхтӕн ӕмӕ къӕдзӕхтӕн: «Рафӕлдӕхут ныл ӕмӕ нӕ уӕ быны бамбӕхсут паддзахы бадӕны Бадӕгӕй ӕмӕ Уӕрыччы фыдӕхӕй.6:16 Лк. 23:30; Ӕрг. 9:6.

17 Ралӕууыд Сӕ фыдӕхы стыр бон ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?»

7

144 000 израиладжы

1 Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды. Уыдон лӕууыдысты зӕххы цыппар кӕроны, ӕмӕ хӕцыдысты зӕххон цыппар дымгӕйыл, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр денджызыл, нӕдӕр бӕлӕстыл куыд нӕ дымой, афтӕ.

2 Ӕз федтон ӕндӕр зӕды дӕр. Уый ссӕйцыд скӕсӕнӕй ӕмӕ йӕм уыди цардӕгас Хуыцауы мыхуыр. Зӕд ныхъхъӕр кодта, зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн знаггад ракӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕ ӕрцыд, уыцы цыппар зӕдмӕ:

3 «Цалынмӕ нӕ Хуыцауы цагъарты тӕрныхтыл мыхуыр сӕвӕрӕм, уӕдмӕ знаггад ма ракӕнут нӕдӕр зӕххӕн, нӕдӕр денджызӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн».7:3 Ӕрг. 14:1.

4 Ӕз фехъуыстон, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ӕрцыд, уыдоны нымӕц: израилаг адӕмы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыди сӕдӕ цыппор цыппар миныл.

5 Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд дыууадӕс миныл; Рувимы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Гады хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл;

6 Асиры хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Манассийы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл;

7 Симеоны хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Левийы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Иссахары хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл;

8 Завулоны хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Иосифы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Вениамины хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл.

Бирӕ адӕм урс-урсид дарӕсы

9 Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уыйбӕрц дзыллӕ алы адӕмыхӕттытӕй, алы мыггагӕй, алы адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй – сӕ къухы палмӕйы къалиутимӕ урс-урсид дарӕсы лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз.7:9 Ӕрг. 3:5; 6:11.

10 Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Паддзахы бадӕны Чи бады, нӕ уыцы Хуыцау ӕмӕ Уӕрыкк сты ирвӕзынгӕнӕг!»7:10 Ӕрг. 19:1.

11 Зӕдтӕ иууылдӕр лӕууыдысты паддзахы бадӕны, цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы алыварс, стӕй адӕлгом сты паддзахы бадӕны раз ӕмӕ бакуывтой Хуыцаумӕ:

12 «Амен! Табу, намыс ӕмӕ кад мыггагӕй-мыггагмӕ нӕ зондджын, арфӕгонд, тыхджын ӕмӕ хъомысджын Хуыцауӕн! Амен!»

13 Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй мӕ иу бафарста: «Уӕртӕ урс-урсид дарӕс кӕуыл ис, уыдон чи сты ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдысты?»

14 Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ ныуурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.7:14 Дзут. 9:14.

15 Уый тыххӕй лӕууынц Хуыцауы бадӕны раз ӕмӕ Йын ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц Йӕ Кувӕндоны; ӕмӕ паддзахы бадӕны Бадӕг уыдоны бакӕндзӕн Йӕ дӕлбазыр.7:15 Ӕрг. 21:3.

16 Уыдон нал кӕндзысты нӕдӕр стонг, нӕдӕр дойны. Хур дӕр сӕ нал судздзӕн ӕмӕ сӕ ӕнтӕф дӕр нал хъыгдардзӕн.

17 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ кӕндзӕн хизынмӕ ӕмӕ царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй асӕрфдзӕн сӕ цӕссыг».7:17 Ӕрг. 21:4.

8

Ӕвдӕм мыхуыр

1 Уӕрыкк ӕвдӕм мыхуыр куы асаста, уӕд сахаты ӕрдӕджы бӕрц уӕларвы иу сыбыртт дӕр нал хъуыст.

2 Ӕмӕ ӕз федтон Хуыцауы раз лӕууӕг авд зӕды; уыдонмӕ лӕвӕрд ӕрцыд авд сыкъауадындзы.8:2 Мф. 18:10.

3 Ӕрбацыд ӕндӕр зӕд сызгъӕрин будсудзӕнимӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд нывондхӕссӕны раз. Лӕвӕрд ӕм ӕрцыд бирӕ буд, цӕмӕй йӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты куывдимӕ ӕрӕвӕра, паддзахы бадӕны раз цы сызгъӕрин нывондхӕссӕн уыди, ууыл.8:3 Ӕрг. 5:8; 6:9.

4 Буды фӕздӕг сыгъдӕджыты куывдимӕ зӕды къухӕй фӕцыд хӕрдмӕ, Хуыцаумӕ.

5 Зӕд райста будсудзӕн, байдзаг ӕй кодта нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй ӕмӕ йӕ фехста зӕхмӕ. Райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, арв нырттывта ӕмӕ зӕхх нынкъуыст.8:5 Ӕрг. 11:19; 16:18.

Зӕдтӕ уасынц сыкъауадындзтӕй

6 Уӕд авд сыкъауадындзы кӕмӕ уыди, уыцы авд зӕды сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой сыкъауадындзтӕй уасынмӕ.

7 Фыццаг зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ зӕххыл ныууарыд их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр.

8 Дыккаг зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ стыр хохы хуызӕн цыдӕр, пиллон арт уадзгӕйӕ, ныххаудта денджызы ӕмӕ денджызы ӕртыццаг хай фестад туг.

9 Денджызы удӕгасӕй цы уыд, уыдонӕн амард се ’ртыццаг хай, бабын науты ӕртыццаг хай.

10 Ӕртыккаг зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ арвӕй судзгӕ цырагъау рахауди стыр стъалы, ӕмӕ ныххаудта цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хайы ӕмӕ суадӕтты.

11 Уыцы стъалыйы ном у Скъӕлдзой. Дӕтты ӕртыццаг хай скъӕлдзойау смаст, ӕмӕ уыцы маст донӕй фӕцагъды бирӕ адӕм.

12 Цыппӕрӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ хуры ӕртыццаг хай, мӕйы ӕртыццаг хай, стъалыты ӕртыццаг хай фӕсахъат. Сӕ рухс афтӕ бамынӕг, ӕмӕ боны ӕмӕ ӕхсӕвы ӕртыццаг хай дӕр уыди талынг.

13 Ӕз федтон иу цӕргӕсы уӕлиӕутты тӕхгӕ, ӕмӕ фехъуыстон, хъӕрӕй цы дзырдта, уый: «Сыкъауадындзтӕй ма цы ӕртӕ зӕды уасдзысты, уыдоны уастӕй бӕллӕх, бӕллӕх, бӕллӕх ӕрцӕудзӕн зӕххон цӕрджытыл!»

9

1 Фӕндзӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ федтон, арвӕй зӕхмӕ цы стъалы ӕрхауд, уый; уымӕ лӕвӕрд ӕрцыд дӕгъӕл дӕлдзӕхӕй.

2 Стъалы байгом кодта дӕлдзӕхы дуар ӕмӕ, егъау пецӕй рацӕуӕгау, уырдыгӕй ракалд фӕздӕг; дӕлдзӕхы фӕздӕгӕй ныттар сты хур ӕмӕ уӕлдӕф.

3 Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыдысты мӕтыхтӕ, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд зӕххон скорпионты тых.

4 Уыдонӕн бафӕдзӕхстӕуыд знаггад нӕ кӕнын нӕдӕр зӕххон кӕрдӕгӕн, нӕдӕр зайӕгхалӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн, фӕлӕ йӕ тӕрныхыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд кӕмӕн нӕй, ӕрмӕст уыцы адӕмӕн.9:4 Ӕрг. 7:3.

5 Мӕтыхтӕн фӕдзӕхст уыд адӕмы марын нӕ, фӕлӕ сӕ фондз мӕйы дӕргъы удхары бафтауын. Ӕмӕ адӕм удхар кӕндзысты, скорпион йӕ фат куы фӕсадзы, уӕд адӕймаг куыд фӕудхар кӕны, афтӕ.

6 Уыцы бонты адӕм сӕхӕдӕг агурдзысты мӕлӕт, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. Бӕлдзысты мӕлӕтмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ фендзысты.9:6 Лк. 23:30.

