Матфейы Евангели
1Йесойы хӕдзарвӕндаг
1 Йесо Чырыстийы – Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы – хӕдзарвӕндаг.1:1 Лк. 3:24.
2 Авраамӕй райгуырд Исаак; Исаакӕй райгуырд Иаков; Иаковӕй райгуырдысты Иудӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ;
3 Иудӕйӕн Фамарӕй райгуырдысты Фарес ӕмӕ Зара; Фаресӕй райгуырд Есром; Есромӕй райгуырд Арам;
4 Арамӕй райгуырд Аминадав; Аминадавӕй райгуырди Наассон; Наассонӕй райгуырди Салмон;
5 Салмонӕн Рахавӕй райгуырд Вооз; Воозӕн Руфӕй райгуырд Овид; Овидӕй райгуырд Иессей;
6 Иессейӕ райгуырди паддзах Давид; Давидӕн Урийы усӕй райгуырди Соломон;
7 Соломонӕй райгуырди Ровоам; Ровоамӕй райгуырд Ави; Авийӕ райгуырд Аса;
8 Асайӕ райгуырд Иосафат; Иосафатӕй райгуырд Иорам; Иорамӕй райгуырд Ози;
9 Озийӕ райгуырд Иоафам; Иоафамӕй райгуырд Ахаз; Ахазӕй райгуырд Езеки;
10 Езекийӕ райгуырди Манасси; Манассийӕ райгуырд Амон; Амонӕй райгуырд Иоси;
11 Иосийӕ райгуырдысты Иехони ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ. Уыцы рӕстӕг иудейты сыстын кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой Вавилонмӕ.
12 Вавилонмӕ арвитыны фӕстӕ Иехонийӕ райгуырди Салафиил; Салафиилӕй райгуырди Зоровавел;
13 Зоровавелӕй райгуырд Авиуд; Авиудӕй райгуырд Элиаким; Элиакимӕй райгуырд Азор;
14 Азорӕй райгуырди Садок; Садокӕй райгуырд Ахим; Ахимӕй райгуырд Элиуд;
15 Элиудӕй райгуырд Элеазар; Элеазарӕй райгуырди Матфан; Матфанӕй райгуырд Иаков;
16 Иаковӕй райгуырди Мариайы мой Иосиф; Мариа ныййардта, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойы.
17 Афтӕмӕй Авраамӕй Давиды онг ӕдӕппӕт уыди цыппӕрдӕс фӕлтӕры; Давидӕй Вавилонмӕ арвитыны онг – цыппӕрдӕс фӕлтӕры; Вавилонмӕ арвитыны заманӕй Чырыстийы онг – цыппӕрдӕс фӕлтӕры.
Йесо Чырыстийы райгуырд
18 Йесо Чырыстийы райгуырд уыди афтӕ. Йӕ Мад Мариа куырдуаты бадт Иосифӕн, ӕмӕ нӕма баиу сты, афтӕмӕй рабӕрӕг, Мариа Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ кӕй банхъӕлцау.1:18 Лк. 1:27.
19 Йӕ мой Иосиф раст адӕймаг уыди, фӕлӕ йӕ Мариайы адӕмы цӕсты бафтауын кӕй нӕ фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодта сусӕгӕй Йӕ ауадзын.
20 Ахӕм хъуыды йӕм куы сӕвзӕрд, уӕд ӕм фыны фӕзынд Хуыцауы зӕд ӕмӕ йын загъта: «Давиды байзӕддаг Иосиф! Ма тӕрс дӕ ус Мариайы дӕ хӕдзармӕ ӕрбахонынӕй – Йӕ гуыбыны Чи сӕвзӕрди, Уый Сыгъдӕг Удӕй у.
21 Ныййардзӕни Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕни сӕ тӕригъӕдтӕй»+ 1:21 Ном |iЙесо|r (дзуттагау «Йегъошуа») амоны «Хицау ирвӕзын кӕны»..1:21 Лк. 1:31; Ап. хъ. 4:12; 1 Ин. 2:2; Ром. 3:24.
22 Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Хуыцау пехуымпары дзыхӕй цы загъта, уый:
23 «Ӕнӕцыд Чызг банхъӕлцау уыдзӕни, ныййардзӕни Фырт, ӕмӕ Йӕ схондзысты Эммануил» (ома, «Хуыцау немӕ ис»).
24 Иосиф куы райхъал, уӕд бакодта, Хуыцауы зӕд ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ – йӕ усы ӕрбахуыдта йӕ хӕдзармӕ.
25 Ӕмӕ Йӕм ӕмгӕрон нӕ бацыд, афтӕмӕй Мариа ныййардта Фырт; ӕмӕ Йӕ Иосиф схуыдта Йесо.1:25 Лк. 2:21.
2Стъалыдӕсныты ӕрцыд
1 Йесо райгуырд иудейаг Вифлеемы, Ирод паддзахиуӕг куы кодта, уӕд. Уыцы рӕстӕг Иерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрцыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ бафарстой:2:1 Лк. 2:6.
2 «Кӕм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах ын Йе стъалы федтам скӕсӕнӕй ссӕугӕ, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Йӕм бакувӕм».
3 Паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уӕд скатай, йемӕ скатай ӕппӕт Иерусалим дӕр.
4 Уӕд ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт иудейаг алчерты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ сӕ бафарста: «Чырысти кӕм хъуамӕ райгуыра?»
5 Уыдон ын дзуапп радтой: «Иудейаг Вифлеемы, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у пехуымпармӕ:
6 „Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, ницӕмӕй къаддӕр дӕ Иудӕйы сӕйраг сахартӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕни Фӕтӕг ӕмӕ хиздзӕни Мӕ адӕмы – Израилы"».2:6 Ин. 7:42.
7 Ирод сусӕгӕй басидти стъалыдӕснытӕм ӕмӕ уыдонӕй базыдта, стъалы кӕд фӕзынд, уыцы афон.
8 Уӕд сӕ арвыста Вифлееммӕ ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ бӕлвырд базонут Сывӕллоны тыххӕй, ӕмӕ Йӕ куы ссарат, уӕд мын фехъусын кӕнут, ӕз дӕр ацӕуон ӕмӕ Йӕм бакувон».
9 Уыдон байхъуыстой паддзахмӕ ӕмӕ ацыдысты. Скӕсӕны цы стъалы федтой, уый цыди сӕ разӕй, ӕппынфӕстаг ӕрбахӕццӕ ӕмӕ ӕрлӕууыди, Сывӕллон кӕм уыди, уыцы бынаты сӕрмӕ.
10 Стъалы куы федтой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал уыди.
11 Хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд федтой Сывӕллоны Йӕ Мад Мариаимӕ, ӕрзоныг сты ӕмӕ Йӕм бакуывтой. Стӕй систой сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ Йын ракодтой лӕвӕрттӕ: сызгъӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ.
12 Ӕмӕ уырдыгӕй ӕндӕр фӕндагыл ацыдысты сӕхи бӕстӕмӕ, уымӕн ӕмӕ сын фыны загъдӕуыд, цӕмӕй мауал аздӕхой Иродмӕ.
Алыгъдысты Мысырмӕ
13 Уыдон куы ацыдысты, уӕд Хуыцауы зӕд фыны фӕзынд Иосифмӕ ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн Сывӕллоны Йӕ Мадимӕ ӕмӕ алидз Мысырмӕ, ӕмӕ дын цалынмӕ зӕгъон, уӕдмӕ уым цӕр, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис Сывӕллоны ссарын ӕмӕ Йӕ амарын».
14 Иосиф сыстади, уыцы ӕхсӕв ракодта Сывӕллоны Йӕ Мадимӕ ӕмӕ ацыд Мысырмӕ.
15 Ӕмӕ уым фӕци Ироды амӕлӕтмӕ. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй Хуыцау цы загъта, уый: «Ӕз Мӕ Фырты ракодтон Мысырӕй».
Ирод мары сывӕллӕтты
16 Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй кӕй рацыдысты, уый Ирод куы бамбӕрста, уӕд тынг смӕсты, Вифлееммӕ ӕмӕ йӕ алфамбылаймӕ арвыста, дыууӕ азӕй къаддӕр кӕуыл цыд, ӕппӕт уыцы лӕппуты амарынмӕ. Ирод стъалыдӕснытӕй куыд базыдта, афтӕмӕй Ноггуырд уыди ахӕм кары.
17 Уӕд сӕххӕст, Иереми-пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый:
18 «Рамӕйы хъуысы дзыназын, кӕуын ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг. Рахил кӕуы йӕ хъӕбултыл, ӕмӕ йӕм ныфсӕвӕрӕнтӕ нӕ хъарынц, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ ӕгас нал сты».
Ӕрцыдысты Назаретмӕ
19 Ироды амӕлӕты фӕстӕ Хуыцауы зӕд фыны фӕзынд Иосифмӕ Мысыры,
20 Ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн Сывӕллоны Йӕ Мадимӕ ӕмӕ ацу Израилы зӕхмӕ – Сывӕллоны амарынмӕ чи хъавыди, уыдон амардысты».
21 Иосиф сыстади, ракодта Сывӕллоны Йӕ Мадимӕ ӕмӕ ӕрцыд Израилы зӕхмӕ.
22 Фӕлӕ Архелай йӕ фыд Ироды бӕсты Иудейӕйы паддзахиуӕг кӕй кӕны, Иосиф уый куы фехъуыста, уӕд уырдӕм цӕуын нал бауӕндыди. Фыны йын загъдӕуыд, ӕмӕ ацыди Галилейы зӕхмӕ.
23 Ӕрцыд ӕмӕ ӕрцарди, Назарет цы сахар хуынди, уым. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпарты дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый: «Схондзысты Йӕ Назорей». @Hdr Lst Chp = 3
3Аргъауӕг Иоанн сиды фӕсмонмӕ
1 Уыцы рӕстӕг Аргъауӕг Иоанн Иудейаг ӕдзӕрӕг бӕстӕйы райдыдта адӕмӕн дзурын:3:1 Мк. 1:4; Лк. 3:3; Ин. 1:28; Ап. хъ. 13:24.
2 «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад».
3 Иоанн уыди, Исай-пехуымпар рагагъоммӕ афтӕ кӕй тыххӕй загъта: «Ӕдзӕрӕг ран хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Хицауӕн фӕндаг, ӕмраст Ын скӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ"».3:3 Мк. 1:3; Лк. 3:4; Ин. 1:23.
4 Иоанн дардта теуайы хъуынӕй дарӕс, йӕ астӕуыл та уыди гӕрзӕй рон; йӕ хойраг уыдысты мӕтыхтӕ ӕмӕ хъӕддаг мыд.3:4 Мк. 1:6.
5 Иерусалимӕй, ӕгас Иудейӕйӕ, Иорданы алфамбылайӕ ӕппӕт адӕм дӕр цыдысты Иоаннмӕ,
6 Ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.
7 Фарисейтӕ ӕмӕ йӕм саддукейтӕй бирӕтӕ саргъауынмӕ кӕй цӕуынц, уый куы федта, уӕд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын бафтыдта уӕ зӕрдӕты ӕрцӕуинаг азарӕй лидзыны хъуыды?3:7 Мф. 23:33; Лк. 3:7.
8 Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй.
9 Ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд, ӕмӕ зӕгъат уӕхицӕн: „Нӕ фыдӕл Авраам у". Зӕгъын уын, Хуыцауӕн Йӕ бон у ацы дуртӕй дӕр Авраамӕн цот скӕнын.3:9 Ин. 8:39; Ап. хъ. 13:26.
10 Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕлӕстӕ бындзарӕй акалынмӕ цӕттӕ у: хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ баппарынц арты.3:10 Мф. 7:19.
11 Уӕ фӕсмоны тыххӕй уыл ӕз донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕстӕ Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у – ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.3:11 Мк. 1:8; Лк. 3:16; Ин. 1:26; Ап. хъ. 1:5; 2:2.
12 Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн Йӕ мус. Мӕнӕу бафснайдзӕн Йӕ хордоны, зыгуым та басудздзӕн ӕнӕхуысгӕ арты».3:12 Лк. 3:7.
Иоанн саргъуыдта Йесойыл
13 Уӕд Йесо Галилейӕ ӕрцыд Иорданмӕ, цӕмӕй Йыл Иоанн саргъауа.3:13 Мк. 1:9; Лк. 3:21.
14 Иоанн та Йӕ урӕдта ӕмӕ Йын дзырдта: «Хъуамӕ Ды саргъауай мӕныл, Ды та мӕнмӕ ӕрцыдтӕ?»
15 Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Ныртӕккӕ Мӕ бауадз. Уымӕн ӕмӕ мах Хуыцауы алы домӕн дӕр афтӕ хъуамӕ сӕххӕст кӕнӕм». Ӕмӕ Йӕ уӕд Иоанн бауагъта.
16 Йесо куы саргъуыдта ӕмӕ уайтӕккӕ донӕй куы рахызт, уӕд Йӕ сӕрмӕ фегом арвы дуар, ӕмӕ федта Хуыцауы Уды бӕлонау ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Йыл ӕрцӕйбадгӕ.3:16 Мк. 1:10; Лк. 3:21; Ин. 1:32.
17 Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у».3:17 Мк. 1:11; Лк. 3:22; Ин. 5:37; 2 Пет. 1:17; Кол. 1:13. @Hdr Fst Chp = 3
4Хӕйрӕг къахы Йесойы
1 Уӕд Сыгъдӕг Уд Йесойы акодта ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ, цӕмӕй Йӕ ракъаха хӕйрӕг.
2 Уым Йесо дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дардта ком, ӕмӕ фӕстагмӕ сыстонг.
3 Уӕд Ӕм ӕрбацыди хӕйрӕг ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ».
4 Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй"».4:4 Лк. 4:4.
5 Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта сыгъдӕг сахармӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл,
6 Ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи аппар. Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу тыххӕй, хӕсдзысты Дӕ сӕ къухтыл, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр нӕ ныццӕвдзынӕ"».4:6 Лк. 4:10.
7 Йесо йын загъта: «Фыст у афтӕ дӕр: „Ма къах дӕ Хицау Хуыцауы"».4:7 Лк. 4:12.
8 Уый фӕстӕ Йӕ хӕйрӕг акодта тынг бӕрзонд хохмӕ, равдыста Йӕм дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ сӕ намысимӕ,
9 Ӕмӕ Йын загъта: «Дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд сӕ иууылдӕр ратдзынӕн дӕуӕн».
10 Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, хӕйрӕг! Фыст у: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ, ӕмӕ кус ӕрмӕстдӕр Уымӕн"».4:10 Лк. 4:8.
11 Уӕд Ӕй хӕйрӕг ныууагъта. Уайтӕккӕ Йӕм ӕрцыдысты зӕдтӕ ӕмӕ Йын кӕстӕриуӕг кодтой.
Йесо хъусын кӕны фарны уац
12 Иоанны кӕй ӕрцахстой, уый Йесо куы фехъуыста, уӕд ацыди Галилеймӕ.4:12 Мк. 1:14; Лк. 4:14; Ин. 4:43.
13 Назарет ныууагъта, ацыд ӕмӕ ӕрцарди денджызы былгӕрон, Капернаумы сахары, Завулон ӕмӕ Неффалимы зӕххыл.
14 Афтӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Исай-пехуымпары дзыхӕй Хуыцау цы загъта, уый:
15 «Денджызмӕ фӕндагыл Иорданы иннӕ фарс чи ис, Завулоны ӕмӕ Неффалимы уыцы зӕхх, муртаттаг Галилей –
16 Талынджы цӕрӕг адӕм федтой стыр рухс, мӕлӕты талынг бӕстӕйы цӕрӕг адӕмӕн сӕрттывта рухс».
17 Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо райдыдта фарны уац хъусын кӕнын: «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад».4:17 Мк. 1:15.
Фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ
18 Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры – фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симоны, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрейы. Уыдон сӕ хызтӕ ӕппӕрстой денджызмӕ, уымӕн ӕмӕ кӕсагахсджытӕ уыдысты.4:18 Мк. 1:16.
19 Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ».
20 Уыдон уайтӕккӕ ныууагътой сӕ хызтӕ ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл.
21 Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыд, уӕд федта иннӕ дыууӕ ӕфсымӕры – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уыдон сӕ фыд Зеведеимӕ уыдысты бӕлӕгъы ӕмӕ ӕмпъызтой сӕ хызтӕ. Йесо сӕм басидт.
22 Уыдон уайтӕккӕ ныууагътой сӕ бӕлӕгъ ӕмӕ сӕ фыды, ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл.
Йесойы лӕггад адӕмӕн
23 Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хаста сӕм фарны уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты ӕмӕ ӕнӕфӕразонты.
24 Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, хуыдтой Йӕм ӕппӕт рынчынты: алы низтӕй сӕйджыты, хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, уӕнгмӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.4:24 Мк. 6:55.
25 Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм Галилейӕ, Дӕссахарӕй, Иерусалимӕй, Иудейӕйӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсӕй.4:25 Лк. 6:17.
5Ӕцӕг амонд
1 Йесо адӕмы куы федта, уӕд ссыди хохмӕ. Куы ӕрбадт, уӕд Ыл ӕрӕмбырд сты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ,
2 Ӕмӕ сӕ райдыдта ахуыр кӕнын:
3 «Тӕхудиаг сты, йе скаст ӕрмӕст Хуыцаумӕ кӕмӕн у – Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.5:3 Лк. 6:20.
4 Тӕхудиаг сты кӕуджытӕ – уыдон баййафдзысты рӕвдыд.5:4 Лк. 6:21.
5 Тӕхудиаг сты ӕвӕлмастӕ – зӕхх уыдоны хай бауыдзӕн.
6 Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ дойныйау Хуыцауы рӕстдзинадӕй бафсӕдынмӕ чи бӕллы, уыдон – Хуыцау сӕ бафсаддзӕн.
7 Тӕхудиаг сты хатыргӕнджытӕ – уыдон уыдзысты хатыргонд.
8 Тӕхудиаг сты сыгъдӕгзӕрдӕтӕ – уыдон фендзысты Хуыцауы.
9 Тӕхудиаг сты фидауынгӕнджытӕ – Хуыцау сӕ схондзӕн Йӕ хъӕбултӕ.5:9 Дзут. 12:14.
10 Тӕхудиаг сты рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафджытӕ – Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.5:10 1 Пет. 3:14.
11 Тӕхудиаг уыдзыстут, Мӕн тыххӕй уын фидис куы кӕной ӕмӕ уӕ куы ӕфхӕрой, алы ӕвзӕртӕ уыл куы мысой, уӕд.5:11 Лк. 6:22; 1 Пет. 4:14.
12 Цин кӕнут ӕмӕ райут – уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх. Афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыди, уыдоны дӕр.5:12 Мф. 21:35.
Цӕхх ӕмӕ рухс
13 Сымах стут дунейы цӕхх. Фӕлӕ цӕххӕн йӕ ад куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.5:13 Мк. 9:50; Лк. 14:34.
14 Сымах стут дунейы рухс. Хохы сӕрыл цы сахар ис, уымӕн бамбӕхсӕн нӕй.5:14 Флп. 2:15.
15 Ӕмӕ цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй дурыны бын не ’вӕрынц, фӕлӕ цырагъдарӕныл, ӕмӕ хӕдзары алкӕмӕн дӕр рухс кӕны.5:15 Мк. 4:21; Лк. 8:16; 11:33.
16 Афтӕ ӕрттивӕд уӕ рухс адӕмы раз, цӕмӕй уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.5:16 1 Пет. 2:12; Флп. 2:15.
Моисейы Ӕгъдауы тыххӕй
17 Сымах афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ Ӕз Моисейы Ӕгъдау кӕнӕ пехуымпарты ахуырад аивынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз сӕ аивынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ сӕ сӕххӕст кӕнынмӕ.
18 Ӕцӕг уын зӕгъын: цалынмӕ арв ӕмӕ зӕхх сты, уӕдмӕ Ӕгъдауӕй тӕккӕ къаддӕр дамгъӕ кӕнӕ иу хахх дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн – ӕппӕт дӕр сӕххӕст уыдзӕни.5:18 Лк. 16:17.
19 Уӕдӕ ацы тӕккӕ къаддӕр фӕдзӕхстытӕн сӕ иуы дӕр чи фехала ӕмӕ адӕмы дӕр афтӕ бакӕныныл чи сардауа, уый къаддӕрыл нымад уыдзӕн Уӕларвон Паддзахады. Фӕлӕ сӕ чи сӕххӕст кӕна ӕмӕ сӕ адӕмӕн дӕр чи бацамона, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни стырыл.
20 Зӕгъын уын: динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕй коммӕгӕсдӕр куы нӕ уат Хуыцауӕн, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут.
Саузӕрдӕ ма у
21 Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: „Ма амар; чи амара, уый дзуапп дӕтдзӕн тӕрхоны раз".5:21 Мф. 19:18; Мк. 10:19; Лк. 18:20.
22 Ӕз та уын зӕгъын: йе ’фсымӕрмӕ [ӕнӕхъуаджы] чидӕриддӕр мӕсты кӕна, уый дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн „ницӕйаг" чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; „ӕнӕзонд" ын чи зӕгъа, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.
23 Уӕдӕ ды дӕ нывондимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ӕрцӕуай, ӕмӕ дӕм де ’фсымӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕй фӕхъыг, уый дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууа,
24 Уӕд дӕ нывонд ныууадз нывондхӕссӕны раз, ацу, бафидау уал де ’фсымӕримӕ, стӕй раздӕх ӕмӕ ӕрхӕсс дӕ нывонд.
25 Бафидау ӕвӕстиатӕй дӕ зылынгӕнӕгимӕ, цалынмӕ йемӕ тӕрхондонмӕ цӕуыс, уӕдмӕ; науӕд дӕ бакӕндзӕн тӕрхонгӕнӕгмӕ, тӕрхонгӕнӕг дӕ ратдзӕн хъахъхъӕнӕгмӕ, ӕмӕ дӕ баппардзысты ахӕстоны.5:25 Лк. 12:58.
26 Ӕцӕг дын зӕгъын: цы бафидын дӕ хъӕуы, уый фӕстаг кодранты онг цалынмӕ раттай, уӕдмӕ нӕ рацӕудзынӕ уырдыгӕй.
Хиуыл хӕцыны тыххӕй
27 Сымах фехъуыстат, [рагон адӕмӕн] цы загъд уыди, уый: „Ма хӕт".
28 Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ мондаджы цӕстӕй чидӕриддӕр кӕсы, уый ныридӕгӕн йӕ мидзӕрдӕйы фӕхӕтыд йемӕ.
29 Дӕ рахиз цӕст дын тӕригъӕды хос куы уа, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар – хуыздӕр дын у дӕ уӕнгтӕй иу фесафын, цӕйнӕфӕлтау дын дӕ буар ӕгасӕй дӕр зындонмӕ баппӕрстӕуа.5:29 Мф. 18:8-9; Мк. 9:43, 47.
30 Ӕмӕ дын дӕ рахиз къух тӕригъӕды хос куы уа, уӕд ӕй акъуыр ӕмӕ йӕ аппар – хуыздӕр дын у дӕ уӕнгтӕй иу фесафын, цӕйнӕфӕлтау дӕ буар ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бацӕуа.
Ус ауадзыны тыххӕй
31 Ноджыдӕр загъд у: „Йӕ усы чи ауадза, уый йын раттӕд уагъды ӕвдисӕндар".5:31 Мф. 19:7; Мк. 10:4, 11; Лк. 16:18; 1 Кор. 7:10.
32 Ӕз та уын зӕгъын: хӕтыны азым ӕм ма уӕд, уымӕй дарддӕр йӕ усы чидӕриддӕр ауадза, уый йӕ хӕтыныл ӕфтауы. Уагъд усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны.
Сомыйы тыххӕй
33 Сымах ноджыдӕр фехъуыстат, рагон адӕмӕн ма цы загъд уыди, уый: „Дӕ сомы ма басӕтт, фӕлӕ Хуыцауӕн цӕй тыххӕй расомы кодтай, уый бакӕн".
34 Ӕз та уын зӕгъын: ӕппындӕр сомы ма кӕнут – нӕдӕр арвӕй, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауы бадӕн у;
35 Нӕдӕр зӕххӕй, уымӕн ӕмӕ уый Йӕ къӕхты ӕнцой у; нӕдӕр Иерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ уый стыр Паддзахы сахар у.
36 Дӕ сӕрӕй дӕр ма сомы кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ сӕрыхъуынтӕй иу ӕрду дӕр урс кӕнӕ сау скӕнын дӕ бон нӕу.
37 Фӕлӕ уӕ „о" хъуамӕ уа „о", уӕ „нӕ" та – „нӕ"; уымӕй уӕлдай цы уа, уый та хӕйрӕгӕй у.5:37 Иак. 5:12.
