Лукайы Евангели
1Раздзырд
1 Махмӕ цы цаутӕ ӕрцыд, уыдоны фӕдыл ныридӕгӕн бирӕтӕ ныффыстой.
2 Уыцы цауты тыххӕй нын радзырдтой, тӕккӕ райдианӕй сӕ йӕхи цӕстӕй чи федта ӕмӕ Хуыцауы ныхас адӕммӕ хӕссыны куыст кӕмӕ ӕрхауд, уыдон.1:2 1 Ин. 1:1; Дзут. 2:3.
3 Ӕмӕ ӕз дӕр, ӕппӕт уыдӕттӕ сӕрӕй кӕронмӕ бӕстон раиртасыны фӕстӕ, сфӕнд кодтон дӕумӕ сӕ фӕд-фӕдыл ныффыссын, кадджын Феофил,
4 Цӕмӕй базонай, цы ахуырад дын бацамындӕуыд, уымӕн йӕ фидар бындур.
Захарийӕн загъдӕуыд Иоанны райгуырды тыххӕй
5 Иудейаг паддзах Ироды заман уыд иу сауджын, йӕ ном Захари – Авийы мыггагӕй чи уыд, уыцы сауджынты къордӕй. Йӕ ус дӕр уыд Аароны байзӕддагӕй, йӕ ном Елисаветӕ.
6 Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз уыдысты рӕстаг, ӕнаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ амындтӕ.
7 Сывӕллӕттӕ сын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Елисаветӕ уыдис ӕнӕзӕнӕг; сӕ дыууӕ дӕр тынг базӕронд сты.
8 Иухатт Захари лӕггад кодта Хуыцауы раз, уымӕн ӕмӕ ӕрӕййӕфта сӕ сауджынты къорды рад.
9 Ӕмӕ Захарийӕн, сауджынты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, схауд йӕ хал, ӕмӕ буд судзынмӕ бацыди Хуыцауы Кувӕндонмӕ.1:9 Дзут. 9:6.
10 Буд судзыны афон кӕрты уыди бирӕ кувӕг адӕм.
11 Уӕд Захаримӕ фӕзынд Хуыцауы зӕд. Зӕд лӕууыди будсудзӕн нывондхӕссӕны рахиз фарс.
12 Захари йӕ куы федта, уӕд фӕджих ӕмӕ тынг фӕтарст.
13 Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Ма тӕрс, Захари, уымӕн ӕмӕ дӕ куывд фехъуыст Хуыцаумӕ. Дӕ ус Елисаветӕ дын ныййардзӕн фырт ӕмӕ йӕ схондзынӕ Иоанн.
14 Дӕ фырт дын ӕрхӕсдзӕн стыр цин, йӕ райгуырдыл бацин кӕндзысты бирӕтӕ,1:14 Лк. 1:58; Ин. 5:35.
15 Уымӕн ӕмӕ цытджын уыдзӕни Хуыцауы раз. Нӕ нуаздзӕн сӕн ӕмӕ ӕндӕр карз нозт, Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзӕн йӕ мады гуыбынмӕ.
16 Ӕмӕ израилаг адӕмӕй бирӕты раздахдзӕн сӕ Хицау Хуыцаумӕ.
17 Илиайы уд ӕмӕ тыхимӕ цӕудзӕни Хицауы разӕй, цӕмӕй фыдӕлты зӕрдӕтӕ раздаха цотмӕ, хивӕндтӕн ратта рӕстгӕнджыты зонд, адӕмы ӕрцӕттӕ кӕна Хицауы ӕрцыдмӕ».1:17 Мк. 1:3; 9:12; Ин. 1:23.
18 Захари бафарста зӕды: «Ӕз ууыл куыд баууӕндон? Уымӕн ӕмӕ зӕронд дӕн, мӕ ус дӕр ӕгӕр базӕронд».
19 Зӕд ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн Хуыцауы раз лӕууӕг Гавриил ӕмӕ ӕрвыст дӕн дӕуӕн ацы хорз хабар зӕгъынмӕ.
20 Афон куы ралӕууа, уӕд ӕнӕмӕнг чи сӕххӕст уыдзӕн, мӕ уыцы ныхӕстыл кӕй нӕ баууӕндыдтӕ, уый тыххӕй ныртӕккӕ багомыг уыдзынӕ, ӕмӕ цалынмӕ уыцы хъуыддаг ӕрцӕуа, уӕдмӕ не сдзурдзынӕ».
21 Адӕм та ӕнхъӕлмӕ кастысты Захаримӕ ӕмӕ дис кодтой, Кувӕндоны кӕй ныффӕстиат, ууыл.
22 Куы рацыд, уӕд та семӕ ныхас кӕнын йӕ бон нӕ уыд. Ӕмӕ бамбӕрстой, Кувӕндоны диссаг кӕй федта, уый. Йӕ зӕгъинӕгтӕ ӕмбарын кодта къухӕй, ӕмӕ баззад ӕгомыгӕй.
23 Кувӕндоны йӕ лӕггад кӕныны бонтӕ куы фесты, уӕд ӕрбаздӕхт хӕдзармӕ.
24 Уый фӕстӕ йӕ ус Елисаветӕ банхъӕлцау, фондз мӕйы йӕхи ӕмбӕхста ӕмӕ дзырдта:
25 «Уый мын Хуыцау сарӕзта – ӕркаст мӕм, цӕмӕй адӕмы ӕхсӕн фидиссаг мауал уон».
Ӕхсызгон хабар
26 Елисаветӕ ӕхсӕзӕм мӕй ӕнхъӕлцау куы уыди, уӕд Хуыцау Йӕ зӕд Гавриилы арвыста галилейаг сахар Назаретмӕ,
27 Ӕнӕцыд Чызгмӕ, Давиды байзӕддаг Иосифӕн куырдуаты Чи бадт, Уымӕ; Чызгӕн Йӕ ном – Мариа.1:27 Мф. 1:18.
28 Зӕд Ӕм бацыд ӕмӕ Йын загъта: «Цин кӕн, Фӕрнӕйдзаг! Хуыцау Демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»
29 Мариа зӕды ныхӕстӕй фӕджих ӕмӕ хъуыдыты бафтыд, уыцы арфӕ цы амона, зӕгъгӕ.
30 Зӕд ын загъта: «Ма тӕрс, Мариа, уымӕн ӕмӕ Дӕ Хуыцау схайджын кодта йӕ хорзӕхӕй.
31 Банхъӕлцау уыдзынӕ, ныййардзынӕ Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо.1:31 Мф. 1:21.
32 Уый уыдзӕни цытджын, схуындӕйӕуыдзӕн Дунедарӕджы Фырт, ӕмӕ Йын Хицау Хуыцау ратдзӕн Йӕ фыдӕл Давиды паддзахад.
33 Иаковы байзӕддагӕн паддзахиуӕг кӕндзӕн мыггагмӕ, ӕмӕ Йӕ Паддзахадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн».
34 Мариа зӕдӕн загъта: «Ӕз мойы хъӕстӕ куы нӕ дӕн, уӕд уый куыд уыдзӕн?»
35 Зӕд Ын дзуапп радта: «Ды схайджын уыдзынӕ Сыгъдӕг Удӕй, ӕмӕ Дунедарӕджы тых Дӕу бакӕндзӕн йӕ дӕлбазыр. Уымӕ гӕсгӕ Дын цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг ӕмӕ Йӕ схуындӕуыдзӕн Хуыцауы Фырт.
36 Мӕнӕ Дӕ хӕстӕг Елисаветӕ дӕр ма зӕрондӕй куы банхъӕлцау ӕмӕ ныр ӕхсӕзӕм мӕй цӕуы лӕппуйыл, афтӕмӕй йӕ ӕнӕзӕнӕг хуыдтой.
37 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр Йӕ бон у».
38 Уӕд Мариа загъта: «Ӕз Хицауы цагъар дӕн; ды цы загътай, уый Мыл ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ Йӕ зӕд ныууагъта.
Мариа бабӕрӕг кодта Елисаветӕйы
39 Уыцы бонты Мариа бавдӕлд ӕмӕ атындзыдта хӕхбӕстӕм, иудейаг сахармӕ.
40 Уым бацыд Захарийы хӕдзармӕ ӕмӕ салам радта Елисаветӕйӕн.
41 Елисаветӕ Мариайы салам куы фехъуыста, уӕд сывӕллон йӕ гуыбыны базмӕлыд, Елисаветӕ схайджын Сыгъдӕг Удӕй
42 Ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн, ӕмӕ арфӕгонд у, Дӕ гуыбыны цы Сывӕллон ис, Уый!
43 Мӕ Хицауы Мад мӕм ӕрбацӕуа, ахӕм хорзӕх мӕм цӕмӕн ӕрхауд?
44 Дӕ салам Дын куы фехъуыстон, уӕд мӕ гуыбыны сывӕллон цингӕнгӕ базмӕлыд.
45 Тӕхудиаг у, Хуыцау Ын цы загъта, уый кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл баууӕндӕг Чызг».
46 Уӕд Мариа загъта: «Стауы Мӕ зӕрдӕ Хицауы.
47 Мӕ уд цин кӕны Хуыцауыл, Мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл –
48 Уый ӕркаст Йӕ сӕрныллӕг цагъар Чызгмӕ; ӕппӕт фӕлтӕртӕ Мӕ нырӕй фӕстӕмӕ арфӕгонд хондзысты.
49 Уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтхъомыс стыр хъуыддаг сарӕзта Мӕнӕн. Сыгъдӕг у Йӕ ном!
50 Чи Дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын сты.
51 Стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта Йӕ къухӕй, ныххӕлиу кодта, сӕ зӕрдӕты хъал хъуыдытӕ чи нывӕнды, уыдоны,
52 Тыхджынты раппӕрста сӕ бадӕнтӕй ӕмӕ сбӕрзонд кодта сӕрныллӕгты.
53 Ӕххормӕгты бафсӕста хорзӕхтӕй, бонджынты та ауагъта ницӕимӕ.1:53 Мф. 5:6.
54 Ӕрцыд ӕххуысмӕ Йӕ лӕггадгӕнӕг Израилмӕ, нӕ Дзы ферох хорзӕхтӕй йӕ мыггагмӕ хайджын кӕнын,
55 Нӕ фыдӕлтӕн – Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн – зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ».
56 Мариа Елисаветӕмӕ фӕци ӕртӕ мӕйы бӕрц ӕмӕ раздӕхт Йӕ хӕдзармӕ.
Аргъауӕг Иоанны райгуырд
57 Елисаветӕйӕн та ӕрхӕццӕ йӕ афон ӕмӕ ныййардта фырт.
58 Хуыцау ыл стыр арфӕ кӕй бафтыдта, уый фехъуыстой йӕ сыхӕгтӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ цин кодтой йемӕ.
59 Ӕстӕм бон ӕрцыдысты сывӕллоны сунӕт кӕнынмӕ, ӕмӕ сӕ фӕндыд йӕ фыды ном Захари йыл сӕвӕрын.
60 Фӕлӕ йӕ мад загъта: «Нӕ, схонӕм ӕй Иоанн».
61 Уӕд ын загътой: «Дӕ хӕстӕджытӕй ахӕм ном никӕуыл ис».
62 Нысӕнттӕй йын фарстой йӕ фыды, цы ном сӕвӕрын ӕй фӕнды, зӕгъгӕ.
63 Уый ракуырдта фӕйнӕг ӕмӕ йыл ныффыста: «Йӕ ном Иоанн у». Ӕмӕ сеппӕт дӕр дисы бафтыдысты.
64 Уайтӕккӕ райхӕлдысты Захарийы дзых ӕмӕ ӕвзаг, ӕмӕ райдыдта дзурын, Хуыцауы стауын.
65 Сӕ алыварс цӕрджыты бацыди тас. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй дзырдтой уӕлхох Иудейӕйы алы кӕрӕтты.
66 Хабар чи фехъуыста, уыдон ӕй сӕ зӕрдыл бадардтой ӕмӕ дзырдтой: «Чи уыдзӕн ацы сывӕллон?» Ӕмӕ Хуыцау уыдис Иоаннимӕ.
Захарийы пехуымпар ныхас
67 Иоанны фыд Захари схайджын Сыгъдӕг Удӕй, райдыдта пехуымпариуӕг кӕнын ӕмӕ дзырдта:
68 «Арфӕгонд уӕд Израилы Хицау Хуыцау – ӕркаст Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сын ӕрхаста сӕрибар.1:68 Мф. 1:21.
69 Йӕ цагъар Давиды байзӕддагӕй нын радта домбай Ирвӕзынгӕнӕджы,
70 Рагзаманы сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд фехъусын кодта, афтӕ.
71 Уый мах фервӕзын кӕндзӕн не знӕгтӕй, ӕмӕ ӕнӕуынон кӕмӕн стӕм, уыдоны къухӕй.
72 Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Йӕ хорзӕхӕй нӕ фыдӕлты кӕй схайджын кӕндзӕн, Йӕ сыгъдӕг фидыд Дзы кӕй нӕ ферох уыдзӕн, уымӕй.
73 Расомы кодта нӕ фыдӕл Авраамӕн,1:73 Дзут. 6:13.
74 Байсдзӕни нӕ знӕгты къухӕй, зӕгъгӕ,1:74 Дзут. 2:15.
75 Ӕмӕ Йын нӕ цӕргӕбонты кусдзыстӕм ӕдасӕй, Йӕ цӕсты уыдзыстӕм сыгъдӕг ӕмӕ раст адӕм.1:75 1 Пет. 1:15; Эф. 4:24.
76 Дӕу та, саби, схуындӕуыдзӕн Дунедарӕджы пехуымпар, уымӕн ӕмӕ цӕудзынӕ Хицауы разӕй фӕндаг Ын ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ.1:76 Лк. 1:17.
77 Йӕ адӕммӕ ӕрхӕсдзынӕ уац сӕ фервӕзыны тыххӕй – сӕ тӕригъӕдтӕ уыдзысты хатыргонд,
78 Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау уарзӕгой ӕмӕ хорзӕхджын у. Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ уӕлӕрвтӕй ӕркӕсдзӕни Хур ӕмӕ нӕ бабӕрӕг кӕндзӕн,
79 Ныррухс кӕндзӕни мӕлӕты талынг бӕстӕйы цӕрджыты, ӕмӕ нӕ сараздзӕн Хуыцауимӕ фидыды фӕндагыл».
80 Сывӕллон рӕз хаста ӕмӕ фидар кодта удӕй. Цалынмӕ Израилы адӕмы размӕ рацыди, уӕдмӕ цардис ӕдзӕрӕг бӕстӕйы.
2Йесойы райгуырд
1 Уыцы рӕстӕг кесӕр Август бафӕдзӕхста ӕппӕт бӕстӕйы адӕмы сфыссын.
2 Ацы сфыст уыди фыццаг; арӕзт ӕрцыди, Квирини Сирийӕн хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман.
3 Ӕмӕ алчидӕр йӕхи ныффыссын кӕнынмӕ ацыд йӕ сахармӕ.
4 Иосиф дӕр галилейаг сахар Назаретӕй ацыд Иудейӕмӕ, Вифлеем кӕй хонынц, Давиды уыцы сахармӕ, уымӕн ӕмӕ Давиды къонайӕ уыди, йӕ байзӕддаг.2:4 Ин. 7:42.
5 Ныффыссын кӕнынмӕ ацыди куырдуаты йын бадӕг Мариаимӕ; Мариа та ӕнхъӕлцау уыди.
6 Вифлеемы куы уыдысты, уӕд Мариайӕн ӕрхӕццӕ арынафон.
7 Ӕмӕ ныййардта Йӕ Фыццаг Фырты, батыхта Йӕ хӕцъилты ӕмӕ Йӕ нывӕрдта кӕвдӕсы, уымӕн ӕмӕ сын фысымуаты бынат нӕ разынд.
Фыййӕуттӕ ӕмӕ зӕдтӕ
8 Уыцы ран, быдыры, уыдысты фыййӕуттӕ. Уыдон ӕхсӕвы хъахъхъӕдтой сӕ дзуг.
9 Фыййӕутты раз февзӕрд Хуыцауы зӕд; Хуыцауы намыс сӕ ныррухс кодта, ӕмӕ стыр тасы бафтыдысты.
10 Фӕлӕ сын зӕд загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрхастон, ӕппӕт адӕм кӕмӕй схайджын уыдзысты, ахӕм стыр цин:
11 Абон уын Давиды сахары райгуырд Ирвӕзынгӕнӕг – Хицау Чырысти.
12 Мӕнӕ Йӕ уымӕй базондзыстут: Сывӕллоны ссардзыстут хӕцъилты тыхтӕй, кӕвдӕсы хуысгӕйӕ».
13 Зӕдимӕ ӕваст баиу ӕнӕнымӕц уӕларвон ӕфсад, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн:
14 «Намыс Хуыцауӕн уӕлӕрвты, зӕххыл та фӕрнджын уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон».2:14 Лк. 19:38; Ром. 5:1.
15 Зӕдтӕ сӕ цурӕй уӕларвмӕ куы сивгъуыдтой, уӕд фыййӕуттӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕдӕ фӕцӕуӕм Вифлееммӕ ӕмӕ фенӕм, цы ӕрцыди – Хуыцау нын цӕй тыххӕй фехъусын кодта, уый».
16 Атындзыдтой уырдӕм; куы бахӕццӕ сты, уӕд дзы баййӕфтой Мариа ӕмӕ Иосифы, ӕмӕ Сывӕллоны кӕвдӕсы хуысгӕйӕ.
17 Куы Йӕ федтой, уӕд радзырдтой, уыцы Сывӕллоны тыххӕй сын цы загъдӕуыд, уый.
18 Фыййӕуттӕ сын цы загътой, уый дисы бафтыдта, чи сӕ фехъуыста, уыдоны сеппӕты дӕр.
19 Мариа та ӕппӕт уыдӕттӕ дардта Йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ сыл нывӕзта Йӕ хъуыдытӕ.
20 Фыййӕуттӕ раздӕхтысты, ӕмӕ цы фехъуыстой, цы федтой, уый тыххӕй кад кодтой Хуыцауӕн. Ӕппӕт дӕр рауади, куыд сын загъдӕуыд, афтӕ.
21 Аст боны фӕстӕ, Сывӕллонӕн сунӕты афон куы ралӕууыд, уӕд Ӕй схуыдтой Йесо. Зӕд Ын уыцы ном рагацау радта, Йӕ Мады гуыбыны дӕр куы нӕма уыд, уӕд.2:21 Мф. 1:21.
Йесойы ӕрхастой Кувӕндонмӕ
22 Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ се ссыгъдӕг кӕныны бонтӕ куы аивгъуыдтой, уӕд Йесойы ӕрхастой Иерусалиммӕ, Хуыцауы раз Ӕй ӕрлӕууын кӕнынмӕ,
23 Хуыцауы Ӕгъдауы куыд фыст у, афтӕ: «Фыццаг сывӕллон лӕппу куы уа, уӕд лӕвӕрд ӕрцӕуӕд Хуыцауӕн».
24 Стӕй Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывондӕн хъуамӕ ӕрхастаиккой дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны.
25 Уӕды заман Иерусалимы уыд иу лӕг, йӕ ном – Симеон. Уый уыди раст ӕмӕ Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг, ӕнхъӕлмӕ каст, Хуыцау Израилы кӕд барӕвдаудзӕн, уымӕ; хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.2:25 Лк. 24:21.
26 Сыгъдӕг Уд ын раргом кодта, Хуыцау Кӕй рарвита, цалынмӕ уыцы Чырыстийы фена, уӕдмӕ нӕ амӕлдзӕн, зӕгъгӕ.
27 Ӕмӕ йын Сыгъдӕг Уд йӕ зӕрдӕйы нывӕрдта Кувӕндонмӕ ӕрцӕуын. Моисейы Ӕгъдау бакӕныны тыххӕй ныййарджытӕ Саби Йесойы Кувӕндонмӕ куы ӕрхастой,
28 Уӕд Ӕй Симеон райста йӕ хъӕбысмӕ, арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ загъта:
29 «Зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, Дунедарӕг, афтӕ ныр Дӕ цагъары ӕрвитыс фарнимӕ,
30 Уымӕн ӕмӕ мӕхи цӕстӕй федтон Дӕуӕй лӕвӕрд ирвӕзындзинад.
31 Ӕрцӕттӕ йӕ кодтай ӕппӕт адӕмтӕн;
32 Муртаттӕн уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та – намыс».2:32 Ап. хъ. 13:47.
33 Йесойы тыххӕй цы загъдӕуыд, уый диссаг фӕкасти Сабийы фыд ӕмӕ Мадмӕ.
34 Симеон сыл Хуыцауы арфӕ бафтыдта, ӕмӕ Йесойы Мад Мариайӕн загъта: «Мӕнӕ ацы Сывӕллоны тыххӕй израилаг адӕмӕй бирӕтӕ фӕкӕлдзысты, бирӕтӕ та сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕн быцӕутӕ,2:34 Мф. 21:44; 1 Пет. 2:7; Ром. 9:32.
35 Ӕмӕ афтӕмӕй бирӕтӕн раргом уыдзысты сӕ зӕрдӕты арф ӕвӕрд хъуыдытӕ; Дӕуӕн та Дӕ риуы ахиздзӕни цирхъ».2:35 Ин. 19:25.
36 Уым уыд Аннӕ-пехуымпар дӕр, Фануилы чызг, Асиры хӕдзарвӕндагӕй. Уыди тынг зӕронд; йӕ лӕгимӕ фӕцард авд азы,
37 Баззад идӕдзӕй ӕмӕ йыл ныр цыди цыппар ӕмӕ цыппарыссӕдз азы. Кувӕндон никуы ныууагъта, ком дардта ӕмӕ куывта, ӕхсӕвӕй-бонӕй куыста Хуыцауӕн.2:37 1 Тим. 5:5.
38 Уый дӕр сӕм бацыд уыцы рӕстӕг, кад кодта Хуыцауӕн, Иерусалимы ссӕрибармӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дзырдта Йесойы тыххӕй.
Ӕрбаздӕхтысты Назаретмӕ
39 Иосиф ӕмӕ Мариа Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕппӕт дӕр куы бакодтой, уӕд раздӕхтысты Галилеймӕ, сӕ сахар Назаретмӕ.
40 Сывӕллон та рӕзыд ӕмӕ фидар кодта, ӕфтыд Йӕ зондыл, хайджын уыди Хуыцауы фарнӕй.2:40 Лк. 2:52.
Дыууадӕсаздзыд Йесо Кувӕндоны
41 Йӕ ныййарджытӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ ӕрвылаз Иерусалиммӕ цыдысты.
42 Йесойыл дыууадӕс азы куы сӕххӕст, уӕд дӕр бӕрӕгбонмӕ ацыдысты Иерусалиммӕ.
43 Бӕрӕгбоны фӕстӕ сӕхимӕ куы здӕхтысты, уӕд ӕнахъом Йесо баззади Иерусалимы, ӕмӕ уый Йӕ ныййарджытӕ нӕ бафиппайдтой.
44 Ӕнхъӕл уыдысты, иннӕтимӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ иу бонцау куы ацыдысты, уӕд Ӕй агурын райдыдтой хӕстӕджыты ӕмӕ зонгӕты ӕхсӕн.
45 Куы нӕ Йӕ ссардтой, уӕд Йӕ агурӕг аздӕхтысты Иерусалиммӕ.
46 Ӕртӕ боны фӕстӕ Йӕ ссардтой Кувӕндоны. Йесо бадтис ахуыргӕнджыты ӕхсӕн, хъуыста сӕм ӕмӕ сӕ алцӕмӕйты фарста.
47 Чи Йӕм хъуыста, уыдон сеппӕт дӕр дис кодтой Йӕ зонд ӕмӕ дзуаппытыл.2:47 Мф. 7:28; Мк. 1:22; Лк. 4:32; Ин. 7:15.
48 Ныййарджытӕ Йӕ куы федтой, уӕд бафтыдысты дисы. Йӕ Мад Ын загъта: «Хъӕбул, ай нын цы бакодтай? Дӕ фыдимӕ Дӕ стыр тыхстӕй агуырдтам».
49 Йесо сын загъта: «Цӕмӕ Мӕ агуырдтат? Ӕви сымах нӕ зыдтат, Ӕз Мӕ Фыды хӕдзары кӕй хъуамӕ уон, уый?»
50 Фӕлӕ сын цы загъта, уый нӕ бамбӕрстой.2:50 Лк. 9:45.
51 Йесо араст семӕ, ӕрцыд Назаретмӕ ӕмӕ сын уыди коммӕгӕс. Цы ӕрцыд, ӕппӕт уыдӕттӕ Йӕ Мад дардта йӕ зӕрдӕйы.
52 Йесо та кодта зондджынӕй-зондджындӕр, рӕз хаста Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзонӕй.2:52 Лк. 2:40.
3Аргъауӕг Иоанн сиды фӕсмонмӕ
1 Уый уыди, кесӕр Тивери фынддӕсӕймаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд. Понтий Пилат уыди Иудейӕйы хицау, Ирод – Галилейы ӕлдариуӕггӕнӕг, йе ’фсымӕр Филипп та – Итурейы ӕмӕ Трахониты бӕстӕйы ӕлдариуӕггӕнӕг, Лисани – Авилинийы ӕлдариуӕггӕнӕг;
2 Анна ӕмӕ Каиафӕ та алчертӕ уыдысты. Уыцы рӕстӕг Захарийы фырт Иоанн уыди ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, ӕмӕ йын Хуыцау загъта Йӕ ныхас.
3 Уый фӕстӕ Иоанн зылди Иорданы ӕппӕт алфамбылайыл ӕмӕ амыдта, зӕгъгӕ, цӕмӕй тӕригъӕдтӕ хатыргонд уой, уый тыххӕй сыл хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ аргъуыд райсын.3:3 Мф. 3:1; Мк. 1:4.
4 Афтӕ загъд у Исай-пехуымпары чиныджы: «Ӕдзӕрӕг ран хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Хицауӕн фӕндаг, ӕмраст Ын скӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ.3:4 Мф. 3:3; Мк. 1:3; Ин. 1:23.
5 Алы дӕлвӕз дӕр байдзаг уӕд, алы хох ӕмӕ къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕнт, гакъон фӕндӕгтӕ сраст уӕнт ӕмӕ гуыргъахъхъ фӕндӕгтӕ слӕгъз уӕнт.
6 Ӕмӕ алы адӕймаг дӕр фендзӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд ирвӕзындзинад"».
7 Аргъауынмӕ йӕм цы бирӕ адӕм цыди, уыдонӕн Иоанн дзырдта: «Калмы цот! Чи уын бафтыдта уӕ зӕрдӕты ӕрцӕуинаг азарӕй лидзыны хъуыды?3:7 Мф. 3:7.
8 Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй. „Нӕ фыдӕл Авраам у" – ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн Йӕ бон у ацы дуртӕй дӕр Авраамӕн цот скӕнын.3:8 Мф. 3:9; 8:11; Ин. 8:39.
9 Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕлӕстӕ бындзарӕй акалынмӕ цӕттӕ у: хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ баппарынц арты».3:9 Мф. 3:10; 7:19; Ин. 15:6.
10 Адӕм фарстой Иоанны: «Цы гӕнгӕ нын у?»
11 Уый сын дзуапп радта: «Дыууӕ хӕдоны кӕмӕн ис, уый дзы раттӕд, кӕмӕн нӕй, уымӕн; ӕмӕ хойраг кӕмӕ ис, уый дӕр бакӕнӕд афтӕ».3:11 Иак. 2:15; 1 Ин. 3:17; 2 Кор. 8:14.
12 Ӕрцыдысты саргъауынмӕ хъалонисджытӕ дӕр ӕмӕ йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, цы гӕнгӕ нын у?»3:12 Мф. 21:32.
13 Уый сын дзуапп радта: «Цы ӕмбӕлы, уымӕй уӕлдай адӕмӕй ма домут».
14 Фарстой йӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр: «Махӕн та цы гӕнгӕ у?» Иоанн сын загъта: «Макӕй стигъут, макӕмӕй мацы исут ӕртхъирӕнӕй – разы ут уӕ мыздӕй».
15 Адӕм Чырыстимӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, уымӕ гӕсгӕ сеппӕт дӕр хъуыды кодтой, Иоанн кӕд, мыййаг, Чырысти у, зӕгъгӕ.
