Апостол Павелы фыстӕг филиппӕгтӕм

1

1 Павелӕй ӕмӕ Тимофейӕ, Йесо Чырыстийы цагъартӕй, – Йесо Чырыстиимӕ иу чи у, Филиппты уыцы сыгъдӕджытӕм, аргъуаны хистӕртӕм ӕмӕ диакъонтӕм.

2 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.

Павел бузныг у Хуыцауӕй

3 Куы уӕ ӕрымысын, уӕд кӕддӕриддӕр сымах тыххӕй бузныг вӕййын мӕ Хуыцауӕй.1:3 1 Фес. 1:2.

4 Кӕдфӕнды ма кувон уеппӕты тыххӕй дӕр – кӕддӕриддӕр фӕкувын цингӕнгӕ,

5 Фарны уац хъусын кӕныны куысты фыццаг бонӕй суанг абонмӕ кӕй ӕххуыс кӕнут, уый тыххӕй.

6 Сымахмӕ ахӕм хорз хъуыддаг Чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн кӕронмӕ, ууыл ӕууӕндын фидарӕй.1:6 Ин. 6:29; 1 Фес. 1:3.

7 Ӕмӕ уеппӕтмӕ дӕр мӕнӕн ахӕм цӕстӕй кӕсын ӕмбӕлы, уымӕн ӕмӕ сымах мӕ зӕрдӕйы стут. Ахӕстоны куы дӕн, фарны уацы сӕрыл куы хӕцын, раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн куы лӕууын, уӕд уеппӕт дӕр мемӕ стут уыцы арфӕйаг хъуыддаджы.

8 Ӕз уеппӕты дӕр Йесо Чырыстийы уарзтӕй кӕй уарзын, уымӕн Хуыцау – ӕвдисӕн.

9 Ӕз кувын, цӕмӕй уӕ уарзондзинад кӕна фылдӕрӕй-фылдӕр, ӕфта уӕ зонынадыл, уа уӕм арф ӕмбарынад,

10 Ӕмӕ уӕ бон уа, хуыздӕр цы у, уый равзарын. Уӕд Чырыстийы ӕрцыды бон уыдзыстут сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау,1:10 1 Фес. 5:23.

11 Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн.1:11 Мф. 5:16; Ин. 15:8.

«Мӕ цард Чырысти у»

12 Фӕнды мӕ, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз цы уавӕры бахаудтӕн, уый кӕй фӕахъаз фарны уац парахатдӕрӕй хъусын кӕнынӕн;

13 Ӕмӕ ӕз Чырыстийы сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый базыдтой галуаны ӕппӕт хъахъхъӕнджытӕ, стӕй иннӕтӕ дӕр.1:13 Ап. хъ. 21:11.

14 Ӕмӕ ӕз ахст кӕй дӕн, уый ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры сразӕнгард кодта Хицауыл зӕрдӕ тынгдӕр дарынмӕ, ӕмӕ ноджы ныфсхастдӕрӕй, уӕндондӕрӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы ныхас.1:14 Эф. 3:13.

15 Раст зӕгъын хъӕуы, иуӕй-иутӕ сӕ хӕлӕгӕй ӕмӕ сӕхи кады сӕраппонд дзурынц Чырыстийы тыххӕй, иннӕтӕ та – сыгъдӕг зӕрдӕйӕ.1:15 2 Кор. 2:17.

16 Иутӕн сӕ зӕрдӕ сыгъдӕг нӕу – хи уӕлдӕр сӕвӕрыны сӕраппонд дзурынц Чырыстийы тыххӕй; бӕлгӕ та кӕнынц, мӕ рӕхыстӕ куыд фӕуӕззаудӕр уой, уымӕ.

17 Иннӕтӕн та уарзондзинад дӕтты ӕвзаг. Уыдон зонынц: фарны уацы сӕрылхӕцӕгӕй мӕн Хуыцау сӕвӕрдта.

18 Ӕмӕ цы? Чырыстийы тыххӕй куыдфӕнды ма дзурӕд, – былалгъӕй кӕнӕ зӕрдиагӕй, – уӕддӕр райын. Ӕмӕ райдзынӕн,

19 Уымӕн ӕмӕ зонын: уӕ куывды руаджы ӕмӕ Йесо Чырыстийы Уды ӕххуысӕй уый мӕнӕн фӕахъаз уыдзӕн фервӕзынӕн.

20 Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти – кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй.

21 Уымӕн ӕмӕ мӕ цард Чырысти у, мӕлӕт – ме ’фтиаг.1:21 Гал. 2:20.