Фыдӕхыл уарзт тых кӕны
38 Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: „Цӕст къахӕгӕн йӕ цӕст къахинаг у ӕмӕ дӕндаг сӕттӕгӕн йӕ дӕндаг сӕттинаг у".
39 Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ныхмӕ ма рацу. Фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр.5:39 Лк. 6:29; Иак. 3:13; Ром. 12:17; 1 Кор. 6:7; 1 Фес. 5:15.
40 Дӕ хӕдон байсыны тыххӕй дыл тӕрхондонмӕ чи бахъаст кӕна, уымӕн ратт дӕ пӕлӕз дӕр.
41 Фӕндагыл дӕ йемӕ ӕвӕндонӕй чи акӕна, уыимӕ дыууӕ хатты фылдӕр ацу.
42 Чи дӕ кура, уымӕн ратт, ӕмӕ дӕуӕй ӕфстау райсын кӕй фӕнды, ууыл дӕхи ма атигъ кӕн.5:42 Лк. 6:34.
Уарз де знӕгты
43 Сымах фехъуыстат, цы загъд уыд, уый: „Уарз хионы ӕмӕ де сӕфт уын де знагӕй".5:43 Мф. 22:39; Мк. 12:31; Иак. 2:8; Ром. 13:9.
44 Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты, [уе ’лгъитджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй, хорз кӕнут, сымахӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕн,] кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.5:44 Лк. 6:27; 23:34; Ап. хъ. 7:60; 1 Кор. 4:12.
45 Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ – Уый хур скӕсын кӕны хӕрзтыл дӕр ӕмӕ ӕвзӕртыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр.5:45 Лк. 6:35.
46 Уымӕн ӕмӕ сымах чи уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг уыдзӕни? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?5:46 Лк. 6:32.
47 Ӕмӕ кӕд ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртӕн салам дӕттут, уӕд цы уадиссаг аразут? Муртаттӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
48 Уӕдӕ ут ӕнаипп, уӕ Уӕларвон Фыд ӕнаипп куыд у, афтӕ.
6Мӕгуыртӕн баххуыс кӕныны тыххӕй
1 Уӕхи хизут, рӕстгӕнджытӕ кӕй стут, уый адӕмы цӕстмӕ ӕвдисынӕй, науӕд уын хорзӕх нӕ уыдзӕн уӕ Уӕларвон Фыдӕй.
2 Уӕдӕ мӕгуырӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд ӕй дӕрдты ма ныхъхъӕр кӕн. Афтӕ цӕстмӕхъустӕ кӕнынц синагогӕты ӕмӕ уынгты, цӕмӕй сын адӕм кад кӕной. Ӕцӕг уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.6:2 Ром. 12:8.
3 Ды та мӕгуырӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд дӕ галиу къух ма зонӕд, дӕ рахиз цы гӕнӕг у, уый.
4 Уӕд де ’ххуысы хай уыдзӕни сусӕг, ӕмӕ дӕ Фыд, сусӕггаг уынӕг, дӕу схорзӕхджын кӕндзӕн [ӕргомӕй].
Куыд кувын хъӕуы
5 Ӕмӕ куы фӕкувут, уӕд цӕстмӕхъустау ма ут – уыдон уарзынц адӕмы цӕстмӕ синагогӕты ӕмӕ тигътыл лӕугӕйӕ кувын. Ӕцӕг уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.
6 Ды та куы фӕкувыс, уӕд бацу дӕ уатмӕ, сӕхгӕн дӕ дуар ӕмӕ бакув, цӕстӕй Кӕй нӕ уыныс, дӕ уыцы Фыдмӕ. Ӕмӕ дӕ Фыд, сусӕггаг уынӕг, дӕу схорзӕхджын кӕндзӕн [ӕргомӕй].
7 Кувгӕйӕ та муртаттау уӕлдай ма дзурут – уыдон ӕнхъӕл сты, зӕгъгӕ, бирӕ куы дзурой, уӕд сӕ куывд фехъуысдзӕни Хуыцаумӕ.
8 Уыдоны ма бафӕзмут, уымӕн ӕмӕ Дзы нӕма ракурут, афтӕ уӕ Фыд фӕзоны, цы хъуаг стут, уый.
9 Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ Уӕларвон Фыд, сыгъдӕг уӕд Дӕ ном.6:9 Лк. 11:2.
10 Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад. Уӕларвы куыд у, афтӕ зӕххыл дӕр уӕд Дӕ фӕндон.
11 Абон дӕр нын ратт цӕрынваг къӕбӕр.
12 Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ.
13 Ма нӕ бафтау фӕлварӕны, фыдбылызӕй нӕ бахиз. [Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ намыс мыггагмӕ дӕр Дӕу сты. Амен.]"
14 Уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ куы ныббарат, уӕд сымахӕн дӕр уӕ Уӕларвон Фыд ныббардзӕн уӕ тӕригъӕдтӕ.6:14 Мк. 11:25.
15 Фӕлӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ куы нӕ ныббарат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр уӕ тӕригъӕдтӕ нӕ ныббардзӕн.
Ком дарыны тыххӕй
16 Ком куы фӕдарут, уӕд цӕстмӕхъустау уӕхи ма хъуынтъыз кӕнут – уыдон ныттар кӕнынц сӕ цӕсгӕмттӕ, цӕмӕй адӕм феной, ком кӕй дарынц, уый. Ӕцӕг уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.
17 Ды та ком куы дарай, уӕд ныффас дӕ сӕр ӕмӕ цӕхс дӕ цӕсгом,
18 Цӕмӕй ком кӕй дарыс, уый адӕм ма феной, фӕлӕ йӕ фена, цӕстӕй Кӕй нӕ уыныс, дӕ уыцы Фыд, ӕмӕ дӕ Фыд, сусӕг хъуыддӕгтӕ уынӕг, дӕу схорзӕхджын кӕндзӕн [ӕргомӕй].
Дӕ хӕзна уӕларвы хъуамӕ уа
19 Ма ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ зӕххыл – ам сӕ хӕрынц рӕмпӕг ӕмӕ згӕ, баирвӕзынц сӕм хуыснӕджытӕ ӕмӕ сӕ давынц.
20 Фӕлӕ уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕларвы – уым сӕ нӕдӕр рӕмпӕг хӕры, нӕдӕр згӕ, хуыснӕджытӕ дӕр сӕм нӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ нӕ давынц.6:20 Лк. 12:21, 33; 1 Тим. 6:19.
21 Уымӕн ӕмӕ уӕ хӕзна кӕм ис, уым уыдзӕн уӕ зӕрдӕ дӕр.
Рухсгӕнӕн буарӕн
22 Буарӕн йӕ рухсгӕнӕн цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст сыгъдӕг куы уа, уӕд дӕ буар иууылдӕр рухс уыдзӕн.6:22 Лк. 11:34.
23 Фӕлӕ дӕ цӕст чъизи куы уа, уӕд дӕ буар иууылдӕр талынг уыдзӕн. Уӕдӕ дӕумӕ цы рухс ис, уый талынг кӕд у, уӕд талынг цавӕр у, цымӕ!
Хуыцау ӕви мулк?
24 Никӕй бон у дыууӕ хицауӕн кусын – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕни, кӕнӕ сӕ иуыл иузӕрдион уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауӕн ӕмӕ мулкӕн кусын.6:24 Лк. 16:13.
Ӕрвылбоны мӕт
25 Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут, фӕцӕрынӕн уӕ цы хойраг ӕмӕ нозт хъӕуы, нӕдӕр ууыл, нӕдӕр уӕ буарӕн дарӕсыл. Мыййаг, цард хойрагӕй ахсджиагдӕр нӕу, буар та – дарӕсӕй?6:25 Лк. 12:22; 1 Пет. 5:7.
26 Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм: уыдон нӕдӕр тауынц, нӕдӕр кӕрдынц, нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд хӕссы. Сымах уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр не стут, ӕви?
27 Стӕй уӕ йӕ мӕтӕй йӕ цардыл бирӕ нӕ, фӕлӕ иу сахат бафтауын дӕр кӕй бон бауыдзӕн?
28 Дарӕсыл дӕр цы мӕт кӕнут? Акӕсут-ма, быдираг дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ: нӕдӕр кусынц, нӕдӕр ӕлвисынц.
29 Зӕгъын уын: суанг Соломон, намысджын ӕмӕ хъӕздыг лӕг, уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ арӕзта йӕхи.
30 Абон чи ис, райсом та пецы ӕппӕрст чи уыдзӕн, уыцы быдираг кӕрдӕджы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах не сфӕлынддзӕн, ӕви, лӕмӕгъ уырнджытӕ!
31 Уӕдӕ мӕт ма кӕнут ӕмӕ ма дзурут: „Цы хӕрӕм?", „Цы нуазӕм?", „Нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм?"
32 Ӕппӕт уыдӕттӕ муртаттӕ агурынц; сымахӕн уӕ Уӕларвон Фыд зоны, ӕппӕт уыдӕттӕ уӕ кӕй хъӕуынц, уый.
33 Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзысты ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр.6:33 Мк. 10:30; Лк. 12:31; 1 Тим. 4:8.
34 Уӕдӕ мӕт ма кӕнут сомбоныл, уымӕн ӕмӕ сомбон йӕхӕдӕг тыхсдзӕн йӕ хъуагыл. Алы бонӕн дӕр йӕхи сагъӕстӕ ӕгъгъӕд сты.
7Иннӕтӕн тӕрхон ма кӕнут
1 Иннӕтӕн тӕрхон ма кӕнут, ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзыстут.7:1 Лк. 6:37; Ром. 2:1; 1 Кор. 4:5.
2 Уымӕн ӕмӕ иннӕтӕн цы тӕрхон рахӕссут, ахӕм тӕрхон рахастӕуыдзӕн сымахӕн дӕр; ӕмӕ цы барӕнӕй барут, ахӕмӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр.7:2 Мк. 4:24; Лк. 6:38.
3 Цы кӕсыс де ’фсымӕры цӕсты ӕрдумӕ, дӕхи цӕсты та къалабӕлас нӕ фиппайыс?7:3 Лк. 6:41.
4 Кӕнӕ куыд зӕгъдзынӕ де ’фсымӕрӕн: „Ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду сисон", дӕхи цӕсты къалабӕлас куы ис, уӕд?
5 Цӕстмӕхъус! Дӕхи цӕстӕй уал къалабӕлас сис, стӕй уӕд фендзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд сисын хъӕуы, уый.
6 Куыйтӕн ма дӕттут, Хуыцауы цы у, уый, ӕмӕ хуыты размӕ ма ӕппарут уӕ налхъуыт, цӕмӕй йӕ уыдон сӕ къӕхты бын ма ныссӕндой, стӕй ма бавдӕлой ӕмӕ уын уӕхи ма ныкъкъуыхтӕ кӕной.
Курут, агурут, хойут
7 Курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн.7:7 Мф. 21:22; Мк. 11:24; Лк. 11:9; Ин. 14:13; Иак. 1:6.
8 Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, агурӕг ссары ӕмӕ хойӕгӕн дуар байгом вӕййы.
9 Йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта, уе ’хсӕн ахӕм исчи ис?7:9 Лк. 11:11.
10 Кӕнӕ дзы кӕсаг куы кура, уӕд ын калм ратдзӕн?
11 Сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут, ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд уӕ Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни фарн, чи Дзы кура, уыдонӕн!
12 Уӕдӕ адӕммӕ цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр. Ацы ныхӕсты ис Моисейы Ӕгъдауы ӕмӕ пехуымпарты ахуырады мидис.7:12 Лк. 6:31.
Дыууӕ фӕндаджы
13 Бацӕут уынгӕг дуарыл. Сӕфтмӕ цы дуар ӕмӕ фӕндаг кӕнынц, уыдон уӕрӕх ӕмӕ парахат сты, ӕмӕ бирӕтӕ цӕуынц уыдоныл;7:13 Лк. 13:24.
14 Цардмӕ цы дуар ӕмӕ фӕндаг кӕнынц, уыдон та уынгӕг ӕмӕ нарӕг сты, ӕмӕ сӕ чи ссары, уыдон бирӕ не сты.
Бӕлас ӕмӕ йӕ дыргътӕ
15 Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, мидӕгӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй.7:15 Мф. 24:4; 1 Ин. 4:1.
16 Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Какон сындзӕй, мыййаг, сӕнӕфсир ӕртонынц, кӕнӕ ичъийӕ – легъуи?
17 Афтӕ алы хорз бӕласыл дӕр хорз дыргътӕ ӕрзайы, низджын бӕласыл та ӕвзӕр дыргътӕ ӕрзайы.
18 Хорз бӕлас ӕвзӕр дыргътӕ не ’рхӕсдзӕн, низджын бӕлас та – хорз дыргътӕ.7:18 Лк. 6:43.
19 Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ баппарынц арты.
20 Уӕдӕ мӕнгпехуымпарты сӕ хъуыддӕгтӕй базондзыстут.7:20 Мф. 3:10; Ин. 15:6.
«Ӕз уӕ никуы зыдтон»
21 Мӕнӕн „Хицау! Хицау!" чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕстгӕнӕг бацӕудзӕн.7:21 Лк. 6:46; Ин. 6:40; Иак. 1:22; Ром. 2:13.
22 Бирӕтӕ Мын уыцы бон зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ не ’вдыстам?"
23 Уӕд сын цӕхгӕр зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ никуы зыдтон. Ацӕут Мӕ цурӕй, тӕригъӕдджынтӕ".7:23 Лк. 13:25, 27.
Дурыл амад хӕдзар
24 Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн.7:24 Лк. 6:47-48.
25 Ӕрцыди уарын, раивылдысты цӕугӕдӕттӕ, сыстади дымгӕ, ӕмӕ ахӕцыдысты уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ не ’ркалд, уымӕн ӕмӕ дурыл ӕвӕрд уыди.
26 Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар змисыл чи самадта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн.
27 Ӕрцыди уарын, раивылдысты цӕугӕдӕттӕ, сыстади дымгӕ, ӕмӕ сӕхи ныццавтой уыцы хӕдзарыл. Хӕдзар ӕркалд ӕмӕ ныппырх и бынтондӕр».
28 Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕмы дисы бафтыдта Йӕ ахуырад,7:28 Мф. 22:33; Мк. 1:22; Лк. 4:32.
29 Уымӕн ӕмӕ сын амыдта сӕ динамонджытау нӕ, фӕлӕ барджынӕй.
8Хъотырджын сдзӕбӕх
1 Йесо хохӕй куы ӕрхызт, уӕд Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм.
2 Ӕрбацыд Ӕм хъотырджын, ӕрзоныгыл Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, кӕд Дӕ фӕнды, уӕд Дӕ бон у, ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕнай».8:2 Мк. 1:40; Лк. 5:12.
3 Йесо радардта Йӕ къух, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ уыйадыл ссыгъдӕг йӕ хъотырӕй.
4 Йесо йын загъта: «Хъусыс, макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн, ӕмӕ Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд – кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».8:4 Мк. 1:44; Лк. 5:14.
Сӕдӕйыхицауы фӕсдзӕуин сдзӕбӕх
5 Йесо Капернауммӕ куы бацыд, уӕд Ӕм ӕрбацыди сӕдӕйыхицау ӕмӕ Дзы куырдта:8:5 Лк. 7:2.
6 «Хицау, мӕ фӕсдзӕуин хӕдзары хуыссы уӕнгмардӕй ӕмӕ тынг удхар кӕны».
7 Йесо йын загъта: «Ӕз бацӕудзынӕн ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн».
8 Сӕдӕйыхицау Ын зӕгъы: «Хицау, ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзармӕ бацӕуай. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ фӕсдзӕуин сдзӕбӕх уыдзӕн.
9 Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг дӕр дӕлбар лӕг дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм", ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу", ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн", ӕмӕ йӕ бакӕны».
10 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд дисы бафтыд ӕмӕ Йӕ фӕдыл цӕуджытӕн загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ахӕм уырнындзинад Израилы Ӕз никӕмӕ федтон.
11 Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады фынгыл ӕрбаддзысты Авраамимӕ, Исаакимӕ ӕмӕ Иаковимӕ.
12 Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыди, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».8:12 Мф. 22:13.
13 Йесо сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ацу, ӕмӕ дӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ уайтӕккӕ йӕ фӕсдзӕуин сдзӕбӕх.
Йесо сдзӕбӕх кодта Петры усы мады ӕмӕ иннӕты
14 Йесо Петры хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд ын йӕ усы мады федта тӕвднизӕй сӕйгӕйӕ.8:14 Мк. 1:29-30; Лк. 4:38.
15 Йесо йын бавнӕлдта йӕ къухмӕ, ӕмӕ йӕ тӕвд ӕрхауд; сылгоймаг сыстад ӕмӕ Йын райдыдта кӕстӕриуӕг кӕнын.
16 Куы баизӕр, уӕд Ӕм ӕрхуыдтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ Йесо Йӕ ныхасӕй фӕсырдта ӕнӕзӕгъинӕгты ӕмӕ сдзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты дӕр.8:16 Мк. 1:32; Лк. 4:40.
17 Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Исай-пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый: «Айста нын нӕ рынтӕ ӕмӕ ахаста нӕ низтӕ».8:17 1 Пет. 2:24.
Куыд цӕугӕ у Йесойы фӕдыл
18 Йесо Йӕ алыварс бирӕ адӕм куы федта, уӕд загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй Йемӕ ахизой денджызы фаллаг фарсмӕ.
19 Уӕд Ӕм бацыд иу динамонӕг ӕмӕ Йын загъта: «Ахуыргӕнӕг, Ды кӕдӕм цӕуай, уырдӕм ӕз дӕр ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл».8:19 Лк. 9:57.
20 Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн – ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».
21 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын ӕндӕр загъта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз».
22 Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Мӕ фӕдыл рацу, мӕрдтӕ сӕхӕдӕг баныгӕнӕнт сӕ мӕрдты».8:22 Лк. 9:60.
Уад байхъуыста Йесомӕ
23 Ӕмӕ Йесо бӕлӕгъмӕ куы бахызт, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр бахызтысты Йӕ фӕдыл.8:23 Мк. 4:35-36; Лк. 8:22.
24 Уалынмӕ денджыз афтӕ тынг сабухта, ӕмӕ уылӕнтӕ калдысты бӕлӕгъы сӕрты; Йесо та фынӕй уыди.
25 Уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, фервӕзын нӕ кӕн, сӕфӕм!»
26 Йесо дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъ уырнджытӕ?» Ӕмӕ сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн радта бардзырд, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр.
27 Иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»
Йесо сдзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты
28 Йесо денджызы иннӕ фарсмӕ, Гадарӕйы бӕстӕмӕ, куы бахӕццӕ, уӕд зӕппӕдзтӕй Йӕ размӕ рацыди дыууӕ хӕйрӕджджыны. Уыдон афтӕ знӕт уыдысты, ӕмӕ уыцы фӕндагыл рацӕуынмӕ йӕ ныфс ничи хаста.8:28 Мк. 5:1-2; Лк. 8:27.
29 Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ӕмгъуыдӕй раздӕр нӕ ардӕм хъизӕмарӕй марынмӕ ӕрцыдтӕ?»8:29 Мк. 1:24.
30 Уыдонӕй дӕрддзӕф ран хызти хуыты стыр дзуг,
31 Ӕмӕ дӕлимонтӕ куырдтой Йесойӕ: «Кӕд нӕ сургӕ кӕныс, уӕд нӕ хуыты дзуджы бауадз».
32 Йесо сын загъта: «Цӕугӕут». Уыдон рацыдысты уыцы дыууӕ адӕймагӕй, ӕмӕ бацыдысты хуыты. Ӕмӕ хуыты дзуг ӕгасӕй дӕр къардиуӕй денджызмӕ аппӕрста йӕхи, ӕмӕ фесӕфт доны.
33 Хуыгӕстӕ азгъордтой, бацыдысты сахармӕ ӕмӕ радзырдтой алцӕй тыххӕй дӕр, уыимӕ, хӕйрӕджджынтыл цы ӕрцыд, уый тыххӕй дӕр.
34 Сахары ӕппӕт цӕрджытӕ рацыдысты Йесойы размӕ, ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Дзы куырдтой, цӕмӕй ацӕуа сӕ зӕххӕй.
9Уӕнгмард сдзӕбӕх
1 Уӕд Йесо бахызти бӕлӕгъмӕ, ахызт иннӕ фарсмӕ ӕмӕ ӕрцыди Йӕ сахармӕ.9:1 Мк. 2:1.
2 Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой уӕнгмарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕнгмардӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».9:2 Мк. 2:3; Лк. 5:18.
3 Уӕд динамонджытӕй чидӕртӕ хинымӕр загътой: «Уый Хуыцауы фауы».
4 Йесо сын зыдта сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ загъта: «Ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ уӕм цӕмӕн сӕвзӕрд?
5 Цы ӕнцондӕр у – зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ", ӕви: „Рабад ӕмӕ райдай цӕуын"?9:5 Мк. 2:9; Лк. 5:23.
6 Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат, Адӕймаджы Фыртӕн кӕй ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ загъта уӕнгмардӕн: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ».
7 Уӕнгмард рабадт ӕмӕ ацыд йӕ хӕдзармӕ.
8 Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ тас бацыд, ӕмӕ скад кодтой ахӕм хъару адӕмӕн раттӕг Хуыцауӕн.
Матфей ацыди Йесоимӕ
9 Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыди, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном – Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ ацыд Йӕ фӕдыл.9:9 Мк. 2:14; Лк. 5:27.
10 Йесо Матфейы хӕдзары фынгыл куы бадти, уӕд ӕрцыди бирӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ, ӕмӕ ӕрбадтысты Йесоимӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ.
11 Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕры [ӕмӕ нуазы]?»
12 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы.
13 Ацӕут ӕмӕ базонут, ацы ныхӕстӕ цы амонынц, уый: „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ". Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстыты нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынты ӕрхонынмӕ».9:13 Мф. 12:7; Мк. 2:17; Лк. 5:32.
Ком дарыны тыххӕй
14 Уӕд Ӕм ӕрцыдысты Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Мах ӕмӕ фарисейтӕ бирӕ ком куы дарӕм, уӕд Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуылнӕ дарынц ком?»9:14 Мк. 2:18; Лк. 5:33.
15 Йесо сын загъта: «Чындзхӕсджытимӕ сиахсаг цалынмӕ вӕййы, уӕдмӕ ӕнкъард фӕкӕнынц, мыййаг? Фӕлӕ ралӕудзӕни, сиахсаджы сын куы байсой, уыцы афон, ӕмӕ уӕд дардзысты ком.
16 Ног хъуымацӕй зӕронд дарӕсыл ничи ӕвӕры ӕмпъузӕн, уымӕн ӕмӕ ӕмпъузӕн ратондзӕн дарӕсӕй, ӕмӕ скъуыд фестырдӕр уыдзӕн.9:16 Мк. 2:21; Лк. 5:36.
17 Ногдыгъд сӕн дӕр зӕронд лалымты нӕ ныккӕнынц, науӕд лалымтӕ аскъуыйынц, ӕмӕ сӕн дӕр акӕлы, лалымтӕ дӕр фесӕфынц. Ногдыгъд сӕн ныккӕнынц ног лалымты, ӕмӕ уӕд дыууӕ дӕр баззайынц ӕнӕхъӕнӕй».
Чызг райгас, сылгоймаг сдзӕбӕх
18 Йесо сын уыцы ныхӕстӕ куы кодта, уӕд Ӕм ӕрбацыди хицӕуттӕй иу, ӕрзоныгыл Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Ныртӕккӕ амарди мӕ чызг, фӕлӕ ӕрцу, Дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ райгас уыдзӕн».9:18 Мк. 5:22; Лк. 8:41.
19 Йесо сыстад, ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыд йӕ фӕдыл.
20 Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй не ’нцад. Уый чъылдымырдыгӕй бацыд Йесомӕ ӕмӕ Йын бандзӕвыд Йӕ пӕлӕзы коцорайыл.9:20 Мк. 5:25.
21 Уымӕн ӕмӕ хинымӕр дзырдта: «Ӕрмӕст Йӕ дарӕсыл Ын куы бандзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн».
22 Йесо акаст фӕстӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ загъта: «Ма тӕрс, Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ сылгоймаг уайтӕккӕ сӕнӕниз.
23 Йесо уыцы хицауы хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уадындзӕй цӕгъдджыты ӕмӕ адӕмы тыхстӕй куы федта,
24 Уӕд загъта: «Ацӕут ардыгӕй; чызг мард нӕу, фынӕй у». Ӕмӕ Йыл худтысты.
25 Адӕмы ӕддӕмӕ куы рарвыстӕуыд, уӕд Йесо бацыд, ныххӕцыди чызджы къухыл, ӕмӕ чызг рабадт.
26 Хабар айхъуыст ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл.
Дыууӕ куырмы цӕстӕй ракастысты
27 Йесо уырдыгӕй куы араст, уӕд дыууӕ куырмы цыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Давиды Фырт!»9:27 Мф. 20:30.
28 Хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты куырмытӕ. Йесо сӕ бафарста: «Мӕ бон афтӕ саразын кӕй у, уый уӕ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!»
29 Уӕд сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ уын уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рардӕуӕд».
30 Ӕмӕ ракастысты сӕ цӕстытӕй. Йесо сын карзӕй бафӕдзӕхста: «Хъусут, уый тыххӕй мачи хъуамӕ базона».
31 Уыдон та ацыдысты, ӕмӕ Йын ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл айхъуысын кодтой Йӕ кой.
Ӕгомыг хӕйрӕджджын сдзӕбӕх
32 Уыдон куы рацӕйцыдысты, уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой ӕгомыг хӕйрӕджджыны.9:32 Лк. 11:14.
33 Ӕмӕ Йесо дӕлимоны куы фӕсырдта, уӕд ӕгомыг дзурын райдыдта. Адӕм дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм хъуыддаг Израилы никуы ӕрцыди».
34 Фарисейтӕ та дзырдтой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ».9:34 Мф. 12:24; Мк. 3:22; Лк. 11:15.
Ӕнӕфыййау фыстӕ
35 Йесо зылди ӕппӕт сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хаста фарны уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты ӕмӕ ӕнӕфӕразонты.9:35 Мк. 6:6; Лк. 13:22.
36 Адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй.9:36 Мк. 6:34.
37 Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг – бирӕ, фӕлӕ хуымгӕрдджытӕ нӕ фаг кӕны.9:37 Лк. 10:2; Ин. 4:35.
38 Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй рарвита хуымгӕрдджытӕ Йӕ хуым кӕрдынмӕ».9:38 2 Фес. 3:1.
10Дыууадӕс апостолы
1 Йесо басидт Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй сӕ бар цӕуа ӕнӕзӕгъинӕгтыл ӕмӕ сӕ сурой, дзӕбӕх кӕной ӕппӕт рынчынты ӕмӕ ӕнӕфӕразонты.10:1 Мк. 3:14; Лк. 9:1.
2 Мӕнӕ уыцы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ: уыдонӕй фыццаг – фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симон, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей, Зеведейы фырт Иаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанн,
3 Филипп ӕмӕ Варфоломей, Фома ӕмӕ хъалонисӕг Матфей, Алфейы фырт Иаков ӕмӕ [фӕсномыгӕй Леввей кӕй хуыдтой, уыцы] Фаддей,
4 Симон Кананит ӕмӕ Йесойыл гадзрахатӕй рацӕуӕг Иудӕ Искариот.
Йесо фӕдзӕхсы апостолтӕн
5 Уыцы дыууадӕсы Йесо арвыста ахӕм фӕдзӕхстимӕ: «Ма бацӕут нӕдӕр муртаттӕм, нӕдӕр искӕцы самариаг сахармӕ,
6 Фӕлӕ ацӕут сӕфт фыстӕм – Израилы адӕммӕ.10:6 Мф. 15:24.
7 Цӕугӕут ӕмӕ хӕссут, Уӕларвон Паддзахад кӕй ӕрхӕстӕг, уыцы уац.10:7 Лк. 9:2.
8 Дзӕбӕх кӕнут рынчынты, ӕгас кӕнут мӕрдты, сыгъдӕг кӕнут хъотырджынты, сурут дӕлимонты. Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут.
9 Уемӕ ма райсут нӕдӕр сызгъӕрин, нӕдӕр ӕвзист, нӕдӕр ӕрхуы уӕ рӕтты,10:9 Мк. 6:8; Лк. 9:3.
10 Нӕдӕр хордзен, нӕдӕр дыууӕ хӕдоны, нӕдӕр дзабыртӕ, нӕдӕр лӕдзӕг. Уымӕн ӕмӕ фӕллойгӕнӕг у йӕ фӕдарыны аккаг.10:10 Лк. 10:7; 1 Тим. 5:18.
11 Кӕцыфӕнды сахар кӕнӕ хъӕумӕ дӕр куы бацӕуат, уӕд-иу дзы ссарут аккаг адӕймаг, ӕмӕ-иу ӕм баззайут, цалынмӕ уырдыгӕй рацӕуат, уӕдмӕ.
12 Хӕдзармӕ куы бацӕуат, уӕд-иу арфӕ ракӕнут.10:12 Лк. 10:5.
13 Ӕмӕ хӕдзар аккаг куы уа, уӕд ыл уӕ арфӕ ӕрцӕудзӕни. Кӕд аккаг нӕ уа, уӕд уӕ арфӕ раздӕхдзӕн уӕхимӕ.
14 Исчи уӕ куы не суазӕг кӕна ӕмӕ уын уӕ ныхасмӕ куы нӕ байхъуса, уӕд-иу, уыцы хӕдзарӕй кӕнӕ уыцы сахарӕй рацӕугӕйӕ, ацӕгъдут уӕ къӕхты рыг.10:14 Мк. 6:11; Лк. 9:5; Ап. хъ. 13:51.
15 Ӕцӕг уын зӕгъын: Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн тӕрхоны бон уыцы сахарӕй ӕнцондӕр уыдзӕни.
Уырнджытӕ ӕййафдзысты ӕфхӕрд
16 Мӕнӕ уӕ Ӕз ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ ӕрвитӕгау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлӕттау ӕнӕхин.10:16 Лк. 10:3; Ром. 16:19; 2 Кор. 1:12.
17 Уӕхи хизут адӕмӕй: уыдон уӕ дӕтдзысты тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ нӕмдзысты ехсӕй сӕ синагогӕты;
18 Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй Мын уыдоны ӕмӕ муртатты раз уат ӕвдисӕнтӕ.
19 Куы уӕ ӕрцахсой, уӕд-иу ма мӕт кӕнут, куыд кӕнӕ цы зӕгъын хъӕуы, ууыл: цы зӕгъын уӕ хъӕуа, уый уын рардӕуыдзӕн уайсахат.10:19 Мк. 13:11; Лк. 12:11.
20 Уымӕн ӕмӕ сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ уӕ дзыхӕй дзурдзӕн уӕ Фыды Уд.
21 Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры ӕмӕ фыд хъӕбулы мӕлӕтмӕ; сыстдзысты зӕнӕг сӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ амарын кӕндзысты.
22 Мӕ номы тыххӕй алкӕмӕн дӕр уыдзыстут ӕнӕуынон; фӕлӕ кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн.
23 Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт.
24 Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕгӕй уӕлдӕр нӕу, ӕмӕ цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу.10:24 Лк. 6:40; Ин. 13:16; 15:20.
25 Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Кӕд хӕдзары хицауы веелзевул схуыдтой, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?10:25 Мф. 9:34.
Кӕмӕй у тӕссаг?
26 Уӕдӕ ма тӕрсут уе ’фхӕрджытӕй. Уымӕн ӕмӕ цы нӕ раргом уа, ахӕм сусӕггаг нӕй, ӕмӕ цы нӕ рахъӕр уа, ахӕм сусӕгдзинад нӕ вӕййы.10:26 Мк. 4:22; Лк. 8:17; 12:2.
27 Талынджы уын цы дзурын, уый зӕгъут боны рухсмӕ; ӕмӕ уын уӕ хъусы цы бацагъдӕуа, уый дзурут уӕлхӕдзӕрттӕй.
28 Ӕмӕ ма тӕрсут, буар чи мары, уды амарын та кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Фӕлӕ тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.10:28 Лк. 12:4.
29 Дыууӕ сырддонцъиуы ассарийыл нӕ уӕй кӕнынц, ӕви? Ӕмӕ дзы уӕ Фыды ӕвастӕй иу дӕр не ’рхаудзӕни зӕхмӕ.10:29 Лк. 12:6.
30 Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты.
31 Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут.
Чырыстийыл ӕргомӕй ӕууӕндыны тыххӕй
32 Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй адӕмӕн ӕргомӕй чи зӕгъа, уый Ӕз дӕр мӕхионыл банымайдзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз.10:32 Мк. 8:38; Лк. 9:26; 12:8.
33 Адӕмы раз Мыл йӕхи чи атигъ кӕна, ууыл та Ӕз дӕр Мӕхи атигъ кӕндзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз.10:33 2 Тим. 2:12.
Фидыд нӕ, фӕлӕ цирхъ
34 Уый ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ зӕхмӕ фидыд ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз ӕрцыдтӕн фидыд нӕ, фӕлӕ цирхъ ӕрхӕссынмӕ.10:34 Лк. 12:51.
35 Уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕрцыдтӕн фырты йӕ фыдӕй, чызджы йӕ мадӕй, чындзы йе ’фсинӕй фӕхицӕн кӕнынмӕ;
36 Ӕмӕ адӕймагӕн йӕ хӕдзаронтӕ суыдзысты йе знӕгтӕ.
37 Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу.10:37 Лк. 14:26.
38 Йӕ дзуар чи нӕ райса ӕмӕ Мӕ фӕдыл чи нӕ рацӕуа, уый Мӕн аккаг нӕу.10:38 Мф. 16:24; Мк. 8:34.
39 Йӕ цард чи бахъахъхъӕна, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ ссардзӕн.10:39 Мк. 8:35; Лк. 9:24; Ин. 12:25.
Хӕрзиуӕг
40 Сымахыл зӕрдиаг чи у, уый Мӕныл у зӕрдиаг; Мӕныл зӕрдиаг чи у, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у зӕрдиаг.10:40 Лк. 10:16; Ин. 13:20.
41 Пехуымпар пехуымпар кӕй у, уый сӕраппонд ыл зӕрдиаг чи у, уый хорзӕхджынгонд уыдзӕн пехуымпарау. Рӕстгӕнӕг рӕстгӕнӕг кӕй у, уый сӕраппонд ыл зӕрдиаг чи у, уый дӕр хорзӕхджынгонд уыдзӕн рӕстгӕнӕгау.
42 Мӕ ахуыргӕнинаг кӕй у, уый сӕраппонд ацы кӕстӕртӕй иуӕн ӕрмӕст уазал доны къус чи ратта, уый, ӕцӕг уын зӕгъын, ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ баззайдзӕн».10:42 Мк. 9:41.
111 Йесо Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн уыдӕттӕ куы бафӕдзӕхста, уӕд уырдыгӕй ацыди бӕстӕйы сахартӕм амонынмӕ ӕмӕ фарны уац хъусын кӕнынмӕ.
Аргъауӕг Иоанны минӕвӕрттӕ
2 Иоанн ахӕстоны куы фехъуыста Чырыстийы хъуыддӕгты тыххӕй, уӕд Ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгты рарвыста бафӕрсынмӕ:11:2 Лк. 7:18-19.
3 «Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»
4 Йесо сын дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы хъусут ӕмӕ цы уынут, уый:
5 Куырмытӕ райдыдтой уынын, къуылыхтӕ – цӕуын, хъотырджынтӕ дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ райдыдтой хъусын, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц фарны уац.
6 Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл чи нӕ фӕкӕла, уый».
7 Уыдон куы ацыдысты, уӕд Йесо адӕмӕн райдыдта Иоанны тыххӕй дзурын: «Цы уынынмӕ цыдыстут ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз уынынмӕ?
8 Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм лӕджы уынынмӕ? Зынаргъ дарӕс чи дары, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.
9 Фӕлӕ уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕры.
10 Иоанн у, Сыгъдӕг Фыст афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы: „Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ развӕндаг".11:10 Мк. 1:2; Лк. 7:27.
11 Ӕцӕг уын зӕгъын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй ничи уыд Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр, фӕлӕ Уӕларвон Паддзахады тӕккӕ къаддӕр Иоаннӕй уӕлдӕр у.
12 Аргъауӕг Иоанны заманӕй фӕстӕмӕ Уӕларвон Паддзахад райсыныл архайын хъӕуы, ӕмӕ чи архайы, уыдон Ӕй райсынц+ 11:12 Ацы бынатӕн бамбарӕн ис афтӕ дӕр: |iАргъауӕг Иоанны заманӕй фӕстӕмӕ Уӕларвон Паддзахады ныхмӕ тох кӕнынц, ӕмӕ йӕм чи лӕбуры, уыдон архайынц йӕ бацахсыныл|r..11:12 Лк. 16:16.
13 Уымӕн ӕмӕ пехуымпартӕ сеппӕт дӕр ӕмӕ Моисей дӕр Иоанны заманы онг пехуымпариуӕг кодтой.
14 Ӕмӕ уӕ кӕд баууӕндын фӕнды, уӕд ӕрцӕуинаг чи уыд, Иоанн уыцы Илиа у.
15 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!
16 Фӕлӕ кӕуыл абарон ацы фӕлтӕр? Сывӕллӕтты хуызӕн у, сахары фӕзы чи бады ӕмӕ се ’мбӕлттӕн афтӕ чи зӕгъы:11:16 Лк. 7:31.
17 „Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ дзынӕзтат".
18 Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Иоанн, нӕдӕр хӕргӕ кӕны, нӕдӕр нуазгӕ, ӕмӕ дзы зӕгъынц: „Хӕйрӕдж-джын у".
19 Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъынц: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн". Фӕлӕ Хуыцауы уӕлзонд цы хъуыддӕгтӕ аразы, йӕ растгӕнӕг уыдон сты».11:19 Лк. 7:34-35.
«Сар дӕ сӕр, Хоразин!»
20 Уӕд Йесо уайдзӕф кӕнын райдыдта, фылдӕр диссӕгтӕ кӕм равдыста, фӕлӕ фӕсмон чи нӕ фӕкодта, уыцы сахартӕн:
21 «Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Уымӕн ӕмӕ сымахмӕ кӕй равдыстӕуыд, уыцы диссӕгтӕ Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уыцы сахартӕ, хъисын скӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык байзӕрдгӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.11:21 Лк. 10:13.
22 Фӕлӕ уын зӕгъын: Тир ӕмӕ Сидонӕн тӕрхоны бон сымахӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.
23 Ӕмӕ дӕу, Капернаум, уӕларвмӕ систӕуыдзӕни? Нӕ, дӕлдзӕхмӕ ныххаудзынӕ. Уымӕн ӕмӕ дӕуӕн кӕй равдыстӕуыд, уыцы диссӕгтӕ Содомы куы равдыстӕуыдаид, уӕд ма цӕрид абон дӕр.
24 Фӕлӕ уын зӕгъын: Содомы зӕххӕн тӕрхоны бон дӕуӕй ӕнцондӕр уыдзӕн».
Фыд ӕмӕ Фырт
25 Уӕд Йесо загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй.11:25 Лк. 10:21; 1 Кор. 1:27; 2 Кор. 11:3.
26 О, Мӕ Фыд, Дӕу афтӕ бафӕндыд.
27 Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, ӕмӕ Фыды дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.11:27 Мф. 16:17; Ин. 3:35; 6:46.
Фӕлмӕцыдтӕн – удӕнцой
28 Ӕрцӕут Мӕм, ӕппӕт фӕлмӕцыдтӕ ӕмӕ уаргъджынтӕ, ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн ӕнцой.
29 Сӕвӕрут Ме ’фсондз уӕхиуыл ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй – Ӕз сабыр ӕмӕ ӕвӕлмас дӕн, ӕмӕ ссардзыстут удӕнцой.
30 Уымӕн ӕмӕ ӕнцонхӕссӕн у Ме ’фсондз, ӕмӕ рог у Мӕ уаргъ».11:30 1 Ин. 5:3.
12Йесо ӕмӕ сабат
1 Уыцы рӕстӕг Йесо сабаты фӕцӕйцыд ӕфсирджын хуымты. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сыстонг сты, райдыдтой ӕфсиртӕ тонын ӕмӕ хӕрын.12:1 Мк. 2:23; Лк. 6:1.
2 Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Йесойӕн загътой: «Кӕс-ма, Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕнынц, сабаты цы нӕ фӕччы, уый».
3 Йесо сын дзуапп радта: «Давид йе ’мбӕлттимӕ куы сыстонг, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви?
4 Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ бахордта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр бахӕрын кӕй не ’мбӕлд, уыцы нывонд дзултӕ – ӕрмӕстдӕр сауджынтӕм уыди уыдон хӕрыны бар.12:4 Мк. 2:26; Лк. 6:4.
5 Кӕнӕ Моисейы Ӕгъдауы, мыййаг, нӕ бакастыстут, алы сабат дӕр сауджынтӕ сабаты фӕтк Кувӕндоны куыд халынц, фӕлӕ аххосджын кӕй не сты, уый тыххӕй?
6 Фӕлӕ уын зӕгъын, ам ис, Кувӕндонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.
7 „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ" – уымӕн йӕ мидис куы зониккат, уӕд ӕназымты нӕ фӕзылын кодтаиккат.12:7 Мф. 9:13.
8 Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт сабатӕн йӕ хицау у».12:9 Мк. 3:1; Лк. 6:6.
Цӕнкуыл сдзӕбӕх
9 Йесо уырдыгӕй куы рацыд, уӕд баздӕхти синагогӕмӕ.
10 Уыди дзы, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймаг. Ӕмӕ цӕмӕй Йесойы фӕзылын кӕной, уый тыххӕй Йӕ бафарстой: «Сабаты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
11 Уый сын загъта: «Искӕмӕ уӕ иу фыс куы уа, ӕмӕ йын сабаты уӕрмы куы ныххауа, уӕд ӕй уырдыгӕй не сласдзӕн, ӕви?
12 Адӕймаг та цас зынаргъдӕр у фысӕй! Уӕдӕ сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы».
13 Ӕмӕ уыцы лӕгӕн загъта: «Радар дӕ къух». Уый радардта йӕ къух, ӕмӕ йын сдзӕбӕх, сси иннӕ къухы хуызӕн.
14 Фарисейтӕ рацыдысты ӕмӕ уынаффӕ кодтой, Йесойы цы амалӕй амарой, ууыл. Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд базыдта, ӕмӕ ацыди уырдыгӕй.
Ӕвзӕрст Лӕггадгӕнӕг
15 Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм, ӕмӕ Уый сдзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты дӕр,
16 Фӕлӕ сын карзӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йӕ кой ма кӕной.
17 Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Исай-пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый:
18 «Мӕнӕ Мӕ уарзон Лӕггадгӕнӕг – Кӕй сӕвзӕрстон ӕмӕ Кӕуыл аудын, Уый. Бахай Йын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн Мӕ рӕстдзинад.
19 Быцӕу ӕмӕ хъӕр нӕ кӕндзӕн, Йӕ хъӕлӕс ын ничи фехъусдзӕн уынгты.
20 Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гӕзӕмӕ судзгӕ цырагъ нӕ ахуыссын кӕндзӕн, цалынмӕ рӕстдзинад уӕлахизмӕ ӕркӕна, уӕдмӕ.
21 Ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ Йӕ номӕй уыдзысты ныфсджын».
Куырм ӕмӕ ӕгомыг хӕйрӕджджын сдзӕбӕх
22 Уӕд Йесомӕ ӕркодтой куырм ӕмӕ ӕгомыг хӕйрӕджджыны. Йесо йӕ сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ӕгомыг райдыдта дзурын ӕмӕ уынын.12:22 Лк. 11:14.
23 Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый Давиды Фырт нӕу?»
24 Фарисейтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Уый дӕлимонты ӕрмӕстдӕр дӕлимонты ӕлдар веелзевулы хъаруйӕ суры».12:24 Мф. 9:34; Мк. 3:22; Лк. 11:15.
25 Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ сын загъта: «Алы паддзахад дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ адӕм кӕрӕдзи ныхмӕ куы фӕуой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕн; ӕмӕ алы сахар кӕнӕ хӕдзар дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ кӕрӕдзи ныхмӕ куы фӕуой, уӕд уый дӕр нӕ фӕлӕудзӕн.12:25 Мк. 3:24; Лк. 11:17.
26 Уӕдӕ кӕд хӕйрӕг хӕйрӕджы суры, уӕд йӕхи ныхмӕ тох кӕны. Ӕмӕ афтӕмӕй куыд фӕлӕудзӕн йӕ паддзахад?
27 Кӕд Ӕз дӕлимонты веелзевулы хъаруйӕ сурын, уӕд сӕ уӕ фӕдонтӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уымӕ гӕсгӕ уын уыдон уыдзысты тӕрхонгӕнджытӕ.
28 Фӕлӕ кӕд Ӕз Хуыцауы Уды хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уӕм, бӕгуыдӕр, ӕрхӕццӕ Хуыцауы Паддзахад.
29 Кӕнӕ искӕмӕн йӕ бон куыд бауыдзӕн тыхджыны хӕдзармӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ дзауматӕ рахӕссын, раздӕр уал тыхджыны куы нӕ сбӕтта, уӕд? Ӕрмӕст ын уӕд фӕкъахдзӕн йӕ хӕдзар.
30 Мемӕ чи нӕу, уый Мӕ ныхмӕ у; ӕмӕ Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый хӕлӕттаг кӕны.
31 Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: алы тӕригъӕд ӕмӕ фауын адӕмӕн уыдзысты хатыргонд, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды фауын хатыргонд нӕ уыдзӕн.12:31 Мк. 3:28; Лк. 12:10; 1 Ин. 5:16.
32 Исчи Адӕймаджы Фырты куы рафауа, уӕд ын уыдзӕни хатыр; фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕни нӕдӕр ацы дунейы, нӕдӕр фидӕны дунейы.
Дзуапп ӕнӕууылд ныхасы тыххӕй
33 Бӕласӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр кӕнӕ хорзыл банымайут, кӕнӕ та йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр ӕвзӕрыл банымайут. Уымӕн ӕмӕ бӕлас йӕ дыргъӕй бӕрӕг вӕййы.
34 Калмы цот! Фыдзӕрдӕтӕ куы стут, уӕд уӕ бон куыд у хорз дзурын? Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг вӕййы, дзыхӕй дӕр уый рацӕуы.12:34 Лк. 6:45.
35 Хорз адӕймаг хорз хӕзнадонӕй рахӕссы хорзӕх; фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыдӕхы къӕбицӕй рахӕссы фыдӕх.
36 Зӕгъын уын: алы ӕнӕууылд ныхасы тыххӕй дӕр адӕм тӕрхоны бон ратдзысты дзуапп.
37 Дӕ ныхӕстӕ дӕ сраст кӕндзысты, йе та дӕ ныхӕсты тыххӕй тӕрхонгонд уыдзынӕ».12:37 Лк. 19:22.
Йесойӕ домынц ӕвдисӕйнаг
38 Уӕд динамонджытӕй ӕмӕ фарисейтӕй иуӕй-иутӕ загътой Йесойӕн: «Ахуыргӕнӕг, исты ӕвдисӕйнаг нын куы равдисис, уый нӕ фӕнды».12:38 Мф. 16:1; 1 Кор. 1:22.
39 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауы ныууадзӕг хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ йын Ионӕ-пехуымпары диссагӕй дарддӕр ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нӕ рардӕуыдзӕн.12:39 Лк. 11:29.
40 Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы гуыбыны ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы уыдзӕни зӕххы зӕрдӕйы.
41 Ниневиӕгтӕ тӕрхоны бон рацӕудзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ фӕзылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы ныхасӕй ӕрфӕсмон кодтой; ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый.12:41 Лк. 11:32.
42 Хуссары ус-паддзах тӕрхоны бон рацӕудзӕн ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ фӕзылын кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ зӕххы кӕронӕй ӕрцыди Соломоны зондджын ныхӕстӕм байхъусынмӕ; ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.12:42 Лк. 11:31.
Ӕнӕзӕгъинаг ӕрбаздӕхы йӕ раздӕры бынатмӕ
43 Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнцой агурӕг фӕзилы ӕнӕдон рӕтты, фӕлӕ йӕ не ссары.12:43 Лк. 11:24.
44 Уӕд фӕзӕгъы: „Раздӕхон, цы хӕдзарӕй рацыдтӕн, уырдӕм". Ӕмӕ куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ӕрӕййафы афтидӕй, марзт ӕмӕ ӕфснайдӕй.
45 Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц; ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы ӕвзӕрдӕр уавӕры. Афтӕ уыдзӕн ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕры хабар дӕр».12:45 2 Пет. 2:20; Дзут. 6:4.
Йесойы Мад ӕмӕ ӕфсымӕртӕ
46 Йесо ма адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд Йӕ Мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ лӕууыдысты ӕдде, ӕмӕ сӕ фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.12:46 Мк. 3:31; Лк. 8:19.
47 Ӕмӕ Йын чидӕр загъта: «Дӕ Мад ӕмӕ Де ’фсымӕртӕ лӕууынц ӕдде, Демӕ аныхас кӕнын сӕ фӕнды».
48 Уый зӕгъӕгӕн Йесо дзуапп радта: «Чи у Мӕ мад, ӕмӕ чи сты Ме ’фсымӕртӕ?»
49 Ӕмӕ, Йӕ къухӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бацамонгӕйӕ, загъта: «Мӕнӕ Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ.
50 Уымӕн ӕмӕ Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Ме ’фсымӕр, Мӕ хо ӕмӕ Мӕ мад».12:50 Ин. 15:14.
13Фӕсномыг ныхас тауӕджы тыххӕй
1 Уыцы бон Йесо рацыди хӕдзарӕй ӕмӕ ӕрбадти денджызы был.13:1 Мк. 4:1; Лк. 8:4.
2 Уыйас бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ Уый бахызти бӕлӕгъмӕ ӕмӕ дзы ӕрбадт; адӕм та иууылдӕр лӕууыдысты былгӕрон.
3 Бирӕ сын амыдта фӕсномыг ныхӕстӕй: «Мӕнӕ тауӕг рацыди тауынмӕ.
4 Таугӕ-тауын иуӕй-иу нӕмгуытӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕртахтысты мӕргътӕ ӕмӕ сӕ рауыгътой.
5 Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты, сыджыт бирӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм дурджын ран, ӕмӕ уайтагъд сӕвзӕрдысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх арф нӕ уыд.
6 Ӕмӕ хур куы скаст, уӕд сӕ басыгъта ӕмӕ бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын уидаг нӕ уыд.
7 Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, сындзытӕ сзадысты ӕмӕ сӕ ныххурх кодтой.
8 Иуӕй-иутӕ та дзы ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл ӕмӕ радтой: иу – фондзыссӕдз хатты, иннӕ – ӕртиссӕдз хатты, аннӕ – дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг.
9 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
10 Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Цӕй тыххӕй сын амоныс фӕсномыг ныхӕстӕй?»
11 Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын сымахӕн лӕвӕрд у, уыдонӕн та лӕвӕрд нӕу.
12 Кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн ӕмӕ йӕм уыдзӕни бирӕ; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕн, цы йӕм ис, уый дӕр.13:12 Мф. 25:29; Мк. 4:25; Лк. 8:18; 19:26.
13 Фӕсномыг ныхӕстӕй сын уый тыххӕй дзурын, ӕмӕ уыдон „кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусынц, фӕлӕ сӕм нӕ хъуысы, ӕмӕ не ’мбарынц".
14 Уыдоныл ӕрцыд Исайы пехуымпар ныхас: „Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут.13:14 Мк. 4:12; Лк. 8:10; Ин. 12:40; Ап. хъ. 28:26; Ром. 11:8.
15 Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕ ныддур, хъусӕй зынтӕй хъусынц, сӕхгӕдтой сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, хъусӕй ма фехъусой, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон".
16 Сымахӕн та тӕхудиаг сты уӕ цӕстытӕ – уынгӕ чи кӕны; ӕмӕ уӕ хъустӕ – хъусгӕ чи кӕны.13:16 Лк. 10:23.
17 Ӕцӕг уын зӕгъын: бирӕ пехуымпартӕ ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ тӕхуды кодтой, сымах цы уынут, уый фенынмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ федтой; сымах цы хъусут, уый фехъусынмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ фехъуыстой.13:17 1 Пет. 1:10.
18 Сымах та байхъусут, тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас цы амоны, уымӕ.13:18 Мк. 4:15; Лк. 8:11.
19 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныхас чидӕриддӕр фехъусы ӕмӕ йӕ нӕ бамбары, уымӕ ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ аскъӕфы, уымӕн йӕ зӕрдӕйы цы байтыдӕуыд, уый. Уыцы адӕймаг у, фӕндаггӕрон кӕй байтыдӕуыд, ахӕм нӕмыгау.
20 Дурджын ран кӕй байтыдӕуыд, уый ахӕм у: фехъусы ныхас ӕмӕ йӕ уыйадыл цингӕнгӕ айсы йӕ зӕрдӕмӕ,
21 Фӕлӕ ӕнӕуидаг у ӕмӕ бирӕ нӕ бафӕразы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы, кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд ныууадзы йӕ уырнындзинад.
22 Сындзыты ӕхсӕн кӕй байтыдӕуыд, уый та ахӕм у: фехъусы ныхас, фӕлӕ зӕххон царды мӕт ӕмӕ мулчы бӕллиц ныххурх кӕнынц уыцы ныхас, ӕмӕ пайда нӕ ратты.
23 Бӕзнаг мӕрыл кӕй байтыдӕуыд, уыдон ахӕмтӕ сты: фехъусынц ныхас ӕмӕ йӕ бамбарынц; ӕмӕ сӕ иу ратты фондзыссӕдз хатты, иннӕ – ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та – дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр пайда».
Фӕсномыг ныхас мӕгъӕлдайы тыххӕй
24 Йесо ма сын радзырдта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы адӕймаджы хуызӕн.
25 Адӕм куы бафынӕй сты, уӕд ӕрцыд йе знаг, мӕнӕуы ӕхсӕн байтыдта мӕгъӕлда ӕмӕ ацыди.
26 Мӕнӕу куы равзӕрд ӕмӕ ӕфсир куы рафтыдта, уӕд фӕзынд мӕгъӕлда дӕр.
27 Хуымы хицаумӕ ӕрцыдысты йӕ цагъартӕ ӕмӕ йын загътой: „Хицау, дӕ хуымы хорз мыггаг куы байтыдтай, уӕд дзы мӕгъӕлда куыд фӕзынди?"
28 Сӕ хицау сын дзуапп радта: „Уый знаг бакодта". Цагъартӕ йӕ бафарстой: „Фӕнды дӕ, уӕд мах ацӕуӕм ӕмӕ сӕ срӕдувӕм?"
29 Фӕлӕ сын уый загъта: „Нӕ хъӕуы, мыййаг, мӕгъӕлдаимӕ мӕнӕу дӕр куы срӕдуват.
30 Сӕ иуы дӕр ӕмӕ сӕ иннӕйы дӕр ныууадзут хуымгӕрдӕнтӕм. Ӕмӕ хуымгӕрдӕнты рӕстӕг ӕз зӕгъдзынӕн хуымгӕрдджытӕн: фыццаг ӕрӕмбырд кӕнут мӕгъӕлда, скӕнут дзы куыристӕ ӕмӕ сӕ басудзут; мӕнӕу та бафснайут мӕ хордоны"».
Фӕсномыг ныхас хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй
31 Йесо ма сын радзырдта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, адӕймаг йӕ хуымы кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау.13:31 Мк. 4:30; Лк. 13:18.
32 Кӕд уый ӕппӕт мыггӕгтӕн сӕ къаддӕр у, уӕддӕр куы сзайы, уӕд цӕхӕрадоны иннӕ зайӕгойтӕй фӕбӕрзонддӕр вӕййы. Ахӕм бӕлас дзы рауайы, ӕмӕ йӕм ӕртӕхынц уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ йӕ къалиутыл саразынц ахстӕттӕ».
Фӕсномыг ныхас ӕнхъизӕны тыххӕй
33 Йесо ма сын радзырдта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».13:33 Лк. 13:20.
34 Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо адӕмӕн дзырдта фӕсномыг ныхӕстӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхӕстӕй та сын ницы дзырдта.13:34 Мк. 4:33.
35 Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый: «Дзурдзынӕн фӕсномыг ныхӕстӕй; фехъусын кӕндзынӕн, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы уыди, уый».
Йесо ӕмбарын кӕны фӕсномыг ныхас
36 Йесо ауагъта адӕмы ӕмӕ бахызти хӕдзармӕ. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Бамбарын нын кӕн фӕсномыг ныхас хуымы тыд хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй».
37 Йесо сын дзуапп радта: «Хорз мыггаг тауӕг Адӕймаджы Фырт у.
38 Хуым у дуне, хорз мыггаг – Хуыцауы Паддзахады хъӕбултӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг та – хӕйрӕджы хъӕбултӕ.
39 Хӕмпӕлгӕрдӕг байтауӕг знаг у хӕйрӕг, хуымгӕрдӕнтӕ сты дунейы кӕрон, хуымгӕрдджытӕ та – зӕдтӕ.13:39 Ӕрг. 14:15.
40 Хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ йӕ арты куыд басудзынц, афтӕ уыдзӕн, дунейӕн йӕ кӕрон куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр:
41 Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йӕ Паддзахадӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты, тӕригъӕды ӕфтыд чи уыди ӕмӕ иннӕты дӕр тӕригъӕды чи ӕфтыдта, уыдоны иууылдӕр;
42 Ӕмӕ сӕ баппардзысты судзгӕ пецы. Уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс.
43 Уӕд рӕстытӕ хурау сӕрттивдзысты сӕ Фыды Паддзахады. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!
Фӕсномыг ныхӕстӕ ӕмбӕхст хӕзна ӕмӕ зынаргъ налхъуыты тыххӕй
44 Уӕларвон Паддзахад у быдыры ныгӕд хӕзнайы хуызӕн. Адӕймаг ӕй ссардта, фӕстӕмӕ йӕ баныгӕдта, цингӕнгӕ ацыд, ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый ауӕй кодта ӕмӕ балхӕдта уыцы быдыр.
45 Уӕларвон Паддзахад ма у хорз налхъуыт агурӕг сӕудӕджеры хуызӕн.
46 Уый иу зынаргъ налхъуыт куы ссардта, уӕд ацыд ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта.
Фӕсномыг ныхас кӕсагахсӕн хызы тыххӕй
47 Уӕларвон Паддзахад ма у, денджызмӕ кӕй баппӕрстой ӕмӕ алыхуызон кӕсӕгтӕ чи ӕрцахста, ахӕм хызы хуызӕн дӕр.
48 Хыз куы байдзаг, уӕд ӕй раластой былмӕ, стӕй ӕрбадтысты ӕмӕ кӕсӕгтӕн сӕ дзӕбӕхтӕ нывӕрдтой чыргъӕдты, ӕвзӕрты та аппӕрстой.
49 Афтӕ уыдзӕни, дунейӕн йӕ кӕрон куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр: ӕрцӕудзысты зӕдтӕ, тӕригъӕдджынты фӕхицӕн кӕндзысты рӕстытӕй
50 Ӕмӕ сӕ баппардзысты судзгӕ пецы. Уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».
51 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Ӕппӕт уыдӕттӕ бамбӕрстат ӕви нӕ?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «О, Хицау».
52 Йесо та сын загъта: «Уӕдӕ Уӕларвон Паддзахады ахуыргӕнинаг чидӕриддӕр сси, уыцы динамонӕг у, йӕ хӕзнадонӕй ног ӕмӕ зӕронд хӕзнатӕ чи райсы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн».
Назареты синагогӕйы
53 Йесо уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ дзырд куы фӕци, уӕд ацыди уырдыгӕй.
54 Ӕрцыд Йӕ сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн амыдта синагогӕйы. Уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Кӕцӕй Йӕм ис ахӕм зонд, ахӕм диссӕгтӕ аразын Йӕ бон куыд у?13:54 Мк. 6:1; Лк. 4:16.
55 Ай хъӕддӕсныйы фырт нӕу, мыййаг? Йӕ Мад Мариа нӕ хуыйны? Иаков, Иосиф, Симон ӕмӕ Иудӕ Йе ’фсымӕртӕ не сты?13:55 Ин. 6:42.
56 Йӕ хотӕ дӕр иууылдӕр не ’хсӕн не сты, ӕви? Гъемӕ Йын уӕдӕ ӕппӕт адӕттӕ кӕцӕй сты?»
57 Ӕмӕ Йыл не ’ууӕндыдысты. Йесо сын загъта: «Пехуымпар йӕ фыдыбӕстӕ ӕмӕ йӕ хӕдзарӕй дарддӕр ӕгад никуы вӕййы».13:57 Мк. 6:4; Лк. 4:24; Ин. 4:44.
58 Ӕмӕ уым бирӕ диссӕгтӕ нӕ сарӕзта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй.
14Аргъауӕг Иоанны мӕлӕт
1 Уыцы рӕстӕг ӕлдариуӕггӕнӕг Ирод фехъуыста Йесойы кой,14:1 Мк. 6:14; Лк. 9:7.
2 Ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: «Уый Аргъауӕг Иоанн у. Мӕрдтӕй райгас ӕмӕ уый тыххӕй аразы диссӕгтӕ».
3 Уымӕй размӕ Ирод йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй ӕрцахста Иоанны, сбаста йӕ рӕхыстӕй, ӕмӕ йӕ бакодта ахӕстоны.14:3 Мк. 6:17; Лк. 3:19.
4 Уымӕн ӕмӕ йын Иоанн дзырдта: «Нӕ дын ӕмбӕлы уыимӕ цӕрын».
5 Ироды фӕндыд Иоанны амарын, фӕлӕ тарст адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой.
6 Фӕлӕ Иродӕн йӕ райгуырӕн бон куы уыд, уӕд Иродиадӕйы чызг кафыд уазджыты раз. Уымӕй Ироды зӕрдӕ балхӕдта,
7 Ӕмӕ Ирод расомы кодта, цы ракура, уый йын раттыны тыххӕй.
8 Чызг йӕ мады ардыдӕй загъта: «Гъертӕккӕ мын ардӕм тӕбӕгъы Аргъауӕг Иоанны сӕр ӕрбахӕсс».
9 Паддзах фенкъард, фӕлӕ йӕ сомымӕ гӕсгӕ ӕмӕ йемӕ минасгӕнджыты ӕфсӕрмӕй радта йӕ курдиат ын сӕххӕст кӕныны бардзырд.
10 Арвыста Иоаннмӕ, ӕмӕ йын ахӕстоны акъуырын кодта йӕ сӕр.
11 Иоанны сӕр ӕрбахастой тӕбӕгъы ӕмӕ йӕ радтой чызгмӕ, уый та йӕ ахаста йӕ мадмӕ.
12 Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцыдысты, ахастой йын йӕ мард ӕмӕ йӕ баныгӕдтой, стӕй ацыдысты ӕмӕ уый тыххӕй радзырдтой Йесойӕн.
Йесо бафсӕста фондз мин лӕджы
13 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд уырдыгӕй бӕлӕгъы иунӕгӕй ацыд хибар ранмӕ. Адӕм уый куы базыдтой, уӕд сахартӕй фистӕгӕй ацыдысты Йӕ фӕдыл.14:13 Мк. 6:32; Лк. 9:10.
14 Йесо былмӕ куы рахызт, уӕд федта бирӕ адӕм ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты.
15 Куы баизӕр, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, ноджы банафон. Ауадз адӕмы, ацӕуой хъӕутӕм ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной».
16 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Цӕуын сӕ нӕ хъӕуы. Сымах сын раттут хӕринаг».
17 Дзуапп Ын радтой: «Ам махмӕ ис ӕрмӕстдӕр фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы».14:17 Мк. 6:38; Лк. 9:13; Ин. 6:9.
18 Уый сын загъта: «Ардӕм Мӕм сӕ рахӕссут».
19 Йесо адӕмы ӕрбадын кодта кӕрдӕгыл, стӕй райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скаст уӕларвмӕ, арфӕ ракодта, асаста дзултӕ ӕмӕ сӕ радта ахуыргӕнинӕгтӕм, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмӕн.
20 Сеппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды.
21 Хӕргӕ чи кодта, уыдон та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты фондз мин лӕджы бӕрц.
Йесо къахӕй цӕуы денджызыл
22 Йесо ахуыргӕнинӕгты уайтагъд сбадын кодта бӕлӕгъы ӕмӕ сӕ Йӕ разӕй арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ; Йӕхӕдӕг уал баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ.
23 Ӕмӕ адӕмы куы ауагъта, уӕд хибарӕй бакувынмӕ ссыди хохмӕ, ӕмӕ куы баизӕр, уӕд дӕр ма уым уыд иунӕгӕй.14:23 Мк. 6:46; Ин. 6:15.
24 Бӕлӕгъ та уыцы рӕстӕг адард и денджызы былӕй, ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ хостой, уымӕн ӕмӕ цыди дымгӕйы ныхмӕ.
25 Боныцъӕхты размӕ сӕм Йесо денджызыл бацыди къахӕй.
26 Ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ денджызыл цӕугӕ куы федтой, уӕд фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый цӕстылуайӕн у». Ӕмӕ сӕ фыртӕссӕй ныхъхъӕр кодтой.
27 Фӕлӕ сӕм Йесо уайтӕккӕ сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут».
28 Петр Ын загъта: «Хицау, кӕд уый Ды дӕ, уӕд мын зӕгъ, цӕмӕй Дӕм доныл къахӕй бацӕуон».
29 Йесо йын дзуапп радта: «Рацу». Петр рахызти бӕлӕгъӕй, къахӕй араст доныл, ӕмӕ бацыд Йесомӕ.
30 Фӕлӕ дымгӕ куыд тыхджын уыди, уый куы федта, уӕд фӕтарсти, райдыдта дӕлдон кӕнын ӕмӕ хъӕр систа: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!»
31 Йесо йӕм уайтагъд Йӕ къух бадардта, ныххӕцыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Лӕмӕгъ уырнӕг, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?»
32 Ӕмӕ бӕлӕгъмӕ куы бахызтысты, уӕд дымгӕ банцади.
33 Бӕлӕгъы чи уыд, уыдон ӕрзоныгыл сты Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт дӕ».
Йесо Геннисареты сдзӕбӕх кодта рынчынты
34 Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Геннисареты цурмӕ.14:34 Мк. 6:53.
35 Уымы адӕм Йесойы куы базыдтой, уӕд фехъусын кодтой ӕппӕт алфамбылайы дӕр. Ӕрхастой Йӕм ӕппӕт рынчынты,
36 Хатыдысты Йӕм, цӕмӕй сӕ бауадза уӕд та Йӕ пӕлӕзы коцорайыл бандзӕвын; ӕмӕ-иу чидӕриддӕр бандзӕвыд, уыдон-иу сдзӕбӕх сты.
15Фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ
1 Уӕд Иерусалимӕй Йесомӕ ӕрцыдысты фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ, ӕмӕ Йын загътой:15:1 Мк. 7:1.
2 «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕмӕн халынц фыдӕлты ӕгъдау? Сӕ къухтӕ не ’хсынц, афтӕмӕй хӕрынц».
3 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕмӕ сымах та уӕхи ӕгъдауы сӕраппонд цӕмӕн халут Хуыцауы фӕдзӕхст?
4 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау загъта: „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады", ӕмӕ: „Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады ӕфхӕрӕг амӕлӕд".15:4 Мк. 7:10; Эф. 6:2.
5 Сымах та дзурут: „Йӕ фыдӕн кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа, мӕнӕй цы хъуамӕ айстаис, уый мын Хуыцауӕн лӕвар у, зӕгъгӕ,
6 Уыцы адӕймаджы йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады нымайыны сӕр нал хъӕуы". Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас баивтат уӕхи ӕгъдауӕй.
7 Цӕстмӕхъустӕ! Сымах тыххӕй Исай-пехуымпар хорз загъта:
8 „Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.15:8 Мк. 7:6.
9 Дзӕгъӕлы Мӕм кувынц; цӕуыл ахуыр кӕнынц, уыдон адӕймаджы ӕрхъуыдыгонд ӕгъдӕуттӕ сты"».
10 Йесо басидт адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут ӕмӕ бамбарут!15:10 Мк. 7:14.
11 Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый йӕ кӕны чъизи».
12 Уӕд Ӕм ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Дӕ ныхӕстӕ фарисейтӕн кӕй фӕхъыг сты, уый зоныс?»
13 Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ Уӕларвон Фыд кӕй нӕ ныссагъта, уыцы зайӕгой рӕдывд ӕрцӕудзӕн ӕд уидӕгтӕ.15:13 Ин. 15:2.
14 Ныууадзут сӕ, уыдон куырмыты куырм фӕтӕгтӕ сты. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд сӕ дыууӕ дӕр ныххаудзысты уӕрмы».15:14 Лк. 6:39.
15 Уӕд Ӕм Петр бахатыд: «Бамбарын нын кӕн ацы фӕсномыг ныхас».
16 Йесо загъта: «Ау, сымах дӕр ныр дӕр ма афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут?
17 Ӕви йӕ нӕ зонут, дзыхмӕ цыдӕриддӕр бацӕуы, уый гуыбынмӕ кӕй ныфты, стӕй ӕддӕмӕ кӕй рацӕуы?
18 Дзыхӕй цы рацӕуы, уый та зӕрдӕйӕ рацӕуы, ӕмӕ уый чъизи кӕны адӕймаджы.15:18 Иак. 3:6.
19 Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ рацӕуынц фыдвӕндтӕ, марын, хӕтын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр.15:19 Мк. 7:21.
20 Ӕппӕт уыдӕттӕ чъизи кӕнынц адӕймаджы, ӕнӕхсад къухтӕй хӕрын та йӕ нӕ кӕны чъизи».
Муртат усы чызг сдзӕбӕх
21 Йесо араст уырдыгӕй, ӕмӕ ӕрцыд Тир ӕмӕ Сидоны зӕхмӕ.15:21 Мк. 7:24.
22 Рацыд Ӕм уырдыгон ханаанаг сылгоймаг ӕмӕ хъӕр кодта: «Батӕригъӕд мын кӕн, Хицау, Давиды Фырт! Мӕ чызг хӕйрӕджджын у ӕмӕ удхар кӕны».
23 Фӕлӕ йын Йесо иу ныхасӕй дӕр дзуапп нӕ лӕвӕрдта. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм ӕрхатыдысты: «Байхъус ӕм, ӕмӕ ацӕуа, науӕд нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кӕны».
24 Йесо дзуапп радта: «Ӕз ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ, сӕфт фыстӕм, ӕрвыст дӕн».15:24 Мф. 10:6.
25 Фӕлӕ Йӕм сылгоймаг бацыд, ӕрзоныгыл Йӕ разы ӕмӕ загъта: «Хицау, баххуыс мын кӕн».
26 Йесо йын дзуапп радта: «Хорз нӕу сывӕллӕтты къӕбӕр райсын ӕмӕ йӕ куыйтӕн аппарын».
27 Сылгоймаг загъта: «О, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр, сӕ хицӕутты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон фӕхӕрынц».
28 Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Хорз ус, стыр у дӕ уырнындзинад! Сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ йӕ чызг уайтӕккӕ сдзӕбӕх.
Йесо сдзӕбӕх кодта рынчынты
29 Йесо араст уырдыгӕй, ӕрцыди Галилейы денджызмӕ, ссыди хохмӕ ӕмӕ уым ӕрбадти.
30 Ӕрбацыд Ӕм дзӕвгар адӕм къуылыхтимӕ, куырмытимӕ, цӕнкуылтимӕ, ӕгомыгтимӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рынчынтимӕ, ӕрӕвӕрдтой сӕ Йесойы къӕхты цур, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.
31 Адӕм куы федтой ӕгомыгты дзургӕйӕ, цӕнкуылты ӕнӕнизӕй, къуылыхты цӕугӕйӕ ӕмӕ куырмыты сӕ цӕстӕй ракӕсгӕйӕ, уӕд дисы бафтыдысты, ӕмӕ кад кодтой Израилы Хуыцауӕн.
Йесо бафсӕста цыппар мин лӕджы
32 Йесо басидт Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд кӕнын ацы адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны дӕргъы Мемӕ сты, ӕмӕ цы бахӕрой, уый сӕм нӕй. Ӕххормагӕй сӕ ауадзон, уый та Мӕ нӕ фӕнды, науӕд бастайдзысты фӕндагыл».15:32 Мк. 8:1.
33 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Утӕппӕт адӕм бафсадыны фаг дзултӕ ам, ӕдзӕрӕг ран, куыд самал кӕнӕм?»
34 Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис?» Уыдон Ын загътой: «Авд, стӕй ма цалдӕр гыццыл кӕсаджы».
35 Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл,
36 Райста авд дзулы ӕмӕ кӕсӕгтӕ, арфӕ ракодта, асаста сӕ ӕмӕ сӕ радта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ та сӕ байуӕрстой адӕмӕн.
37 Сеппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг авд чыргъӕды.
38 Хӕргӕ чи кодта, уыдон та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппар мин лӕджы.
39 Уӕд Йесо ауагъта адӕмы, бахызт бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ ӕрцыди Магдалӕйы зӕхмӕ.
16Йесойӕ домынц ӕвдисӕйнаг
1 Йесомӕ бацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ, ӕмӕ Дзы Йӕ бафӕлварыны тыххӕй домдтой уӕларвӕй сын ӕвдисӕйнаг равдисын.16:1 Мф. 12:38; Мк. 8:11; 1 Кор. 1:22.
2 Йесо сын дзуапп радта: «Изӕрӕй сымах фӕзӕгъут: „Боныхъӕд хорз уыдзӕн – арв сырх у".16:2 Лк. 12:54.
3 Райсомӕй та фӕзӕгъут: „Къӕвда уыдзӕн абон – арв сырх ӕмӕ хъуынтъыз у". [Цӕстмӕхъустӕ!] Арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уӕд ацы рӕстӕджы цаутӕ раиртасын нӕ фӕразут?
4 Хуыцауы ныууадзӕг хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ йын Ионӕйы диссагӕй дарддӕр ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нӕ рардӕуыдзӕн». Уыйадыл сӕ ныууагъта ӕмӕ ацыд уырдыгӕй.16:4 Мф. 12:39.
Фарисейты ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕн
5 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъы бацыдысты денджызы иннӕ фарсмӕ. Семӕ сӕ дзултӕ райсын ферох.16:5 Мк. 8:14.
6 Йесо сын загъта: «Хъусут, уӕхи хизут фарисейты ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй».16:6 Мк. 8:15; Лк. 12:1.
7 Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Дзул нӕ райстам немӕ».
8 Йесо сӕ бамбӕрста, ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн дзурут, лӕмӕгъ уырнджытӕ, дзул уӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй?
9 Ау, нӕма йӕ бамбӕрстат? Фондз мин лӕгӕн фондз дзулы куыд сфаг ӕмӕ цал чыргъӕды байдзаг кодтат, уый уӕ зӕрдыл нал лӕууы?
10 Цыппар минӕн авд дзулы куыд сфаг ӕмӕ уӕлдӕйттӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат, уый дӕр уӕ ферох?
11 Ау, Мӕ ныхас дзулы тыххӕй кӕй нӕ уыд, уый куыд нӕ ӕмбарут? Уӕхи хизут фарисейты ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй».
12 Уӕд бамбӕрстой: Йесо сын дзырдта дзулы ӕнхъизӕнӕй нӕ, фӕлӕ фарисейты ӕмӕ саддукейты ахуырадӕй сӕхи бахизыны тыххӕй.
Петр Йесойы схуыдта Хуыцауы Фырт
13 Йесо Филиппы Кесарийы зӕхмӕ куы ӕрцыди, уӕд бафарста Йӕ ахуыргӕнинӕгты: «Мӕн, Адӕймаджы Фырты, адӕм кӕуыл нымайынц?»16:13 Мк. 8:27; Лк. 9:18.
14 Уыдон Ын загътой: «Иутӕ – Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ – Илиайыл, аннӕтӕ та – Иеремийыл кӕнӕ пехуымпартӕй иуыл».
15 Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?»
16 Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт».16:16 Мф. 14:33; Мк. 8:29; Лк. 9:20; Ин. 6:69.
17 Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд.16:17 Мф. 11:25, 27.
18 Ӕз дын зӕгъын: ды дӕ Петр+ 16:18 |iПетр|r бердзенагау амоны «дур»., ӕмӕ уыцы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.16:18 Лк. 22:31-32; 1 Пет. 2:4; 1 Кор. 3:11.
19 Ӕз дӕм ратдзынӕн Уӕларвон Паддзахады дӕгъӕлтӕ. Зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттай, уымӕн уӕлӕрвты дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттай, уымӕн та уӕлӕрвты дӕр рардӕуыдзӕн бар».16:19 Мф. 18:18; Ин. 20:23.
20 Уӕд Йесо бафӕдзӕхста Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй макӕмӕн зӕгъой, Уый Чырысти кӕй у, уый тыххӕй.16:20 Мк. 8:30.
Йесо зӕгъы Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй
21 Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Иерусалиммӕ ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухтӕй; амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн.
22 Уӕд Ӕй Петр фӕхибар кодта ӕмӕ Йын райдыдта уайдзӕф кӕнын: «Хуыцау Дӕ уымӕй бахизӕд, Хицау! Уыцы бӕллӕх дыл ма ӕрцӕуӕд!»
23 Йесо разылд ӕмӕ Петрӕн загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, хӕйрӕг! Ды Мын цӕлхдур дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндон цы у, ууыл сты».16:23 Ром. 8:7.
Куыд цӕугӕ у Йесойы фӕдыл
24 Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.16:24 Мф. 10:38; Мк. 8:34; Лк. 14:27.
25 Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ ссардзӕн.
26 Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм цы разындзӕн, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй?
27 Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн Йӕ Фыды намысимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ратдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.16:27 Мф. 25:31; Ром. 2:6; Ӕрг. 19:14.
28 Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ феной, уӕдмӕ».16:28 Мк. 9:1; Лк. 9:27.
17Йесо Йӕ хуыз аивта
1 Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иаковы ӕмӕ уый ӕфсымӕр Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй.17:1 Мк. 9:2; Лк. 9:28.
2 Сӕ разы Йӕ хуыз аивта – Йӕ цӕсгом сӕрттывта хурау, Йӕ дарӕс та рухсау фестади сӕнтурс.
3 Фӕзындысты сӕм Моисей ӕмӕ Илиа, ӕмӕ ныхас кодтой Йемӕ.
4 Уӕд Петр загъта Йесойӕн: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Кӕд Дӕ фӕнды, уӕд ам саразон ӕртӕ халагъуды: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу Илиайӕн».
5 Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта рухскалгӕ ӕврагъ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».17:5 Мф. 3:17; Лк. 3:22.
6 Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд фыртӕссӕй ӕрхаудысты дӕлгоммӕ.
7 Фӕлӕ сӕм Йесо бацыди, бавнӕлдта сӕм ӕмӕ сын загъта: «Сыстут, ма тӕрсут».
8 Ӕмӕ сӕ цӕстытыл куы схӕцыдысты, уӕд, Йесойы йеддӕмӕ, никӕйуал федтой.
9 Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста: «Цы федтат, уый тыххӕй макӕмӕн зӕгъут, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ».
10 Уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Уӕдӕ динамонджытӕ цӕмӕн афтӕ дзурынц, Чырыстийы размӕ Илиа хъуамӕ ӕрцӕуа, зӕгъгӕ?»17:10 Мф. 11:14; Мк. 9:11.
11 Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, Илиа хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна.
12 Фӕлӕ уын зӕгъын: Илиа ӕрцыди ныридӕгӕн, фӕлӕ йӕ нӕ базыдтой, ӕмӕ сӕ цы бафӕндыд, уый йын бакодтой. Афтӕ Адӕймаджы Фыртӕн дӕр уыдон бавзарын кӕндзысты хъизӕмӕрттӕ».
13 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстой, Йесо сын Аргъауӕг Иоанны тыххӕй кӕй дзырдта, уый.
Ӕнахъом хӕйрӕджджын сдзӕбӕх
14 Адӕммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд Йесомӕ бацыд иу лӕг, ӕрзоныгыл Йӕ разы17:14 Мк. 9:17; Лк. 9:38.
15 Ӕмӕ загъта: «Хицау, батӕригъӕд кӕн мӕ фыртӕн. Фӕсур вӕййы ӕмӕ тынг удхар кӕны; арӕх йӕхи ӕппары артмӕ ӕмӕ донмӕ.
16 Ӕз ӕй ӕркодтон Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, фӕлӕ йе сдзӕбӕх кӕнын сӕ бон нӕ баци».
17 Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Кӕдмӕ уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ уын быхсдзынӕн? Ардӕм Мӕм ӕй ӕрбакӕнут».
18 Йесо дӕлимонӕн радта бардзырд, дӕлимон рацыди лӕппуйӕ, ӕмӕ уый уайтӕккӕ сдзӕбӕх.
19 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бацыдысты Йесомӕ, ӕмӕ Йын загътой: «Дӕлимоны расурын нӕ бон цӕуылнӕ баци?»
20 Йесо сын загъта: «Уӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕй у, уый тыххӕй. Ӕцӕг уын зӕгъын: хъыцъыйы гагайыйас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат: „Ардыгӕй уӕртӕ уырдӕм ацу", уӕд ацӕудзӕн. Ӕмӕ ахӕмӕй ницы уыдзӕн, сымахӕн цы нӕ бантыса.17:20 Мф. 21:21; Мк. 9:23; 11:23; Лк. 17:6.
21 [Ацы уды мыггагӕн та ӕрмӕст кувын ӕмӕ ком дарыны фӕрцы ис фӕсурӕн.]»17:21 Мк. 9:29.
Йесо ногӕй зӕгъы Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй
22 Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Галилейы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухтӕм,17:22 Лк. 9:22; 24:7.
23 Амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг фенкъард сты.
Статир – кӕсаджы дзыхӕй
24 Капернауммӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Кувӕндонӕн хъалон ӕмбырдгӕнджытӕ ӕрбацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йын загътой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг дыууӕ драхмӕйы нӕ ратдзӕн, ӕви?»
25 Уый сын загъта: «Ратдзӕн». Ӕмӕ Петр хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Йесо фӕраздӕр ӕмӕ йын загъта: «Куыд дӕм кӕсы, Симон, зӕххон паддзӕхтӕ фиддон кӕнӕ хъалон кӕмӕй исынц? Сӕхи адӕмӕй ӕви ӕцӕгӕлӕттӕй?»
26 Симон Ын дзуапп радта: «Ӕцӕгӕлӕттӕй». Йесо йын загъта: «Уӕдӕ фырттӕ сӕрибар сты.
27 Фӕлӕ ныл цӕмӕй сӕ зӕрдӕ ма фӕхуда, уый тыххӕй ацу денджызмӕ, баппар ӕнгуыр ӕмӕ, фыццаг цы кӕсаг ӕрцахсай, уый райс. Ӕмӕ йын йӕ дзых куы байгом кӕнай, уӕд дзы ссардзынӕ статир. Рахӕсс ӕй ӕмӕ сын ӕй ратт Мӕн тыххӕй ӕмӕ дӕхи тыххӕй».
18Чи у уӕлдӕр?
1 Уыцы рӕстӕг ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Уӕларвон Паддзахады уӕлдӕр чи у?»
2 Йесо басидти сывӕллонмӕ, ӕрлӕууын ӕй кодта уыдоны раз,18:2 Мк. 9:36.
3 Ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, куы нӕ аиват ӕмӕ сывӕллӕтты хуызӕн куы нӕ суат, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут.
4 Уӕдӕ йӕхи чи ӕрныллӕг кӕна ӕмӕ ацы сабийы хуызӕн чи суа, уый уӕлдӕр уыдзӕн Уӕларвон Паддзахады.18:4 Мк. 10:14; 1 Кор. 14:20.
5 Ӕмӕ иу ахӕм сывӕллоныл Мӕ номы сӕраппонд зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг.
Тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ
6 Фӕлӕ ацы кӕстӕртӕй – Мӕныл ӕууӕндджытӕй – иуы дӕр тӕригъӕды чи бафтауа, уымӕн йӕ бӕрзӕйыл куыройыфыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы куы фӕдӕлдон кӕниккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.18:6 Мк. 9:42; Лк. 17:1.
7 Сар йӕ сӕр дунейӕн, тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ дзы кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы мондаггӕнӕнтӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ уой, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уыцы адӕймагӕн.18:7 1 Кор. 11:19.
8 Дӕ къух кӕнӕ дын дӕ къах тӕригъӕды хос куы уа, уӕд ӕй акъуыр ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у ӕнӕ къух кӕнӕ ӕнӕ къахӕй мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ къухы кӕнӕ дыууӕ къахимӕ баппӕрстӕуа ӕнӕхуысгӕ арты.18:8 Мк. 9:43.
9 Кӕнӕ дын дӕ цӕст тӕригъӕды хос куы уа, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у иу цӕстимӕ цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ цӕстимӕ баппӕрстӕуа зындоны арты.18:9 Мф. 5:29.
Фӕсномыг ныхас дзӕгъӕл фысы тыххӕй
10 Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иунӕгыл дӕр ӕнӕрвӕссон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.18:10 Дзут. 1:14.
11 [Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцыди сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ.]18:11 Мф. 10:6; Лк. 9:56.
12 Куыд уӕм кӕсы? Искӕмӕ фондзыссӕдз фысы куы уаид ӕмӕ дзы иу куы фӕдзӕгъӕл уаид, уӕд, мыййаг, йӕ нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысы хӕхты нӕ ныууадзид ӕмӕ йӕ дзӕгъӕл фысы агурӕг нӕ ацӕуид?18:12 Лк. 15:4.
13 Ӕмӕ йӕ куы ссара, ӕцӕг уын зӕгъын, уӕд чи нӕ фӕдзӕгъӕл, уыцы нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысӕй ауыл тынгдӕр фӕцин кӕндзӕн.
14 Афтӕ уӕ Уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды ацы кӕстӕртӕй иуы мӕлӕт дӕр.
Де ’фсымӕр куы бацӕуа дӕ тӕригъӕды
15 Де ’фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд бавдӕл ӕмӕ йын хибарӕй бауайдзӕф кӕн. Ӕмӕ дӕм кӕд байхъуса, уӕд ногӕй ссардтай де ’фсымӕры.18:15 Лк. 17:3; Иак. 5:19-20.
16 Кӕд дӕм нӕ байхъуса, уӕд та демӕ акӕн иу кӕнӕ дыууӕ адӕймаджы, цӕмӕй, алы ныхас дӕр раст кӕй у, уымӕн уа дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны.18:16 Ин. 8:17; 2 Кор. 13:1; Дзут. 10:28.
17 Уыдонмӕ дӕр куы нӕ байхъуса, уӕд зӕгъ аргъуанӕн. Ӕмӕ кӕд аргъуанмӕ дӕр нӕ байхъуса, уӕд ӕм кӕс, муртатмӕ ӕмӕ хъалонисӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, ахӕм цӕстӕй.
18 Ӕцӕг уын зӕгъын: зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттат, уымӕн уӕларвы дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттат, уымӕн та уӕларвы дӕр рардӕуыдзӕн бар.18:18 Мф. 16:19; Ин. 20:23.
19 Ноджы ма уын зӕгъын: сымахӕй дыууӕ адӕймаджы куы сфӕнд кӕной зӕххыл цавӕрфӕнды хъуыддаджы тыххӕй дӕр иумӕ бакувыныл, уӕд цы ракурой, уый сын лӕвӕрд уыдзӕни Мӕ Уӕларвон Фыдӕй.
20 Уымӕн ӕмӕ Мӕ номыл дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймаджы кӕм ӕрӕмбырд уой, уым Ӕз дӕр семӕ уыдзынӕн».
Фӕсномыг ныхас ӕгъатыр цагъары тыххӕй
21 Уӕд Петр бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, мӕ тӕригъӕды цы ӕфсымӕр бацӕуа, уымӕн цал хатты хъуамӕ ныббарон? Авд хатты онг?»18:21 Лк. 17:4.
22 Йесо йын загъта: «Авд хатты онг дын нӕ зӕгъын, фӕлӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзгӕйттӕй авд хатты онг.
23 Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад у, йӕ цагъартӕй дзы чи цас дары, уый банымайыны фӕнд цы паддзах скодта, уый хуызӕн.
24 Уый нымайын куы райдыдта, уӕд ӕркодтой, дӕс мин таланты дзы чи дардта, уыцы адӕймаджы.
25 Ӕмӕ цӕмӕй бафида, уый йӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ паддзах радта хӕсджынӕн йӕхи, йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты, стӕй ма йӕм цыдӕриддӕр уыд, ӕппӕт уыдӕттӕ ауӕй кӕныны ӕмӕ хӕс бафидыны бардзырд.
26 Уӕд уыцы цагъар йӕ разы ӕрхауд йӕ зонгуытыл ӕмӕ йын дзырдта: „[Ме ’лдар!] Банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дын дӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй дӕр бафиддзынӕн".
27 Паддзах фӕтӕригъӕд кодта уыцы цагъарӕн, ауагъта йӕ ӕмӕ йын йӕ хӕс дӕр ныууагъта.
28 Уыцы цагъар та рацыд ӕмӕ ссардта, фондзыссӕдз динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы, ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ йын загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид".
29 Уӕд йе ’мбал йӕхи уый къӕхтӕм ӕрӕппӕрста ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта: „Банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дӕ цы дарын, уый дын бафиддзынӕн".
30 Фӕлӕ уый не сразы, ацыд ӕмӕ йӕ бакодта ахӕстоны, цалынмӕ йын йӕ хӕс бафида, уӕдмӕ.
31 Ацы хабар йе ’мбӕлттӕ куы федтой, уӕд сын тынг фӕхъыг и. Ӕрцыдысты сӕ паддзахмӕ ӕмӕ йын радзырдтой, цы ӕрцыди, уый.
32 Уӕд ӕм паддзах басидт ӕмӕ йын загъта: „Фыдзӕрдӕ цагъар! Ды мын балӕгъстӕ кодтай, ӕмӕ дын ӕз дӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй дӕр куы ныббарстон,
33 Уӕд дӕуӕн дӕр не ’мбӕлд, ӕви, де ’мбалӕн батӕригъӕд кӕнын, ӕз дын куыд батӕригъӕд кодтон, афтӕ?"
34 Мӕсты паддзах ӕй радта хъизӕмарӕй марынмӕ, цалынмӕ йӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй бафида, уӕдмӕ.
35 Мӕ Уӕларвон Фыд дӕр уын афтӕ бакӕндзӕн, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн йӕ тӕригъӕдтӕ зӕрдиагӕй куы нӕ ныббара, уӕд».
19Ус ауадзыны тыххӕй
1 Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд араст Галилейӕ, ӕмӕ ӕрцыд Иудейӕйы зӕхмӕ, Иорданы иннӕ фарсмӕ.19:1 Мк. 10:1.
2 Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ уым сдзӕбӕх кодта.
3 Бацыдысты Йӕм фарисейтӕ ӕмӕ Йӕ ракъахыны охыл бафарстой: «Алы азымы тыххӕй ӕмбӕлы лӕгӕн йӕ усы ауадзын, ӕви нӕ?»
4 Йесо сын дзуапп радта: «Сфӕлдисӕг тӕккӕ райдианӕй „уыдоны нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста", уый тыххӕй нӕ бакастыстут, ӕви?19:4 Мк. 10:6.
5 Ӕмӕ Сфӕлдисӕг загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕ уыдзысты иу буар".19:5 Мк. 10:7-8; 1 Кор. 6:16; Эф. 5:31.
6 Афтӕмӕй уыдон дыууӕ нал сты, фӕлӕ сты иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы сиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд».
7 Уыдон Йесойӕн загътой: «Уӕдӕ Моисей цӕмӕн бафӕдзӕхста уагъды ӕвдисӕндар раттын ӕмӕ усы ауадзын?»19:7 Мф. 5:31.
8 Йесо сын дзуапп радта: «Хивӕнд кӕй стут, уый тыххӕй уын радта Моисей уӕ устыты уадзыны бар. Фыццаг та афтӕ нӕ уыди.
9 Фӕлӕ уын Ӕз зӕгъын: хӕтыны азым ӕм ма уӕд, уымӕй дарддӕр йӕ усы чи ауадза ӕмӕ ӕндӕр ус чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны. [Уагъд усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны.]»19:9 Мф. 5:32; Мк. 10:11; Лк. 16:18.
10 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Кӕд йӕ усы тыххӕй лӕгмӕ ахӕм хӕс хауы, уӕд хуыздӕр у ус нӕ ракурын».
11 Йесо сын загъта: «Ӕппӕты бон нӕу ацы ныхас ӕххӕст кӕнын, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕмӕн уа, уый йӕ сӕххӕст кӕндзӕн.
12 Уымӕн ӕмӕ ис, мады гуыбынӕй ӕрдызт чи рахаста, ахӕмтӕ. Ис, адӕм кӕй бардызтой, ахӕм ӕрдызтытӕ дӕр. Ноджы ма ис, Уӕларвон Паддзахады сӕраппонд йӕхи чи бардызта, ахӕмтӕ дӕр. Ацы ныхас сӕххӕст кӕнын кӕй бон у, уый йӕ сӕххӕст кӕнӕд».19:12 1 Кор. 7:7.
Йесо Йӕ арфӕ ӕфтауы сывӕллӕттыл
13 Уӕд Йесомӕ ӕрхуыдтой сывӕллӕтты, цӕмӕй сыл ӕрӕвӕра Йӕ къухтӕ ӕмӕ бакува, фӕлӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой.19:13 Мк. 10:13; Лк. 18:15.
14 Йесо сын загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сывӕллӕтты, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад уыдоны хуызӕтты у».19:14 Мф. 18:3.
15 Йесо сывӕллӕттыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ ацыди уырдыгӕй.
Йесо ӕмӕ хъӕздыг лӕппу
16 Йесомӕ ӕрбацыд иу лӕппу ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн хорзӕй цы саразон?»19:16 Мк. 10:17; Лк. 18:18.
17 Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ фӕрсыс хорз саразынӕй? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. Фӕлӕ дӕ кӕд мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд сӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ»+ 19:17 Фӕстӕдӕры къухфыстыты 16-17 бынӕттӕ сты афтӕ: |iЙесомӕ ӕрбацыд иу лӕппу ӕмӕ Йӕ бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн хорзӕй цы саразон?» Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. Фӕлӕ дӕ кӕд мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд сӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ»|r..19:17 Иак. 1:17.
18 Уый Йӕ бафарста: «Цавӕр фӕдзӕхстытӕ?» Йесо йын дзуапп радта: «„Ма амар", „Ма хӕт", „Ма дав", „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу",
19 „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады" ӕмӕ „Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ"».
20 Лӕппу Йын загъта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ сӕххӕст кодтон. Ноджы ма мӕ цы бакӕнын хъӕуы?»
21 Йесо йын зӕгъы: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ ӕнаипп уай, уӕд ацу, ауӕй кӕн дӕ мулк, ратт ӕй мӕгуыртӕн, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
22 Лӕппу уый куы фехъуыста, уӕд ацыд ӕнкъардӕй, уымӕн ӕмӕ йӕм бирӕ мулк уыд.
23 Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ӕцӕг уын зӕгъын: зын у хъӕздыгӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуын.
24 Ноджы ма уын зӕгъын: хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быны иннӕрдӕм ахизын ӕнцондӕр у».
25 Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ загътой: «Уӕдӕ уӕд чи фервӕздзӕн?»
26 Йесо сӕм бакаст ӕмӕ сын загъта: «Уый адӕмы бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн Йӕ бон ӕппӕт дӕр у».
27 Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам алцыдӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл. Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?»19:27 Мк. 10:28; Лк. 18:28.
28 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ намысджын бынаты куы сбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, сбаддзыстут дыууадӕс бадӕны Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.19:28 Лк. 22:30.
29 Ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд йӕ хӕдзӕрттӕ, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, уый райсдзӕни фондзыссӕдз хатты фылдӕрӕй, ӕмӕ схайджын уыдзӕн мыггагмӕйы цардӕй.19:29 Мк. 10:29; Лк. 13:30.
30 Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та бирӕтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ.
20Фӕсномыг ныхас сӕнӕфсирдоны кусджыты тыххӕй
1 Уымӕн ӕмӕ райсомӕй раджы йӕ сӕнӕфсирдонмӕ кусджытӕ ӕххуырсынмӕ чи рацыд, Уӕларвон Паддзахад уыцы хицауы хуызӕн у.20:1 Мф. 21:33.
2 Уый кусджытимӕ бафидыдта бон фӕйнӕ динарыл, ӕмӕ сӕ арвыста йӕ сӕнӕфсирдонмӕ.
3 Ӕртыккӕгӕм сахатмӕ+ 20:3 Сахӕттӕ амынд сты рагон нымадӕй (кӕс дзырдуаты). хӕстӕг та рацыд ӕмӕ федта, сахары фӕзы ӕгуыстӕй чи лӕууыд, ахӕмты.
4 Ӕмӕ уыдонӕн дӕр загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ, ӕмӕ цы ӕмбӕла, уый уын бафиддзынӕн". Уыдон ацы- дысты.
5 Ноджы рацыд ӕмбисбонмӕ хӕстӕг, стӕй фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг, ӕмӕ та баххуырста ӕндӕрты.
6 Ӕппынфӕстаг рацыд иуӕндӕсӕм сахатмӕ хӕстӕг, федта та ӕндӕр ӕгуыст адӕм ӕмӕ сӕ бафарста: „Ам ӕнӕхъӕн бон ӕгуыстӕй цы лӕуут?"
7 Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста". Уый сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ [ӕмӕ цы ӕмбӕлы, уый райсдзыстут]".
8 Куы баизӕр, уӕд сӕнӕфсирдоны хицау йӕ исбонӕн уынаффӕгӕнӕгӕн загъта: „Басид кусджытӕм ӕмӕ сын мызд ратт; фӕстӕдӕр чи ӕрбацыди, уыдонӕн раздӕр бафид, раздӕр чи ӕрбацыди, уыдонӕн та – фӕстӕдӕр".
9 Иуӕндӕсӕм сахатмӕ хӕстӕг чи ӕрбацыд, уыдон райстой фӕйнӕ динары.
10 Раздӕр чи ӕрбацыд, уыдон ӕнхъӕл уыдысты, фылдӕр райсдзысты, зӕгъгӕ, фӕлӕ уыдон дӕр райстой фӕйнӕ динары.
11 Ӕмӕ мызд куы райстой, уӕд сӕнӕфсирдоны хицауыл райдыдтой бустӕ кӕнын.
12 Уыдон дзырдтой: „Фӕстӕдӕр кӕй баххуырстай, уыдон иунӕг сахат бакуыстой, фидгӕ та сын махимӕ ӕмхуызон бакодтай, мах та ӕнӕхъӕн бон ӕнтӕфы фӕфыдӕбон кодтам".
13 Уӕд ай сӕ иуӕн ахӕм дзуапп радта: „Хӕлар, ӕз дӕ хъыджы нӕ бацыдтӕн. Мемӕ динарыл нӕ бафидыдтай?
14 Цы дӕм ӕмбӕлы, уый айс ӕмӕ ацу. Дӕуӕн цас радтон, мӕн та фӕстӕдӕр ӕрбацӕуӕгӕн дӕр уыйбӕрц раттын фӕнды.
15 Мӕн цы у, ууыл мӕ бар нӕ цӕуы? Ӕви ӕз рӕдау кӕй дӕн, уый дӕ цӕст нӕ уарзы?"
16 Афтӕ фӕстӕгтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕ та уыдзысты фӕстӕгтӕ. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та – чысыл.]»20:16 Мф. 19:30; 22:14.
Йесо ӕртыккаг хатт зӕгъы Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй
17 Йесо Иерусалиммӕ куы цыди, уӕд фӕндагыл фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта:
18 «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн алчертӕм ӕмӕ динамонджытӕм. Рахӕсдзысты Йын марыны тӕрхон20:18 Мк. 10:33; Лк. 18:31.
19 Ӕмӕ Йӕ ратдзысты муртаттӕм, цӕмӕй Дзы уыдон фӕхынджылӕг кӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ байтындзой, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».20:19 Ин. 18:31.
Зеведейы усы курдиат
20 Уӕд Ӕм бацыди Зеведейы ус йӕ фырттимӕ, Йӕ разы ӕрзоныгыл ӕмӕ Йӕм хатыди цӕйдӕр тыххӕй.20:20 Мк. 10:35.
21 Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» Уый Йын дзуапп радта: «Бар ратт, цӕмӕй Дӕ Паддзахады мӕ ацы дыууӕ лӕппуйӕ иу сбада Дӕ рахиз фарс, иннӕ та – Дӕ галиу фарс».
22 Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхц нуаздзынӕн, уый баназын [кӕнӕ Мӕныл цы аргъуыдӕй аргъуыдӕуы, ахӕм аргъуыд райсын] суыдзӕн уӕ бон?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Суыдзӕн».20:22 Мф. 26:39, 42.
23 Уый сын загъта: «Мӕ хъизӕмӕртты кӕхц нуаздзыстут [ӕмӕ Мӕныл цы аргъуыдӕй аргъуыдӕуы, уымӕй уыл саргъуыдӕуыдзӕн]. Мӕ рахиз фарс ӕмӕ Мӕ галиу фарс сбадын та Мӕнӕй аразгӕ нӕу, фӕлӕ уыцы бынӕттӕ Мӕ Фыд кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон дзы сбаддзысты».
24 Уый дӕс ахуыргӕнинаджы куы фехъуыстой, уӕд смӕсты сты дыууӕ ӕфсымӕрмӕ.20:24 Мк. 10:41; Лк. 22:24.
25 Йесо басидти сеппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ӕлдӕрттӕ адӕмтӕн кӕй хицауиуӕг кӕнынц, ӕмӕ хицӕуттӕ адӕмтыл барджын кӕй сты, уый.
26 Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд. Фӕлӕ уӕ уӕлдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг;
27 Ӕмӕ уӕ фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уын уӕд цагъар.
28 Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕты ссӕрибары сӕраппонд ратта Йӕ цард».20:28 Мф. 26:28; Ин. 11:51; Флп. 2:7-8.
Дыууӕ куырмы цӕстӕй ракастысты
29 Иерихонӕй куы рараст сты, уӕд Йесойы фӕдыл цыди бирӕ адӕм.20:29 Мк. 10:46; Лк. 18:35.
30 Дыууӕ куырмы бадтысты фӕндаггӕрон. Йесо сӕ рӕзты кӕй ӕрцӕуы, уый куы фехъуыстой, уӕд ныхъхъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!»20:30 Мф. 9:27.
31 Адӕм уыдонӕй домдтой, цӕмӕй ныссабыр уой, фӕлӕ ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!»
32 Йесо ӕрлӕууыди, басидти сӕм ӕмӕ сӕ бафарста: «Цы уӕ фӕнды? Цы уын саразон?»
33 Уыдон Ын загътой: «Хицау, мах фӕнды нӕ цӕстытӕй ракӕсын».
34 Йесо фӕтӕригъӕд кодта куырмытӕн ӕмӕ сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм. Уыдон уайтӕккӕ ракастысты сӕ цӕстытӕй ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл.
21Йесо ӕрцыд Иерусалиммӕ
1 Иерусалиммӕ сӕ бирӕ нал хъуыд. Елеоны хохы фахсыл чи ис, уыцы Виффагимӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо арвыста дыууӕ ахуыргӕнинаджы,21:1 Мк. 11:1; Лк. 19:29.
2 Ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, уӕ ныхмӕ цы хъӕу ис, уырдӕм. Уым уайтӕккӕ ссардзыстут баст хӕрӕджы къӕлӕуимӕ. Суадзут сӕ ӕмӕ сӕ ӕркӕнут Мӕнмӕ.
3 Исчи уын исты куы зӕгъа, уӕд дзуапп раттут, уыдон Хицауы хъӕуынц, зӕгъгӕ, ӕмӕ уын сӕ уайтӕккӕ ратдзысты».
4 Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый:
5 «Зӕгъут Сионы чызгӕн: мӕнӕ дӕм дӕ ӕвӕлмас Паддзах фӕцӕуы хӕрӕгыл ӕмӕ ӕрыгон къӕлӕуыл – кусӕг хӕрӕджы лӕппыныл – бадгӕйӕ».21:5 Ин. 12:15.
6 Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ бакодтой, Йесо сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
7 Ӕркодтой хӕрӕг ӕмӕ къӕлӕуы, ӕрӕвӕрдтой сыл сӕ дарӕстӕ, ӕмӕ Йесо сӕ уӕлӕ сбадти.21:7 Мк. 11:7.
8 Бирӕ адӕм сӕ дарӕстӕ байтыдтой фӕндагыл, иннӕтӕ та лыг кодтой бӕлӕсты къалиутӕ ӕмӕ сӕ калдтой фӕндагмӕ.21:8 Ин. 12:13.
9 Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ цы адӕм цыд, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг! Осаннӕ уӕлӕрвты!»21:9 Мк. 11:10; Лк. 19:38.
10 Йесо Иерусалиммӕ куы бахӕццӕ, уӕд ӕгас сахар дӕр базмӕлыд ӕмӕ фарстой: «Уый Чи у?»
11 Адӕм та дзырдтой: «Уый Йесо-пехуымпар у, галилейаг Назаретӕй».
Йесо сыгъдӕг кӕны Кувӕндон
12 Йесо Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ – уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй – сеппӕты дӕр ратардта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта сӕ фынгтӕ, бӕлӕттӕ уӕйгӕнджытӕн та – сӕ бандӕттӕ.21:12 Мк. 11:15; Лк. 19:45; Ин. 2:14.
13 Ӕмӕ сын загъта: «Фыст у: „Мӕ хӕдзар кувӕн хӕдзар схуындӕуыдзӕн"; сымах та дзы абырджыты лӕгӕт аразут».21:13 Мк. 11:17; Лк. 19:46.
14 Кувӕндоны Йӕм бацыдысты куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.
15 Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдӕттӕ алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ куы федтой, стӕй Кувӕндоны «Осаннӕ Давиды Фыртӕн!», зӕгъгӕ, чи хъӕр кодта, уыцы сывӕллӕтты, уӕд смӕсты сты,
16 Ӕмӕ Йын загътой: «Хъусыс, цытӕ дзурынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Хъусын! Ау, никуы бакастыстут: „Ды бакодтай афтӕ, ӕмӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕ стауынц Дӕу"?»
17 Йесо сӕ ныууагъта, сахарӕй ацыди Вифанимӕ ӕмӕ Йе ’хсӕв арвыста уым.
Ӕлгъыст легъуибӕлас
18 Райсомӕй раджы сахармӕ куы здӕхтысты, уӕд Йесо сыстонг.
19 Фӕндаггӕрон федта иу легъуибӕлас, бацыд ӕм, фӕлӕ йыл сыфтӕрты йеддӕмӕ ницы ссардта. Уӕд ын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дыл мыггагмӕ иу гага дӕр мауал ӕрзайӕд». Ӕмӕ легъуибӕлас уайтӕккӕ бахус.21:19 Мк. 11:13.
20 Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕм диссаг фӕкаст ӕмӕ дзырдтой: «Легъуибӕлас уайтӕккӕ куыд бахус?»
21 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ куы нӕ фӕгуырысхо уат, уӕд бакӕндзыстут, легъуибӕласыл цы ӕрцыд, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ацы хохӕн дӕр куы зӕгъат: „Фӕхицӕн у зӕххӕй ӕмӕ денджызы дӕхи баппар", – уӕд уыдзӕн афтӕ.21:21 Мф. 17:20; Лк. 17:6; Иак. 1:6.
22 Ӕмӕ уӕм уырнындзинад куы уа, уӕд уӕ куывды цы ракурат, уый райсдзыстут».21:22 Мф. 7:7; Мк. 11:24; Ин. 14:13.
Йесойӕн ахӕм бар чи радта
23 Йесо Кувӕндонмӕ куы ӕрцыд ӕмӕ адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ, ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды цавӕр хъаруйӕ кӕныс ӕппӕт уыдӕттӕ? Уыцы бар Дын чи радта?»21:23 Мф. 7:29; Мк. 11:28; Лк. 20:1-2.
24 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз дӕр уӕ бафӕрсдзынӕн цӕмӕйдӕр, ӕмӕ Мын дзуапп куы раттат, уӕд уын зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый.
25 Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый кӕмӕй уыд: уӕларвӕй ӕви адӕмӕй?» Уыдон кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «„Уӕларвӕй" куы зӕгъӕм, уӕд бафӕрсдзӕн: „Уӕдӕ цӕуылнӕ баууӕндыдыстут Иоанныл?"
26 „Адӕмӕй" куы зӕгъӕм, уӕд та нын адӕмӕй тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр Иоанны пехуымпарыл нымайынц».21:26 Мф. 14:5; Мк. 6:20.
27 Ӕмӕ дзуапп радтой Йесойӕн: «Нӕ зонӕм». Йесо дӕр сын загъта: «Уӕдӕ уын Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый.
Фӕсномыг ныхас дыууӕ фырты тыххӕй
28 Куыд уӕм кӕсы? Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Бацыди сӕ иумӕ ӕмӕ йын загъта: „Мӕ хъӕбул, ацу ӕмӕ абон бакус мӕ сӕнӕфсирдоны".
29 Уый дзуапп радта: „Нӕ мӕ фӕнды", фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрхудт йӕхиуыл ӕмӕ ацыди.
30 Бацыд иннӕ фыртмӕ, ӕмӕ уымӕн дӕр загъта афтӕ. Уый йын дзуапп радта: „Фӕцӕуын, ме ’лдар", фӕлӕ нӕ ацыди.
31 Уыцы дыууӕйӕ йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?» Уыдон Ын загътой: «Фыццаг». Йесо сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, хъалонисджытӕ ӕмӕ хъахбайтӕ уӕ разӕй цӕуынц Хуыцауы Паддзахадмӕ.21:31 Лк. 7:29.
32 Уымӕн ӕмӕ Иоанн ӕрцыди сымахӕн раст фӕндаг бацамонынмӕ, ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут, хъалонисджытӕ ӕмӕ йыл хъахбайтӕ та баууӕндыдысты. Сымах уый федтат, фӕлӕ уӕддӕр не ’рфӕсмон кодтат ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут.21:32 Лк. 3:12.
Фӕсномыг ныхас фыдзӕрдӕ ӕххуырстыты тыххӕй
33 Байхъусут ӕндӕр фӕсномыг ныхасмӕ. Иу хицау ныссагъта сӕнӕфсирдон, йӕ алыварс ын сарӕзта ӕмбонд, скъахта дзы сӕндуцӕн, самадта дзы мӕсыг, радта йӕ ӕххуырст кусджытӕм ӕмӕ ацыди балцы.21:33 Мк. 12:1; Лк. 20:9.
34 Гагадыргъты рӕгъӕдафон куы ӕрхӕстӕг, уӕд йӕ цагъарты йӕ сӕнӕфсир райсынмӕ арвыста ӕххуырст кусджытӕм.
35 Ӕххуырст кусджытӕ йын ӕрцахстой йӕ цагъарты, ӕмӕ дзы кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй дзы маргӕ акодтой, кӕй та дзы дуртӕй фӕхостой.21:35 Мф. 5:12; 23:34, 37.
36 Арвыста сӕм ӕндӕр цагъарты – фыццӕгтӕй фылдӕр. Ӕмӕ уыдонӕн дӕр бакодтой афтӕ.21:36 Мф. 22:4.
37 Ӕппынфӕстаг сӕм арвыста йӕ фырты; загъта, мӕ фыртӕй мын фефсӕрмы уыдзысты, зӕгъгӕ.
38 Фӕлӕ йын ӕххуырст кусджытӕ йӕ фырты куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн загътой: „Уый йӕ бындар у. Цом, амарӕм ӕй, ӕмӕ йын йӕ бынтӕ нӕхи бакӕнӕм".21:38 Мф. 26:4; 27:1.
39 Ӕмӕ йӕ ӕрцахстой, раппӕрстой йӕ сӕнӕфсирдонӕй ӕмӕ йӕ амардтой.21:39 Дзут. 13:12.
40 Ныр сӕнӕфсирдоны хицау куы ӕрцӕуа, уӕд цы бакӕндзӕн уыцы ӕххуырст кусджытӕн?»
41 Йесойӕн дзуапп радтой: «Уыцы фыдгӕнджыты амардзӕни хъизӕмары мӕлӕтӕй, сӕнӕфсирдон та ратдзӕн ӕндӕр ӕххуырст кусджытӕм, афоныл ын сӕнӕфсир чи дӕтта, ахӕмтӕм».
42 Йесо сын загъта: «Ау, Сыгъдӕг Фысты никуы бакастыстут: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси сӕрӕвӕрӕн. Уый Хуыцауы фӕндӕй у, ӕмӕ уыцы диссаг мах уынӕм"?21:42 Мк. 12:10; Лк. 20:17; Ап. хъ. 4:11.
43 Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын, сымахӕй ист ӕрцӕудзӕни Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ лӕвӕрд уыдзӕни, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн.
44 Уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕн».21:44 1 Пет. 2:7; Ром. 9:32.
45 Алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд бамбӕрстой, уыдоны тыххӕй кӕй дзырдта, уый.
46 Ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой.
22Фӕсномыг ныхас чындзӕхсӕвы тыххӕй
1 Йесо сын фӕсномыг ныхӕстӕй дзырдта дарддӕр:
2 «Йӕ фыртӕн чындзӕхсӕв чи сарӕзта, Уӕларвон Паддзахад уыцы паддзахы хуызӕн у.22:2 Лк. 14:16; Ӕрг. 19:7.
3 Уый йӕ цагъарты арвыста хуындтыты чындзӕхсӕвмӕ ӕрхонынмӕ, фӕлӕ уыдоны ӕрцӕуын нӕ бафӕндыди.
4 Ноджы арвыста ӕндӕр цагъарты ӕмӕ сын загъта: „Зӕгъут хуындтытӕн: мӕнӕ ӕз ӕрӕвӕрдтон фынгтӕ, мӕ галтӕ ӕмӕ мӕ хаст фос ӕргӕвст сты, алцыдӕр цӕттӕ у, рацӕут чындзӕхсӕвмӕ".
5 Фӕлӕ йӕ уыдон ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ ацыдысты – чи йӕ хуыммӕ, чи та сӕудӕджер кӕнынмӕ.
6 Иннӕтӕ та йын ӕрцахстой йӕ цагъарты, бафхӕрдтой сӕ ӕмӕ сӕ амардтой.
7 Паддзах смӕсты, арвыста йе ’фсад, ныццагъта уыцы лӕгмарты ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта.22:7 Лк. 19:27, 43.
8 Уӕд йӕ цагъартӕн загъта: „Чындзӕхсӕвы фынг цӕттӕ у, фӕлӕ хуындтытӕ аккаг нӕ разындысты.
9 Уӕдӕ ацӕут фӕндӕгты тигътӕм, ӕмӕ-иу кӕйдӕриддӕр фенат, уыдоны ӕрхонут чындзӕхсӕвмӕ".
10 Уыцы цагъартӕ ацыдысты фӕндӕгтӕм ӕмӕ ӕрбахуыдтой, кӕуылдӕриддӕр сӕмбӕлдысты, уыдоны – фыдзӕрдӕты дӕр ӕмӕ хӕрзгӕнджыты дӕр. Ӕмӕ чындзӕхсӕв байдзаг фынгыл бадӕг адӕмӕй.
11 Паддзах фынджы адӕмы фенынмӕ куы бацыд, уӕд дзы бафиппайдта, бӕрӕгбоны дарӕс кӕуыл нӕ уыд, ахӕм адӕймаджы,
12 Ӕмӕ йын загъта: „Мӕ хӕлар, ӕнӕ бӕрӕгбоны дарӕсӕй ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?" Уый ныхъхъус и.
13 Уӕд паддзах загъта йӕ фӕсдзӕуинтӕн: „Сбӕттут ын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ ап- парут ӕддӕмӕ, талынгмӕ: уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс".
14 Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та – чысыл».22:14 Мф. 20:16.
Хъалон кесӕрӕн
15 Уӕд фарисейтӕ ацыдысты ӕмӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Йесойы ракъахой ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕцаразой.22:15 Мк. 12:13; Лк. 20:20.
16 Ӕмӕ Йӕм барвыстой сӕ ахуыргӕнинӕгты Ироды фарсдарджытимӕ, ӕмӕ Йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй амоныс; искӕй зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс.
17 Уӕдӕ нын зӕгъ: куыд Дӕм кӕсы? Кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
18 Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Цы Мӕ къахут, цӕстмӕхъустӕ?
19 Равдисут Мӕм, хъалон цы ӕхцайӕ фидынц, уый». Уыдон Ӕм ӕрбахастой динар.
20 Ӕмӕ сын загъта: «Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?»
21 Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн».22:21 Мк. 12:17; Ром. 13:7.
22 Уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм диссаг фӕкасти, ныууагътой Йӕ ӕмӕ ацыдысты.
Мӕрдты райгасы тыххӕй
23 Уыцы бон Йесомӕ ӕрбацыдысты саддукейтӕ (саддукейтӕ дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ), ӕмӕ Йӕ бафарстой:22:23 Мк. 12:18; Лк. 20:27; Ап. хъ. 23:8.
24 «Ахуыргӕнӕг, Моисей загъта: „Исчи ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын йе ’фсымӕр ракурӕд йӕ усы ӕмӕ цот рауадзӕд йе ’фсымӕрӕн".22:24 Мк. 12:19; Лк. 20:28.
25 Махмӕ уыд авд ӕфсымӕры. Хистӕр ӕрхаста ус, амард ӕнӕзӕнӕгӕй ӕмӕ йӕ ус баззади йе ’фсымӕрӕн.
26 Афтӕ рауад сӕ хабар дыккаг ӕмӕ ӕртыккагӕн дӕр, стӕй иннӕтӕн дӕр суанг ӕвдӕм ӕфсымӕрмӕ.
27 Сеппӕты фӕстӕ ус дӕр амард.
28 Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд уыцы авд ӕфсымӕрӕй уый кӕй ус уыдзӕни? Сеппӕты ус дӕр куы уыд».
29 Йесо сын дзуапп радта: «Сымах рӕдийут, нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых кӕй нӕ зонут, уымӕ гӕсгӕ.
30 Уымӕн ӕмӕ мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдтау.22:30 1 Кор. 15:44.
31 Мӕрдты райгасы тыххӕй уын Хуыцау цы загъта, уый нӕ бакастыстут, ӕви:
32 „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау"? Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, удӕгӕсты Хуыцау у».22:32 Мк. 12:26; Лк. 20:37.
33 Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд дисы ӕфтыдысты Йесойы ахуырадыл.
Тӕккӕ ахсджиагдӕр фӕдзӕхст
34 Йесо Йӕ дзырдӕй саддукейты кӕй басаста, уый фарисейтӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕрӕмбырд сты иумӕ.
35 Уыдонӕй иу, динамонӕг, Йесойы къахгӕйӕ, загъта:22:35 Мк. 12:28; Лк. 10:25.
36 «Ахуыргӕнӕг, Моисейы Ӕгъдауы сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у?»
37 Йесо йын дзуапп радта: «„Уарз дӕ Хицау Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй".22:37 Мк. 12:29; Лк. 10:27.
38 Уый у фыццаг ӕмӕ сӕйрагдӕр фӕдзӕхст.
39 Дыккаг дӕр уый хуызӕн у: „Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ".22:39 Мф. 5:43; Мк. 12:31.
40 Моисейы ӕппӕт Ӕгъдауӕн ӕмӕ пехуымпарты ахуырадӕн ацы дыууӕ фӕдзӕхсты сты сӕ бындур».
Кӕй байзӕддаг у Чырысти?
41 Фарисейтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сӕ Йесо бафарста:
42 «Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй байзӕддаг у?» Уыдон Ын загътой: «Давиды».22:42 Мк. 12:35; Лк. 20:41.
43 Йесо сын загъта: «Уӕдӕ Йӕ Давид, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, цӕмӕн хоны Хицау? Мӕнӕ афтӕ куы дзуры:
44 „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ"?22:44 Лк. 20:42.
45 Уӕдӕ Йӕ кӕд Давид Хицау хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?»
46 Ӕмӕ Йесойӕн никӕй бон уыди дзуапп раттын. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йӕм бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста.
23Цӕстмӕхъус динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ
1 Уӕд Йесо дзурын райдыдта адӕмӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн:
2 «Моисейы бадӕны ӕрбадтысты динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ.
3 Ӕмӕ уын цы зӕгъынц, уый кӕнут, фӕлӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ уыдон цы фӕзӕгъынц, уый сӕхӕдӕг нӕ кӕнынц.
4 Бӕттынц уӕззау, зынхӕссӕн уӕргътӕ ӕмӕ сӕ ӕвӕрынц адӕмы ӕккой, сӕхӕдӕг та сӕм сӕ ныхы кӕронӕй дӕр не ’вналынц.23:4 Лк. 11:46; Ап. хъ. 15:10.
5 Сӕ алы хъуыддаг дӕр адӕмы цӕстмӕ кӕнынц. Ӕфтауынц се ’вӕрӕнты уӕрхыл ӕмӕ сӕ дарӕсы коцоратыл+ 23:5 |iӔвӕрӕнтӕ|r – чыссӕтӕ Моисейы Ӕгъдауӕй ист дзырдтӕ ӕвӕрынӕн. Кувыны афон сӕ иудейтӕ фӕбӕттынц сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл. |iКоцоратӕ|r дарынц Ӕгъдауы домӕнмӕ гӕсгӕ. ;
6 Уарзынц минасы фынгтыл уӕле ӕмӕ синагогӕты раззаг бынӕтты бадын;23:6 Мк. 12:39; Лк. 11:43; 20:46.
7 Уарзынц, цӕмӕй сын сахарты фӕзты адӕм кӕной арфӕтӕ ӕмӕ сӕ хоной: „Ахуыргӕнӕг! Ахуыргӕнӕг!"
8 Сымах та ахуыргӕнджытӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын ис иу Ахуыргӕнӕг – Чырысти, сымах та уеппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут.23:8 Иак. 3:1; 1 Кор. 3:4.
9 Ӕмӕ зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын иу фыд ис – Уӕларвон Фыд.
10 Зондамонджытӕ дӕр уӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын ис иу Зондамонӕг – Чырысти.
11 Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг.
12 Уымӕн ӕмӕ йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕни. Йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕни.23:12 Лк. 14:11.
13 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Адӕмӕн ӕхгӕнут Уӕларвон Паддзахадмӕ дуар; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут, ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.23:13 Лк. 11:52.
14 [Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Сымах хӕрут идӕдзты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ бирӕ кувут цӕстмӕ. Уый тыххӕй баййафдзыстут карз ӕфхӕрд.]23:14 Мк. 12:40; Лк. 20:47.
15 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Сымах ӕрзилут денджыз ӕмӕ зӕххыл, цӕмӕй иу адӕймаджы уӕддӕр раздахат уӕ динмӕ, ӕмӕ уый уӕ къухы куы бафты, уӕд дзы скӕнут зындоны хъӕбул – уӕхицӕй дыууӕ хатты ӕвзӕрдӕр.
16 Сар уӕ сӕр, куырм фӕтӕгтӕ! Сымах дзурут: „Исчи Кувӕндонӕй куы басомы кӕна, уӕд уый ницы у, фӕлӕ Кувӕндоны сызгъӕринӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы ма басӕттӕд".
17 Ӕнӕзӕндтӕ ӕмӕ куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у, сызгъӕрин ӕви Кувӕндон – сызгъӕрин сыгъдӕггӕнӕг?
18 Ноджы фӕзӕгъут: „Нывондхӕссӕнӕй исчи куы басомы кӕна, уӕд уый ницы у, фӕлӕ нывондхӕссӕныл цы нывонд ис, уымӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы ма басӕттӕд".
19 [Ӕдылытӕ ӕмӕ] куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у, нывонд ӕви нывондхӕссӕн – нывонд сыгъдӕггӕнӕг?
20 Уӕдӕ нывондхӕссӕнӕй сомыгӕнӕг сомы кӕны нывондхӕссӕнӕй дӕр ӕмӕ йыл цы ӕвӕрд ис, ӕппӕт уыдӕттӕй дӕр.
21 Кувӕндонӕй сомыгӕнӕг сомы кӕны кувӕндонӕй, стӕй дзы Чи цӕры, Уымӕй дӕр.
22 Арвӕй сомыгӕнӕг сомы кӕны Хуыцауы бадӕнӕй ӕмӕ уыцы бадӕны Бадӕгӕй.
23 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, хъонтхора ӕмӕ зирайы дӕсӕймаг хай дӕттут, йӕ ахъаззӕгтӕ – рӕстдзинад, иннӕйы барӕвдауын ӕмӕ уырнындзинад та ницӕмӕ дарут. Сымахӕн ӕмбӕлд адӕттӕ кӕнын ӕмӕ уыдӕттӕ дӕр рохуаты нӕ ныууадзын.23:23 Мф. 12:7; Лк. 11:42.
24 Куырм фӕтӕгтӕ, къогъойы чи фӕрсудзы ӕмӕ теуайы чи ныхъуыры!
25 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Сымах къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ сыгъдӕг кӕнут; дзаг цӕмӕй сты, уый та уӕ къухы бафтыд, кӕрӕф ӕмӕ ӕнӕфсис кӕй стут, уый руаджы.
26 Куырм фарисей! Фыццаг уал къус ӕмӕ тӕбӕгъ ссыгъдӕг кӕн мидӕгӕй, ӕмӕ уӕд ӕддейӕ дӕр уыдзысты сыгъдӕг.
27 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Сымах чъырӕйцагъд зӕппӕдзты хуызӕн стут – уыдон ӕддейӕ рӕсугъд зынынц, мидӕгӕй та дзаг сты мӕрдты стджытӕ ӕмӕ алы чъизитӕй.23:27 Лк. 11:44; Ап. хъ. 23:3.
28 Афтӕ сымах дӕр уӕ бакастӕй адӕммӕ рӕстгӕнджытӕ кӕсут, мидӕгӕй та дзаг стут цӕстмӕми ӕмӕ тӕригъӕдӕй.
29 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Пехуымпартӕн аразут зӕппӕдзтӕ, рӕсугъд кӕнут рӕстыты цыртытӕ,
30 Ӕмӕ фӕзӕгъут: „Нӕ фыдӕлты рӕстӕг куы цардаиккам, уӕд пехуымпарты туг ныккалджытимӕ ӕмдзӕхдон нӕ уыдаиккам".
31 Афтӕмӕй ӕвдисӕн лӕуут уӕхи ныхмӕ, пехуымпарты марджыты байзӕддаг кӕй стут, уый тыххӕй.
32 Уӕдӕ бафтаут уӕ фыдӕлты азымыл.
33 Кӕлмытӕ ӕмӕ калмы цот! Куыд фервӕздзыстут зындонмӕ уӕ ныппарыны тӕрхонӕй?23:33 Мф. 3:7.
34 Уый тыххӕй уӕм мӕнӕ Ӕз ӕрвитын пехуымпарты, зондджынты ӕмӕ динамонджыты. Иуты дзы амардзыстут ӕмӕ байтындздзыстут, иннӕты нӕмдзыстут ехсӕй уӕ синагогӕты ӕмӕ сӕ сурдзыстут иу сахарӕй иннӕ сахармӕ.23:34 Лк. 11:49.
35 Уымӕ гӕсгӕ уын, зӕххыл цы рӕстаг туг фӕкалд, уый иууылдӕр фидинаг у: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захарийы туджы онг.23:35 Лк. 11:51; 1 Ин. 3:12.
36 Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕппӕт уыцы фыдракӕндты тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзӕн ацы фӕлтӕр.
Йесо кӕуы Иерусалимыл
37 Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты марӕг ӕмӕ дӕумӕ ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты Мӕ фӕндыди, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрӕмбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!23:37 Лк. 13:34.
38 Ныр уын уӕ хӕдзар уагъдӕуы ӕнӕхицау ӕмӕ афтидӕй.23:38 Лк. 13:35.
39 Уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын, цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!", уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».23:39 Мф. 21:9.
24Пехуымпар ныхас Кувӕндоны тыххӕй
1 Йесо Кувӕндонӕй куы рацӕйцыд, уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, цӕмӕй Йын фенын кӕной Кувӕндоны бӕстыхӕйттӕ.24:1 Мк. 13:1; Лк. 21:5.
2 Йесо сын загъта: «Уынут ӕппӕт уыдӕттӕ? Ӕцӕг уын зӕгъын: афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы ам дур дурыл нал баззайдзӕн».24:2 Мк. 13:2; Лк. 19:44; 21:6.
Бӕллӕхты райдайӕн
3 Йесо Елеоны хохыл куы бадт, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕни Де ’рцыды ӕмӕ дунейы фӕуды афон?»
4 Йесо сын дзуапп радта: «Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа.24:4 Мк. 13:5; Лк. 21:8; Эф. 5:6; 2 Фес. 2:3.
5 Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн", ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты.
6 Ноджы ма фехъусдзыстут ӕввахс ӕмӕ дард хӕстыты тыххӕй. Ма тӕрсут – ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый кӕрон нӕма уыдзӕни.
7 Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты скӕндзӕни стонг рӕстӕг, уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ.
8 Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕртты райдайӕнау уыдзысты.
9 Уӕд уӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдзысты ӕмӕ уӕ мардзысты, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн уыдзыстут ӕнӕуынон.24:9 Мф. 10:17; Мк. 13:9; Лк. 21:12; Ин. 15:20.
10 Уӕд бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, кӕрӕдзийыл рацӕудзысты гадзрахатӕй ӕмӕ кӕрӕдзийӕ уындзысты се сӕфт.
11 Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты асайдзысты.
12 Ӕмӕ тӕригъӕды сарӕхы аххосӕй бирӕтӕн бамынӕг уыдзӕни сӕ уарзондзинад.
13 Фӕлӕ кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн.
14 Ӕмӕ ацы фарны уац фӕхӕццӕ уыдзӕни дунейы ӕппӕт кӕрӕттӕм, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕни кӕрон.
Ӕрцӕуинаг бӕллӕхтӕ
15 Уӕдӕ Даниил-пехуымпары дзыхӕй Хуыцау куыд загъта, афтӕ Сыгъдӕг Бынаты „ӕлгъаг гӕныстон" куы фенат, – чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, –24:15 Мк. 13:14; Лк. 21:20.
16 Уӕд Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм.
17 Уӕлхӕдзар чи уа, уый йӕ хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд уырдыгӕй исты рахӕссынмӕ.
18 Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд йӕ дарӕс рахӕссынмӕ.
19 Уӕд додоййаг уыдзысты сывӕрджынтӕ ӕмӕ дзидзидарджытӕ.
20 Кувут, цӕмӕй уӕ ма бахъӕуа зымӕджы кӕнӕ сабаты лидзын.
21 Уымӕн ӕмӕ уӕд уыдзӕни, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма уыд ӕмӕ нал уыдзӕн, ахӕм стыр бӕллӕх.
22 Ӕмӕ уыцы бонтӕ Хуыцау куы нӕ фӕцыбыр кодтаид, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты сӕраппонд Хуыцау уыцы бонтӕ фӕцыбыр кӕндзӕн.
23 Уӕд уын исчи куы зӕгъа: „Мӕнӕ ам ис Чырысти", кӕнӕ: „Уым ис", – ма уӕ бауырнӕд.24:23 Мк. 13:21; Лк. 17:23.
24 Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, асайой ӕвзӕрстыты дӕр.
25 Ныр уын уыдӕтты тыххӕй загътон рагацау.
26 Уӕдӕ уын куы зӕгъой: „Чырысти ӕдзӕрӕг ран ис", – ма ацӕут, кӕнӕ: „Мӕнӕ рӕбинаг уаты ис Уый", – ма уӕ бауырнӕд.
27 Уымӕн ӕмӕ, ӕрвӕрттывд скӕсӕнӕй суанг ныгуылӕнмӕ куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр.
28 Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты цӕргӕстӕ.24:28 Лк. 17:37.
Адӕймаджы Фырты ӕрцыд
29 Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд баталынг уыдзӕни хур, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.24:29 Мк. 13:24; Лк. 21:25.
30 Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Скӕудзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ.24:30 Мк. 14:62; Ӕрг. 1:7.
31 Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе ’взӕрстыты ӕрӕмбырд кӕндзысты алы рӕттӕй – арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.24:31 1 Кор. 15:52; 1 Фес. 4:16.
Фӕсномыг ныхас легъуибӕласы тыххӕй
32 Райсут цӕвиттонӕн легъуибӕлас: йӕ къалиутӕ куы сфӕлмӕн вӕййынц ӕмӕ сыфтӕр куы рафтауынц, уӕд фӕзонут, сӕрд кӕй ӕрӕввахс.
33 Уӕдӕ сымах ӕппӕт уыдӕттӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, афон кӕй ӕрӕввахс, ныридӕгӕн къӕсӕрыл кӕй ис, уый.
34 Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕни, цалынмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой.24:34 Мк. 13:30-31.
35 Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.24:35 2 Пет. 3:10.
Бон ӕмӕ сахат ничи зоны
36 Уыцы бон ӕмӕ сахаты тыххӕй ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – ӕрмӕст ӕй Фыд зоны.
37 Фӕлӕ Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыды рӕстӕг дӕр.24:37 Лк. 17:26; 1 Пет. 3:20.
38 Цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд ӕмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ хордтой ӕмӕ нуӕзтой, хастой устытӕ ӕмӕ цыдысты моймӕ.
39 Ӕмӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты, цалынмӕ доны хъаймӕт ӕрцыд ӕмӕ сеппӕты дӕр фесӕфта, уӕдмӕ. Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр афтӕ уыдзӕн.
40 Уӕд дыууӕ лӕджы уыдзысты быдыры – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.
41 Дыууӕ сылгоймаджы ӕрмгуыройыл сдзысты хор – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.
42 Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут.24:42 Мф. 25:13; Мк. 13:33.
43 Сымахӕн зындгонд у: хуыснӕг кӕцы сахатыл ӕрцӕудзӕн, уый хӕдзары хицау куы зыдтаид, уӕд уыдаид къӕрцхъус ӕмӕ йӕ хӕдзар фӕкъахын нӕ бауагътаид.24:43 Лк. 12:39; 1 Фес. 5:2; Ӕрг. 16:15.
44 Уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт.
Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цагъар
45 Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын цагъар? Хӕринаг сын афоныл дӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕн?24:45 Лк. 12:42; 1 Кор. 4:2.
46 Тӕхудиаг уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау куы ӕрцӕуа, уӕд афтӕмӕй кӕй ӕрӕййафа.
47 Ӕцӕг уын зӕгъын, йеппӕт исбон бакӕндзӕн уый бар.
48 Фӕлӕ уыцы цагъар фыдзӕрдӕ куы уа ӕмӕ хинымӕр афтӕ куы зӕгъа: „Мӕ хицау рӕхджы не ’рцӕудзӕн",
49 Ӕмӕ куы байдайа йе ’мбӕлтты нӕмын, расыггӕнджытимӕ хӕрын ӕмӕ нуазын,
50 Уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау ӕрцӕудзӕн, кӕд ӕм не ’нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон, ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕ уа, уыцы сахат,
51 Ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын цӕстмӕхъусты хал ахӕрын кӕндзӕн. Уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс.
25Фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй
1 Уӕд Уӕларвон Паддзахад уыдзӕн, сӕ цырӕгътӕ семӕ чи рахаста ӕмӕ сиахсаджы размӕ чи рацыди, уыцы дӕс чызджы хуызӕн.25:1 Мф. 3:2; Лк. 12:36.
2 Уыдонӕй фондз зондджынтӕ уыдысты, фондз та – ӕнӕзонд.
3 Ӕнӕзонд чызджытӕ сӕ цырӕгътӕ бӕргӕ рахастой, фӕлӕ зети семӕ нӕ райстой.
4 Зондджынтӕ та цырӕгътимӕ сӕ дурынты рахастой зети дӕр.
5 Ӕмӕ сиахсаг куы афӕстиат, уӕд чызджыты хуыссӕг ӕрцахста ӕмӕ сеппӕт дӕр бафынӕй сты.
6 Фӕлӕ ӕмбисӕхсӕв райхъуыст хъӕр: „Сиахсаг ӕрбацӕуы, йӕ размӕ рацӕут".
7 Уӕд уыцы чызджытӕ сеппӕт дӕр сыстадысты, ӕрцӕттӕ кодтой сӕ цырӕгътӕ.
8 Ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕн загътой: „Раттут нын уӕ зетийӕ, кӕннод нӕ цырӕгътӕ фӕхуыссынц".
9 Зондджынтӕ сын дзуапп радтой: „Цӕмӕй мах дӕр ӕмӕ сымах дӕр зетийӕ ма схъуаг уӕм, уый тыххӕй фӕлтау ацӕут уӕйгӕнджытӕм ӕмӕ балхӕнут уӕхицӕн".
10 Уыдон ӕлхӕнынмӕ куы ацыдысты, уӕд ӕрхӕццӕ сиахсаг, цӕттӕ чызджытӕ йемӕ бацыдысты чындзӕхсӕвмӕ, ӕмӕ дуар сӕхгӕдӕуыд.25:10 Лк. 13:25.
11 Уӕдмӕ ӕрцыдысты иннӕ чызджытӕ дӕр ӕмӕ загътой: „Хицау, Хицау, дуар нын бакӕн!"25:11 Мф. 7:21.
12 Фӕлӕ сын уый дзуапп радта: „Ӕцӕг уын зӕгъын: нӕ уӕ зонын".
13 Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут [Адӕймаджы Фырт кӕд ӕрцӕудзӕни,] нӕдӕр уыцы бон, нӕдӕр уыцы сахат.25:13 Мк. 13:33; 1 Кор. 16:13.
Фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй
14 Цӕвиттон, иу лӕг балцы ацӕуыны размӕ басидт йӕ цагъартӕм ӕмӕ сын бафӕдзӕхста йӕ исбон.25:14 Лк. 19:12.
15 Сӕ иуӕн радта фондз таланты, иннӕмӕн – дыууӕ, ӕртыккагӕн – иу, алкӕмӕн дӕр – йӕ арӕхст- дзинадмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ ацыди.25:15 Ром. 12:6; 1 Кор. 12:7-11.
16 Фондз таланты чи райста, уый уайтӕккӕ ацыди, спайда сӕ кодта ӕмӕ ма ноджыдӕр бакуыста фондз таланты.
17 Дыууӕ таланты чи райста, уый дӕр бакуыста дыууӕ таланты.
18 Иу талант чи райста, уый та ацыди, скъахта уӕрм ӕмӕ дзы йӕ хицауы ӕвзист баныгӕдта.
19 Бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ ӕрцыд уыцы цагъарты хицау ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдта.
20 Фондз таланты чи райста, уый бацыди, бахаста йӕм иннӕ фондз таланты дӕр ӕмӕ загъта: „Хицау, ды мын радтай фондз таланты, ӕз сӕ спайда кодтон ӕмӕ ма сӕм мӕнӕ бафтыдтон фондз таланты".
21 Йӕ хицау ын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх ӕмӕ иузӕрдион цагъар! Гыццыл хъуыддаджы уыдтӕ иузӕрдион, стыр хъуыддаг дын бабар кӕндзынӕн. Рацу мидӕмӕ ӕмӕ цин кӕн дӕ хицауимӕ".
22 Дыууӕ таланты чи райста, уый дӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, ды мын радтай дыууӕ таланты, ӕз сӕ спайда кодтон ӕмӕ ма сӕм мӕнӕ бафтыдтон дыууӕ таланты".
23 Йӕ хицау ын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх ӕмӕ иузӕрдион цагъар! Гыццыл хъуыддаджы уыдтӕ иузӕрдион, стыр хъуыддаг дын бабар кӕндзынӕн. Рацу мидӕмӕ ӕмӕ цин кӕн дӕ хицауимӕ".
24 Иу талант чи райста, уый дӕр бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, ӕз зыдтон, ды карз лӕг кӕй дӕ, уый. Кӕм нӕ байтыдтай, уым кӕрдыс, кӕм нӕ байдзӕгътай, уым ӕмбырд кӕныс.
25 Ӕмӕ фӕтарстӕн, ацыдтӕн ӕмӕ дын дӕ талант баныгӕдтон зӕххы. Мӕнӕ айс дӕхион".
26 Йӕ хицау ын загъта: „Ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъар! Кӕм нӕ байтыдтон, уым кӕй кӕрдын, ӕмӕ кӕм нӕ байдзӕгътон, уым кӕй ӕмбырд кӕнын, кӕд уый зыдтай,
27 Уӕд дын ӕмбӕлди ме ’взист сӕудӕджертӕм раттын, куы ӕрцыдтӕн, уӕд ӕй ӕфтиагимӕ куыд райстаин, афтӕ.
28 Уӕдӕ йын райсут йӕ талант ӕмӕ йӕ раттут, дӕс таланты кӕмӕ ис, уымӕн.
29 Уымӕн ӕмӕ кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн ӕмӕ йӕм уыдзӕни бирӕ; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕн, цы йӕм ис, уый дӕр.25:29 Мф. 13:12; Мк. 4:25; Лк. 8:18; 19:26.
30 Ницӕйаг цагъары та аппарут ӕддӕмӕ, талынгмӕ: уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс"». [Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»]25:30 Мф. 24:51.
Фӕсномыг ныхас фысты ӕмӕ сӕгъты тыххӕй
31 «Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ намысджынӕй куы ӕрцӕуа, уӕд сбаддзӕн Йӕ намысджын бынаты.25:31 Мф. 13:49; 16:27; Ап. хъ. 1:11.
32 Йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ иуты ахицӕн кӕндзӕн иннӕтӕй, фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕна, афтӕ.
33 Фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн Йӕ рахиз фарс, сӕгъты та – Йӕ галиу фарс.
34 Уӕд Йӕ рахиз фарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый.25:34 Мф. 20:23.
35 Уымӕн ӕмӕ уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мӕ бафсӕстат. Дойны Мын уыд, ӕмӕ Мын радтат дон. Бӕлццон уыдтӕн, ӕмӕ Мӕ суазӕг кодтат.25:35 2 Тим. 1:18.
36 Уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл скодтат дарӕс. Уыдтӕн рынчын, ӕмӕ Мыл батыхстыстут. Уыдтӕн ахӕстоны, ӕмӕ Мӕм ӕрцыдыстут".
37 Уӕд Ын рӕстытӕ зӕгъдзысты: „Хицау, кӕд Дӕ федтам стонгӕй ӕмӕ Дӕ кӕд бафсӕстам? Кӕнӕ Дӕ кӕд федтам дойныйӕ, ӕмӕ Дын дон кӕд радтам?
38 Кӕд Дӕ федтам бӕлццонӕй, ӕмӕ Дӕ кӕд суазӕг кодтам? Кӕнӕ Дӕ кӕд федтам бӕгънӕгӕй, ӕмӕ Дыл дарӕс кӕд скодтам?
39 Кӕд Дӕ федтам рынчынӕй, кӕнӕ ахӕстоны, ӕмӕ Дӕм кӕд ӕрцыдыстӕм?"
40 Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг уын зӕгъын: кӕд уый Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн бакодтат, уӕд ӕй Мӕнӕн бакодтат".25:40 Мф. 10:42.
41 Уӕд Йӕ галиу фарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.25:41 Лк. 13:27.
42 Уымӕн ӕмӕ уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мын хӕринаг нӕ радтат. Дойны Мын уыд, ӕмӕ Мын дон нӕ радтат.
43 Уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ Мӕ не суазӕг кодтат. Уыдтӕн бӕгънӕг ӕмӕ Мыл дарӕс не скодтат. Уыдтӕн рынчын ӕмӕ ахӕстоны, ӕмӕ Мыл нӕ батыхстыстут".
44 Уӕд Ын уыдон дӕр зӕгъдзысты: „Хуыцау, кӕд Дӕ федтам стонгӕй, кӕнӕ дойныйӕ, кӕнӕ бӕлццонӕй, кӕнӕ бӕгънӕгӕй, кӕнӕ рынчынӕй, кӕнӕ ахӕстоны ӕмӕ Дын кӕд нӕ балӕггад кодтам?"
45 Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг уын зӕгъын: кӕд уый ацы кӕстӕртӕй иуӕн нӕ бакодтат, уӕд ӕй Мӕнӕн нӕ бакодтат".
46 Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты мыггагмӕ удхар кӕнынмӕ, рӕстытӕ та – мыггагмӕйы цардмӕ».
26Сусӕгвӕнд Йесойы ныхмӕ
1 Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:
2 «Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕни байтындзынмӕ».26:2 Мк. 14:1; Лк. 22:1; Ин. 13:1.
3 Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуанмӕ,26:3 Ин. 11:47.
4 Ӕмӕ рахастой Йесойы хинӕй ӕрцахсыны ӕмӕ Йӕ амарыны уынаффӕ.
5 Фӕлӕ дзырдтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты».
Йесойы байсӕрстӕуыди хӕрздӕфгӕнӕнӕй
6 Йесо уыди Вифанийы, хъотырджын Симоны хӕдзары.26:6 Мк. 14:3; Ин. 11:2; 12:3.
7 Уым Ӕм ӕрбацыд иу сылгоймаг зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурынимӕ, ӕмӕ Йесо фынгыл куы бадт, уӕд Ын хӕрздӕфгӕнӕн райдыдта Йӕ сӕрыл уадзын.
8 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд смӕсты сты ӕмӕ дзырдтой: «Цӕмӕн хъуыди уыйбӕрц хардз кӕнын?
9 Ацы хӕрздӕфгӕнӕнӕн уыди стыр аргъыл ауӕйгӕнӕн ӕмӕ ӕхца мӕгуыртӕн раттӕн».
10 Йесо уый бамбӕрста ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн къӕмдзӕстыг кӕнут сылгоймаджы? Уый Мын хорз хъуыддаг сарӕзта.
11 Мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн.
12 Ацы хӕрздӕфгӕнӕн Мӕ буарыл кӕй ауагъта, уымӕй Мӕ ӕрцӕттӕ кодта ныгӕнынмӕ.
13 Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фарны уац ӕппӕт дунейы хъуыстгонд кӕмдӕриддӕр уа, уым ацы сылгоймаджы ӕрымысынӕн загъдӕуыдзӕн, цы сарӕзта, уый тыххӕй».
Гадзрахат
14 Уӕд дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот, ацыди алчертӕм26:14 Мк. 14:10; Лк. 22:4.
15 Ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы.
16 Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Иудӕ агуырдта Йесойы сын сӕ къухтӕм раттыны фадат.
Куадзӕны ӕхсӕвӕр
17 Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕм Дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»26:17 Мк. 14:12; Лк. 22:7.
18 Уый сын загъта: «Ацӕут сахармӕ, иу адӕймагмӕ, ӕмӕ йын зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг зӕгъы: Мӕ рӕстӕг хӕстӕг у. Куадзӕн Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дӕ хӕдзары бӕрӕг кӕндзынӕн"».
19 Ахуыргӕнинӕгтӕ бакодтой, Йесо сын куыд загъта, афтӕ, ӕмӕ ӕрӕвӕрдтой Куадзӕны фынг.
20 Куы баизӕр, уӕд Йесо ӕрбадти фынгыл Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагимӕ.26:20 Мк. 14:18; Лк. 22:14; Ин. 13:21.
21 Ӕмӕ хӕргӕ куы кодтой, уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, уӕ иу Мыл рацӕудзӕни гадзрахатӕй».
22 Уыдон тынг ӕрӕнкъард сты ӕмӕ Йын радыгай райдыдтой дзурын: «Уый ӕз уыдзынӕн, мыййаг, Хицау?»
23 Йесо сын загъта: «Цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи стылдта, уый Мыл рацӕудзӕни гадзрахатӕй.
24 Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕивгъуыйы, Сыгъдӕг Фыст Дзы куыд зӕгъы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, Адӕймаджы Фыртыл гадзрахатӕй цы адӕймаг рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг фӕлтау куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид».
25 Уӕд Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр загъта: «Уый ӕз уыдзынӕн, мыййаг, Равви?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
26 Хӕргӕ куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут – уый Мӕ Буар у».26:26 Мк. 14:22; Лк. 22:19; 1 Кор. 11:24.
27 Стӕй райста сӕны кӕхц, арфӕ ракодта, радта сын ӕй ӕмӕ загъта: «Уеппӕт дӕр дзы баназут,
28 Уымӕн ӕмӕ уый Мӕ Туг у – уымӕй фидаргонд цӕуы ног фидыд, ӕмӕ акӕлдзӕни бирӕтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны сӕраппонд.26:28 Мф. 20:28.
29 Зӕгъын уын, нырӕй фӕстӕмӕ нал баназдзынӕн ацы сӕнӕфсиры сӕнӕй, цалынмӕ Мӕ Фыды Паддзахады уемӕ ног сӕн баназон, уӕдмӕ».
30 Стӕй азарыдысты арфӕйы зарӕг ӕмӕ ацыдысты Елеоны хохмӕ.
Йесо Петры тыххӕй
31 Уӕд сын Йесо загъта: «Ахсӕв Мӕ уеппӕт дӕр ныууадздзыстут, уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: „Амардзынӕн фыййауы, ӕмӕ ныххӕлиу уыдзӕни фысты дзуг".26:31 Мк. 14:27; Ин. 16:32.
32 Фӕлӕ Мӕ райгасы фӕстӕ уӕ разӕй ацӕудзынӕн Галилеймӕ».26:32 Мф. 28:16; Мк. 14:28.
33 Петр афтӕ бакодта: «Сеппӕт дӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр Дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн».
34 Йесо йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».26:34 Мк. 14:30; Лк. 22:34; Ин. 13:38.
35 Петр Ын загъта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕддӕр Дыл мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн». Афтӕ дзырдтой иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр.
Йесо кувы Гефсиманийы
36 Уый фӕстӕ Йесо ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрцыди, Гефсимани чи хуыйны, уыцы бынатмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Цалынмӕ ацӕуон ӕмӕ бакувон, уӕдмӕ уал ам абадут».26:36 Мк. 14:32; Лк. 22:39.
37 Йемӕ ахуыдта Петры, стӕй Зеведейы дыууӕ фырты, ӕмӕ райдыдта хъынцъым ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын.26:37 Ин. 12:27.
38 Ӕмӕ сын загъта: «Мӕ уд мӕлӕтон хъынцъым кӕны; фӕлӕуут ам Мӕ фарсмӕ, ма-иу бафынӕй ут».
39 Иучысыл ӕддӕдӕр рацыд, зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд Мӕ ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕй бахиз. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд».26:39 Мф. 20:22; Ин. 5:30; Флп. 2:8.
40 Йесо бацыд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕмӕ сӕ фынӕйӕ куы баййӕфта, уӕд Петрӕн загъта: «Ау, ӕнӕ фынӕйӕ иу сахат Мемӕ нӕ бафӕрӕзтат?
41 Ма ныффынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат. Уд цӕрдӕг у, буар та – ӕдых».
42 Ногӕй та фӕхибар ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕн ӕнӕ баназгӕ нӕй, уӕд Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд».
43 Бацыди сӕм ӕмӕ та сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕстытӕ ӕруӕззау сты.
44 Ӕмӕ та сӕ ныууагъта, фӕхибар ӕмӕ бакуывта ӕртыккаг хатт, уымӕй размӕ куыд куывта, афтӕ.
45 Уӕд бацыд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Мӕнӕ ӕрцыди рӕстӕг, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд цӕуы тӕригъӕдджынты къухтӕм.
46 Сыстут ӕмӕ цӕуӕм. Мӕнӕ ӕрбаввахс и Мӕ уӕйгӕнӕг».
Йесойы ӕрцахстой
47 Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбацыд Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ.26:47 Мк. 14:43; Лк. 22:47; Ин. 18:3.
48 Йесойы уӕйгӕнӕг сын радта ахӕм нысан: «Кӕмӕн аба кӕнон, Уый у, ӕмӕ Йӕ ӕрцахсут».
49 Ӕмӕ уайтӕккӕ бацыд Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Дзӕбӕх у, Равви!» Ӕмӕ Йын аба кодта.
50 Йесо йын загъта: «Хӕлар, цӕй тыххӕй ӕрбацыдтӕ?» Уӕд бацыдысты Йесомӕ, фӕлӕбурдтой Йӕм ӕмӕ Йӕ ӕрцахстой.
51 Йесоимӕ чи уыд, уыдонӕй иу фелвӕста йӕ кард, ныццавта дзы алчеры цагъары ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта.
52 Уӕд ын Йесо загъта: «Нывӕр дӕ кард йӕ кӕрддзӕмы, уымӕн ӕмӕ кард чи сиса, уыдон сеппӕт дӕр кардӕй бабын уыдзысты.
53 Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид?
54 Уӕдӕ куыд сӕххӕст уыдзӕн, ӕппӕт уыдӕтты ӕрцыды тыххӕй Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый?»
55 Уӕд Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕджы ахсут, уыйау Ме ’рцахсынмӕ кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут. Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны [уемӕ] бадтӕн, ахуыр кодтон адӕмы, ӕмӕ Мӕ нӕ ахстат.
56 Ӕппӕт уыдӕттӕ та уымӕн цӕуынц, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпартӕ цы ныффыстой, уый». Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ сеппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ фӕлыгъдысты.
Йесо – синедрионы
57 Йесойы чи ӕрцахста, уыдон Ӕй акодтой алчер Каиафӕмӕ. Уым ӕрӕмбырд сты динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ.26:57 Мк. 14:53; Лк. 22:54.
58 Петр дӕрддзӕф цыди Йӕ фӕдыл ӕмӕ бацыд алчеры кӕртмӕ. Уым ӕрбадти хъахъхъӕнджытимӕ, цӕмӕй фена, хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уый.
59 Алчертӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион Йесойы ныхмӕ агуырдтой мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ, цӕмӕй Йын рахӕссой амарыны тӕрхон,26:59 Мк. 14:55.
60 Фӕлӕ не ссардтой, кӕд бирӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбацыд, уӕддӕр. Ӕппынфӕстаг, ӕрбацыди дыууӕ мӕнгӕвдисӕны
61 Ӕмӕ загътой: «Уый дзырдта: „Мӕ бон у Хуыцауы Кувӕндон фехалын ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ саразын"».26:61 Мф. 27:40; Мк. 14:58; Ин. 2:19.
62 Уӕд алчер сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Дӕ ныхмӕ Дын цы ӕвдисӕнтӕ хӕссынц, уыдонӕн ницы дзуапп дӕттыс?»
63 Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахӕр цардӕгас Хуыцауы раз, раст нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»26:63 Ап. хъ. 8:33.
64 Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ».26:64 Мф. 16:27; Ин. 6:62; Ап. хъ. 1:11; 1 Фес. 4:16; Ӕрг. 1:7.
65 Уӕд алчер арӕмыгъта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый!
66 Цы хъуыды уӕм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Зылын у, хъуамӕ амӕла».
67 Уӕд Ын тутӕ кодтой Йӕ цӕсгомыл, цавтой Йӕ. Иннӕтӕ та Йӕ дзӕхстытӕ кодтой
68 Ӕмӕ Йын дзырдтой: «Чырысти, кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон».
Петр йӕхи атигъ кодта Йесойыл
69 Ныр Петр та кӕрты бадт. Бацыд ӕм иу лӕггадгӕнӕг сылгоймаг ӕмӕ загъта: «Ды дӕр Галилейаг Йесоимӕ уыдтӕ».
70 Фӕлӕ Йыл Петр сеппӕты раз атигъ кодта йӕхи: «Цы дзурыс, уый нӕ зонын».26:70 Мк. 14:68.
71 Петр кулдуармӕ куы рацыд, уӕд ӕй федта ӕндӕр лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, ӕмӕ уым чи уыд, уыдонӕн загъта: «Ай Назаретаг Йесоимӕ уыди».
72 Петр та Йыл атигъ кодта йӕхи ӕмӕ расомы кодта: «Ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын».
73 Уым чи лӕууыд, уыдон чысыл фӕстӕдӕр бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ды дӕр бӕлвырд уыдонӕй дӕ – де ’взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы».
74 Уӕд Петр райдыдта ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын: «Ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын». Ӕмӕ уыйадыл уасӕг ныууасыд.26:74 Мк. 14:72.
75 Ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Петр рацыд ӕддӕмӕ ӕмӕ судзаг цӕссыгтӕй ныккуыдта.
27Йесойы ӕркодтой Пилатмӕ
1 Куы сбон, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сеппӕт дӕр бауынаффӕ кодтой Йесойы тыххӕй, цӕмӕй Йӕ раттой амарынмӕ.
2 Уӕд Ӕй сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ радтой иудейаг бӕстӕйы хицау Пилаты къухтӕм.27:2 Мк. 15:1; Лк. 23:1.
Иудӕ ӕрхудт йӕхиуыл
3 Йесойӕн кӕй стӕрхон кодтой, уый Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ куы базыдта, уӕд ӕрхудт йӕхиуыл, дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ радта алчертӕм ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм,
4 Ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у».
5 Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.27:5 Ап. хъ. 1:18.
6 Алчертӕ систой ӕвзист ӕхцатӕ ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сын нывӕрын нӕ фӕччы, уымӕн ӕмӕ туджы аргъ сты».
7 Бауынаффӕ кодтой ӕмӕ дзы бӕлццӕтты ныгӕнынӕн балхӕдтой, дурынгӕнӕджы зӕхх кӕй хуыдтой, уый.
8 Уымӕ гӕсгӕ уыцы зӕхх абон дӕр хуыйны «Туджы зӕхх».27:8 Ап. хъ. 1:19.
9 Уӕд сӕххӕст, Иереми-пехуымпар цы загъта, уый: «Ӕмӕ райстой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы – израилӕгтӕ Йын цы аргъ скодтой, уый.
10 Ӕмӕ сӕ бафыстой дурынгӕнӕджы зӕххыл, Хуыцау мын куыд загъта, афтӕ».
Йесо ӕмӕ Пилат
11 Ныр Йесо та ӕрлӕууыди бӕстӕйы хицауы раз. Бӕстӕйы хицау Ӕй бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».27:11 Мк. 15:2; Лк. 23:3; Ин. 18:37; 1 Тим. 6:13.
12 Ӕмӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ куы зылын кодтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта.27:12 Мф. 26:63.
13 Уӕд Ын Пилат загъта: «Дӕ ныхмӕ куыд бирӕ ӕвдисӕн кӕнынц, уый нӕ хъусыс?»
14 Йесо йын йӕ иу фарстӕн дӕр дзуапп нӕ радта, ӕмӕ бӕстӕйы хицау стыр дисы бафтыд.
Марыны тӕрхон
15 Бӕстӕйы хицаумӕ уыд ӕгъдау: бӕрӕгбоны-иу рауагъта, адӕмы-иу кӕй бафӕндыд, иу ахӕм ахӕсты.
16 Уыцы рӕстӕг сӕм уыди зындгонд ахӕст, йӕ ном – Вараввӕ.
17 Ӕмӕ адӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Пилат загъта: «Куыд уӕ фӕнды, кӕй уын рауадзон: Вараввӕйы, ӕви Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойы?»27:17 Мф. 21:11.
18 Пилат зыдта, Йесойы йын йӕ къухтӕм сӕ хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый.
19 Ӕмӕ ма Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус барвыста зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны».
20 Фӕлӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сардыдтой адӕмы, цӕмӕй ракурой Вараввӕйы, Йесойы та амарын кӕной.27:20 Мк. 15:11; Лк. 23:18; Ин. 18:40; Ап. хъ. 3:14.
21 Бӕстӕйы хицау сӕ бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон загътой: «Вараввӕйы».
22 Пилат сӕ бафарста: «Ӕмӕ уӕд Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойӕн та цы бакӕнон?» Сеппӕт дӕр ын загътой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»
23 Пилат бафарста: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон тынгдӕр хъӕр кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»
24 Пилат федта, адӕммӕ кӕй ницы хъары, уый; нӕ фӕлӕ ма змӕнтын дӕр райдыдтой. Уӕд райста дон, цӕхсадта йӕ къухтӕ адӕмы раз ӕмӕ загъта: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн ацы тугкалды. Уӕ бар уӕхи».
25 Адӕм иууылдӕр дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд».
26 Уӕд сын рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ радта дзуарыл байтындзынмӕ.27:26 Мк. 15:15; Ин. 19:1.
Ӕфсӕддонтӕ ӕфхӕрынц Йесойы
27 Уӕд бӕстӕйы хицауы ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой уый галуанмӕ, ӕмӕ Йыл ӕрӕмбырд кодтой ӕгас ӕфсӕддон хай.
28 Раластой Йын Йӕ дарӕс ӕмӕ Йыл скодтой сырх пӕлӕз.
29 Сбыдтой сындзын кадыхуд ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, Йӕ рахиз къухмӕ та Йын радтой лӕдзӕг. Йӕ разы ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ Йыл худтысты: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»
30 Фӕтутӕ Йыл кодтой, стӕй райстой лӕдзӕг ӕмӕ Йын цавтой Йӕ сӕр.
31 Куы Йӕ бафхӕрдтой, уӕд пӕлӕз раластой, скодтой Йыл Йӕхи дарӕс ӕмӕ Йӕ акодтой байтындзынмӕ.
Йесойы байтыгътой
32 Куы рацыдысты, уӕд сӕмбӕлдысты иу кириниаг лӕгыл, йӕ ном – Симон; ӕмӕ йын ахӕссын кодтой Йесойы дзуар.
33 Голгофӕ (ома, Сӕргӕхцы бынат) чи хуыйны, уырдӕм куы бахӕццӕ сты,27:33 Мк. 15:22; Лк. 23:33; Ин. 19:17; Дзут. 13:12.
34 Уӕд Ын нуазынӕн радтой сӕн мастимӕ хӕццӕйӕ. Фӕлӕ дзы куы ацахуыста, уӕд ӕй нӕ бакуымдта.
35 Дзуарыл Ӕй чи байтыгъта, уыдон Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой Йӕ дарӕстыл ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.
36 Стӕй сбадтысты ӕмӕ Йӕ хъахъхъӕдтой.
37 Йӕ сӕрмӕ Йын дзуарыл ныххуыдтой фӕйнӕг; фыст ыл уыди Йӕ азым: «Ай у Йесо, иудейаг Паддзах».
38 Уӕд Ын Йемӕ байтыгътой дыууӕ абырӕджы, иуы рахизырдыгӕй, иннӕйы та галиуырдыгӕй.
39 Йӕ цурты чи цыди, уыдон тылдтой сӕ сӕртӕ ӕмӕ Йӕ фаудтой:
40 «Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн ӕмӕ дзуарӕй ӕрхиз».27:40 Мф. 26:61; Мк. 14:58.
41 Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытимӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртимӕ:
42 «Иннӕты ирвӕзын кодта, Йӕхи фервӕзын кӕнын та Йӕ бон нӕу! Израилы Паддзах у; ныртӕккӕ дзуарӕй ӕрхизӕд, ӕмӕ Йыл баууӕнддзыстӕм.
43 Хуыцауыл Йӕ зӕрдӕ дардта, ӕмӕ Йӕ ныр фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауӕн фӕндон у, уӕд. Уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн"».
44 Йемӕ тыгъд абырджытӕ дӕр Ӕй фаудтой.
Йесойы мӕлӕт
45 Ӕхсӕзӕм сахатӕй фарӕстӕм сахаты онг бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг.
46 Фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Эли, Эли, лема сабахтани?» Ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»27:46 Мк. 15:34.
47 Уым чи лӕууыд, уыдонӕй чидӕртӕ уый фехъуыстой ӕмӕ дзырдтой: «Илиамӕ дзуры».
48 Сӕ иу уайтӕккӕ азгъордта, губкӕ стылдта туаг сӕны, ӕрсагъта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ йӕ Йесомӕ бадардта баназынмӕ.27:48 Ин. 19:29.
49 Иннӕтӕ та дзырдтой: «Фӕлӕуу-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Йӕм Илиа фервӕзын кӕнынмӕ ӕрцӕуид».
50 Йесо та ноджы хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.
51 Ӕмӕ Кувӕндоны мидӕг ӕмбӕрзӕн дыууӕ дихы фӕци уӕлейӕ бынмӕ. Зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ ныскъуыдтӕ сты.27:51 Дзут. 10:20.
52 Ингӕнтӕ байгом сты, ӕмӕ чи амард, уыцы сыгъдӕджытӕй бирӕтӕ райгас сты,
53 Ӕмӕ Йесойы райгасы фӕстӕ сыстадысты сӕ ингӕнтӕй, сыгъдӕг сахармӕ бацыдысты, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ федтой.
54 Сӕдӕйыхицау, стӕй уыимӕ Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыдон зӕххӕнкъуыст ӕмӕ, цы ӕрцыди, ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».
55 Уым уыдысты ӕмӕ дӕрддзӕфӕй кастысты, Йесойӕн лӕггад кӕнынмӕ Галилейӕ Йӕ фӕдыл чи рацыд, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр;
56 Уыдонимӕ – магдалӕйаг Мариа, Иаковы ӕмӕ Иосифы мад Мариа, стӕй Зеведейы фыртты мад.
Йесойы баныгӕдтой
57 Куы баизӕр, уӕд ӕрцыд аримафейаг хъӕздыг лӕг Иосиф. Уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди.27:57 Мк. 15:42; Лк. 23:50; Ин. 19:38.
58 Бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы куырдта Йесойы мард. Пилат радта мард раттыны бардзырд.
59 Иосиф райста марды, батыхта йӕ сыгъдӕг уӕздан кӕттаджы
60 Ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй скъахта, йӕ уыцы ног зӕппадзы. Зӕппадзмӕ бацӕуӕныл бафӕлдӕхта стыр дур ӕмӕ ацыди.
61 Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа уыдысты уым ӕмӕ бадтысты зӕппадзӕн йӕ бакомкоммӕ.
Хъахъхъӕнынц зӕппадз
62 Майрӕмбоны фӕстӕ, дыккаг бон, алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд сты Пилатмӕ,
63 Ӕмӕ загътой: «Не ’лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы фӕливӕг ма ӕгас куы уыд, уӕд афтӕ загъта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн".
64 Уӕдӕ ратт зӕппадз ӕртыккаг бонмӕ хъахъхъӕныны бардзырд, цӕмӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ма ӕрцӕуой, ма Йӕ адавой ӕмӕ адӕмӕн ма зӕгъой: „Мӕрдтӕй райгас". Уӕд фӕстаг сайд фыццагӕй ӕвзӕрдӕр уыдзӕни».
65 Пилат сын загъта: «Акӕнут ӕфсӕддонтӕ, ацӕут ӕмӕ уӕ куыд фӕнды, афтӕ Йӕ хъахъхъӕнут».
66 Уыдон ацыдысты ӕмӕ зӕппадзмӕ бацӕуӕны сӕвӕрдтой хъахъхъӕнджытӕ, дурыл та – мыхуыр.
28Чырысти райгас
1 Сабат куы аивгъуыдта, уӕд, къуырийӕн йӕ фыццаг бон, магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа сӕударӕй ӕрцыдысты зӕппадз фенынмӕ.28:1 Мк. 16:1; Лк. 24:1; Ин. 20:1.
2 Ӕвиппайды зӕхх тынг нынкъуысти: Хуыцауы зӕд ӕрцыд уӕларвӕй, афӕлдӕхта дур ӕмӕ йыл бадти.
3 Йӕ хуыз уыдис арвӕрттывдау, йӕ дарӕс – митау урс-урсид.
4 Хъахъхъӕнджытӕ фыртӕссӕй ныррызтысты ӕмӕ мӕрдтау фесты.
5 Зӕд сылгоймӕгтӕн загъта: «Сымах ма тӕрсут. Ӕз зонын, дзуарыл тыгъд Йесойы кӕй агурут, уый.28:5 Мк. 16:6.
6 Ам нӕй: куыд загъта, афтӕ райгас. Ӕрбацӕут ӕмӕ фенут, кӕм ӕвӕрд уыд, уыцы бынат.28:6 Мф. 12:40; 16:21; 17:23.
7 Ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ацӕут ӕмӕ Йын зӕгъут Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, райгас мӕрдтӕй, уӕ разӕй цӕуы Галилеймӕ, ӕмӕ Йӕ уым фендзыстут, зӕгъгӕ. Гъеныр уын загътон мӕ зӕгъинаг».28:7 Мф. 26:32; Ин. 21:1; 1 Кор. 15:5.
8 Сылгоймӕгтӕ уайтӕккӕ рацыдысты зӕппадзы цурӕй, ӕмӕ цинӕмхӕццӕ тасимӕ азгъордтой Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кӕнынмӕ.
9 Фӕндагыл сыл ӕнӕнхъӕлӕджы фембӕлд Йесо ӕмӕ сын загъта: «Цин кӕнут!» Уыдон Ӕм базгъордтой, ӕрхаудтой сӕ зонгуытыл ӕмӕ Йын Йӕ къӕхтыл ныттыхстысты.28:9 Мк. 16:9; Ин. 20:14.
10 Уӕд сын Йесо загъта: «Ма тӕрсут. Ацӕут, фехъусын кӕнут Ме ’фсымӕртӕн, цӕмӕй цӕуой Галилеймӕ; уым Мӕ фендзысты».28:10 Ин. 20:17; Дзут. 2:11.
Цы радзырдтой хъахъхъӕнджытӕ
11 Сылгоймӕгтӕ ма фӕндагыл уыдысты, афтӕ хъахъхъӕнджытӕй иуӕй-иутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ ӕмӕ алчертӕн радзырдтой, цы ӕрцыди, уый тыххӕй.
12 Уыдон ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртимӕ, бауынаффӕ кодтой ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн радтой бирӕ ӕхца,
13 Ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой: «Зӕгъут афтӕ: „Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцыдысты ӕхсӕвы ӕмӕ Йӕ адавтой, мах фынӕй куы уыдыстӕм, уӕд".
14 Кӕд уыцы хабар бӕстӕйы хицаумӕ байхъуыса, уӕд ӕй мах ууыл баууӕндын кӕндзыстӕм ӕмӕ уӕ мастӕй бахиздзыстӕм».
15 Уыдон райстой ӕхца ӕмӕ бакодтой, куыд сын бацамыдтой, афтӕ. Ӕмӕ уыцы хабар иудейты ӕхсӕн хъуыстгонд у суанг абон дӕр.
Йесойы фӕдзӕхст ахуыргӕнинӕгтӕн
16 Иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы та ацыдысты Галилеймӕ, Йесо сын цы хохмӕ загъта, уырдӕм.
17 Ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Йӕ разы ӕрхаудтой сӕ зонгуытыл. Сӕ иуӕй-иутӕ та фӕгуырысхо сты.
18 Йесо сӕм куы ӕрбахӕстӕг, уӕд сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ Мӕнмӕ лӕвӕрд сты.28:18 Мф. 11:27; Лк. 1:32; Ин. 3:35; 13:3.
19 Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты скӕнут Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номыл;
20 Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».28:20 Ап. хъ. 4:31.