Апостол Иаковы фыстӕг

1

1 Иаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийы цагъарӕй, – ӕцӕгӕлон адӕмты ӕхсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.

Фӕлварӕн ӕмӕ уырнындзинад

2 Алы фӕлварӕнты куы бахаут, ме ’фсымӕртӕ, уӕд ӕй уӕхицӕн нымайут стыр амондыл,1:2 Ап. хъ. 5:41; 1 Кор. 10:13.

3 Уымӕн ӕмӕ уӕ уырнындзинад фӕлварӕнты куы бахауы, уӕд фӕразон кӕй свӕййут, уый сымахӕн зындгонд у.1:3 1 Пет. 1:7; Ром. 5:3.

4 Фӕразондзинад та сымах хъуамӕ ӕркӕна, алцӕмӕй дӕр бынтон нывыл куыд уат, ӕппындӕр уӕм аипп куыд нӕ уа, уымӕ.

5 Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, – ӕмӕ йын ратдзӕн.

6 Ӕрмӕст курӕд, кӕй райсдзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ ӕмӕ бынтон ӕнӕдызӕрдыгӕй. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕмӕй фӕхъазы, уыцы денджызон уылӕнау.1:6 Мф. 7:7; Мк. 11:24; Лк. 11:9; Ин. 14:13; 16:23.

7 Ахӕм адӕймаг Хицауӕй исты райсыныл йӕ зӕрдӕ ма дарӕд –

8 Йӕ зонд дыууӕрдӕм хӕцы, ӕмӕ цыдӕриддӕр ма араза, фаг ныфс ӕм нӕ разыны.

9 Гӕвзыкк ӕфсымӕр ӕппӕлӕд, хъӕздыг кӕй у, уымӕй.

10 Хъӕздыг та ӕппӕлӕд йӕ гӕвзыккӕй, уымӕн ӕмӕ ӕрбацыдӕр уыдзӕни быдираг дидинӕгау.1:10 1 Пет. 1:24.

11 Скӕсы хур, йӕ тӕвдӕй бахус вӕййы ӕмӕ ӕрызгъӕлы дидинӕг, йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Афтӕ хъӕздыг дӕр: йӕ хъуыддӕгтӕ аразгӕ-аразын фӕтары уыдзӕн.

12 Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард.1:12 2 Тим. 4:8; Дзут. 12:5.

13 Фӕлварӕнты чи бахауа, уый ма дзурӕд: «Хуыцау мӕ къахы». Хуыцауӕн фыдӕхӕй ракъахӕн нӕй, стӕй Йӕхӕдӕг дӕр никӕй къахы.1:13 Лк. 11:4.

14 Фӕлӕ алкӕй дӕр ракъахы йӕхи монц, сцыбӕл ӕй кӕны ӕмӕ бахауы йӕ къӕппӕджы.

15 Монц ауадзы йӕ уидӕгтӕ, ӕмӕ дзы рацӕуы тӕригъӕд, тӕригъӕд та расайы мӕлӕт.1:15 Ром. 6:21, 23.

16 Ма фӕдзӕгъӕл ут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ.

17 Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы хорзӕх дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ аууоны фӕд Кӕуыл нӕ зыны, Уымӕй – рухсы Фыдӕй.1:17 Ин. 3:27.

18 Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард – ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хорысӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн.1:18 Ин. 1:13; 1 Пет. 1:23; Дзут. 12:23.

Ӕххӕст кӕн Хуыцауы ныхас

19 Зонут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алы адӕймаг дӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау баууилӕд йӕ ныхас, сонт мӕстыгӕр ма уӕд.

20 Уымӕн ӕмӕ мӕсты адӕймаджы бон нӕу, Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый саразын.

21 Уымӕ гӕсгӕ ныууадзут алы чъизи ми, алы фыдӕх; ӕвӕлмасӕй кӕсут Хуыцауы ныхасы коммӕ. Уыцы ныхас байтыдӕуыд уӕ зӕрдӕты ӕмӕ йӕ бон у уӕ фервӕзын кӕнын.1:21 Ром. 1:16; Эф. 4:22.

22 Ӕххӕст ӕй кӕнут ӕмӕ ма ут, ӕрмӕст ӕм байхъусынӕй дарддӕр чи ницы аразы ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхи чи сайы, ахӕмтӕ.1:22 Мф. 7:21; Лк. 11:28; Ром. 2:13.

23 Уымӕн ӕмӕ ныхас чи хъусы, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны, уый у, кӕсӕны йӕхимӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаджы хуызӕн:

24 Федта йӕхи, иуварс ацыд ӕмӕ дзы уайтӕккӕ ферох, цы хуызӕн у, уый.

25 Фӕлӕ ахӕм нӕу, сӕрибардӕттӕг ӕнаипп ӕгъдау чи иртасы ӕмӕ йыл чи хӕцы, уыцы адӕймаг. Цы хъусы, уый дзы нӕ ферох вӕййы, фӕлӕ йӕ ӕххӕст кӕны. Ахӕм адӕймаг тӕхудиаг уыдзӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр.1:25 Ин. 13:17; 2 Кор. 3:18.

26 Кӕд исчи йӕхи уырнӕгыл нымайы, йе ’взагыл та йӕ бар нӕ цӕуы, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи сайы ӕмӕ йӕ уырнындзинад тутт у.1:26 1 Пет. 3:10.

27 Сидзӕрты, идӕдзты сӕ зынты барӕвдауын, а дунейы чъизитӕй хи бахизын – уый у Фыд-Хуыцауы раз сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау уырнындзинад.1:27 Иак. 2:17.

2

Уарзондзинады ӕгъдау

1 Ме ’фсымӕртӕ, сымах нӕ намысджын Хицау Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕ стут ӕмӕ макӕй хъулон кӕнут.

2 Зӕгъӕм, уе ’мбырдмӕ бацыд адӕймаг сызгъӕрин къухдарӕнимӕ, зынаргъ дарӕсы. Бацыд мӕгуыр дӕр бызгъуыр дарӕсы.

3 Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, сымах уымӕ куы бакӕсат ӕмӕ йын куы зӕгъат: «Сбад ацы хорз бынаты», мӕгуырӕн та куы зӕгъат: «Ды уым слӕуу», кӕнӕ: «Ӕрбад ам, мӕ къӕхты раз»,

4 Уӕд, мыййаг, иуы иннӕмӕй нӕ уӕлдӕр кӕнут ӕмӕ галиу зондыл лӕуд тӕрхонгӕнджытӕ не свӕййут?

5 Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.2:5 Мф. 5:3.

6 Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Бонджынтӕ уӕ не ссӕндынц ӕмӕ уӕ тӕрхоны раз ӕнӕбары уыдон, мыййаг, не ’рлӕууын кӕнынц?

7 Сымахӕн цы кадджын ном рардӕуыд, ууыл цъыф, мыййаг, уыдон нӕ калынц?

8 Сыгъдӕг Фысты куыд загъд ис: «Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ», зӕгъгӕ, кӕд сымах Паддзахы уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрут, уӕд раст кӕнут.2:8 Мф. 5:43.

9 Фӕлӕ кӕд искӕй хъулон кӕнут, уӕд тӕригъӕды ӕфтаут уӕхи ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ стут ӕгъдаухалджытӕ.

10 Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый йын йӕ домӕнтӕй искӕцыйы куы фӕкъуыхцы уа, уӕд, ӕнӕхъӕн ӕгъдау фехалӕгау, азымджын у.2:10 Мф. 5:19.

11 «Ма хӕт» Чи загъта, «Ма амар» дӕр Уый загъта. Кӕд хӕтгӕ нӕ кӕныс, фӕлӕ искӕй марыс, уӕд ӕгъдаухалӕг дӕ.2:11 Мф. 19:18.

12 Уӕ ныхас ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ нывыл хъуамӕ уой, уымӕн ӕмӕ уын сӕрибардӕттӕг ӕгъдау тӕрхон кӕндзӕн.

13 Тӕригъӕдгӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхон тӕригъӕд нӕ зоны; тӕригъӕдгӕнагӕн тӕрхонӕй тас нӕу.2:13 Мф. 6:15.

Уырнындзинад ӕмӕ хъуыддӕгтӕ

14 Ме ’фсымӕртӕ, кӕд исчи зӕгъы, уырнындзинад мӕм ис, зӕгъгӕ, йӕ хъуыддӕгтӕ та уырнындзинадмӕ гӕсгӕ не сты, уӕд ын уый цы пайда у? Ахӕм уырнындзинад ӕй фервӕзын кӕндзӕн?2:14 Мф. 7:26.

15 Зӕгъӕм, де ’фсымӕр кӕнӕ дӕ хо сты бӕгънӕг ӕмӕ сӕм бонваг хойраг дӕр нӕй,

16 Ӕмӕ сын сымахӕй исчи куы зӕгъид: «Ацӕут фарнимӕ, уӕхи батавут ӕмӕ бахӕрут», фӕлӕ хъуаг цӕмӕй ӕййафынц, уый та сын куы нӕ раттид, уӕд уымӕй цы пайда ис?

17 Афтӕ уырнындзинад дӕр – хъуыддӕгтӕй ӕвдыст куы нӕ уа, уӕд мард у.

18 Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Дӕумӕ уырнындзинад ис, мӕнмӕ та – хъуыддӕгтӕ». Фенын мын кӕн дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад мӕ хъуыддӕгтӕй равдисдзынӕн.

19 Дӕу уырны, Хуыцау иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. Хорз кӕныс. Уый дӕлимонты дӕр уырны ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц.2:19 Мк. 1:24; 12:29; Ап. хъ. 19:15.

20 Фӕлӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард кӕй у, уый базонын дӕ фӕнды, ӕнӕзонд адӕймаг?

21 Нӕ фыдӕл Авраам йӕ фырт Исаакы нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд Хуыцау Авраамы йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви?2:21 Дзут. 11:17.

22 Куыд уыныс, афтӕмӕй йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм цыдысты, хъуыддӕгты фӕрцы йӕ уырнындзинад сси ӕнаипп.

23 Афтӕ сӕххӕст, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». Ӕмӕ Авраамы схуындӕуыд Хуыцауы хӕлар.2:23 Ром. 4:3; Гал. 3:6.

24 Куыд уынут, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы сраст кӕны ӕрмӕст уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгты фӕрцы дӕр.

25 Афтӕ хӕтагсыл Раав дӕр сгарджыты куы суазӕг кодта ӕмӕ сӕ ӕдас фӕндагыл куы арвыста, уӕд ӕй Хуыцау йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви?

26 Уӕдӕ буар ӕнӕ удӕй мард куыд у, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у.2:26 Дзут. 11:31.

3

Ӕвзаджы тыххӕй

1 Ме ’фсымӕртӕ, сымахӕй бирӕтӕ сӕхицӕй ахуыргӕнджытӕ скӕнынмӕ ма тырнӕнт. Махӕй, ахуыргӕнджытӕй, карздӕрӕй кӕй ӕрдомдӕуыдзӕн, уый сымахӕн зындгонд у.3:1 Мф. 23:8.

2 Уымӕн ӕмӕ мах неппӕт дӕр арӕх фӕтӕригъӕдджын вӕййӕм. Ныхасӕй тӕригъӕд чи нӕ ракӕны, уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йеппӕт буары рохтыл хӕцын дӕр.

3 Цӕмӕй бӕхтӕ нӕ коммӕ кӕсой, уый тыххӕй сын идоны къӕбӕлтӕ сӕ дзыхы куы бакӕнӕм, уӕд нӕ бар фӕцӕуы сеппӕт буарыл дӕр.

4 Кӕс-ма, наутӕ дӕр кӕд тынг егъау сты ӕмӕ сӕ кӕд цыфӕнды тыхджын дымгӕтӕ тӕрынц, уӕддӕр сӕ гыццыл здахӕн саразы, наутӕрӕджы кӕдӕм фӕфӕнды, уыцырдӕм.

5 Афтӕ ӕвзаг дӕр хӕрзгыццыл уӕнг у, фӕлӕ йын тынг бирӕ ӕнтысы. Кӕс-ма, хӕрзгыццыл зынгӕй цы стыр арт сирвӕзы!

6 Ӕвзаг дӕр у зынг, фыдбылызы дуне. Ӕвзаг нӕ буары иннӕ уӕнгты ӕхсӕн ахӕм у, ӕмӕ ӕлгъаг кӕны ӕгас буар дӕр, арт бафтауы неппӕт цардыл, йӕхӕдӕг та зындоны артӕй судзы.3:6 Мф. 15:18.

7 Адӕймагӕн йӕ бон у алы сырдты ӕмӕ мӕргъты, хилджыты ӕмӕ денджызон цӕрӕгойты йӕ дӕлбар бакӕнын, ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар дӕр бакодта.

8 Ӕвзаджы та йӕ дӕлбар бакӕнын адӕмӕй никӕмӕн ӕнтысы. Уый у, бауромӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фыдбылыз, мӕлӕтхӕссӕг маргӕй ӕмыдзаг.

9 Ӕвзагӕй арфӕ кӕнӕм нӕ Хицауӕн – Фыдӕн, ӕмӕ дзы ӕлгъитӕм, Хуыцауы ӕнгӕс кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы адӕмы дӕр.

10 Иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Ме ’фсымӕртӕ, уый хъуамӕ афтӕ ма уа.

11 Уыциу суадонӕй гуырынц, мыййаг, адджын дон дӕр ӕмӕ маст дон дӕр?

12 Ме ’фсымӕртӕ, легъуибӕласыл, мыййаг, зетибӕласы гагатӕ ӕрзайдзӕни, сӕнӕфсирыл та – легъуийы дыргътӕ? Афтӕ цӕхджын суадонӕй дӕр адджын дон нӕ гуыры.3:12 Лк. 6:44.

Зӕххон зонд ӕмӕ уӕларвон зонд

13 Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ исчи у? Кӕд ӕцӕг ахӕм у, уӕд ӕй равдисӕд йӕ нывыл цардӕй, зондӕй гуырӕг ӕвӕлмасдзинадӕй.3:13 Мф. 5:16; 2 Тим. 2:24.

14 Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон.

15 Уый нӕу уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд, фӕлӕ у зӕххон, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй рацӕугӕ, хӕйрӕджы лӕвӕрд.

16 Уымӕн ӕмӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзын кӕм уа, уым уыдзӕни змӕст ӕмӕ алы ӕвзӕр митӕ.3:16 1 Кор. 3:3.

17 Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, ӕвӕлмас, уарзӕгой, нӕу хивӕнд, йӕ хъуыддӕгтӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй.3:17 Мф. 5:7-8; 2 Кор. 6:6; Гал. 5:22; 1 Тим. 1:5.

18 Фидыд чи тауы, уыцы фидауынгӕнджытӕ бафснайынц рӕстады тыллӕг.

4

Хуыцауӕн басӕттут

1 Сымахмӕ фыдӕх ӕмӕ хъаугъатӕ кӕцӕй ис? Уӕ мидӕг кӕрӕдзиимӕ цы монцтӕ тох кӕнынц, уыдон сӕ нӕ расайынц, ӕви?4:1 Ром. 7:23; Гал. 5:17.

2 Бӕллут цӕмӕдӕр – ӕмӕ уын нӕй; марут ӕмӕ хӕлӕг кӕнут, фӕлӕ уӕддӕр уӕ бон йӕ райсын нӕу. Кӕрӕдзимӕ хӕссут фыдӕх ӕмӕ хъаугъа кӕнут; цы уӕ хъӕуы, уый нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ нӕ курут.

3 Куы фӕкурут, уӕд нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхӕн нӕ курут, фӕлӕ уӕ монцтӕ бафсадынӕн.4:3 1 Ин. 3:22.

4 Хуыцауы ныууадзӕг адӕм! Дунеимӕ хӕларӕй цӕрын Хуыцауӕн знаггад кӕнын кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ дунеимӕ хӕларӕй цӕрын чи равзара, уый Хуыцауӕн свӕййы знаг.4:4 Ин. 15:19; Ром. 8:7.

5 Ӕви сымах афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст дзӕгъӕлы зӕгъы: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты Кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы Уд нӕ афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ Йӕ фӕнды, ӕрмӕст Уый дӕлбар куыд уӕм»?4:5 Гал. 5:17.

6 Уый хыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».4:6 Лк. 14:11; 1 Пет. 5:5.

7 Уӕдӕ Хуыцауӕн басӕттут, слӕуут хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ уӕ алидздзӕн.

8 Ӕрбахӕстӕг ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Ссыгъдӕг кӕнут уӕ къухтӕ, тӕригъӕдджынтӕ; ӕрӕхсут уӕ зӕрдӕтӕ, дызӕрдыгтӕ.

9 Хъыг кӕнут, кӕут ӕмӕ дзыназут. Уӕ худын раивут кӕуынӕй, уӕ цин – хъыгӕй.4:9 Мф. 5:4.

10 Хицауы раз ӕрныллӕг кӕнут уӕхи ӕмӕ уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.4:10 1 Пет. 5:6.

11 Кӕрӕдзийыл цъыф ма калут, ӕфсымӕртӕ. Йе ’фсымӕрыл цъыф чи калы кӕнӕ йе ’фсымӕрӕн чи тӕрхон кӕны, уый цъыф калы ӕгъдауыл ӕмӕ йын тӕрхон хӕссы. Кӕд ӕгъдауӕн тӕрхон хӕссыс, уӕд ӕгъдау ӕххӕстгӕнӕг нӕ дӕ, фӕлӕ тӕрхонгӕнӕг.4:11 Мф. 7:1.

12 Ӕгъдауӕвӕрӕг ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕг иу у, Йӕ бон у фервӕзын кӕнын дӕр ӕмӕ фесафын дӕр. Ды та чи дӕ, ӕмӕ хионӕн тӕрхон кӕнай?4:12 Ром. 14:4.

Хуыцауы уал бафӕрс

13 Ныр та байхъусут сымах, афтӕ зӕгъджытӕ: «Абон кӕнӕ райсом ацӕудзыстӕм ахӕм ӕмӕ ахӕм сахармӕ, фӕцӕрдзыстӕм дзы афӕдз, кӕндзыстӕм сӕудӕджер ӕмӕ райсдзыстӕм ӕфтиаг».4:13 Лк. 12:18.

14 Афтӕмӕй та райсом цы ӕрцӕудзӕн, уый уӕвгӕ дӕр нӕ зонут. Уӕ цард цы у? Сымах стут донытӕфау, исдуг чи фӕзыны ӕмӕ стӕй чи ӕрбайсӕфы.

15 «Хицауы куы бафӕнда, уӕд мах уыдзыстӕм удӕгас ӕмӕ сараздзыстӕм уый дӕр ӕмӕ уый дӕр», – афтӕ дзурыны бӕсты4:15 Ап. хъ. 18:21; 1 Кор. 4:19; 16:7.

16 Сымах фырхъалӕй уӕхицӕй ӕппӕлут. Алы ахӕм хиппӕлой ми дӕр фыдбылыз у.

17 Уӕдӕ хорз кӕнын кӕй хъӕуы, уый чи ӕмбары ӕмӕ йӕ чи нӕ кӕны, уымӕн уый тӕригъӕд у.

5

Бонджынтӕн зонынӕн

1 Байхъусут сымах, бонджынтӕ. Кӕут ӕмӕ дзыназут, цы бӕллӕхтӕ уӕ ӕрӕййафынц, уыдоны тыххӕй.5:1 Лк. 6:24; 1 Тим. 6:9, 17.

2 Уӕ мулк бамбыди, уӕ дарӕс уын бахордта рӕмпӕг.

3 Уӕ сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист сызгӕ сты, се згӕ уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн ӕмӕ уын артау бахӕрдзӕн уӕ буар. Рӕстӕджы кӕрон ӕрӕмбырд кодтат уӕ хӕзнатӕ!5:3 Мф. 6:19.

4 Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Хор бафснайджыты ӕрдиаг сыхъуысти Хицау Саваофмӕ.

5 Сымах хъалӕй цардыстут зӕххыл, уӕ удыдзӕбӕхӕн; уӕхи снард кодтат, къӕсӕрмӕ чи ӕрбахӕццӕ, уӕ ӕргӕвдыны уыцы бонмӕ.5:5 Лк. 6:25.

6 Сымах тӕрхон рахастат рӕстгӕнджытӕн ӕмӕ сӕ амардтат; уыдон уын ныхкъуырд нӕ лӕвӕрдтой.

Ут фӕразон ӕмӕ кувут

7 Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, Хицауы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕразонӕй. Мӕнӕ зӕхкусӕг фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ бӕркадмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон уарынтӕ ӕрцӕуой, уӕдмӕ.

8 Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсут сымах дӕр, фидар фӕлӕуут, уымӕн ӕмӕ Хицауы ӕрцыдмӕ бирӕ нал баззади.5:8 Лк. 21:9; Дзут. 10:36.

9 Кӕрӕдзийӕ хъӕстаг ма ут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы.

10 Ме ’фсымӕртӕ, Хицауы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕ хъизӕмӕрттӕн куыд фӕразон уыдысты, афтӕ фӕразон ут сымах дӕр.5:10 Мф. 5:12.

11 Мах тӕхудиагыл нымайӕм, хъизӕмӕрттӕн чи бафӕрӕзта, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынд ӕмӕ йӕ Хицау ӕппынфӕстаг кӕй схорзӕхджын кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ зонут, Хицау уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый.

12 Уӕлдайдӕр, ме ’фсымӕртӕ, ма сомы кӕнут нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй, нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй. Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ уа «о», уӕ «нӕ» та – «нӕ», ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат.5:12 Мф. 5:34, 37.

13 Хъизӕмар уӕ исчи ӕвзары? Кувӕд. Хъӕлдзӕг уӕ исчи у? Зарӕд Хуыцауӕн.5:13 Эф. 5:19; 6:18.

14 Рынчын уӕ исчи у? Фӕдзурӕд аргъуаны хистӕртӕм. Уыдон ӕй Хицауы номыл байсӕрддзысты зетийӕ ӕмӕ йын скувдзысты.5:14 Мк. 6:13.

15 Уырнындзинады мидӕг йӕ тых кӕмӕн ис, уыцы куывдӕй сдзӕбӕх уыдзӕн рынчын, ӕмӕ йӕ Хицау рабадын кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд тӕригъӕдты бафтыди рынчын, уӕд ын сӕ ныббарстӕуыдзӕн.5:15 Мф. 9:2.

16 Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй, ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.

17 Илиа мах хуызӕн адӕймаг уыди. Фӕлӕ уарын цӕмӕй ма уа, уый тыххӕй зӕрдиагӕй ракуырдта Хуыцауӕй, ӕмӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы зӕхмӕ иу ӕртах дӕр не ’рхауд.5:17 Лк. 4:25.

18 Стӕй ногӕй куы бакуывта, уӕд арвӕй ӕрцыд уарын ӕмӕ зӕхх радта хор.

19 Ме ’фсымӕртӕ, исчи уӕ ӕцӕгадӕй куы адзӕгъӕл уа ӕмӕ йӕ иннӕ куы раздаха,5:19 Мф. 18:15; Лк. 17:3.

20 Уӕд зонӕд: чи адзӕгъӕл, ахӕм тӕригъӕдджыны раздахӕг ын мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн йӕ уд, ӕмӕ барст ӕрцӕудзысты бирӕ тӕригъӕдтӕ.