22 Мӕ буары цӕргӕйӕ куы баззайон, уӕд уый та мӕ хъуыддагӕн пайда у; ӕмӕ цы равзарон, уый нӕ зонын.

23 Сӕ иу дӕр мӕ сайы йӕхимӕ ӕмӕ иннӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын – уый дзӕвгар хуыздӕр у.1:23 2 Кор. 5:8.

24 Уӕ сӕраппонд та хуыздӕр у мӕ буары баззайын.

25 Ӕмӕ ӕз ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндын, кӕй баззайдзынӕн цӕргӕйӕ ӕмӕ кӕй уыдзынӕн уеппӕтимӕ дӕр, цӕмӕй рӕза уӕ уырнындзинад ӕмӕ цин кӕнат.

26 Ӕмӕ та уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уын мӕ фӕрцы фылдӕр фадат уыдзӕн, Йесо Чырыстийы руаджы уын цы бантыст, уымӕй раппӕлынӕн.1:26 2 Кор. 1:14; Флп. 2:16.

Павелы сидт

27 Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы фарны уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд фендзынӕн, кӕнӕ фӕсаууонмӕ фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут, фарны уац йӕ бындур кӕмӕн у, уыцы уырнындзинадыл,1:27 Эф. 4:1; Кол. 1:10; 1 Фес. 2:12.

28 Ӕмӕ уӕ ныхмӕлӕуджытӕй ӕппындӕр кӕй нӕ тӕрсут. Хуыцау сын уе ’хсары руаджы равдисдзӕн: уыдон фесӕфдзысты, сымах та фервӕздзыстут.

29 Уымӕн ӕмӕ сымахӕн хорзӕхӕн лӕвӕрд у Чырыстийыл ӕрмӕст ӕууӕндын нӕ, фӕлӕ Йӕ сӕраппонд хъизӕмар кӕнын дӕр.1:29 Ап. хъ. 5:41.

30 Сымах архайут, ӕз кӕм архайдтон, уыцы тохы. Куыд тох кодтон, уый сымах федтат, ныр та хъусут, абон дӕр мӕ тох кӕй нӕма фӕци, уый.

2

Цагъар ӕмӕ Паддзах

1 Уӕдӕ Чырыстиимӕ кӕй стут, кӕд уын уый ныфс дӕтты, кӕд уарзондзинад рӕвдауы сымах, кӕд уын Сыгъдӕг Удимӕ иудзинад ис, кӕд зӕрдӕхӕлар ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг стут,2:1 Кол. 3:12.

2 Уӕд ноджыдӕр бафтаут мӕ циныл: уарзут кӕрӕдзи ӕмхуызон, ут ӕмхъуыды, ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.2:2 Ром. 15:5; Флп. 3:16.

3 Иннӕтӕй хи уӕлдӕр ӕвӕрыны кӕнӕ кадмӕ бӕллыны сӕраппонд мацы аразут, фӕлӕ ут сӕрныллӕг – иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй уӕлдӕрыл.2:3 Лк. 14:11; Ром. 12:10.

4 Алкӕмӕн дӕр йӕ мӕт уӕд канд йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕйыл дӕр.2:4 1 Кор. 10:24.

5 Сымах алцӕмӕ дӕр хъуамӕ кӕсат Йесо Чырыстийы цӕстӕй:2:5 Мк. 11:29.

6 Йӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ Хуыцауы ӕмсӕр кӕд уыди, уӕддӕр нӕ ныххӕцыд, Хуыцауы ӕмсӕр кӕй у, ууыл.2:6 2 Кор. 4:4; Кол. 1:15.

7 Фӕлӕ Йӕхӕдӕг Йӕхи сгӕвзыкк кодта – схайджын цагъары ӕрдзыхъӕдӕй, сси адӕймаджы халдих, ӕмӕ бакастӕй дӕр уыд адӕймаджы хуызӕн.2:7 Мф. 20:28.

8 Уый ӕрныллӕг кодта Йӕхи – афтӕ коммӕгӕс уыди, ӕмӕ амард, уыимӕ мӕлгӕ та дзуарыл акодта.2:8 Мф. 26:39; Дзут. 2:17.

9 Ӕмӕ Йӕ Хуыцау афтӕ сбӕрзонд кодта, ӕмӕ Йын радта ӕппӕт нӕмттӕй дӕр уӕлдӕр ном,2:9 Мф. 28:18; Дзут. 1:4.

10 Цӕмӕй Йесойы номы раз сӕ зонгуытыл ӕрлӕууой, уӕларвы, зӕххыл ӕмӕ дӕлдзӕх чи ис, уыдон иууылдӕр,2:10 Ром. 14:11; Ӕрг. 5:14.