7 Мӕтыхтӕ уыдысты хӕстмӕ ифтонг бӕхты хуызӕн. Сӕ сӕртыл – сызгъӕрин кадыхудты хуызӕттӕ, сӕ цӕсгӕмттӕ – адӕймаджы цӕсгомы хуызӕн,

8 Сӕ сӕрыхъуынтӕ – сылгоймаджы сӕрыхъуынты хуызӕн, сӕ дӕндӕгтӕ – домбайы дӕндӕгтау.

9 Сӕ гуырыл уыди згъӕрӕфтыды хуызӕн, сӕ базырты уынӕр та уыди, бирӕ бӕхтӕ хӕстмӕ куы фезгъорынц, уӕд сӕ уӕрдӕттӕ куыд фӕгыбар-гыбур кӕнынц, уыйау.

10 Мӕтыхты къӕдзилтӕ уыдысты скорпионты къӕдзилтау фӕттимӕ; ӕмӕ сӕм уыд адӕмӕн фондз мӕйы знаггад кӕныны тых.

11 Сӕ паддзах уыди дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном у Аваддон, бердзенагау та – Аполлион- 9:11 Бынгӕнӕг. .

12 Ахицӕн иу бӕллӕх, ӕмӕ ма йӕ фӕстӕ ноджыдӕр ӕрбацӕуы дыууӕ бӕллӕхы.

13 Ӕхсӕзӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ Хуыцауы раз цы сызгъӕрин нывондхӕссӕн уыди, уый цыппар сыкъайӕ мӕм райхъуыст хъӕлӕс.

14 Сыкъауадындз цы ӕхсӕзӕм зӕдмӕ уыди, уымӕн уыцы хъӕлӕс загъта: «Суӕгъд кӕн, Евфраты стыр цӕугӕдоны цур баст чи у, уыцы цыппар зӕды».

15 Бӕлвырд сахат ӕмӕ бонмӕ, мӕй ӕмӕ азмӕ цӕттӕ цы цыппар зӕды уыди, уыдон уӕгъдгонд ӕрцыдысты адӕмы ӕртыццаг хай амарынмӕ.

16 Ӕз фехъуыстон бӕхджын ӕфсады нымӕц – уый уыди дыууӕсӕдӕ милуаны.

17 Мӕнӕн равдыстӕуыд бӕхты сӕ барджытимӕ, ӕмӕ сӕ федтон ахӕмӕй: барджытыл уыди зынгхуыз, сапфирау тарцъӕх ӕмӕ сондонау бур згъӕрӕфтыд; бӕхты сӕртӕ уыдысты домбӕйтты сӕрты хуызӕн, сӕ комӕй калди арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон.

18 Ӕмӕ сӕ комӕй цы ӕртӕ рыны калди, уыдонӕй – арт, фӕздӕг ӕмӕ сондонӕй – амард адӕмы ӕртыццаг хай.

19 Уымӕн ӕмӕ бӕхтӕн сӕ тых уыди сӕ комы ӕмӕ сӕ къӕдзилты. Сӕ къӕдзилтӕ та уыдысты кӕлмыты хуызӕн сӕртимӕ, ӕмӕ уыдонӕй хӕцыдысты адӕмыл.

20 Ацы рынтӕй чи нӕ амард, уыцы адӕммӕ та фӕсмон не ’рцыд ӕмӕ нӕ ныууагътой дӕлимонтӕм ӕмӕ, сӕхӕдӕг къухӕй кӕй скодтой, нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ, нӕдӕр цӕугӕ чи нӕ кӕны, сӕ уыцы сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, дурын ӕмӕ хъӕдын гуымирытӕм кувын.

21 Фӕсмон нӕ фӕкодтой, лӕгмар, кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕтаг, давӕг кӕй уыдысты, ууыл.

10

Зӕд чиныгимӕ

1 Ӕмӕ ӕз федтон ӕндӕр тыхджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъӕй, йӕ сӕрмӕ – арвырон, йӕ цӕсгом – хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ – судзгӕ цӕджындзтау.10:1 Мф. 17:2; Ӕрг. 1:15.

2 Йӕ къухы уыди гыццыл чиныг гомӕй. Уыцы зӕд йӕ рахиз къах ӕрӕвӕрдта денджызыл, галиу къах та – зӕххыл,10:2 Ӕрг. 13:5.

3 Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта, домбай куыд фембухы, афтӕ. Куы ныхъхъӕр кодта, уӕд дзуапп радтой авд ӕрвнӕрды.

4 Авд ӕрвнӕрды дзуапп куы радтой, уӕд хъуамӕ бавнӕлдтаин фыссынмӕ. Фӕлӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Авд ӕрвнӕрды цы загътой, уый басусӕг кӕн, ма йӕ ныффысс».

5 Денджызыл ӕмӕ зӕххыл лӕугӕ кӕй федтон, уыцы зӕд йӕ рахиз къух сдардта уӕларвмӕ

6 Ӕмӕ расомы кодта, мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕй – арв ӕмӕ арвыл цы ис, зӕхх ӕмӕ зӕххыл цы ис, денджыз ӕмӕ денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ Сфӕлдисӕгӕй: «Ӕрцӕуинаг цы у, уый нӕ бафӕстиат уыдзӕн.

7 Ӕвдӕм зӕдӕн сыкъауадындзӕй уасыны рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд сӕххӕст уыдзӕн Хуыцауы сусӕг фӕндон – Йӕ цагъар пехуымпартӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ».10:7 Ӕрг. 11:15.

8 Уӕларвӕй мӕм цы хъӕлӕс ӕрыхъуыст, уый мын ноджыдӕр загъта: «Марадз, денджыз ӕмӕ зӕххыл цы зӕд лӕууы, уый къухӕй райс гом чиныг».

9 Ӕз ацыдтӕн зӕдмӕ ӕмӕ йын загътон: «Ӕри мын чиныг». Уый мын загъта: «Айс ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр. Дӕ хуылф дын смаст кӕндзӕн, дӕ дзыхы та мыдау адджын уыдзӕн».

10 Ӕз зӕды къухӕй райстон чиныг ӕмӕ йӕ бахордтон. Ӕмӕ мӕ дзыхы мыдау уыд адджын; куы йӕ бахордтон, уӕд та дзы мӕ хуылф смаст.

11 Ӕмӕ мын загъдӕуыд: «Ды бирӕ адӕмты, адӕмыхӕттыты, ӕвзӕгты ӕмӕ паддзӕхты тыххӕй ногӕй пехуымпар ныхас хъуамӕ зӕгъай».

11

Дыууӕ ӕвдисӕны

1 Радтой мӕм хъилы хуызӕн барӕн лӕдзӕг ӕмӕ мын загъдӕуыд: «Марадз, сбар Хуыцауы Кувӕндон ӕмӕ нывондхӕссӕн, ӕмӕ банымай, чи дзы кувы, уыдоны нымӕц.11:1 Ӕрг. 21:15.

2 Йе ’ддаг кӕрт та ныууадз, ма йӕ сбар, уымӕн ӕмӕ муртаттӕн лӕвӕрд у: уыдон сыгъдӕг сахар ссӕнддзысты дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы.11:2 Ӕрг. 13:5.

3 Арвитдзынӕн Мӕ дыууӕ ӕвдисӕны, ӕмӕ уыдон хъисын дарӕсы пехуымпариуӕг кӕндзысты мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны».

4 Уыдон сты, ӕппӕт зӕххы Хицауы раз чи лӕууы, уыцы дыууӕ зетибӕласы ӕмӕ дыууӕ цырагъдарӕны.

5 Искӕй уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын куы бафӕнда, уӕд сӕ комӕй рацӕудзӕн арт ӕмӕ сын се знӕгты аныхъуырдзӕн. Афтӕ амӕлдзӕн, уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын кӕй бафӕнда, уый.11:5 2 Фес. 2:8.

6 Уыдонмӕ ис арвы дуар сӕхгӕныны бар, цӕмӕй сӕ пехуымпар ныхасы рӕстӕг уарын ма уа. Иугӕр сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕм ис дӕттӕ туг фестын кӕныны ӕмӕ зӕххыл алы рын бафтауыны тых.

7 Се ’вдисӕнад куы фӕуой, уӕд семӕ стох кӕндзӕн дӕлдзӕхӕй рацӕуӕг сырд, фӕтых сыл уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн.11:7 Ӕрг. 17:8.

8 Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты, сӕ Хицауы сын кӕм байтыгътой, фӕсномыгӕй Содом ӕмӕ Мысыр чи хуыйны, уыцы стыр сахары уынджы.