16 Иоанн сеппӕтӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта: «Ӕз уыл аргъауын донӕй, фӕлӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр – ӕз Ын Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.3:16 Мф. 3:11; Мк. 1:7; Ин. 1:15; Ап. хъ. 1:5.
17 Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн Йӕ мус. Мӕнӕу бафснайдзӕн Йӕ хордоны, зыгуым та басудздзӕн ӕнӕхуысгӕ арты».3:17 Мф. 3:12.
18 Иоанн бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕй разӕнгард кодта адӕмы, амыдта сын фарны уац.
19 Фӕлӕ ӕлдариуӕггӕнӕг Иродӕн йе ’фсымӕры ус Иродиадӕйы ӕмӕ йеппӕт фыдракӕндты тыххӕй уайдзӕфтӕ куы кодта,3:19 Мф. 14:3; Мк. 6:17.
20 Уӕд ма Ирод ӕппӕт уыдӕттӕм бафтыдта ноджыдӕр иу: Иоанны бакодта ахӕстоны.
Иоанн саргъуыдта Йесойыл
21 Иоанн ӕппӕт адӕмыл куы аргъуыдта, уӕд саргъуыдта Йесойыл дӕр. Аргъуыды фӕстӕ Йесо кувгӕ куы кодта, уӕд арвы дуар фегом,3:21 Мф. 3:16; Мк. 1:10; Ин. 1:32.
22 Сыгъдӕг Уд Ӕм ӕрцыди бӕлоны хуызы, ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».
Йесойы хӕдзарвӕндаг
23 Йесо Йӕ хъуыддаг куы райдыдта, уӕд Ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц. Куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕмӕй уыди Иосифы фырт, Илийы,3:23 Мф. 13:55; Мк. 6:3; Лк. 4:22; Ин. 6:42.
24 Матфаты, Левийы, Мелхийы, Ианнайы, Иосифы,
25 Маттафийы, Амосы, Наумы, Еслийы, Наггейы,
26 Маафы, Маттафийы, Семеины, Иосихы, Иодайы,
27 Иоананы, Рисайы, Зоровавелы, Салафиилы, Нирийы,
28 Мелхийы, Аддийы, Косамы, Элмадамы, Иры,
29 Йесойы, Элиезеры, Иоримы, Матфаты, Левийы,
30 Симеоны, Иудӕйы, Иосифы, Ионӕмы, Элиакимы,
31 Мелеайы, Меннайы, Маттафайы, Нафаны, Давиды,
32 Иессейы, Овиды, Воозы, Салайы, Наассоны,
33 Аминадавы, Админы, Арнийы, Есромы, Фаресы, Иудӕйы,
34 Иаковы, Исаакы, Авраамы, Фарайы, Нахоры,
35 Серухы, Рагавы, Фалекы, Эверы, Салайы,
36 Каинаны, Арфаксады, Симы, Нойы, Ламехы,
37 Мафусалы, Енохы, Иареды, Малелеилы, Каинаны,
38 Эносы, Сифы, Адамы, Хуыцауы.
4Хӕйрӕг къахы Йесойы
1 Йесо Иорданӕй ӕрбаздӕхт Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, ӕмӕ Йӕ Сыгъдӕг Уд акодта ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ.4:1 Мф. 4:1; Мк. 1:12.
2 Уым Ӕй дыууиссӕдз боны къахта хӕйрӕг. Уыцы бонты Йесо ницы хордта, ӕмӕ куы ахицӕн сты, уӕд тынг сыстонг.
3 Ӕмӕ Йын хӕйрӕг загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ ацы дурӕн, ӕмӕ феста дзул».
4 Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг [фӕлӕ Хуыцауы алы дзырдӕй]"».4:4 Мф. 4:4.
5 Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта бӕрзонд ранмӕ, цӕстыфӕныкъуылдмӕ Йын фенын кодта дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ,
6 Ӕмӕ Йын загъта: «Дӕ дӕлбар Дын бакӕндзынӕн ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ сӕ намысимӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ мӕ кӕмӕн бафӕнды, уымӕн сӕ раттын.
7 Гъемӕ мын куы бакувай, уӕд иууылдӕр уыдзысты Дӕу».
8 Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ кус ӕрмӕстдӕр Уымӕн"».4:8 Мф. 4:10.
9 Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта Иерусалиммӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл, ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи аппар ардыгӕй.
10 Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу тыххӕй, цӕмӕй Дӕ бахъахъхъӕной";4:10 Мф. 4:6.
11 Ноджыдӕр ма: „Хӕсдзысты Дӕ сӕ къухтыл, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр нӕ ныццӕвдзынӕ"».
12 Йесо йын дзуапп радта: «Загъд у: „Ма къах дӕ Хицау Хуыцауы"».4:12 Мф. 4:7.
13 Хӕйрӕг Йесойы алы хуызы дӕр куы фӕкъахта, уӕд уал Ӕй ныууагъта рӕстӕгмӕ.
Назареты синагогӕйы
14 Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ хайджын, Йесо ӕрбаздӕхти Галилеймӕ, ӕмӕ Йӕ кой айхъуыст ӕппӕт бӕстӕйыл.4:14 Мф. 4:12; Мк. 1:14; Ин. 4:43.
15 Адӕмы ахуыр кодта сӕ синагогӕты, ӕмӕ Йын кад кодтой сеппӕт дӕр.
16 Йесо ӕрцыд, кӕм схъомыл, уыцы Назаретмӕ. Ӕмӕ куыд ахуыр уыд, афтӕ та ацы хатт дӕр сабаты бацыд синагогӕмӕ, ӕмӕ сыстад чиныджы бакӕсынмӕ.4:16 Мф. 13:54; Мк. 6:1.
17 Радтой Йӕм Исай-пехуымпары чиныг. Байгом ӕй кодта ӕмӕ ссардта, мӕнӕ афтӕ фыст кӕм уыд, уыцы бынат:
18 «Мӕнмӕ Хуыцауы Уд ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Мӕн байсӕрста. Ӕмӕ Мӕ рарвыста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, [зӕрдӕсаст чи у, уыдоны сдзӕбӕх кӕнынмӕ,] уацайрӕгтӕн сӕрибары, куырмытӕн цӕстӕй ракӕсыны афон кӕй ралӕууыд, уый тыххӕй сын зӕгъынмӕ, фӕлмӕцыдты суӕгъд кӕнынмӕ,
19 Хуыцауы хӕрзаудӕны аз кӕй ралӕууыд, уый фехъусын кӕнынмӕ».
20 Йесо сӕхгӕдта чиныг, радта йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ ӕмӕ сбадт. Синагогӕйы чидӕриддӕр уыди, уыдоны цӕстытӕ баззадысты Йесойыл.
21 Ӕмӕ сын Уый райдыдта дзурын: «Ацы пехуымпар ныхас сӕххӕст абон – куы йӕм хъуыстат, уӕд».
22 Сеппӕт дӕр Дзы уыдысты разы, дисы сӕ бафтыдтой Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ, ӕмӕ дзырдтой: «Ай Иосифы фырт нӕу, мыййаг?»
23 Йесо сын загъта: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сымах Мын ӕрхӕсдзыстут ӕмбисонд: „Дохтыр, сдзӕбӕх кӕн Дӕхи", ӕмӕ зӕгъдзыстут: „Мах фехъуыстам, Капернаумы цы сарӕзтай, уый, ӕмӕ йӕ сараз ам дӕр, Дӕ сахары".
24 Фӕлӕ уын ӕцӕг зӕгъын: иу пехуымпар дӕр нымад нӕ вӕййы йӕ фыдыбӕстӕйы.4:24 Мф. 13:57; Мк. 6:4; Ин. 4:44.
25 Ӕцӕг уын зӕгъын: бирӕ идӕдз сылгоймӕгтӕ уыдис Илиайы заман Израилы, арвы дуар ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы ӕхгӕд куы уыд ӕмӕ ӕппӕт зӕххыл стыр стонг рӕстӕг куы скодта, уӕд.4:25 Иак. 5:17.
26 Фӕлӕ уыдонӕй иумӕ дӕр ӕрвыст нӕ уыд Илиа – арвыстӕйӕуыд идӕдз сылгоймагмӕ сидойнаг Сарептӕмӕ.
27 Бирӕ хъотырджынтӕ уыди Елисей-пехуымпары заман Израилы, фӕлӕ дзы иу дӕр не ссыгъдӕг – сириаг Нееман ссыгъдӕг».
28 Уый куы фехъуыстой, уӕд синагогӕйы чи уыди, уыдон сеппӕт дӕр тынг смӕсты сты.
29 Сыстадысты сӕ бынӕттӕй, сахарӕй Йӕ ратардтой, ӕмӕ Йӕ акодтой, сӕ сахар цы хохыл арӕзт уыд, уый рындзӕй раппарынмӕ.
30 Фӕлӕ Йесо рацыд се ’хсӕнты ӕмӕ аивгъуыдта уырдыгӕй.
Хӕйрӕджджын сдзӕбӕх синагогӕйы
31 Ӕрцыд галилейаг сахар Капернауммӕ ӕмӕ сабаты ахуыр кодта адӕмы.4:31 Мф. 4:13; Мк. 1:21.
32 Дисы сӕ ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ барджынӕй дзырдта.4:32 Мф. 7:28; Мк. 1:22; Лк. 2:47.
33 Синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг. Уый ныхъхъӕр кодта:4:33 Мк. 1:23.
34 «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».
35 Йесо дӕлимонӕн бардзырд радта: «Банцай ӕмӕ дзы рацу». Дӕлимон уыцы адӕймаджы синагогӕйы хӕдастӕу зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй.
36 Ӕппӕт адӕм дӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Цавӕр хъомыс ӕмӕ тых ис Йӕ ныхасы? Ӕнӕзӕгъинӕгтӕн бардзырд дӕтты, ӕмӕ рацӕуынц хӕйрӕджджынтӕй».
37 Ӕмӕ Йесойы кой айхъуыст Капернаумы алфамбылай.
Йесо сдзӕбӕх кодта Петры усы мады ӕмӕ иннӕты
38 Йесо синагогӕйӕ куы рацыди, уӕд бацыди Симоны хӕдзармӕ. Симоны усы мад тынг удхар кодта тӕвднизӕй. Ӕмӕ Йесомӕ бахатыдысты сылгоймаджы тыххӕй.4:38 Мф. 8:14; Мк. 1:29.
39 Йесо йӕ цуры слӕууыд, бардзырд радта тӕвднизӕн, ӕмӕ йӕ тӕвдниз ныууагъта. Уыйадыл сылгоймаг сыстад ӕмӕ сын райдыдта лӕггад кӕнын.
40 Алы низӕй рынчынтӕ кӕмӕдӕриддӕр уыд, уыдон Ӕм сӕ хурныгуылдыл ӕрхуыдтой. Уый-иу сӕ алкӕуыл дӕр ӕрӕвӕрдта Йӕ къухтӕ ӕмӕ-иу ӕй сдзӕбӕх кодта.4:40 Мф. 8:16; Мк. 1:32.
41 Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй-иу дӕлимонтӕ рацыдысты ӕмӕ-иу хъӕр систой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.4:41 Мк. 1:34; 3:12.
Йесо хъусын кӕны фарны уац
42 Куы ӕрбабон, уӕд Йесо рацыд ӕмӕ араст хибар ранмӕ. Адӕм Ӕй агуырдтой, ӕмӕ Йӕм ӕрцыдысты, ӕмӕ Йӕ нӕ уагътой сӕ цурӕй ацӕуын.
43 Фӕлӕ сын Уый загъта: «Иннӕ сахартӕн дӕр Мӕ хъӕуы Хуыцауы Паддзахады фарны уац фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ Ӕз уый тыххӕй ӕрвыст дӕн».4:43 Мк. 1:38.
44 Ӕмӕ фарны уац хъусын кодта Иудейӕйы синагогӕты.
5Фыццаг кӕсагахст
1 Иухатт Йесо лӕууыди Геннисареты цады былыл ӕмӕ Йӕм бырстой адӕм, цӕмӕй байхъусой Хуыцауы ныхасмӕ.
2 Уыцы рӕстӕг Йесо федта дыууӕ бӕлӕгъы цады лӕугӕ; кӕсагахсджытӕ рахызтысты бӕлӕгътӕй ӕмӕ ӕхсадтой сӕ хызтӕ.
3 Йесо бахызт бӕлӕгътӕй иумӕ, Симоны бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ йӕм бахатыди, былӕй иучысыл фӕхибар уӕм, зӕгъгӕ. Стӕй сбадт бӕлӕгъы ӕмӕ уырдыгӕй ахуыр кодта адӕмы.
4 Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд загъта Симонӕн: «Арфдӕр кӕм у, уырдӕм бацу, баппарут уӕ хызтӕ ӕмӕ ӕрцахсдзыстут».
5 Симон Ын дзуапп радта: «Хицау, мах фӕтухӕн кодтам ӕгас ӕхсӕв ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ Дӕ ныхасӕй баппардзынӕн хыз».
6 Хыз куы баппӕрстой, уӕд ӕрцахстой афтӕ бирӕ кӕсӕгтӕ, ӕмӕ суанг сӕ хыз скъуыйын райдыдта.
7 Иннӕ бӕлӕгъы чи уыди, сӕ уыцы ӕмбӕлттӕм фӕтылдтой сӕ къухтӕ, цӕмӕй сӕм ӕрбацӕуой ӕххуысмӕ. Ӕрбацыдысты сӕм ӕмӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр афтӕ байдзаг кодтой, ӕмӕ сын райдыдтой дӕлдон кӕнын.
8 Симон Петр уый куы федта, уӕд ӕрхауд Йесойы уӕрджытӕм ӕмӕ загъта: «Ныууадз мӕ, Хицау, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн».
9 Петры, стӕй йемӕ чи уыди, уыдоны сеппӕты дӕр стыр тасы бафтыдта, уыйбӕрц кӕсӕгтӕ кӕй ӕрцахстой, уый.
10 Тас бацыди Симоны ӕмбӕлтты дӕр – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уӕд Йесо загъта Симонӕн: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ адӕмахсӕг уыдзынӕ».
11 Дыууӕ бӕлӕгъы дӕр раластой былмӕ, ныууагътой ӕппӕт дӕр ӕмӕ ацыдысты Йесойы фӕдыл.
Хъотырджын сдзӕбӕх
12 Йесо сахартӕй иуы куы уыди, уӕд фембӕлд, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъотыры бын кӕмӕн фӕци, ахӕм лӕгыл. Уый Йесойы куы федта, уӕд ӕрхауди дӕлгоммӕ ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта: «Хицау, кӕд Дӕ фӕнды, уӕд Дӕ бон у, ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕнай».5:12 Мф. 8:2; Мк. 1:40.
13 Йесо радардта Йӕ къух, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ йӕ уыйадыл хъотыр ныууагъта.
14 Йесо йын бафӕдзӕхста: «Макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн, ӕмӕ кӕй ссыгъдӕг дӕ, уый тыххӕй ӕрхӕсс нывонд, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ – кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн»5:14 Мф. 8:4; Мк. 1:44. .
15 Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ кой хӕлиу кодта, цыдис Ӕм тынг бирӕ адӕм байхъусынмӕ ӕмӕ сӕ низтӕй дзӕбӕх кӕнынмӕ.
16 Йесо та-иу ацыди хибар рӕттӕм ӕмӕ куывта.
Уӕнгмард сдзӕбӕх
17 Иухатт Йесо ахуыр кодта адӕмы. Уым бадтысты фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ – ӕрцыдысты Галилейы ӕмӕ Иудейӕйы алы хъӕутӕй ӕмӕ Иерусалимӕй. Хуыцауы хъаруйӕ Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты.
18 Уӕд чидӕртӕ хуыссӕныл ӕрхастой уӕнгмард адӕймаджы, ӕмӕ архайдтой хӕдзармӕ йӕ бахӕссыныл ӕмӕ йӕ Йесойы раз ӕрӕвӕрыныл.5:18 Мф. 9:2; Мк. 2:3.
19 Фӕлӕ дзы бирӕ адӕм кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ бахӕссын сӕ бон нӕ баци. Уӕд схызтысты уӕлхӕдзармӕ, систой ӕмбӕрзӕндуртӕй, ӕмӕ рынчыны ӕд хуыссӕн уаты хӕдастӕумӕ, Йесойы размӕ ӕруагътой.
20 Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕнгмардӕн загъта: «Хорз лӕг, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
21 Уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ райдыдтой кӕрӕдзийӕн дзурын: «Уый Хуыцауы Чи фауы? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын кӕй бон у?»
22 Йесо сын базыдта сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕнут?
23 Цы ӕнцондӕр у – зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ", ӕви: „Рабад ӕмӕ райдай цӕуын"?
24 Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат, Адӕймаджы Фыртӕн кӕй ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ загъта уӕнгмардӕн: «Дӕумӕ дзурын: рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ».
25 Уӕнгмард уайтӕккӕ рабадти сӕ разы, систа йӕ хуыссӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн кад кӕнгӕйӕ, ацыд йӕ хӕдзармӕ.
26 Уӕд сеппӕт дӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Тас сӕ бацыд ӕмӕ дзырдтой: «Диссаджы хъуыддӕгтӕ федтам абон».
Левий ацыд Йесоимӕ
27 Уый фӕстӕ Йесо рацыд уырдыгӕй ӕмӕ федта иу хъалонисӕджы, йӕ ном – Левий; уый бадти хъалонисӕн бынаты. Йесо йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл».5:27 Мф. 9:9; Мк. 2:14.
28 Левий ныууагъта ӕппӕт дӕр, сыстад ӕмӕ ацыд Йӕ фӕдыл.
29 Левий йӕ хӕдзары Йесойӕн ӕрӕвӕрдта хъӕздыг фынг. Фынгыл Йемӕ бадтысты бирӕ хъалонисджытӕ, стӕй ма бирӕ ӕндӕртӕ.
30 Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕрут ӕмӕ нуазут?»
31 Йесо сын дзуапп радта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы.
32 Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной».5:32 Мф. 9:13; Мк. 2:17.
Ком дарыны тыххӕй
33 Уӕд Ын фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ загътой: «Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕдзух дарынц ком ӕмӕ кувынц, уыдонау – фарисейты ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр; Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та хӕрынц ӕмӕ нуазынц».
34 Йесо сын загъта: «Сиахсаг чындзхӕсджытимӕ цалынмӕ уа, уӕдмӕ сӕ ком дарыныл бафтаудзыстут, мыййаг?
35 Фӕлӕ ралӕудзӕн афон, ӕмӕ сын сиахсаджы куы байсой, уӕд дардзысты ком».
36 Радзырдта сын фӕсномыг ныхас дӕр: «Ног дарӕсӕй гӕбаз ничи раскъуыны, цӕмӕй дзы зӕронд дарӕс бампъуза. Науӕд ног дарӕс дӕр ныскъуыдтӕ уыдзӕн, зӕронд дарӕсыл дӕр ног дарӕсӕй ӕмпъузӕн не сбаддзӕн.5:36 Мф. 9:16; Мк. 2:21.
37 Ногдыгъд сӕн дӕр зӕронд лалымты ничи ныккӕны, науӕд ногдыгъд сӕн арӕмудздзӕни лалымтӕ, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр акӕлдзӕни, лалымтӕ дӕр фесӕфдзысты.
38 Ногдыгъд сӕн ног лалымты ныккӕнын хъӕуы. [Уӕд дыууӕ дӕр баззайынц ӕнӕхъӕнӕй.]
39 Зӕронд сӕнӕй чи баназы, уый ногдыгъд сӕн нал фӕхъӕуы, уымӕн ӕмӕ фӕзӕгъы: „Зӕронд хуыздӕр у"».
6Йесо ӕмӕ сабат
1 Йесо сабаты фӕцӕйцыд ӕфсирджын хуымты. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тыдтой ӕфсиртӕ, ӕууӕрстой сӕ къухтӕй ӕмӕ хордтой.6:1 Мф. 12:1; Мк. 2:23.
2 Фарисейтӕй сын чидӕртӕ загътой: «Сабаты цы нӕ фӕччы, уый цӕмӕн кӕнут?»
3 Йесо сын дзуапп радта: «Давид йе ’мбӕлттимӕ куы сыстонг, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви?6:3 Мф. 12:4; Мк. 2:26.
4 Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ, райста ӕмӕ бахордта, ӕрмӕст сауджынтӕн хӕрын кӕй ӕмбӕлд, уыцы нывонд дзултӕ, ӕмӕ ма дзы йе ’мбӕлттӕн дӕр радта».6:4 Мф. 12:4; Мк. 2:26.
5 Йесо ма сын загъта: «Адӕймаджы Фырт сабатӕн йӕ хицау у».
Цӕнкуыл сдзӕбӕх
6 Иннӕ сабаты бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы. Уыди дзы, йӕ рахиз къух хуыскъ кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймаг.6:6 Мф. 12:9; Мк. 3:1.
7 Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой Йесомӕ, кӕд сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ, цӕмӕй Йӕ фӕзылын кӕной.
8 Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыди, уыцы адӕймагӕн загъта: «Сыст ӕмӕ адӕмы размӕ рацу». Уый сыстад ӕмӕ рацыд адӕмы размӕ.
9 Уӕд сын Йесо загъта: «Ӕз уӕ фӕрсын: сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?»
10 Йесо сеппӕтыл дӕр ахаста Йӕ цӕст, ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Радар дӕ къух». Уый бакодта афтӕ, ӕмӕ йӕ къух сдзӕбӕх.
11 Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕн сӕ маст рафыхт, ӕмӕ уынаффӕ кодтой, Йесойӕн цы бакӕной, ууыл.
Дыууадӕс апостолы
12 Уыцы рӕстӕг Йесо хохмӕ ссыди бакувынмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв уым куывта Хуыцаумӕ.
13 Куы ӕрбабон, уӕд басидт Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, равзӕрста дзы дыууадӕсы ӕмӕ сӕ схуыдта апостолтӕ:6:13 Мф. 10:1; Мк. 3:13.
14 Петр, зӕгъгӕ, кӕй схуыдта, уыцы Симоны ӕмӕ уый ӕфсымӕр Андрейы, Иаковы, Иоанны, Филиппы, Варфоломейы,
15 Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Иаковы, фӕсномыгӕй Зилот кӕй хуыдтой, уыцы Симоны,
16 Иаковы фырт Иудӕйы ӕмӕ Иудӕ Искариоты – Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уый.
17 Йесо семӕ хохӕй ӕрцыд ӕмӕ ӕрлӕууыди тъӕпӕны. Уым уыдысты Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, ноджы ма ӕппӕт Иудейӕйӕ, Иерусалимӕй, стӕй денджызы былгӕрон Тир ӕмӕ Сидоны зӕххытӕй ӕрцӕуӕг бирӕ адӕм.6:17 Мф. 4:25.
18 Уыдон Ӕм ӕрцыдысты байхъусынмӕ ӕмӕ сӕ низтӕй фервӕзынмӕ. Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ хъизӕмарӕй кӕй мардтой, уыдон дӕр-иу сдзӕбӕх сты.
19 Ӕмӕ адӕм иууылдӕр архайдтой Йесойыл бандзӕвыныл, уымӕн ӕмӕ-иу Дзы рацыди тых ӕмӕ дзӕбӕх кодта сеппӕты дӕр.6:19 Мк. 5:30.
20 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтыл ахаста Йӕ цӕст ӕмӕ райдыдта дзурын: «Тӕхудиаг стут, мӕгуыртӕ, – Хуыцауы Паддзахад сымах у.6:20 Мф. 5:3.
21 Тӕхудиаг стут, абоны ӕххормӕгтӕ, – Хуыцау уӕ бафсаддзӕни. Тӕхудиаг стут, абоны кӕуджытӕ, – сымах сцин кӕндзыстут.
22 Тӕхудиаг уыдзыстут, Адӕймаджы Фырты тыххӕй адӕмӕн ӕнӕуынон куы уат, куы уыл бахъоды кӕной, цъыф уыл куы калой ӕмӕ уын уӕ ном куы сӕгад кӕной, уӕд.6:22 Мф. 5:11.
23 Цин кӕнут уыцы бон ӕмӕ райут – уӕларвы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх. Ацы адӕмы фыдӕлтӕ пехуымпартӕн дӕр афтӕ кодтой.
24 Фӕлӕ сар уӕ сӕр, хъӕздгуытӕ, – сымах ныридӕгӕн райстат уӕ хорзӕхы хай.
25 Сар уӕ сӕр, абоны ӕфсӕстытӕ, – сымах сыстонг уыдзыстут. Сар уӕ сӕр, абоны цингӕнджытӕ, – сымах скӕудзыстут ӕмӕ ныдздзыназдзыстут.
26 Сар уӕ сӕр, ӕппӕт адӕм дӕр уӕ хорзы кой куы кӕной, уӕд. Ацы адӕмы фыдӕлтӕ мӕнгпехуымпартӕй дӕр афтӕ ӕппӕлыдысты.6:26 Ин. 7:7.
27 Фӕлӕ сымахӕн, Мӕнмӕ хъусджытӕн, зӕгъын: уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут, сымахӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕн,6:27 Мф. 5:44.
28 Уе ’лгъитджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй, кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.
29 Де ’хсӕрфарс дын чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр. Ӕмӕ дын исчи дӕ пӕлӕз куы иса, уӕд ын ратт дӕ хӕдон дӕр.6:29 Мф. 5:39; Ром. 12:17; 1 Кор. 6:7.
30 Чидӕриддӕр дӕ кура, уымӕн ратт, ӕмӕ дӕ чи цы айса, уый-иу фӕстӕмӕ ма ӕрцагур.
31 Адӕммӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр.6:31 Мф. 7:12.
32 Сымах чи уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр уарзынц, чи сӕ уарзы, уыдоны.
33 Ӕмӕ сымахӕн хорзы чи бацӕуы, кӕд уыдонӕн кӕнут хорз, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр афтӕ кӕнынц.
34 Ныфс уӕ кӕмӕй ис, бафиддзысты уын ӕй, зӕгъгӕ, кӕд ӕфстау уыдонӕн дӕттут, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр тӕригъӕдджынтӕн ӕфстау фӕдӕттынц, цӕмӕй фӕстӕмӕ райсой, цас радтой, уый бӕрц.
35 Фӕлӕ уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут ӕмӕ ӕфстау дӕттут, фӕстӕмӕ исты кӕй райсдзыстут, уымӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кӕсгӕйӕ. Уӕд уын уыдзӕни стыр хӕрзиуӕг, ӕмӕ уыдзыстут Дунедарӕджы хъӕбултӕ – Уый хорз цӕстӕй кӕсы ӕбузныгтӕм дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтӕм дӕр.6:35 Мф. 5:45.
36 Уӕдӕ ут хӕрзгӕнджытӕ, уӕ Фыд хӕрзгӕнӕг куыд у, афтӕ.6:36 Мф. 5:48.
Иннӕтӕн тӕрхон ма кӕнут
37 Иннӕтӕн тӕрхон ма кӕнут, ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзыстут. Тӕрхон макӕмӕн рахӕссут, ӕмӕ уын тӕрхон нӕ рахастӕуыдзӕн. Хатыр кӕнут, ӕмӕ уын уыдзӕни хатыр.6:37 Мф. 7:2; Ром. 2:1; 1 Кор. 4:5.
38 Дӕттут ӕмӕ райсдзыстут – уӕ фӕдджийы уын ӕркалдӕуыдзӕни раст, хӕрзнад ӕмӕ йемыдзаг барӕнӕй. Уымӕн ӕмӕ цы барӕнӕй барут, ахӕмӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр».6:38 Мф. 7:2; Мк. 4:24.
39 Йесо сын загъта фӕсномыг ныхас дӕр: «Куырмӕн куырмы хонын йӕ бон куыд бауыдзӕн? Сӕ дыууӕ дӕр уӕрмы нӕ ныххаудзысты, ӕви?6:39 Мф. 15:14.
40 Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕгӕй уӕлдӕр нӕу; фӕлӕ ӕппӕт дӕр чи сахуыр кӕна, уый суыдзӕн йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн.6:40 Мф. 10:24; Ин. 13:16; 15:20.
41 Цы кӕсыс де ’фсымӕры цӕсты ӕрдумӕ, дӕхи цӕсты та къалабӕлас нӕ фиппайыс?6:41 Мф. 7:3.
42 Куыд у дӕ бон де ’фсымӕрӕн зӕгъын: „Ме ’фсымӕр, ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду сисон", дӕхи цӕсты къалабӕлас куы нӕ уыныс, уӕд? Цӕстмӕхъус! Дӕхи цӕстӕй уал къалабӕлас сис, стӕй уӕд фендзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд сисын хъӕуы, уый.
Бӕлас ӕмӕ йӕ дыргътӕ
43 Ӕвзӕр дыргъ кӕуыл зайы, ахӕм хорз бӕлас нӕй, стӕй хорз дыргъ кӕуыл зайы, ахӕм низджын бӕлас дӕр нӕй.6:43 Мф. 7:18; 12:33.
44 Алы бӕлас дӕр йӕ дыргъӕй бӕрӕг вӕййы: какон сындзӕй не ’ртонынц легъуи, сындзкъутӕрӕй та – сӕнӕфсир.6:44 Мф. 7:16.
45 Хорз адӕймаг йӕ зӕрдӕйы хорз хӕзнадонӕй рахӕссы хорзӕх; фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыдӕхы къӕбицӕй рахӕссы фыдӕх. Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг вӕййы, дзыхӕй дӕр уый рацӕуы.6:45 Мф. 12:34-35.
Дурыл амад хӕдзар
46 Цы уын зӕгъын, уый куы нӕ кӕнут, уӕд Мӕ „Хицау, Хицау!" цы хонут?6:46 Мф. 7:21; Иак. 1:22; Ром. 2:13.
47 Мӕнмӕ ӕрцӕуджытӕй Мӕ ныхӕстӕм чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕймаг кӕй хуызӕн у, уый уын зӕгъон.
48 Арф чи скъахта ӕмӕ йӕ хӕдзар дурыл чи сӕвӕрдта, ахӕм хӕдзаргӕнӕджы хуызӕн у. Дон куы раивылд ӕмӕ уыцы хӕдзарыл куы ахӕцыд, уӕд ӕй фенкъуысын кӕнын йӕ бон нӕ баци, уымӕн ӕмӕ фидар бындурыл ӕвӕрд уыди.
49 Мӕ ныхӕстӕм чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар зӕххыл ӕнӕ бындурӕй чи сарӕзта, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Хӕдзарыл дон куы ахӕцыд, уӕд уайтӕккӕ ӕркалд ӕмӕ ныппырх и бынтондӕр».
7Сӕдӕйыхицауы цагъар сдзӕбӕх
1 Чи Йӕм хъуыста, уыцы адӕмимӕ Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд бацыди Капернауммӕ.7:1 Мф. 8:5.
2 Иу сӕдӕйыхицауӕн йӕ уарзон цагъар уыди рынчын, мӕлӕты къахыл ныллӕууыд.
3 Йесойы тыххӕй куы фехъуыста, уӕд Ӕм иудейты хистӕрты арвыста ӕрхатынмӕ, цӕмӕй ӕрцӕуа ӕмӕ йын йӕ цагъары сдзӕбӕх кӕна.
4 Уыдон ӕрцыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодтой: «Сӕдӕйыхицау у Дӕ ацы ӕххуысы аккаг –
5 Уарзы нӕ адӕмы ӕмӕ нын сарӕзта синагогӕ».
6 Йесо рацыди семӕ. Йӕ хӕдзармӕ йын куы баввахс, уӕд Ӕм сӕдӕйыхицау рарвыста йӕ хӕлӕртты зӕгъынмӕ: «Хицау, Дӕхи ма тыхсын кӕн! Уымӕн ӕмӕ ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзармӕ бацӕуай.
7 Уымӕ гӕсгӕ нӕ банымадтон мӕхи Дӕумӕ фӕцӕуыны аккагыл дӕр. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ фӕсдзӕуин сдзӕбӕх уыдзӕн.
8 Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг дӕр дӕлбар лӕг дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм", ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу", ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн", ӕмӕ йӕ бакӕны».
9 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд дисы бафтыд, Йе ’ргом разылдта, Йӕ фӕдыл цы бирӕ адӕм цыд, уыдонмӕ, ӕмӕ загъта: «Зӕгъын уын, Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад нӕ федтон».
10 Ӕрвыст лӕгтӕ хӕдзармӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд рынчын цагъары баййӕфтой дзӕбӕхӕй.
Наинаг идӕдз усы лӕппу райгас
11 Уый фӕстӕ Йесо араст, Наин кӕй хуыдтой, уыцы сахармӕ. Йемӕ цыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр адӕм.
12 Ӕмӕ сахары кулдуармӕ куы баввахс, уӕд рацӕйхастой марды, идӕдз усы иунӕг лӕппуйы. Сылгоймагимӕ сахарӕй рацыд бирӕ адӕм.
13 Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».
14 Бацыд ӕмӕ бавнӕлдта сынтмӕ. Сынтхӕсджытӕ ӕрлӕууыдысты. Уӕд Йесо загъта: «Лӕппу, дӕуӕн зӕгъын, рабад».
15 Мард йӕхиуыл схӕцыд, рабадт ӕмӕ райдыдта дзурын. Уӕд ӕй Йесо радта йӕ мадмӕ.
16 Сеппӕты дӕр тас бацыд ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркаст Йӕ адӕммӕ».7:16 Лк. 1:68; Ин. 6:14.
17 Йесойы кой айхъуыст ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ йӕ алфамбылай.
Аргъауӕг Иоанны минӕвӕрттӕ
18 Иоаннӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ радзырдтой ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй.7:18 Мф. 11:2.
19 Иоанн басидт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сӕ арвыста Хицауы бафӕрсынмӕ: «Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»7:19 Ин. 6:14.
20 Уыдон ӕрцыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын загътой: «Аргъауӕг Иоанн нӕ Дӕумӕ рарвыста бафӕрсынмӕ: „Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?"»
21 Йесо уыцы рӕстӕг бирӕ адӕмы фервӕзын кодта алыхуызон низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕй, бирӕ куырмыты ракӕсын кодта сӕ цӕстытӕй.
22 Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕн дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат, уый: куырмытӕ райдыдтой уынын, къуылыхтӕ – цӕуын, хъотырджынтӕ дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ райдыдтой хъусын, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц фарны уац.7:22 Мф. 11:5; Лк. 4:18.
23 Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл чи нӕ фӕкӕла, уый».7:23 Мф. 11:6; 1 Пет. 2:8.
24 Иоанны минӕвӕрттӕ куы аздӕхтысты, уӕд Йесо адӕмӕн райдыдта Иоанны тыххӕй дзурын: «Цы уынынмӕ цыдыстут ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз уынынмӕ?
25 Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм лӕджы уынынмӕ? Хъӕздыг дарӕс чи дары ӕмӕ бухъцард чи кӕны, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.
26 Фӕлӕ уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕры.
27 Иоанн у, Сыгъдӕг Фыст афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы: „Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ развӕндаг".7:27 Мф. 11:10; Мк. 1:2.
28 Зӕгъын уын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй ничи у Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тӕккӕ къаддӕр Иоаннӕй уӕлдӕр у.7:28 Мф. 11:11.
29 Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, сӕххӕст кодтой Хуыцауы фӕнд ӕмӕ аргъуыд райстой Иоаннӕй.7:29 Мф. 21:31.
30 Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ нӕ саргъуыдтой.7:30 Ап. хъ. 20:27.
31 Уӕдӕ кӕуыл абарон ацы адӕмы фӕлтӕр? Кӕй хуызӕн сты?7:31 Мф. 11:16.
32 Сывӕллӕтты хуызӕн сты, сахары фӕзы чи бады ӕмӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ чи зӕгъы: „Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ куыдтат".
33 Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Аргъауӕг Иоанн, дзул дӕр нӕ хӕры, сӕн дӕр нӕ нуазы, ӕмӕ дзы зӕгъут: „Хӕйрӕджджын у".
34 Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъут: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн".
35 Фӕлӕ Хуыцауы уӕлзондӕн йӕ растгӕнӕг сты йеппӕт сывӕллӕттӕ».
Йесойы байсӕрстӕуыди хӕрздӕфгӕнӕнӕй
36 Фарисейтӕй иучидӕр Йесойы ахуыдта сихормӕ. Йесо бацыд фарисейы хӕдзармӕ ӕмӕ ӕрбадти фынгыл.
37 Уыцы сахарӕй иу тӕригъӕдджын сылгоймаг базыдта, Йесо фарисейы хӕдзары фынгыл кӕй бады, уый, ӕмӕ ӕрхаста хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурын.7:37 Мф. 26:7; Мк. 14:3; Ин. 11:2; 12:3.
38 Ӕрлӕууыд Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕмӕ кӕугӕйӕ райдыдта Йесойы къӕхтыл йӕ цӕссыг калын, сӕрфта сӕ йӕ дзыккутӕй, батӕ Йын кодта Йӕ къӕхтӕн ӕмӕ сӕ сӕрста хӕрздӕфгӕнӕнӕй.
39 Йесойы бахонӕг фарисей уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай пехуымпар куы уаид, уӕд Ӕм чи ӕмӕ цавӕр сылгоймаг ӕвналы, уый зонид, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тӕригъӕдджын у».7:39 Лк. 15:2.
40 Уӕд ын Йесо загъта: «Симон, иу ныхас дын куы зӕгъин, уый Мӕ фӕнды». Уый дзуапп радта: «Зӕгъ ӕй, Ахуыргӕнӕг».
Фӕсномыг ныхас дыууӕ хӕсджыны тыххӕй
41 Йесо загъта: «Иу ӕфстаудӕттӕгӕн уыди дыууӕ хӕсджыны: иу дзы дардта фондзсӕдӕ динары, иннӕ та – дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз.
42 Фӕлӕ сӕ цӕмӕй бафыстаиккой, уый сӕм нӕ уыд, ӕмӕ дыууӕйӕн дӕр ныххатыр кодта. Зӕгъ-ма, уыдонӕй йӕ кӕцы бауарздзӕн фылдӕр?»
43 Симон дзуапп радта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фылдӕр кӕмӕн ныххатыр кодта, уый». Йесо йын загъта: «Дӕ хъуыды раст у».
44 Йесо разылди сылгоймагмӕ ӕмӕ Симонӕн загъта: «Уыныс ацы сылгоймаджы? Ӕз ӕрбацыдтӕн дӕ хӕдзармӕ, ӕмӕ Мын ды Мӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн дон дӕр нӕ раттай. Уый та Мын йӕ цӕссыгтӕй ӕрӕнхъӕвзта Мӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ ныссӕрфта йӕ дзыккутӕй.
45 Ды Мын нӕ аба кодтай. Уый та Мын, куы ӕрбацыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ Мӕ къӕхтӕн батӕ кӕнынӕй не ’нцайы.
46 Ды Мын Мӕ сӕр зетийӕ нӕ байсӕрстай. Уый та Мын Мӕ къӕхтӕ хӕрздӕфгӕнӕнӕй байсӕрста.
47 Уымӕ гӕсгӕ дын зӕгъын: бирӕ кӕй бауарзта, уый тыххӕй йын барст сты йӕ бирӕ тӕригъӕдтӕ. Чысыл барст кӕмӕн у, уымӕн та йӕ уарзт дӕр чысыл у».
48 Сылгоймагӕн та загъта: «Барст дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
49 Йесоимӕ фынгыл чи бадти, уыдон хинымӕр райдыдтой дзурын: «Уый Чи у, суанг тӕригъӕдтӕ дӕр Чи хатыр кӕны?»
50 Йесо та сылгоймагӕн загъта: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта; цу фарнимӕ».
8Сылгоймӕгтӕ лӕггад кӕнынц Йесойӕн
1 Уый фӕстӕ Йесо зылди сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, хъусын кодта фарны уац Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йемӕ уыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы,
2 Стӕй ӕнӕзӕгъинӕгты кӕмӕй расырдта ӕмӕ низтӕй кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы сылгоймӕгтӕ: авд дӕлимоны кӕмӕй рацыд, магдалӕйаг кӕй хуыдтой, уыцы Мариа,8:2 Мк. 15:40; 16:9.
3 Ироды хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕг чи уыди, уыцы Хузайы ус Иоаннӕ, Сусаннӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ. Сеппӕт дӕр сӕ мулкӕй лӕггад кодтой Йесойӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.
Фӕсномыг ныхас тауӕджы тыххӕй
4 Адӕм кодтой фылдӕрӕй-фылдӕр – цыдысты Йӕм ӕппӕт сахартӕй. Йесо сын радзырдта фӕсномыг ныхас:8:4 Мф. 13:2-3; Мк. 4:1-2.
5 «Рацыд тауӕг йӕ тауинаг тауынмӕ. Таугӕ-тауын иугай нӕмгуытӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, къӕхты бын фесты, ӕмӕ сӕ уӕларвон мӕргътӕ рауыгътой.
6 Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты дурджын ран, ӕмӕ куы сӕвзӕрдысты, уӕд бахус сты, уымӕн ӕмӕ донхъуаг разындысты.
7 Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, сындзытӕ сзадысты семӕ ӕмӕ сӕ ныххурх кодтой.
8 Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл, сзадысты ӕмӕ радтой фондзыссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг». Уый радзурыны фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
Йесо ӕмбарын кӕны фӕсномыг ныхас
9 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ бафарстой: «Цы амоны ацы фӕсномыг ныхас?»
10 Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, иннӕтӕн та сӕ фӕсномыг ныхӕстӕй амындӕуы, цӕмӕй „кӕсой, фӕлӕ ма уыной, хъусой, фӕлӕ ма ӕмбарой".8:10 Мф. 13:14; Мк. 4:12; Ин. 12:40.
11 Мӕнӕ цы амоны ацы фӕсномыг ныхас: тауинаг – Хуыцауы ныхас у.
12 Фӕндаггӕрон чи ӕрхауд, уыдон ахӕмтӕ сты: фехъусынц ныхас, фӕлӕ сӕм фӕстӕдӕр ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕйӕ ахӕссы ныхас, цӕмӕй сӕ ма бауырна ӕмӕ ма фервӕзой.8:12 Мф. 13:19; Мк. 4:15.
13 Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та ахӕмтӕ сты: ныхас куы фехъусынц, уӕд ӕй цингӕнгӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты – ӕууӕндынц рӕстӕгмӕ, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд та ныууадзынц сӕ уырнындзинад.
14 Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон ахӕмтӕ сты: фехъусынц ныхас, фӕлӕ сын фӕстӕдӕр царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕ сӕ хурхыл ныххӕцынц, ӕмӕ пайда нӕ раттынц.8:14 Мф. 13:22; Мк. 4:18; 10:23; Лк. 18:23; 1 Тим. 6:9.
15 Бӕзнаг мӕрыл чи ӕрхауд, уыдон та ахӕмтӕ сты: фехъусынц ныхас, дарынц ӕй сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы, ӕмӕ, фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы раттынц пайда.
Фӕсномыг ныхас цырагъы тыххӕй
16 Цырагъ чи ссудзы, уый йыл мигӕнӕн не ’рдӕлгом кӕны, сынтӕджы бын дӕр ӕй нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ сӕвӕры цырагъдарӕныл, бацӕуджытӕ рухс куыд уыной, афтӕ.8:16 Мф. 5:15; Мк. 4:21; Лк. 11:33.
17 Уымӕн ӕмӕ цы нӕ раргом уа, ахӕм сусӕггаг нӕй, ӕмӕ цы нӕ рахъӕр уа ӕмӕ кӕй нӕ базындӕуа, ахӕм сусӕгдзинад нӕ вӕййы.8:17 Мф. 10:26; Лк. 12:2.
18 Уӕдӕ-иу ӕркӕсут, куыд хъусут, уымӕ. Уымӕн ӕмӕ кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕн, ис мӕм, зӕгъгӕ, ӕнхъӕл цӕмӕй у, уый дӕр».8:18 Мф. 13:12; 25:29; Мк. 4:25.
Йесойы Мад ӕмӕ ӕфсымӕртӕ
19 Йесомӕ ӕрцыдысты Йӕ Мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ, ӕмӕ дзы бирӕ адӕм кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ Йӕм бацӕуын сӕ къухы не ’фтыд.8:19 Мф. 12:46; Мк. 3:31.
20 Ӕмӕ Йын загътой: «Дӕ Мад ӕмӕ Де ’фсымӕртӕ ӕдде лӕууынц, Дӕу фенын сӕ фӕнды».
21 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауы ныхасмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон сты Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ».
Уад байхъуыста Йесомӕ
22 Иухатт Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахызт бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ахизӕм цады фаллаг фарсмӕ». Ӕмӕ араст сты.
23 Сӕ фӕндаг дардтой, ӕмӕ уалынмӕ Йесо афынӕй. Цады та сыстади тыхджын уад, дон калди бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ уыдысты тӕссаг уавӕры.
24 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, Хицау, сӕфӕм!» Йесо сыстади, бардзырд радта уад ӕмӕ уылӕнтӕн; уыдон банцадысты, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр.
25 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон фӕтарстысты, ӕмӕ дисгӕнгӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ донӕн бардзырд Чи дӕтты, ӕмӕ уыдон Кӕй коммӕ кӕсынц?»
Йесо сдзӕбӕх кодта хӕйрӕджджыны
26 Бахӕццӕ сты, Галилейы акомкоммӕ цады фаллаг фарс чи ис, Гадарӕйы уыцы бӕстӕмӕ.8:26 Мф. 8:28; Мк. 5:1.
27 Йесо былмӕ куы рахызт, уӕд Ыл сӕмбӕлди, раздӕр хӕстӕг сахары чи цард, ахӕм хӕйрӕджджын лӕг. Уый рагӕй дӕр дарӕс нӕ дардта, царди хӕдзары нӕ, фӕлӕ зӕппӕдзты.
28 Йесойы куы федта, уӕд ныхъхъӕр кодта, ӕрхауд Йӕ разы, ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Дунедарӕг Хуыцауы Фырт? Лӕгъстӕ Дын кӕнын, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!»
29 Уымӕн ӕмӕ Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн радта уыцы адӕймагӕй рацӕуыны бардзырд. Ӕнӕзӕгъинаг уый рагӕй тухӕнӕй мардта. Сбастой-иу ӕй рӕхыстӕ ӕмӕ хъадамантӕй, хъахъхъӕдтой йӕ, фӕлӕ-иу арӕдывта йӕ бӕттӕнтӕ, ӕмӕ-иу ӕй дӕлимон атардта ӕдзӕрӕг ранмӕ.
30 Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый загъта: «Легион», уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ дӕлимонтӕ бацыд.
31 Ӕмӕ уыдон куырдтой Йесойӕ, цӕмӕй сӕ дӕлдзӕхмӕ ма арвита.
32 Уым хохыл хызти хуыты стыр дзуг, ӕмӕ дӕлимонтӕ Йесойӕ куырдтой хуыты бацӕуыны бар. Йесо сын бар радта.
33 Дӕлимонтӕ рацыдысты уыцы адӕймагӕй, ӕмӕ бацыдысты хуыты. Ӕмӕ дзуг къардиуӕй йӕхи фехста цадмӕ, ӕмӕ фӕдӕлдон.
34 Цы ӕрцыд, уый хуыгӕстӕ куы федтой, уӕд азгъордтой, ӕмӕ хабар радзырдтой сахар ӕмӕ хъӕуты.
35 Ӕмӕ цы ӕрцыд, уый фенынмӕ рацыдысты адӕм. Ӕрбацыдысты Йесомӕ, ӕмӕ дӕлимонтӕ кӕмӕй рацыдысты, уыцы лӕджы федтой йӕ дарӕсы Йесойы къӕхты цур бадгӕ, йӕ зонд йӕхимӕ уыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ старстысты.
36 Цы ӕрцыд, уый фенӕг адӕм сын радзырдтой, хӕйрӕджджын куыд сдзӕбӕх, уый тыххӕй.
37 Ӕмӕ Гадарӕйы алфамбылай ӕппӕт цӕрджыты дӕр стыр тас кӕй бацыд, уый тыххӕй уыдон куырдтой Йесойӕ, цӕмӕй уырдыгӕй ацӕуа. Йесо бахызт бӕлӕгъмӕ ӕмӕ раздӕхт фӕстӕмӕ.
38 Дӕлимонтӕ кӕмӕй рацыдысты, уыцы лӕг Ын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ уадза Йемӕ. Фӕлӕ йӕ Йесо арвыста ӕмӕ йын загъта:
39 «Аздӕх дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ радзур, Хуыцау дын цы сарӕзта, уый». Лӕг ацыд, ӕмӕ ӕгас сахары дӕр дзырдта, Йесо йын цы сарӕзта, уый тыххӕй.
Чызг райгас, сылгоймаг сдзӕбӕх
40 Йесо куы раздӕхт, уӕд Ыл адӕм сӕмбӕлдысты ӕхсызгонӕй, уымӕн ӕмӕ Йӕм сеппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты.
41 Ӕрцыд Ӕм иу лӕг, йӕ ном – Иаир, синагогӕйы хицау. Йӕхи ӕрӕппӕрста Йесойы къӕхтӕм, ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта, йӕ хӕдзармӕ йын цӕмӕй бацӕуа, уый тыххӕй,8:41 Мф. 9:18; Мк. 5:22.
42 Уымӕн ӕмӕ йӕ иунӕг чызг марди; цыдаид ыл дыууадӕс азы. Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд Ӕй адӕм фӕйнӕрдыгӕй цъист кодтой.
43 Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй не ’нцад. Йеппӕт мулк дӕр дохтыртыл бахардз кодта, фӕлӕ йе сдзӕбӕх кӕнын никӕй бон баци.
44 Сылгоймаг чъылдымырдыгӕй бацыд Йесомӕ, бандзӕвыд Ын Йӕ пӕлӕзы коцорайыл, ӕмӕ уайтӕккӕ туг банцад йӕ цӕуынӕй.
45 Уӕд Йесо загъта: «Чи Мыл бандзӕвыд?» Ӕмӕ сеппӕт дӕр «нӕ» куы дзырдтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, адӕм Дыл ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Дӕ цъист кӕнынц».8:45 Мк. 5:30.
46 Фӕлӕ Йесо загъта: «Чидӕр Мыл бандзӕвыд – Ӕз банкъардтон, тых Мӕ кӕй рацыд, уый».
47 Сылгоймаг, кӕй нӕ фӕсусӕг, уый куы федта, уӕд Ӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыд ӕмӕ Йын Йӕ къӕхтӕм ӕрӕппӕрста йӕхи. Цӕй тыххӕй Йыл бандзӕвыд ӕмӕ уайтӕккӕ куыд сдзӕбӕх, уый радзырдта ӕппӕт адӕмы раз.
48 Йесо йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ».
49 Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ иучидӕр ӕрцыд йӕ хӕдзарӕй, ӕмӕ йын загъта: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы мауал фӕлмӕцын кӕн».8:49 Мк. 5:35.
50 Фӕлӕ Йесо уый куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд, ӕмӕ фервӕздзӕн».
51 Ӕмӕ йын йӕ хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уӕд Петр, Иоанн ӕмӕ Иаковы, стӕй сабийы фыд ӕмӕ мады йеддӕмӕ никӕй бауагъта Йемӕ мидӕмӕ бацӕуын.
52 Адӕм иууылдӕр куыдтой ӕмӕ хъарӕг кодтой чызгыл. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ма кӕут; мард нӕу, фынӕй у».
53 Ӕмӕ Йыл худтысты, уымӕн ӕмӕ, кӕй амард, уый зыдтой.
54 Фӕлӕ йын Йесо ныххӕцыд йӕ къухыл, ӕмӕ йӕм фӕдзырдта: «Саби, рабад!»
55 Чызгмӕ ӕрыздӕхт йӕ уд, ӕмӕ уыйадыл рабадт. Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын раттой хӕринаг.
56 Чызджы ныййарджытӕ дисы бафтыдысты. Фӕлӕ сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы ӕрцыд, уый тыххӕй макӕмӕн зӕгъой.
9Йесо арвыста дыууадӕс ахуыргӕнинаджы
1 Йесо басидт Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй сӕ бар цӕуа ӕппӕт дӕлимонтыл дӕр ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕной сӕ низтӕй.9:1 Мф. 10:1; Мк. 3:13; 6:7.
2 Ӕмӕ сӕ арвыста Хуыцауы Паддзахады уац адӕммӕ фӕхӕссынмӕ ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кӕнынмӕ.
3 Йесо сын бафӕдзӕхста: «Мацы райсут фӕндагмӕ – нӕдӕр лӕдзӕг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр хойраг, нӕдӕр ӕхца, нӕдӕр дыгай хӕдӕттӕ.
4 Кӕцыфӕнды хӕдзармӕ дӕр куы бацӕуат, уӕд-иу дзы баззайут, цалынмӕ уырдыгӕй рацӕуат, уӕдмӕ.
5 Исчи уӕ куы не суазӕг кӕна, уӕд та-иу, уыцы сахарӕй рацӕугӕйӕ, ацӕгъдут уӕ къӕхты рыг – аххосджын кӕй сты, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».9:5 Мф. 10:14; Мк. 6:11; Ап. хъ. 13:51.
6 Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ зылдысты хъӕутыл, алы ран дӕр хъусын кодтой фарны уац ӕмӕ дзӕбӕх кодтой рынчынты.
Ирод архайы Йесойы феныныл
7 Ӕппӕт уыцы цауты тыххӕй фехъуыста ӕлдариуӕггӕнӕг Ирод, ӕмӕ цытӕ цыди, уый бамбарын йӕ бон нӕ уыд. Уымӕн ӕмӕ иутӕ дзырдтой, уый Иоанн райгас мӕрдтӕй, зӕгъгӕ;9:7 Мф. 14:1; Мк. 6:14.
8 Иннӕтӕ – Илиа, дам, ӕрцыд; аннӕтӕ та дзырдтой, рагон пехуымпартӕй, дам, чидӕр райгас.
9 Фӕлӕ Ирод загъта: «Иоаннӕн ӕз йӕ сӕр куы акъуырдтон, уӕд уыдӕттӕ Кӕй тыххӕй хъусын, Уый та чи у?» Ӕмӕ архайдта Йесойы феныныл.9:9 Лк. 23:8.
Йесо бафсӕста фондз мин лӕджы
10 Апостолтӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Йесойӕн радзырдтой, цы сарӕзтой, уыдӕттӕ. Йесо сӕ Йемӕ рахуыдта, ӕмӕ хибарӕй ацыдысты, Вифсаидӕ кӕй хуындӕуыд, уыцы сахарырдӕм.9:10 Мф. 14:13; Мк. 6:32.
11 Фӕлӕ адӕм уый куы базыдтой, уӕд ацыдысты Йӕ фӕдыл. Йесо фембӕлд семӕ, дзырдта сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ дзӕбӕх кодта, дзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыд, уыдон.
12 Бон изӕрырдӕм фӕкъул. Ӕрбацыдысты Йӕм дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕмӕ Йын загътой: «Ауадз адӕмы ацӕуын хӕстӕг хъӕутӕм бахсӕвиуат кӕнынмӕ ӕмӕ сӕхицӕн хойраг самал кӕнынмӕ. Уымӕн ӕмӕ ам фӕсвӕд ран стӕм».
13 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон дзуапп радтой: «Махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис. Ӕмӕ ныр утӕппӕт адӕмы фаг хойраг балхӕнынмӕ хъуамӕ ацӕуӕм?»9:13 Мф. 14:17; Мк. 6:38; Ин. 6:9.
14 (Уым уыди фондз мин лӕджы бӕрц.) Фӕлӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут къордгай – алы къорды дӕр дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы бӕрц куыд уа».
15 Сеппӕты дӕр ӕрбадын кодтой, куыд загъд сын уыд, афтӕ.
16 Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скаст уӕларвмӕ, арфӕ ракодта, асаста сӕ, ӕмӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм радта адӕмӕн байуарынмӕ.
17 Бахордтой сеппӕт дӕр ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды.
Петр Йесойы схуыдта Чырысти
18 Иухатт Йесо куывта хибарӕй; Йемӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Йесо сӕ бафарста: «Кӕуыл Мӕ нымайынц адӕм?»9:18 Мф. 16:13; Мк. 8:27.
19 Уыдон дзуапп радтой: «Иутӕ – Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ – Илиайыл, аннӕтӕ та зӕгъынц, рагон пехуымпартӕй чидӕр райгас, зӕгъгӕ».
20 Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» Петр Ын дзуапп радта: «Хуыцауы Чырыстийыл».9:20 Ин. 6:69.
21 Ӕмӕ сын Йесо тынг бафӕдзӕхста, цӕмӕй уый тыххӕй макӕмӕн дзурой.