11 Ӕмӕ алчидӕр ӕргомӕй зӕгъа: Йесо Чырысти Хицау у. Уый уыдзӕни Фыд-Хуыцауы кадӕн.2:11 Ин. 13:13; 1 Кор. 8:6.

Ӕрттивут стъалытау

12 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, сымах иудадзыг коммӕгӕс уыдыстут – ӕз уемӕ куы уыдтӕн, уӕд дӕр, уӕлдайдӕр та ныртӕккӕ, ӕз уемӕ куы нӕ дӕн, уӕд. Уӕдӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ уӕхи хъарут уӕ фервӕзыныл,

13 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кусы уӕ зӕрдӕты – фӕндон Ын чи у, уӕ уыцы бӕллицтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ Уымӕй рацӕуынц.2:13 2 Кор. 3:5; Дзут. 13:21.

14 Ӕппӕт дӕр кӕнут ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй ӕмӕ ӕнӕ гуырысхойӕ,2:14 1 Пет. 4:9.

15 Цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау хъӕбултӕ ацы ӕнӕуаг ӕмӕ хӕлд адӕмы ӕхсӕн. Арвыл цы стъалытӕ ферттивы, сымах ахӕм стъалытау стут се ’хсӕн,2:15 Мф. 5:14.

16 Парахат кӕнут царддӕттӕг ныхас. Ӕмӕ Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд мӕ бон раппӕлын уыдзӕни, мӕхи дзӕгъӕлы кӕй нӕ хъардтон ӕмӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ куыстон, уымӕй.2:16 Флп. 4:1.

17 Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа, ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕддӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕ- нын уеппӕтимӕ дӕр.2:17 2 Тим. 4:6.

18 Афтӕ цин кӕнут сымах дӕр, стӕй цин кӕнут мӕнимӕ иумӕ дӕр!

Тимофей ӕмӕ Эпафродит

19 Хицау Чырыстийы фӕрцы мӕ зӕрдӕ дарын сымахмӕ рӕхджы Тимофейы арвитыныл, цӕмӕй ӕз дӕр базонон уӕ уавӕрты тыххӕй ӕмӕ барухс уа мӕ зӕрдӕ.2:19 Ап. хъ. 16:1.

20 Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, Тимофейау сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи бамӕт кӕна.

21 Иннӕтӕ иууылдӕр мӕт кӕнынц, Йесо Чырыстийӕн фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ сӕхи пайдайыл.2:21 1 Кор. 10:24.

22 Тимофей фӕлвӕрд кӕй у, уый та зонут, уымӕн ӕмӕ фырт йӕ фыды фарсмӕ куыд балӕууа, афтӕ мемӕ фарны уац хъусын кӕныныл куыста ӕнувыдӕй.2:22 Ап. хъ. 16:2.

23 Дарддӕр цы бауыдзынӕн, уый куыддӕр базонон, афтӕ мӕ ныфс ис ӕвӕстиатӕй йӕ сымахмӕ арвитыныл.

24 Хицауы фӕрцы фидарӕй ӕууӕндын, рӕхджы уӕм мӕхӕдӕг дӕр кӕй ӕрцӕудзынӕн, ууыл.

25 Ӕз ӕнӕмӕнг бакӕнинагыл нымайын, мӕ хъуӕгты мын ӕххуысмӕ кӕй ӕрбарвыстат, мӕ уыцы ӕфсымӕр, ӕмкусӕг ӕмӕ ӕмтохгӕнӕг Эпафродиты сымахмӕ арвитын.

26 Уымӕн ӕмӕ тынг бӕллы уеппӕты дӕр фенынмӕ, ӕмӕ стыр мӕты бафтыд, йӕ фӕрынчыны хабар уӕм кӕй байхъуыст, уый тыххӕй.

27 Уыди рынчын ӕмӕ фӕцӕймард, фӕлӕ йын Хуыцау батӕригъӕд кодта, ӕмӕ ӕрмӕст уымӕн нӕ, фӕлӕ мӕнӕн дӕр, мӕ хъыгыл куыд нал бафта, афтӕ.

28 Уымӕ гӕсгӕ уӕм ӕй ӕрвитын ӕвӕстиатӕй, цӕмӕй уын йӕ фенд ӕрхӕсса цин, мӕнӕн та мӕ хъыг фӕкъаддӕр уа.

29 Уӕдӕ Хицауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ йыл сӕмбӕлут ӕхсызгонӕй. Аргъ кӕнут ахӕмтӕн.2:29 1 Фес. 5:12.

30 Чырыстийы хъуыддаджы сӕраппонд Эпафродит мӕлӕтмӕ хӕстӕг уыд, йӕ цард ӕвгъау нӕ кодта, цӕмӕй мын уӕ бӕсты баххуыс кӕна, уӕ бон мын цы раттын нӕ уыд, уымӕй.

3

Талынгӕй – рухсмӕ

1 Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, цин кӕнут, Хицауимӕ кӕй стут, ууыл. Раздӕр уын цы дзырдтон, уый уӕм ногӕй фыссын мӕнӕн зын нӕу, сымах та фыдбылызӕй бахиздзӕн.3:1 2 Кор. 13:11.

2 Уӕхи хизут куыйтӕй, уӕхи хизут зианхӕссӕг кусджытӕй, уӕхи хизут, буарӕй хынджылӕггаг чи аразы, уыдонӕй.3:2 2 Кор. 11:13.

3 Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд – кусӕм Хуыцауӕн, Йӕ Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ ӕппӕлӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.3:3 Ром. 2:29.

4 Ӕниу, мӕ бон у, ӕмӕ зӕххоныл дӕр дарон мӕ зӕрдӕ. Кӕд искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ зӕххоныл зӕрдӕ дарын йӕ бон у, уӕд мӕ бон та ноджы тынгдӕр у.

5 Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Вениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ – фарисей,3:5 Ап. хъ. 23:6; 26:5.

6 Диныл фырӕнувыдӕй – Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ – ӕнӕфау рӕстгӕнӕг.3:6 Ап. хъ. 8:3.

7 Фӕлӕ мӕм раздӕр ӕфтиаг цы касти, уый Чырыстийы тыххӕй банымадтон ницӕуыл.

8 Уый нӕ, фӕлӕ тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд – Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд – ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти,3:8 Ин. 17:3; Кол. 2:2.

9 Ӕмӕ баиу уон Йемӕ. Ӕгъдауы руаджы адӕймаг цы рӕстадӕй схайджын вӕййы, ӕз уымӕ нал тырнын. Ӕз тырнын, Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы Хуыцау уырнджытӕн кӕй дӕтты, уыцы рӕстадмӕ.3:9 Ром. 3:22; Дзут. 4:3.

10 Мӕ нысан у Чырыстийы ӕмӕ мӕрдтӕй Йӕ райгасгӕнӕг тых базонын, Йӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын, Уый куыд амарди, афтӕ амӕлын,3:10 Ром. 6:5; 8:17.

11 Цӕмӕй исты хуызы мӕрдтӕй райгас уон.

Нысанмӕ тырнгӕйӕ

12 Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ ныридӕгӕн бахӕццӕ дӕн мӕ нысанмӕ, кӕнӕ ӕнаипп сдӕн; фӕлӕ згъорын размӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй хӕрзиуӕг мӕхи бакӕнынмӕ – Йесо Чырысти мӕ уый тыххӕй скодта йӕхион.3:12 1 Кор. 13:12; 1 Тим. 6:12.

13 Ӕфсымӕртӕ, ӕз афтӕ ӕнхъӕл нӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг ныридӕгӕн райстон. Ӕрмӕст, фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, ныййарц дӕн размӕ –3:13 Лк. 9:62.

14 Згъорын нысанмӕ, Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы мӕн кӕй тыххӕй ӕрхуыдта, уыцы уӕларвон хӕрзиуӕг райсынмӕ.3:14 1 Кор. 9:24.

15 Уӕдӕ махӕй алцӕмӕй дӕр ӕххӕст чи у, уымӕ ахӕм хъуыды хъуамӕ уа. Кӕд истӕй фӕдыл ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст стут, уӕд уын уый дӕр Хуыцау раргом кӕндзӕн.3:15 Дзут. 5:14.

16 Уӕвгӕ, куыдфӕнды ма уӕд, дарддӕр дӕр цӕрӕм, цы нын бантыст, уымӕ гӕсгӕ.3:16 Ром. 12:16; 15:5; 1 Кор. 1:10.

17 Ӕфсымӕртӕ, фӕзмут мӕн. Нӕхи уын цавӕрӕй равдыстам, ахӕм уагыл чи цӕры, уыдон сымахӕн уӕд фӕзминаг.3:17 Флп. 4:9; 2 Фес. 3:9.

18 Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ, – ӕз уын уыдоны тыххӕй арӕх дзырдтон, ныр та уын кӕугӕйӕ дзурын, – цӕрынц Чырыстийы дзуары знӕгтау.

19 Уыдонӕн сӕ кӕрон – бынсӕфт, сӕ хуыцау – сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.3:19 2 Пет. 2:1; Ром. 16:18.

20 Мах та уӕларвон бӕстӕгтӕ стӕм, уырдыгӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Ирвӕзынгӕнӕгмӕ дӕр – Хицау Йесо Чырыстимӕ.3:20 Тит. 2:13; Дзут. 13:14.

21 Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ намысджын Буары халдих.3:21 1 Ин. 3:2; 1 Кор. 15:42-44.

4

1 Уӕдӕ зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Хицауыл ӕууӕндгӕйӕ.4:1 2 Кор. 1:14; 1 Фес. 2:19.

Ут ӕмзонд ӕмӕ цин кӕнут

2 Хатын Эводимӕ, хатын Синтихимӕ: сымах Хицауимӕ стут, ӕмӕ ӕмбарут кӕрӕдзи.4:2 Флп. 2:2.

3 Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Климент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон мӕнимӕ иумӕ тох кодтой фарны уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд.4:3 Лк. 10:20; Ӕрг. 3:5.

4 Иудадзыг цин кӕнут, Чырыстиимӕ кӕй стут, ууыл; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын – цин кӕнут.

5 Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Хицауӕн Йе ’рцыд хӕстӕг у.4:5 Иак. 5:9; 1 Пет. 4:7.

6 Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, курут Дзы, бузныгӕй Йын ӕргом кӕнут уӕ хъуӕгтӕ,4:6 Мф. 6:25; 1 Тим. 2:1.

7 Ӕмӕ зонд кӕуыл не ’ххӕссы, Хуыцауы уыцы фарн бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй.4:7 Ин. 14:27; Кол. 3:15.

8 Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, цыдӕриддӕр у ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон – цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ.4:8 Мф. 5:16; Ром. 13:13.

9 Цӕуыл уӕ сахуыр кодтон, цы уын радтон, цы уын загътон, цавӕрӕй мӕ федтат, фӕзмут ӕппӕт уыдӕттӕ, ӕмӕ фарндӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ.4:9 Ром. 15:33.

Арфӕйы ныхӕстӕ

10 Бузныг дӕн Хицауӕй ӕмӕ мӕ цинӕн кӕрон нал ис, дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ та мыл тыхсын кӕй райдыдтат, уый тыххӕй. Уӕвгӕ мыл кӕддӕриддӕр тыхстыстут, фӕлӕ уын фадат нӕ уыд.

11 Хъуаг ӕййафын, зӕгъгӕ, уый тыххӕй уын нӕ зӕгъын – ӕз сахуыр дӕн, цы мӕм вӕййы, уый фагыл нымайыныл.4:11 1 Тим. 6:6.

12 Цӕрын зонын гӕвзыккӕй дӕр ӕмӕ фӕрныгӕй дӕр; сахуыр дӕн кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр ӕфсӕстӕй ӕмӕ стонгӕй, парахатӕй ӕмӕ хъуагӕй цӕрыныл.4:12 2 Кор. 6:10.

13 Мӕ бон ӕппӕт дӕр у мӕнӕн тых дӕттӕг Чырыстиимӕ.4:13 2 Кор. 12:9.

14 Ӕниу мӕм мӕ зынты ӕххуысмӕ кӕй ӕрцыдыстут, уымӕй хорз бакодтат.

15 Уӕхӕдӕг ӕй зонут, филиппӕгтӕ, фарны уац хъусын кӕнынмӕ куы бавнӕлдтон, уӕд Македонийӕ мӕ рацӕуыны фӕстӕ мын мӕ лӕггады тыххӕй иу аргъуан дӕр нӕ баххуыс кодта – ӕрмӕстдӕр мӕ сымах барӕвдыдтат.

16 Сымах мын Фессалоникӕмӕ дӕр мӕ хъуаджы заман иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’рбарвыстат уе ’ххуысы хай.

17 Ӕз уый хуынтӕ уӕ агурыны тыххӕй нӕ дзурын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгты номхыгъды фылдӕр кӕна ӕфтиаг.4:17 2 Кор. 12:14.

18 Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.

19 Йе стыр хъӕздыгадӕй Хуыцау баххӕст кӕндзӕн уӕ алы хъуаг дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы.4:19 Эф. 3:16.

20 Нӕ Фыд Хуыцауӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.

Саламтӕ

21 Саламтӕ раттут ӕппӕт сыгъдӕджытӕн – Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн. Саламтӕ уын дӕттынц, мемӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ.

22 Саламтӕ уын дӕттынц ӕппӕт сыгъдӕджытӕ, уӕлдайдӕр та кесӕры хӕдзаронтӕ.

23 Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд.