Иоанны Евангели

1

Дзырд сси Адӕймаг

1 Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцау.

2 Уый райдианы уыди Хуыцаумӕ.

3 Ӕппӕт дӕр Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыстӕуыд, уыдонӕй ӕнӕ Уымӕй ницы сфӕлдыстӕуыд.

4 Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард ӕппӕт адӕмӕн уыди рухс.

5 Рухс талынджы рухс кӕны, ӕмӕ йыл талынг нӕ фӕтых.1:5 Ин. 3:19.

6 Уыди Хуыцауӕй ӕрвыст лӕг, йӕ ном Иоанн.1:6 Мф. 3:1.

7 Уый ӕрцыд ӕвдисӕнӕн – Рухсы тыххӕй зӕгъынмӕ, цӕмӕй адӕм йӕ фӕрцы иууылдӕр баууӕндой.

8 Уый йӕхӕдӕг рухс нӕ уыд, фӕлӕ ӕрвыст уыди Рухсы тыххӕй зӕгъынмӕ.

9 Уыцы Рухс уыди ӕцӕг Рухс, Уый рухс кӕны, дунемӕ чидӕриддӕр ӕрцӕуы, уыдоны.

10 Уый уыди, Йӕ фӕрцы кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы дунейы, фӕлӕ Йӕ дуне нӕ базыдта.

11 Ӕрцыд йӕхионтӕм, ӕмӕ Йыл йӕхионтӕ нӕ баууӕндыдысты.1:11 Мф. 15:24.

12 Фӕлӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар.1:12 Ром. 8:15; Гал. 3:26.

13 Уыдон райгуырдысты нӕдӕр туг ӕмӕ стӕгӕй, нӕдӕр нӕлгоймаджы фӕндӕй, фӕлӕ – Хуыцауӕй.1:13 Ин. 3:5.

14 Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ ӕрцарди не ’хсӕн, уыди хорзӕхы ӕмӕ ӕцӕгады суадон. Ӕмӕ мах федтам Йӕ намыс – Фыды иунӕг Фырты намыс.1:14 Мф. 1:16; 17:2; Ин. 17:24; 2 Кор. 3:9; Дзут. 2:11.

15 Иоанн Фырты тыххӕй лӕууы ӕвдисӕн ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй зӕгъы: «Ай Уый у, ӕз афтӕ Кӕй тыххӕй загътон: „Мӕ фӕстӕ Чи цыди, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыди"».1:15 Мф. 3:11.

16 Ӕмӕ Йӕ ӕгӕрон хъӕздыгдзинадӕй мах райстам хорзӕх хорзӕхы фӕдыл.1:16 Эф. 1:6; Кол. 1:19.

17 Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд ӕрцыд, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгад та Йесо Чырыстийы фӕрцы лӕвӕрд сты.1:17 Ром. 3:24.

18 Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ Йӕ раргом кодта Йӕ иунӕг Фырт – Фыдимӕ иу ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый.1:18 1 Ин. 4:12; 1 Тим. 6:16.

Аргъауӕг Иоанн зӕгъы Йесойы тыххӕй

19 Иудейтӕ+ 1:19 Иоанны Евангелийы дзырд |iиудей|r арӕх амоны «иудейаг хицау». Иерусалимӕй сауджынты ӕмӕ левитты куы арвыстой Иоанны бафӕрсынмӕ: «Ды чи дӕ?»,1:19 Ин. 5:33.

20 Уӕд ӕй уый нӕ басусӕг кодта ӕмӕ ӕргомӕй загъта, ӕз Чырысти нӕ дӕн, зӕгъгӕ.1:20 Ин. 3:28; Ап. хъ. 13:25.

21 Уӕд ӕй бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Илиа дӕ?» Уый загъта: «Илиа нӕ дӕн». «Пехуымпар+ 1:21 Ам ныхас цӕуы, уыцы заман иудейтӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы пехуымпарыл. дӕ?» Уый дзуапп радта: «Нӕ дӕн».

22 Бафарстой та йӕ: «Уӕдӕ чи дӕ? Цы дзуапп раттӕм нӕ рарвитджытӕн? Дӕхӕдӕг дӕхи тыххӕй цы зӕгъдзынӕ?»

23 Уый сын дзуапп радта Исай-пехуымпары ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн ӕдзӕрӕг ран фидиуӕджы хъӕлӕс: ӕмраст скӕнут Хицауӕн Йӕ фӕндаг».1:23 Мф. 3:3; Мк. 1:3; Лк. 3:4.

24 Уӕд фарисейтӕ кӕй рарвыстой,

25 Уыдон ӕй бафарстой: «Уӕдӕ кӕд ды нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илиа, нӕдӕр пехуымпар, уӕд цӕмӕн аргъауыс?»

26 Иоанн сын дзуапп радта: «Ӕз аргъауын донӕй, фӕлӕ уе ’хсӕн лӕууы, сымах Кӕй нӕ зонут, Уый –

27 Мӕ фӕстӕ Цӕуӕг. Ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн».

28 Ацы ныхас рауади Вифанийы, Иорданы иннӕ фарс, Иоанн кӕм аргъуыдта, уым.

Хуыцауы Уӕрыкк

29 Дыккаг бон Иоанн федта Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Дунейы тӕригъӕд Чи фӕхӕссы, мӕнӕ Хуыцауы уыцы Уӕрыкк.

30 Ай Уый у, ӕз афтӕ Кӕй тыххӕй загътон: „Мӕ фӕстӕ цы Лӕг цӕуы, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыдис".

31 Ӕз Ӕй нӕ зыдтон. Фӕлӕ донӕй аргъауынмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй Уый раргом уа Израилӕн».1:31 Мк. 1:4.

32 Иоанн ӕвдисӕн лӕууыд: «Ӕз федтон Сыгъдӕг Уды уӕларвӕй бӕлонау Уымӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Йемӕ баззайгӕ.1:32 Мф. 3:16; Мк. 1:10; Лк. 3:22; Ин. 6:27.

33 Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уды Кӕмӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Кӕимӕ баззайгӕ фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг".

34 Ӕз уыдӕттӕ федтон ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууын, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый тыххӕй».

Фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ

35 Дыккаг бон дӕр та Иоанн лӕууыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕимӕ.

36 Ӕмӕ Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк».

37 Ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сӕ дыууӕ дӕр ацыдысты Йесойы фӕдыл.

38 Йесо фӕстӕмӕ куы ракаст ӕмӕ сӕ Йӕ фӕдыл цӕугӕ куы федта, уӕд сын загъта: «Цы уӕ хъӕуы?» Уыдон Ын загътой: «Равви (ома, Ахуыргӕнӕг), кӕм цӕрыс?»

39 Уый сын загъта: «Рацӕут ӕмӕ йӕ фендзыстут». Уыдон ацыдысты ӕмӕ федтой, Йесо кӕм цӕры, уый. Ӕмӕ уыцы бон фесты Уымӕ. Уыди дӕс сахатмӕ+ 1:39 Сахӕттӕ амынд сты рагон нымадӕй (кӕс дзырдуаты). хӕстӕг.

40 Иоаннӕй Йесойы тыххӕй чи фехъуыста ӕмӕ Йӕ фӕдыл чи ацыд, уыцы дыууӕйӕ иу уыдис Андрей, Симон Петры ӕфсымӕр.

41 Андрей ӕвӕстиатӕй бацагуырдта йе ’фсымӕр Симоны ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессиайы» (ома, Чырыстийы).

42 Уый фӕстӕ йӕ ӕркодта Йесомӕ. Йесо йӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дӕ ном уыдзӕн Кифӕ» (ома, Петр)+ 1:42 |iКифӕ|r арамейагау ӕмӕ |iПетр|r бердзенагау амонынц «дур»..1:42 Мф. 16:18.

Филипп ӕмӕ Нафанаил

43 Дыккаг бон Йесо скодта Галилеймӕ цӕуыны фӕнд. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ».

44 Филипп та уыди вифсаидӕйаг, Андрей ӕмӕ Петр кӕцӕй уыдысты, уыцы сахайраг.

45 Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы Кӕй тыххӕй ис фыст, стӕй пехуымпартӕ Кӕй тыххӕй фыстой, уыцы Назаретаг Йесойы, Иосифы фырты».

46 Фӕлӕ йын Нафанаил загъта: «Назаретӕй дӕр хорзӕй исты рацӕудзӕн?» Филипп ын загъта: «Рацу ӕмӕ фен».

47 Йесо федта Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ ӕцӕг ӕнӕхин израилаг».

48 Нафанаил Ын загъта: «Ды мӕ цӕмӕй зоныс?» Йесо йын дзуапп радта: «Филипп дӕм куы нӕма фӕдзырдта, уӕд дӕ легъуибӕласы бын федтон».

49 Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды Хуыцауы Фырт дӕ, Израилы Паддзах».

50 Йесо йын дзуапп радта: «Ды ӕууӕндыс, уымӕн ӕмӕ дын загътон: „Ӕз дӕ федтон легъуибӕласы бын". Фендзынӕ уымӕй фылдӕр».

51 Ноджы ма йын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: [нырӕй фӕстӕмӕ] уындзыстут арвы дуар гомӕй ӕмӕ Хуыцауы зӕдты уӕларвмӕ ссӕугӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фыртмӕ ӕрцӕугӕ».

2

Чындзӕхсӕв Канӕйы

1 Ӕртыккаг бон галилейаг Канӕйы уыди чындзӕхсӕв, ӕмӕ Йесойы Мад уыди уым.

2 Чындзӕхсӕвмӕ хуынд уыдысты Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр.

3 Ӕмӕ сӕн куы фӕци, уӕд Йесойӕн Йӕ Мад загъта: «Сӕн сӕм нӕй».

4 Йесо йын дзуапп радта: «Уый Мӕнӕй цы домыс, Мӕ Мад? Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд».

5 Уӕд Йӕ Мад загъта лӕггадгӕнджытӕн: «Цы уын зӕгъа, уый бакӕнут».

6 Иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уым хи цӕхсынӕн уыди дурӕй конд ӕхсӕз донгарзы; цыдис сӕ фӕйнӕ дыууӕ-ӕртӕ къӕртайы+ 2:6 |i2-3 къӕртайы|r – 80-120 литры..

7 Йесо лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Байдзаг кӕнут донгӕрзтӕ донӕй». Ӕмӕ сӕ байдзаг кодтой сӕ былтӕм.

8 Уӕд сын Йесо загъта: «Ныр сӕвгӕнут ӕмӕ ахӕссут фынгӕн уынаффӕгӕнӕгмӕ». Ӕмӕ ахастой.

9 Сӕн цы дон фестад, фынгӕн уынаффӕгӕнӕг уымӕй куы ацахуыста, – сӕн кӕцӕй у, уый та зонгӕ дӕр нӕ кодта, зыдтой йӕ ӕрмӕстдӕр донгӕрзтӕй дон сӕвгӕнӕг лӕггадгӕнджытӕ, – уӕд фӕдзырдта сиахсагмӕ

10 Ӕмӕ йын загъта: «Алчи раздӕр дзӕбӕх сӕн ӕрӕвӕры фынгыл, ӕмӕ сӕ фаг куы баназынц, уӕд та – ӕвзӕрдӕр. Ды та хорз сӕн нырмӕ ныууагътай».

11 Йесо галилейаг Канӕйы цы бакодта, уый уыди Йӕ диссӕгты райдайӕн, уымӕй равдыста Йӕ намыс ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты.

12 Уый фӕстӕ Йесо Йӕ Мадимӕ, Йе ’фсымӕртимӕ, Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрцыд Капернауммӕ ӕмӕ дзы фесты цалдӕр боны.

Йесо сыгъдӕг кӕны Кувӕндон

13 Ӕрӕввахс иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ Йесо ӕрцыд Иерусалиммӕ.

14 Кувӕндоны федта галтӕ, фыстӕ ӕмӕ бӕлӕттӕ уӕйгӕнджыты, ӕхцаивджыты бадгӕ.2:14 Мф. 21:12; Мк. 11:15; Лк. 19:45.

15 Уӕд синагӕй скодта ехс, сеппӕты дӕр ратардта Кувӕндонӕй, стӕй фыстӕ ӕмӕ галтӕ дӕр, ӕхцаивджытӕн ныппырх кодта се ’хца, сӕ фынгтӕ сын афӕлдӕхта.

16 Бӕлӕттӕ уӕйгӕнджытӕн та загъта: «Айсут сӕ ардыгӕй ӕмӕ Мӕ Фыды Хӕдзарӕй уӕйгӕнӕн хӕдзар ма кӕнут».

17 Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрымысыдысты, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Дӕ Хӕдзарыл мӕт Мӕ удхарӕй мары».

18 Уӕд Ын иудейтӕ загътой: «Ахӕм бартӕ Дӕм кӕй ис, ууыл нӕ цавӕр ӕвдисӕйнагӕй баууӕндын кӕндзынӕ?»

19 Йесо сын дзуапп радта: «Фехалут ацы Кувӕндон, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн».2:19 Мф. 26:61; 27:40; Мк. 14:58; 15:29.

20 Уӕд Ын иудейтӕ загътой: «Ацы Кувӕндон ӕхсӕз ӕмӕ дыууиссӕдз азы арӕзтой, Ды та йӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕ?»

21 Фӕлӕ Йесо цы Кувӕндоны тыххӕй дзырдта, уый уыди Йӕ буар.

22 Ӕмӕ Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрымысыдысты уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ баууӕндыдысты Сыгъдӕг Фыстыл ӕмӕ Йесойы ныхасыл.2:22 Мф. 17:23; Ап. хъ. 2:25; 13:34.

Йесо уыны алкӕй зӕрдӕ дӕр

23 Куадзӕны бӕрӕгбоны Йесо Иерусалимы куы уыди, уӕд кӕй ӕвдыста, уыцы диссӕгтӕ федтой бирӕ адӕм ӕмӕ Йыл баууӕндыдысты.

24 Йесо сыл Йӕхӕдӕг та не ’ууӕндыд, уымӕн ӕмӕ зыдта сеппӕты дӕр,2:24 Мф. 9:4; Мк. 2:8.

25 Ӕмӕ Йын адӕймаджы тыххӕй исчи загътаид, уый сӕр Ӕй нӕ хъуыд – адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый Йӕхӕдӕг хорз зыдта.2:25 Ин. 6:64.

3

Йесо ӕмӕ Никодим

1 Фарисейты ӕхсӕн уыд иу адӕймаг, йӕ ном Никодим, иудейаг хицӕуттӕй иу.3:1 Ин. 7:50; 19:39.

2 Уый ӕхсӕвы ӕрцыд Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, Ды Хуыцауӕй ӕрцӕугӕ Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ, уый мах зонӕм. Уымӕн ӕмӕ Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон кӕнын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куы нӕ уа, уӕд».

3 Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн Хуыцауы Паддзахад фенын йӕ бон нӕ бауыдзӕн».3:3 Иак. 1:18; 1 Пет. 1:23; 2 Кор. 5:17; Гал. 6:15; Тит. 3:5.

4 Никодим Ын загъта: «Карджын адӕймаг куыд хъуамӕ райгуыра? Ау, дыккаг хатт мады гуыбынмӕ бацӕуын ӕмӕ райгуырын йӕ бон бауыдзӕн?»

5 Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: дон ӕмӕ Удӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын йӕ бон нӕ бауыдзӕн.

6 Адӕймагӕй райгуыры адӕймаг, Удӕй та райгуыры уд.3:6 Ром. 8:5.

7 Ма дис кӕн, Ӕз дын цы загътон, ууыл: „Ногӕй хъуамӕ райгуырат".

8 Уд дымгӕйау у: дымгӕйы кӕм фӕфӕнды, уым фӕдымы, йӕ уынӕр ын хъусыс, фӕлӕ кӕцӕй ӕрцӕуы ӕмӕ кӕдӕм ацӕуы, уый нӕ зоныс. Афтӕ вӕййы йӕ хабар, Удӕй чидӕриддӕр райгуыры, уымӕн».3:8 Кол. 3:3.

9 Никодим Ӕй бафарста: «Уымӕн гӕнӕн куыд ис?»

10 Йесо йын дзуапп радта: «Ды Израилы адӕмы ахуыргӕнӕг куы дӕ, уӕд ӕй нӕ зоныс?

11 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: Мах цы зонӕм, ууыл дзурӕм, ӕмӕ цы федтам, уый тыххӕй ӕвдисӕн лӕууӕм, сымах та Не ’вдисӕнадыл не ’ууӕндут.

12 Зӕххон цы у, Ӕз уын уый тыххӕй загътон, ӕмӕ уӕ нӕ уырны; уӕларвон цы у, уый тыххӕй уын куы дзурон, уӕд та уӕ куыд бауырндзӕн?

13 Уӕларвмӕ ничима ссыди уырдыгӕй ӕрцӕуӕг Адӕймаджы Фырты йеддӕмӕ.3:13 Ин. 6:62.

14 Ӕмӕ Моисей ӕрхуыйӕ калмы ӕдзӕрӕг бӕстӕйы уӕлӕмӕ куыд систа, афтӕ уӕлӕмӕ ист хъуамӕ ӕрцӕуа Адӕймаджы Фырт дӕр,3:14 Ин. 12:32.

15 Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уымӕн мыггагмӕйы цард куыд уа, афтӕ.

16 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард.3:16 Мк. 16:16; Ин. 6:40; 1 Ин. 4:9-10.

17 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ фӕрцы дуне фервӕзын кӕнынмӕ.

18 Чи Йыл ӕууӕнды, уымӕн тӕрхон нӕй, чи нӕ Йыл ӕууӕнды, уый та ныридӕгӕн тӕрхонгонд у, уымӕн ӕмӕ нӕ баууӕндыд Хуыцауы Иунӕг Фыртыл.

19 Тӕрхон та уый мидӕг ис, ӕмӕ рухс ӕрцыд дунемӕ, фӕлӕ адӕм рухсы бӕсты талынг бауарзтой, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты.

20 Йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕмӕндӕриддӕр сты, уый рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой.

21 Фӕлӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уый та цӕуы рухсмӕ – йӕ хъуыддӕгтӕ ӕргом куыд уой, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауӕн фӕндон сты».

Йесо ӕмӕ Аргъауӕг Иоанн

22 Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрцыд иудейаг зӕхмӕ. Уым семӕ бафӕстиат иуцасдӕр ӕмӕ аргъуыдта.

23 Дон дзы бирӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Иоанн дӕр аргъуыдта Эноны, Салиммӕ хӕстӕг. Ӕмӕ йӕм адӕм цыдысты саргъауынмӕ.

24 Уӕд Иоанны ахӕстоны нӕма бакодтой.

25 Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕн иу иудейимӕ рауад быцӕу хи ссыгъдӕг кӕныны фӕдыл.

26 Уӕд ӕрцыдысты Иоаннмӕ ӕмӕ йын загътой: «Равви, Иорданы иннӕ фарс демӕ Чи уыд ӕмӕ ды Кӕй тыххӕй дзырдтай, Уый аргъауы ӕмӕ адӕм иууылдӕр Уымӕ цӕуынц».3:26 Ин. 1:27.

27 Иоанн сын дзуапп радта: «Адӕймагӕн йӕ бон ницы кӕнын у, уӕларвӕй йын лӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд.

28 Ӕз цы загътон, уымӕн уӕхӕдӕг стут ӕвдисӕнтӕ: „Ӕз Чырысти нӕ дӕн, фӕлӕ ӕз Йӕ разӕй дӕн ӕрвыст".3:28 Ин. 1:20; Ап. хъ. 13:25.

29 Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы сиахсаджы фарсмӕ, хъусы йын йӕ хъӕлӕс ӕмӕ цин кӕны. Афтӕ нӕй кӕрон мӕ цинӕн.3:29 Мф. 22:2; Эф. 5:25, 27.

30 Уымӕн рӕзын ӕмбӕлы, мӕнӕн та – къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын.

31 Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй дӕр уӕлдӕр у; зӕххӕй чи у, уый зӕххон у ӕмӕ зӕххонау дзуры. Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй дӕр уӕлдӕр у.3:31 Ин. 8:23; Ром. 9:5; Эф. 1:21.

32 Уый цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уыдӕтты тыххӕй лӕууы ӕвдисӕн, фӕлӕ Йын Йӕ ныхасыл ничи ӕууӕнды.3:32 Ин. 8:26.

33 Йӕ ныхасыл ын чи ӕууӕнды, уый та уымӕй равдисы, Хуыцау Йӕ дзырд кӕй нӕ сайы, уый.3:33 1 Ин. 5:10; Ром. 3:4.

34 Хуыцау Кӕй рарвыста, Уый Хуыцауы ныхӕстӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Удӕй бӕрцӕй нӕ дӕтты.

35 Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радта Йӕ къухмӕ.3:35 Мф. 28:18.

36 Фыртыл ӕууӕндӕг схайджын мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн – Хуыцауы фыдӕх ӕй баййӕфта».

4

Йесо ӕмӕ самариаг сылгоймаг

1 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕй фылдӕр кӕнынц ӕмӕ Иоаннӕй фылдӕр аргъауы, зӕгъгӕ, уыцы хабар фарисейтӕм кӕй бахӕццӕ, Йесо уый куы базыдта –4:1 Ин. 3:26.

2 Уӕвгӕ Йесо Йӕхӕдӕг нӕ аргъуыдта, фӕлӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, –

3 Уӕд ныууагъта иудейаг бӕстӕ ӕмӕ ногӕй ацыд Галилеймӕ.

4 Йӕ фӕндаг уыди Самарийыл.

5 Ӕмӕ бацыд самариаг сахар Сихармӕ, Иаков йӕ фырт Иосифӕн цы зӕххы хай радта, уымӕ хӕстӕг.

6 Уым уыди Иаковы цъай. Йесо бастади фӕндагыл ӕмӕ ӕрбадт цъайы цур. Уыдис ӕхсӕзӕм сахатмӕ ӕввахс.

7 Дон хӕссынмӕ ӕрцыд иу самариаг сылгоймаг. Йесо йын загъта: «Дон-ма Мын ратт».

8 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та уыцы рӕстӕг сахармӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ауадысты.

9 Самариаг сылгоймаг Ын загъта: «Ды иудей куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ иудейтӕ самариӕгтыл не ’рвӕссынц.4:9 Лк. 9:53.

10 Йесо йын дзуапп радта: «Ды Хуыцауы хорзӕх куы зонис, стӕй дӕуӕн „Дон-ма Мын ратт" Зӕгъӕджы дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».

11 Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, цъай арф у, Дӕумӕ та ӕгӕрыстӕмӕй ӕвгӕнӕнгарз дӕр нӕй. Уӕд Дӕм царддӕттӕг дон кӕцӕй ис?

12 Ацы цъай нын нӕ фыдӕл Иаков ныууагъта. Йӕхӕдӕг дӕр дзы нуӕзта, стӕй йӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр. Ау, Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ?»

13 Йесо йын дзуапп радта: «Ацы донӕй чидӕриддӕр нуазы, уый ногӕй сдойны уыдзӕн.

14 Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та мыггагмӕ дӕр нал сдойны уыдзӕн. Фӕлӕ йын Ӕз цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕн мыггагмӕйы цард дӕттӕг суадон».

15 Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, ратт мын уыцы донӕй, цӕмӕй дойны ма кӕнон ӕмӕ дон ӕвгӕнынмӕ ардӕм ма цӕуон».

16 Йесо йын загъта: «Марадз, бадзур дӕ моймӕ ӕмӕ рацу ардӕм».

17 Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «Мой мын нӕй». Йесо йын загъта: «Мой дын кӕй нӕй, уымӕй ды раст загътай.

18 Уыди дын фондз мойы, ӕмӕ дын ныртӕккӕ чи ис, уый дӕр дӕ мой нӕу. Уымӕй раст загътай».

19 Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, ӕз уынын, Ды пехуымпар кӕй дӕ, уый.

20 Нӕ фыдӕлтӕ ацы хохыл куывтой. Сымах та, иудейтӕ, афтӕ зӕгъут, кувын кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынат Иерусалимы ис, зӕгъгӕ».

21 Йесо йын загъта: «Баууӕнд Мыл, хорз ус, ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ Фыдмӕ нӕдӕр ацы хохыл кувдзыстут, нӕдӕр Иерусалимы.

22 Сымах, самариӕгтӕ, кӕмӕ кувут, уый уӕхӕдӕг дӕр нӕ зонут. Мах та кӕмӕ кувӕм, уый зонӕм, уымӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад иудейтӕй рацӕудзӕн.4:22 Ром. 9:5.

23 Фӕлӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувджытӕ Фыдмӕ кувдзысты Удӕй разӕнгардӕй ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ Фыдӕн ахӕм кувджытӕ сты фӕндон.

24 Хуыцау уд у, ӕмӕ Йӕм чи кувы, уыдон Ӕм Удӕй разӕнгардӕй ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ хъуамӕ кувой».4:24 2 Кор. 3:17; Флп. 3:3.

25 Сылгоймаг Ын загъта: «Мессиа (ома, Чырысти) кӕй ӕрцӕудзӕн, уый ӕз зонын. Ӕмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд нын ӕппӕт дӕр бацамондзӕн».

26 Йесо йын загъта: «Уый Ӕз дӕн, демӕ Ныхасгӕнӕг».

27 Уыцы рӕстӕг ӕрцыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ Йесо сылгоймагимӕ кӕй ныхас кодта, уый сӕ дисы бафтыдта. Фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр нӕ загъта: «Цы дӕ хъӕуы?», кӕнӕ «Цӕй фӕдыл ныхас кӕныс йемӕ?»

28 Сылгоймаг ныууагъта йӕ донхӕссӕн, ацыд сахармӕ ӕмӕ дзуры адӕмӕн:

29 «Рацӕут ӕмӕ фенут, ӕз цы ракодтон, ӕппӕт уыдӕттӕ мын Чи загъта, уыцы Адӕймаджы. Уый Чырысти нӕу, цымӕ?»

30 Адӕм рацыдысты сахарӕй ӕмӕ араст сты Йесомӕ.

31 Ныр Ӕм ахуыргӕнинӕгтӕ бахатыдысты: «Равви, бахӕр!»

32 Фӕлӕ сын Уый загъта: «Мӕнмӕ ис, сымах кӕй нӕ зонут, ахӕм хойраг».

33 Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Исчи Йын ӕрбахаста хӕринаг?»

34 Йесо сын загъта: «Мӕ хойраг у Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Йӕ хъуыддаг кӕронмӕ саразын.

35 Сымах афтӕ нӕ фӕзӕгъут, мыййаг, цыппар мӕйы ма баззад хуымгӕрдӕнтӕм, зӕгъгӕ? Ӕз та уын зӕгъын: акӕсут уӕ цӕстытӕй ӕмӕ фенут, хуымтӕ ныридӕгӕн кӕрдинаг кӕй сты, уый.4:35 Мф. 9:37; Лк. 10:2.

36 Хуымгӕрдӕг райсы йӕ мызд ӕмӕ хор ӕмбырд кӕны мыггагмӕйы цардӕн. Афтӕмӕй тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕндзысты.

37 Ам раст уыдзӕн ацы ӕмбисонд: „Иу тауы, иннӕ кӕрды".

38 Ӕз уӕ арвыстон, сымах кӕй нӕ бакуыстат, уый кӕрдынмӕ. Иннӕтӕ куыстой, сымах та сын сӕ фӕллойӕ пайда кӕнут».

39 Цы митӕ фӕкодта, ӕппӕт уыдӕттӕ йын Йесо кӕй загъта, сылгоймаг уый тыххӕй куы радзырдта, уӕд уыцы сахары цӕрӕг самариӕгтӕй Йесойыл бирӕтӕ баууӕндыдысты.

40 Самариӕгтӕ Йӕм куы ӕрцыдысты, уӕд Ын лӕгъстӕ кодтой, куыд сӕм афӕстиат уа, афтӕ. Баззади сӕм дыууӕ боны.

41 Ӕмӕ Йын Йӕхимӕ куы байхъуыстой, уӕд Ыл ноджы фылдӕр адӕм баууӕндыди.

42 Уыцы сылгоймагӕн та дзырдтой: «Ныр дӕ ныхасӕй нал ӕууӕндӕм, фӕлӕ Йӕм нӕхӕдӕг байхъуыстам ӕмӕ зонӕм, Уый ӕцӕгӕй дунейы Ирвӕзынгӕнӕг [Чырысти] кӕй у, уый».

Паддзахы ӕлдары фырт сдзӕбӕх

43 Дыууӕ боны фӕстӕ Йесо рацыд уырдыгӕй ӕмӕ араст Галилеймӕ.4:43 Мф. 4:12; Мк. 1:14.

44 Йесо Йӕхӕдӕг дзырдта, пехуымпар йӕ фыдыбӕстӕйы ӕгад у, зӕгъгӕ.4:44 Мф. 13:57; Мк. 6:4; Лк. 4:24.

45 Галилеймӕ куы ӕрцыд, уӕд Ыл галилейӕгтӕ сӕмбӕлдысты ӕхсызгонӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон Иерусалимы уыдысты бӕрӕгбоны ӕмӕ федтой, Йесо уым цы бакодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.

46 Йесо ногӕй ӕрцыд, дон сӕн кӕм фестын кодта, уыцы галилейаг Канӕмӕ. Уыцы рӕстӕг паддзахы ӕлдӕрттӕй иуӕн йӕ фырт Капернаумы уыди рынчын.4:46 Ин. 2:11.

47 Ӕмӕ Йесо Иудейӕйӕ Галилеймӕ кӕй ӕрцыд, уый куы фехъуыста, уӕд Ӕм ацыд ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта ӕрцӕуыны ӕмӕ, мӕлӕты къахыл чи лӕууыд, йӕ уыцы фырты сдзӕбӕх кӕныны тыххӕй.

48 Йесо йын дзуапп радта: «Сымах нӕ баууӕнддзыстут, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ куы нӕ фенат, уӕд».

49 Ӕлдар Ын загъта: «Хицау, ӕрцу, цалынмӕ мӕ фырт нӕ амард, уӕдмӕ».

50 Йесо йын дзуапп радта: «Ацу, дӕ фырт сдзӕбӕх уыдзӕн». Уый баууӕндыд Йесойы ныхасыл ӕмӕ ацыд.

51 Фӕндагыл йӕ цагъартӕ фесты йӕ размӕ ӕмӕ йын загътой: «Дӕ фырт фӕдзӕбӕхдӕр».

52 Уый сӕ бафарста: «Кӕцы сахатыл ын фенцондӕр?» Уыдон ын загътой: «Знон ӕвдӕм сахатыл йӕ тӕвд ӕрхауд».

53 Уӕд фыд базыдта, уый кӕй уыдис, Йесо йын афтӕ куы загъта, дӕ фырт сдзӕбӕх уыдзӕни, зӕгъгӕ, тӕккӕ уыцы афон. Ӕмӕ баууӕндыд йӕхӕдӕг дӕр, ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр.

54 Афтӕ Йесо дыккаг хатт, Иудейӕйӕ Галилеймӕ ӕрцӕугӕйӕ, скодта диссаг.

5

Рынчын сдзӕбӕх Вифездӕйы найӕны

1 Уый фӕстӕ уыд иудейаг бӕрӕгбон, ӕмӕ Йесо ӕрцыд Иерусалиммӕ.

2 Иерусалимы, Фысты кулдуары цур уыди, дзуттагау Вифездӕ+ 5:2 Хорзӕхы хӕдзар. кӕй хуыдтой, ахӕм найӕн фондз ӕхгӕдсӕр тыргъимӕ.

3 Тыргъты хуыссыд бирӕ рынчынтӕ: куырмытӕ, къуылыхтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ. [Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты доны змӕлдмӕ –

4 Хуыцауы зӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕрцыд найӕнмӕ ӕмӕ-иу дон сызмӕста, ӕмӕ-иу йӕ сызмӕнтыны фӕстӕ фыццаг чи ныххызт, уый-иу сдзӕбӕх цыфӕнды низӕй дӕр.]

5 Ам уыдис, ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы рынчын чи уыд, ахӕм лӕг.

6 Йесо йӕ уым хуысгӕйӕ куы федта ӕмӕ рагӕй кӕй у рынчын, уый куы базыдта, уӕд ын загъта: «Фӕнды дӕ, ӕмӕ ӕнӕниз уай?»

7 Рынчын Ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, доны змӕсты афон мӕ найӕнмӕ чи ныййиса, ахӕм адӕймаг мын нӕй. Цалынмӕ ӕз ныххизыныл фӕцархайын, уӕдмӕ ӕндӕр исчи мӕ разӕй фӕвӕййы».

8 Йесо йын загъта: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ райдай цӕуын».

9 Уый уайтӕккӕ сдзӕбӕх, систа йӕ хуыссӕн ӕмӕ райдыдта цӕуын. Уыцы хъуыддаг ӕрцыд сабаты.

10 Ӕмӕ чи сдзӕбӕх, уыцы адӕймагӕн иудейтӕ дзырдтой: «Абон сабат у, дӕ хуыссӕн хӕссын дын нӕ фӕччы».

11 Уый сын дзуапп радта: «Чи мӕ сдзӕбӕх кодта, Уый мын загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ райдай цӕуын"».

12 Уӕд ӕй бафарстой: «Афтӕ дын Чи загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ райдай цӕуын", уыцы Адӕймаг чи у?»

13 Чи сдзӕбӕх, уый та Йӕ нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ Йесо фӕци, уым цы бирӕ адӕм уыди, уыдоны аууон.

14 Фӕстӕдӕр ӕй Йесо ссардта Кувӕндоны ӕмӕ йын загъта: «Ныр ды сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, ноджы фыддӕр исты дыл куыд не ’рцӕуа, афтӕ».

15 Уыцы лӕг ацыд ӕмӕ иудейтӕн радзырдта, йе сдзӕбӕхгӕнӕг Йесо у, зӕгъгӕ.

16 Уӕд иудейтӕ зилын райдыдтой Йесойы фӕдыл, сабаты ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй кодта, уый тыххӕй.

17 Йесо та сын загъта: «Мӕ Фыд кӕддӕриддӕр хъуыддаг кӕны, ӕмӕ Ӕз дӕр кӕнын».

18 Уӕд Ӕй иудейтӕ ноджы тынгдӕр агуырдтой амарынмӕ. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр.5:18 Ин. 7:30.

Фырты бартӕ

19 Уый фӕдыл сын Йесо загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Фырт Йӕхӕдӕг ницы кӕнын фӕразы – Фыды цы гӕнгӕ уыны, ӕрмӕстдӕр уый кӕны. Ӕмӕ Фыд цы кӕны, Фырт дӕр уый аразы.

20 Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕвдисы, Йӕхӕдӕг цы кӕны, ӕппӕт уыдӕттӕ. Фенын Ын кӕндзӕн ацы хъуыддӕгтӕй ноджы стырдӕртӕ, ӕмӕ сымах дисы бафтдзыстут.

21 Фыд мӕрдты куыд райгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн.

22 Фыд тӕрхон дӕр никӕмӕн кӕны, фӕлӕ ӕппӕт тӕрхон бакодта Фырты бар,5:22 Мф. 28:18; Ап. хъ. 17:31; 1 Пет. 4:5.

23 Фыды куыд нымайынц, афтӕ сеппӕт дӕр Фырты куыд нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы.5:23 1 Ин. 2:23.

24 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕ ныхасмӕ хъусӕгӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕгыл ӕууӕндӕгӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн – ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бацыд цардмӕ.

25 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, ӕрцӕудзӕн ахӕм афон, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты.

26 Уымӕн ӕмӕ Фыд Йӕхӕдӕг царддӕттӕг куыд у, афтӕ Йӕ Фырты дӕр скодта царддӕттӕг,

27 Ӕмӕ Йын радта тӕрхон кӕныны бар, уымӕн ӕмӕ Уый Адӕймаджы Фырт у.

28 Ууыл дис ма кӕнут. Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ингӕнты чи ис, уыдон сеппӕт дӕр фехъусдзысты Йӕ хъӕлӕс,5:28 1 Кор. 15:52.

29 Ӕмӕ хӕрзгӕнджытӕ райгас уыдзысты цӕрынмӕ, фыдгӕнджытӕ та – ӕфхӕрд баййафынмӕ.5:29 Мф. 25:46; Ӕрг. 14:11.

30 Ӕз Мӕхӕдӕг ницы кӕнын фӕразын. Куыд загъд Мын у, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз тырнын, Мӕхи цы фӕнды, уымӕ нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уымӕ.5:30 Мф. 26:39.

Йесойы Йӕ Фыд рарвыста

31 Мӕхи тыххӕй Мӕхӕдӕг куы дзурин, уӕд Мӕ ныхас ӕцӕг нӕ уаид.

32 Фӕлӕ Мын ис ӕндӕр Ӕвдисӕн, ӕмӕ Ӕз зонын: Мӕн тыххӕй цы зӕгъы, уый ӕцӕг у.5:32 Мф. 3:17.

33 Сымах арвыстат Иоаннмӕ, ӕмӕ уый загъта ӕцӕгады тыххӕй.5:33 Ин. 1:19.

34 Ӕниу, Мӕн адӕймаджы ӕвдисӕнады сӕр нӕ хъӕуы, фӕлӕ йӕ уый тыххӕй зӕгъын, цӕмӕй фервӕзат.

35 Иоанн уыди цырагъ – сыгъди ӕмӕ рухс кодта, сымах та ӕрмӕст иуцасдӕр фӕндыд йӕ рухсмӕ цин кӕнын.

36 Иоанн Мӕн тыххӕй цы загъта, уымӕй та Ме ’вдисӕйнаг тыхджындӕр у. Уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ Фыд цы хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста, Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕ аразын, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Мӕ Фыд Мӕ кӕй рарвыста, уымӕн.5:36 Ин. 10:25.

37 Мӕ рарвитӕг Фыд Йӕхӕдӕг загъта Мӕн тыххӕй. Сымах та Йын Йӕ хъӕлӕс дӕр никуы фехъуыстат, ӕмӕ Йын Йӕ цӕсгом дӕр нӕ федтат,5:37 Мф. 3:17.

38 Ӕмӕ Йӕ ныхас уӕ зӕрдӕты нӕй, уымӕн ӕмӕ Кӕй рарвыста, Ууыл не ’ууӕндут.

39 Лӕмбынӕг раиртасут Сыгъдӕг Фыст, уымӕн ӕмӕ сымах ӕууӕндут йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсыныл, уый та Мӕныл дзурӕг у.

40 Уӕддӕр уӕ нӕ фӕнды Мӕнмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ мыггагмӕйы цард райсын.5:40 Ин. 1:11; 3:19.

41 Мӕн адӕмӕй кад нӕ хъӕуы,

42 Фӕлӕ уӕ зонын: сымах Хуыцауы нӕ уарзут.

43 Ӕз Мӕ Фыды номӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ Мыл не ’ууӕндут, фӕлӕ ӕндӕр исчи куы ӕрцӕуа йӕхи номӕй, уӕд ыл баууӕнддзыстут.

44 Кӕд кӕрӕдзийӕ кадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, иунӕг Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕ та нӕ тырнут, уӕд куыд хъуамӕ баууӕндат?5:44 Ин. 12:43.

45 Афтӕ ма банхъӕлут, ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ Фыды раз зылын кӕндзынӕн. Ныфсджын кӕмӕй стут, уыцы Моисей у уӕ зылынгӕнӕг.

46 Сымах Моисейыл куы ӕууӕндиккат, уӕд Мӕныл дӕр баууӕндиккат, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн тыххӕй фыста.

47 Ӕмӕ кӕд Моисей цы ныффыста, ууыл не ’ууӕндут, уӕд Мӕ ныхӕстыл куыд баууӕнддзыстут?»

6

Йесо бафсӕста фондз мин лӕджы

1 Уый фӕстӕ Йесо ацыд Галилейы, ома, Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.

2 Йӕ фӕдыл ацыд бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ федтой, рынчынты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ кӕй равдыста, уыцы диссӕгтӕ.

3 Йесо схызт хохмӕ ӕмӕ уым бадт Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ.

4 Ӕрхӕстӕг Куадзӕн, иудейаг бӕрӕгбон.

5 Йесо ракаст, ӕмӕ йӕм бирӕ адӕм кӕй цыди, уый куы федта, уӕд Филиппӕн загъта: «Сӕ бафсадынӕн кӕрдзын кӕм балхӕнӕм?»6:5 Мф. 14:16; Мк. 6:35; Лк. 9:12.

6 Афтӕ дзырдта Филиппы бафӕлварыны тыххӕй. Йӕхӕдӕг та ныридӕгӕн зыдта, цы бакӕндзӕн, уый.

7 Филипп Ын дзуапп радта: «Цӕмӕй сӕ фӕйнӕ къӕбӕры фӕуа, уый тыххӕй дыууӕсӕдӕ динары аргъ кӕрдзын дӕр не сфаг уыдзӕн».

8 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын иу, Симон Петры ӕфсымӕр Андрей, загъта:

9 «Ам иу лӕппумӕ ис хъӕбӕрхоры фондз кӕрдзыны ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уый цы фаг у утӕппӕт адӕмӕн?»

10 Йесо загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут». Уыцы ран уыди бирӕ кӕрдӕг. Ӕмӕ адӕм ӕрбадтысты; нӕлгоймӕгтӕ уыдысты фондз мины бӕрц.

11 Йесо райста кӕрдзынтӕ, арфӕ ракодта ӕмӕ сӕ байуӕрста, бадгӕ чи кодта, уыдоныл. Кӕсаг дӕр сын радта, кӕй цас хъуыди, уыйбӕрц+ 6:11 Фӕстӕдӕры къухфыстыты ацы бынат у афтӕ: |iЙесо райста кӕрдзынтӕ, арфӕ ракодта ӕмӕ сӕ радта ахуыргӕнинӕгтӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ та сӕ байуӕрстой, бадгӕ чи кодта, уыдоныл; кӕсаг дӕр сын радтой, кӕй цас хъуыди, уыйбӕрц.|r.

12 Адӕм куы бафсӕстысты, уӕд Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, куыд ницы дзы фесӕфа, афтӕ».

13 Ӕрӕмбырд сӕ кодтой, ӕмӕ хъӕбӕрхоры фондз кӕрдзынӕй цы баззад, уыдонӕй байдзаг кодтой дыууадӕс чыргъӕды – чи хордта, уыдоны уӕлдӕйттӕ.

14 Йесо цы диссаг скодта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: «Дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, ай ӕцӕг уыцы Пехуымпар у».6:14 Мф. 11:3.

15 Адӕм ӕрбацӕуынмӕ ӕмӕ Йӕ тыххӕй паддзахӕй сӕвӕрынмӕ кӕй хъавынц, Йесо уый куы базыдта, уӕд та иунӕгӕй ацыд хохмӕ.

Йесо къахӕй цӕуы денджызыл

16 Куы баизӕр, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ныццыдысты денджызмӕ,

17 Сбадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ араст сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Капернауммӕ. Баталынг, Йесо зынӕг та нӕма уыд.6:17 Мф. 14:22; Мк. 6:47.

18 Дымдта тыхджын дымгӕ ӕмӕ денджыз фӕйлыдта.

19 Фондз ӕмӕ ссӕдз – дӕс ӕмӕ ссӕдз стадийы+ 6:19 |i25-30 стадийы|r – 5-6 километры бӕрц. бӕрц куы ацыдысты, уӕд Йесойы федтой денджызыл къахӕй цӕугӕ, бӕлӕгъмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕргӕнгӕ, ӕмӕ фӕтарстысты.

20 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уый Ӕз дӕн, ма тӕрсут».

21 Фӕндыди сӕ Уый бӕлӕгъы сбадын кӕнын, фӕлӕ бӕлӕгъ уайтӕккӕ бахӕццӕ, цы былмӕ цыдысты, уырдӕм.

Царды дзул

22 Денджызы иннӕ былыл цы адӕм баззад, уыдонӕн дыккаг бон сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, знон былыл иунӕг бӕлӕгъ кӕй уыди, уый. Уыдон зыдтой: Йесо ахуыргӕнинӕгтимӕ не сбадти уыцы бӕлӕгъы – иунӕгӕй ацыдысты.

23 Уалынмӕ Тивериадӕйӕ ӕрцӕуӕг ӕндӕр бӕлӕгътӕ хӕстӕг бацыдысты, Хицауы арфӕйы куывды фӕстӕ адӕм кӕрдзын кӕм хордтой, уыцы бынатмӕ.

24 Нӕдӕр Йесо, нӕдӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ам кӕй не сты, уый адӕм куы федтой, уӕд сбадтысты бӕлӕгъты ӕмӕ Йесойы агурӕг бахӕццӕ сты Капернауммӕ.

25 Ӕмӕ Йӕ денджызы фаллаг фарс куы ссардтой, уӕд Ын загътой: «Равви, кӕд ӕрбацыдтӕ ардӕм?»

26 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: диссӕгтӕ кӕй федтат, уый тыххӕй Мӕ нӕ агурут, фӕлӕ кӕрдзын кӕй бахордтат ӕмӕ кӕй бафсӕстыстут, уый тыххӕй.

27 Фесӕфӕн цы хойрагӕн ис, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй, мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уыцы хойраг уын ратдзӕн Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд-Хуыцау радта».6:27 Мф. 3:17; Ин. 1:32; 10:36.

28 Уӕд Ын загътой: «Нӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн фӕндон куыд уой, уый тыххӕй нын цы гӕнгӕ у?»

29 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцау Кӕй рарвыста, Ууыл ӕууӕндын – гъе уый у Хуыцауӕн фӕндон хъуыддаг».6:29 Ин. 17:3; 1 Ин. 3:23.

30 Уӕд Ын загътой: «Цавӕр диссаг нын равдисдзынӕ, цӕмӕй йӕ фенӕм ӕмӕ Дыл баууӕндӕм? Дӕ бон цы бакӕнын у?

31 Нӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы маннӕ хордтой, фыст куыд у, афтӕ: „Уӕларвӕй сын радта дзул хӕрынӕн"».6:31 1 Кор. 10:3.

32 Йесо сын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: уӕларвӕй уын дзул Моисей нӕ радта, фӕлӕ уын уӕларвӕй Мӕ Фыд дӕтты ӕцӕг дзул.

33 Уымӕн ӕмӕ уӕларвӕй чи ӕрцӕуы ӕмӕ дунейӕн цард чи дӕтты, уый у Хуыцауы дзул».

34 Уӕд Ын загътой: «Хицау, дӕтт нын кӕддӕриддӕр уыцы дзул».

35 Йесо сын загъта: «Ӕз дӕн царды дзул. Мӕнмӕ ӕрцӕуӕг нал сыстонг уыдзӕн, ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг мыггагмӕ дӕр нал сдойны уыдзӕн.6:35 Ин. 4:14; 7:37.

36 Фӕлӕ уын раздӕр куыд загътон, афтӕ Мӕ кӕд федтат, уӕддӕр не ’ууӕндут.

37 Мӕ Фыд Мын кӕй дӕтты, уый Мӕнмӕ ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Мӕнмӕ ӕрцӕуӕджы нӕ фӕтӕрдзынӕн.

38 Уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн, Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ.6:38 Мф. 26:39; Ин. 8:29.

39 Мӕ Рарвитӕгӕн та фӕндон у, цӕмӕй Уый Мӕнӕн кӕй радта, уыдонӕй Ӕз макӕй фесафон, фӕлӕ сеппӕты дӕр райгас кӕнон фӕстаг бон.6:39 Ин. 10:28.

40 Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды фӕнды, Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уымӕн мыггагмӕйы цард куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн».

41 Уӕд Ыл иудейтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын, «Ӕз уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул дӕн» кӕй загъта, уый тыххӕй.

42 Уыдон дзырдтой: «Ай Иосифы фырт Йесо нӕу, мыййаг? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ Мады дӕр куы зонӕм, уӕд Уый куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн"?»6:42 Мф. 13:55.

43 Йесо сын дзуапп радта: «Ма хъуыр-хъуыр кӕнут.

44 Мӕнмӕ ӕрцӕуын никӕй бон у, Мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы нӕ ӕркӕна, уӕд. Ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн.

45 Пехуымпартӕм фыст у: „Ӕмӕ Хуыцау сеппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн". Фыдӕй чи фехъусы ӕмӕ Фыд кӕй сахуыр кӕны, уый ӕрцӕуы Мӕнмӕ.

46 Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ Фыды исчи федта. Хуыцауӕй Чи у, Фыды ӕрмӕстдӕр Уый федта.6:46 Мф. 11:27.

47 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕныл ӕууӕндӕгӕн ис мыггагмӕйы цард.

48 Ӕз дӕн царды дзул.

49 Уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы маннӕ хордтой, уӕддӕр амардысты.6:49 Ин. 6:31.

50 Уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул та ахӕм у, ӕмӕ дзы чи хӕра, уымӕн мӕлӕт нӕ уыдзӕн.

51 Ӕз дӕн уӕларвӕй ӕрцӕуӕг царддӕттӕг дзул. Уыцы дзул чи хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ. Ӕз цы дзул ратдзынӕн, уый та у, дунейы царды сӕраппонд нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзынӕн, Мӕ уыцы Буар».

52 Уӕд иудейтӕ кӕрӕдзиимӕ райдыдтой быцӕу кӕнын: «Ай нын Йӕ Буар куыд ратдзӕн хӕрынмӕ?»

53 Йесо сын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Адӕймаджы Фырты Буар куы нӕ хӕрат ӕмӕ Йын Йӕ Тугӕй куы нӕ нуазат, уӕд уӕм цард нӕ уыдзӕн.6:53 Мф. 26:26.

54 Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уымӕн ис мыггагмӕйы цард, ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн.

55 Уымӕн ӕмӕ Мӕ Буар у ӕцӕг хойраг, Мӕ Туг та – ӕцӕг нозт.

56 Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уый баиу Мемӕ ӕмӕ Ӕз баиу дӕн йемӕ.

57 Мӕн цардӕгас Фыд куыд рарвыста ӕмӕ Ӕз Фыды лӕвӕрд цардӕй куыд цӕрын, афтӕ Мӕн чи хӕры, уый дӕр цӕрдзӕн Мӕ лӕвӕрд цардӕй.

58 Ахӕм у уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул. Уӕ фыдӕлтӕ хордтой маннӕ ӕмӕ амардысты; ацы дзул та ахӕм нӕу – чи йӕ хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ».

59 Йесо афтӕ дзырдта, Капернаумы синагогӕйы куы амыдта, уӕд.

Ахуыргӕнинӕгтӕ ныууагътой Йесойы

60 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд дзырдтой: «Цы ӕнахуыр ныхас кӕны! Уыдӕттӕ хъусын кӕй бон у?»

61 Ахуыргӕнинӕгтӕ ууыл кӕй хъуыр-хъуыр кодтой, Йесо уый ӕнӕ зӕгъгӕйӕ дӕр зыдта ӕмӕ сын загъта: «Уый уӕ къуылымпы кӕны?

62 Адӕймаджы Фырт раздӕр кӕм уыд, уырдӕм Ӕй ссӕугӕ куы фенат, уӕд та?6:62 Мф. 26:64; Ин. 3:13; Эф. 4:8.

63 Хуыцауы Уд цард дӕтты, адӕймаг та ӕдых у. Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдоны царддӕттӕг Уды хъару ис.6:63 Ром. 8:2; 2 Кор. 3:6.

64 Фӕлӕ сымахӕй иуӕй-иутӕ не ’ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, Чи Йыл не ’ууӕнды, уыдоны, стӕй Йыл гадзрахатӕй чи рацӕудзӕн, уый дӕр.6:64 Мк. 2:8; Ин. 2:24.

65 Йесо дарддӕр загъта: «Гъе, Ӕз уын уый тыххӕй дзырдтон, Мӕнмӕ ӕрцӕуын никӕй бон у, зӕгъгӕ, Мӕ Фыдӕй йын лӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд».6:65 Ин. 3:27.

66 Уый фӕстӕ Йӕ ныууагътой Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ ӕмӕ нал цыдысты Йемӕ.

67 Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта дыууадӕсӕн: «Сымах дӕр фӕнды Мӕ ныууадзын?»

68 Симон Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ фӕцӕуӕм? Дӕумӕ сты мыггагмӕйы цард дӕттӕг ныхӕстӕ.

69 Мах бауырныдта ӕмӕ базыдтам, Ды Хуыцауы Сыгъдӕг кӕй дӕ, уый+ 6:69 Фӕстӕдӕры къухфыстыты ацы бынат у афтӕ: |iМах бауырныдта ӕмӕ базыдтам, Ды Чырысти кӕй дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт|r.».6:69 Мф. 16:16; Мк. 8:29; Лк. 9:20.

70 Йесо сын дзуапп радта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ сӕвзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».6:70 Лк. 6:13.

71 Йесо афтӕ загъта Симон Искариоты фырт Иудӕйы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Иудӕ Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу уыдис, фӕлӕ Йыл фӕстӕдӕр рацыд гадзрахатӕй.

7

Йесо ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ

1 Уый фӕстӕ Йесо зылди Галилейыл, Иудейӕйыл цӕуын та Йӕ нӕ фӕндыд, уымӕн ӕмӕ Йӕ иудейтӕ агуырдтой амарынмӕ.

2 Ӕрхӕстӕг иудейаг бӕрӕгбон – Халагъудты бӕрӕгбон+ 7:2 |iХалагъудты бӕрӕгбон|r бӕрӕггонд цыди фӕззӕджы, тыллӕг бафснайыны фӕстӕ. Бӕрӕгбоны рӕстӕг (авд боны) дзуттӕгтӕ хъуамӕ цардаиккой бӕлӕсты къалиутӕй арӕзт халагъудты, Моисейы заман сӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы халагъудты кӕй цардысты, уый мысынӕн..

3 Уӕд Йесойӕн Йе ’фсымӕртӕ загътой: «Араст у ардыгӕй ӕмӕ ацу Иудейӕмӕ; уадз ӕмӕ Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр феной, Ды цы хъуыддӕгтӕ кӕныс, уый.

4 Зындгонд уӕвын кӕй фӕнды, уый сусӕгӕй ницы аразы. Кӕд Ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс, уӕд Дӕхи равдис дунемӕ».

5 Суанг Ыл Йе ’фсымӕртӕ дӕр не ’ууӕндыдысты.

6 Йесо сын загъта: «Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд, сымахӕн та алы афон дӕр бӕззы.

7 Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейы бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕвдисӕн лӕууын, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.7:7 Ин. 3:19.

8 Сымах ацӕут ацы бӕрӕгбонмӕ, Ӕз та ацы бӕрӕгбонмӕ нӕ цӕуын, уымӕн ӕмӕ Мӕ рӕстӕг нӕма ралӕууыд».

9 Йесо сын загъта уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ баззад Галилейы.

Йесо ӕрбацыд Халагъудты бӕрӕгбонмӕ

10 Фӕлӕ Йе ’фсымӕртӕ куы ацыдысты, уӕд Уый дӕр ацыд бӕрӕгбонмӕ, ӕрмӕст ӕргомӕй нӕ, фӕлӕ Йӕ куыд ничи базыдтаид, афтӕ.

11 Иудейтӕ та Йӕ агуырдтой бӕрӕгбоны ӕмӕ фарстой: «Кӕм ис уыцы Адӕймаг?»

12 Йесойы тыххӕй адӕм сусӕгӕй кодтой алы ныхас. Иутӕ дзырдтой: «Уый хорз адӕймаг у». Иннӕтӕ та дзырдтой: «Нӕ, Уый адӕмыл сайдӕй цӕуы».7:12 Ин. 9:16.

13 Ӕниу, иудейтӕй кӕй тарстысты, уымӕ гӕсгӕ Йесойы тыххӕй ӕргомӕй ничи ницы дзырдта.7:13 Ин. 12:42.

14 Бӕрӕгбон йе ’мбисыл куы уыд, уӕд Йесо бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ амыдта.

15 Иудейтӕ дисы ӕфтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Куы никӕм ахуыр кодта, уӕд Сыгъдӕг Фыст куыд зоны?»

16 Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ ахуырад Мӕнӕй нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгӕй у.7:16 Ин. 8:28; 12:49; 14:24.

17 Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый базондзӕн, ацы ахуырад Хуыцауӕй у, ӕви Ӕз Мӕхи номӕй дзурын.7:17 Ин. 8:47.

18 Йӕхи номӕй дзурӕг йӕхи кадмӕ бӕллы. Йӕ Рарвитӕджы кадмӕ Чи бӕллы, Ууыл ис ӕууӕндӕн – мӕнгдзинад Ӕм нӕй.

19 Моисей уын Ӕгъдау нӕ радта, ӕви? Ӕмӕ уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сымахӕй ничи цӕры. Цӕй тыххӕй Мӕ хъавут амарынмӕ?»7:19 Ин. 5:18.

20 Адӕм Ын уый фӕдыл загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?»

21 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз иу хъуыддаг бакодтон, ӕмӕ сымах уеппӕт дӕр дисы бафтыдыстут.

22 Моисей уын радта сунӕты ӕгъдау, ӕниу, уый Моисейӕ нӕ, фӕлӕ уӕ рагфыдӕлтӕй баззад, ӕмӕ сабаты сунӕт кӕнут адӕймагӕн.

23 Кӕд Моисейы Ӕгъдау нӕ фехалыны сӕраппонд адӕймагӕн сабаты скӕнынц сунӕт, уӕд Ӕз сабаты рынчыны къахӕй-къухмӕ кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм смӕсты стут?

24 Уӕ тӕрхон уӕлӕнгай ма уӕд, фӕлӕ-иу скӕнут ӕнӕхӕрам тӕрхон».

Чи у Йесо?

25 Уӕд иерусалимӕгтӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой: «Марынмӕ кӕй агурынц, ай Уый нӕу?

26 Мӕнӕ ныхас кӕны ӕргомӕй, ӕмӕ Йын ничи ницы зӕгъы. Кӕд, мыййаг, хицӕуттӕ ӕцӕгдӕр базыдтой, Чырысти кӕй у, уый?

27 Фӕлӕ кӕцон у, уый мах зонӕм. Чырысти та куы ӕрцӕуа, уӕд, кӕцӕй у, уый ничи зондзӕн».7:27 Мф. 13:55.

28 Йесо Кувӕндоны куы амыдта, уӕд хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Зонут Мӕ, стӕй кӕцӕй дӕн, уый дӕр зонут. Ӕз Мӕхи номӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгыл ис ӕууӕндӕн. Сымах Ӕй нӕ зонут,7:28 Ин. 8:42.

29 Ӕз та Йӕ зонын, уымӕн ӕмӕ Ӕз Уымӕй дӕн ӕмӕ Мӕ Уый рарвыста».

30 Уӕд Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух батасыд, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.7:30 Ин. 8:20.

31 Адӕмӕй та Йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Цымӕ Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд, ацы Адӕймаг цы диссӕгтӕ равдыста, уыдонӕй фылдӕр равдисдзӕн?»7:31 Ин. 8:30.

32 Адӕм Йесойы тыххӕй афтӕ кӕй сусу-бусу кӕнынц, уый фехъуыстой фарисейтӕ. Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ арвыстой Кувӕндон хъахъхъӕнджыты Йе ’рцахсынмӕ.

33 Йесо загъта: «Бирӕ нал уыдзынӕн уемӕ – Мӕ Рарвитӕгмӕ цӕуын.

34 Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут. Ӕз кӕм уон, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».7:34 Ин. 13:33.

35 Иудейтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Мах Ӕй кӕм не ссарӕм, ахӕм ранмӕ кӕдӕм ацӕудзӕн? Бердзенты ӕхсӕн дзуттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм цӕуыны ӕмӕ бердзенты ахуыр кӕныны фӕнд Ӕм нӕй, ӕви?

36 Цы ныхӕстӕ загъта, уыдон цы амонынц: „Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут", ӕмӕ „Ӕз кӕм уон, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн"?»

Йесо зӕгъы Сыгъдӕг Уды тыххӕй

37 Бӕрӕгбоны фӕстаг ӕмӕ тӕккӕ ахсджиагдӕр бон Йесо сыстад ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Дойны кӕмӕн у, уый Мӕм ӕрцӕуӕд ӕмӕ баназӕд.7:37 Ин. 4:14; Ӕрг. 22:17.

38 Сыгъдӕг Фыст куыд амоны, афтӕ Мӕныл ӕууӕндӕджы зӕрдӕйӕ ныггуылф кӕндзысты царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ».

39 Йесо афтӕ загъта, Ууыл ӕууӕндджытӕ Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, уыцы Сыгъдӕг Уды тыххӕй. Уӕд Сыгъдӕг Уды нӕма рарвыстӕуыд, уымӕн ӕмӕ Йесойы намыс нӕма раргом.7:39 Ап. хъ. 2:17, 33.

40 Йесо цы загъта, уый адӕм куы фехъуыстой, уӕд дзы иутӕ дзырдтой: «Уый ӕнӕмӕнг пехуымпар+ 7:40 Ам ныхас цӕуы, уыцы заман иудейтӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы пехуымпарыл. у».7:40 Мф. 26:5.

41 Иннӕтӕ дзырдтой: «Уый Чырысти у». Аннӕтӕ та дзырдтой: «Ӕмӕ Чырысти Галилейӕ ӕрцӕудзӕн?

42 Чырысти Давиды байзӕддагӕй кӕй уыдзӕн, Давид кӕцӕй уыди, Вифлеемы уыцы хъӕуӕй кӕй ӕрцӕудзӕн, Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд нӕу, ӕви?»7:42 Мф. 2:6; Лк. 2:4.

43 Ӕмӕ Йесойы тыххӕй адӕммӕ иу хъуыды нал уыд.7:43 Ин. 9:16.

44 Уыдонӕй Йӕ чидӕртӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух батасыд.

Ӕнӕуырнӕг иудейаг хицӕуттӕ

45 Алчертӕм ӕмӕ фарисейтӕм хъахъхъӕнджытӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд сӕ бафарстой: «Цӕуылнӕ Йӕ ӕркодтат?»

46 Хъахъхъӕнджытӕ дзуапп радтой: «Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма ничи дзырдта».

47 Фарисейтӕ сын загътой: «Ау, сымах дӕр асайдта?

48 Хицӕуттӕй кӕнӕ Йыл фарисейтӕй исчи баууӕндыд?

49 Ацы ӕнӕфенд адӕм та Моисейы Ӕгъдауӕн ницы зонынц, ӕлгъыст сты».

50 Фарисейтӕй иу, кӕддӕр Йесомӕ чи ӕрцыд, уыцы Никодим сын загъта:7:50 Ин. 3:1.

51 «Раздӕр уал ӕм куы нӕ байхъуыстӕуа, цы гӕнӕг у, уый куы нӕ базындӕуа, уӕд афтӕмӕй мах Ӕгъдау тӕрхон кӕны адӕймагӕн?»

52 Уыдон ын загътой: «Ды дӕр Галилейӕ дӕ? Раиртас Фыст ӕмӕ фендзынӕ, Галилейӕ пехуымпар кӕй нӕ уыдзӕн, уый».

53 [Ӕмӕ сеппӕт дӕр ацыдысты сӕ хӕдзӕрттӕм.

8

Хатыр тӕригъӕдджын сылгоймагӕн

1 Йесо та ацыд Елеоны хохмӕ.

2 Райсомӕй раджы ногӕй ӕрцыд Кувӕндонмӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕм цыдысты Уымӕ. Уый ӕрбадт ӕмӕ сын райдыдта амонын.

3 Уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрбакодтой, хӕзгулимӕ кӕй баййӕфтӕуыд, уыцы сылгоймаджы, ӕрлӕууын ӕй кодтой адӕмы раз,

4 Ӕмӕ загътой Йесойӕн: «Ахуыргӕнӕг, ацы сылгоймаджы баййӕфтӕуыд хӕзгулимӕ.

5 Моисей нын Ӕгъдауы ахӕм сылгоймӕгты дуртӕй марын бафӕдзӕхста. Ды та цы зӕгъдзынӕ?»

6 Афтӕ Йӕ ракъахыны тыххӕй фарстой, цӕмӕй Йӕм исты ссарой фӕзылын кӕнынӕн. Йесо та ӕргуыбыр кодта ӕмӕ Йе ’нгуылдзӕй фыста зӕххыл.

7 Фӕлӕ Йӕ куы нал ӕмӕ куы нал уагътой, уӕд сӕм скаст ӕмӕ загъта: «Сымахӕй тӕригъӕды ӕфтыд чи нӕу, уый йыл фыццаг ныццӕвӕд дур».

8 Ӕмӕ та ногӕй ӕргуыбыр кодта ӕмӕ фыста зӕххыл.

9 Уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд уыдонӕн се ’фсарм райдыдта тӕрхон кӕнын ӕмӕ, хистӕртӕй райдайгӕйӕ, иу иннӕйы фӕдыл сӕхи айстой. Уым ма баззад ӕрмӕстдӕр Йесо ӕмӕ сылгоймаг Йӕ разы.

10 Йесо скаст ӕмӕ сылгоймагӕн загъта: «Хорз ус, цы фесты уыцы адӕм? Тӕрхон дын ничи рахаста?»

11 Уый дзуапп радта: «Ничи, ме ’лдар!» Йесо йын загъта: «Ӕз дӕр дын тӕрхон нӕ хӕссын. Ацу ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ тӕригъӕд мауал ракӕн».]

Йесо – дунейӕн рухс

12 Йесо дарддӕр дзырдта адӕмӕн: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕрдзӕн, фӕлӕ йӕм уыдзӕн царды рухс».8:12 Ин. 1:5; 9:5; 1 Ин. 1:5.

13 Уӕд Ын фарисейтӕ загътой: «Дӕхи тыххӕй Дӕхӕдӕг дзурыс, ӕмӕ Дӕ ныхас ӕцӕг нӕу».

14 Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд Мӕхи тыххӕй Мӕхӕдӕг дзурын, уӕддӕр Мӕ ныхас ӕцӕг у, уымӕн ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый Ӕз зонын. Сымах та нӕ зонут, Ӕз кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый.

15 Сымах тӕрхон кӕнут адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ. Ӕз та никӕмӕн тӕрхон кӕнын.

16 Фӕлӕ кӕд Ӕз тӕрхон кӕнын, уӕддӕр Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн – Мӕ рарвитӕг Фыд Мемӕ ис.

17 Ӕмӕ уӕ Ӕгъдауы дӕр фыст ис, дыууӕ адӕймаджы ӕвдисӕнад раст у, зӕгъгӕ.8:17 Мф. 18:16; Дзут. 10:28.

18 Ӕз дзурын Мӕхи тыххӕй, Мӕн тыххӕй зӕгъы Мӕ рарвитӕг Фыд дӕр».

19 Уӕд Ӕй бафарстой: «Кӕм ис Дӕ Фыд?» Йесо дзуапп радта: «Сымах нӕдӕр Мӕн зонут, нӕдӕр Мӕ Фыды. Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат».

20 Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнавӕрӕны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.

21 Йесо сын ногӕй загъта: «Ӕз цӕуын, агурдзыстут Мӕ, фӕлӕ амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдимӕ. Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».8:21 Ин. 13:33.

22 Уӕд иудейтӕ дзырдтой: «Ау, Йӕхи амардзӕн, афтӕ куы зӕгъы: „Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн"?»

23 Йесо сын загъта: «Сымах дӕллӕгтӕй стут, Ӕз та – уӕллӕгтӕй. Сымах ацы дунейӕ стут, Ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн.8:23 Ин. 3:31; Кол. 3:1.

24 Гъе, Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдтимӕ, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН+ 8:24 |iӔЗ ДӔН|r (стӕй 8:28, 58; 13:19), дзуттагау «Эхйе» – Хуыцауы ном, ӕргомгонд ӕрцыди Моисейӕн (Рац. 3:13-14). Уый амоны, иу Хуыцауы йеддӕмӕ кӕй нӕй ӕндӕр Хуыцау; нӕй Йын райдайӕн ӕмӕ кӕрон, Йӕ ӕрдзыхъӕд нӕ ивы, алкӕмӕн дӕр царддӕттӕг у. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзырд «Эхйе»-йӕ рацыди Хуыцауы ном, дзуттагау «ЙХВХ» кӕй фыстой, уый (дзургӕ та йӕ, ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ, кодтой «Йахве»; фӕстӕдӕр ӕй Европӕйы ахуыргӕндтӕ рӕдыдӕй дзурын райдыдтой «Иегъова»)., ӕмӕ ууыл куы нӕ баууӕндат, уӕд амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдтимӕ».

25 Уӕд Ӕй бафарстой: «Ды чи дӕ?» Йесо сын загъта: «Ӕз Чи дӕн, уый тыххӕй уын райдианӕй дзурын.

26 Мӕ бон у сымах тыххӕй бирӕ зӕгъын ӕмӕ уын тӕрхон кӕнын. Фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгыл ис ӕууӕндӕн, ӕмӕ Ӕз Уымӕй цы фехъуыстон, ӕрмӕст уый дзурын дунейӕн».

27 Йесо сын Йӕ Фыды тыххӕй кӕй дзырдта, уый нӕ бамбӕрстой.

28 Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: ӔЗ ДӔН, Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый.8:28 Ин. 7:16; 12:32.

29 Мӕ Рарвитӕг Мемӕ ис, иунӕгӕй Мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон цы у, Ӕз кӕддӕриддӕр уый кӕнын».

30 Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд Ыл бирӕтӕ баууӕндыдысты.

Ӕцӕг сӕрибардзинад

31 Уӕд Ыл цы иудейтӕ баууӕндыд, уыдонӕн Йесо загъта: «Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕцӕг Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут,

32 Ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕн».8:32 Ром. 6:14.

33 Йесойӕн загътой: «Мах Авраамы байзӕддаг стӕм ӕмӕ цагъартӕ никуы никӕмӕн уыдыстӕм. Уӕд Ды куыд зӕгъыс: „Ссӕрибар уыдзыстут"?»

34 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: тӕригъӕды чи ӕфты, уый тӕригъӕды цагъар у.

35 Цагъар йӕ хицауы хӕдзары мыггагмӕ нӕ цӕры, фырт дзы цӕры мыггагмӕ.

36 Уӕдӕ Фырт сымах куы ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар.

37 Ӕз зонын, Авраамы байзӕддаг кӕй стут, уый. Уӕддӕр Мӕ хъавут амарынмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕм Мӕ дзырд нӕ хъары.

38 Ӕз Мӕ Фыдмӕ цы федтон, уый дзурын. Сымах дӕр уӕ фыдӕй цы фехъуыстат, уый кӕнут».

39 Дзуапп Ын радтой: «Нӕ фыд Авраам у». Йесо сын загъта: «Сымах Авраамы цот куы уаиккат, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕниккат.8:39 Ром. 4:16.

40 Сымах та Мӕн, Хуыцауӕй ӕцӕгад фехъусӕг ӕмӕ уын ӕй радзурӕг Адӕймаджы, амарынмӕ хъавут. Авраам афтӕ нӕ кодта.

41 Сымах уӕ фыды хъуыддӕгтӕ нӕ уадзут». Уӕд Ын загътой: «Мах дзӕгъӕлзад не стӕм. Иу Фыд нын ис – Хуыцау».

42 Йесо сын загъта: «Хуыцау уӕ Фыд куы уаид, уӕд Мӕ уарзиккат, уымӕн ӕмӕ Ӕз Хуыцауӕй рацӕугӕ дӕн ӕмӕ ардӕм ӕрцыдтӕн. Ӕз Мӕхи номӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ Мӕ Уый рарвыста.

43 Ӕз цы зӕгъын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут? Уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхасмӕ хъусын нӕ фӕразут.

44 Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй лӕгмар уыди, ӕцӕгад ӕм нымады дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕм ӕцӕгад нӕй. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон фӕкӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгарддзинады фыд.8:44 1 Ин. 3:8.

45 Ӕз та ӕцӕг кӕй зӕгъын, уый тыххӕй Мыл не ’ууӕндут.

46 Сымахӕй Мын Мӕ цӕстмӕ тӕригъӕд чи бадардзӕн? Фӕлӕ кӕд Ӕз ӕцӕг зӕгъын, уӕд Мыл цӕуылнӕ ӕууӕндут?

47 Хуыцауӕй чи у, уый Хуыцауы ныхӕстӕм хъусы. Сымах та Хуыцауӕй кӕй не стут, уый тыххӕй нӕ хъусут».8:47 Ин. 10:27; 1 Ин. 4:6.

«ӔЗ ДӔН»

48 Иудейтӕ Йын загътой: «Ды самариаг ӕмӕ хӕйрӕджджын кӕй дӕ, уымӕй раст нӕ зӕгъӕм, ӕви?»

49 Йесо дзуапп радта: «Ӕз хӕйрӕджджын нӕ дӕн, фӕлӕ Мӕ Фыды нымайын, сымах та Мӕ ӕгад кӕнут.

50 Фӕлӕ Ӕз Мӕхицӕн намысмӕ нӕ тырнын. Ис Мӕнӕн намысмӕ Тырнӕг – Уый тӕрхонгӕнӕг у.

51 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕ ныхас чи сӕххӕст кӕна, уый мыггагмӕ дӕр мӕлӕт нӕ фендзӕн».

52 Иудейтӕ Йын загътой: «Ныр мах зонӕм, Ды хӕйрӕджджын кӕй дӕ, уый. Авраам дӕр ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр амардысты, Ды та зӕгъыс: „Мӕ ныхас чи сӕххӕст кӕна, уый мыггагмӕ дӕр мӕлӕт нӕ фендзӕн".

53 Ау, нӕ фыдӕл Авраам дӕр ма куы амард, уӕд Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ? Ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр куы амардысты. Дӕхицӕй цы аразыс?»

54 Йесо дзуапп радта: «Кӕд Мӕхӕдӕг Мӕхицӕн дӕн намысгӕнӕг, уӕд Мӕ намыс ницы у. Сымах уӕ Хуыцау Кӕй хонут, Мӕнӕн Мӕ уыцы Фыд у намысгӕнӕг.

55 Сымах Ӕй нӕ базыдтат, Ӕз та Йӕ зонын. Ӕмӕ Йӕ нӕ зонын, зӕгъгӕ, куы зӕгъон, уӕд сымахау фӕлитой уыдзынӕн. Фӕлӕ Йӕ Ӕз зонын ӕмӕ ӕххӕст кӕнын Йӕ дзырд.

56 Уӕ фыдӕл Авраам цин кодта, Ме ’рцыды бон кӕй фендзӕн, ууыл. Федта йӕ, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс».

57 Уӕд Ын иудейтӕ загътой: «Дӕуыл дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы дӕр куы нӕма цӕуы, уӕд Авраамы федтай?»

58 Йесо сын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Авраамы райгуырды размӕ дӕр ӔЗ ДӔН».

59 Уӕд систой дуртӕ, куыд Ыл сӕ ныццӕвой, афтӕ. Фӕлӕ Йесо фӕаууон ӕмӕ рацыд Кувӕндонӕй+ 8:59 Фӕстӕдӕры къухфыстыты ацы бынат у афтӕ: |iФӕлӕ Йесо фӕаууон, аивгъуыдта се ’хсӕнты, рацыд Кувӕндонӕй ӕмӕ афтӕмӕй аирвӕзт.|r.

9

Ӕрдзӕй куырм цӕстӕй ракаст

1 Йесо фӕцӕйцыд ӕмӕ федта ӕрдзӕй куырм адӕймаджы.

2 Йесойы Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Равви, тӕригъӕд чи ракодта? Йӕхи ӕви йӕ ныййарджыты тӕригъӕды аххосӕй у ӕрдзӕй куырм?»

3 Йесо дзуапп радта: «Нӕдӕр йӕхӕдӕг тӕригъӕд ракодта, нӕдӕр йӕ ныййарджытӕ, фӕлӕ куырм у Хуыцауы хъару йыл равдисыны тыххӕй.

4 Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ Мӕ Рарвитӕджы хъуыддӕгтӕ хъуамӕ аразон. Ӕрцӕуы ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн.9:4 Ин. 4:34; 12:35.

5 Цалынмӕ Ӕз дунейы дӕн, уӕдмӕ Ӕз дунейӕн рухс дӕн».9:5 Ин. 1:5; 8:12.

6 Афтӕ зӕгъыны фӕстӕ ату кодта зӕхмӕ, сызмӕста дзы сыджыт, змӕстӕй байсӕрста куырмы цӕстытӕ9:6 Ин. 11:37.

7 Ӕмӕ йын загъта: «Ацу, цӕхс дӕ цӕсгом Силоамы найӕны». («Силоам» тӕлмацгондӕй амоны «Минӕвар».) Уый ацыд, цӕхсадта дзы йӕхи, ракаст йӕ цӕстытӕй ӕмӕ ацыд сӕхимӕ.

8 Йӕ сыхӕгтӕ, стӕй йӕ раздӕр мӕгуыргурӕй чи уыдта, уыдон дзырдтой: «Мӕгуыргурӕй чи бадти, уый нӕу, ӕви?»

9 Иннӕтӕ дзырдтой: «Уый у». Аннӕтӕ та: «Нӕу, фӕлӕ уый хуызӕн у». Йӕхӕдӕг та дзырдта: «Уый ӕз дӕн».

10 Уӕд ӕй бафарстой: «Куыд ракастӕ дӕ цӕстытӕй?»

11 Уый дзуапп радта: «Йесо Чи хуыйны, Уый сызмӕста сыджыт, байсӕрста мын дзы мӕ цӕстытӕ ӕмӕ мын загъта: „Ацу Силоамы найӕнмӕ ӕмӕ дӕхи цӕхс". Ӕз ацыдтӕн, мӕхи цӕхсадтон ӕмӕ мӕ цӕстытӕй ракастӕн».

12 Уӕд ын загътой: «Кӕм ис уыцы Адӕймаг?» Уый сын дзуапп радта: «Нӕ зонын».

Фарисейтӕ иртасынц хъуыддаг

13 Уӕд раздӕры куырмы акодтой фарисейтӕм.

14 Йесо сыджыт куы сызмӕста ӕмӕ йын дзы йӕ цӕстытӕ куы байсӕрста, уӕд сабат уыд.

15 Йӕ цӕстытӕй куыд ракаст, уымӕй йӕ фарисейтӕ дӕр бафарстой. Уый сын загъта: «Уыцы Адӕймаг мын сыджыты змӕст ӕрӕвӕрдта мӕ цӕстытыл, ӕз мӕхи цӕхсадтон ӕмӕ райдыдтон уынын».

16 Уӕд фарисейтӕй иуӕй-иутӕ загътой: «Уыцы Адӕймаг Хуыцауӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ халы сабаты ӕгъдау». Иннӕтӕ дзырдтой: «Тӕригъӕдджын адӕймаджы бон ахӕм диссӕгтӕ кӕнын куыд у?» Ӕмӕ сӕм иу хъуыды нал уыд.9:16 Ин. 7:43.

17 Уӕд та ногӕй загътой куырмӕн: «Ды та уыцы Адӕймаджы тыххӕй цы зӕгъдзынӕ? Дӕ цӕстытӕй дӕ куы ракӕсын кодта». Дзуапп сын радта: «Уый пехуымпар у».9:17 Лк. 7:16; Ин. 4:19.

18 Куырм кӕй уыд ӕмӕ йӕ цӕстӕй кӕй ракаст, уый иудейты уӕддӕр нӕ уырныдта. Уымӕ гӕсгӕ йын басидтысты йӕ ныййарджытӕм,

19 Ӕмӕ сӕ бафарстой: «Ӕрдзӕй куырм у, зӕгъгӕ, кӕмӕй зӕгъут, ай уӕ уыцы фырт нӕу? Ныр цӕстӕй куыд ракаст?»

20 Йӕ ныййарджытӕ сын дзуапп радтой: «Ай нӕ фырт кӕй у, ӕмӕ ӕрдзӕй куырм кӕй рахаста, уый зонӕм.

21 Ныр цӕстӕй куыд ракаст ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ чи байгом кодта, уый та нӕ зонӕм. Йӕхи йын бафӕрсут, сывӕллон нал у, йӕхӕдӕг зӕгъӕд йӕхи тыххӕй».

22 Йӕ ныййарджытӕ иудейтӕй кӕй тарстысты, уымӕ гӕсгӕ радтой ахӕм дзуапп. Уымӕн ӕмӕ иудейтӕн сӕ уынаффӕ уыд, Йесойы ӕргомӕй Чырыстийыл чи банымайа, уый синагогӕйӕ ацух кӕнын.9:22 Ин. 12:42.

23 Уымӕ гӕсгӕ йӕ ныййарджытӕ загътой: «Сывӕллон нал у, йӕхи йын бафӕрсут».

24 Дыккаг хатт дӕр фӕдзырдтой, раздӕр куырм чи уыд, уыцы адӕймагмӕ ӕмӕ йын загътой: «Раст зӕгъ Хуыцауы раз. Мах зонӕм, уыцы Адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уый».

25 Уӕд сын дзуапп радта: «Нӕ зонын, Уый тӕригъӕдджын у ӕви нӕ. Ӕз иу хъуыддаг зонын – уыдтӕн куырм, ныр та кӕсын мӕ цӕстӕй».

26 Ногӕй йӕ бафарстой: «Уыцы Адӕймаг дын цы бакодта? Цы амалӕй дӕ ракӕсын кодта дӕ цӕстытӕй?»

27 Дзуапп сын радта: «Ӕз уын загътон, ӕмӕ сымах нӕ хъуыстат. Уымӕ ма уӕ дыккаг хатт хъусын цӕй тыххӕй фӕнды? Ӕви сымах дӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суӕвын фӕнды?»

28 Уыдон ӕй райдыдтой ӕлгъитын ӕмӕ йын дзырдтой: «Ды дӕ Йӕ ахуыргӕнинаг, мах та Моисейы ахуыргӕнинӕгтӕ стӕм.

29 Моисеимӕ Хуыцау кӕй ныхас кодта, уый мах зонӕм, Ай та кӕцӕй у, уый нӕ зонӕм».

30 Уыцы адӕймаг сын дзуапп радта: «Диссаг дӕр уый у, ӕмӕ кӕцӕй у, уый нӕ зонут, мӕн та цӕстӕй ракӕсын кодта.

31 Фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм Хуыцау кӕй нӕ хъусы, уый нын зындгонд у. Чи Йӕ нымайы ӕмӕ Йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, Хуыцау уымӕ хъусы.

32 Ӕрдзӕй куырмы йӕ цӕстӕй исчи ракӕсын кӕна, уый дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ нӕ фехъуыстӕуыд.

33 Уый Хуыцауӕй куы нӕ уаид, уӕд Ын ницы ӕнтысид».

34 Уыдон ын загътой: «Дӕ райгуырынӕй къахӕй-къухмӕ тӕригъӕдджын куы дӕ, уӕд мах ахуыр кӕныс?» Ӕмӕ йӕ ратардтой.

Куырм фарисейтӕ

35 Кӕй йӕ ратардтой, уый Йесо куы фехъуыста, уӕд ӕй ссардта ӕмӕ йын загъта: «Адӕймаджы Фыртыл ӕууӕндыс?»

36 Уый дзуапп радта: «Уый та чи у, хицау? Зӕгъ мын ӕй, ӕмӕ Йыл ӕууӕндон».

37 Йесо йын загъта: «Уынгӕ дӕр Ӕй фӕкодтай, ӕмӕ ныхас дӕр Уый кӕны демӕ».

38 Уӕд уый загъта: «Уырны мӕ, Хицау!» – ӕмӕ Йӕ разы ӕрхауд йӕ зонгуытыл.

39 Йесо загъта: «Ӕз ацы дунемӕ тӕрхон кӕнынмӕ ӕрцыдтӕн, куырмытӕ сӕ цӕстӕй куыд ракӕсой, цӕстджынтӕ та куырм куыд бауой, афтӕ».9:39 Мф. 11:25; 2 Кор. 3:14.

40 Уым цы фарисейтӕ уыди, уыдон Ӕй фехъуыстой ӕмӕ Йын загътой: «Ау, мах дӕр куырмытӕ стӕм?»

41 Йесо сын загъта: «Сымах куырмытӕ куы уаиккат, уӕд уӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп дӕттын нӕ хъӕуид. Фӕлӕ уӕхи цӕстджынтыл кӕй нымайут, уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕдӕй сӕрибар не стут.9:41 Ин. 15:22.

10

Фыййау ӕмӕ дзуг

1 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: уӕтӕрмӕ дуарыл чи нӕ бацӕуы, фӕлӕ йӕм ӕндӕр ранӕй чи бабыры, уый давӕг ӕмӕ абырӕг у.

2 Дуарыл бацӕуӕг та фыстӕн сӕ фыййау у.

3 Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ номӕй, ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ.

4 Ӕмӕ йӕ фысты иууылдӕр ӕддӕмӕ куы ракӕны, уӕд фӕцӕуы сӕ разӕй. Фыстӕ та фӕцӕуынц йӕ фӕдыл, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс зонынц.

5 Ӕцӕгӕлоны фӕдыл та нӕ цӕуынц, фӕлӕ дзы лидзынц, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгӕлоны хъӕлӕс нӕ зонынц».

6 Йесо сын радзырдта ацы фӕсномыг ныхас. Фӕлӕ сын ӕй цӕй тыххӕй радзырдта, уый нӕ бамбӕрстой.

7 Уӕд сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Ӕз дуар дӕн фыстӕн.

8 Мӕ размӕ-иу сӕм чи ӕрцыд, уыдон иууылдӕр давджытӕ ӕмӕ абырджытӕ уыдысты; фӕлӕ сӕм фыстӕ нӕ байхъуыстой.

9 Ӕз дӕн дуар. Мӕныл йӕ фӕндаг кӕмӕн уа, уый фервӕздзӕн – бацӕудзӕн, рацӕудзӕн ӕмӕ ссардзӕн хизӕнуат.

10 Давӕг ӕрмӕст адавынмӕ, амарынмӕ ӕмӕ бабын кӕнынмӕ ӕрцӕуы. Ӕз та ӕрцыдтӕн алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цард раттынмӕ.

11 Ӕз дӕн хорз фыййау; хорз фыййау йӕ цард ратты фысты сӕраппонд.10:11 1 Пет. 2:25; 5:4.

12 Ӕххуырст та ахӕм нӕу, уымӕн фыстӕ йӕхи не сты; бирӕгъы ӕрцӕугӕ куы фены, уӕд ныууадзы фысты, лидзынмӕ фӕвӕййы, бирӕгъ аскъӕфы фыстӕй ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кӕны.

13 Ӕххуырст алидзы, уымӕн ӕмӕ ӕххуырст у ӕмӕ фыстыл нӕ мӕт кӕны.

14 Ӕз хорз фыййау дӕн, Ӕз зонын Мӕ фысты, Мӕ фыстӕ дӕр Мӕ зонынц.10:14 2 Тим. 2:19.

15 Мӕн Мӕ Фыд куыд зоны, Ӕз дӕр Мӕ Фыды афтӕ зонын, ӕмӕ Мӕ цард дӕттын фысты сӕраппонд.

16 Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ис Мын ахӕм фыстӕ дӕр, ӕмӕ уыдоны дӕр хъуамӕ ӕрхонон. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс, ӕмӕ уыдзӕн иу дзуг ӕмӕ иу Фыййау.

17 Мӕ Фыд Мӕ уый тыххӕй уарзы, ӕмӕ Ӕз дӕттын Мӕ цард, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ райсон.

18 Ничи Мын ӕй исы, фӕлӕ йӕ Ӕз Мӕхӕдӕг дӕттын. Мӕ бар у йӕ раттын дӕр ӕмӕ Мӕ бар у фӕстӕмӕ йӕ райсын дӕр. Афтӕ Мын бафӕдзӕхста Мӕ Фыд».10:18 Ин. 2:19; 14:31.

19 Ацы ныхӕсты тыххӕй дӕр та иудейтӕм иу хъуыды нал уыд.

20 Уыдонӕй бирӕтӕ дзырдтой: «Уый хӕйрӕджджын ӕмӕ сӕрхъӕн у. Цы йӕм хъусут?»10:20 Мк. 3:21; Ин. 7:20.

21 Иннӕтӕ дзырдтой: «Уыдон хӕйрӕджджыны ныхӕстӕ не сты. Хӕйрӕгӕн куырмыты цӕстӕй ракӕсын кӕнын йӕ бон у?»

Ӕнӕуырнӕг иудейтӕ

22 Иерусалимы ралӕууыд Кувӕндон Ссыгъдӕг кӕныны бӕрӕгбон+ 10:22 |iКувӕндон Ссыгъдӕг кӕныны бӕрӕгбон|r бӕрӕггонд цыди незаманы дыккаг ӕнусӕй фӕстӕмӕ. Иерусалимы Кувӕндон уый агъоммӕ фӕчъизи муртатты къухӕй.. Уыди зымӕг.

23 Йесо зылди Кувӕндоныл, Соломоны тыргъыл.

24 Уым Ыл ӕрӕмбырд сты иудейтӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Бирӕ ма нӕ тухӕнӕй мардзынӕ? Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй ӕргом зӕгъ».

25 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз уын загътон, ӕмӕ уӕ нӕ уырны. Ӕз Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ кӕнын, уыдон Мӕныл дзурӕг сты.10:25 Ин. 5:36.

26 Фӕлӕ не ’ууӕндут, уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ фыстӕй не стут [раздӕр уын куыд загътон, афтӕ].10:26 Ин. 8:19; 1 Ин. 4:6.

27 Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл.

28 Ӕз сын дӕттын мыггагмӕйы цард – мыггагмӕ дӕр сын мӕлӕт нӕ уыдзӕн, ӕмӕ сӕ Мӕ къухӕй ничи аскъӕфдзӕн.

29 Уыдон Мын Чи радта, Мӕ уыцы Фыдӕй уӕлдӕр нӕй. Ӕмӕ сӕ Мӕ Фыды къухӕй аскъӕфын никӕй бон у.

30 Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм».

31 Иудейтӕ ногӕй фелвӕстой дуртӕ Йӕ амарыны тыххӕй.10:31 Ин. 5:18.

32 Йесо сын загъта: «Ӕз уын бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ фенын кодтон Мӕ Фыдӕй. Уыдонӕй Мӕ кӕцыйы тыххӕй хъавут дуртӕй амарынмӕ?»

33 Иудейтӕ Йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддӕгты тыххӕй Дӕ нӕ хъавӕм дуртӕй амарынмӕ, фӕлӕ Ды, адӕймаг, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй аразыс ӕмӕ уымӕй Хуыцауы кӕй фауыс, уый тыххӕй».

34 Йесо сын загъта: «Уӕ Ӕгъдауы афтӕ фыст нӕй: „Ӕз загътон: сымах хуыцӕуттӕ стут"?

35 Хуыцауы ныхас кӕмӕн лӕвӕрд уыд, кӕд Хуыцау уыдоны хуыцӕуттӕ схуыдта, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстӕн аивӕн нӕй,

36 Уӕд Фыд Кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ дунемӕ Кӕй рарвыста, Уымӕн зӕгъут: „Хуыцауы фауыс", „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн" кӕй загътон, уый тыххӕй?10:36 Ин. 6:27.

37 Мӕ Фыд цы хъуыддӕгтӕ кӕны, кӕд Ӕз дӕр уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнын, уӕд Мыл ма ӕууӕндут.

38 Фӕлӕ кӕд Ӕз Мӕ Фыды хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут, уӕд ӕууӕндут Мӕ хъуыддӕгтыл, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у, уый куыд базонат ӕмӕ бамбарат, афтӕ».10:38 Ин. 14:10; 17:21.

39 Уӕд та Йӕ ногӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Уый сӕ къухы нӕ бафтыд.

40 Ӕмӕ та ногӕй ацыд Иорданы иннӕ фарсмӕ, Иоанн раздӕр кӕм аргъуыдта, уыцы бынатмӕ ӕмӕ уым фӕци иуцасдӕр.10:40 Ин. 1:28.

41 Ӕрцыдис Ӕм бирӕ адӕм ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, Иоанн диссӕгтӕ нӕ равдыста, фӕлӕ ацы Адӕймаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уый ӕцӕг у.10:41 Ин. 5:33.

42 Ӕмӕ Йесойыл уым бирӕтӕ баууӕндыдысты.

11

Лазыры мӕлӕт

1 Иу адӕймаг, йӕ ном Лазыр, уыди рынчын. Уый уыди, Мариа йӕ хо Марфӕимӕ кӕм царди, Вифанийы уыцы хъӕуӕй.

2 Мариа та уыди, Хицау Йесойы хӕрздӕфгӕнӕнӕй чи байсӕрста ӕмӕ Йын Йӕ къӕхтӕ йӕ дзыккутӕй чи ныссӕрфта, уыцы сылгоймаг. Ныр йе ’фсымӕр Лазыр уыди рынчын.

3 Хотӕ арвыстой Йесойӕн зӕгъынмӕ: «Хицау, Ды кӕй уарзыс, уый рынчын у».

4 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уыцы низ мӕлӕтмӕ нӕ кӕны, фӕлӕ Хуыцауы кадӕн у, цӕмӕй уый руаджы скадджын уа Хуыцауы Фырт».11:4 Ин. 9:3.

5 Йесо уарзта Марфӕйы, йӕ хо Мариайы ӕмӕ Лазыры.

6 Фӕлӕ Лазыр рынчын кӕй у, Йесо уый куы фехъуыста, уӕд кӕм уыдис, уым ма афӕстиат дыууӕ боны.

7 Уый фӕстӕ загъта ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ногӕй ацӕуӕм Иудейӕмӕ».

8 Ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Равви, ӕрӕджы дӕр ма Дӕ иудейтӕ дуртӕй амарынмӕ хъавыдысты, ӕмӕ та ногӕй уырдӕм цӕуыс?»11:8 Ин. 10:31.

9 Йесо дзуапп радта: «Боны дыууадӕс сахаты нӕй? Боныгон чи цӕуы, уый нӕ кӕлы, уымӕн ӕмӕ уыны ацы дунейы рухс.11:9 Ин. 9:4.

10 Ӕхсӕвыгон чи цӕуы, уый та фӕкӕлы, уымӕн ӕмӕ йӕм рухс нӕй».11:10 Ин. 12:35.

11 Уыцы ныхӕстыл ма Йесо бафтыдта: «Нӕ хӕлар Лазыр бафынӕй, фӕлӕ Ӕз цӕуын йӕ райхъал кӕнынмӕ».

12 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Хицау, кӕд фынӕй баци, уӕд сдзӕбӕх уыдзӕн».

13 Йесо сын Лазыры мӕлӕты тыххӕй дзырдта, уыдон та афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Уый хуымӕтӕг фынӕйы тыххӕй зӕгъы.

14 Уӕд сын Йесо ӕргомӕй загъта: «Лазыр амард.

15 Ӕмӕ Ӕз уым кӕй нӕ уыдтӕн, ууыл сымах тыххӕй цин кӕнын, уымӕн ӕмӕ баууӕнддзыстут. Ныр та йӕм ацӕуӕм».

16 Уӕд фӕсномыгӕй Фаззон чи хуынд, уыцы Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цом ӕмӕ мах дӕр Йемӕ амӕлӕм».

Йесо ныфс ӕвӕры хотӕн

17 Йесо куы ӕрцыд, уӕд базыдта, Лазыр цыппар боны зӕппадзы кӕй ис, уый.

18 Вифани та Иерусалиммӕ хӕстӕг уыд, фынддӕс стадийы+ 11:18 |i15 стадийы|r – 3 километры бӕрц. бӕрц.

19 Ӕмӕ иудейтӕй бирӕтӕ ӕрцыдысты Марфӕ ӕмӕ Мариамӕ се ’фсымӕры мӕлӕты фӕдыл сын ныфсытӕ ӕвӕрынмӕ.

20 Йесо кӕй ӕрбацӕуы, уый Марфӕ куы фехъуыста, уӕд ацыд Йӕ размӕ. Мариа та хӕдзары уыд.

21 Марфӕ загъта Йесойӕн: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид.

22 Фӕлӕ ныр дӕр зонын: Ды Хуыцауӕй цы ракурай, уый Дын ратдзӕн».

23 Йесо йын загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн».

24 Марфӕ Йын загъта: «Фӕстаг бон, мӕрдты райгасы бон, кӕй райгас уыдзӕн, уый зонын».

25 Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн.

26 Мӕныл ӕууӕндӕг кӕцыфӕнды цардӕгас уд мыггагмӕ дӕр нӕ амӕлдзӕн. Уырны дӕ?»

27 Марфӕ Йын дзуапп радта: «О, Хицау! Дунемӕ Чи хъуамӕ ӕрцӕуа, Ды Хуыцауы уыцы Фырт Чырысти кӕй дӕ, уый мӕ уырны».11:27 Мф. 16:16.

28 Уый зӕгъыны фӕстӕ Марфӕ ацыд ӕмӕ сусӕгӕй басидт йӕ хо Мариамӕ: «Ахуыргӕнӕг ам ис ӕмӕ дӕм дзуры».

29 Мариа уый куы фехъуыста, уӕд ӕвӕстиатӕй фестад ӕмӕ ацыд Йесомӕ.

30 Йесо хъӕумӕ нӕма бахӕццӕ, фӕлӕ уыди, Марфӕ Йыл кӕм фембӕлд, уыцы ран.

31 Мариаимӕ хӕдзары чи уыд ӕмӕ йын ныфсытӕ чи ӕвӕрдта, уыцы иудейтӕ йӕ ӕвӕстиатӕй сыстгӕ ӕмӕ рацӕугӕ куы федтой, уӕд араст сты йӕ фӕдыл. Уыдон ӕнхъӕл уыдысты, зӕппадзмӕ кӕуынмӕ ацыди, зӕгъгӕ.

32 Йесо кӕм уыд, Мариа уырдӕм куы ӕрцыд ӕмӕ Йӕ куы федта, уӕд Ын ӕрхауд Йӕ къӕхтӕм ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид».

33 Мариайы ӕмӕ йемӕ ӕрцӕуӕг иудейты Йесо кӕугӕ куы федта, уӕд Йӕ зӕрдӕ суынгӕг, скатай

34 Ӕмӕ бафарста: «Кӕм ӕй бавӕрдтат?» Уӕд Ын загътой: «Хицау, рацу ӕмӕ фен».

35 Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты.

36 Уӕд иудейтӕ дзырдтой: «Кӕс-ма, куыд ӕй уарзта!»

37 Уыдонӕй иуӕй-иутӕ та загътой: «Куырмӕн йӕ цӕстытӕ Чи байгом кодта, Уымӕн Йӕ бон нӕ бауыдаид, цӕмӕй ацы адӕймаг ма амӕла?»11:37 Ин. 9:6.

Лазыр райгас

38 Йесойы зӕрдӕ та суынгӕг, афтӕмӕй ӕрцыд зӕппадзмӕ. Уый уыди лӕгӕт, йӕ бацӕуӕныл ын бафӕлдӕхтӕуыд дур.

39 Йесо загъта: «Айсут дур». Марды хо Марфӕ Йын загъта: «Хицау, мард ныридӕгӕн смаг кӕны. Ныр цыппар боны ис зӕппадзы».

40 Йесо йын загъта: «Нӕ дын загътон, куы дӕ уырна, уӕд Хуыцауы намыс фендзынӕ, зӕгъгӕ?»

41 Айстой дур. Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, бузныг дӕн Дӕуӕй, кӕй Мӕ хъусыс, уый тыххӕй.

42 Ды Мӕ кӕддӕриддӕр кӕй фехъусдзынӕ, уый Ӕз зыдтон, фӕлӕ ай загътон, ам цы адӕм ис, уыдоны тыххӕй, цӕмӕй баууӕндой, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл».

43 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазыр, ӕддӕмӕ рацу!»

44 Ӕмӕ мард рацыд, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ – мӕрддзаг хӕцъилтӕй тыхт, йӕ цӕсгом – сӕрӕмбӕрзӕнӕй баст. Йесо сын загъта: «Райхалут ӕй ӕмӕ ацӕуа».

Сусӕгвӕнд Йесойы ныхмӕ

45 Уӕд Мариамӕ чи ӕрцыд ӕмӕ Йесо цы бакодта, уый чи федта, уыцы иудейтӕй Йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты.

46 Сӕ иуӕй-иутӕ та ацыдысты фарисейтӕм ӕмӕ сын радзырдтой, Йесо цы бакодта, уый тыххӕй.

47 Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд кодтой синедрион ӕмӕ загътой: «Цы гӕнгӕ нын у? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ ӕвдисы.11:47 Мф. 26:3; Мк. 14:1.

48 Афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд Ыл сеппӕт дӕр баууӕнддзысты. Ӕмӕ ӕрцӕудзысты ромӕгтӕ ӕмӕ фесафдзысты нӕ ацы бынат дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр».

49 Уыдонӕй иу, Каиафӕ, уыцы аз алчер уыд. Ӕмӕ сын уый загъта: «Сымах ницы зонут

50 Ӕмӕ не ’мбарут, ӕппӕт адӕмы фесафыны бӕсты адӕмы сӕрвӕлтау иу адӕймаг куы амӕла, уӕд сымахӕн хуыздӕр кӕй у, уый».

51 Уый Каиафӕйӕн уыд йӕхи хъуыды нӕ, фӕлӕ пехуымпар ныхас, уымӕн ӕмӕ уыцы аз алчер уыд, ӕмӕ рагагъоммӕ загъта, Йесо кӕй хъуамӕ амӕла Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау,

52 Ӕмӕ ӕрмӕст Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау нӕ, фӕлӕ ма ӕрӕмбырд ӕмӕ баиу кӕна, чи ныххӕлиу, Хуыцауы уыцы хъӕбулты дӕр.11:52 Ин. 10:16; Эф. 2:13.

53 Уыцы бон скодтой Йесойы амарыны фӕнд.11:53 Мф. 21:38.

54 Уымӕ гӕсгӕ-иу Йесо ӕргомӕй иудейты ӕхсӕн нал фӕзынд, фӕлӕ уырдыгӕй ацыд Эфраиммӕ – ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ ӕввахс чи уыди, уыцы сахармӕ; ӕмӕ уым уыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ.

55 Ӕрхӕстӕг иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй бирӕтӕ Куадзӕны размӕ ӕрцыдысты Иерусалиммӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ.

56 Уӕд агуырдтой Йесойы ӕмӕ Кувӕндоны дзырдтой сӕ кӕрӕдзийӕн: «Куыд уӕм кӕсы, Йесо бӕрӕгбонмӕ не ’рцӕудзӕн?»

57 Алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ та радтой бардзырд: Йесо кӕм ис, уый исчи куы базона, уӕд сын фехъусын кӕнӕд ӕмӕ Йӕ ӕрцахсой.

12

Йесойы байсӕрстӕуыди хӕрздӕфгӕнӕнӕй

1 Куадзӕнӕй ӕхсӕз боны раздӕр Йесо ӕрцыд Вифанимӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Лазыр кӕм царди, уырдӕм.12:1 Мф. 26:6; Мк. 14:3; Ин. 11:2.

2 Уым Ын ӕрӕвӕрдтой фынг. Марфӕ кодта кӕстӕриуӕг, Лазыр та уыд, Йесоимӕ фынгыл чи бадти, уыдоны ӕхсӕн.12:2 Лк. 10:40.

3 Мариа та райста, нард цы зайӕгой хонынц, уымӕй ист сыгъдӕг ӕмӕ зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕны джиранка+ 12:3 |iДжиранка|r – 300 граммы бӕрц., байсӕрста дзы Йесойы къӕхтӕ, ныссӕрфта Йын сӕ йӕ дзыккутӕй, ӕмӕ хӕдзар байдзаг хӕрздӕфӕй.

4 Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу, фӕстӕдӕр Ыл гадзрахатӕй чи рацыди, уыцы Иудӕ Искариот, загъта:

5 «Цӕуылнӕ уыд ацы хӕрздӕфгӕнӕнӕн ӕртӕсӕдӕ динарыл ауӕйгӕнӕн ӕмӕ ӕхцайӕн мӕгуыртыл байуарӕн?»

6 Уый афтӕ мӕгуыртыл батыхсыны тыххӕй нӕ загъта, фӕлӕ давӕг кӕй уыд, уый тыххӕй: ӕхцайы лагъз уымӕ уыд, ӕмӕ-иу дзы цы нывӕрдтой, уымӕй-иу систа йӕхицӕн.12:6 Ин. 13:29.

7 Йесо загъта: «Ныууадз ӕй. Мариа Мын ацы хӕрздӕфгӕнӕн Мӕ ныгӕнӕн бонмӕ бавӕрдта.

8 Мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн».

Сусӕгвӕнд Лазыры ныхмӕ

9 Йесо уым кӕй ис, уый базыдтой иудейтӕй бирӕтӕ ӕмӕ ӕрцыдысты ӕрмӕст Уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Лазыры фенынмӕ дӕр.

10 Алчертӕ та скодтой Лазыры дӕр амарыны фӕнд.

11 Уымӕн ӕмӕ-иу иудейтӕй бирӕтӕ ӕрцыдысты Лазыры тыххӕй ӕмӕ-иу баууӕндыдысты Йесойыл.

Йесо ӕрцыд Иерусалиммӕ

12 Бӕрӕгбонмӕ цы бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, уыдон дыккаг бон фехъуыстой, Йесо ӕрбацӕуы Иерусалиммӕ, зӕгъгӕ,

13 Ӕмӕ райстой палмӕйы къалиутӕ, рацыдысты Йӕ размӕ ӕмӕ хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг – Израилы Паддзах!»12:13 Мф. 21:8; Мк. 11:8; Лк. 19:36.

14 Йесо та бавдӕлд ӕмӕ сбадти къӕлӕуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ:

15 «Ма тӕрс, Сионы чызг! Мӕнӕ дӕ Паддзах фӕцӕуы къӕлӕуыл бадгӕйӕ».12:15 Мф. 21:5.

16 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый фыццаг нӕ бамбӕрстой. Фӕлӕ Йесо куы снамысджын, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд: Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд уыди ӕмӕ Йын афтӕ бакодтой.

17 Йесо Лазырмӕ зӕппадзмӕ куы бадзырдта ӕмӕ йӕ куы райгас кодта, уӕд Йемӕ цы адӕм уыди, уыдон ныр дзырдтой уыцы цауы тыххӕй.

18 Ӕмӕ адӕм рацыдысты Йӕ размӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстой, уыцы диссаг Йесо бакодта, зӕгъгӕ.

19 Фарисейтӕ та кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уынут, куыд ницы уын ӕнтысы! Ӕгас дуне Йӕ фӕдыл цӕуы!»

Йесо зӕгъы Йӕ мӕлӕты тыххӕй

20 Хуыцаумӕ кувынмӕ бӕрӕгбоны чи ӕрцыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ бердзентӕ уыдысты.

21 Уыдон бацыдысты, галилейаг Вифсаидӕйӕ чи уыди, уыцы Филиппмӕ ӕмӕ дзы куырдтой: «Хорз лӕг, мах Йесойы фенын фӕнды».

22 Филипп ацыд ӕмӕ уый тыххӕй загъта Андрейӕн. Стӕй Филипп ӕмӕ Андрей бацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын загътой уый тыххӕй.

23 Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ намысы афон.

24 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: мӕнӕуы нӕмыг зӕххы куы нӕ ныххауа ӕмӕ куы нӕ амӕла, уӕд баззайдзӕн иу нӕмыгӕй. Фӕлӕ куы амӕла, уӕд ратдзӕн бирӕ хор.

25 Йӕ уд чи уарзы, уый йӕ фесафдзӕн; ацы дунейы йӕ уд ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн мыггагмӕйы цардӕн.12:25 Мф. 10:39; Мк. 8:35; Лк. 9:24; 14:27.

26 Мӕнӕн чи кусы, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа, ӕмӕ Ӕз кӕм дӕн, уым уыдзӕн Мӕ кусӕг дӕр. Мӕнӕн чи кусы, уыцы адӕймагӕн скад кӕндзӕн Мӕ Фыд.12:26 Ин. 17:24.

27 Ныр Мӕ уд фӕтыхст. Ӕмӕ Ӕз афтӕ зӕгъон: „Мӕ Фыд! Фервӕзын Мӕ кӕн ацы тухӕнӕй"? Ӕмӕ Ӕз ацы тухӕны тыххӕй куы ӕрцыдтӕн.12:27 Мф. 26:38; Дзут. 5:7.

28 Мӕ Фыд, скадджын кӕн Дӕ ном!» Уӕд уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Скадджын ӕй кодтон ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн».

29 Уым цы адӕм лӕууыд, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд иутӕ дзырдтой: «Уый ӕрвнӕрд у». Иннӕтӕ та дзырдтой: «Зӕд ныхас кодта Йемӕ».

30 Уӕд сын Йесо загъта: «Ацы хъӕлӕс Мӕн тыххӕй нӕ уыд, фӕлӕ сымах тыххӕй.

31 Ныр ацы дунейӕн ралӕууыд йӕ тӕрхоны бон, ӕмӕ фӕтардӕуыдзӕн ацы дунейы ӕлдары+ 12:31 |iАцы дунейы ӕлдар|r – хӕйрӕг.12:31 Ин. 14:30; 16:11. .

32 Ӕмӕ Ӕз зӕххӕй уӕлӕмӕ ист куы ӕрцӕуон, уӕд сеппӕты дӕр ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ».12:32 Ин. 3:14.

33 Ацы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй загъта, цавӕр мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, уый тыххӕй.

34 Адӕм Ын дзуапп радтой: «Ӕгъдауӕй зонӕм мах, Чырысти мыггагмӕ кӕй цӕрдзӕн, уый. Уӕд Ды куыд зӕгъыс, Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ хъуамӕ систӕуа, зӕгъгӕ? Чи у Адӕймаджы уыцы Фырт?»12:34 Лк. 1:33.

35 Уӕд сын Йесо загъта: «Иуцасдӕр рӕстӕг ма уыдзӕн рухс уемӕ. Цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ цӕут, талынг уӕ куыд нӕ фӕбынӕй кӕна, уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕг нӕ зоны, кӕдӕм цӕуы, уый.

36 Цалынмӕ рухс уемӕ ис, уӕдмӕ ӕууӕндут рухсыл, цӕмӕй суат рухсы хъӕбултӕ». Уый зӕгъыны фӕстӕ Йесо ацыд ӕмӕ фӕаууон уыдонӕй.

Иудейтӕ не ’ууӕндынц

37 Бирӕ диссӕгтӕ ӕвдисгӕ федтой Йесойы, фӕлӕ Йыл уӕддӕр не ’ууӕндыдысты,

38 Исай-пехуымпар цы загъта, уый куыд сӕххӕст уа: «Хицау, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд, ӕмӕ кӕмӕн раргом Хицауы хъару?»12:38 Ром. 10:16.

39 Исай загъта, сӕ бон цӕй тыххӕй баууӕндын нӕ уыд, уый дӕр:

40 «Хуыцау сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон, зӕгъы Хуыцау».12:40 Мф. 13:14; Мк. 4:12; Лк. 8:10; Ап. хъ. 28:26; Ром. 11:8.

41 Ацы ныхӕстӕ Исай загъта, Йесойы намыс кӕй федта ӕмӕ Уый тыххӕй кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ.

42 Ӕниу, Йесойыл суанг хицӕуттӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты, фӕлӕ йӕ фарисейты тыххӕй ӕмбӕхстой, синагогӕйӕ сӕ куы ацух кӕной, зӕгъгӕ.

43 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау цы намыс дӕтты, уый бӕсты равзӕрстой зӕххон кад.12:43 Ин. 5:44.

Уырнджытӕ ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕ

44 Йесо хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Мӕныл чи ӕууӕнды, уый, Мӕныл ӕууӕндгӕйӕ, Мӕ Рарвитӕгыл ӕууӕнды.

45 Ӕмӕ Мӕн чи уыны, уый Мӕ Рарвитӕджы уыны.

46 Ӕз рухс дӕн, ӕмӕ ӕрцыдтӕн дунемӕ, чидӕриддӕр Мыл ӕууӕнды, уый талынджы куыд нал уа, афтӕ.12:46 Ин. 3:19.

47 Мӕ ныхӕстӕ чи фехъуса ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕна, уымӕн Ӕз тӕрхон нӕ кӕнын. Ӕз дунейӕн тӕрхон кӕнынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ йӕ фервӕзын кӕнынмӕ.12:47 Ин. 3:17.

48 Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ кӕмӕ нӕ хъарынц, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг: Мӕ ныхас ын тӕрхон кӕндзӕн фӕстаг бон.12:48 Мк. 16:16.

49 Уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕхи номӕй нӕ дзырдтон, фӕлӕ цы зӕгъон ӕмӕ куыд зӕгъон, уый Мын Мӕ рарвитӕг Фыд бафӕдзӕхста.12:49 Ин. 14:10.

50 Ӕмӕ Ӕз зонын, Йӕ фӕдзӕхст мыггагмӕйы цардмӕ кӕй кӕны, уый. Уӕдӕ Ӕз дзурын, Мӕ Фыд Мын цы загъта, уый».

13

Йесо цӕхсадта ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ

1 Ӕрӕввахс Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Фыдмӕ Йӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта йӕхионты ацы дунейы, бауарзта сӕ кӕронмӕ.13:1 Мф. 26:2; Мк. 14:1.

2 Уыцы рӕстӕг хӕйрӕг ныридӕгӕн Симон Искариоты фырт Иудӕйы зӕрдӕйы нывӕрдта Йесойы ауӕй кӕныны фӕнд.

3 Йӕ Фыд Ын ӕппӕт дӕр Йӕ къухмӕ кӕй радта, Хуыцауӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ ныр Хуыцаумӕ кӕй цӕуы, уый Йесо зыдта; ӕмӕ ӕхсӕвӕры рӕстӕг

4 Сыстад фынгӕй, раласта Йе ’ддаг дарӕс, райста хисӕрфӕн ӕмӕ йӕ ӕрбабаста Йӕ астӕуыл.13:4 Лк. 17:8; 22:27.

5 Уый фӕстӕ дон ныккодта хъуывгъаны ӕмӕ райдыдта Йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕхсын ӕмӕ сын сӕ Йӕ астӕуыл баст хисӕрфӕнӕй сӕрфын.

6 Йесо Симон Петрмӕ куы бацыд, уӕд Ын уый загъта: «Хицау, мӕ къӕхтӕ мын Ды цӕхсай?»

7 Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз цы кӕнын, уый ды ныртӕккӕ не ’мбарыс, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбардзынӕ».

8 Петр Ын загъта: «Никуы мын цӕхсдзынӕ мӕ къӕхтӕ». Йесо йын дзуапп радта: «Куы нӕ дӕ цӕхсон, уӕд дын Мемӕ иумӕйагӕй ницы ис».

9 Уӕд Ын Симон Петр загъта: «Хицау, цӕхс ӕрмӕст мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ сӕр дӕр».

10 Йесо йын загъта: «Ӕхсадӕн ӕрмӕст йӕ къӕхтӕ цӕхсын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ӕгасӕй дӕр сыгъдӕг у. Сымах дӕр сыгъдӕг стут, ӕрмӕст уеппӕт нӕ».13:10 Ин. 15:3.

11 Йесо зыдта Йӕ уӕйгӕнӕджы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Уеппӕт сыгъдӕг не стут».

12 Сӕ къӕхтӕ сын куы цӕхсадта, йӕ дарӕс куы скодта ӕмӕ ногӕй куы сбадти, уӕд сын загъта: «Ӕз уын цы бакодтон, уый не ’мбарут?

13 Сымах Мӕн Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Хицау хонут, ӕмӕ раст зӕгъут, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Хицау дӕн.13:13 1 Кор. 8:6; 12:3; Флп. 2:11.

14 Уӕдӕ уын кӕд Ӕз, Хицау ӕмӕ Ахуыргӕнӕг, уӕ къӕхтӕ цӕхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ ӕхсат уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ.

15 Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз равдыстон, цӕмӕй сымах дӕр кӕнат, Ӕз уын цы бакодтон, уый.

16 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу, ӕмӕ минӕвар йӕ рарвитӕгӕй уӕлдӕр нӕу.13:16 Мф. 10:24; Лк. 6:40; Ин. 15:10.

17 Кӕд уый зонут ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнут, уӕд тӕхудиаг уыдзыстут.

Йесо зӕгъы Йӕ уӕйгӕнӕджы тыххӕй

18 Уеппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Кӕй равзӕрстон, Ӕз уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ кӕрдзын чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ".13:18 Ап. хъ. 1:16.

19 Уый нӕма ӕрцыд, Ӕз та уын ныридӕгӕн зӕгъын, куы ӕрцӕуа, уӕд куыд баууӕндат – ӔЗ ДӔН.13:19 Ин. 14:29.

20 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Ӕз кӕй арвитон, ууыл зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг; Мӕныл зӕрдиаг чи у, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у зӕрдиаг».13:20 Мф. 10:40; Лк. 10:16.

21 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо тынг фӕтыхст ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, уӕ иу Мыл рацӕудзӕни гадзрахатӕй».13:21 Мф. 26:21; Мк. 14:18; Лк. 22:21.

22 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ фесты кӕрӕдзимӕ ракӕс-бакӕсыл, Йесо кӕй тыххӕй зӕгъы, уый не ’мбаргӕйӕ.

23 Йесо кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинаг бадти Йесойы фарсмӕ.

24 Симон Петр ӕм ацамыдта, Йесо кӕй тыххӕй загъта, уымӕй Йӕ куыд бафӕрса, афтӕ.

25 Ахуыргӕнинаг йӕхи баввахс кодта Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, уый чи у?»

26 Йесо дзуапп радта: «Къӕбӕр цӕхдоны куы атулон, уӕд ӕй кӕмӕ раттон, уый». Уӕд атылдта къӕбӕр ӕмӕ йӕ радта Иудӕмӕ, Симон Искариоты фыртмӕ.

27 Ӕмӕ дзы уыцы къӕбӕры фӕстӕ бацыд хӕйрӕг. Уӕд Йесо Иудӕйӕн загъта: «Цы кӕнинаг дӕ, уый тагъддӕр кӕн».

28 Цӕй тыххӕй йын афтӕ загъта, уый фынгыл бадджытӕй ничи бамбӕрста.

29 Фӕлӕ Иудӕмӕ ӕхцайы лагъз кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ ӕнхъӕлдтой, цыма йын Йесо афтӕ зӕгъы: «Бӕрӕгбонмӕ нӕ цы хъӕуы, уый балхӕн», кӕнӕ та йын мӕгуыртӕн исты дӕттын кӕны.

30 Иудӕ къӕбӕр куы райста, уӕд уайтагъд феддӕдуар. Уыд ӕхсӕв.

Ног фӕдзӕхст

31 Иудӕ куы ацыд, уӕд Йесо загъта: «Ныр снамысджын Адӕймаджы Фырт, ӕмӕ Хуыцау дӕр снамысджын Йӕ фӕрцы.13:31 Ин. 12:23.

32 Кӕд Хуыцау Йӕ фӕрцы снамысджын, уӕд Ӕй Хуыцау Йӕхӕдӕг дӕр снамысджын кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ снамысджын кӕндзӕн рӕхджы.

33 Мӕ хъӕбултӕ, Ӕз бирӕ нал фӕуыдзынӕн уемӕ. Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ, Ӕз иудейтӕн куыд загътон, Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн, зӕгъгӕ, афтӕ ныртӕккӕ зӕгъын сымахӕн дӕр.13:33 Ин. 7:34; 8:21.

34 Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: кӕрӕдзи уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ кӕрӕдзи уарзут.13:34 Ин. 15:12; 1 Ин. 3:11; 1 Фес. 4:9.

35 Кӕрӕдзи куы уарзат, уӕд уымӕ гӕсгӕ алчидӕр зондзӕн, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый».

Йесо зӕгъы Петры тыххӕй

36 Симон Петр Ын загъта: «Хицау, Ды кӕдӕм цӕуыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм Мӕ фӕдыл цӕуын ныртӕккӕ дӕ бон нӕу, фӕлӕ фӕстӕдӕр рацӕудзынӕ Мӕ фӕдыл».

37 Петр Ын загъта: «Хицау, цӕуылнӕ у мӕ бон ныртӕккӕ Дӕ фӕдыл цӕуын? Ӕз Дӕу сӕраппонд мӕ цард дӕр ратдзынӕн».

38 Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ цард Мӕн сӕраппонд ратдзынӕ? Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи.13:38 Мф. 26:34; Мк. 14:30; Лк. 22:34.

14

Йесо у фӕндаг Уӕларвон Фыдмӕ

1 Ма тыхсут. Ӕууӕндут Хуыцауыл ӕмӕ Мӕныл дӕр ӕууӕндут.

2 Мӕ Фыды хӕдзары цӕрӕн бынӕттӕ бирӕ ис. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд уын нӕ загътаин: „Ӕз цӕуын бынат уын ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ".

3 Куы ацӕуон, ӕмӕ уын бынӕттӕ куы ӕрцӕттӕ кӕнон, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ Мӕхимӕ акӕндзынӕн, цӕмӕй сымах дӕр уат, Ӕз кӕм дӕн, уым.14:3 Ин. 17:24; 1 Фес. 4:17.

4 Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымах уырдӕм фӕндаг зонут».

5 Фома Йын загъта: «Хицау, кӕдӕм цӕуыс, уый нын зындгонд куы нӕ у, уӕд ӕм фӕндаг куыд хъуамӕ зонӕм?»

6 Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.14:6 Ин. 1:14, 17; 6:33, 40; 8:32; 10:28; 11:25; 1 Ин. 5:20; Эф. 1:13.

7 Сымах Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат. Ӕмӕ Йӕ ныр зонут ӕмӕ Йӕ уынгӕ дӕр фӕкодтат».

8 Филипп Ын загъта: «Хицау, равдис нын Дӕ Фыды, ӕмӕ нын уый фаг уыдзӕн».

9 Йесо йын загъта: «Уыйбӕрц рӕстӕг дӕн уемӕ, ӕмӕ Мӕ нӕ зоныс, Филипп? Мӕн чи федта, уый федта Фыды. Уӕд ды куыд зӕгъыс: „Равдис нын Дӕ Фыды"?

10 Ау, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у, уый дӕ нӕ уырны? Ӕз уын цы зӕгъын, уый Мӕхи номӕй нӕ дзурын – Мемӕ иу Чи у, Мӕ уыцы Фыд кӕны Йӕ хъуыддӕгтӕ.

11 Ӕууӕндут Мыл: Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу дӕн, Мӕ Фыд та Мемӕ иу у. Кӕннод та ӕууӕндут Мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.

12 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕныл чи ӕууӕнды, уый кӕндзӕн Мӕ хъуыддӕгты хуызӕн хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыдонӕй ноджы стырдӕртӕ сараздзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ цӕуын.

13 Ӕмӕ Мӕ ном ссаргӕйӕ цыдӕриддӕр ракурат, уый уын ратдзынӕн, цӕмӕй Фырты фӕрцы Фыд равдиса Йӕ намыс.14:13 Мф. 7:7; Мк. 11:24; Лк. 11:9; Ин. 15:7; 16:23; Иак. 1:6.

14 Мӕ ном ссаргӕйӕ Мӕ цы ракурат, уый уын ратдзынӕн.

Зӕрдӕвӕрд Сыгъдӕг Уд рарвитынӕй

15 Кӕд Мӕ уарзут, уӕд ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ.

16 Ӕмӕ Ӕз ракурдзынӕн Мӕ Фыдӕй ӕмӕ уын ратдзӕн, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕн, уыцы иннӕ Рӕвдауӕджы –

17 Ӕцӕгады Уды. Дунейы бон Йӕ райсын нӕу, уымӕн ӕмӕ Йӕ нӕ уыны ӕмӕ Йӕ нӕ зоны. Сымах та Йӕ зонут, уымӕн ӕмӕ Уый уемӕ ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕты цӕрдзӕн.14:17 Ин. 16:13; 1 Кор. 2:14.

18 Сидзӕрӕй уӕ нӕ ныууадздзынӕн – ӕрцӕудзынӕн уӕм.

19 Иуцасдӕр ма, ӕмӕ дуне нал фендзӕни Мӕн, сымах та Мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕрын ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут.14:19 Ин. 11:25; 1 Фес. 4:14.

20 Уыцы бон базондзыстут, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, сымах Мемӕ иу кӕй стут ӕмӕ Ӕз уемӕ иу кӕй дӕн, уый.

21 Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй зӕрдӕйы сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, Ӕз дӕр ӕй бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн».

22 Иудӕ Йын (Искариот нӕ) загъта: «Хицау, уый куыд уыдзӕн, ӕмӕ дунейӕн нӕ, фӕлӕ махӕн Дӕхи раргом кӕнай?»

23 Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ ӕрцӕрдзыстӕм йемӕ.14:23 1 Кор. 3:16; Ӕрг. 3:20.

24 Мӕн чи нӕ уарзы, уый Мӕ ныхӕстӕ не ’ххӕст кӕны. Сымах цы ныхас хъусут, уый та Мӕнӕй нӕ, фӕлӕ Мӕ рарвитӕг Фыдӕй у.14:24 Ин. 12:49.

25 Адӕттӕ уын загътон, цалынмӕ ма уемӕ дӕн, уӕдмӕ.

26 Мӕ Фыд Мӕ номыл Кӕй рарвитдзӕн, уыцы Рӕвдауӕг, Сыгъдӕг Уд, сымах сахуыр кӕндзӕн алцӕуыл дӕр, ӕмӕ уын Ӕз цы дзырдтон, уый уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтаудзӕн.14:26 Ин. 15:26.

27 Фарн уын уадзын, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Ма тыхсут ӕмӕ ма тӕрсут.14:27 Флп. 4:7.

28 Сымах фехъуыстат, Ӕз уын цы загътон, уый: „Ӕз цӕуын, фӕлӕ та уӕм ӕрцӕудзынӕн". Куы Мӕ уарзиккат, уӕд Фыдмӕ кӕй цӕуын, уый тыххӕй сцин кӕниккат, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мӕнӕй уӕлдӕр у.

29 Уый нӕма ӕрцыд, Ӕз та уын ныридӕгӕн зӕгъын, куы ӕрцӕуа, уӕд куыд баууӕндат, афтӕ.

30 Уемӕ Мын бирӕ дзурыны рӕстӕг нал ис, уымӕн ӕмӕ ӕрбаввахс ацы дунейы ӕлдар. Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы,14:30 Ин. 12:31; 16:11.

31 Фӕлӕ Ӕз Фыды кӕй уарзын, ӕмӕ Мын Фыд куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕй кӕнын, уый дуне хъуамӕ базона. Ныр сыстут ӕмӕ ацӕуӕм ардыгӕй.14:31 Ин. 10:18; Дзут. 10:7.

15

Чырысти – сӕнӕфсиры Тала

1 Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры Тала, Мӕ Фыд та – сӕнӕфсирмӕ Зилӕг.

2 Мӕ къалиутӕй сӕнӕфсир кӕуыл не ’рзайы, уый алыг кӕны. Сӕнӕфсир дзы кӕуыл ӕрзайы, уый та бахсӕды, фылдӕр ыл куыд ӕрзайа, афтӕ.15:2 Мф. 15:13; Гал. 5:22.

3 Сымах ныридӕгӕн бахсӕстӕуыд, Ӕз уын кӕй загътон, уыцы ныхасӕй.15:3 Ин. 13:10; 1 Ин. 2:7.

4 Ут Мемӕ, ӕмӕ Ӕз дӕр уыдзынӕн уемӕ. Къалиу сӕнӕфсиры талайыл куы нӕ уа, уӕд ыл сӕнӕфсир нӕ зайдзӕн. Афтӕ сымах дӕр пайда не ’рхӕсдзыстут, Мемӕ куы нӕ уат, уӕд.

5 Ӕз дӕн сӕнӕфсиры Тала, сымах та – къалиутӕ; Мемӕ чи ис ӕмӕ Ӕз кӕимӕ дӕн, уый ӕрхӕссы бирӕ пайда. Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Мӕн уӕ бон ницы кӕнын у.15:5 Ап. хъ. 4:12.

6 Мемӕ чи нӕ уа, уый ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн къалиуау ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ басудзынц.15:6 Мф. 3:10; 7:19.

7 Сымах Мемӕ куы уат, ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.15:7 Ин. 14:13; 16:23; 1 Ин. 3:22.

8 Сымах бирӕ пайда куы ӕрхӕссат ӕмӕ Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы уат, уӕд уымӕй раргом уыдзӕн Мӕ Фыды намыс.

9 Мӕ Фыд Мӕн куыд бауарзта, Ӕз дӕр уӕ афтӕ бауарзтон. Уӕдӕ ут хайджын Мӕ уарзтӕй.

10 Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй.

11 Адӕттӕ уын загътон, цӕмӕй Мӕ цинӕй уат хайджын, ӕмӕ уӕ цинӕн ма уа кӕрон.

12 Мӕнӕ уын Мӕ фӕдзӕхст: Ӕз уӕ куыд бауарзтон, афтӕ уарзут кӕрӕдзи.15:12 Ин. 13:34; 1 Ин. 3:11; 4:21; Эф. 5:2; 1 Фес. 4:9.

13 Исчи йӕ цард йӕ хӕлӕртты сӕраппонд куы ратта, уӕд уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй.

14 Сымах та Мӕ хӕлӕрттӕ стут, Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд.

15 Ӕз уӕ ныридӕгӕн цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ йӕ хицау цы кӕны, цагъар уый нӕ зоны. Фӕлӕ уӕ Ӕз Мӕ хӕлӕрттӕ схуыдтон, уымӕн ӕмӕ уын загътон, Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый.15:15 Эф. 1:9; 3:5.

16 Сымах Мӕ нӕ сӕвзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз сӕвзӕрстон, ӕмӕ уын бахӕс кодтон цӕуын ӕмӕ пайда дӕттын, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕн.15:16 Мк. 16:15.

17 Мӕнӕ уын Ӕз фӕдзӕхсын: уарзут кӕрӕдзи.

Дунейӕн – ӕнӕуынон

18 Дуне уӕ йе сӕфт куы уына, уӕд зонут – сымахӕй раздӕр Мӕнӕй уыдта йе сӕфт.15:18 1 Ин. 3:13.

19 Сымах дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах та дунейӕ кӕй не стут, фӕлӕ уӕ Ӕз дунейӕ кӕй сӕвзӕрстон, уый тыххӕй уӕ уыны дуне йе сӕфт.

20 Ӕз уын цы ныхас загътон, уый уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу". Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты.15:20 Мф. 10:24; 24:9; Мк. 13:9; Лк. 21:12; Ин. 13:16.

21 Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц.15:21 Ин. 16:3.

22 Ӕз куы не ’рцыдаин ӕмӕ сын куы нӕ дзырдтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ тӕригъӕды тыххӕй сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты.

23 Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уый Мӕ Фыдӕй дӕр йе сӕфт уыны.

24 Ӕз сӕ разы куы нӕ скодтаин, ӕндӕр исчи кӕй нӕ сарӕзтаид, ахӕм хъуыддӕгтӕ, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ федтой, уӕддӕр Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ Фыдӕй се сӕфт уынынц.

25 Фӕлӕ афтӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, сӕ Ӕгъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт".

26 Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы – ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй рацӕуы, ӕмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕн Мӕн тыххӕй.15:26 Лк. 24:49; Ин. 14:26.

27 Сымах дӕр Мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Мемӕ стут.15:27 Ап. хъ. 1:8; 2:32; 1 Пет. 5:1.

16

1 Адӕттӕ уын уый тыххӕй загътон, цӕмӕй ма фӕкӕлат.

2 Ацух уӕ кӕндзысты синагогӕтӕй. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг дӕр, ӕмӕ уӕ чидӕриддӕр мара, уый ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн кусы.

3 Уыдон уын афтӕ кӕндзысты, нӕдӕр Мӕ Фыды, нӕдӕр Мӕн кӕй нӕ базыдтой, уый тыххӕй.16:3 Ин. 15:21.

4 Фӕлӕ уын ай уый тыххӕй загътон, уыцы афон куы ӕрцӕуа, уӕд уӕ зӕрдыл куыд лӕууа, Ӕз уӕ рагацау кӕй фӕдзӕхстон, уый. Раздӕр уын ӕй нӕ дзырдтон, уымӕн ӕмӕ уемӕ уыдтӕн.16:4 Мф. 9:15; Ин. 14:29.

Сыгъдӕг Уды куыст

5 Ныр та цӕуын Мӕ Рарвитӕгмӕ, ӕмӕ Мӕ сымахӕй ничи фӕрсы: „Кӕдӕм цӕуыс?"16:5 Ин. 7:33.

6 Уый уын кӕй загътон, уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдӕ суынгӕг.

7 Фӕлӕ уын ӕцӕг зӕгъын: Мӕ ацыд сымахӕн хуыздӕр у. Уымӕн ӕмӕ Ӕз куы нӕ ацӕуон, уӕд уӕм Рӕвдауӕг не ’рцӕудзӕн. Куы ацӕуон, уӕд та уӕм Ӕй рарвитдзынӕн.16:7 Ин. 15:26.

8 Ӕмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд раргом кӕндзӕн дунейы азым – тӕригъӕдмӕ, рӕстадмӕ ӕмӕ тӕрхонмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый.

9 Тӕригъӕд уый мидӕг ис, ӕмӕ Мыл не ’ууӕндынц.

10 Рӕстад уый мидӕг ис, ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ цӕуын, ӕмӕ Мӕ нал фендзыстут.

11 Тӕрхон уый мидӕг ис, ӕмӕ ацы дунейы ӕлдар ӕрцыд тӕрхонгонд.16:11 Ин. 12:31; 14:30; Кол. 2:15.

12 Сымахӕн ма мӕм бирӕ ис зӕгъинаг, фӕлӕ нырма йӕ бамбарын уӕ бон нӕ бауыдзӕн.

13 Ӕцӕгады Уд куы ӕрцӕуа, уӕд уын раргом кӕндзӕн ӕппӕт ӕцӕгад. Уымӕн ӕмӕ Йӕхи номӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ цы фехъуса, уый дзурдзӕн, ӕмӕ уын фехъусын кӕндзӕн, фидӕны цы уыдзӕн, уый.16:13 Мф. 10:19.

14 Уый Мын скӕндзӕн намыс, уымӕн ӕмӕ уын фехъусын кӕндзӕн, Мӕнӕй цы фехъуса, уый.

15 Фыдмӕ цыдӕриддӕр ис, уый Мӕн у. Уымӕ гӕсгӕ загътон, Мӕнӕй цы фехъуса, уый уын фехъусын кӕндзӕн, зӕгъгӕ.16:15 Ин. 17:10.

Ахуыргӕнинӕгты хъыг раивдзӕн цинӕй

16 Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут [уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ цӕуын]».

17 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Уый нын цы зӕгъы: „Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут", ӕмӕ: „Ӕз Мӕ Фыдмӕ цӕуын"?»

18 Уыдон ма ноджыдӕр дзырдтой: «Цавӕр „рӕхджыйы" кой кӕны? Цы нын зӕгъы, уый не ’мбарӕм».

19 Бафӕрсынмӕ Йӕ кӕй хъавынц, Йесойӕн уый зындгонд уыд, ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уын афтӕ кӕй загътон: „Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут", кӕрӕдзи уый тыххӕй фӕрсут?

20 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах хъыг кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ хъыг раивдзӕн цинӕй.

21 Арӕг сылгоймаг хъыг фӕкӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ удхары афон ралӕууыд. Фӕлӕ йын сывӕллон куы райгуыры, уӕд дзы фырцинӕй йӕ удхар ферох вӕййы, уымӕн ӕмӕ дунемӕ адӕймаг фӕзынд.

22 Афтӕ ныр сымах дӕр хъыг кӕнут. Фӕлӕ та уӕ Ӕз фендзынӕн, ӕмӕ уӕд уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты цинӕй, ӕмӕ уын уӕ цин байсын никӕй бон бауыдзӕн.16:22 Лк. 24:41, 52; Ин. 20:20; 1 Пет. 1:8.

23 Уӕд Мӕ ницӕмӕй фӕрсдзыстут. Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕн.16:23 Мф. 7:7; Мк. 11:24; Лк. 11:9; Ин. 14:13; 15:7; Иак. 1:6.

24 Ныронг Мӕ номӕй ницы куырдтат. Ныр курут ӕмӕ райсдзыстут, ӕмӕ уӕ цинӕн кӕрон нӕ уыдзӕн.

«Ӕз фӕуӕлахиз дӕн дунейыл»

25 Ӕз уын ныронг фӕсномыг ныхӕстӕй дзырдтон. Фӕлӕ ӕрцӕуы афон, ӕмӕ уын Ӕз фӕсномыг ныхӕстӕй нал дзурдзынӕн, фӕлӕ уын ӕргомӕй зӕгъдзынӕн Фыды тыххӕй.

26 Уыцы бон курдзыстут Мӕ номӕй, ӕмӕ уын нӕ зӕгъын, сымах тыххӕй Ӕз Мӕ Фыдмӕ хатдзынӕн, зӕгъгӕ.16:26 Ром. 8:34.

27 Уымӕн ӕмӕ уӕ Мӕ Фыд Йӕхӕдӕг уарзы, Мӕн кӕй бауарзтат ӕмӕ Ӕз Хуыцауӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уый тыххӕй.16:27 Ин. 17:25.

28 Ӕз Мӕ Фыдӕй рацӕугӕ дӕн ӕмӕ ӕрцыдтӕн дунемӕ. Ныр уадзын дуне ӕмӕ цӕуын Мӕ Фыдмӕ».

29 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ныртӕккӕ Ды ӕргомӕй дзурыс, ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй.

30 Ныр уынӕм: Ды ӕппӕт дӕр зоныс. Ды развӕлгъау фӕзоныс, цӕмӕй Дӕ фӕрсдзысты, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕй уырны: Ды Хуыцауӕй ӕрцыдтӕ».

31 Йесо сын дзуапп радта: «Ныр баууӕндыдыстут?

32 Мӕнӕ ӕрцӕуы рӕстӕг, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ныххӕлиу уыдзыстут – алчидӕр уӕ ацӕудзӕн сӕхимӕ ӕмӕ Мӕн ныууадздзыстут иунӕгӕй. Фӕлӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ ис.16:32 Мф. 26:31; Мк. 14:27.

33 Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, Мемӕ куыд уат ӕмӕ фарнӕй куыд схайджын уат. Дунейы ӕвзардзыстут хъизӕмӕрттӕ, фӕлӕ фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн дунейыл».16:33 1 Ин. 4:4; 5:4; 1 Кор. 15:57.

17

Йесо кувы

1 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, ӕрхӕццӕ рӕстӕг. Намыс скӕн Дӕ Фыртӕн, ӕмӕ Фырт дӕр снамыс кӕна Дӕуӕн.17:1 Ин. 12:23.

2 Уымӕн ӕмӕ алы адӕймаджы дӕр бакодтай Йӕ бар, Уымӕн кӕй радтай, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр мыггагмӕйы цард куыд ратта.17:2 Мф. 28:18; Дзут. 2:5-8.

3 Мыггагмӕйы цард та уый у, ӕмӕ Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы куыд зоной.17:3 Ин. 6:29; 1 Ин. 3:23.

4 Ды Мын Мӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодтай, уый саразынӕй Дӕ Ӕз снамысджын кодтон зӕххыл.

5 Ӕмӕ Мӕ ныр, Мӕ Фыд, Ды дӕр снамысджын кӕн Дӕ разы, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ Демӕ куы уыдтӕн, уӕд Мын цы намыс уыди, уымӕй.17:5 Ӕрг. 5:12.

6 Ды Мын дунейӕ цы адӕм радтай, уыдонӕн Ӕз раргом кодтон Дӕ ном. Уыдон Дӕу уыдысты, Ды сӕ радтай Мӕнӕн, ӕмӕ уыдон сӕххӕст кодтой Дӕ ныхас.17:6 Ин. 18:9.

7 Ныр уыдон бамбӕрстой, Ды Мын цыдӕриддӕр радтай, уый Дӕуӕй лӕвӕрд кӕй у.

8 Уымӕн ӕмӕ Мын Ды цы загътай, уый Ӕз радзырдтон уыдонӕн, баууӕндыдысты йыл ӕмӕ ӕцӕг бамбӕрстой, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.17:8 Ин. 16:27.

9 Ӕз уыдоны тыххӕй кувын. Дунейы тыххӕй нӕ, фӕлӕ Мын Ды кӕй радтай, уыдоны тыххӕй кувын, уымӕн ӕмӕ уыдон Дӕу сты.

10 Мӕнмӕ цыдӕриддӕр ис, уый Дӕу у, Дӕумӕ цыдӕриддӕр ис, уый та Мӕн у. Ӕмӕ Ӕз уыдоны фӕрцы снамысджын дӕн.17:10 Ин. 16:15.

11 Ӕз ныр дунейы нал дӕн, фӕлӕ уыдон дунейы сты, Ӕз та Дӕумӕ цӕуын. Мӕ Сыгъдӕг Фыд! Бахъахъхъӕн сӕ, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ, Мах иу куыд стӕм, афтӕ уыдон дӕр иу куыд уой.17:11 Ин. 10:30; Эф. 4:3.

12 Ӕз цалынмӕ семӕ уыдтӕн, уӕдмӕ сӕ хъахъхъӕдтон, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ. Ӕз сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ дзы ничи фесӕфт, мӕлинаджы йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.17:12 Ин. 18:9.

13 Ныр та Ӕз Дӕумӕ цӕуын, ӕмӕ цалынмӕ дунейы дӕн, уӕдмӕ йӕ уый тыххӕй зӕгъын, Мӕ цинӕй хайджын куыд уой ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон куыд нӕ уа.

14 Ӕз сын ӕрхастон Дӕ ныхас, ӕмӕ сӕ дуне йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ уыдон дӕр дунейӕ не сты.17:14 Ин. 8:23.

15 Ды сӕ дунейӕ акӕнай, уый Дӕ нӕ курын, фӕлӕ Дӕ курын, цӕмӕй сӕ бахизай хӕйрӕгӕй.

16 Уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ.

17 Дӕхи сӕ бакӕн ӕцӕгады фӕрцы – Дӕ ныхас ӕцӕгад у.17:17 Ин. 14:6.

18 Ды Мӕн дунемӕ куыд рарвыстай, афтӕ сӕ Ӕз дӕр арвыстон дунемӕ.

19 Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи Дӕуӕн дӕттын нывондӕн, уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу куыд бауой, афтӕ.17:19 Дзут. 9:14.

20 Ӕрмӕст уыдоны тыххӕй нӕ кувын, фӕлӕ ма сӕ ныхасы фӕрцы Мӕныл чи баууӕнда, уыдоны тыххӕй дӕр.

21 Уадз ӕмӕ сеппӕт дӕр уой иу. Ды, Мӕ Фыд, Мемӕ иу куыд дӕ, Ӕз та Демӕ иу куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр иу уӕнт Немӕ, ӕмӕ дуне баууӕнда, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл.17:21 Ин. 17:11.

22 Ды Мын цы намыс радтай, Ӕз уымӕй бахай кодтон уыдонӕн, Мах иу куыд стӕм, афтӕ иу куыд уой.

23 Ӕз уыдонимӕ иу дӕн, Ды та Мемӕ иу дӕ. Уадз ӕмӕ уыдон дӕр уой иумӕ, ӕнӕфӕхицӕн, цӕмӕй дуне базона, Ды Мӕ кӕй рарвыстай ӕмӕ Мӕн куыд бауарзтай, уыдоны дӕр афтӕ кӕй бауарзтай, уый.

24 Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ куыд уой, Ӕз кӕм дӕн, уым, ӕмӕ куыд уыной, дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн кӕй бауарзтай, уый тыххӕй Мын кӕй радтай, Мӕ уыцы намыс.17:24 Ин. 12:26.

25 Мӕ раст Фыд! Дуне Дӕ нӕ базыдта, Ӕз та Дӕ зонын, ӕмӕ уыдон дӕр базыдтой, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.

26 Ӕмӕ сын Ӕз раргом кодтон Дӕ ном, ӕмӕ сын ӕй дарддӕр дӕр ӕргом кӕндзынӕн, цӕмӕй Мӕ Ды цы уарзтӕй бауарзтай, уыдон дӕр уарзой ахӕм уарзтӕй, ӕмӕ Ӕз уон семӕ».17:26 Ин. 15:15.

18

Йесойы ӕрцахстой

1 Йесо куы бакуывта, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ араст Кедроны тӕрфы иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ уым бацыдысты дыргъдонмӕ.18:1 Мф. 26:36.

2 Ацы бынат зыдта Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр – Йесо ӕмӕ-иу Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уым арӕх ӕрӕмбырд сты.

3 Иудӕ йемӕ ракодта ӕфсӕддонты, алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ кӕй рарвыстой, Кувӕндоны уыцы хъахъхъӕнджыты, ӕмӕ ӕрцыдысты уырдӕм цырӕгътимӕ, рухсгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ.18:3 Мф. 26:47; Мк. 14:43; Лк. 22:47; Ап. хъ. 1:16.

4 Цыдӕриддӕр Ыл ӕрцӕудзӕн, уый Йесо зыдта, рацыд размӕ ӕмӕ сын загъта: «Кӕй агурут?»

5 Дзуапп Ын радтой: «Назаретаг Йесойы». Йесо сын загъта: «Уый Ӕз дӕн». Лӕууыд семӕ Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр.

6 Ӕмӕ сын куы загъта: «Уый Ӕз дӕн», уӕд алӕууыдысты фӕстӕмӕ ӕмӕ адӕргъ сты зӕххыл.

7 Ноджы та сӕ бафарста: «Кӕй агурут?» Уыдон загътой: «Назаретаг Йесойы».

8 Йесо дзуапп радта: «Ӕз уын куы загътон, уый Ӕз дӕн, зӕгъгӕ. Уӕдӕ кӕд Мӕн агурут, уӕд иннӕты ауадзут ӕмӕ цӕуой».

9 Йесо уый загъта, Йӕ ныхас куыд ӕрцӕуа, афтӕ: «Ды Мын кӕй радтай, уыдонӕй Ӕз никӕй фесӕфтон».18:9 Ин. 17:6, 12.

10 Симон Петрмӕ уыди кард, фелвӕста йӕ, ныццавта дзы алчеры цагъары ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта. Уыцы цагъарӕн йӕ ном уыди Малх.18:10 Мф. 26:51.

11 Фӕлӕ Йесо загъта Петрӕн: «Нывӕр кард кӕрддзӕмы. Ау, Мӕ Фыд Мын цы хъизӕмӕртты кӕхц ӕрцӕттӕ кодта, уый хъуамӕ ма баназон?»

Йесойы акодтой Аннамӕ

12 Уӕд ӕфсӕддонтӕ сӕ хицауимӕ ӕмӕ иудейтӕй ӕрвыст хъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Йесойы ӕмӕ Йӕ сбастой.

13 Фыццаг уал Ӕй акодтой Аннамӕ – Каиафӕйы каисмӕ. Каиафӕ та уыцы аз алчер уыд.18:13 Мф. 26:57; Мк. 14:53; Лк. 22:54.

14 Уый уыдис, иудейтӕн афтӕ чи бауынаффӕ кодта, адӕмы сӕрвӕлтау иу адӕймаг куы амӕла, уӕд хуыздӕр у, зӕгъгӕ, уыцы Каиафӕ.18:14 Ин. 11:50.

Петр йӕхи атигъ кодта Йесойыл

15 Симон Петр ӕмӕ ма ноджы иу ахуыргӕнинаг цыдысты Йесойы фӕдыл. Уыцы ахуыргӕнинаг зонгӕ уыд алчеримӕ ӕмӕ Йесоимӕ бацыди алчеры кӕртмӕ.

16 Петр та лӕууыд дуары ӕдде. Алчеримӕ зонгӕ чи уыди, уыцы ахуыргӕнинаг рацыд, загъта дуаргӕс сылгоймагӕн ӕмӕ Петры бакодта мидӕмӕ.

17 Дуаргӕс сылгоймаг бафарста Петры: «Ды дӕр уыцы Адӕймаджы ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» Петр загъта: «Нӕ дӕн».18:17 Мф. 26:69; Мк. 14:66; Лк. 22:56.

18 Уазал кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цагъартӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ скодтой арт, лӕууыдысты ӕмӕ сӕхи тавтой. Петр дӕр лӕууыд семӕ ӕмӕ йӕхи тавта.

Алчер фӕрсы Йесойы

19 Ныр алчер та бафарста Йесойы Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй ӕмӕ Йӕ ахуырады тыххӕй.

20 Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз ӕргомӕй дзырдтон дунейӕн. Ӕз кӕддӕриддӕр адӕмы ахуыр кодтон синагогӕты ӕмӕ Кувӕндоны, иудейтӕ иууылдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым. Сусӕгӕй та ницы дзырдтон.

21 Мӕн цы фӕрсыс? Чи Мӕм хъуыста, уыдоны бафӕрс, Ӕз цы дзырдтон, уымӕй. Уыдон зонынц, Ӕз цы дзырдтон, уый».

22 Йесо афтӕ куы загъта, уӕд Ӕй хъахъхъӕнджытӕй иу – хӕстӕг Ӕм чи лӕууыд, уый – ныдздзӕхст ласта ӕмӕ загъта: «Алчерӕн ахӕм дзуапп дӕттыс?»

23 Йесо йын дзуапп радта: «Кӕд Ӕз ӕвзӕрӕй исты загътон, уӕд ӕй сеппӕтӕн дӕр зӕгъ, ӕвзӕрӕй цы загътон, уый. Кӕд раст загътон, уӕд та Мӕ цӕмӕн цӕвыс?»

24 Анна Йесойы бастӕй арвыста алчер Каиафӕмӕ.18:24 Мф. 26:57; Мк. 14:53; Лк. 22:54.

Петр ногӕй йӕхи атигъ кодта Йесойыл

25 Ныр Симон Петр та лӕууыд ӕмӕ йӕхи тавта артмӕ. Загътой йын: «Ды дӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» Уый Йыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ загъта: «Нӕ дӕн».

26 Алчеры цагъартӕй иу, – Петр кӕй хъус ахауын кодта, уый хӕстӕг, – Петрӕн загъта: «Дыргъдоны Йемӕ дӕу нӕ федтон, ӕви?»

27 Петр та Йыл йӕхи атигъ кодта. Ӕмӕ уыйадыл уасӕг ныууасыд.

Йесо ӕмӕ Пилат

28 Каиафӕйӕ Йесойы сӕумӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейтӕ сӕхӕдӕг нӕ бацыдысты галуанмӕ, цӕмӕй ма счъизи уой ӕмӕ сын Куадзӕн хӕрын ӕмбӕла.18:28 Мф. 27:2; Мк. 15:1; Лк. 22:66.

29 Пилат сӕм рацыд ӕмӕ загъта: «Цӕмӕй азымджын кӕнут ацы Адӕймаджы?»

30 Уыдон ын дзуапп радтой: «Уый фыдгӕнӕг куы нӕ уаид, уӕд дын Ӕй дӕ къухтӕм нӕ раттаиккам».

31 Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йын уӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уӕхӕдӕг рахӕссут тӕрхон». Иудейтӕ йын дзуапп радтой: «Искӕмӕн марыны тӕрхон рахӕссыны бар нӕм нӕй».

32 Уыдон уыцы ныхӕстӕ загътой, цы мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, уый тыххӕй Йесо фӕсномыгӕй цы загъта, уый куыд ӕрцӕуа, афтӕ.18:32 Мф. 20:19.

33 Уӕд Пилат ногӕй бацыди галуанмӕ, басидт Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ды иудейаг Паддзах дӕ?»18:33 Мф. 27:11; Мк. 15:2; Лк. 23:3.

34 Йесо дзуапп радта: «Дӕхи хъуыды зӕгъыс, ӕви дын иннӕтӕ загътой Мӕн тыххӕй?»

35 Пилат загъта: «Ӕмӕ ӕз иудей дӕн? Дӕу Мӕ къухмӕ Дӕ адӕм ӕмӕ алчертӕ радтой. Цы ракодтай?»

36 Йесо дзуапп радта: «Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ фӕсдзӕуинтӕ тох кодтаиккой, Ӕз иудейты къухтӕм куыд нӕ бахауон, ууыл. Фӕлӕ Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу».

37 Пилат Ын загъта: «Уӕдӕ Ды Паддзах дӕ?» Йесо дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс, Ӕз Паддзах кӕй дӕн, уый. Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй дзурон ӕцӕгады тыххӕй. Ӕцӕгадӕй чидӕриддӕр у, уый Мӕм хъусы».18:37 1 Тим. 6:13.

38 Пилат Ӕй бафарста: «Цы у ӕцӕгад?» Уый зӕгъыны фӕстӕ Пилат ногӕй рацыд иудейтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕз Ӕм ницы азым арын.

39 Сымахмӕ ис ӕгъдау, цӕмӕй уын Куадзӕны рауадзон иу ахст адӕймаджы. Фӕнды уӕ, ӕмӕ уын иудейаг Паддзахы рауадзон?»18:39 Мф. 27:15; Мк. 15:6; Лк. 23:17.

40 Уӕд уыдон ныхъхъӕр кодтой: «Уый нӕ, фӕлӕ Вараввӕйы!» Вараввӕ та абырӕг уыд.18:40 Ап. хъ. 3:14.

19

1 Уӕд Пилат Йесойы радта ехсӕй нӕмынмӕ.19:1 Мф. 27:26; Мк. 15:15.

2 Ӕфсӕддонтӕ сбыдтой сындзын кадыхуд ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, скодтой Йыл сӕнтсырх пӕлӕз.

3 Бацыдысты-иу Ӕм ӕмӕ Йын дзырдтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» Ӕмӕ Йӕ дзӕхстытӕ кодтой.

4 Пилат ногӕй рацыд адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уӕм Ӕй ныртӕккӕ рахондзынӕн, цӕмӕй зонат, кӕй ницы аххос Ӕм арын, уый».19:4 Ин. 18:38; Ап. хъ. 3:13.

5 Уӕд рацыд Йесо сындзын кадыхуды ӕмӕ сӕнтсырх пӕлӕзы. Пилат сын загъта: «Мӕнӕ уыцы Адӕймаг!»

6 Алчертӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ Йесойы куы федтой, уӕд хъӕр систой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йӕ уӕхӕдӕг байтындзут, ӕз Ӕм ницы аххос арын».19:6 Мф. 27:23; Мк. 15:14; Лк. 23:4; Ап. хъ. 13:28.

7 Иудейтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау, ӕмӕ уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».

8 Пилат уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ноджы тынгдӕр фӕтарст.

9 Ногӕй та бацыд галуанмӕ ӕмӕ бафарста Йесойы: «Кӕцон дӕ?» Фӕлӕ йын Йесо дзуапп нӕ радта.19:9 Ин. 18:33.

10 Пилат Ын загъта: «Мӕнӕн нӕ дӕттыс дзуапп? Дӕ рауадзыны бар дӕр ӕмӕ Дӕ байтындзыны бар дӕр мӕнмӕ кӕй ис, уый нӕ зоныс?»

11 Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ бар Мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уӕларвӕй дын лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ Мӕн дӕ къухмӕ чи радта, уымӕн йӕ тӕригъӕд дӕ тӕригъӕдӕй уӕззаудӕр у».19:11 Лк. 22:53.

12 Уӕдӕй фӕстӕмӕ Пилат архайдта Йӕ рауадзыныл. Иудейтӕ та хъӕр кодтой: «Куы Йӕ рауадзай, уӕд кесӕры лымӕн нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чидӕриддӕр аразы, уый кесӕры знаг у».

13 Пилат уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы ракодта ӕддӕмӕ ӕмӕ, Лифостротон+ 19:13 |iЛифостротон|r бердзенагау амоны «дурӕй астӕрд пъол». кӕй хуыдтой, дзуттагау та – Гаввафӕ, уым сбадт тӕрхонгӕнӕджы бынаты.

14 Уыди Куадзӕнмӕ цӕттӕ кӕныны бон, ӕхсӕзӕм сахатмӕ ӕввахс. Пилат загъта иудейтӕн: «Мӕнӕ уӕ Паддзах!»

15 Фӕлӕ уыдон хъӕр систой: «Амар Ӕй! Амар Ӕй! Байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Уӕ Паддзахы уын байтындзон?» Алчертӕ дзуапп радтой: «Махӕн кесӕры йеддӕмӕ паддзах нӕй».

16 Ӕппынфӕстаг Пилат сразы семӕ, ӕмӕ Йесойы радта дзуарыл байтындзынмӕ. Ӕмӕ Йӕ акодтой.

Йесойы байтыгътой

17 Йӕ дзуаримӕ Йесо рацыди, Сӕргӕхцы бынат чи хуыйны, дзуттагау та – Голгофӕ, уырдӕм.19:17 Мф. 27:33; Мк. 15:22; Лк. 23:33; Дзут. 13:12.

18 Уым Ӕй байтыгътой ӕндӕр дыууӕимӕ Йӕ фӕйнӕфарс, астӕуӕй – Йесойы.

19 Пилат фӕйнӕгыл ныффыссын кодта ӕмӕ йӕ дзуарыл ныххуыйын кодта; фыст уыди афтӕ: «Назаретаг Йесо, иудейаг Паддзах».

20 Иудейтӕй йӕ бирӕтӕ кастысты, уымӕн ӕмӕ Йесойы кӕм байтыгътой, уыцы бынат сахармӕ хӕстӕг уыд. Фыст уыди дзуттаг, ромаг ӕмӕ бердзенаг ӕвзӕгтыл.

21 Иудейаг алчертӕ загътой Пилатӕн: «„Иудейаг Паддзах" ма ныффысс. Ныффысс афтӕ: „Ацы лӕг дзырдта: Ӕз иудейаг Паддзах дӕн"».

22 Пилат дзуапп радта: «Цы ныффыстон, уый ныффыстон».

23 Ӕфсӕддонтӕ Йесойы куы байтыгътой, уӕд Ын райстой Йӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ цыппар хайыл адих кодтой, алы ӕфсӕддонӕн дӕр иу хай. Йӕ хӕдон та хуыд нӕ уыд, фӕлӕ сӕрӕй бынмӕ уафт.19:23 Мф. 27:35; Мк. 15:24; Лк. 23:34.

24 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Скъуынгӕ йӕ ма акӕнӕм, фӕлӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, кӕддӕра кӕмӕ ӕрхауид». Афтӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Се ’хсӕн Мын байуӕрстой Мӕ дарӕс ӕмӕ Мын Мӕ хӕдоныл хӕлттӕ сӕппӕрстой». Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ бакодтой афтӕ.

25 Йесойы дзуары цур лӕууыдысты Йӕ Мад, Йӕ мадыхо, Клеопайы ус Мариа, ӕмӕ магдалӕйаг Мариа.19:25 Лк. 2:35.

26 Йесо Йӕ Мады ӕмӕ Йӕ уарзон ахуыргӕнинаджы уым лӕугӕ куы федта, уӕд Йӕ Мадӕн загъта: «Мӕ Мад, мӕнӕ уый Дӕ фырт у».

27 Стӕй загъта ахуыргӕнинагӕн: «Мӕнӕ уый дӕ Мад у!» Ӕмӕ Йӕ уӕд ахуыргӕнинаг акодта йӕхимӕ.

Йесойы мӕлӕт

28 Йесо зыдта, ныридӕгӕн ӕппӕт дӕр кӕй сӕххӕст, уый. Ӕмӕ загъта, Сыгъдӕг Фысты цы загъдӕуыд, уый куыд сӕххӕст уа, афтӕ: «Дойны Мын у».19:28 Мф. 27:48.

29 Уым уыди туаг сӕнӕй дзаг мигӕнӕн. Ӕфсӕддонтӕ губкӕ стылдтой туаг сӕны, ӕрсагътой йӕ иссопыл ӕмӕ Йын ӕй схастой Йӕ дзыхмӕ.

30 Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд радта Йӕ Фыды къухмӕ.

31 Уыди майрӕмбон, ӕмӕ иудейты нӕ фӕндыди, цӕмӕй мӕрдтӕ сабаты дзуарыл уой, уымӕн ӕмӕ уыцы сабат стыр бӕрӕгбон уыди. Уымӕ гӕсгӕ Пилатӕй куырдтой мӕрдтӕн сӕ зӕнгтӕ асӕттын ӕмӕ сӕ дзуарӕй ӕрисын.

32 Уӕд ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ Йесоимӕ тыгъд чи уыд, уыдонӕй фыццаг иуӕн, стӕй иннӕмӕн асастой сӕ зӕнгтӕ.

33 Йесомӕ куы бацыдысты, уӕд Ӕй федтой мардӕй ӕмӕ Йын Йӕ зӕнгтӕ нал асастой.

34 Фӕлӕ Йын ӕфсӕддонтӕй иу арцӕй барӕхуыста Йӕ фарс ӕмӕ дзы уайтагъд ракалд туг ӕмӕ дон.

35 Ӕппӕт уыдӕттӕ чи федта, уый ӕвдисӕн лӕууы, йӕ ӕвдисӕнад ӕцӕг у, ӕмӕ зоны: раст дзуры, сымах дӕр куыд баууӕндат, афтӕ;

36 Уымӕн ӕмӕ ай ӕрцыд, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Йе стӕг нӕ асӕтдзӕн».

37 Ӕмӕ ма ӕндӕр ран дӕр Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ кӕсдзысты».19:37 Ӕрг. 1:7.

Йесойы баныгӕдтой

38 Уый фӕстӕ аримафейаг Иосиф (уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ не ’ргом кодта, уымӕн ӕмӕ иудейтӕй тарсти) бахатыди Пилатмӕ, цӕмӕй йын ратта Йесойы мард. Пилат ын бар радта. Иосиф ацыд ӕмӕ Йесойы мард ахаста.19:38 Мф. 27:57; Мк. 15:43; Лк. 23:50.

39 Ӕрцыд Никодим дӕр – кӕддӕр ӕхсӕвы Йесомӕ чи ӕрцыд, уый, – ӕмӕ ӕрхаста фондзыссӕдз джиранкайы+ 19:39 |i100 джиранкайы|r – 30 килограммы бӕрц. бӕрц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ – смирнӕ ӕмӕ алой хӕццӕйӕ.19:39 Ин. 3:2; 7:50.

40 Уыдон Йесойы мард иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ батыхтой, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕуыл бапырх кодтой, уыцы мӕрддзӕгты.

41 Дзуарыл Ӕй кӕм байтыгътой, уым уыди дыргъдон, дыргъдоны та – ӕвӕрд кӕм ничима уыд, ахӕм ног зӕппадз.

42 Иудейаг сабатмӕ бирӕ кӕй нал баззад, ӕмӕ зӕппадз хӕстӕг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ дзы бавӕрдтой Йесойы.

20

Йесо райгас

1 Къуырийӕн йӕ фыццаг бон, сӕударӕй, талынг ма уыди, афтӕмӕй, магдалӕйаг Мариа ӕрцыди зӕппадзмӕ ӕмӕ федта, бацӕуӕнӕй дур кӕй айстӕуыд, уый.20:1 Мф. 28:1; Мк. 16:1; Лк. 24:1.

2 Уӕд азгъордта ӕмӕ бацыд Симон Петрмӕ, стӕй Йесо кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын загъта: «Хицауы ахастой зӕппадзӕй, ӕмӕ Йӕ кӕм бавӕрдтой, уый нӕ зонӕм».

3 Петр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинаг уайтӕккӕ араст сты зӕппадзмӕ.

4 Дыууӕ дӕр згъордтой, фӕлӕ иннӕ ахуыргӕнинаг Петрӕй тагъддӕр згъордта ӕмӕ зӕппадзмӕ раздӕр бахӕццӕ.

5 Уый ӕргуыбыр кодта ӕмӕ федта мӕрддзӕгтӕ, фӕлӕ зӕппадзмӕ нӕ бацыд.

6 Йӕ фӕдыл ӕрбахӕццӕ Симон Петр дӕр, бацыд зӕппадзмӕ ӕмӕ дзы федта мӕрддзӕгтӕ.20:6 Лк. 24:12.

7 Йесойы сӕр баст кӕмӕй уыди, уыцы хӕцъил та мӕрддзӕгтимӕ нӕ разынди, фӕлӕ тыхтӕй уыди хицӕнӕй.

8 Уӕд раздӕр чи ӕрбахӕццӕ, уыцы ахуыргӕнинаг дӕр мидӕмӕ бахызт. Ӕмӕ йӕхи цӕстӕй куы федта, уӕд ӕй бауырныдта.

9 Уымӕн ӕмӕ уыдон Сыгъдӕг Фыстӕй нӕма зыдтой, Йесо мӕрдтӕй кӕй хъуамӕ райгас уа, уый.

10 Ахуыргӕнинӕгтӕ аздӕхтысты сӕхимӕ,

11 Мариа та лӕууыд зӕппадзы цур ӕмӕ куыдта. Куы куыдта, уӕд ныггуыбыр кодта зӕппадзмӕ, ӕмӕ,20:11 Мф. 28:1; Мк. 16:5.

12 Йесойы мард раздӕр кӕм ӕвӕрд уыди, уым федта дыууӕ зӕды урс дарӕсы бадгӕ: иуы – Йӕ нывӕрзӕнмӕ, иннӕйы – Йӕ дӕлфӕдтӕм.

13 Уыдон ӕй бафарстой: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс?» Мариа сын загъта: «Мӕ Хицауы мын ахастой ӕмӕ Йӕ кӕм бавӕрдтой, уый нӕ зонын».

14 Афтӕ куы загъта, уӕд фӕстӕмӕ акаст ӕмӕ федта Йесойы лӕугӕйӕ. Фӕлӕ Йесо кӕй у, уый нӕ базыдта.20:14 Мф. 28:9; Мк. 16:9.

15 Йесо йын загъта: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс? Кӕй агурыс?» Мариа ӕнхъӕл уыди, Уый дыргъдонгӕс у ӕмӕ Йын загъта: «Ме ’лдар, кӕд Ӕй ды рахастай, уӕд Ӕй кӕм бавӕрдтай, уый мын зӕгъ ӕмӕ Йӕ ӕз ахӕссон».

16 Йесо йын загъта: «Мариа!» Мариа Йӕм раздӕхт ӕмӕ Йын дзуттагау загъта: «Раввуни!» (ома, Ахуыргӕнӕг).

17 Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ цу Ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ"».20:17 Мф. 28:10; Ром. 8:29; Дзут. 2:11.

18 Магдалӕйаг Мариа ацыд ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта, Хицауы кӕй федта ӕмӕ йын Уый цы загъта, уыдӕтты тыххӕй.

Фыццаг фембӕлд райгасы фӕстӕ

19 Уыцы бон изӕрӕй, къуырийы фыццаг бон, ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты иумӕ. Иудейтӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй сӕхгӕдтой дуӕрттӕ. Уыцы рӕстӕг уатмӕ бацыд Йесо, ӕрлӕууыд сӕ разы ӕмӕ загъта: «Фӕрнджын ут!»20:19 Мк. 16:14; Лк. 24:36; Ап. хъ. 13:31; 1 Кор. 15:5, 7.

20 Уый зӕгъыны фӕстӕ сӕм равдыста Йӕ къухтӕ, [Йӕ къӕхтӕ] ӕмӕ Йӕ фарс. Ахуыргӕнинӕгтӕ Хицауы куы федтой, уӕд сцин кодтой.20:20 Ин. 16:22.

21 Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фӕрнджын ут! Мӕн Мӕ Фыд куыд рарвыста, афтӕ уӕ Ӕз дӕр ӕрвитын».

22 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ сыл бафу кодта ӕмӕ сын загъта: «Схайджын ут Сыгъдӕг Удӕй.

23 Кӕмӕн ныббарат йӕ тӕригъӕдтӕ, уымӕн барст уыдзысты, кӕмӕн сӕ нӕ ныббарат, уымӕн барст нӕ уыдзысты».20:23 Мф. 16:19; 18:18.

Йесо ӕмӕ Фома

24 Йесо куы ӕрцыд, уӕд дыууадӕсӕй иу, Фома, фӕсномыгӕй Фаззон, семӕ нӕ уыд.

25 Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын загътой: «Мах федтам Хицауы». Фӕлӕ сын уый загъта: «Йӕ къухтыл зӕгӕлтӕй хъӕдгӕмттӕ куы нӕ фенон, ме ’нгуылдз уыцы хъӕдгӕмтты куы нӕ бавӕрон, мӕ къух та – Йӕ фарсы хъӕдгомы, уӕд мӕ нӕ бауырндзӕн».20:25 Ин. 19:34.

26 Аст боны фӕстӕ та ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты хӕдзары, Фома дӕр уыд семӕ. Дуӕрттӕ уыдысты ӕхгӕд, афтӕмӕй бацыд Йесо, ӕрлӕууыд се ’хсӕн ӕмӕ загъта: «Фӕрнджын ут!»

27 Стӕй загъта Фомайӕн: «Ӕри-ма де ’нгуылдз ардӕм ӕмӕ фен Мӕ къухтӕ. Ӕри дӕ къух ӕмӕ йӕ бавӕр Мӕ фарсы хъӕдгомы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ма у, фӕлӕ уырнӕг».

28 Фома йын дзуапп радта: «Мӕ Хицау ӕмӕ Мӕ Хуыцау!»

29 Йесо йын загъта: «Ды баууӕндыдтӕ, уымӕн ӕмӕ Мӕ федтай. Тӕхудиаг сты, Мӕн чи нӕ федта, афтӕмӕй чи баууӕндыд, уыдон».20:29 1 Пет. 1:8; 2 Кор. 5:7.

Цӕй тыххӕй фыст у ацы чиныг

30 Ацы чиныджы загъд кӕй тыххӕй нӕй, бирӕ ахӕм диссӕгтӕ ма равдыста Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.20:30 Ин. 21:25.

31 Ацы диссӕгты тыххӕй та уымӕ гӕсгӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй баууӕндат, Йесо Чырысти кӕй у, Хуыцауы Фырт, ууыл. Ӕмӕ Йыл куы ӕууӕндат, уӕд Йӕ фӕрцы хайджын уыдзыстут мыггагмӕйы цардӕй.20:31 Ин. 3:15; Ром. 15:4.

21

Тивериадӕйы денджызы былыл

1 Уый фӕстӕ та Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд ногӕй. Уый уыди Тивериадӕйы денджызы былыл. Хабар уыди афтӕ.21:1 Мф. 28:7.

2 Симон Петр, фӕсномыгӕй Фаззон чи хуынд, уыцы Фома, Нафанаил галилейаг Канӕйӕ, Зеведейы фырттӕ ӕмӕ Йесойы иннӕ дыууӕ ахуыргӕнинаджы уыдысты иумӕ.21:2 Лк. 24:16.

3 Симон Петр сын загъта: «Ӕз кӕсаг ахсынмӕ цӕуын». Уыдон ын загътой: «Мах дӕр демӕ цӕуӕм». Ацыдысты ӕмӕ сбадтысты бӕлӕгъы, фӕлӕ уыцы ӕхсӕв ницы ӕрцахстой.

4 Боныцъӕхтыл Йесо лӕууыд денджызы былгӕрон. Фӕлӕ Йесо кӕй у, уый ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ базыдтой.

5 Йесо сӕ бафарста: «Мӕ хӕлӕрттӕ, исты ӕрцахстат?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Не ’рцахстам».

6 Уый сын загъта: «Хыз баппарут бӕлӕгъӕн йӕ рахиз фарс, ӕмӕ ӕрцахсдзыстут». Уыдон баппӕрстой хыз, ӕмӕ сын бирӕ кӕсӕгтӕ кӕй ӕрцахста, уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕ бон раласын нӕ уыд.

7 Йесо кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинаг загъта Петрӕн: «Ай Хицау у». Симон Петр куы фехъуыста, Хицау у, зӕгъгӕ, уӕд йӕ пӕлӕз ӕрбалвӕста ронӕй (ӕндӕр ыл ницы уыд), ӕмӕ йӕхи нывзылдта денджызмӕ.

8 Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та хыз кӕсӕгтимӕ ластой сӕ фӕдыл, афтӕмӕй ӕрбацыдысты бӕлӕгъы; былмӕ сӕ бирӕ нӕ хъуыди – дыууӕсӕдӕ ӕлмӕрины+ 21:8 |i200 ӕлмӕрины|r – 100 метры бӕрц. бӕрц.

9 Былмӕ куы рахызтысты, уӕд цӕхӕрыл федтой кӕсаг, йӕ фарсмӕ та – дзул.

10 Йесо сын загъта: «Рахӕссут, цы кӕсӕгтӕ ӕрцахстат, уыдонӕй».

11 Симон Петр схызт бӕлӕгъмӕ ӕмӕ хыз раласта зӕхмӕ. Хыз дзаг уыди стыр кӕсӕгтӕй – ӕдӕппӕт сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ кӕсаджы. Ахӕм бирӕ кӕсӕгты уӕзӕй хыз нӕ аскъуыд.

12 Йесо сын загъта: «Рацӕут ӕмӕ аходӕн бахӕрут». Ахуыргӕнинӕгтӕй йӕ ныфс ничи бахаста Йӕ бафӕрсынмӕ, «Чи дӕ», зӕгъгӕ. Уыдон базыдтой, Хицау кӕй у, уый.

13 Йесо бацыд, райста дзул ӕмӕ сын ӕй радта, радта сын кӕсаг дӕр.21:13 Ап. хъ. 10:41.

14 Афтӕ мӕрдтӕй райгасы фӕстӕ Йесо ӕртыккаг хатт фӕзынд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм.

Йесо ӕмӕ Петр

15 Аходӕн куы бахордтой, уӕд Йесо бафарста Симон Петры: «Иоанны фырт Симон, уыдон Мӕ цас уарзынц, ды Мӕ уымӕй фылдӕр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мӕ уӕрыччыты».

16 Дыккаг хатт дӕр та йӕ бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «У фыййау Мӕ фыстӕн».21:16 Ап. хъ. 20:28; 1 Пет. 5:2.

17 Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕртыккаг хатт ӕй «уарзыс Мӕ?» кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Хицау, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мӕ фысты.

18 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: ды ӕрыгон куы уыдтӕ, уӕд-иу дӕ рон дӕ астӕуыл дӕхӕдӕг ӕрбабастай, ӕмӕ дӕ кӕдӕм фӕндыд, уырдӕм-иу ацыдтӕ. Фӕлӕ куы базӕронд уай, уӕд айтындздзынӕ дӕ къухтӕ, ӕрбабӕтдзӕн дӕ ӕндӕр адӕймаг ӕмӕ дӕ акӕндзӕн, кӕдӕм дӕ нӕ фӕнда, уырдӕм».21:18 2 Пет. 1:14.

19 Уыцы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй загъта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй скадджын кӕндзӕн, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ йын Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цу».

20 Петр ракаст фӕстӕмӕ ӕмӕ сӕ фӕдыл цӕугӕ федта Йесойы уарзон ахуыргӕнинаджы. Уый уыди, ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесомӕ йӕхи чи баввахс кодта ӕмӕ афтӕ чи загъта: «Хицау, гадзрахатӕй Дыл чи рацӕудзӕн?», уыцы ахуыргӕнинаг.21:20 Ин. 13:23.

21 Петр ӕй куы федта, уӕд бафарста Йесойы: «Хицау, уый та цы фӕуыдзӕн?»

22 Йесо йын загъта: «Кӕд Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ Ме ’рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд дӕу цы хъуыддаг и? Ды цу Мӕ фӕдыл».

23 Ӕмӕ уый айхъуыст ӕфсымӕртыл, уыцы ахуыргӕнинаг нӕ амӕлдзӕн, зӕгъгӕ. Йесо та нӕ амӕлдзӕн нӕ загъта, фӕлӕ: «Кӕд Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ Ме ’рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд дӕу цы хъуыддаг и?»

24 Ацы ахуыргӕнинаг ӕвдисӕн у ӕппӕт уыдӕттӕн, ӕмӕ сӕ ныффыста. Ӕмӕ мах зонӕм, йӕ ныхас ӕцӕг кӕй у, уый.21:24 Ин. 19:35.

25 Йесо ма скодта бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ сеппӕты тыххӕй лӕмбынӕг ныффысс, зӕгъгӕ, уӕд уыцы чингуытӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, суанг дунейы дӕр нӕ бацӕуиккой.21:25 Ин. 20:30.