Йесо зӕгъы Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй
22 Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».9:22 Мф. 17:22.
Куыд цӕугӕ у Йесойы фӕдыл
23 Уый фӕстӕ сеппӕтӕн дӕр загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, алы бон дӕр-иу райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ цӕуӕд Мӕ фӕдыл.9:23 Мф. 10:38; 16:24; Мк. 8:34; Лк. 14:27.
24 Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.
25 Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕхи та куы фесафа, кӕнӕ йӕхиуыл зиан куы ӕруадза, уӕд ын уый цы пайда у?9:25 Мф. 16:26; Мк. 8:36.
26 Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕй чи фефсӕрмы уа, уымӕй фефсӕрмы уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр, Йӕхи, Йӕ Фыды ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты намысимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд.9:26 Мф. 10:32; Мк. 8:38; Лк. 12:9; 2 Тим. 2:12.
27 Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад феной, уӕдмӕ».
Йесо Йӕ хуыз аивта
28 Уыцы ныхӕстыл аст боны бӕрц куы рацыд, уӕд Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иоанны ӕмӕ Иаковы, ӕмӕ хохмӕ ссыди бакувынмӕ.9:28 Мф. 17:1; Мк. 9:2.
29 Куы куывта, уӕд Йӕ цӕсгомы хуыз аивта, Йӕ дарӕс та сси сӕнтурс ӕмӕ калдта тӕмӕнтӕ.
30 Ӕмӕ дын мӕнӕ дыууӕ лӕджы ныхас кӕнынц Йемӕ; уыдон уыдысты Моисей ӕмӕ Илиа.
31 Фӕзындысты уӕларвон намысимӕ, ӕмӕ дзырдтой Йесойы ахицӕныл – Уый Хуыцауы фӕндон Иерусалимы куыд сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл.9:31 Лк. 22:37.
32 Петрыл ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттыл та хуыссӕг фӕтых. Куы райхъал сты, уӕд федтой Йесойы намыс, ӕмӕ дыууӕ лӕджы Йемӕ лӕугӕйӕ.9:32 2 Пет. 1:16.
33 Ӕмӕ уыдон Йесойӕ хицӕн куы кодтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Саразӕм ӕртӕ халагъуды: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу Илиайӕн». Цы дзырдта, уый йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста.
34 Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзынд ӕврагъ ӕмӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта. Ӕврагъы куы аныгъуылдысты, уӕд фӕтарстысты.
35 Ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕй сӕвзӕрстон, Мӕ уыцы Фырт у. Хъусут Ӕм».9:35 Мф. 3:17; 17:5.
36 Хъӕлӕс куы райхъуыст, уӕд Йесоимӕ ничиуал уыд. Ахуыргӕнинӕгтӕ цы федтой, уый басусӕг кодтой, ӕмӕ йӕ уыцы бонты никӕмӕн радзырдтой.
Ӕнахъом хӕйрӕджджын сдзӕбӕх
37 Дыккаг бон хохӕй куы ӕрцыдысты, уӕд Йесойы размӕ рацыд бирӕ адӕм.
38 Адӕмы ӕхсӕнӕй чидӕр рахъӕр кодта: «Ахуыргӕнӕг, лӕгъстӕ Дын кӕнын, баххуыс кӕн мӕ фыртӕн, иунӕг хъӕбул мын у!9:38 Мф. 17:14; Мк. 9:17.
39 Дӕлимон ӕй ӕрцахсы, лӕппу ӕваст ныхъхъӕр кӕны, йӕ гӕндзӕхтӕ ныццӕгъды ӕмӕ йӕ комӕй фынк ракӕлы. Дӕлимон ӕй хъизӕмарӕй куы амары, уӕд ма йӕ тыххӕйты ныууадзы.
40 Ӕз куырдтон Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕй, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци».
41 Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Кӕдмӕ уыдзынӕн уемӕ ӕмӕ уын кӕдмӕ быхсдзынӕн? Ӕрбакӕн ардӕм дӕ фырты».
42 Лӕппу Йесомӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕ йӕ дӕлимон ныццавта зӕххыл, ӕмӕ лӕппу йӕ гӕндзӕхтӕ цагъта. Фӕлӕ Йесо бардзырд радта ӕнӕзӕгъинагӕн, сдзӕбӕх кодта лӕппуйы ӕмӕ йӕ радта йӕ фыдмӕ.
Йесо ногӕй зӕгъы Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй
43 Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты, Хуыцау куыд хъомысджын у, ууыл. Йесо цыдӕриддӕр арӕзта, уыдоныл сеппӕт дӕр куы дис кодтой, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:
44 «Ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уымӕ байхъусут лӕмбынӕг: Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухтӕм».9:44 Мф. 17:22; Мк. 9:31.
45 Фӕлӕ уыдон уыцы ныхӕстӕ не ’мбӕрстой – ӕргом сын нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой; уыцы ныхӕстӕй Йӕ бафӕрсын та нӕ уӕндыдысты.9:45 Лк. 2:50.
Чи у уӕлдӕр?
46 Ахуыргӕнинӕгтӕм рауад быцӕу, уӕлдӕр сӕ чи у, уый тыххӕй.9:46 Мф. 18:1; Мк. 9:33.
47 Йесо сын зыдта сӕ мидхъуыды, ӕмӕ ӕрбахуыдта сывӕллоны, ӕрлӕууын ӕй кодта Йӕ фарсмӕ,
48 Ӕмӕ сын загъта: «Ацы сывӕллоныл Мӕ номы сӕраппонд зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг; Мӕныл зӕрдиаг чи уа, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у зӕрдиаг. Уеппӕты ӕхсӕн тӕккӕ къаддӕр чи у – цытджын уый у».9:48 Мф. 10:40; 18:5; Мк. 9:37; 1 Фес. 4:8.
«Уӕ ныхмӕ чи нӕу, уый уӕ фарс у»
49 Уӕд Ын Иоанн загъта: «Хицау, мах федтам, Дӕ номӕй дӕлимонты чи суры, ахӕм адӕймаджы, ӕмӕ йын бар нӕ лӕвӕрдтам, уымӕн ӕмӕ немӕ нӕ цӕуы».9:49 Мк. 9:38.
50 Йесо йын загъта: «Ма йӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ уӕ ныхмӕ чи нӕу, уый уӕ фарс у».9:50 Флп. 1:18.
Самариаг хъӕу не суазӕг кодта Йесойы
51 Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрхӕстӕг, уӕд Йесо скарста Иерусалиммӕ фӕцӕуын.9:51 Мк. 16:19; Ап. хъ. 1:2.
52 Йӕ разӕй арвыста минӕвӕрттӕ, ӕмӕ уыдон бацыдысты самариаг хъӕумӕ, цӕмӕй Йесойы ӕрцыдмӕ ӕрцӕттӕ кӕной ӕппӕт дӕр.
53 Фӕлӕ Йӕ не суазӕг кодтой, Иерусалиммӕ кӕй цыди, уый тыххӕй.9:53 Ин. 4:9.
54 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иаков ӕмӕ Иоанн уый куы федтой, уӕд загътой: «Хицау, фӕнды Дӕ, уӕд зӕгъӕм, ӕмӕ уӕларвӕй ӕрцӕуа арт ӕмӕ сӕ фесафа [Илиа куыд бакодта, афтӕ]?»
55 Фӕлӕ сӕм Йесо Йе ’ргом разылдта ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта. [Загъта сын: «Цавӕр уд уӕм ис, уый нӕ зонут.
56 Адӕймаджы Фырт адӕмы сафынмӕ не ’рцыд, фӕлӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ».] Ӕмӕ ацыдысты ӕндӕр хъӕумӕ.9:56 Мф. 18:11; Ин. 3:17.
Куыд цӕугӕ у Йесойы фӕдыл
57 Фӕндагыл куы уыдысты, уӕд Йесойӕн чидӕр загъта: «Ды кӕдӕм цӕуай, уырдӕм ӕз дӕр ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл».9:57 Мф. 8:19.
58 Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн – ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».
59 Иннӕмӕн Йесо загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый Йын дзуапп радта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз».
60 Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Мӕрдтӕ сӕхӕдӕг баныгӕнӕнт сӕ мӕрдты. Ды та цу ӕмӕ хъусын кӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй».9:60 Мф. 8:22.
61 Иннӕ дӕр Ын загъта: «Хицау, ӕз ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл, фӕлӕ уал мӕ ауадз мӕ бинонтӕн хӕрзбон зӕгъынмӕ».
62 Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Гутоныл хӕцгӕйӕ фӕстӕмӕ чи кӕсы, уый Хуыцауы Паддзахадӕн нӕ бӕззы».
10Адӕмӕн лӕггад кӕнынмӕ
1 Уый фӕстӕ Йесо сӕвзӕрста иннӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз ахуыргӕнинаджы дӕр ӕмӕ сӕ Йӕ разӕй дыгӕйттӕй арвыста, цӕуинаг кӕдӕм уыди, уыцы сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕм.
2 Ӕмӕ сын загъта: «Кӕрдинаг – бирӕ, фӕлӕ хуымгӕрдджытӕ нӕ фаг кӕны. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй рарвита хуымгӕрдджытӕ Йӕ хуым кӕрдынмӕ.10:2 Мф. 9:37; Ин. 4:35.
3 Цӕут! Мӕнӕ уӕ Ӕз ӕрвитын, уӕрыччыты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ ӕрвитӕгау.10:3 Мф. 10:16.
4 Уемӕ ма хӕссут нӕдӕр ӕхцайы дзӕкъул, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр дзабыртӕ, стӕй фӕндагыл салам дӕр макӕмӕн дӕттут.10:4 Мф. 10:9.
5 Цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!"10:5 Мф. 10:12; Мк. 6:10.
6 Ӕмӕ уым фарны аккаг адӕймаг куы уа, уӕд ыл уӕ арфӕ ӕрцӕудзӕни; куы нӕ дзы уа, уӕд уӕ арфӕ раздӕхдзӕн уӕхимӕ.
7 Баззайут уыцы хӕдзары, хӕрут ӕмӕ нуазут, цы сӕм уа, уый. Уымӕн ӕмӕ фӕллойгӕнӕг у йӕ куыстӕн мызд райсыны аккаг. Хӕдзари-хӕдзар ма цӕут.10:7 Мф. 10:10; 1 Тим. 5:18.
8 Цы сахармӕ бацӕуат, уым уӕ куы суазӕг кӕной, уӕд хӕрут, цы уын ӕрӕвӕрой, уый.
9 Уым цы рынчынтӕ уа, уыдоны дзӕбӕх кӕнут ӕмӕ адӕмӕн дзурут: „Ӕрӕввахс уӕм Хуыцауы Паддзахад".
10 Искӕцы сахармӕ куы бацӕуат ӕмӕ уӕ куы не суазӕг кӕной, уӕд-иу, уынгмӕ рацӕугӕйӕ, зӕгъут:
11 „Уӕ сахары ныл цы рыг ӕрбадт, уый дӕр цӕгъдӕм нӕ къӕхтӕй, уӕхицӕн уын ӕй уадзӕм. Фӕлӕ зонут, Хуыцауы Паддзахад уӕм кӕй ӕрӕввахс, уый".10:11 Мф. 10:14; Ап. хъ. 13:51.
12 Зӕгъын уын, тӕрхоны бон Содомӕн уыцы сахарӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.10:12 Мф. 11:24.
13 Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Уымӕн ӕмӕ сымахмӕ кӕй равдыстӕуыд, уыцы диссӕгтӕ Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уыцы сахартӕ, хъисын скӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕнычы сбадгӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.10:13 Мф. 11:21.
14 Фӕлӕ Тир ӕмӕ Сидонӕн тӕрхоны бон сымахӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.
15 Ӕмӕ дӕу, Капернаум, уӕларвмӕ систӕуыдзӕни? Нӕ, дӕлдзӕхмӕ ныххаудзынӕ.
16 Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы, ӕмӕ сымахыл йӕхи чи тигъ кӕны, уый Мӕныл тигъ кӕны йӕхи. Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны, уый та Мӕ Рарвитӕгыл тигъ кӕны йӕхи».10:16 Мф. 10:40; Лк. 9:48; Ин. 13:20.
Ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбаздӕхтысты
17 Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз ахуыргӕнинаджы ӕрыздӕхтысты цингӕнгӕ ӕмӕ дзырдтой: «Хицау, Дӕ номӕй куы фӕзӕгъӕм, уӕд дӕлимонтӕ дӕр кӕсынц нӕ коммӕ».
18 Йесо сын загъта: «Ӕз федтон хӕйрӕджы уӕларвӕй ӕрвӕрттывдау ӕрхаугӕ.
19 Мӕнӕ уын Ӕз радтон кӕлмыты ӕмӕ скорпионты уӕ къӕхты бын ссӕндыны бар, знаджы ӕппӕт тыхтыл уӕлахизы хъомыс, ӕмӕ уын ницы ӕрхӕсдзӕн зиан.10:19 1 Ин. 2:13.
20 Дӕлимонтӕ уӕ коммӕ кӕй кӕсынц, ууыл ма цин кӕнут, фӕлӕ цин кӕнут, уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл».10:20 Флп. 4:3.
21 Уайтӕккӕ Йын Сыгъдӕг Уд ӕрхаста цин ӕмӕ Йесо загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй. О, Мӕ Фыд, Дӕу афтӕ бафӕндыд.10:21 Мф. 11:25; 1 Кор. 1:21; 2 Кор. 4:3.
22 Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыды йеддӕмӕ; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон».
23 Йесо Йе ’ргом разылдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын хибарӕй загъта: «Тӕхудиаг сты, сымах цы уынут, уый уынӕг цӕстытӕ!10:23 Мф. 13:16.
24 Зӕгъын уын: бирӕ пехуымпартӕ ӕмӕ паддзӕхты фӕндыд, сымах цы уынут, уый фенын, фӕлӕ йӕ нӕ федтой; сымах цы хъусут, уый фехъусын, фӕлӕ йӕ нӕ фехъуыстой».10:24 1 Пет. 1:10.
Фӕсномыг ныхас зӕрдӕхӕлар самариаджы тыххӕй
25 Сыстад иу динамонӕг ӕмӕ, Йесойы къахгӕйӕ, загъта: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн мӕ цы бакӕнын хъӕуы?»10:25 Мф. 22:35; Мк. 12:28.
26 Йесо йӕ бафарста: «Моисейы Ӕгъдауы цы фыст ис? Уым цы кӕсыс?»
27 Уый Йын дзуапп радта: «Уарз дӕ Хицау Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт хъаруйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕмӕ уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ».10:27 Мф. 22:37; Мк. 12:29.
28 Йесо йын загъта: «Раст дзуапп радтай. Кӕн афтӕ ӕмӕ цӕрдзынӕ мыггагмӕ».
29 Фӕлӕ уый, йӕхи сраст кӕныныл архайгӕйӕ, загъта Йесойӕн: «Мӕ хион та чи у?»
30 Йесо йын дзуапп радта: «Иу адӕймаг фӕцӕйцыд Иерусалимӕй Иерихонмӕ ӕмӕ бахауд абырджыты къухтӕм. Уыдон ын раластой йӕ дарӕс, фӕнадтой йӕ, ӕрдӕгмардӕй йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.
31 Рауад афтӕ, ӕмӕ уыцы фӕндагыл фӕцӕйцыд иу сауджын, федта йӕ, фӕлӕ йӕ рӕзты аивгъуыдта.10:31 Ап. хъ. 10:28.
32 Афтӕ левит дӕр фӕцӕйцыд ууылты, федта йӕ, фӕлӕ йӕ рӕзты аивгъуыдта.
33 Уыцы фӕндагыл ма фӕцӕйцыд иу самариаг дӕр. Куы йӕм баввахс, уӕд ӕй федта ӕмӕ йын батӕригъӕд кодта.
34 Бацыд ӕм, йӕ хъӕдгӕмттӕ йын цӕхсадта зетийӕ ӕмӕ сӕнӕй, бабаста йын сӕ; йӕ хӕрӕгыл ӕй сӕвӕрдта, ӕрбаласта йӕ фысымуатмӕ ӕмӕ йӕм базылд.
35 Дыккаг бон систа дыууӕ динары, радта сӕ фысымуаты хицаумӕ ӕмӕ йын загъта: „Базил ӕм, ӕмӕ кӕд уӕлдай бахардз кӕнай, бафиддзынӕн дын ӕй, куы раздӕхон, уӕд".
36 Абырджыты къухтӕм чи бахауд, уымӕн, дӕумӕ гӕсгӕ, уыцы ӕртӕйӕ хион чи у?»
37 Уый дзуапп радта: «Чи йын батӕригъӕд кодта, уый». Уӕд ын Йесо загъта: «Ацу, ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн».
Марфӕйы ӕмӕ Мариайы хӕдзары
38 Фӕндагыл куы уыдысты, уӕд Йесо бацыд иу хъӕумӕ. Уым Ӕй иу сылгоймаг, йӕ ном Марфӕ, бахуыдта йӕ хӕдзармӕ.10:38 Ин. 11:1; 12:2.
39 Марфӕйӕн уыди хо, хуынди Мариа. Мариа сбадти Хицауы къӕхты цур ӕмӕ Йын хъуыста Йӕ ныхасмӕ.
40 Марфӕйӕн та йӕ мӕт ӕгасӕй дӕр лӕггадыл уыд. Бацыд Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, мӕ хо мӕ иунӕгӕй лӕггадгӕнгӕ кӕй ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ ын, ӕмӕ мӕм фӕкӕса».
41 Йесо йын дзуапп радта: «Марфӕ, Марфӕ, ды мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс бирӕ цӕуылдӕртыл,
42 Хъӕугӕ та ӕрмӕст иунӕг хъуыддаг кӕны. Мариа хуыздӕр хай равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн».
11Кувыны тыххӕй
1 Иухатт Йесо иу ран куы куывта ӕмӕ куывд куы фӕци, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Хицау, сахуыр нӕ кӕн кувын, Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд сахуыр кодта, афтӕ».
2 Йесо сын загъта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд, сыгъдӕг уӕд Дӕ ном. Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад. [Уӕларвы куыд у, афтӕ зӕххыл дӕр уӕд Дӕ фӕндон.]11:2 Мф. 6:9.
3 Алы бон дӕр нын дӕтт цӕрынваг къӕбӕр.
4 Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ мах дӕр барӕм неппӕт хӕсджынтӕн. Ма нӕ бафтау фӕлварӕны, [фыдбылызӕй нӕ бахиз]"».11:4 1 Пет. 5:8; 2 Пет. 2:9; 1 Кор. 10:13.
Фӕсномыг ныхас хъуырмӕгӕнӕг хӕлары тыххӕй
5 Йесо сын загъта: «Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн хӕлар куы уаид. Ӕмбисӕхсӕв куы бацӕуид уыцы хӕлармӕ ӕмӕ йын куы зӕгъид: „Мӕ хӕлар, ратт мын ӕртӕ дзулы ӕфстау.
6 Мӕ хӕлар мӕм фӕндагӕй фездӕхт, ӕмӕ йӕ цӕмӕй суазӕг кӕнон, уый мӕм нӕй".
7 Ӕмӕ йӕм уый мидӕгӕй куы радзурид: „Ма мӕ хъыгдар, мӕ дуар ныридӕгӕн ӕхгӕд у, мӕ сывӕллӕттӕ дӕр хуыссӕны мемӕ сты. Мӕ бон нӕу сыстын ӕмӕ дын раттын".
8 Зӕгъын уын: уый сӕ хӕлардзинады тыххӕй куы нӕ сыста ӕмӕ йын куы нӕ ратта, фӕлӕ йӕ ай уӕддӕр куынӕуал уадза, уӕд сыстдзӕн ӕмӕ йын ратдзӕни, цас дзы кура, уыйбӕрц.
9 Уӕдӕ уын Ӕз дӕр зӕгъын: курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн.11:9 Мф. 7:7; 21:22; Мк. 11:24; Ин. 14:13; Иак. 1:6.
10 Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, агурӕг ссары ӕмӕ хойӕгӕн дуар байгом вӕййы.
11 Йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта, уе ’хсӕн ахӕм фыд ис? Кӕнӕ йын кӕсаджы бӕсты калм ратдзӕн?
12 Кӕнӕ дзы айк куы кура, уӕд ын скорпион ратдзӕн?
13 Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут, ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни Сыгъдӕг Уд, чи Дзы кура, уыдонӕн!»11:13 Дзут. 12:9.
Ӕгомыг хӕйрӕджджын сдзӕбӕх
14 Иухатт Йесо иу адӕймагӕй сырдта ӕгомыггӕнӕг дӕлимоны. Дӕлимон дзы куы рацыд, уӕд ӕгомыг райдыдта дзурын, ӕмӕ адӕм дисы бафтыдысты.11:14 Мф. 9:32; 12:22.
15 Иуӕй-иутӕ та загътой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдар веелзевулы хъаруйӕ».11:15 Мф. 9:34; 12:24; Мк. 3:22.
16 Иннӕтӕ та Дзы Йӕ бафӕлварыны тыххӕй домдтой уӕларвӕй ӕвдисӕйнаг равдисын.11:16 1 Кор. 1:22.
17 Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ сын загъта: «Алы паддзахад дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ адӕм кӕрӕдзи ныхмӕ куы фӕуой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ иу хӕдзар иннӕйыл рафӕлдӕхдзӕн.11:17 Мф. 12:25; Мк. 3:24.
18 Уӕдӕ кӕд хӕйрӕг йӕхи ныхмӕ тох кӕны, уӕд йӕ паддзахад куыд фӕлӕудзӕн? Сымах та афтӕ дзурут, цыма Ӕз веелзевулы хъаруйӕ сурын дӕлимонты.
19 Кӕд Ӕз дӕлимонты веелзевулы хъаруйӕ сурын, уӕд сӕ уӕ фӕдонтӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уымӕ гӕсгӕ уын уыдон уыдзысты тӕрхонгӕнджытӕ.
20 Фӕлӕ кӕд Хуыцауы хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уӕм, бӕгуыдӕр, ӕрхӕццӕ Хуыцауы Паддзахад.
21 Тыхджын йӕ хӕдзар ӕдхӕцӕнгарз куы хъахъхъӕна, уӕд йӕ исбонӕн тас нӕу.
22 Фӕлӕ йӕм йӕхицӕй тыхджындӕр куы бабырса ӕмӕ йыл куы фӕуӕлахиз уа, уӕд ын байсдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы хӕцӕнгӕрзтыл дардта, уыдон, ӕмӕ дзы цы рахӕсса, уый байуардзӕн.
23 Мемӕ чи нӕу, уый Мӕ ныхмӕ у; ӕмӕ Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый хӕлӕттаг кӕны.
Ӕнӕзӕгъинаг ӕрбаздӕхы йӕ раздӕры бынатмӕ
24 Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнцой агурӕг фӕзилы ӕнӕдон рӕтты, ӕмӕ куы не ссары, уӕд фӕзӕгъы: „Раздӕхон, цы хӕдзарӕй рацыдтӕн, уырдӕм".11:24 Мф. 12:43.
25 Ӕмӕ куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ӕрӕййафы марзт ӕмӕ ӕфснайдӕй.
26 Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц; ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы ӕвзӕрдӕр уавӕры».11:26 2 Пет. 2:20; Дзут. 6:4; 10:26.
Ӕцӕг амонд
27 Йесо уый куы дзырдта, уӕд Ын адӕмы ӕхсӕнӕй иу сылгоймаг хъӕрӕй загъта: «Тӕхудиаг сты, Дӕу чи хаста, уыцы гуыбын, ӕмӕ Ды кӕй дадтай, уыцы риутӕ!»11:27 Лк. 1:48.
28 Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы ныхасмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».
Йесойӕ домынц ӕвдисӕйнаг
29 Адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр куы кодтой, уӕд Йесо райдыдта дзурын: «Ацы фӕлтӕр хӕлд фӕлтӕр у. Ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ йын Ионӕйы диссагӕй дарддӕр ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нӕ рардӕуыдзӕн.11:29 Мф. 12:39.
30 Уымӕн ӕмӕ Ионӕ ниневиӕгтӕн ӕвдисӕйнаг куыд уыди, ацы фӕлтӕрӕн дӕр Адӕймаджы Фырт афтӕ уыдзӕн.
31 Хуссары ус-паддзах тӕрхоны бон рацӕудзӕн ацы адӕмы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ сӕ фӕзылын кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ зӕххы кӕронӕй ӕрцыди Соломоны зондджын ныхӕстӕм байхъусынмӕ; ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.11:31 Мф. 12:42.
32 Ниневиӕгтӕ тӕрхоны бон рацӕудзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ фӕзылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы ныхасӕй ӕрфӕсмон кодтой; ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый.11:32 Мф. 12:41.
Фӕсномыг ныхас цырагъы тыххӕй
33 Цырагъ чи ссудзы, уый йӕ хибар къуымы нӕ сӕвӕры, дурыны бын дӕр ӕй нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ сӕвӕры цырагъдарӕныл, бацӕуджытӕ рухс куыд уыной, афтӕ.11:33 Мф. 5:15; Мк. 4:21.
Рухсгӕнӕн буарӕн
34 Буарӕн йӕ рухсгӕнӕн цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст сыгъдӕг куы уа, уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр рухс уыдзӕн. Фӕлӕ дӕ цӕст чъизи куы уа, уӕд дӕ буар дӕр талынг уыдзӕн.11:34 Мф. 6:22.
35 Уӕдӕ дӕхимӕ кӕс, цӕмӕй дӕм цы рухс ис, уый ма разына талынг.
36 Кӕд дӕ буар иууылдӕр рухс у, иунӕг талынг уӕнг дӕр ыл нӕй, уӕд иууылдӕр уыдзӕни рухс, рухсгӕнӕн дӕ цыма рухс кӕны, афтӕ».
Йесо багӕды кодта фарисейты ӕмӕ динамонджыты
37 Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Ӕй иу фарисей бахуыдта йӕхимӕ сихор хӕрынмӕ. Йесо бацыд ӕмӕ ӕрбадт фынгыл.
38 Сихоры размӕ Йесо Йӕ къухтӕ кӕй нӕ цӕхсадта, уый фарисей куы федта, уӕд дисы бафтыд.11:38 Мк. 7:3.
39 Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Сымах, фарисейтӕ, къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ сыгъдӕг кӕнут, мидӕгӕй та кӕрӕф ӕмӕ хӕрамӕй дзаг стут.11:39 Мф. 23:25.
40 Ӕнӕзӕндтӕ! Ӕддейӕ цы ис, уый Скӕнӕг не скодта, мидӕгӕй цы ис, уый дӕр, ӕви?
41 Цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн дӕр фӕхай кӕнут, ӕмӕ уӕд уӕ алы-алцы дӕр уыдзӕни сыгъдӕг.
42 Фӕлӕ сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, рутӕ ӕмӕ ӕппӕт иннӕ кӕрдӕджыты дӕсӕймаг хай дӕттут, Хуыцауы рӕстдзинад ӕмӕ уарзт та ницӕмӕ дарут. Сымахӕн ӕмбӕлд адӕттӕ кӕнын ӕмӕ уыдӕттӕ дӕр рохуаты нӕ ныууадзын.11:42 Мф. 23:23.
43 Сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Сымах уарзут синагогӕты раззаг бынӕтты бадын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын.11:43 Мф. 23:6-7; Мк. 12:38-39; Лк. 20:46.
44 Сар уӕ сӕр! Сымах стут, бӕрӕг чи нал дары ӕмӕ, уый нӕ зонгӕйӕ, адӕм кӕуыл хӕтынц, уыцы ингӕнты хуызӕн».
45 Уӕд Йесойӕн иу динамонӕг загъта: «Ахуыргӕнӕг, Ды афтӕ кӕй зӕгъыс, уымӕй мах дӕр ӕфхӕрыс».
46 Йесо дзуапп радта: «Сар уӕ сӕр сымахӕн дӕр, динамонджытӕ! Адӕмыл ӕвӕрут зынхӕссӕн уӕргътӕ, уӕхӕдӕг та сӕм уӕ ныхы кӕронӕй дӕр не ’вналут.11:46 Мф. 23:4; Ап. хъ. 15:10.
47 Сар уӕ сӕр! Уӕ фыдӕлтӕ цы пехуымпарты фӕцагътой, уыдонӕн аразут зӕппӕдзтӕ –
48 Уымӕй сымах ӕвдисут, уӕ фыдӕлты хъуыддӕгтӕ растыл кӕй нымайут, уый. Уыдон сӕ фӕцагътой, сымах та сын зӕппӕдзтӕ аразут.
49 Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы уӕлзонд загъта: „Арвитдзынӕн сӕм пехуымпарты ӕмӕ минӕвӕртты, ӕмӕ дзы кӕйдӕрты ӕфхӕрдзысты ӕмӕ сӕ амардзысты".11:49 Мф. 23:34.
50 Уӕдӕ ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ цы пехуымпарты туг фӕкалд, уый:
51 Авелы тугӕй, нывондхӕссӕнӕй Кувӕндоны ӕхсӕн кӕй амардӕуыд, уыцы Захарийы туджы онг. О, зӕгъын уын, уый ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у.11:51 Мф. 23:35.
52 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ! Сымах байстат зонынады дуары дӕгъӕл; уӕхӕдӕг дӕр нӕ бацыдыстут, стӕй бацӕуын кӕй фӕндыд, уыдоны дӕр нӕ бауагътат».11:52 Мф. 23:13.
53 Йесо куы рацыд, уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ райдыдтой Йӕ ныхмӕ дзурын ӕмӕ Йыл фарстытӕ ныккалдтой –
54 Къахтой Йӕ, цӕмӕй йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.
12Фарисейты ӕнхъизӕн
1 Уӕдмӕ ӕрӕмбырд дуне адӕм, ӕмӕ кӕрӕдзи цъист кодтой; Йесо уал дзурын райдыдта фыццаджыдӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Уӕхи хизут фарисейты ӕнхъизӕнӕй – цӕстмӕхъусдзинадӕй.12:1 Мф. 16:6; Мк. 8:15.
2 Цы нӕ раргом уа, ахӕм сусӕггаг нӕй, ӕмӕ цы нӕ рахъӕр уа, ахӕм сусӕгдзинад нӕ вӕййы.12:2 Мф. 10:26; Мк. 4:22; Лк. 8:17.
3 Уымӕ гӕсгӕ талынджы цы загътат, уый айхъуысдзӕн бонрухсы; ӕмӕ хӕдзары искӕй хъусы цы дзырдтат, уый ӕргомӕй дзырдӕуыдзӕн уӕлхӕдзӕрттӕй.
4 Зӕгъын сымахӕн, Мӕ хӕлӕрттӕн: ма тӕрсут, буар чи мары ӕмӕ уымӕй дарддӕр кӕй бон ницы у, уыдонӕй.12:4 Мф. 10:28.
5 Фӕлӕ уын зӕгъдзынӕн, кӕмӕй уӕ тӕрсын хъӕуы, уый: тӕрсут, амарыны фӕстӕ зындоны ныппарын Кӕй бон у, Уымӕй. О, зӕгъын уын, Уымӕй тӕрсут.
6 Фондз сырддонцъиуы дыууӕ ассарийыл нӕ уӕй кӕнынц, ӕви? Ӕмӕ дзы иу дӕр рох нӕу Хуыцауӕй.12:6 Мф. 10:29.
7 Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут.12:7 Лк. 21:18.
Чырыстийыл ӕргомӕй ӕууӕндыны тыххӕй
8 Зӕгъын уын: Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй адӕмӕн ӕргомӕй чи зӕгъа, уый Адӕймаджы Фырт дӕр йӕхионыл банымайдзӕн Хуыцауы зӕдты раз.12:8 Мф. 10:32.
9 Адӕмы раз Мыл йӕхи чи атигъ кӕна, уый та хъодыгонд уыдзӕн Хуыцауы зӕдты раз.12:9 Мк. 8:38; Лк. 9:26; 2 Тим. 2:12.
10 Ӕмӕ Адӕймаджы Фырты чидӕриддӕр рафауа, уымӕн уыдзӕни хатыр, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕн.12:10 Мф. 12:31; Мк. 3:28; 1 Ин. 5:16.
11 Куы уӕ ӕркӕной синагогӕтӕм, хицӕуттӕм ӕмӕ ӕлдариуӕггӕнджытӕм, уӕд-иу ма мӕт кӕнут, куыд кӕнӕ цавӕр дзуапп ратдзыстут, кӕнӕ цы зӕгъдзыстут, ууыл.12:11 Мф. 10:19; Мк. 13:11.
12 Уымӕн ӕмӕ уын уайсахат Сыгъдӕг Уд бацамондзӕн, цы зӕгъын хъӕуы, уый».
Фӕсномыг ныхас ӕнӕзонд хъӕздыджы тыххӕй
13 Адӕмӕй Йын чидӕр загъта: «Ахуыргӕнӕг, зӕгъ-ма ме ’фсымӕрӕн, ӕмӕ мын бынтӕй хай ратта».
14 Йесо уыцы адӕймагӕн дзуапп радта: «Чи Мӕ сӕвӕрдта сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй кӕнӕ уарӕгӕй?»
15 Ӕмӕ ма сын загъта: «Уӕхи бахизут кӕрӕфӕй ӕмӕ хъӕздыгдзинад уарзынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй аразгӕ нӕу».12:15 Мк. 4:19; 1 Тим. 6:9.
16 Уӕд сын загъта фӕсномыг ныхас: «Иу хъӕздыг лӕгӕн йӕ быдыры ӕрзади бирӕ хор.
17 Ӕмӕ хъуыды кодта: „Цы кӕнон? Мӕ хор кӕм бафснайон, ахӕм бынат мын нӕй".
18 Уӕд загъта: „Бакӕнон афтӕ: бавдӕлон ӕмӕ фехалон мӕ хордӕттӕ, саразон стырдӕртӕ ӕмӕ уым бафснайдзынӕн меппӕт хор ӕмӕ меппӕт мулк.
19 Ӕмӕ зӕгъдзынӕн мӕхицӕн: мӕнӕй уый, бирӕ азты фаг дӕм ис мулк. Цӕр ӕнцад-ӕнцойӕ, хӕр, нуаз, рай дӕ цардӕй".12:19 1 Кор. 15:32.
20 Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн. Дӕхицӕн цы ӕрцӕттӕ кодтай, уый та кӕмӕн баззайдзӕн?"
21 Афтӕ рауайы, йӕхицӕн хӕзнатӕ чи ӕмбырд кӕны, Хуыцауы хъӕздыгдзинадӕй та ӕнӕхай чи у, уыдоны хъуыддаг».12:21 Мф. 6:20; 1 Тим. 6:19.
Ӕрвылбоны мӕт
22 Ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут, фӕцӕрынӕн уӕ цы хойраг хъӕуы, нӕдӕр ууыл, нӕдӕр уӕ буарӕн дарӕсыл.12:22 Мф. 6:25; 1 Пет. 5:7.
23 Цард хойрагӕй ахсджиагдӕр у, буар та – дарӕсӕй.
24 Акӕсут-ма халӕттӕм: уыдон нӕдӕр тауынц, нӕдӕр кӕрдынц, нӕдӕр сын гонтӕ ӕмӕ хордӕттӕ ис, ӕмӕ сӕ Хуыцау хӕссы. Сымах та цас зынаргъдӕр стут мӕргътӕй!
25 Стӕй уӕ йӕ мӕтӕй йӕ цардыл бирӕ нӕ, фӕлӕ иу сахат бафтауын дӕр кӕй бон бауыдзӕн?
26 Уӕдӕ кӕд гыццыл исты скӕнын уӕ бон нӕу, уӕд ӕндӕр хъуыддӕгтыл цы тыхсут?
27 Акӕсут-ма, дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ: нӕдӕр кусынц, нӕдӕр ӕлвисынц. Зӕгъын уын: суанг Соломон, намысджын ӕмӕ хъӕздыг лӕг, уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ арӕзта йӕхи.
28 Абон чи ис, райсом та пецы ӕппӕрст чи уыдзӕн, уыцы быдираг кӕрдӕджы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах та цас аивдӕр сфӕлынддзӕн, лӕмӕгъ уырнджытӕ!
29 Уӕдӕ цы хӕрат, кӕнӕ цы нуазат, ууыл ма мӕт кӕнут ӕмӕ ма тыхсут.
30 Ӕппӕт уыдӕттӕ агурынц ацы дунейы муртаттӕ, сымахӕн та уӕ Фыд зоны, уыдӕттӕ уӕ кӕй хъӕуынц, уый.
31 Агурут Йӕ Паддзахад, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзысты уыдӕттӕ дӕр.12:31 Мф. 6:33; Мк. 10:30.
32 Ма тӕрс, чысыл дзуг – уӕ Фыды фӕндон у сымахӕн Паддзахад раттын.
33 Ауӕй кӕнут уӕ мулк ӕмӕ йӕ мӕгуыртӕн раттут. Уӕхицӕн саразут, хӕррӕгъ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕвӕрӕндӕттӕ; ӕрӕмбырд кӕнут ӕнӕихсигӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты – уым сӕм хуыснӕг нӕ баирвӕзы ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ хӕры.12:33 Мф. 6:20.
34 Уымӕн ӕмӕ уӕ хӕзна кӕм ис, уым уыдзӕн уӕ зӕрдӕ дӕр.
Иузӕрдион цагъартӕ
35 Цӕттӕ ут алцӕмӕй дӕр – ут ронӕлвӕст ӕмӕ судзӕнт уӕ рухсгӕнӕнтӕ.12:35 1 Пет. 1:13; Эф. 3:16.
36 Чындзӕхсӕвӕй сӕ хицауы ӕрцыдмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ут уыцы адӕмы хуызӕн – хицау куы ӕрцӕуа ӕмӕ куы бахойа, уӕд ын уайтӕккӕ дуар байгом кӕндзысты.
37 Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрцӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй нӕ ӕрӕййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, йӕхи бафистӕг кӕндзӕн, фынгмӕ сӕ бахондзӕн ӕмӕ сын райдайдзӕн кӕстӕриуӕг кӕнын.
38 Суанг ӕмбисӕхсӕв кӕнӕ фӕсӕмбисӕхсӕв куы ӕрцӕуа ӕмӕ сӕ фынӕйӕ куы нӕ ӕрӕййафа, уӕд уыцы цагъартӕ уыдзысты тӕхудиаг.
39 Сымахӕн зындгонд у: хуыснӕг кӕцы сахатыл ӕрцӕудзӕн, уый хӕдзары хицау куы зыдтаид, уӕд йӕ хӕдзар фӕкъахын нӕ бауагътаид.12:39 Мф. 24:43; 2 Пет. 3:10; 1 Фес. 5:2; Ӕрг. 16:15.
40 Ӕмӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт».
Фӕсномыг ныхас зондджын хӕдзаргӕсы тыххӕй
41 Уӕд Петр загъта: «Хицау, махӕн дзурыс ацы фӕсномыг ныхас ӕви ӕппӕтӕн дӕр?»
42 Хицау загъта: «Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын хӕдзаргӕс? Хӕринаг сын афоныл дӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕн?12:42 Мф. 24:45.
43 Тӕхудиаг уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау куы ӕрцӕуа, уӕд йӕ фӕдзӕхст ӕххӕстгӕнгӕ кӕй ӕрӕййафа.
44 Ӕцӕг уын зӕгъын, йеппӕт исбон бакӕндзӕн уый бар.
45 Фӕлӕ уыцы цагъар хинымӕр афтӕ куы зӕгъа: „Мӕ хицау рӕхджы не ’рцӕудзӕн", ӕмӕ куы байдайа фӕсдзӕуин нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕмын, нуазын ӕмӕ расыг кӕнын,
46 Уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау ӕрцӕудзӕн, кӕд ӕм не ’нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон, ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕ уа, уыцы сахат, ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын мӕнгӕрдты хал ахӕрын кӕндзӕн.
47 Йӕ хицауы фӕнд чи зыдта, афтӕмӕй цӕттӕ чи нӕ разынд ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи нӕ сӕххӕст кодта, уыцы цагъар баййафдзӕн тынг над.12:47 Ин. 15:22.
48 Йӕ хицауы фӕнд чи нӕ зыдта, афтӕмӕй нады аккаг митӕ чи бакодта, уый та къаддӕр над баййафдзӕн. Бирӕ лӕвӕрд кӕмӕн у, уымӕй бирӕ домд цӕудзӕн, ӕмӕ йӕ бӕрны бирӕ кӕмӕн ис, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзысты.
Иу иннӕйы ныхмӕ
49 Ӕз ӕрцыдтӕн зӕххыл арт бандзарынмӕ, ӕмӕ Мӕ куыд тынг фӕнды, цӕмӕй ссудза ныридӕгӕн!
50 Хъизӕмӕртты аргъуыдӕй Мыл хъуамӕ саргъуыдӕуа, ӕмӕ цӕй уынгӕджы дӕн, цалынмӕ уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ!12:50 Мф. 20:22.
51 Сымах афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ зӕхмӕ фидыд ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн? Уый нӕ, зӕгъын уын, фӕлӕ байуарынмӕ.12:51 Мф. 10:34.
52 Уымӕн ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ иу хӕдзары фондз фӕхицӕнтӕ уыдзысты: ӕртӕйӕ – дыууӕйы ныхмӕ, дыууӕйӕ та – ӕртӕйы ныхмӕ.
53 Фыд уыдзӕн йӕ фырты ныхмӕ, фырт йӕ фыды ныхмӕ, мад йӕ чызджы ныхмӕ, чызг йӕ мады ныхмӕ, ӕфсин йӕ чындзы ныхмӕ, чындз йе ’фсины ныхмӕ».
Цавӕр рӕстӕг ралӕууыд
54 Йесо ма адӕмӕн дӕр загъта: «Ныгуылӕнӕй мигъ ссӕугӕ куы фенут, уӕд уайтӕккӕ фӕзӕгъут: „Къӕвда уыдзӕн", ӕмӕ вӕййы афтӕ.12:54 Мф. 16:2.
55 Хуссарӕй дымгӕ куы фӕдымы, уӕд фӕзӕгъут: „Ӕнтӕф уыдзӕн", ӕмӕ вӕййы афтӕ.
56 Цӕстмӕхъустӕ! Зӕххыл ӕмӕ арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уӕд ныры рӕстӕг раиртасын уӕ бон цӕуылнӕ у?
57 Раст цы у, уый уӕхӕдӕг цӕуылнӕ зонут?
58 Дӕ зылынгӕнӕгимӕ хицӕуттӕм куы цӕуай, уӕд архай фӕндагыл йемӕ бафидауыныл; науӕд дӕ бакӕндзӕн тӕрхонгӕнӕгмӕ, тӕрхонгӕнӕг дӕ ратдзӕн хъахъхъӕнӕгмӕ, ӕмӕ дӕ уый баппардзӕн ахӕстоны.12:58 Мф. 5:25.
59 Зӕгъын дын: цы бафидын дӕ хъӕуы, уый фӕстаг лептӕйы онг цалынмӕ раттай, уӕдмӕ нӕ рацӕудзынӕ уырдыгӕй».
13«Куы не ’рфӕсмон кӕнат...»
1 Уыцы рӕстӕг ӕрцыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын радзырдтой, галилейӕгтӕй чидӕртӕ нывонд куы хастой, уӕд сӕ Пилат ныццагъта ӕмӕ сын сӕ туг схӕццӕ кодта сӕ нывондты тугимӕ.
2 Йесо сын загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ уыцы галилейӕгтӕ иннӕ галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр уыдысты ӕмӕ уымӕн афтӕ бабын сты?
3 Зӕгъын уын, нӕ уыдысты. Фӕлӕ куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд уеппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут.
4 Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ кӕй ныммардта, уыцы ӕстдӕс лӕджы Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕй аххосджындӕр уыдысты?
5 Зӕгъын уын, нӕ уыдысты. Фӕлӕ куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд уеппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут».
Фӕсномыг ныхас ӕнӕпайда легъуибӕласы тыххӕй
6 Ӕмӕ сын загъта ацы фӕсномыг ныхас: «Иу адӕймагӕн йӕ сӕнӕфсирдоны уыди легъуибӕлас, ӕрцыд ӕм гагатӕ ӕртонынмӕ, фӕлӕ йыл не ссардта.
7 Уӕд загъта сӕнӕфсирдонгӕсӕн: „Ныр ӕртыккаг аз цӕуын ацы легъуибӕласыл гагатӕ фенынмӕ, ӕмӕ йыл нӕ арын. Акал ӕй, дзӕгъӕлы ма зӕхх дӕр цы ахсы".13:7 Мф. 21:19.
8 Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: „Ме ’лдар, ныууадз-ма йӕ ацы аз. Ӕз ын йӕ алфамбылай скъахдзынӕн ӕмӕ йыл фаджыс ныккӕндзынӕн,
9 Кӕд ыл инназ гагатӕ ӕрзаид; кӕд нӕ, уӕд ӕй акалдзынӕ"».
Къӕдз сылгоймаг сдзӕбӕх
10 Сабаты Йесо адӕмы ахуыр кодта синагогӕтӕй иуы.
11 Уым уыди, хъарусӕттӕг ӕнӕзӕгъинаг ӕстдӕс азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм сылгоймаг; уый ныкъкъӕдз ӕмӕ ӕмраст слӕууын йӕ бон нӕ уыд.
12 Йесо йӕ куы федта, уӕд ӕм басидт ӕмӕ йын загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй сӕрибар дӕ».
13 Ӕрӕвӕрдта йыл Йӕ къухтӕ, сылгоймаг уайтӕккӕ ӕмраст слӕууыд ӕмӕ райдыдта Хуыцауы стауын.
14 Уӕд синагогӕйы хицау смӕсты, Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Хъуыддаг кӕнынӕн ис ӕхсӕз боны. Уыцы бонты цӕут уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ, сабаты та ма цӕут».
15 Йесо йын дзуапп радта: «Цӕстмӕхъустӕ, мыййаг сымахӕй алчидӕр сабаты йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй не суадзы ӕмӕ йӕ донмӕ нӕ аскъӕры?
16 Уӕдӕ хӕйрӕг ӕстдӕс азы дӕргъы бастӕй кӕй фӕдардта, Авраамы уыцы чызджы дӕр йӕ бӕттӕнтӕй сабаты суӕгъд кӕнын не ’мбӕлди, ӕви?»
17 Йесо уый куы загъта, уӕд Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ иууылдӕр фефсӕрмы сты; ӕппӕт адӕмӕн та Йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ цин ӕрхастой.
Фӕсномыг ныхас хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй
18 Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Цӕй хуызӕн у Хуыцауы Паддзахад? Цӕуыл ӕй абарон?13:18 Мф. 13:31; Мк. 4:30.
19 Уый у, адӕймаг йӕ цӕхӕрадоны кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау. Нӕмыг сзади, сбӕлас и, ӕмӕ йын уӕларвон мӕргътӕ йӕ къалиутыл сарӕзтой ахстӕттӕ».
Фӕсномыг ныхас ӕнхъизӕны тыххӕй
20 Йесо ноджы загъта: «Цӕуыл абарон Хуыцауы Паддзахад?13:20 Мф. 13:33.
21 Уый у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».
Уынгӕг дуар
22 Йесо цыди сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, ахуыр кодта адӕмы; Йӕ фӕндаг уыд Иерусалиммӕ.13:22 Мф. 9:35; Мк. 6:6.
23 Чидӕр Ӕй бафарста: «Хицау, чи фервӕздзӕн, уыдон чысыл сты?» Йесо дзуапп радта:
24 «Архайут уынгӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ архайдзысты бацӕуыныл, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕн.13:24 Мф. 7:13.
25 Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, райдайдзыстут дуар хойын ӕмӕ дзурын: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!" Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕн: „Кӕцӕй стут, уый нӕ зонын".13:25 Мф. 7:23; 25:10; Лк. 6:46.
26 Уӕд райдайдзыстут дзурын: „Мах хордтам ӕмӕ нуӕзтам Дӕ разы, нӕ уынгты ахуыр кодтай адӕмы".
27 Фӕлӕ уын Уый зӕгъдзӕни: „Зӕгъын уын: кӕцӕй стут, уый нӕ зонын. Ацӕут Мӕ цурӕй уеппӕт дӕр, тӕригъӕдджынтӕ".13:27 Мф. 25:41; 1 Кор. 8:3; 2 Тим. 2:19.
28 Уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс. Авраамы, Исаакы, Иаковы ӕмӕ ӕппӕт пехуымпарты фендзыстут Хуыцауы Паддзахады, уӕхи та уын раппардзысты ӕддӕмӕ.
29 Адӕм ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, ӕмӕ ӕрбаддзысты Хуыцауы Паддзахады фынгыл.
30 Ӕмӕ абоны фӕстӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕй та бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ».13:30 Мф. 19:30; Мк. 10:31; Ап. хъ. 10:45; 28:28.
Йесо кӕуы Иерусалимыл
31 Уыцы рӕстӕг фарисейтӕй чидӕртӕ ӕрцыд ӕмӕ Йесойӕн загътой: «Ацу ардыгӕй ӕндӕр ранмӕ, уымӕн ӕмӕ Дӕ Ирод амарынмӕ хъавы».
32 Йесо сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ зӕгъут уыцы рувасӕн: „Мӕнӕ абон ӕмӕ райсом сурын дӕлимонты, дзӕбӕх кӕнын рынчынты, ӕмӕ ӕртыккаг бон фӕуыдзынӕн Мӕ хъуыддаг".
33 Ӕниу, абон, райсом ӕмӕ иннӕбон дӕр фӕндагыл хъуамӕ уон: уымӕн ӕмӕ Иерусалимы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр ран амарой пехуымпары, уымӕн уӕвӕн нӕй.
34 Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты марӕг ӕмӕ дӕумӕ ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты Мӕ фӕндыди, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрӕмбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!13:34 Мф. 23:37.
35 Ныр уын уӕ хӕдзар уагъдӕуы ӕнӕхицауӕй. Зӕгъын уын, цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!", уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».
14Доннизӕй рынчын сдзӕбӕх
1 Иухатт Йесо фарисейты хистӕртӕй иуы хӕдзармӕ сабаты бацыд хӕрынмӕ ӕмӕ Йӕм фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой.
2 Уым Йӕ разы фӕци, доннизӕй чи сади, ахӕм лӕг.
3 Йесо бафарста динамонджыты ӕмӕ фарисейты: «Сабаты дзӕбӕх кӕнын фӕччы ӕви нӕ?»
4 Уыдон ныхъхъус сты. Уӕд бавнӕлдта рынчынмӕ, сдзӕбӕх ӕй кодта ӕмӕ йӕ ауагъта.
5 Стӕй сын загъта: «Искӕмӕн уӕ сабаты йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал цъайы куы ныххауа, уӕд ӕй уыйадыл не сласдзӕн, ӕви?»
6 Ӕмӕ Йын дзуапп раттын сӕ бон нӕ уыд.
Зондамонӕн уазджытӕн ӕмӕ фысымӕн
7 Йесо бафиппайдта, хуындтытӕ уӕле сбадыныл куыд архайдтой, уый, ӕмӕ сын загъта фӕсномыг ныхас:
8 «Исчи дӕ чындзӕхсӕвмӕ куы ӕрхона, уӕд уӕле ма сбад, науӕд хуындтыты ӕхсӕн дӕуӕй кадджындӕр куы разына,
9 Уӕд уӕ дыууӕйы дӕр чи ӕрхуыдта, уый бацӕудзӕн ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Ратт ын дӕ бынат". Уӕд къӕмдзӕстыгӕй сбаддзынӕ фӕстаг бынаты.
10 Фӕлӕ хуынд куы уай, уӕд ӕрцу ӕмӕ сбад фӕстаг бынаты, цӕмӕй дӕм фысым бацӕуа ӕмӕ дын зӕгъа: „Мӕ хӕлар, уӕлдӕр сбад". Уӕд скадджын уыдзынӕ, демӕ чи бады, уыдоны цӕсты.
11 Уымӕн ӕмӕ йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн; йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».14:11 Мф. 23:12; Лк. 18:14.
12 Чи Йӕ ӕрхуыдта, уымӕн та Йесо загъта: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕр куы аразай, уӕд дӕ хӕлӕртты, де ’фсымӕрты, дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ хъӕздыг сыхӕгты ма ӕрхон, науӕд дӕ уыдон дӕр ӕрхондзысты ӕмӕ дын ӕй бафиддзысты.
13 Фӕлӕ куывд куы кӕнай, уӕд ӕрхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты, куырмыты.
14 Ӕмӕ тӕхудиаг уыдзынӕ, сӕ бон дын йӕ бафидын кӕй нӕу, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ дӕ мызд райсдзынӕ рӕстыты райгасы бон».
Фӕсномыг ныхас куывдмӕ хуындтыты тыххӕй
15 Йесоимӕ фынгыл чи бадт, уыдонӕй иу уый куы фехъуыста, уӕд Ын загъта: «Тӕхудиаг у, Хуыцауы Паддзахады къӕбӕр чи бахӕра, уый!»
16 Йесо йын загъта: «Иу адӕймаг арӕзта стыр куывд ӕмӕ ӕрхуыдта бирӕты.14:16 Мф. 22:2; Ӕрг. 19:9.
17 Куывды афон куы ӕрцыд, уӕд арвыста йӕ цагъары хуындтытӕн зӕгъынмӕ: „Рацӕут, алцыдӕр цӕттӕ у".
18 Сеппӕт дӕр, цыма ӕмдзырд бакодтой, уыйау райдыдтой хатыр курын. Фыццаг загъта: „Зӕхх балхӕдтон ӕмӕ хъуамӕ ацӕуон йӕ фенынмӕ. Курын дӕ, хатыр мын бакӕн".
19 Дыккаг загъта: „Фондз цӕды галтӕ балхӕдтон ӕмӕ сӕ фӕлварынмӕ цӕуын. Курын дӕ, хатыр мын бакӕн".
20 Ӕртыккаг загъта: „Ус ӕрхастон, ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ нӕй цӕуӕн".
21 Цагъар ӕрбаздӕхт ӕмӕ уый тыххӕй радзырдта йӕ хицауӕн. Хицау смӕсты ӕмӕ йӕ цагъарӕн загъта: „Рӕвдздӕр ауай сахары уынгтӕ ӕмӕ къуымтӕм, ӕмӕ ӕрхон мӕгуырты, цӕнкуылты, куырмыты ӕмӕ къуылыхты".14:21 Мф. 5:3; 1 Кор. 1:27-28.
22 Цагъар загъта: „Ме ’лдар, цы мын загътай, уый бакодтон, фӕлӕ ма дзы бынӕттӕ ис".
23 Хицау загъта йӕ цагъарӕн: „Ауай фӕндӕгтӕ ӕмӕ къахвӕндӕгтӕм, ӕмӕ адӕмы сразы кӕ, цӕмӕй ӕрцӕуой ӕмӕ байдзаг уа мӕ хӕдзар.
24 Зӕгъын уын, раздӕры хуындтытӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕстӕ уыдзӕн мӕ куывдӕй. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та – чысыл.]"»14:24 Мф. 22:8.
Йесойы фӕдыл – дзуаримӕ
25 Йесоимӕ цыди бирӕ адӕм; Йе ’ргом сӕм разылдта ӕмӕ сын загъта:
26 «Чи Мӕм ӕрцӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард, Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.14:26 Мф. 10:37.
27 Йӕ дзуар чи нӕ хӕссы ӕмӕ Мӕ фӕдыл чи нӕ цӕуы, уый Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.14:27 Мф. 10:38; 16:24; Мк. 8:34; Лк. 9:23; 2 Тим. 3:12.
28 Сымахӕй мӕсыг самайын кӕй бафӕнда, уый, йӕ саразынӕн цытӕ хъӕуы, уыдӕттӕ рагацау бахынцыны тыххӕй, мыййаг, не ’рбаддзӕн ӕмӕ йӕ хӕрдзтӕ нӕ банымайдзӕн?
29 Науӕд ын бындур куы ӕрӕвӕра, фӕлӕ йӕ кӕронмӕ самайын куы нӕ бафӕраза, уӕд ӕй чидӕриддӕр фена, уыдон ыл фӕхуддзысты:
30 „Ацы лӕг амайын райдыдта, ӕмӕ йын кӕронмӕ нӕ бантыст".
31 Кӕнӕ иу паддзах иннӕйы ныхмӕ хӕстмӕ куы цӕуа, уӕд уал, мыййаг, не ’рбаддзӕн ӕмӕ, ссӕдз минимӕ йӕ размӕ чи рацӕуы, уый ныхмӕ дӕс минимӕ фӕлӕууын йӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, уый тыххӕй рагацау нӕ бауынаффӕ кӕндзӕн?