9 Сӕ мӕрдтӕм сын ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕг кӕсдзысты адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, ӕвзӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй бирӕтӕ, ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ зӕппадзы бавӕрын нӕ бауадздзысты.

10 Зӕххыл цӕрджытӕн уый уыдзӕн цины бӕрӕгбон, кӕрӕдзийӕн ӕрвитдзысты лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы дыууӕ пехуымпары удхарӕй мардтой зӕххыл цӕрджыты.

11 Фӕлӕ сӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ Хуыцау бауагъта цард, ӕмӕ слӕууыдысты сӕ къӕхтыл. Чи сӕ федта, уыдон баисты стыр тасы амӕддаг.

12 Сӕ дыууӕ дӕр фехъуыстой, уӕларвӕй сын хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ссӕут ардӕм». Уыдон ӕврагъы фӕцыдысты уӕларвмӕ, ӕмӕ уый федтой се знӕгтӕ.

13 Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн.

14 Дыккаг бӕллӕх ахицӕн. Рӕхджы ӕрбахӕццӕ уыдзӕн ӕртыккаг бӕллӕх.11:14 Ӕрг. 8:13; 9:12.

15 Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Хицауы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕн мыггагӕй-мыггагмӕ».11:15 Ӕрг. 7:10.

16 Хуыцауы раз сӕ паддзахы бадӕнты чи бады, уыцы цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры адӕлгом сты ӕмӕ бакуывтой Хуыцаумӕ:11:16 Ӕрг. 4:4.

17 «Ды Дӕхимӕ ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй райстай ӕмӕ Паддзах кӕй сдӕ, уый тыххӕй арфӕ кӕнӕм Дӕуӕн, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, уыцы Дунедарӕг Хицау Хуыцау.

18 Муртатты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн – хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн – мызд раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг».

19 Ӕмӕ уӕларвы байгом Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынд Йӕ фидыды Чырын. Арв нырттывта ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст ӕмӕ ныууарыди стыр их.

12

Сылгоймаг ӕмӕ залиаг калм

1 Ӕмӕ арвыл фӕзынди стыр ӕвдисӕйнаг: йӕ дарӕс хурӕй кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаг. Йӕ къӕхты бын – мӕй, йӕ сӕрыл – кадыхуд дыууадӕс стъалыйӕ.

2 Уый уыди сывӕрджын, ӕмӕ хъӕр кодта фыррыстӕй, уымӕн ӕмӕ ралӕууыдысты йӕ арыны хъизӕмӕрттӕ.

3 Арвыл фӕзынд ӕндӕр ӕвдисӕйнаг дӕр: ӕртхуыз стыр залиаг калм авд сӕримӕ ӕмӕ дӕс сыкъаимӕ, йӕ сӕртыл авд кадыхудимӕ.12:3 Ӕрг. 13:1; 17:3; 20:2.

4 Уый йӕ къӕдзилӕй расӕрфта стъалыты ӕртыццаг хай арвӕй ӕмӕ сӕ ӕркалдта зӕхмӕ. Залиаг калм лӕууыд арӕг сылгоймаджы раз, куы ныййара, уӕд ын йӕ сывӕллоны куыд бахӕра, афтӕ.

5 Сылгоймаг ныййардта, ӕппӕт адӕмты ӕфсӕн лӕдзӕгӕй чи здахдзӕн, ахӕм лӕппу. Ӕмӕ сывӕллон ист ӕрцыд Хуыцаумӕ, Хуыцауы бадӕн кӕм ис, уырдӕм.12:5 1 Кор. 15:25; Ӕрг. 2:27.

6 Сылгоймаг та алыгъд ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ, Хуыцау ын бынат кӕм ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм, уым ын мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны куыд лӕггад кӕной, афтӕ.12:6 Ӕрг. 11:3.

7 Ӕмӕ уӕларвы уыди хӕст – Михаил ӕмӕ йӕ зӕдтӕ хӕцыдысты залиаг калмимӕ, залиаг калм ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр хӕцыдысты,

8 Фӕлӕ баззадысты састы бынаты, ӕмӕ сын уӕларвы бынат нал уыд.

9 Ӕмӕ стыр залиаг калм, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дунейы чи сайы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.12:9 Лк. 10:18.

10 Ӕз фехъуыстон, уӕларвы хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр ралӕууыд, нӕ Хуыцау кӕд ирвӕзын кӕны, уыцы рӕстӕг, Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады, Йӕ Чырыстийы ӕлдариуӕгады рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд не ’фсымӕртыл цъыфкалӕджы, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый.

11 Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады дзырдӕй, кастысты мӕлӕты цӕстытӕм, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.12:11 Ром. 8:37.

12 Уӕдӕ райут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ! Додой сӕ сӕр зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрцыд хӕйрӕг мӕстӕлгъӕдӕй, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад, уый зонгӕйӕ!»

13 Зӕхмӕ йӕ кӕй раппӕрстӕуыд, залиаг калм уый куы бамбӕрста, уӕд зилын райдыдта, лӕппу кӕмӕн райгуырд, уыцы сылгоймаджы фӕдыл.

14 Уӕд сылгоймагӕн лӕвӕрд ӕрцыд стыр цӕргӕсы дыууӕ базыры, ӕдзӕрӕг бӕстӕйы йын цы бынат уыди, уырдӕм калмӕй бамбӕхсыны тыххӕй атӕхынӕн, ӕмӕ йын уым лӕггад кӕной рӕстӕджы, рӕстӕджыты ӕмӕ рӕстӕджы ӕмбисы дӕргъы- 12:14 Ома, ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг. .

15 Сылгоймаджы фӕдыл калм йӕ комӕй рауагъта цӕугӕдон, куыд ӕй аласа, афтӕ.

16 Фӕлӕ зӕхх баххуыс кодта сылгоймагӕн – байтыгъта йӕ ком ӕмӕ аныхъуырдта, залиаг калм йӕ дзыхӕй цы цӕугӕдон рауагъта, уый.

17 Залиаг калм смӕсты сылгоймагмӕ ӕмӕ ацыди, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн чи лӕууы, сылгоймаджы уыцы иннӕ цотимӕ схӕцынмӕ.

13

Дыууӕ сырды

1 Залиаг калм ӕрлӕууыд денджызы былгӕрон змисыл, ӕмӕ федтон сырды денджызӕй рацӕйцӕугӕ; уыдис ын дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры, йӕ сыкъатыл – дӕс кадыхуды, йӕ сӕртыл та – Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ.13:1 Ӕрг. 12:3; 17:3.

2 Ӕз кӕй федтон, уыцы сырд уыди фыранчы хуызӕн, йӕ дзӕмбытӕ – арсы дзӕмбытау, йӕ дзых – домбайы дзыхау. Залиаг калм ын радта йӕ тых, йӕ паддзахы бынат ӕмӕ стыр бартӕ.

3 Йӕ сӕртӕй иу мӕлӕтдзаг цӕфы хуызӕнӕй зынди, фӕлӕ уыцы мӕлӕтдзаг цӕф байгас. Ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ дис кодтой сырдыл, ацыдысты йӕ фӕдыл ӕмӕ бакуывтой залиаг калмӕн, сырдӕн бартӕ кӕй радта, уый тыххӕй.

4 Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ дзырдтой: «Ацы сырдӕн ӕмбал нӕй, кӕй бон бауыдзӕн йемӕ тохы бацӕуын!»

5 Сырдӕн лӕвӕрд ӕрцыд ӕвзаг схъӕл ныхӕстӕ кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцауы фауынӕн, лӕвӕрд ын ӕрцыди дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы дӕргъы ӕлдариуӕгады бар.

6 Сырд байгом кодта йӕ дзых Хуыцауы бафауынмӕ, фаудта Йын Йӕ ном, Йӕ цӕрӕн бынат ӕмӕ уӕларвон цӕрджыты.

7 Лӕвӕрд ын уыди сыгъдӕджытимӕ схӕцыны ӕмӕ уыдоны басӕттыны тых. Ноджы ма йын лӕвӕрд ӕрцыд алы мыггаг ӕмӕ адӕмыл, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмыхаттыл ӕлдариуӕг кӕныны бар.13:7 Ӕрг. 11:7.

8 Ӕмӕ йӕм кувдзысты, дуне сфӕлдисыны размӕ нывондӕн нысангонд Чи уыди, уыцы Уӕрыкмӕ царды чиныджы сӕ нӕмттӕ фыст кӕмӕн не сты, уыцы зӕххон цӕрджытӕ иууылдӕр.13:8 Флп. 4:3; Ӕрг. 17:7; 21:27.

9 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд.

10 Уацары цӕугӕ кӕмӕн у, уый ацӕудзӕн уацары. Цирхъӕй амӕлгӕ кӕмӕн у, уый амӕлдзӕн цирхъӕй. Уый афтӕ амоны: сыгъдӕджытӕ фӕразон ӕмӕ иузӕрдион хъуамӕ уой.13:10 Мф. 26:52; Ӕрг. 14:12.

Дыккаг сырд рацыд зӕххӕй

11 Ӕз федтон ӕндӕр сырды зӕххӕй рацӕйцӕугӕ. Уыдис ын уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы ӕмӕ дзырдта залиаг калмау.

12 Фыццаг сырды раз уый архайы, фыццаг сырдмӕ цы бартӕ ис, ахӕм бартӕй, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты кувын кӕны, йӕ мӕлӕтдзаг цӕф кӕмӕн байгас, уыцы сырдмӕ.

13 Ӕвдисы ахӕм диссӕгтӕ, ӕмӕ адӕмы цӕсты раз арвӕй зӕхмӕ ӕруадзы арт.13:13 Мф. 24:24; Ӕрг. 16:14.

14 Фыццаг сырды раз ын цы диссӕгтӕ ӕвдисыны бар лӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕй фӕливы зӕххон цӕрджыты, дзуры сын, цӕмӕй цирхъӕй цӕф чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас чи у, уыцы сырды кадӕн саразой йӕ сурӕт.

15 Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыди фыццаг сырды сурӕты цард бауадзыны тых, сырды сурӕт дзыхӕй куыд сдзура ӕмӕ йӕм чи нӕ кувы, уыдоны иууылдӕр куыд марын кӕна, афтӕ.

16 Дыккаг сырд домдзӕн, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр – хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ номдзыдтӕн, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн, сӕрибартӕ ӕмӕ цагъартӕн – йӕ рахиз къухыл кӕнӕ тӕрныхыл ӕвӕрд ӕрцӕуа нысан.13:16 Ӕрг. 14:11.

17 Уыцы нысан у сырды ном кӕнӕ сырды ном ӕвдисӕг нымӕц. Уый кӕуыл уа, уыдоны йеддӕмӕ нӕдӕр ӕлхӕныны, нӕдӕр уӕй кӕныны бар никӕмӕн уыдзӕн.

18 Ам уӕлзонд хъӕуы. Зонд кӕмӕ ис, уый раиртасӕд сырды нымӕц, уымӕн ӕмӕ уый ӕвдисы адӕймаджы ном. Уыцы нымӕц у ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз.

14

Ног зарӕг Сионы хохыл

1 Ӕз федтон: мӕнӕ Сионы хохыл лӕууы Уӕрыкк; Йемӕ сты, Йӕ ном ӕмӕ Йӕ Фыды ном кӕй тӕрныхтыл фыст ис, уыцы сӕдӕ цыппор цыппар мины.14:1 Ӕрг. 7:3.

2 Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс. Ӕз цы хъӕлӕс фехъуыстон, уый уыди, фӕндырдзӕгъдджытӕ цыма сӕ фӕндыртыл цагътой, ахӕм.14:2 Ӕрг. 5:8; 19:6.

3 Уыдон паддзахы бадӕны раз, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры раз зарынц ног зарӕг. Зӕххон адӕмы ӕхсӕнӕй цы сӕдӕ цыппор цыппар мины балхӕдӕуыд, уыдоны йеддӕмӕ уыцы зарӕг сахуыр кӕнын никӕй бон уыд.

4 Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы ӕхсӕнӕй, ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывондчындӕуыд хорысӕрау.14:4 1 Кор. 6:20; 2 Кор. 7:1; 11:2.

5 Сӕ дзыхӕй мӕнгныхас нӕ рацыд, сты ӕнӕфау.14:5 Эф. 5:27.

Ӕртӕ зӕды

6 Уый фӕстӕ ӕз федтон ӕндӕр зӕды уӕлиӕутты тӕхгӕ. Уыдис ӕм мыггагмӕйы фарны уац зӕххон цӕрджытӕн – алы адӕмыхатт ӕмӕ мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмӕн ӕй хъусын кӕныны тыххӕй.

7 Зӕд хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тӕрхоны рӕстӕг. Бакувут арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгмӕ».14:7 Ап. хъ. 14:15.

8 Фыццаг зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон; йӕ хъахбайдзинады тыххӕй йӕ баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн».14:8 Ӕрг. 16:19.

9 Дыууӕ зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕртыккаг зӕд дӕр ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йӕ тӕрныхыл кӕнӕ йӕ къухыл нысан чи сӕвӕрдта,

10 Уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй, сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕн сондонӕй арты.14:10 Ӕрг. 16:19.

11 Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ номы нысан чи сӕвӕрдта, уыдоны хъизӕмарӕй марӕг арты фӕздӕг цӕудзӕн мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ зондзысты».14:11 Мф. 25:41; Ин. 5:29; Ӕрг. 19:3.

12 Уый афтӕ амоны: Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойыл иузӕрдион чи у, уыцы сыгъдӕджытӕ фӕразон хъуамӕ уой.

13 Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Хицауыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, – зӕгъы Уд, – уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».14:13 1 Фес. 4:14.

Хуымгӕрдӕн

14 Ӕз федтон урс ӕврагъ ӕмӕ ӕврагъыл адӕймаджы фырты Халдихы бадгӕ, Йӕ сӕрыл – сызгъӕрин кадыхуд, Йӕ къухы – цыргъ ӕхсырф.

15 Ӕндӕр зӕд рацыд Кувӕндонӕй ӕмӕ ӕврагъыл Бадӕгӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз Де ’хсырф ӕмӕ ӕркӕрд хуым, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд хуымгӕрдӕн – зӕххыл хуымтӕ сцӕттӕ сты».14:15 Мф. 13:39.

16 Уӕд ӕврагъыл Бадӕг Йе ’хсырф рауагъта зӕххыл ӕмӕ ныккарста зӕхх.

17 Уӕларвон Кувӕндонӕй рацыд ӕндӕр зӕд; уымӕ дӕр уыди цыргъ ӕхсырф.

18 Нывондхӕссӕны цурӕй рацыд, артыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕд ӕмӕ цыргъ ӕхсырф цы зӕдмӕ уыди, уымӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз дӕ цыргъ ӕхсырф ӕмӕ зӕххыл бафснай сӕнӕфсир, уымӕн ӕмӕ йӕ гагатӕ срӕгъӕд сты».14:18 Ӕрг. 8:5.

19 Зӕд йе ’хсырф рауагъта зӕххыл, ралыг кодта сӕнӕфсиры пуцӕлттӕ ӕмӕ сӕ ныппӕрста Хуыцауы фыдӕхы стыр сӕндуцӕны.14:19 Ӕрг. 19:15.

20 Ӕмӕ сӕнӕфсир лӕмӕрст ӕрцыд фӕссахар сӕндуцӕны; ракалди сӕндуцӕнӕй туг ӕмӕ схӕццӕ суанг бӕхы рохтӕм ӕмӕ анхъӕвзта мин ӕхсӕзсӕдӕ стадийы- 14:20 |i1600 стадийы|r – 300 километры бӕрц. .

15

Авд зӕды ӕмӕ авд рыны

1 Ӕз арвыл федтон ӕндӕр ӕмбисонды стыр ӕвдисӕйнаг – авд зӕды; уыди сӕм, Хуыцауы фыдӕх кӕуыл ахицӕн, уыцы фӕстаг авд рыны.

2 Ӕмӕ ӕз федтон артимӕ хӕццӕ авджын денджызау цыдӕр. Сырдыл, йӕ сурӕтыл, йӕ номы нымӕцыл чи фӕтых, уыцы адӕм Хуыцауы фӕндыртимӕ лӕууынц авджын денджызыл15:2 Ӕрг. 4:6.

3 Ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Дунедарӕг Хицау Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах!

4 Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Хицау, чи не скӕндзӕн кад Дӕ номӕн? Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ. Ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ Дӕм кувдзысты, уымӕн ӕмӕ раргом сты Дӕ раст тӕрхӕттӕ».

5 Уый фӕстӕ ӕз федтон: уӕларвы байгом Кувӕндон – Сыгъдӕг Цатыр.

6 Уӕздан кӕттагӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕрттиваг дарӕсы, сӕ риутыл сызгъӕрин рӕттимӕ, Кувӕндонӕй рацыдысты авд зӕды авд рынимӕ.

7 Цыппар уӕларвон удгоймагӕй иу ацы авд зӕдмӕ радта, мыггагӕй-мыггагмӕ цардӕгас Чи у, уыцы Хуыцауы фыдӕхӕй ӕмыдзаг авд сызгъӕрин кӕхцы.

8 Кувӕндон байдзаг Хуыцауы намысы ӕмӕ хъаруйы фӕздӕгӕй, ӕмӕ Кувӕндонмӕ бацӕуын никӕй бон уыдис, авд зӕдмӕ чи уыди, цалынмӕ уыцы авд рыны ахицӕн уой, уӕдмӕ.

16

Хуыцауы авд рыны

1 Кувӕндонӕй мӕм райхъуыст, авд зӕдӕн хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Марадз, Хуыцауы фыдӕхы авд кӕхцы акалут зӕхмӕ!»

2 Ацыд фыццаг зӕд ӕмӕ йӕ кӕхц ракалдта зӕхмӕ, ӕмӕ сырды нысан кӕуыл уыд ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыцы адӕмыл фӕзынд ӕвирхъау риссаг хӕфдзӕстытӕ.16:2 Ӕрг. 13:17.

3 Дыккаг зӕд йӕ кӕхц ракалдта денджызмӕ. Денджыз сси мард адӕймаджы туджы хуызӕн, ӕмӕ дзы удӕгасӕй ницыуал баззад.

4 Ӕртыккаг зӕд йӕ кӕхц ракалдта цӕугӕдӕттыл ӕмӕ суадӕттыл, ӕмӕ фестадысты туг.

5 Ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дӕттыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕды хъӕлӕс: «Раст дӕ Ды, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, уыцы сыгъдӕг Хуыцау, уымӕн ӕмӕ Ды ахӕм тӕрхон рахастай.16:5 Ӕрг. 4:8.

6 Уыдон сыгъдӕджыты ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды бадардтай туг. Уый аккаг сты».16:6 Мф. 23:34.

7 Нывондхӕссӕнӕй мӕм райхъуыст: «О, Дунедарӕг Хицау Хуыцау, раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Дӕ тӕрхӕттӕ».

8 Цыппӕрӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта хурыл ӕмӕ хурӕн лӕвӕрд ӕрцыд адӕмы йӕ тӕвдӕй судзыны бар.

9 Ӕмӕ адӕмы сыгъта тыхджын ӕнтӕф. Уыдон ӕлгъыстой, ацы рынтыл Кӕй бар цыди, уыцы Хуыцауы; фӕлӕ сӕм фӕсмон не ’рцыд ӕмӕ Йын кад не скодтой.

10 Фӕндзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта сырды бадӕныл, ӕмӕ йӕ паддзахад баталынг. Адӕм фырхъизӕмарӕй ӕхсыдтой се ’взӕгтӕ,

11 Сӕ хъизӕмары ӕмӕ сӕ хӕфдзӕстыты тыххӕй ӕлгъыстой Уӕларвон Хуыцауы, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтыл фӕсмон нӕ фӕкодтой.

12 Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта Евфраты стыр цӕугӕдонмӕ ӕмӕ дзы дон нал баззад, паддзӕхтӕн скӕсӕнӕй фӕндаг куыд байгом уа, афтӕ.

13 Ӕмӕ залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнгпехуымпары дзыхӕй рацӕугӕ федтон, галхӕфсыты хуызӕн чи уыд, ахӕм ӕртӕ ӕнӕзӕгъинаджы –16:13 Ӕрг. 12:9; 19:20; 20:10.

14 Диссӕгтӕ чи ӕвдисы, уыцы дӕлимонты. Уыдон рацыдысты ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕм, Дунедарӕг Хуыцауы стыр бонмӕ сӕ тохмӕ ӕрӕмбырд кӕнынмӕ.16:14 Мф. 24:24.

15 «Мӕнӕ фӕцӕуын хуыснӕгау. Тӕхудиаг у, фынӕй чи нӕу, бӕгънӕгӕй куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йын йӕ худинаг куыд мачи фена, йӕ дарӕс афтӕ сыгъдӕгӕй чи дары, уыцы адӕймаг».16:15 Мф. 24:46; Лк. 12:39; 2 Кор. 5:3; 1 Фес. 5:2; Ӕрг. 3:3.

16 Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм.

17 Ӕвдӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта уӕлдӕфмӕ, ӕмӕ Кувӕндонӕй, паддзахы бадӕнӕй, райхъуыст хъӕрӕй дзурӕг хъӕлӕс: «Сӕххӕст!»

18 Арв нырттывта, райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур ӕмӕ зӕхх тынг нынкъуыст, адӕймаг зӕххыл куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ куыд нӕма уыд, афтӕ тынг нынкъуысти зӕхх.16:18 Ӕрг. 4:5; 8:5; 11:13.

19 Стыр сахар фӕци ӕртӕ дихы, адӕмты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй.16:19 Ӕрг. 14:8.

20 Цыдӕр ӕрбаисты сакъадӕхтӕ, хӕхтӕ дӕр фӕтары сты.

21 Адӕмыл арвӕй ныууарыди таланты ӕмуӕз их; ӕмӕ адӕм Хуыцауы ӕлгъыстой ихрыны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ уыцы рын тынг хъизӕмарӕй мардта.

17

Хъахбай ӕмӕ сырд

1 Ӕмӕ авд кӕхцы кӕмӕ уыд, уыцы авд зӕдӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын фенын кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады, уыцы стыр хъахбаймӕ цы ӕфхӕрд ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

2 Хӕтыдысты йемӕ зӕххон паддзӕхтӕ, зӕххон цӕрджытӕ расыг кодтой йӕ хъахбайдзинады сӕнӕй».17:2 Ӕрг. 14:8; 18:3.

3 Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард ӕмӕ зӕд мӕн акодта ӕдзӕрӕг ранмӕ ӕмӕ федтон, сырх сырдыл чи бадти, уыцы сылгоймаджы. Сырдыл фыст уыдысты Хуыцауы фауӕн бирӕ нӕмттӕ, уыдис ын авд сӕры ӕмӕ дӕс сыкъайы.17:3 2 Фес. 2:3-4, 7; Ӕрг. 13:1.

4 Сылгоймагыл уыди сырх ӕмӕ сӕнтсырх дарӕс, фӕлыст уыди сызгъӕринӕй ӕмӕ налхъуыт-налмасӕй; йӕ къухы – йӕ хъахбайдзинады ӕлгъаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕй ӕмыдзаг сызгъӕрин кӕхц.

5 Йӕ тӕрныхыл фыст уыди, сусӕг ахадындзинад кӕмӕн ис, ахӕм ном: «Стыр Вавилон, хъахбайты ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад».17:5 Ӕрг. 16:19; 18:2.

6 Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты – Йесойы ӕвдисӕнты тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.

7 Зӕд мын загъта: «Цӕуыл дис кӕныс? Ӕз дын зӕгъдзынӕн ацы сылгоймаджы ӕмӕ кӕуыл бады, авд сӕры ӕмӕ дӕс сыкъайы кӕмӕн ис, уыцы сырды сусӕгдзинад.

8 Ды кӕй федтай, уыцы сырд уыди ӕмӕ нал ис; уый рацӕудзӕн дӕлдзӕхӕй ӕмӕ ссардзӕн йӕ мӕлӕт; ӕмӕ дунейы райдианӕй зӕххыл цӕрджытӕй царды чиныджы кӕй нӕмттӕ не сты фыст, уыдон дисы бафтдзысты, чи уыди, чи нал ис ӕмӕ чи фӕзындзӕн, уыцы сырдмӕ кӕсгӕйӕ.17:8 Ап. хъ. 12:1; Ӕрг. 11:7; 13:1; 20:12.

9 Ам уӕлзонд хъӕуы. Авд сӕры сты, сылгоймаг кӕуыл бады, уыцы авд хохы,

10 Ӕмӕ авд паддзахы. Уыдонӕй фондз амарди, иу дзы ис ныртӕккӕ, иннӕ та нӕма ӕрцыд, ӕмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд бирӕ нӕ ахӕсдзӕн.

11 Раздӕр чи уыди ӕмӕ ныр чи нал ис, уыцы сырд у ӕстӕм паддзах – авд паддзахӕй иу, ӕмӕ ссардзӕн йӕ мӕлӕт.

12 Ды цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон сты дӕс паддзахы. Сӕ паддзахӕдтӕ нӕма райстой, фӕлӕ сахаты ӕмгъуыдмӕ сырдимӕ райсдзысты паддзахы бартӕ.17:12 Ӕрг. 13:1.

13 Уыдон ӕмзонд сты, ӕмӕ сӕ тых, сӕ бартӕ ратдзысты сырдмӕ.

14 Уыдон тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрыкк басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах, ӕмӕ Йемӕ уыдзысты хуындтытӕ, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Йӕ иузӕрдионтӕ».17:14 Мф. 28:18; 1 Тим. 6:15; Ӕрг. 18:8; 19:16.

15 Зӕд мын загъта: «Ды федтай, хъахбай кӕуыл бады, уыцы дӕттӕ – уыдон сты адӕмтӕ ӕмӕ дзыллӕтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ.

16 Ды цы сырды ӕмӕ цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон хъахбайӕ фендзысты се сӕфт ӕмӕ йӕ бацарӕфтыд кӕндзысты, ныууадздзысты йӕ бӕгънӕгӕй, бахӕрдзысты йын йӕ фыд, ӕмӕ йӕ басудздзысты арты.17:16 Ӕрг. 18:8.

17 Уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты нывӕрдта Йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын – хъуамӕ уой ӕмзонд ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы ныхас сӕххӕст уа, уӕдмӕ сӕ паддзахы бартӕ раттой сырдмӕ.

18 Ды цы сылгоймаджы федтай, уый та у, зӕххон паддзӕхтыл ӕлдариуӕг чи кӕны, уыцы стыр сахар».17:18 Ӕрг. 16:19.

18

Вавилон бабын

1 Уый фӕстӕ ӕз федтон, стыр бартӕ кӕмӕ уыдис, ахӕм ӕндӕр зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Зӕхх ныррухс йӕ намысӕй.

2 Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын, бабын стыр Вавилон, сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат ӕмӕ алы ӕнӕзӕгъинагӕн фысымуат, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн.

3 Зӕххон паддзӕхтӕ хӕтыдысты йемӕ, зӕххон сӕудӕджертӕ схъӕздыг сты йе стыр исбонӕй».18:3 Ӕрг. 17:2.

4 Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, йӕ тӕригъӕдтӕй хайджын куыд нӕ уат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд куыд нӕ баййафат, афтӕ.

5 Уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ схӕццӕ сты уӕларвмӕ, Хуыцауӕй нӕ ферох сты йе ’взӕр митӕ.

6 Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ кодта, уыдӕтты тыххӕй йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн цы кӕхцы цӕттӕ кодта, уым ын ӕрцӕттӕ кӕнут дыууӕ хатты карздӕр сӕн.

7 Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмар ӕмӕ хъыгтӕ. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы: „Ӕз ус-паддзахау бадын, идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ хъыгтӕ нӕ бавзардзынӕн!"

8 Уый тыххӕй йыл иунӕг бонмӕ ӕрцӕудзысты рынтӕ, мӕлӕт, хъыгтӕ, стонг рӕстӕг; ӕмӕ басудздзӕн арты, уымӕн ӕмӕ йын тӕрхон Чи хӕссы, уыцы Хицау Хуыцау тыхджын у».

9 Йемӕ чи хӕтыд ӕмӕ йемӕ бухъцард чи кодта, уыцы зӕххон паддзӕхтӕ йын йӕ арты фӕздӕг куы феной, уӕд ыл скӕудзысты ӕмӕ ныдздзыназдзысты,

10 Йӕ хъизӕмӕртты тасӕй лӕудзысты дӕрддзӕф ӕмӕ дзурдзысты: «Додоййаг фӕдӕ, додоййаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымӕн ӕмӕ дын цы тӕрхон рахастӕуыд, уый дӕ баййӕфта иунӕг сахатмӕ».18:10 Ӕрг. 14:8.

11 Кӕуынц ӕмӕ йыл дзыназынц зӕххон сӕудӕджертӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ сын ничиуал ӕлхӕны сӕ уӕййӕгтӕ:

12 Сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист дзаумӕттӕ, налхъуыт-налмас, уӕздан кӕттаг, сырх, сӕнтсырх ӕмӕ зӕлдаг хъуымӕцтӕ, алыхуызон хӕрздӕф хъӕдӕрмӕг ӕмӕ пылыстӕгӕй, зынаргъ хъӕдӕй, ӕрхуыйӕ, ӕфсӕйнаг ӕмӕ мраморӕй алыхуызон дзаумӕттӕ,

13 Корицӕ, судзагхал, буд ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, сӕн ӕмӕ зети, ссад ӕмӕ мӕнӕу, стуртӕ ӕмӕ фыстӕ, бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ, цагъартӕ – адӕймаджы буӕрттӕ ӕмӕ удтӕ.

14 Дӕ зӕрдӕйӕн адджын цы уыд, уый фӕлыгъди дӕуӕй, ӕнӕхай фӕдӕ деппӕт мулк ӕмӕ бӕллиццагӕй, ӕмӕ сӕ нал ссардзынӕ.

15 Ӕппӕт уыдӕттӕй чи сӕудӕджер кодта, йӕ фӕрцы чи схъӕздыг, уыдон дзы йӕ хъизӕмӕртты тасӕй лӕудзысты дӕрддзӕф, кӕудзысты ӕмӕ дзыназдзысты:

16 «Додоййаг фӕдӕ, додоййаг, уӕздан кӕттагӕй, сырх ӕмӕ сӕнтсырх хъуымӕцтӕй дарӕс кӕуыл ис, сызгъӕринӕй ӕмӕ налхъуыт-налмасӕй фӕлыст чи у, уыцы стыр сахар!

17 Уымӕн ӕмӕ ахӕм мулк фесӕфт иунӕг сахатмӕ!» Науты ӕппӕт хистӕртӕ ӕмӕ бӕлццӕттӕ иууылдӕр, наудзаутӕ, денджызыл цӕуӕг ӕппӕт сӕудӕджертӕ лӕууынц дӕрддзӕф,

18 Уынынц ын йӕ арты фӕздӕг ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ацы стыр сахарӕн ӕмбал нӕй!»

19 Сӕ сӕртыл зӕрынц рыг, хъӕр кӕнынц, кӕуынц ӕмӕ дзыназынц: «Додоййаг фӕдӕ, додоййаг, денджызы наутӕ кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр кӕй исбонӕй схъӕздыг сты, уыцы стыр сахар! Уымӕн ӕмӕ ды иунӕг сахатмӕ царӕфтыд фӕдӕ».

20 Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕларв, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.

21 Иу тыхджын зӕд райста стыр куыройыфыдыйас дур, нывзылдта йӕ денджызмӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ тагъд дӕлӕмӕ ныххаудзӕн Вавилоны стыр сахар ӕмӕ нал уыдзӕн.

22 Ды нал фехъусдзынӕ фӕндыртыл цӕгъдджыты ӕмӕ зарӕггӕнджыты, уадындзтыл ӕмӕ сыкъауадындзтыл цӕгъдджыты; нал дӕм уыдзӕн иу ӕрмгуысты ӕрмдӕсны дӕр, нал дӕ хъуысдзӕн куыройыфыды уынӕр;

23 Нал ссудздзысты дӕ рухсгӕнӕнтӕ, нал дӕ хъуысдзӕн сиахсаджы ӕмӕ усаджы хъӕлӕс. Дӕ сӕудӕджертӕ бӕсты гуыппырсартӕ уыдысты, дӕ кӕлӕнтӕй асайдтай ӕппӕт адӕмты.18:23 Ӕрг. 17:2.

24 Ацы сахары ныккалдӕуыд пехуымпарты ӕмӕ сыгъдӕджыты, стӕй зӕххыл кӕй амардӕуыд, уыдонӕн сеппӕты туг дӕр».18:24 Ӕрг. 17:6.

19

1 Уый фӕстӕ ӕз уӕларвы фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, ахӕм хъӕлӕс: «Аллилуйа!- 19:1 |iАллилуйа|r – дзуттагау «стаут Хуыцауы»; цины хъӕр Хуыцауы кадӕн. Нӕ Хуыцау ирвӕзынгӕнӕг у; Уый намысджын ӕмӕ тыхджын у;19:1 Ӕрг. 7:10; 12:10.

2 Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ цагъарты туг».

3 Дыккаг хатт загъдӕуыд: «Аллилуйа! Йӕ фӕздӕг кӕлдзӕн мыггагӕй-мыггагмӕ».19:3 Ӕрг. 14:11.

4 Уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы адӕлгом сты ӕмӕ бакуывтой Йӕ бадӕны бадӕг Хуыцаумӕ: «Амен! Аллилуйа!»19:4 Ӕрг. 4:4; 5:14; 15:3.

Уӕрыччы чындзӕхсӕв

5 Уӕд паддзахы бадӕнӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ӕппӕлут нӕ Хуыцауӕй, Йӕ цагъартӕ иууылдӕр ӕмӕ Дзы чи тӕрсы, уыдон – номдзыдтӕ ӕмӕ хуымӕтӕгтӕ».

6 Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Аллилуйа! Дунедарӕг Хицау Хуыцау сси паддзах!19:6 Ӕрг. 11:15.

7 Уӕдӕ цин кӕнӕм, хъӕлдзӕг уӕм ӕмӕ Йын скӕнӕм кад. Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Уӕрыччы чындзӕхсӕвы рӕстӕг, ӕмӕ Йӕ Усаг йӕхи ӕрцӕттӕ кодта.19:7 Мф. 22:2; Лк. 14:16; 2 Кор. 11:2; Ӕрг. 21:2.

8 Радтой йын сыгъдӕг ӕмӕ ӕрттиваг кӕттагӕй дарӕс скӕныны бар». Уыцы кӕттаг та у сыгъдӕджыты рӕстад.

9 Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуындтытӕ». Ноджы мын загъта: «Уыдон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».19:9 Ӕрг. 3:18.

10 Ӕз бакувынмӕ адӕлгом дӕн зӕды къӕхты раз. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕртӕн ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, уыдонмӕ пехуымпарады уд ис».

Барӕг урс бӕхыл

11 Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох.19:11 Ӕрг. 6:2.

12 Барӕджы цӕстытӕ сты пиллон артау, Йӕ сӕрыл – бирӕ кадыхудтӕ. Фыст Ыл ис, ӕрмӕстдӕр Йӕхӕдӕг кӕй зоны, ахӕм ном.19:12 Ӕрг. 1:14; 2:18.

13 Ис Ыл тугӕйдзаг пӕлӕз; Йӕ ном: Хуыцауы Дзырд.19:13 Ин. 1:1.

14 Уӕларвон ӕфсад сыгъдӕг ӕмӕ уӕздан кӕттагӕй урс-урсид дарӕсы урс бӕхтыл цыди Йӕ фӕстӕ.

15 Йӕ дзыхӕй зыны цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ здахдзӕн ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны къӕхтӕй дуцы Дунедарӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн.

16 Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ синыл фыст у Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау».19:16 Ӕрг. 17:14; 19:12.

17 Ӕз федтон, хурыл чи лӕууыд, уыцы зӕды. Уӕлиӕутты цы мӕргътӕ тӕхы, уыдонмӕ сеппӕтмӕ дӕр зӕд ныхъхъӕр кодта: «Ратӕхут, ӕрӕмбырд ут Хуыцауы стыр куывдмӕ,

18 Ӕмӕ бахӕрут паддзӕхты мӕрдтӕ, ӕфсӕддон разамонджыты мӕрдтӕ, тыхджынты мӕрдтӕ, бӕхты ӕмӕ барджыты мӕрдтӕ, ӕппӕт сӕрибар ӕмӕ цагъар, хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд адӕмы мӕрдтӕ».

19 Ӕз федтон сырды ӕмӕ зӕххон паддзӕхты се ’фсӕдтимӕ. Уыдон ӕрӕмбырд сты Барӕгимӕ ӕмӕ Йе ’фсадимӕ хӕст самайынмӕ.

20 Ӕмӕ ӕрцахстӕуыд сырды, стӕй сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыд судзгӕ сондоны цадмӕ.19:20 Ӕрг. 20:10.

21 Иннӕтӕ та цагъды фесты, Барӕджы дзыхӕй цы цирхъ зынди, уымӕй, ӕмӕ мӕргътӕ иууылдӕр бафсӕстысты сӕ фыдӕй.

20

Мин азы

1 Ӕз федтон зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ къухы уыди дӕлдзӕхы дӕгъӕл ӕмӕ стыр рӕхыс.20:1 Лк. 8:31; Ӕрг. 1:18.

2 Уый ӕрцахста, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан чи у, уыцы рагон залиаг калмы, сбаста йӕ мин азы ӕмгъуыдмӕ20:2 2 Пет. 2:4; Иуд. 6; Ӕрг. 12:9.

3 Ӕмӕ йӕ ныппӕрста дӕлдзӕхмӕ, сӕхгӕдта йыл дуар ӕмӕ дуарыл сӕвӕрдта мыхуыр, цалынмӕ мин азы рацӕуа, уӕдмӕ адӕмты куыд мауал фӕлива, афтӕ. Уый фӕстӕ хъуамӕ уӕгъдгонд ӕрцӕуа цыбыр ӕмгъуыдмӕ.

4 Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы.20:4 Мф. 19:28; 1 Кор. 6:2; 2 Тим. 2:12; Ӕрг. 6:11.

5 Иннӕ мӕрдтӕ та нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы рацӕуа, уӕдмӕ. Ай у фыццаг райгас.

6 Тӕхудиаг сты, мӕрдты фыццаг райгасы чи райгас уа – уыдон Хуыцауы адӕм сты; дыккаг мӕлӕты бон сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ Йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы.20:6 Ӕрг. 1:6; 21:7.

Тӕрхон хӕйрӕгӕн

7 Уыцы мин азы куы фӕуой, уӕд хӕйрӕг уӕгъдгонд ӕрцӕудзӕн дӕлдзӕхон ахӕстонӕй ӕмӕ рацӕудзӕн, зӕххыл алы ран чи цӕры, уыцы адӕмты – Гог ӕмӕ Магогы – асайынмӕ ӕмӕ сӕ хӕстмӕ ӕрӕмбырд кӕнынмӕ; уыдзысты денджызы змисау бирӕ.20:7 Ӕрг. 16:14.

8 Уыдон рацыдысты ӕппӕт зӕххыл ӕмӕ ӕртыхстысты сыгъдӕджыты цӕрӕн бынатыл – уарзон сахарыл.

9 Фӕлӕ Хуыцау уӕларвӕй рауагъта арт ӕмӕ сӕ басыгъта;20:9 Ӕрг. 14:10; 19:20.

10 Сӕ асайӕг хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.

Тӕрхон мӕрдтӕн

11 Ӕз федтон паддзахы стыр урс бадӕн ӕмӕ уыцы бадӕны Бадӕджы. Фӕлыгъдысты Дзы арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ цыдӕр ӕрбаисты.20:11 2 Пет. 3:10.

12 Чи амард, уыдоны – хуымӕтӕгты ӕмӕ номдзыдты – федтон паддзахы бадӕны раз лӕугӕ. Чингуытӕ уыдысты гом, гом уыд ӕндӕр чиныг дӕр – царды чиныг. Мӕрдтӕн тӕрхонгонд ӕрцыд, чингуыты кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ фыст уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ.20:12 Ӕрг. 2:23; 3:5; 13:8; 21:27.

13 Уӕд денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕ дӕр радтой, чи сӕм уыди, уыцы мӕрдты. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр тӕрхонгонд ӕрцыд йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.

14 Мӕлӕт ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цадмӕ. Уый у дыккаг мӕлӕт – судзгӕ цад.20:14 1 Кор. 15:26; Ӕрг. 2:11.

15 Ӕмӕ царды чиныджы фыст кӕй ном нӕ уыди, уый ныппӕрстӕуыд судзгӕ цадмӕ.

21

Ног арв ӕмӕ ног зӕхх

1 Ӕз федтон ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх аивгъуыдтой, нал уыди денджыз дӕр.21:1 2 Пет. 3:13.

2 Ӕз федтон сыгъдӕг сахар – ног Иерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.21:2 2 Кор. 11:2; Гал. 4:26; Дзут. 12:22; Ӕрг. 3:12.

3 Паддзахы бадӕнӕй мӕм райхъуыст домбай хъӕлӕс: «Ныр Хуыцауы цӕрӕн бынат адӕмы ӕхсӕн ис, ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг цӕрдзӕн семӕ, уыдон уыдзысты Йӕ адӕм, ӕмӕ Уый уыдзӕни сӕ Хуыцау.

4 Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта».21:4 Ӕрг. 7:17.

5 Паддзахы бадӕны Бадӕг загъта: «Мӕнӕ ӕппӕт дӕр фӕлдисын ногӕй». Ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы дзырдтӕ ӕцӕг сты ӕмӕ сыл ис ӕууӕндӕн».21:5 2 Кор. 5:17.

6 Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн лӕвар ратдзынӕн царддӕттӕг суадонӕй.21:6 Ӕрг. 1:8, 10; 22:13.

7 Уӕлахиздзау райсдзӕн ӕппӕт уыдӕттӕ, Ӕз ын уыдзынӕн Хуыцау, уый та Мын уыдзӕни хъӕбул.21:7 Дзут. 8:10.

8 Тӕппудтӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн, ӕлгъӕгтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат у судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».21:8 1 Кор. 6:9; Гал. 5:19.

Ног Иерусалим

9 Фӕстаг рынтӕй дзаг авд кӕхцы цы авд зӕдмӕ уыди, уыдонӕй иу ӕрцыд мӕнмӕ ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын равдисон Уӕрыччы Усаджы».21:9 Ӕрг. 15:1; 19:7.

10 Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард ӕмӕ мӕ зӕд фӕхаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ мын фенын кодта Иерусалимы сыгъдӕг сахар уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ.

11 Уый тӕмӕнтӕ калдта Хуыцауы намысӕй. Йӕ рухсгӕнӕн уыди тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, дзӕнхъайы ӕнгӕс иасписау.

12 Сахары къул уыди стыр ӕмӕ бӕрзонд, уыди дзы дыууадӕс дуары, дуӕрттыл лӕууыдысты дыууадӕс зӕды. Дуӕрттыл фыст уыдысты израилаг адӕмы дыууадӕс мыггаджы нӕмттӕ.

13 Скӕсӕнырдыгӕй – ӕртӕ дуары, цӕгатырдыгӕй – ӕртӕ дуары, хуссарырдыгӕй – ӕртӕ дуары, ныгуылӕнырдыгӕй – ӕртӕ дуары.

14 Сахары къулӕн ис дыууадӕс бындуры, уыдоныл фыст сты Уӕрыччы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ.21:14 Мф. 16:18; Гал. 2:9; Эф. 2:20.

15 Сахарӕн йӕхи, йӕ къул ӕмӕ йӕ дуӕрттӕ барынӕн мемӕ ныхасгӕнӕгмӕ уыди сызгъӕрин лӕдзӕг.

16 Сахар у цыппӕрдигъон, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх сты ӕмхуызон. Зӕд сахар сбарста лӕдзӕгӕй ӕмӕ рауад дыууадӕс мин стадийы- 21:16 |i12 000 стадийы|r – 2200 километры бӕрц. . Йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд сты ӕмхуызон.

17 Сбарста йын йӕ къул дӕр ӕмӕ рауад сӕдӕ цыппор цыппар ӕлмӕрины- 21:17 |i144 ӕлмӕрины|r – 65 метры бӕрц. – адӕймаджы нымадӕй баргӕйӕ; зӕдмӕ дӕр ахӕм барӕн уыди.

18 Сахары къул уыд иасписӕй, сахар йӕхӕдӕг та – ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй.

19 Сахары къулы бындуртӕ фӕлыст уыдысты алыхуызон зынаргъ дуртӕй. Фыццаг бындур – иаспис, дыккаг – сапфир, ӕртыккаг – халкидон, цыппӕрӕм – изумруд,

20 Фӕндзӕм – сардоникс, ӕхсӕзӕм – сердолик, ӕвдӕм – хризолит, ӕстӕм – берилл, фарӕстӕм – топаз, дӕсӕм – хризопрас, иуӕндӕсӕм – сапфир, дыууадӕсӕм – аметист.

21 Дыууадӕс дуары – дыууадӕс налхъуыты: алы дуар дӕр – ӕнӕхъӕн налхъуытӕй. Сахары уынг уыдис ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй.

22 Кувӕндон та дзы нӕ федтон, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хицау Хуыцау ӕмӕ Уӕрыкк сты йӕ кувӕндон.

23 Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы намыс, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн.21:23 Ӕрг. 22:5.

24 Адӕмтӕ цӕрдзысты сахары рухсмӕ, зӕххон паддзӕхтӕ йӕм ӕрхӕсдзысты сӕ намыс.

25 Йӕ дуӕрттӕ бон ӕхгӕд нӕ уыдзысты, ӕхсӕв та дзы уӕвгӕ нӕ уыдзӕн.21:25 Ӕрг. 22:5.

26 Ӕрхӕсдзысты йӕм адӕмты кад ӕмӕ намыс.

27 Чъизи цы уа, ахӕмӕй йӕм ницы бацӕудзӕн, ӕлгъаг ӕмӕ гӕды митӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕр ӕм фӕндаг никӕмӕн уыдзӕн, фӕлӕ йӕм бацӕудзысты, Уӕрыкмӕ царды чиныджы фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон.21:27 Ӕрг. 20:12.

22

Царды цӕугӕдон

1 Зӕд мын фенын кодта, Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй дзӕнхъайау цы ӕрттивгӕ царддӕттӕг цӕугӕдон калди, уый.22:1 Ӕрг. 4:6.

2 Уый калди сахары уынджы хӕдастӕуты, йӕ иу фарс дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ фарс дӕр рӕзыд, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, уыцы царды бӕлас. Бӕласы сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос.22:2 Ӕрг. 2:7.

3 Сахары ӕлгъыстагӕй ницыуал уыдзӕн. Уым уыдзӕн Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы бадӕн, ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзысты Йӕ цагъартӕ.

4 Фендзысты Йын Йӕ цӕсгом, ӕмӕ Йӕ ном фыст уыдзӕн сӕ тӕрныхтыл.22:4 Мф. 5:8; 1 Ин. 3:2; 1 Кор. 13:12.

5 Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Хицау Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.

6 Зӕд мын загъта: «Ацы дзырдтӕ ӕцӕг сты ӕмӕ сыл ис ӕууӕндӕн. Ӕмӕ пехуымпарты Йӕ Удӕй разӕнгардгӕнӕг Хицау Хуыцау Йӕ зӕды рарвыста, рӕхджы цы уыдзӕн, уый Йӕ цагъартӕн равдисынмӕ».22:6 Ӕрг. 1:1; 19:9; 21:5.

Йесойы ӕрцыд

7 «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн». Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уый тӕхудиаг у.22:7 Ӕрг. 1:3; 3:11.

8 Ӕз, Иоанн, федтон ӕмӕ фехъуыстон ӕппӕт уыдӕттӕ. Куы сӕ фехъуыстон ӕмӕ сӕ куы федтон, уӕд бакувынмӕ адӕлгом дӕн, уыдӕттӕ мын чи ӕвдыста, уыцы зӕды къӕхты раз.

9 Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, де ’фсымӕр пехуымпартӕн, стӕй ацы чиныджы ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уыдонӕн се ’мкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув».22:9 Ӕрг. 19:10.

10 Ноджы мын загъта: «Ма басусӕг кӕн ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ. Уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс.22:10 Ӕрг. 1:3.

11 Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр кӕнӕд ӕвзӕр митӕ. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи. Рӕстгӕнӕг дарддӕр кӕнӕд раст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сыгъдӕг дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».22:11 2 Тим. 3:13.

12 «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ мызд Мемӕ ис – алкӕмӕн дӕр ратдзынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.22:12 Ӕрг. 20:12.

13 Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон, фыццаг ӕмӕ фӕстаг».22:13 Ӕрг. 1:8.

14 Йӕ дарӕс чи ӕхсы, уыдон тӕхудиаг сты – уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ дуарыл бацӕуыны бар.22:14 Ӕрг. 2:7.

15 Куыйтӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕлд адӕм ӕмӕ лӕгмартӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, стӕй гӕды митыл хӕст чи у ӕмӕ сӕ чи уарзы, уыдон та баззайдзысты ӕдде.22:15 Эф. 5:5; Флп. 3:2; Ӕрг. 21:8.

16 «Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».22:16 2 Пет. 1:19; Ром. 15:12; Ӕрг. 2:28.

17 Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.22:17 Ин. 7:37; Ӕрг. 21:6.

18 Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чидӕриддӕр хъусы, уыдонӕн ӕз зӕгъын: исты ма сӕм чи бафтауа, ууыл Хуыцау бафтаудзӕн, ацы чиныджы кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы рынтӕ.

19 Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй.

20 Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕн Чи у, Уый зӕгъы: «О, рӕхджы ӕрцӕудзынӕн!» Амен. Ӕрцу, Хицау Йесо!

21 Нӕ Хицау Йесойы хорзӕх уӕд алкӕимӕ дӕр.