32 Ӕмӕ йӕ бон куы нӕ уа, уӕд, цалынмӕ ма уый дард у, уӕдмӕ йӕм бафидауыны тыххӕй арвитдзӕн минӕвӕрттӕ.
33 Уӕдӕ Мын сымахӕй дӕр ахуыргӕнинагӕн ничи бӕззы, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый куы нӕ ныууадза, уӕд.
Ӕнад цӕхх
34 Цӕхх хорз у. Фӕлӕ цӕххӕн йӕ ад куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ?14:34 Мф. 5:13; Мк. 9:50.
35 Уый суанг зӕхх ӕмӕ фаджысыл ныккӕнынӕн дӕр нал фӕбӕззы ӕмӕ йӕ аппарынц. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
15Фӕсномыг ныхас дзӕгъӕл фысы тыххӕй
1 Хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ сеппӕт дӕр цыдысты Йесомӕ байхъусынмӕ.
2 Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай тӕригъӕдджынты суазӕг кӕны ӕмӕ хӕры семӕ».
3 Уӕд сын Йесо радзырдта ацы фӕсномыг ныхас:
4 «Сымахӕй искӕмӕ фондзыссӕдз фысы куы уаид ӕмӕ дзы иу куы фесӕфид, уӕд, мыййаг, йӕ нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысы ӕдзӕрӕг ран нӕ ныууадзид ӕмӕ йӕ сӕфт фысы агурӕг нӕ ацӕуид, цалынмӕ йӕ ссара, уӕдмӕ?15:4 Мф. 18:12.
5 Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд ӕй цингӕнгӕ сӕвӕрдзӕн йӕ уӕхскыл,
6 Ӕрцӕудзӕн хӕдзармӕ, ӕрбахондзӕн йӕ хӕлӕртты, йӕ сыхӕгты, ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Цин кӕнут мемӕ, ӕз ссардтон мӕ сӕфт фысы".
7 Зӕгъын уын, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз рӕстгӕнӕгӕй иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕн уӕларвы.
Фӕсномыг ныхас сӕфт драхмӕйы тыххӕй
8 Кӕнӕ сылгоймагмӕ дӕс драхмӕйы куы уа, ӕмӕ йын дзы иу куы фесӕфа, уӕд, мыййаг, цырӕгътӕ не ссудздзӕн ӕмӕ нӕ райдайдзӕн хӕдзар мӕрзын ӕмӕ зӕрдиагӕй агурын, цалынмӕ йӕ ссара, уӕдмӕ?
9 Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд ӕрӕмбырд кӕндзӕн йӕ хӕлар ӕмӕ сыхаг сылгоймӕгты ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Цин кӕнут мемӕ, ӕз ссардтон мӕ сӕфт драхмӕ".
10 Зӕгъын уын, афтӕ цин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй».
Фӕсномыг ныхас дзӕгъӕлдзу фырты тыххӕй
11 Йесо дзырдта дарддӕр: «Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты.
12 Кӕстӕр йӕ фыдӕн загъта: „Мӕ фыд, ратт мын, дӕ мулкӕй мын цы ӕмбӕлы, уыцы хай". Ӕмӕ сын фыд байуӕрста йӕ мулк.
13 Цалдӕр боны фӕстӕ кӕстӕр фырт бамбырд кодта, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый, ацыди дард бӕстӕмӕ, уым бафтыд хӕлд цардыл, йӕ мулк бахордта.
14 Ӕмӕ йӕм куы ницыуал баззад, уӕд уыцы бӕстӕйы скодта тынг ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ лӕппу райдыдта хъуаг ӕййафын.
15 Уӕд ӕрцыд уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕй иумӕ, ӕмӕ йӕ уый арвыста йӕ быдыртӕм хуытӕ хизынмӕ.
16 Лӕппу райгонд уыдаид суанг хуыты холлагӕй дӕр йӕ гуыбын бафсадынӕй, фӕлӕ йын уый дӕр ничи лӕвӕрдта.
17 Йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: „Мӕ фыдмӕ цас ӕххуырстытӕ ис, ӕмӕ хойрагӕй сӕ уӕлдӕйттӕ уадзынц, ӕз та стонгӕй мӕлын!
18 Сыстон, ацӕуон мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъон: мӕ фыд, ӕз мӕ тӕригъӕдӕй бафхӕрдтон уӕларв ӕмӕ дӕу,
19 Ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн. Де ’ххуырстытау мӕ исты куыстыл бафтау".
20 Уӕд сыстад ӕмӕ ацыд йӕ фыдмӕ. Фыд ӕй дардмӕ ауыдта ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта, разгъордта йӕм, ныттыхсти йын йе ’фцӕгыл ӕмӕ йын батӕ кодта.
21 Фырт ын загъта: „Мӕ фыд, ӕз мӕ тӕригъӕдӕй бафхӕрдтон уӕларв ӕмӕ дӕу, ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн".
22 Фыд загъта йӕ цагъартӕн: „Рӕвдздӕр рахӕссут тӕккӕ хуыздӕр дарӕс ӕмӕ йӕ сфӕлындут, бакӕнут ын йӕ къухыл къухдарӕн, йӕ къӕхтыл ын скӕнут дзабыртӕ.
23 Ракӕнут хӕрзхаст род ӕмӕ йӕ аргӕвдут; кӕнӕм минас ӕмӕ цин.
24 Уымӕн ӕмӕ мӕ ацы фырт уыди мард ӕмӕ райгас, уыди сӕфт ӕмӕ разынд". Ӕмӕ бӕрӕгбон райдыдта.15:24 Эф. 2:1; 5:14; Кол. 2:13; Ӕрг. 3:1.
25 Хистӕр фырт та быдыры уыди. Уырдыгӕй куы ӕрбацӕйцыд ӕмӕ хӕдзармӕ куы ӕрбаввахс, уӕд фехъуыста фӕндыры цагъд ӕмӕ кафын.
26 Басидти фӕсдзӕуинтӕй иумӕ ӕмӕ йӕ бафарста: „Ай цы у?"
27 Уый йын загъта: „Де ’фсымӕр ӕрцыд ӕмӕ дӕ фыд аргӕвста хӕрзхаст род, дзӕбӕхӕй йыл кӕй сӕмбӕлд, уый тыххӕй".
28 Ӕфсымӕр смӕсты ӕмӕ йӕ мидӕмӕ цӕуын нал фӕндыд. Уӕд ӕм фыд рацыд ӕмӕ йын райдыдта лӕгъстӕ кӕнын.
29 Уый йӕ фыдӕн дзуапп радта: „Ныр дын цал ӕмӕ цал азы кусын, ӕмӕ дӕ иу дзырды сӕрты дӕр никуы ахызтӕн, ды та мын мӕ хӕлӕрттимӕ фӕминас кӕнынӕн сӕныкк дӕр никуы радтай.
30 Фӕлӕ хъахбайтимӕ дӕ мулк чи бахордта, дӕ уыцы фырт куы ӕрцыд, уӕд ын ды аргӕвстай хӕрзхаст род".
31 Фыд ын загъта: „Мӕ хъӕбул, ды кӕддӕриддӕр мемӕ дӕ, ӕмӕ мӕм цыдӕриддӕр ис, уый дӕу у.
32 Фӕлӕ цины бӕрӕгбон саразын ӕмбӕлд, уымӕн ӕмӕ дӕ уыцы ӕфсымӕр уыди мард ӕмӕ райгас, уыди сӕфт ӕмӕ разынд"».
16Фӕсномыг ныхас мӕнгард уынаффӕгӕнӕджы тыххӕй
1 Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Йесо загъта: «Иу хъӕздыг лӕг йӕ исбонӕн дардта уынаффӕгӕнӕг, ӕмӕ йын загътой, дӕ мулк дын хӕлӕттаг кӕны, зӕгъгӕ.
2 Уӕд ӕм басидт ӕмӕ йын загъта: „Уый цытӕ хъусын дӕу тыххӕй? Дӕ бӕрны цы уыди, уый мын нымадӕй равдис. Уымӕн ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ исбонӕн уынаффӕгӕнӕг нал уыдзынӕ".
3 Уӕд уынаффӕгӕнӕг хинымӕр загъта: „Цы кӕнон? Мӕ хицау мӕ йӕ исбонӕн уынаффӕгӕнӕджы бынатӕй исы. Зӕхх къахын мӕ бон нӕу, мӕгуыргурӕй цӕрын мӕм худинаг кӕсы.
4 Фӕлӕ уынаффӕгӕнӕг куы нал уон, уӕд-иу мӕ цӕмӕй суазӕг кӕной, уый тыххӕй цы бакӕнын хъӕуы, уый зонын".
5 Ӕмӕ йӕ хицауы хӕсджынтӕй алкӕмӕ дӕр фӕдзырдта хицӕнӕй. Фыццаджы бафарста: „Мӕ хицауӕй цас дарыс?"
6 Уый йын дзуапп радта: „Фондзыссӕдз дурыны зети". Уӕд ын загъта: „Айс дӕ гӕххӕтт, сбад ӕмӕ рӕвдздӕр ныффысс: дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз".
7 Уый фӕстӕ бафарста иннӕйы: „Ды та цас дарыс?" Уый дзуапп радта: „Фондзыссӕдз гуыффӕйы мӕнӕу". Загъта йын: „Айс дӕ гӕххӕтт ӕмӕ ныффысс: цыппарыссӕдз".
8 Ӕмӕ хицау раппӕлыд мӕнгард уынаффӕгӕнӕгӕй, ӕрхъуыдыджын ми кӕй бакодта, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы хъӕбултӕ сӕхи хуызӕттимӕ хъуыддӕгтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд рухсы хъӕбултӕй ӕрхъуыдыджындӕр вӕййынц.
9 Ӕз дӕр уын зӕгъын: скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ ӕнӕраст мулчы фӕрцы, цӕмӕй уӕм мулк куы нал уа, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной мыггагмӕйы хӕдзӕртты.16:9 Мф. 6:19; 19:21.
10 Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион чи у, уый стыры дӕр иузӕрдион у, чысыл хъуыддаджы мӕнгард чи у, уый стыры дӕр мӕнгард у.16:10 Мф. 25:21.
11 Уӕдӕ кӕд ӕнӕраст мулкыл иузӕрдион нӕ разындыстут, уӕд уын ӕцӕг мулк уӕ бӕрны чи бакӕндзӕн?
12 Ӕмӕ кӕд искӕй мулкыл иузӕрдион нӕ разындыстут, уӕд уын уӕхи мулк чи ратдзӕн?
13 Никӕцы цагъары бон у дыууӕ хицауӕн кусын – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕни, кӕнӕ сӕ иуыл иузӕрдион уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауӕн ӕмӕ мулкӕн кусын».16:13 Мф. 6:24.
Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад
14 Ӕппӕт уыдӕттӕ фехъуыстой ӕхцауарзӕг фарисейтӕ ӕмӕ Йыл худтысты.
15 Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.
16 Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ Иоанны заманы онг уыдысты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады уац, ӕмӕ йӕм алчидӕр ӕппӕт хъарутӕй архайы бацӕуыныл.16:16 Мф. 11:12.
17 Фӕлӕ Ӕгъдауӕй иу хахх фӕхъӕуыны фӕлтау арв ӕмӕ зӕхх ӕнцондӕрӕй фесӕфдзысты.
Ус ауадзыны тыххӕй
18 Йӕ усы чи ауадза ӕмӕ ӕндӕр ус чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны. Йӕ мойӕ хицӕнгонд усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны.16:18 Мф. 19:9.
Фӕсномыг ныхас хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазыры тыххӕй
19 Уыдис иу хъӕздыг лӕг, йӕхи фӕлыста зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕсӕй, кодта бухъцард.
20 Йӕ кулдуары цур та хуыссыд иу мӕгуыр лӕг, йӕ ном – Лазыр. Йӕ буар ӕгасӕй дӕр фӕци хӕфдзӕстыты бын.
21 Лазыр бӕллыд, хъӕздыджы фынгӕй цы муртӕ хауд, уыдонӕй бафсӕдынмӕ; ӕрбацыдысты-иу ӕм куыйтӕ ӕмӕ йын стӕрдтой йӕ хӕфдзӕстытӕ.
22 Амард мӕгуыр лӕг, ӕмӕ йӕ зӕдтӕ ахастой Авраамы хъӕбысмӕ. Амард хъӕздыг дӕр ӕмӕ йӕ баныгӕдтой.
23 Зындоны хъизӕмар кӕнгӕйӕ, уый акаст ӕмӕ дардмӕ ауыдта Авраамы, йӕ фарсмӕ та – Лазыры.
24 Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: „Мӕ фыдӕл Авраам! Фӕтӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ мӕм Лазыры рарвит, йе ’нгуылдз стула доны ӕмӕ мын ме ’взаг асатӕг кӕна, уымӕн ӕмӕ ӕз хъизӕмар кӕнын ацы арты".
25 Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Мӕ хъӕбул, ды дӕ царды хорзӕхтӕ кӕй райстай, Лазыр та дзы хъизӕмар кӕй бавзӕрста, уый ӕрымыс. Ныр Лазыр ам рӕвдыд у, ды та удхар кӕныс.
26 Стӕй ма не ’хсӕн ис стыр сӕрсӕфӕн, цӕмӕй, ардыгӕй сымахмӕ ацӕуын кӕй бафӕнда, уыдонӕн ма бантыса, ӕмӕ сымахӕй дӕр махмӕ ма цӕуой".
27 Уӕд хъӕздыг загъта: „Уӕдӕ дын лӕгъстӕ кӕнын, мӕ фыдӕл, Лазыры арвит мӕ фыды хӕдзармӕ.
28 Фондз ӕфсымӕры мын ис; уадз ӕмӕ сын зӕгъа, цӕмӕй уыдон дӕр ацы удхары бынатмӕ ма бахауой".
29 Авраам ын загъта: „Уыдонӕн ис Моисей ӕмӕ пехуымпартӕ; хъусӕнт сӕм".
30 Уый йын загъта: „Нӕ, мӕ фыдӕл Авраам! Мӕрдтӕй сӕм исчи куы ӕрцӕуа, уӕд ӕрфӕсмон кӕндзысты".
31 Авраам ын дзуапп радта: „Моисей ӕмӕ пехуымпартӕм кӕм нӕ хъусынц, уым, мӕрдтӕй исчи райгас, зӕгъгӕ, уӕд ууыл дӕр нӕ баууӕнддзысты"».
17Тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ
1 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ноджыдӕр загъта: «Тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ уой, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уымӕн.17:1 Мф. 18:6; Мк. 9:42.
2 Ацы кӕстӕртӕй иуы тӕригъӕды чи бафтауа, уымӕн фӕлтау йӕ хъуырыл куыройыфыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы куы баппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.
Ныббар де ’фсымӕрӕн
3 Кӕсут уӕхимӕ. Де ’фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ын бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ кӕд ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын ныббар.17:3 Мф. 18:15; Иак. 5:19.
4 Бон авд хатты дӕ тӕригъӕды куы бафта ӕмӕ дӕм бон авд хатты куы бацӕуа ӕмӕ дын куы зӕгъа: „Фӕсмон кӕнын", – уӕд ын ныххатыр кӕн».
Уырнындзинад
5 Апостолтӕ Йесойӕ куырдтой: «Фӕфылдӕр нын кӕн нӕ уырнындзинад».
6 Йесо загъта: «Хъыцъыйы гагайыйас уырнындзинад уӕм куы уаид ӕмӕ ацы тутабӕласӕн куы зӕгъиккат: „Ӕд уидӕгтӕ дӕхи срӕдув ӕмӕ денджызы ныссӕдз", уӕд уӕм байхъусид.17:6 Мф. 17:20; 21:21; Мк. 11:23.
Фӕсномыг ныхас ницӕйаг цагъарты тыххӕй
7 Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн ис, хуым чи кӕны кӕнӕ фос чи хизы, ахӕм цагъар. Ӕмӕ уый быдырӕй куы ӕрбацӕуа, уӕд ын зӕгъдзынӕ, мыййаг: „Рӕвдздӕр рацу ӕмӕ фынгыл ӕрбад"?
8 Уый нӕ, фӕлӕ йын афтӕ, мыййаг, нӕ зӕгъдзынӕ: „Сцӕттӕ мын кӕн ӕхсӕвӕр, бафистӕг кӕн дӕхи ӕмӕ, цалынмӕ хӕрон ӕмӕ нуазон, уӕдмӕ мын лӕггад кӕн; уый фӕстӕ ды дӕр хӕр ӕмӕ нуаз"?
9 Цы йын бафӕдзӕхстӕуыд, уый кӕй сарӕзта, уый тыххӕй уыцы цагъарӕн арфӕтӕ кӕндзынӕ? [Ӕнхъӕл нӕ дӕн.]
10 Афтӕ сымах дӕр – цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстӕуыд, уый куы бакӕнат, уӕд зӕгъут: „Мах ницӕйаг цагъартӕ стӕм – цы нын ӕмбӕлд, айдагъ уый сарӕзтам"».17:10 1 Кор. 9:16.
Дӕс хъотырджыны сдзӕбӕх сты
11 Йесо Иерусалиммӕ куы цыди, уӕд Йӕ фӕндаг уыди Самарийы ӕмӕ Галилейы ӕхсӕн арӕныл.17:11 Ин. 4:4.
12 Ӕмӕ Йыл иу хъӕуы сӕмбӕлдысты дӕс хъотырджын лӕджы. Уыдон дӕрддзӕф ӕрлӕууыдысты,
13 Ӕмӕ хъӕр кодтой: «Хицау Йесо, батӕригъӕд нын кӕн!»
14 Йесо сӕ куы федта, уӕд сын загъта: «Ацӕут, уӕхи фенын кӕнут сауджынтӕн». Ӕмӕ ма фӕндагыл куы уыдысты, уӕд ссыгъдӕг сты.17:14 Мф. 8:4; Мк. 1:44; Лк. 5:14.
15 Кӕй сдзӕбӕх, уый сӕ иу куы федта, уӕд раздӕхт ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй кад кодта Хуыцауӕн.
16 Адӕлгом Йесойы къӕхты раз ӕмӕ Йын арфӕ кодта. Уый уыди самариаг.
17 Уӕд Йесо загъта: «Дӕсӕй не ссыгъдӕг сты, ӕви? Иннӕ фараст адӕймаджы кӕм сты?
18 Ацы ӕндӕрбӕстаг куы раздӕхт, уӕд уыдон цӕуылнӕ раздӕхтысты Хуыцауӕн кад скӕнынмӕ?»
19 Ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ ацу. Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта».
Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй
20 Иухатт фарисейтӕ Йесойы бафарстой, Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Уый сын дзуапп радта: «Хуыцауы Паддзахады ӕрцыдӕн цӕстӕй фенӕн нӕ уыдзӕн.
21 Афтӕ ничи зӕгъдзӕн: „Мӕнӕ ам ис", кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис". Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уӕ зӕрдӕйы ис»+ 17:21 Ацы бынатӕн бамбарӕн ис афтӕ дӕр: |iХуыцауы Паддзахад уе ’хсӕн ис|r..
22 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Скӕндзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕ бафӕнддзӕн Адӕймаджы Фырты Паддзахады бонтӕй иу уӕддӕр фенын, фӕлӕ йӕ нӕ фендзыстут.
23 Уӕд уын зӕгъдзысты: „Мӕнӕ ам ис", кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис". Ма цӕут уырдӕм, ма згъорут сӕ фӕдыл.17:23 Мф. 24:23; Мк. 13:21.
24 Уымӕн ӕмӕ ӕрвӕрттывд арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ куыд ныррухс кӕны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр.
25 Фӕлӕ уал фыццаг хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ Йыл ацы фӕлтӕр йӕхи атигъ кӕна.17:25 Мф. 16:21; 17:22; 20:18; Мк. 8:31.
26 Ӕмӕ Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыды рӕстӕг дӕр.17:26 Мф. 24:37; 1 Пет. 3:20.
27 Хордтой, нуӕзтой, хастой устытӕ, цыдысты моймӕ, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд ӕмӕ доны хъаймӕт сеппӕты дӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ.
28 Афтӕ уыди Лоты бонты дӕр: хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, тыдтой хуымтӕ, арӕзтой.
29 Фӕлӕ Лот Содомӕй куы рацыд, уыцы бон уӕларвӕй ӕруарыд цӕхӕр сондонимӕ ӕмӕ сеппӕты дӕр фесӕфта.
30 Адӕймаджы Фырт куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр афтӕ уыдзӕн.
31 Уыцы бон уӕлхӕдзар чи уа, уый хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд уырдыгӕй йӕ дзаумӕттӕ рахӕссынмӕ. Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд.
32 Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы.
33 Йӕ цард бахъахъхъӕнынмӕ чи бӕллы, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.17:33 Мф. 10:39; Мк. 8:35; Лк. 9:24; Ин. 12:25.
34 Зӕгъын уын: уыцы ӕхсӕв дыууӕ уыдзысты иу хуыссӕны – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.
35 Дыууӕ сылгоймаджы иумӕ сдзысты хор – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.17:35 Мф. 24:41.
36 [Дыууӕ лӕджы уыдзысты быдыры – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.]»
37 Уӕд Ӕй бафарстой: «Уый кӕм уыдзӕн, Хицау?» Йесо сын загъта: «Холы кӕм уа, цӕргӕстӕ дӕр уым ӕрӕмбырд уыдзысты».17:37 Мф. 24:28.
18Фӕсномыг ныхас ӕнӕраст тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй
1 Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо загъта фӕсномыг ныхас:18:1 Ром. 12:12; Эф. 6:18; 1 Фес. 5:17.
2 «Иу сахары уыди, Хуыцауӕй чи нӕ тарст ӕмӕ адӕмӕй дӕр ӕфсӕрмы чи нӕ кодта, ахӕм тӕрхонгӕнӕг.
3 Уыцы сахары цардис иу идӕдз сылгоймаг. Уый-иу арӕх ӕрцыди тӕрхонгӕнӕгмӕ ӕмӕ йын дзырдта: „Мӕ ныхмӕлӕууӕгӕй мӕ фервӕзын кӕн".
4 Фӕлӕ йӕм тӕрхонгӕнӕг цасдӕр рӕстӕг йӕ хъус не ’рдардта. Ӕппынфӕстаг загъта йӕхицӕн: „Ӕз Хуыцауӕй дӕр нӕ тӕрсын ӕмӕ адӕмӕй дӕр не ’фсӕрмы кӕнын.
5 Фӕлӕ мӕ уыцы идӕдз ус ӕнцой нал уадзы ӕмӕ йын баххуыс кӕнон, цӕмӕй мӕм мауал цӕуа, мауал мӕ фӕлмӕцын кӕна"».
6 Хицау загъта: «Хъусут, ӕнӕраст тӕрхонгӕнӕг цы зӕгъы, уымӕ?
7 Уӕдӕ Хуыцауӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕгъстӕ чи кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ Йӕм бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой?18:7 Лк. 11:9; Ӕрг. 6:10.
8 Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ӕрцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн, цымӕ?»
Фӕсномыг ныхас фарисей ӕмӕ хъалонисӕджы тыххӕй
9 Йӕхи рӕстгӕнӕгыл чи нымадта ӕмӕ иннӕты чи ницӕмӕ дардта, уыдонӕн дӕр Йесо загъта ахӕм фӕсномыг ныхас:18:9 Лк. 16:15.
10 «Дыууӕ адӕймаджы бацыдысты Кувӕндонмӕ бакувынмӕ: сӕ иу – фарисей, иннӕ – хъалонисӕг.
11 Фарисей ӕрлӕууыд ӕмӕ куывта хинымӕр: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕ адӕмау стигъӕг, ӕнӕраст, хӕтаг, кӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.18:11 Ӕрг. 3:17.
12 Ком дарын къуыри дыууӕ хатты; меппӕт ӕфтиаджы дӕсӕймаг хай дӕттын Дӕуӕн".
13 Хъалонисӕг та лӕууыди дӕрддзӕф, уӕларвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыд, фӕлӕ йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, ӕз тӕригъӕдджын дӕн".
14 Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ Хуыцауӕй хатыргондӕй хъалонисӕг ацыди, фарисей та – нӕ. Уымӕн ӕмӕ йӕхи уӕлдӕр чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».18:14 Мф. 23:12; Лк. 14:11.
Йесо Йӕ арфӕ ӕфтауы сывӕллӕттыл
15 Йесомӕ хуыдтой сабиты дӕр, цӕмӕй сыл бандзӕва, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕ нӕ уагътой.18:15 Мф. 19:13; Мк. 10:13.
16 Йесо сабитӕм басидт ӕмӕ загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сывӕллӕтты, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уыдоны хуызӕтты у.
17 Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн».
Хъӕздыг хицау
18 Иу хицау Йесойы бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн цы саразон?»18:18 Мф. 19:16; Мк. 10:17.
19 Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у.
20 Фӕдзӕхстытӕ зоныс: „Ма хӕт", „Ма амар", „Ма дав", „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу", „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады"».
21 Уый Йесойӕн загъта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ ме ’взонджы бонтӕй нырмӕ ӕххӕст кӕнын».
22 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд ын зӕгъы: «Иу бакӕнинаг ма дын баззади: цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн, байуар ӕй мӕгуыртыл, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».18:22 1 Тим. 6:18-19.
23 Уый уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ӕрӕнкъард, уымӕн ӕмӕ тынг хъӕздыг уыди.
24 Кӕй ӕрӕнкъард, уый Йесо куы федта, уӕд загъта: «Ӕвӕдза, бонджынтӕн куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!18:24 Мф. 19:23; Мк. 10:23; 1 Тим. 6:9-10.
25 Уымӕн ӕмӕ хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быны иннӕрдӕм ахизын ӕнцондӕр у».
26 Уыцы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдон загътой: «Уӕдӕ чи фервӕздзӕн?»
27 Йесо сын загъта: «Адӕмы бон цы нӕу, уый Хуыцауы бон у».
28 Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам алцыдӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл».18:28 Мф. 19:27; Мк. 10:28.
29 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахады сӕраппонд йӕ хӕдзар, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ ныййарджыты, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты чи ныууадза, уыдонӕй иунӕг ахӕм дӕр нӕй,
30 Ӕмӕ ацы заманы дзӕвгар фылдӕр, ӕрцӕуинаг дунейы та мыггагмӕйы цард чи нӕ райса».
Йесо ӕртыккаг хатт зӕгъы Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй
31 Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта: «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты тыххӕй пехуымпартӕ цыдӕриддӕр ныффыстой, уый сӕххӕст уыдзӕн:18:31 Мф. 20:18; Мк. 10:33.
32 Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕни муртаттӕм, ӕмӕ Дзы фӕхынджылӕг кӕндзысты, бафхӕрдзысты Йӕ, фӕтутӕ Йыл кӕндзысты,
33 Ехсӕй Йӕ фӕнӕмдзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».
34 Фӕлӕ Йын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой.
Куырм цӕстӕй ракаст
35 Йесо Иерихонмӕ куы баввахс, уӕд иу куырм мӕгуыргур бадти фӕндаггӕрон.18:35 Мф. 20:29; Мк. 10:46.
36 Йӕ цурты адӕм кӕй фӕцӕуынц, уый куы фехъуыста, уӕд бафарста: «Цы хабар у?»
37 Загътой йын: «Назаретаг Йесо ӕрбацӕуы».
38 Уӕд ныхъхъӕр кодта: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»
39 Разӕй цӕуджытӕ дзы домдтой, цӕмӕй ныссабыр уа, фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кодта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»
40 Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта, цӕмӕй Йӕм ӕй ӕрбакӕной. Ӕмӕ Йӕм куы ӕрбацыд, уӕд ӕй Йесо бафарста:
41 «Цы дӕ фӕнды? Цы дын саразон?» Уый загъта: «Хицау, мӕн фӕнды мӕ цӕстытӕй ракӕсын».
42 Йесо йын загъта: «Ракӕс! Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта».
43 Куырм уайтӕккӕ ракаст йӕ цӕстытӕй ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, ацыд Йесойы фӕдыл. Адӕм уый куы федтой, уӕд сеппӕт дӕр скад кодтой Хуыцауӕн.
19Хъалонисӕг Закхей
1 Уый фӕстӕ Йесо бацыд Иерихонмӕ ӕмӕ фӕцӕйцыд уынджы.
2 Уым уыдис иу адӕймаг, йӕ ном Закхей – хъалонисджыты хицау ӕмӕ хъӕздыг лӕг.
3 Фӕндыд ӕй Йесойы фенын, фӕлӕ Йӕ адӕмӕй нӕ уыдта, цыбыр лӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ.
4 Уӕд азгъордта размӕ ӕмӕ Йӕ феныны тыххӕй схызти легъуи бӕласмӕ, уымӕн ӕмӕ Йесойӕн уыцы бӕласы цурты цӕугӕ уыд.
5 Йесо уырдӕм куы бахӕццӕ, уӕд скаст уӕлӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ йын загъта: «Закхей, ӕрхиз рӕвдздӕр, абон дӕ хӕдзары хъуамӕ уон».
6 Закхей ӕрхызт рӕвдз ӕмӕ Йӕ суазӕг кодта ӕхсызгонӕй.
7 Ӕмӕ адӕм уый куы федтой, уӕд сеппӕт дӕр райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын ӕмӕ дзырдтой, Уый бацыд тӕригъӕдджын адӕймагмӕ, зӕгъгӕ.
8 Закхей та сыстад ӕмӕ загъта Йесойӕн: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис ратдзынӕн мӕгуыртӕн, ӕмӕ кӕд искӕй хъыджы бацыдтӕн, уӕд ын ӕй цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн».
9 Йесо йын загъта: «Абон ирвӕзындзинад ӕрцыд ацы хӕдзармӕ, уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг дӕр Авраамы байзӕддаг у.
10 Адӕймаджы Фырт сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ ӕрцыд».19:10 Мф. 18:11.
Фӕсномыг ныхас дӕс минӕйы тыххӕй
11 Адӕм байхъуыстой, цы загъта, уымӕ. Йесойы Иерусалиммӕ бирӕ кӕй нал хъуыд, уымӕ гӕсгӕ уыдон ӕнхъӕл уыдысты, Хуыцауы Паддзахад рӕхджы ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ма сын уый тыххӕй Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас дӕр.
12 Загъта: «Иу лӕг, уӕздан мыггагӕй, цыди дард бӕстӕмӕ, цӕмӕй йӕ уым сӕвӕрдӕуа паддзахӕй ӕмӕ раздӕха фӕстӕмӕ.19:12 Мф. 25:14.
13 Басидт йӕ дӕс цагъармӕ, радта сын дӕс минӕйы ӕмӕ сын загъта: „Пайда сӕ кӕнут ме ’рцыдмӕ, цӕмӕй райсат ӕфтиаг".
14 Фӕлӕ йе ’мбӕстӕгтӕн ӕнӕуынон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ фӕдыл арвыстой минӕвӕрттӕ зӕгъынмӕ: „Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын уый паддзахиуӕг кӕна".
15 Паддзахӕй йӕ сӕвӕрыны фӕстӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд чи цас ӕфтиаг райста, уый базоныны тыххӕй басидт, ӕхца кӕмӕн радта, уыцы цагъартӕм.
16 Ӕрцыд фыццаг ӕмӕ загъта: „Хицау, дӕ минӕ ӕфтиаг ӕрхаста дӕс минӕйы".
17 Уый йын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх цагъар! Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион кӕй уыдтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ хицауӕй ӕвӕрын дӕс сахарӕн".19:17 Лк. 16:10.
18 Ӕрцыд дыккаг ӕмӕ загъта: „Хицау, дӕ минӕ ӕфтиаг ӕрхаста фондз минӕйы".
19 Уымӕн дӕр загъта: „Дӕу та хицауӕй ӕвӕрын фондз сахарӕн".
20 Ӕрцыд ӕртыккаг ӕмӕ загъта: „Хицау, мӕнӕ дӕ минӕ, ӕз ӕй хӕцъилы тыхтӕй фӕдардтон.
21 Тӕрсгӕ дӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ карз лӕг дӕ. Цы нӕ нывӕрдтай, уый дӕхи бакӕныс, цы нӕ байтыдтай, уый ӕркӕрдыс".
22 Хицау ын загъта: „Дӕхи ныхӕстӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн, ӕвзӕр цагъар! Ӕз карз лӕг кӕй дӕн, ӕмӕ цы нӕ нывӕрдтон, уый мӕхи кӕй бакӕнын, цы нӕ байтыдтон, уый кӕй ӕркӕрдын, уыдӕттӕ куы зыдтай,19:22 Мф. 25:26.
23 Уӕд цӕуылнӕ радтай ме ’хца пайда дзы скӕнынмӕ, куы ӕрцыдтӕн, уӕд ӕй ӕфтиагимӕ куыд райстаин, афтӕ?"
24 Ӕмӕ уым чи лӕууыд, уыдонӕн загъта: „Райсут ын йӕ минӕ ӕмӕ йӕ раттут, дӕс минӕйы кӕмӕ ис, уымӕн".
25 Уыдон ын загътой: „Хицау, уымӕ дӕс минӕйы куы ис".
26 Уый дзуапп радта: „Зӕгъын уын, кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕн, цы йӕм ис, уый дӕр.19:26 Мф. 13:12; 25:29; Мк. 4:25; Лк. 8:18.
27 Паддзах сын уон, уый кӕй нӕ фӕндыд, мӕ уыцы знӕгты та ӕркӕнут ӕмӕ сӕ мӕ разы амарут"».19:27 Мф. 22:7.
Йесо ӕрцыд Иерусалиммӕ
28 Уый зӕгъыны фӕстӕ Йесо араст Йӕ фӕндагыл Иерусалиммӕ.
29 Елеон цы хох хуындӕуы, уымӕн йӕ фахсыл чи ис, уыцы Виффаги ӕмӕ Вифанимӕ куы баввахс, уӕд арвыста Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйы,19:29 Мф. 21:1; Мк. 11:1.
30 Ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, уӕ ныхмӕ цы хъӕу ис, уырдӕм. Куы бацӕуат, уӕд ссардзыстут, адӕймаг кӕуыл нӕма сбадт, ахӕм къӕлӕу бастӕй. Суадзут ӕй ӕмӕ йӕ ӕркӕнут.
31 Исчи уӕ куы бафӕрса: „Цӕмӕн ӕй уӕгъд кӕнут?", уӕд-иу ын зӕгъут: „Хицауы хъӕуы"».
32 Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ ӕппӕт дӕр ссардтой, Йесо сын куыд загъта, афтӕ.
33 Къӕлӕуы куы уӕгъд кодтой, уӕд сын йӕ хицӕуттӕ загътой: «Цӕмӕн уӕгъд кӕнут къӕлӕуы?»
34 Уыдон дзуапп радтой: «Хицауы хъӕуы».
35 Ӕмӕ къӕлӕуы ӕркодтой Йесомӕ, ӕрӕфтыдтой йыл сӕ дарӕстӕ ӕмӕ йыл Йесойы сбадын кодтой.19:35 Мф. 21:7; Мк. 11:7; Ин. 12:14.
36 Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд Ын адӕм сӕ дарӕстӕ тыдтой Йӕ фӕндагыл.
37 Елеоны хохы ӕруайӕнмӕ куы баввахс, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сеппӕт дӕр райдыдтой цингӕнгӕ хъӕрӕй Хуыцауы стауын, кӕй федтой, ӕппӕт уыцы диссӕгты тыххӕй:
38 «Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг Паддзах! Фарн ӕмӕ намыс Хуыцауӕн уӕлӕрвты!»19:38 Лк. 2:14; Эф. 2:14.
39 Адӕмимӕ чи уыди, уыцы фарисейтӕй Йын чидӕртӕ загътой: «Ахуыргӕнӕг, ныхъхъус кӕн Дӕ ахуыргӕнинӕгты».
40 Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Зӕгъын уын: уыдон куы ныхъхъус уой, уӕд дуртӕ ныхъхъӕр кӕндзысты».
Йесо кӕуы Иерусалимыл
41 Йесо сахармӕ куы баввахс ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ыл скуыдта
42 Ӕмӕ загъта: «Гъӕй-джиди, ды дӕр абон куы базонис, фарны хос дын цы у, уый! Фӕлӕ дын ныр ӕргом нӕу.
43 Уымӕн ӕмӕ дыл скӕндзӕн ахӕм бонтӕ, ӕмӕ де знӕгтӕ дӕ къулты алыварс ныккалдзысты сыджыты рӕгътӕ, ӕртыхсдзысты дыл ӕмӕ дӕ цъист кӕндзысты алырдыгӕй.19:43 Мф. 22:7; Лк. 21:6.
44 Дӕу ӕмӕ дын дӕ хъӕбулты дӕ мидӕг сӕмвӕз кӕндзысты зӕххимӕ, ӕмӕ дӕ дур дурыл нал ныууадздзысты, Хуыцау дӕм куы ӕрцыд, уыцы афон кӕй нӕ базыдтай, уый тыххӕй».
Йесо сыгъдӕг кӕны Кувӕндон
45 Йесо Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ уырдыгӕй тӕрын райдыдта уӕйгӕнджыты.19:45 Мф. 21:12; Мк. 11:15; Ин. 2:15.
46 Дзырдта сын: «Фыст у: „Мӕ хӕдзар кувӕн хӕдзар уыдзӕн"; сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».
47 Йесо алы бон дӕр адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ Йӕ адӕмы хистӕртӕ хъавыдысты амарынмӕ,
48 Фӕлӕ Йын уыцы ми цы амалӕй бакодтаиккой, уый нӕ зыдтой, уымӕн ӕмӕ Йӕм ӕппӕт адӕм дӕр ӕнӕрынцойӕ хъуыстой.
20Йесойӕн ахӕм бар чи радта
1 Йесо иухатт адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны ӕмӕ сын хъусын кодта фарны уац. Бацыдысты Йӕм алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ адӕмы хистӕртимӕ,20:1 Мф. 21:23; Мк. 11:27.
2 Ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Зӕгъ нын, ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Дӕуӕн уыцы бар чи радта, уый чи у?»
3 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз дӕр уӕ бафӕрсдзынӕн цӕмӕйдӕр. Зӕгъут-ма Мын,
4 Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый уӕларвӕй уыд ӕви адӕмӕй?»
5 Уыдон тӕрхӕттӕ кодтой: «„Уӕларвӕй" куы зӕгъӕм, уӕд бафӕрсдзӕн: „Уӕдӕ цӕуылнӕ баууӕндыдыстут Иоанныл?"
6 „Адӕмӕй" куы зӕгъӕм, уӕд та нӕ адӕм дуртӕй амардзысты, уымӕн ӕмӕ сеппӕты дӕр уырны, Иоанн пехуымпар кӕй у, уый».20:6 Мф. 14:5.
7 Ӕмӕ дзуапп радтой: «Кӕцӕй у, уый нӕ зонӕм».
8 Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ уын Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый».
Фӕсномыг ныхас фыдзӕрдӕ ӕххуырстыты тыххӕй
9 Ӕмӕ адӕмӕн дзурын райдыдта ахӕм фӕсномыг ныхас: «Иу адӕймаг ныссагъта сӕнӕфсирдон, радта йӕ ӕххуырст кусджытӕм ӕмӕ ацыди дӕргъвӕтин ӕмгъуыдмӕ.20:9 Мф. 21:33; Мк. 12:1.
10 Афон куы ралӕууыди, уӕд ӕххуырст кусджытӕм арвыста йӕ цагъары, цӕмӕй йын йӕ сӕнӕфсирдонӕй раттой йӕ хай. Фӕлӕ йӕ ӕххуырст кусджытӕ фӕнадтой ӕмӕ йӕ афтидармӕй аздӕхтой.
11 Арвыста сӕм ӕндӕр цагъары, ӕмӕ уый дӕр фӕнадтой, фӕхынджылӕг дзы кодтой ӕмӕ йӕ афтидармӕй аздӕхтой.
12 Арвыста сӕм ӕртыккаджы дӕр, фӕлӕ уый дӕр фӕцӕфтӕ кодтой ӕмӕ йӕ ратардтой.
13 Уӕд сӕнӕфсирдоны хицау загъта: „Цы кӕнон? Арвитон мӕ уарзон фырты; чи зоны, ӕмӕ уымӕй фефсӕрмы уой".
14 Фӕлӕ йӕ ӕххуырст кусджытӕ куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: „Уый йӕ бындар у. Амарӕм ӕй, ӕмӕ мах бауыдзысты йӕ бынтӕ".20:14 Дзут. 1:2.
15 Сӕнӕфсирдонӕй йӕ раппӕрстой ӕмӕ йӕ амардтой. Цы сын бакӕндзӕни сӕнӕфсирдоны хицау?20:15 Дзут. 13:12.
16 Ӕрцӕудзӕн, амардзӕн уыцы ӕххуырст кусджыты ӕмӕ сӕнӕфсирдон ратдзӕн ӕндӕртӕм». Уый чи фехъуыста, уыдон загътой: «Хуыцау бахизӕд!»
17 Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ Сыгъдӕг Фысты ацы дзырдтӕ цы амонынц: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси сӕрӕвӕрӕн"?20:17 Мф. 21:42; Мк. 12:10; Ап. хъ. 4:11; 1 Пет. 2:6; Ром. 9:33.
18 Уыцы дурыл чидӕриддӕр ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕн».
19 Йесо ацы фӕсномыг ныхас уыдоны тыххӕй кӕй загъта, уый бамбӕрстой динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ, ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕвӕстиатӕй ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты.
Хъалон кесӕрӕн
20 Ӕмӕ Йесомӕ райдыдтой сӕ цӕст дарын, ӕмӕ Йӕм барвыстой, сӕхи рӕстгӕнджытӕй чи ӕвдыста, ахӕм лӕгты. Сӕ нысан уыди Йӕ ракъахын ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕцаразын, бӕстӕйы хицауы къухтӕм Ын раттӕн куыд уыдаид, афтӕ.20:20 Мф. 22:15; Мк. 12:13.
21 Ӕмӕ Йӕ уыдон бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм: Ды раст дзурыс ӕмӕ ахуыр кӕныс, никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ амоныс Хуыцауы фӕндаг.
22 Кесӕрӕн нын хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
23 Йесо сын бамбӕрста сӕ хинвӕнд ӕмӕ загъта: «[Цы Мӕ къахут?]
24 Равдисут Мӕм динар: кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» Уыдон дзуапп радтой: «Кесӕры».
25 Уӕд сын загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн».20:25 Мф. 17:27; 22:21; Ром. 13:7.
26 Ӕмӕ сын адӕмы раз Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕцаразын нӕ бантыст. Йӕ дзуапп сӕ бафтыдта дисы ӕмӕ ныхъхъус сты.
Мӕрдты райгасы тыххӕй
27 Уӕд ӕрбацыдысты саддукейтӕй чидӕртӕ (саддукейтӕ дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ) ӕмӕ Йӕ бафарстой:20:27 Мф. 22:23; Мк. 12:18; Ап. хъ. 23:8.
28 «Ахуыргӕнӕг, Моисей махӕн ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын ракурӕд йӕ усы ӕмӕ цот рауадзӕд йе ’фсымӕрӕн".
29 Уыд авд ӕфсымӕры. Хистӕр ӕрхаста ус ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амард.
30 Уыцы усы ракуырдта дыккаг ӕфсымӕр ӕмӕ уый дӕр ӕнӕзӕнӕгӕй амард.
31 Ракуырдта йӕ ӕртыккаг, стӕй – иннӕ ӕфсымӕртӕ. Ӕмӕ сеппӕт дӕр амардысты, зӕнӕг та нӕ ныууагътой.
32 Сеппӕты фӕстӕ ус дӕр амард.
33 Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд сӕ кӕй ус уыдзӕни? Сӕ авды ус дӕр куы уыд».
34 Йесо сын дзуапп радта: «Ацы дунейы адӕм курынц устытӕ ӕмӕ цӕуынц моймӕ.
35 Фидӕны цард кӕмӕн рардӕуа ӕмӕ мӕрдтӕй чи райгас уа, уыдон та нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты.
36 Мӕлӕт дӕр сын нӕ уыдзӕни. Фӕлӕ суыдзысты зӕдты хуызӕн, Хуыцауы хъӕбултӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау райгас кодта.
37 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый та Моисей равдыста, судзгӕ сындзкъутӕры тыххӕй куы дзырдта, Хуыцауы Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау куы схуыдта, уӕд.20:37 Мф. 22:32; Мк. 12:26.
38 Хуыцау та мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты Хуыцау у, уымӕн ӕмӕ Йын иууылдӕр удӕгас сты».
39 Уый тыххӕй Йесойӕн динамонджытӕй чидӕртӕ загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ды хорз загътай».
40 Истӕмӕй бафӕрсынмӕ Йӕм сӕ ныфс нал хастой. Йесо та сын дзырдта:
Кӕй байзӕддаг у Чырысти?
41 «Куыд зӕгъынц Чырыстийӕ, Давиды байзӕддаг у, зӕгъгӕ?20:41 Мф. 22:42; Мк. 12:35.
42 Давид йӕхӕдӕг Псаломты чиныджы куы дзуры: „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс,20:42 Мф. 22:44.
43 Цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ".
44 Уӕдӕ Йӕ кӕд Давид Хицау хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?»
45 Ӕппӕт адӕм Йесомӕ куы хъуыстой, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:
46 «Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕс дарын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын; уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгтыл уӕле бадын;20:46 Мф. 23:6; Мк. 12:38-39; Лк. 11:43.
47 Хӕрынц идӕдзты хӕдзӕрттӕ, цӕстмӕ кувынц бирӕ. Уыдон баййафдзысты карз ӕфхӕрд».
21Идӕдз усы мысайнаг
1 Йесо акаст ӕмӕ федта, Хуыцауы номыл лӕвӕрттӕ Кувӕндоны хӕзнадоны чи ӕвӕрдта, уыцы хъӕздгуыты.21:1 Мк. 12:41.
2 Федта дзы, дыууӕ лептӕйы чи нывӕрдта, уыцы мӕгуыр идӕдз усы дӕр.
3 Йесо загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, ацы мӕгуыр идӕдз ус сеппӕтӕй дӕр фылдӕр нывӕрдта.21:3 2 Кор. 8:12.
4 Иннӕтӕ иууылдӕр хӕзнадоны сӕ исбоны уӕлдайӕ нывӕрдтой; ацы мӕгуыр сылгоймаг та нывӕрдта, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый, йӕ хойраджы аргъ».
Пехуымпар ныхас Кувӕндоны тыххӕй
5 Иуӕй-иутӕ афтӕ куы дзырдтой, Кувӕндон зынаргъ дуртӕй ӕмӕ, Хуыцауӕн цы ӕрхастӕуыд, уыдонӕй фӕлыст у, зӕгъгӕ, уӕд Йесо загъта:21:5 Мф. 24:1; Мк. 13:1.
6 «Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ам цы уынут, уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн».21:6 Лк. 19:44.
Бӕллӕхтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕ
7 Уӕд Ӕй бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, уый кӕд уыдзӕн, ӕмӕ уыдӕттӕн се ’рцыды афон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?»
8 Йесо сын загъта: «Уӕхи хизут, цӕмӕй сайды ма фӕуат. Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн", „Афон ралӕууыд". Ма-иу ацӕут сӕ фӕдыл.21:8 Мф. 24:4; Мк. 13:5; 1 Ин. 4:1; Эф. 5:6; 2 Фес. 2:3.
9 Хӕстыты ӕмӕ змӕстыты тыххӕй куы фехъусат, уӕд ма фӕтӕрсут – фыццаг уал ӕппӕт уыдӕттӕн ӕрцӕуын ӕмбӕлы, фӕлӕ уыйадыл кӕрон нӕма уыдзӕн».
10 Загъта ма сын: «Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ,
11 Уыдзӕни стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ранӕй-рӕтты – стонг ӕмӕ емынӕ; уыдзӕни ӕвирхъау цаутӕ ӕмӕ стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ уӕларвӕй.
12 Ӕппӕт уыдӕтты разӕй сымах ахсдзысты, ӕфхӕрдзысты уӕ, кӕндзысты уӕ синагогӕтӕм ӕмӕ ахӕстӕттӕм; Мӕ номы тыххӕй ӕрлӕудзыстут паддзӕхты ӕмӕ хицӕутты раз.21:12 Мф. 10:17; 24:9; Мк. 13:9; Ин. 15:20.
13 Уӕд уын уыдзӕни Мӕн тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыны фадат.
14 Цы дзуапп ратдзыстут, уый тыххӕй уӕ рагацау сагъӕс кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый дарут уӕ зӕрдыл.21:14 Лк. 12:11.
15 Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн, уӕ ныхмӕлӕуджытӕ сеппӕт дӕр кӕй ныхмӕ фӕлӕууын ӕмӕ кӕй ныхмӕ сдзурын нӕ бафӕраздзысты, ахӕм ӕвзаг ӕмӕ зонд.21:15 Ап. хъ. 6:10.
16 Гадзрахатӕй уыл рацӕудзысты уӕ ныййарджытӕ, уе ’фсымӕртӕ, уӕ хӕстӕджытӕ, уӕ хӕлӕрттӕ, ӕмӕ уӕ кӕйдӕрты амардӕуыдзӕн.
17 Мӕ номы тыххӕй алкӕмӕн дӕр уыдзыстут ӕнӕуынон.
18 Фӕлӕ уӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн.
19 Уӕ фӕразонӕй фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ.21:19 Мф. 10:22.
Пехуымпар ныхас Иерусалимы тыххӕй
20 Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд-иу зонут, рӕхджы гӕныстон кӕй фӕуыдзӕн, уый.21:20 Мф. 24:15; Мк. 13:14.
21 Уӕд Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. Иерусалимы чи уа, уыдон дӕр уырдыгӕй лидзӕнт, йӕ алфамбылай чи уа, уыдон та йӕм ма бацӕуӕнт.
22 Уымӕн ӕмӕ уыцы бонтӕ мастисӕн бонтӕ сты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый ӕгасӕй дӕр.
23 Уӕд додоййаг уыдзысты сывӕрджынтӕ ӕмӕ дзидзидарджытӕ. Стыр бӕллӕх ӕрцӕудзӕн ацы зӕхмӕ, ӕмӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн ацы адӕмы.
24 Цагъды фӕуыдзысты карды комӕй, уацары сӕ акӕндзысты алы адӕмтӕм. Иерусалим ссӕнддзысты муртаттӕ, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.
Адӕймаджы Фырты ӕрцыд
25 Уыдзӕн ӕвдисӕйнӕгтӕ хурыл, мӕйыл ӕмӕ стъалытыл; зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, фӕйлаугӕ денджызы уынӕрӕй ницыуал зондзысты сӕ сӕрӕн.21:25 Мф. 24:29; Мк. 13:24.
26 Адӕм фыртӕссӕй фӕзӕрдӕ-дзӕф уыдзысты, дунейыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.
27 Ӕмӕ уӕд Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ ӕврагъы ӕрцӕйцӕугӕ.21:27 Мк. 13:26.
28 Уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын куы райдайой, уӕд-иу уырдыг слӕуут ӕмӕ уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг уӕ фервӕзыны афон».21:28 Ром. 8:23.
Фӕсномыг ныхас легъуибӕласы тыххӕй
29 Ӕмӕ сын Йесо загъта фӕсномыг ныхас: «Акӕсут-ма легъуибӕласмӕ ӕмӕ иннӕ бӕлӕстӕм.
30 Уыдоны сыфтӕр рафтаугӕ куы фенут, уӕд ӕй уӕхӕдӕг дӕр фӕзонут, сӕрд кӕй ӕрӕввахс.
31 Уӕдӕ сымах ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕстгӕнгӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрӕввахс, уый.
32 Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕни, цалынмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой.
33 Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.21:33 Мф. 24:35.
Иудадзыг ут цӕттӕ
34 Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма суӕззау уой ӕнӕуаг цардӕй, фырнозтӕй, царды мӕтӕй, ӕмӕ уӕ уыцы бон ма ӕрӕййафа ӕнӕнхъӕлӕджы.21:34 1 Пет. 4:7; Ром. 13:13; 1 Фес. 5:6.
35 Уымӕн ӕмӕ уый къӕппӕгау ӕрцахсдзӕн ӕппӕт зӕххон цӕрджыты.
36 Уӕдӕ иудадзыг ут цӕттӕ ӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа ӕппӕт уыцы ӕрцӕуинаг бӕллӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын».21:36 Мф. 24:42; 25:13; Мк. 13:33.
37 Боныгон Йесо адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны, изӕрӕй та-иу ацыд ӕмӕ-иу Йе ’хсӕв арвыста, Елеон кӕй хуындӕуы, уыцы хохыл.21:37 Ин. 8:2.
38 Ӕмӕ Йӕм ӕппӕт адӕм сӕумӕйӕ цыдысты Кувӕндонмӕ байхъусынмӕ.
22Сусӕгвӕнд Йесойы ныхмӕ
1 Ӕрхӕстӕг Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Куадзӕн кӕй хуындӕуы, уый.22:1 Мф. 26:2; Мк. 14:1.
2 Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, Йесойы амарыны ахӕм фадат, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тӕрсгӕ кодтой.
3 Хӕйрӕг бацыд, Искариот кӕй хуындӕуыд, уыцы Иудӕйы – дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иуы.22:3 Мф. 26:14.
4 Ӕмӕ Иудӕ ацыд, Йесойы куыд ауӕй кӕна, уый тыххӕй алчертимӕ ӕмӕ Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттимӕ баныхас кӕнынмӕ.
5 Уыдон бацин кодтой ӕмӕ сразы сты Иудӕйӕн ӕхца раттыныл.
6 Уый сын зӕрдӕ бавӕрдта ӕмӕ агуырдта, Йесо адӕмимӕ куыд нӕ уа, афтӕмӕй сын Ӕй сӕ къухтӕм раттыны фадат.
Куадзӕны ӕхсӕвӕр
7 Ӕрхӕццӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Куадзӕны уӕрыкк ӕргӕвдыны бон.22:7 Мф. 26:17; Мк. 14:12.
8 Йесо арвыста Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ нын ӕрӕвӕрут Куадзӕны фынг».
9 Уыдон Ӕй бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕм ӕй ӕрӕвӕрӕм?»
10 Уый сын загъта: «Сахармӕ куы бацӕуат, уӕд уыл сӕмбӕлдзӕн иу адӕймаг доны дурынимӕ. Цы хӕдзармӕ бацӕуа, уырдӕм-иу бацӕут йӕ фӕдыл,
11 Ӕмӕ-иу хӕдзары хицауӕн зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг дын зӕгъы: Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕн кӕм бахӕрон, уыцы уат кӕм ис?"
12 Ӕмӕ уын уый уӕллаг уӕладзыджы фенын кӕндзӕн стыр ӕфснайд уат; уым-иу ӕрӕвӕрут фынг».
13 Уыдон ацыдысты ӕмӕ ӕппӕт дӕр ссардтой, Йесо сын куыд загъта, афтӕ; ӕмӕ ӕрӕвӕрдтой Куадзӕны фынг.
14 Афон куы ӕрцыд, уӕд Йесо ӕмӕ апостолтӕ ӕрбадтысты фынгыл.22:14 Мф. 26:20; Мк. 14:18; Ин. 13:12.
15 Йесо сын загъта: «Мӕ хъизӕмары размӕ Мӕ тынг фӕндыд ацы Куадзӕн уемӕ бахӕрын.
16 Уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын: нал бахӕрдзынӕн Куадзӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахады алцӕмӕй дӕр сӕххӕст уа, уӕдмӕ».22:16 Ап. хъ. 10:41.
17 Райста сӕны кӕхц, арфӕ ракодта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕй ӕмӕ дзы алчидӕр баназӕд.
18 Уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын, нал баназдзынӕн сӕнӕфсиры сӕнӕй, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».
19 Уый фӕстӕ райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта сын ӕй ӕмӕ загъта: «Ай Мӕ Буар у, ӕмӕ уӕ сӕраппонд лӕвӕрд цӕуы мӕлӕтмӕ. Афтӕ кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн».22:19 Мф. 26:26; Мк. 14:22; 1 Кор. 11:24.
20 Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у ног фидыд – уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи акӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй.
21 Фӕлӕ мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг Мемӕ иу фынгыл бады.22:21 Мф. 26:22-23.
22 Адӕймаджы Фырт фӕивгъуыйы, нысангонд Ын цы фӕндаг у, ууыл. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл цы адӕймаг рацӕуа, уымӕн».22:22 Ап. хъ. 2:23; 4:28.
23 Уӕд райдыдтой кӕрӕдзи фӕрсын, Йӕ уӕйгӕнӕг чи уыдзӕни, зӕгъгӕ.
Уӕлдӕрыл нымад чи у
24 Рауад сӕм быцӕу дӕр, уӕлдӕрыл нымад сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл.
25 Йесо сын загъта: «Паддзӕхтӕ хицауиуӕг кӕнынц адӕмтӕн, ӕмӕ адӕмтыл барджын чи у, уыдоны хӕрзгӕнджытӕ хуындӕуы.
26 Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд, фӕлӕ уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд кӕстӕрау, хистӕр та – лӕггадгӕнӕгау.
27 Чи у уӕлдӕр – фынгыл бадӕг ӕви кӕстӕриуӕггӕнӕг? Фынгыл бадӕг уӕлдӕр нӕу, ӕви? Ӕз та уын кӕстӕриуӕггӕнӕгау дӕн.22:27 Флп. 2:7.
28 Сымах Мӕ фӕлварӕнты Мемӕ уыдыстут.
29 Мӕ Фыд Мын Паддзахад куыд радта, афтӕ уын ӕй Ӕз дӕр дӕттын,
30 Цӕмӕй Мӕ Паддзахады хӕрат ӕмӕ нуазат Мӕ фынгыл. Ӕмӕ сбаддзыстут уӕле Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.22:30 Мф. 19:28; 1 Кор. 6:2; Ӕрг. 3:21; 20:4.
Йесо Петры тыххӕй
31 Симон, Симон, хӕйрӕг ракуырдта, цӕмӕй уӕ балуӕрстӕуа мӕнӕуау.22:31 1 Пет. 5:8.
32 Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕмӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де ’фсымӕрты уырнындзинад».22:32 Мф. 16:18; Ин. 17:15.
33 Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, ӕз цӕттӕ дӕн Демӕ цӕуынмӕ ахӕстонмӕ дӕр ӕмӕ амӕлынмӕ дӕр».
34 Фӕлӕ Йесо загъта: «Зӕгъын дын, Петр, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи, ӕз Ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ».22:34 Мф. 26:34; Мк. 14:30; Ин. 13:38.
35 Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы дзӕкъулӕй, ӕнӕ хордзенӕй, ӕнӕ дзабыртӕй куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат?» Уыдон дзуапп радтой: «Ницӕмӕй».22:35 Мф. 10:9-10; Мк. 6:8; Лк. 9:3; 10:4.
36 Уӕд сын загъта: «Ныр та ӕхцайы дзӕкъул кӕмӕ ис, уый йӕ айсӕд йемӕ; хордзен кӕмӕ ис, уый дӕр ӕй айсӕд йемӕ. Ӕхца кӕмӕ нӕй, уый та ауӕй кӕнӕд йӕ пӕлӕз ӕмӕ балхӕнӕд кард.
37 Зӕгъын уын, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый Мыл хъуамӕ ӕрцӕуа: „Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд". Мӕн тыххӕй фыст цы ис, уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕн».22:37 Мк. 15:28.
38 Уыдон загътой: «Хицау, мӕнӕ ам ис дыууӕ карды». Уый сын загъта: «Ӕгъгъӕд у!»
Йесо кувы Елеоны хохыл
39 Йесо рацыд ӕмӕ иннӕ хӕттытау ныр дӕр та араст Елеоны хохмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты Йӕ фӕдыл.22:39 Мф. 26:36; Мк. 14:32; Ин. 18:1.
40 Бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын загъта: «Кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат».22:40 Мф. 26:41; Мк. 14:38.
41 Дур кӕйонг фехсӕн ис, Йесо уыйбӕрц фӕхибар, ӕрзоныгыл ӕмӕ куывта:
42 «Мӕ Фыд, кӕд Дын фӕндон разына, уӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхц ма бадар. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд».
43 [Уӕд Ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ Йӕ удвидар кодта.
44 Утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо куывта зӕрдиагдӕрӕй; ӕмӕ Йӕ хид туджы ӕртӕхтау тагъди зӕхмӕ.]
45 Куывд куы фӕци, уӕд бацыд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ сын мӕт сӕ тых асаста.
46 Йесо сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат».
Йесойы ӕрцахстой
47 Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындысты адӕм; дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ, цыди сӕ разӕй. Уый бацыд Йесомӕ аба Йын кӕнынмӕ.22:47 Мф. 26:47; Мк. 14:43; Ин. 18:3.
48 Йесо йын загъта: «Иудӕ, байӕ гадзрахатӕй цӕуыс Адӕймаджы Фыртыл?»
49 Хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд Ын загътой: «Хицау, кардӕй цӕвӕм?»
50 Ӕмӕ сӕ иу кардӕй ныццавта алчеры цагъары ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта.
51 Уӕд Йесо загъта: «Ӕрсабыр ут». Бавнӕлдта цагъары хъусмӕ ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта.
52 Йе ’рцахсынмӕ ӕрцӕуӕг алчертӕн, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттӕн ӕмӕ адӕмы хистӕртӕн Йесо загъта: «Цыма абырӕджы ахсут, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут.
53 Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух нӕ андзӕвыд. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг ӕрцыд – талынг хицауиуӕг кӕны».
Петр йӕхи атигъ кодта Йесойыл
54 Уӕд Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ акодтой алчеры хӕдзармӕ. Петр дӕрддзӕф цыди сӕ фӕдыл.22:54 Мф. 26:57; Мк. 14:53; Ин. 18:24.
55 Кӕрты астӕу арт куы скодтой ӕмӕ куы сбадтысты, уӕд Петр дӕр сбадти семӕ.
56 Иу лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Петры федта арты рухсмӕ, ӕдзынӕг ӕм ныккаст ӕмӕ загъта: «Ай дӕр Йемӕ уыд».
57 Фӕлӕ Йыл Петр атигъ кодта йӕхи: «Хорз ус, ӕз Ӕй нӕ зонын».
58 Чысыл фӕстӕдӕр ӕй федта ӕндӕр чидӕр ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр уыдонӕй дӕ». Петр уымӕн дӕр загъта: «Нӕ дӕн».
59 Рацыд сахаты бӕрц, ӕмӕ та иу ӕндӕр адӕймаг дӕр фидарӕй дзырдта: «Ай дӕр ӕнӕмӕнг Йемӕ уыд, уымӕн ӕмӕ галилейаг у».
60 Фӕлӕ Петр уымӕн дӕр загъта: «Цы дзурыс, уый нӕ зонын». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уасӕг ныууасыд.
61 Уӕд Хицау Йе ’ргом разылдта ӕмӕ бакаст Петрмӕ. Ӕмӕ Петр ӕрымысыд, Хицау ын цы загъта, уый: «Ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».22:61 Мф. 26:34; Мк. 14:30, 72; Ин. 13:38.
62 Петр рацыд ӕддӕмӕ ӕмӕ судзаг цӕссыгтӕй ныккуыдта.
Ӕфхӕрынц Йесойы
63 Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыцы адӕм Дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ Йӕ надтой.22:63 Мф. 26:67; Мк. 14:65.
64 Сӕхгӕдтой-иу Ын Йӕ цӕстытӕ ӕмӕ Йӕ фарстой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон».
65 Ӕмӕ Йын дзырдтой бирӕ ӕндӕр фауӕн ныхӕстӕ.
Йесо – синедрионы
66 Куы сбон, уӕд ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ, динамонджытӕ, ӕмӕ Йӕ бакодтой сӕ синедрионмӕ.22:66 Мф. 27:2; Мк. 15:1; Ин. 18:28.
67 Бафарстой Йӕ: «Зӕгъ-ма нын, Ды дӕ Чырысти?» Уый сын загъта: «Куы уын зӕгъон, уӕд дӕр уӕ нӕ бауырндзӕн;
68 Куы уӕ бафӕрсон, уӕд дӕр Мын дзуапп нӕ ратдзыстут.
69 Нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрбаддзӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауы рахиз фарс».22:69 Мф. 26:64; Мк. 14:62; Ин. 6:62.
70 Уӕд сеппӕт дӕр загътой: «Уӕдӕ Ды Хуыцауы Фырт дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут, Ӕз Хуыцауы Фырт кӕй дӕн, уый».
71 Уыдон загътой: «Цавӕр ӕвдисӕйнаг ма нӕ хъӕуы? Йӕхи дзыхӕй йын ӕй куы фехъуыстам!»
23Йесо ӕмӕ Пилат
1 Уӕд сыстадысты сеппӕт дӕр ӕмӕ Йӕ акодтой Пилатмӕ.23:1 Мф. 27:2; Мк. 15:1; Ин. 18:28.
2 Уым Ӕй райдыдтой зылын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, Ай нын халы нӕ адӕмы, кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома, Паддзах».23:2 Мф. 22:21.
3 Пилат Ӕй бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».23:3 Мф. 27:11; Мк. 15:2; Ин. 18:33; 1 Тим. 6:13; Ӕрг. 1:5.
4 Пилат алчертӕн ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы Адӕймагмӕ ницы азым арын».
5 Фӕлӕ уыдон сӕ фӕнд тардтой, зӕгъгӕ, Йӕ ахуырадӕй адӕмы змӕнты ӕппӕт Иудейӕйы – Галилейӕ райдай, ӕмӕ суанг мӕнӕ ацы бынаты онг.
Ирод фӕрсы Йесойы
6 Пилат уый куы фехъуыста, уӕд бафарста: «Ацы Лӕг галилейаг у?»
7 Ӕмӕ Ироды дӕлбар бӕстӕйӕ кӕй у, уый куы базыдта, уӕд Йесойы арвыста Иродмӕ – уыцы рӕстӕг Ирод дӕр Иерусалимы уыд.
8 Ирод Йесойы куы федта, уӕд тынг бацин кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ рагӕй фӕндыд Йӕ фенын. Йесойы тыххӕй бирӕ хӕттыты фехъуыста, стӕй Йӕм ӕнхъӕлмӕ каст исты диссаг равдисынмӕ.23:8 Лк. 9:9.
9 Ӕмӕ Йӕ фарста бирӕ цӕмӕйдӕрты, фӕлӕ йын Йесо ницы дзуапп радта.
10 Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ та лӕууыдысты уым ӕмӕ Йӕ тынг зылын кодтой.
11 Ирод Ӕй бафхӕрдта йе ’фсӕддонтимӕ, фӕхынджылӕг Дзы кодтой, зынаргъ дарӕс Ыл скодтой ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ арвыстой Пилатмӕ.
12 Ӕмӕ уыцы бон Пилат ӕмӕ Ирод балымӕнтӕ сты, уымӕй размӕ та кӕрӕдзимӕ фыдӕх хастой.
Марыны тӕрхон
13 Пилат басидт алчертӕм, хицӕуттӕм ӕмӕ адӕммӕ,
14 Ӕмӕ сын загъта: «Сымах мӕм ӕркодтат ацы Лӕджы, цыма адӕмы халы. Ӕз уӕ разы равзӕрстон хъуыддаг, ӕмӕ ацы Лӕджы цы фыдракӕндты азымджын кӕнут, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон.23:14 Мф. 27:23; Мк. 15:14; Ин. 18:38; 19:4.
15 Ирод дӕр Ӕм ницы азым ссардта ӕмӕ нӕм Ӕй раздӕхта. Гъемӕ уӕдӕ, мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй рардӕуа, ахӕмӕй ницы сарӕзта.
16 Ныр Ӕй фӕнӕмын кӕндзынӕн ехсӕй, ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн».
17 [Пилаты та бӕрӕгбоны тыххӕй уыдонӕн иу ахӕсты рауадзын хъуыд.]
18 Фӕлӕ адӕм сеппӕт дӕр хъӕр систой: «Амар Ӕй! Вараввӕйы нын рауадз!»23:18 Мф. 27:20; Мк. 15:11; Ин. 18:40; Ап. хъ. 3:14.
19 Вараввӕйы та ахӕстонмӕ баппӕрстӕуыд, сахары цавӕрдӕр змӕст кӕй сарӕзта ӕмӕ туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй.
20 Пилат адӕмимӕ ногӕй райдыдта ныхас кӕнын – фӕндыд ӕй Йесойы рауадзын.
21 Фӕлӕ уыдон хъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!»
22 Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй рардӕуа, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Гъемӕ Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ехсӕй, ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн».
23 Фӕлӕ хъӕрӕй сӕ фӕнд тардтой – домдтой Йесойы байтындзын. Сӕ хъӕрӕй басастой Пилаты,
24 Ӕмӕ Пилат хъуыддаг алыг кодта, уыдон куыд домдтой, афтӕ:
25 Змӕсты ӕмӕ туг ныккалыны азымимӕ ахӕстонмӕ кӕй баппӕрстӕуыд ӕмӕ адӕм кӕй тыххӕй хатыдысты, уыцы Вараввӕйы рауагъта; Йесойы та сын сӕ бар бакодта.
Йесойы байтыгътой
26 Ӕмӕ Йӕ куы акодтой, уӕд ӕрурӕдтой, фӕссахарӕй чи ӕрбацӕйцыд, иу ахӕм кириниаг лӕг Симоны; ӕмӕ йӕ бафтыдтой дзуар Йесойы фӕдыл ӕккойӕ хӕссыныл.
27 Йесойы фӕстӕ цыди дзӕвгар адӕм; се ’хсӕн уыди, чи Йыл дзынӕзта ӕмӕ хъарӕг кодта, бирӕ ахӕм сылгоймӕгтӕ.
28 Йесо сӕм разылд ӕмӕ сын загъта: «Иерусалимы чызджытӕ, Мӕныл ма кӕут, фӕлӕ кӕут уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл.
29 Уымӕн ӕмӕ мӕнӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Тӕхудиаг сты ӕнӕзӕнӕгтӕ, чи нӕ ныййардта, уыцы гуыбынтӕ, сывӕллонӕн ӕхсыр чи нӕ дардта, уыцы риутӕ!"
30 Уӕд хӕхтӕм райдайдзысты хатын: „Ӕркӕлут ныл!", ӕмӕ къуыбыртӕм: „Бамбӕхсут нӕ!"23:30 Ӕрг. 6:16; 9:6.
31 Уымӕн ӕмӕ кӕд цъӕхсыф бӕласӕн афтӕ кӕнынц, уӕд уагӕр хуыскъ бӕласыл та цы ӕрцӕудзӕн?»
32 Йемӕ ма Йын марынмӕ кодтой дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр.
33 Ӕмӕ Сӕргӕхц чи хуыйны, уыцы бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым дзуарыл байтыгътой Йесойы ӕмӕ фыдгӕнджыты: иуы рахизырдыгӕй, иннӕйы та галиуырдыгӕй.23:33 Мф. 27:33; Мк. 15:22; Ин. 19:17.
34 Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.23:34 Мф. 5:44; 27:35; Мк. 15:24; Ин. 19:23.
35 Адӕм лӕууыдысты ӕмӕ кастысты. Худтысты Йыл хицӕуттӕ дӕр: «Иннӕты ирвӕзын кодта; ныр Йӕхи фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауы ӕвзӕрст Чырысти у, уӕд».
36 Хынджылӕг Дзы кодтой ӕфсӕддонтӕ дӕр – бацыдысты-иу Ӕм, Йӕ дзыхмӕ-иу Ын схастой туаг сӕн,
37 Ӕмӕ дзырдтой: «Кӕд иудейаг Паддзах дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн».
38 Йӕ сӕрмӕ [бердзенагау, ромагау ӕмӕ дзуттагау] фыст уыди: «Ай у иудейаг Паддзах».
39 Тыгъд фыдгӕнджытӕй иу фаудта Йесойы: «Чырысти нӕ дӕ, ӕви? Фервӕзын кӕн Дӕхи дӕр ӕмӕ мах дӕр».
40 Иннӕ та йын уайдзӕф кодта: «Ау, Хуыцауӕй нӕ тӕрсыс, дӕуӕн дӕр ахӕм тӕрхон куы рахастӕуыд?
41 Махӕн раст тӕрхон рахастой – нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йӕ райстам; уый та ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта».
42 Ӕмӕ загъта: «Йесо, Дӕ Паддзахадмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу мӕ ӕрымыс!»23:42 Мф. 16:28.
43 Йесо йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын, тӕккӕ абон Мемӕ уыдзынӕ дзӕнӕты».
Йесойы мӕлӕт
44 Уыдис ӕхсӕзӕм сахатмӕ+ 23:44 Сахӕттӕ амынд сты рагон нымадӕй (кӕс дзырдуаты). хӕстӕг. Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг, ӕмӕ афтӕ ахаста фарӕстӕм сахаты онг,
45 Уымӕн ӕмӕ хур рухс нал кодта. Кувӕндоны мидӕг ӕмбӕрзӕн аскъуыд йӕ хӕдастӕуыл.
46 Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Мӕ Фыд, Дӕ къухтӕм Дын дӕттын Мӕ уд». Ӕмӕ афтӕ куы загъта, уый фӕстӕ Йӕ уд систа.
47 Цы ӕрцыди, уый сӕдӕйыхицау куы федта, уӕд кад кодта Хуыцауӕн ӕмӕ загъта: «Ацы Адӕймаг, ӕнӕмӕнг, рӕстгӕнӕг уыди».
48 Бакӕсынмӕ цы адӕм ӕрбамбырд сты, уыдон хабар куы федтой, уӕд, сӕ риутӕ хойгӕйӕ, здӕхтысты сӕхимӕ.
49 Йесойы зонгӕтӕ та сеппӕт дӕр, стӕй Йӕ фӕдыл Галилейӕ чи рацыд, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр лӕууыдысты дӕрддзӕф ӕмӕ кастысты, цытӕ цӕуы, уымӕ.
Йесойы баныгӕдтой
50 Уыд иу лӕг, йӕ ном – Иосиф, синедрионы уӕнг, хорз ӕмӕ раст адӕймаг,23:50 Мф. 27:57; Мк. 15:43; Ин. 19:38.
51 Иудейаг сахар Аримафейӕ; ӕнхъӕлмӕ каст Хуыцауы Паддзахадмӕ. Уый разы нӕ уыд, синедрион цы уынаффӕ рахаста ӕмӕ цы сарӕзта, уыимӕ.
52 Иосиф бацыди Пилатмӕ Йесойы мард ракурынмӕ.
53 Ӕриста йӕ, батыхта йӕ уӕздан кӕттаджы ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы цы зӕппадз къахт уыди, уым; ӕвӕрд дзы ничима уыд.
54 Уыди майрӕмбон, сабатмӕ бирӕ нал уыд.
55 Йесойӕн Галилейӕ Йӕ фӕстӕ цы сылгоймӕгтӕ рацыд, уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ федтой зӕппадз, стӕй дзы Йесойы мард куыд бавӕрдтой, уый дӕр.
56 Куы раздӕхтысты, уӕд ӕрцӕттӕ кодтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Сабат сын, иудейаг Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уыди ӕнцойбон.
24Чырысти райгас
1 Къуырийӕн йӕ фыццаг бон та сӕумӕйӕ ӕрцыдысты зӕппадзмӕ; семӕ ӕрхастой, цы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдон.24:1 Мф. 28:1; Мк. 16:1; Ин. 20:1.
2 Зӕппадзы дур ӕрӕййӕфтой фӕлдӕхтӕй.
3 Бацыдысты мидӕмӕ, фӕлӕ дзы Хицау Йесойы мард не ссардтой,
4 Ӕмӕ фӕджих сты. Ӕваст сӕ разы февзӕрдысты дыууӕ лӕджы ӕрттивгӕ дарӕсы.
5 Сылгоймӕгты тас бацыди, сӕ сӕртӕ ӕруагътой, фӕлӕ сын лӕгтӕ загътой: «Удӕгасы мӕрдтимӕ цы агурут?
6 Ам нӕй, райгас и. Галилейы ма куы уыди, уӕд уын цы дзырдта, уый уӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕд:24:6 Мф. 17:22.
7 „Адӕймаджы Фырт хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа тӕригъӕдджын адӕмы къухтӕм, байтындздзысты Йӕ дзуарыл ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн"».
8 Уӕд сылгоймӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ.
9 Раздӕхтысты зӕппадзӕй ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй радзырдтой иуӕндӕс ахуыргӕнинагӕн, стӕй иннӕтӕн дӕр.
10 Уыцы сылгоймӕгтӕ уыдысты магдалӕйаг Мариа, Иоаннӕ, Иаковы мад Мариа ӕмӕ иннӕтӕ, семӕ ма чи уыдис, уыдон. Хабар радзырдтой апостолтӕн,
11 Фӕлӕ сӕм сылгоймӕгты ныхӕстӕ дзӕгъӕлы дзӕнгӕдайау фӕкастысты, ӕмӕ сыл нӕ баууӕндыдысты.
12 Петр уӕддӕр сыстад ӕмӕ азгъордта зӕппадзмӕ, ӕргуыбыр кодта, бакаст ӕм, федта дзы ӕрмӕстдӕр мӕрддзӕгтӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхт, цы ӕрцыд, ууыл хинымӕр дисгӕнгӕйӕ.24:12 Ин. 20:6.
Эммаусмӕ цӕугӕйӕ
13 Уыцы бон ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕ фӕцӕйцыдысты, Иерусалимӕй ӕртиссӕдз стадийы+ 24:13 |i60 стадийы|r – 11 километры бӕрц. дӕрддзӕф цы Эммаусы хъӕу лӕууыд, уырдӕм.24:13 Мк. 16:12.
14 Ныхас кодтой, цы ӕрцыд, ӕппӕт уыцы цаутыл.
15 Ӕмӕ ныхас куыд кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ куыд дзырдтой, афтӕ сӕм Йесо Йӕхӕдӕг бахӕстӕг ӕмӕ баиу семӕ.
16 Фӕлӕ сӕ цӕстытӕй рӕстмӕ нал уынӕгау Ӕй нӕ базыдтой.
17 Йесо сӕ бафарста: «Уый цӕуыл дзурут цӕугӕ-цӕуын?» Уыдон ӕнкъардӕй ӕрлӕууыдысты.
18 Сӕ иу, Клеопа, дзуапп радта Йесойӕн: «Иерусалиммӕ ӕрцӕуджытӕй, ӕвӕццӕгӕн, иунӕг Ды нӕ зоныс, ацы бонты уым цы ӕрцыд, уыдӕтты тыххӕй?»
19 Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый тыхджын пехуымпар уыди Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз.24:19 Мф. 21:11; Лк. 7:16; Ин. 3:2; 6:14; Ап. хъ. 2:22.
20 Нӕ алчертӕ ӕмӕ Йӕ нӕ хицӕуттӕ радтой мӕлӕты тӕрхон Ын рахӕссынмӕ, ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтыгътой.
21 Мах та нӕхицӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтам, Израилы Чи фервӕзын кӕндзӕн, Уый у, зӕгъгӕ. Уыимӕ Йӕ байтындзыныл ныр ӕртыккаг бон цӕуы,24:21 Лк. 2:25; Ап. хъ. 26:6.
22 Ӕмӕ нӕ сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ мах дисы бафтыдтой – сӕумӕйӕ уыдысты зӕппадзы цур,
23 Фӕлӕ Йын Йӕ мард не ссардтой. Ӕрцыдысты ӕмӕ радзырдтой, зӕдтӕ нӕм фӕзындысты ӕмӕ нын загътой, Йесо удӕгас у, зӕгъгӕ.
24 Уӕд махӕй чидӕртӕ ацыдысты зӕппадзмӕ ӕмӕ алцыдӕр ссардтой, сылгоймӕгтӕ куыд загътой, афтӕмӕй; Йӕхи та Йын нӕ федтой».
25 Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Пехуымпартӕ цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл куыд зынтӕй ӕууӕндут!
26 Чырыстийӕн афтӕ фӕхъизӕмар кӕнын ӕмӕ Йӕ намыс райсын не ’мбӕлд, ӕви?»
27 Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр.
28 Цы хъӕумӕ цыдысты, уымӕ куы баввахс сты, уӕд Йесо Йӕхи дарддӕр цӕуӕг скодта.
29 Фӕлӕ Йӕ уыдон урӕдтой, лӕгъстӕ Йын кодтой: «Баззай немӕ, тагъд баизӕр уыдзӕн, бон фӕвӕййы». Уӕд бацыди хъӕумӕ ӕмӕ баззади семӕ.
30 Ӕмӕ Йесо семӕ фынгыл куы ӕрбадт, уӕд райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй радта.
31 Уӕд ракастысты сӕ цӕстытӕй, базыдтой Йӕ, фӕлӕ Йӕ цӕстӕй нал уыдтой.
32 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Фӕндагыл немӕ куы ныхас кодта ӕмӕ нын Сыгъдӕг Фыст куы амыдта, уӕд нӕ риуы нӕ зӕрдӕтӕ нӕ сыгъдысты, ӕви?»
33 Уайтӕккӕ сыстадысты ӕмӕ раздӕхтысты Иерусалиммӕ, ӕмӕ уым баййӕфтой иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы иннӕтимӕ иумӕ –
34 Уыдон дзырдтой, Хицау бӕлвырд райгас ӕмӕ Йӕхи равдыста Симонмӕ, зӕгъгӕ.
35 Уӕд сын ацы дыууӕ радзырдтой, фӕндагыл цы ӕрцыд, стӕй Йесо дзул куы асаста, уӕд Ӕй куыд базыдтой, уыдӕтты тыххӕй.
Йесо Йӕхи равдыста ахуыргӕнинӕгтӕм
36 Уыдӕтты тыххӕй куы дзырдтой, уӕд мӕнӕ Йесо Йӕхӕдӕг лӕууы се ’хсӕн ӕмӕ сын зӕгъы: «Фӕрнджын ут!»24:36 Мк. 16:14; Ин. 20:19; Ап. хъ. 13:31; 1 Кор. 15:5.
37 Уыдон фӕджих сты ӕмӕ сӕ тас бацыди – афтӕ фенхъӕлдтой, цыма уд уынынц.
38 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Цӕуыл скатай стут ӕмӕ уӕм ахӕм хъуыдытӕ цӕмӕн ӕвзӕры?
39 Фенут Мын Мӕ къухтӕ ӕмӕ Мӕ къӕхтӕ: ай Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн. Басгарут Мӕ ӕмӕ сбӕлвырд кӕнут: удӕн фыд ӕмӕ стджытӕ нӕй, Мӕнӕн та ис, куыд уынут, афтӕмӕй».
40 Уый зӕгъыны фӕстӕ сын фенын кодта Йӕ къухтӕ ӕмӕ Йӕ къӕхтӕ.
41 Фырцинӕй сӕ куы нӕма уырныдта ӕмӕ дисы куы бафтыдысты, уӕд сын загъта: «Исты хӕринаг уӕм ис?»
42 Радтой Йын физонӕг кӕсаджы кӕрдих,
43 Райста йӕ ӕмӕ сӕ разы бахордта.
44 Ӕмӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уый тыххӕй дзырдтон, Моисейы Ӕгъдауы, пехуымпарты чингуыты ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».24:44 Мф. 16:21.
45 Уӕд сын байгом кодта сӕ зонд Сыгъдӕг Фыст ӕмбарынӕн,
46 Ӕмӕ сын загъта: «Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид;24:46 Лк. 24:27.
47 Ӕмӕ, Иерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ номӕй фӕсидтӕуа, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын ныббарстӕуа сӕ тӕригъӕдтӕ.
48 Уымӕн сымах стут ӕвдисӕнтӕ.
49 Ӕз уын рарвитдзынӕн, Мӕ Фыд зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ уал баззайут ацы сахары, цалынмӕ уӕларвон тыхӕй схайджын уат, уӕдмӕ».24:49 Ин. 14:16; 15:26; Ап. хъ. 1:4, 8.
Йесо ацыд уӕлӕрвтӕм
50 Ӕмӕ сӕ сахарӕй рахуыдта Вифанийы онг, систа Йӕ къухтӕ уӕлӕмӕ ӕмӕ сыл арфӕ бафтыдта.
51 Арфӕтӕ сыл куы ӕфтыдта, уӕд адард уыдонӕй ӕмӕ Йӕ уӕларвмӕ систӕуыд.24:51 Мк. 16:19; Ап. хъ. 1:9.
52 Уыдон Ӕм бакуывтой ӕмӕ стыр цинимӕ раздӕхтысты Иерусалиммӕ.
53 Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудадзыг уыдысты Кувӕндоны ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн.