Апостол Павелы фыстӕг дзуттӕгтӕм
1Хуыцау адӕмимӕ ныхас кӕны Йӕ Фырты дзыхӕй
1 Хуыцау бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы хуызты рагӕй-ӕрӕгмӕ нӕ фыдӕлтимӕ ныхас кодта пехуымпарты дзыхӕй.1:1 1 Пет. 1:10.
2 Абон та, рӕстӕджы кӕрон, немӕ дзырдта, дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста ӕмӕ ӕппӕтӕн дӕр бындарӕй Кӕй сӕвӕрдта, Йӕ уыцы Фырты дзыхӕй.1:2 Ин. 1:3; 8:26; 15:15; Гал. 4:4; Эф. 1:10.
3 Фырт у Хуыцауы намысы тӕмӕнкалгӕ рухс; Фыды ӕмӕ Фырты ӕрдзыхъӕд иу у. Фырт ӕппӕтыл дӕр хӕцы Йӕ тыхджын ныхасӕй; мах ссыгъдӕг кодта тӕригъӕдтӕй ӕмӕ уӕлӕрвты сбадти Дунедарӕджы рахиз фарс.1:3 2 Кор. 4:4; Эф. 1:7; Кол. 1:15.
4 Хуыцау Ын цы ном радта, уый зӕдты нӕмттӕй цас кадджындӕр у, уыйбӕрц Фырт фӕуӕлдӕр уыдонӕй.1:4 Флп. 2:9.
Хуыцауы Фырт зӕдтӕй уӕлдӕр у
5 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕдтӕй кӕд кӕмӕн загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ»? Ӕмӕ ноджыдӕр: «Ӕз Йӕ Фыд уыдзынӕн, Уый та Мӕ Фырт уыдзӕн»?1:5 Дзут. 5:5.
6 Йӕ иунӕг Фырты дунемӕ хонгӕйӕ та Хуыцау загъта: «Табу Йын кӕнӕнт Хуыцауы ӕппӕт зӕдтӕ».
7 Зӕдты тыххӕй Сыгъдӕг Фысты загъд у: «Дӕ зӕдты фестын кӕныс дымгӕтӕ, Дӕ цумагӕнӕнты – пиллон арт».
8 Фырты тыххӕй та афтӕ загъд у: «Ды, Хуыцау, паддзахиуӕг кӕндзынӕ мыггагмӕ, Ды раст ӕлдариуӕг кӕныс Дӕ Паддзахады.1:8 Лк. 1:32.
9 Ды бауарзтай рӕстдзинад ӕмӕ Дын ӕнӕуынон у тӕригъӕд. Уымӕ гӕсгӕ Дӕу, Хуыцау, Дӕ Хуыцау де ’мбӕлттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта; байсӕрста Дӕ циндӕттӕг зетийӕ».1:9 Ин. 3:34; Ап. хъ. 4:27.
10 Ноджыдӕр загъд у: «Раздӕр Ды, Хицау, бындур ӕрӕвӕрдтай зӕххӕн, ӕмӕ арв дӕр Ды сфӕлдыстай.
11 Уыдонӕн ӕрцӕудзӕни кӕрон, Ды та дӕ ӕмӕ уыдзынӕ мыггагмӕ. Ӕппӕт дӕр ныххӕррӕгъ уыдзӕни дарӕсау,1:11 Мф. 24:35.
12 Ды сӕ стухдзынӕ пӕлӕзау, ӕмӕ сӕ раивдӕуыдзӕн дарӕсау. Ды та цы дӕ, уымӕй баззайдзынӕ, ӕмӕ Дӕ царды бонтӕ нӕ фӕуыдзысты».
13 Хуыцау зӕдтӕй кӕд кӕмӕн загъта: «Сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ»?1:13 Мк. 12:36; 16:19; Эф. 1:20.
14 Зӕдтӕ сеппӕт дӕр цумагӕнӕн удтӕ не сты, мыййаг? Ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕрвиты, чи хъуамӕ фервӕза, уыдоны сӕраппонд балӕггад кӕнынмӕ.
2Де ’ргом аздах фарны уацмӕ
1 Уӕдӕ цы фехъуыстам, уымӕ хъуамӕ здахӕм уӕлдай ӕргом, цӕмӕй ма фӕдзӕгъӕл уӕм.
2 Зӕдты фӕрцы загъд цы ныхас ӕрцыд, уымӕн ӕнӕххӕстгӕнгӕ куы нӕ уыд, ӕмӕ-иу Ӕгъдау фехалыны ӕмӕ коммӕ нӕ бакӕсыны тыххӕй адӕймаг алкӕддӕр аккаг ӕфхӕрд куы баййӕфта,2:2 Ап. хъ. 7:38, 53; Гал. 3:19; Дзут. 10:28.
3 Уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинадыл ӕнувыд куы нӕ уӕм, уӕд? Ацы ирвӕзындзинады тыххӕй фыццаг дзырдта Хицау, ӕмӕ йыл мах фидарӕй баууӕндын кодтой, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон.2:3 Мф. 4:17; Лк. 1:2.
4 Уыцы уац ӕцӕг кӕй у, уый Хуыцау Йӕхӕдӕг равдыста ӕвдисӕйнӕгтӕй, диссӕгтӕй, алыхуызон домбай хъуыддӕгтӕй, Сыгъдӕг Уд цы курдиӕттӕ дӕтты, уыдонӕй Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ бахай кӕнынӕй.2:4 Мк. 16:20.
Ирвӕзынгӕнӕг Чырысти у
5 Цы фидӕны дун-дунейы кой кӕнӕм, уый Хуыцау зӕдты дӕлбар нӕ бакодта.2:5 Мф. 28:18.
6 Афтӕ кӕй у, уый тыххӕй чидӕр Сыгъдӕг Фысты загъта: «Цы у адӕймаг, ӕмӕ йыл Ды тыхсай? Кӕнӕ цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл Ды мӕт кӕнай?
7 Цыбыр ӕмгъуыдмӕ йӕ сӕвӕрдтай зӕдтӕй дӕлдӕр, радтай йын кад ӕмӕ намыс. [Цы сфӕлдыстай, уый йын бакодтай йӕ бар.]2:7 Мф. 27:46.
8 Ӕппӕт дӕр ын ӕрӕвӕрдтай йӕ къӕхты бын». Хуыцау ын ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар куы бакодта, уӕд ын йӕ дӕлбар цы нӕ бакодта, ахӕмӕй ницыуал ныууагъта. Ныртӕккӕ та нӕма уынӕм, ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар кӕй у, уый.2:8 Мф. 28:18; 1 Кор. 15:27.
9 Фӕлӕ мах уынӕм, цыбыр ӕмгъуыдмӕ зӕдтӕй дӕлдӕр Кӕй сӕвӕрдӕуыд, уыцы Йесо Йӕ мӕлӕты руаджы кӕй схайджын кад ӕмӕ намысӕй. Уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын Хуыцауы бафӕндыд, Йесо алкӕй сӕраппонд дӕр мӕлӕт куыд бавзара.2:9 Ин. 3:16; Флп. 2:7, 11; Ӕрг. 5:9.
10 Ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕй фӕрцы фӕзынд, уыцы Хуыцауы бафӕндыд Йӕ бирӕ хъӕбулты намысмӕ ӕрхонын. Ӕмӕ уый тыххӕй хъизӕмӕртты фӕрцы Йесойы уыдонӕн скодта алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Ирвӕзынгӕнӕг.2:10 Лк. 24:26; Ин. 1:3.
11 Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕггӕнӕг дӕр, стӕй чи ссыгъдӕг, уыдон иууылдӕр иунӕг Хуыцауӕй сты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йе ’фсымӕртӕ хонын Чырысти ӕфсӕрмыйагыл нӕ нымайы ӕмӕ зӕгъы:2:11 Мф. 28:10; Ин. 20:17.
12 «Дӕ ном фехъусын кӕндзынӕн Ме ’фсымӕртӕн, се ’мбырды ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй».
13 Ӕмӕ ноджыдӕр: «Ӕз Ыл дардзынӕн Мӕ зӕрдӕ». Ӕмӕ ноджыдӕр: «Мӕнӕ Ӕз Мӕхӕдӕг ӕмӕ Мын Хуыцау кӕй радта, Мӕ уыцы хъӕбултӕ».
14 Уӕдӕ хъӕбултӕ туг ӕмӕ стӕгӕй кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары – хӕйрӕджы – ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ,2:14 Ин. 1:14; Ром. 8:3; 1 Кор. 15:54; 2 Тим. 1:10.
15 Ӕмӕ ссӕрибар кӕна, сӕ цӕргӕбонты мӕлӕты тасӕй цагъар чи уыд, уыдоны.2:15 Лк. 1:74; Ром. 8:15.
16 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Уый райста зӕдты ӕрдзыхъӕд нӕ, фӕлӕ Авраамы байзӕддаджы ӕрдзыхъӕд.
17 Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ ӕрхӕсса Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй.2:17 Флп. 2:7; Дзут. 5:2.
18 Ӕмӕ Йӕхӕдӕг фӕлварӕнтӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ Йӕ бон у, фӕлварӕнты чи бахауы, уыдонӕн баххуыс кӕнын.2:18 Дзут. 4:15.
3Йесо ӕмӕ Моисей
1 Уӕдӕ, мӕ сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕларвмӕ хуындтытӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ – ӕргомӕй кӕуыл хӕцӕм, нӕ уыцы уырнындзинады Алчер Йесомӕ.3:1 Дзут. 2:11.
2 Моисей Хуыцауы ӕппӕт хӕдзары куыд иузӕрдион уыд, афтӕ Йесо дӕр иузӕрдион у, Алчерӕй Йӕ Чи сӕвӕрдта, Ууыл.3:2 Дзут. 2:17.
3 Фӕлӕ хӕдзар саразӕг хӕдзарӕй куыд кадджындӕр у, афтӕ Йесо дӕр Моисейӕ стырдӕр намысы аккаг у.
4 Уымӕн ӕмӕ алы хӕдзарӕн дӕр ис аразӕг, фӕлӕ ӕппӕт дӕр Хуыцау сарӕзта.
5 Моисей иузӕрдион уыди Хуыцауы ӕппӕт хӕдзары, фӕлӕ лӕггадгӕнӕгау, цӕмӕй ӕвдисӕн уа, фидӕны цы загъд уыдзӕн, уымӕн.
6 Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыд Хуыцауы ӕппӕт хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ цы зӕрдӕдарӕнӕй ӕппӕлӕм, ууыл ӕнувыд куы разынӕм, уӕд.3:6 1 Кор. 3:16; Эф. 5:23; Кол. 1:23; 1 Тим. 3:15.
Ӕнцой Хуыцауы адӕмӕн
7 Сыгъдӕг Уд афтӕ зӕгъы: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат,
8 Уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы Йӕ ныхмӕ куы сыстадысты ӕмӕ Йӕ куы фӕлвӕрдтой, уӕдау.
9 Фӕлвӕрдтой Мӕ уым, къахтой Мӕ, ӕмӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы уыдтой Мӕ хъуыддӕгтӕ.
10 Уымӕ гӕсгӕ Ӕз смӕсты дӕн уыцы фӕлтӕрмӕ ӕмӕ загътон: сӕ зӕрдӕтӕ ӕдзух адзӕгъӕл вӕййынц, нӕ базыдтой Мӕ фӕндӕгтӕ.
11 Ӕмӕ Ӕз мӕстӕлгъӕдӕй расомы кодтон: уыдон Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты».3:11 Дзут. 4:11.
12 Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ хивӕнд зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза.
13 Фӕлӕ ма цалынмӕ «абон» дзурӕн ис, уӕдмӕ ӕрвылбон ныфс дӕттут кӕрӕдзийӕн, цӕмӕй тӕригъӕд макӕй асайа сымахӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа.3:13 1 Фес. 5:11.
14 Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстиимӕ ӕмхайджынтӕ стӕм, райдианы нӕм цы уырнындзинад уыди, ууыл кӕронмӕ фидарӕй куы хӕцӕм, уӕд.3:14 Ром. 8:17; Эф. 5:30.
15 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ Йӕ ныхмӕ куы сыстадысты, уӕдау».3:15 Дзут. 4:7.
16 Уымӕн ӕмӕ Моисей Мысырӕй кӕй ракодта, уыдон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъуыстой, уӕд Йӕ ныхмӕ сыстадысты, ӕрмӕст сеппӕт нӕ.
17 Дыууиссӕдз азы дӕргъы Хуыцауы маст кӕмӕ фыхти? Тӕригъӕды чи бафтыд ӕмӕ се стджытӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы кӕмӕн баззадысты, уыдонмӕ Йын нӕ фыхти, ӕви?
18 Ӕгоммӕгӕстӕй дарддӕр кӕмӕн расомы кодта Хуыцау, Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты, зӕгъгӕ?
19 Уӕдӕ мах уынӕм: хивӕнд кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын нӕ бантыст бацӕуын.
41 Уӕдӕ Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ бацӕуыны тыххӕй зӕрдӕвӕрд цалынмӕ йӕ тыхы ис, уӕдмӕ тӕрсӕм, цӕмӕй сымахӕй уыцы фӕлладуадзӕнӕй ӕнӕхай мачи фӕуа.
2 Уымӕн ӕмӕ фарны уац уыдон куыд фехъуыстой, мах дӕр ӕй афтӕ фехъуыстам. Фӕлӕ цы ныхас фехъуыстой, уый сын пайда не ’рхаста, уымӕн ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты.4:2 1 Пет. 1:12.
3 Мах та йыл баууӕндыдыстӕм ӕмӕ цӕуӕм Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ, Уый куыд загъта, афтӕ: «Ӕз мӕстӕлгъӕдӕй расомы кодтон: уыдон Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты». Хуыцау та Йӕ хъуыддӕгтӕ арӕзт фӕци, дуне куы сфӕлдыста, уӕд.4:3 Дзут. 3:11.
4 Уымӕн ӕмӕ ӕвдӕм боны тыххӕй кӕмдӕр афтӕ загъд у: «Ӕмӕ ӕвдӕм бон Хуыцау ӕрӕнцад Йеппӕт хъуыддӕгтӕй».
5 Уыимӕ ма ноджыдӕр загъд у: «Уыдон Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты».
6 Уӕдӕ ма йӕм чидӕртӕ хъуамӕ бацӕуой. Раздӕр фарны уац чи фехъуыста, уыдон сӕ хивӕнды аххосӕй кӕй нӕ бацыдысты,
7 Уымӕ гӕсгӕ ма Хуыцау ноджыдӕр дӕтты бӕлвырд афон – «абон». Уый тыххӕй бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ загъта Давиды дзыхӕй, уӕлдӕр куыд загъд у, афтӕ: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».4:7 Дзут. 3:7-8.
8 Нуны фырт Йесо сын ӕнцой куы ӕрхастаид, уӕд уый фӕстӕ Хуыцау ӕндӕр боны тыххӕй нал загътаид.
9 Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн нырма ӕрцӕудзӕни фӕлладуадзӕн сабат.4:9 Ӕрг. 7:14; 14:13.
10 Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ чи бацыд, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнцад йӕ хъуыддӕгтӕй, Хуыцау Йӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕрӕнцад, афтӕ.
11 Уӕдӕ бацархайӕм уыцы фӕлладуадзӕнмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ хал ма ахӕра.
12 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас у цӕрдуд ӕмӕ хъомысджын, цавӕрфӕнды дыком цирхъӕй цыргъдӕр: уый ахъары афтӕ, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны зӕрдӕ ӕмӕ уд, ӕрхӕджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн.4:12 2 Кор. 10:4; Эф. 6:17; Ӕрг. 1:16.
13 Ӕмӕ Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй Дзы сусӕг ничи у. Ӕппӕт дӕр Ын ӕргом у – дзуапп Уымӕн ратдзыстӕм.
Чырысти – Аргъуаны стыр Алчер
14 Уӕдӕ махӕн ис, уӕлӕрвтыл Чи ахызти, уыцы стыр Алчер Йесо, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ фидар ныххӕцӕм, ӕргомӕй цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл.4:14 Дзут. 6:20.
15 Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уый дӕр, махау, бавзӕрста ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, фӕлӕ тӕригъӕд нӕ ракодта.4:15 Дзут. 2:17.
16 Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын уа хатыр ӕмӕ бахъуаджы рӕстӕг ӕххуысӕн райсӕм хорзӕх.4:16 Ром. 3:25; Эф. 3:2.
51 Уымӕн ӕмӕ алы алчеры дӕр адӕмӕй сӕвзӕрстӕуы, адӕмы сӕраппонд ӕй сӕвӕрдӕуы Хуыцауӕн кусӕгӕй, тӕригъӕдты тыххӕй хуынтӕ ӕмӕ нывондтӕ куыд хӕсса.
2 Йӕ бон у, чи фӕдзӕгъӕл, уыцы ӕнӕфендтыл ӕрвӕссын, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр лӕмӕгъ у.
3 Уымӕ гӕсгӕ адӕмы тӕригъӕдты ӕмрӕнхъ йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй дӕр хъуамӕ хӕсса нывондтӕ.
4 Ӕмӕ ахӕм стыр бынаты йӕхи ничи сӕвӕрдзӕн – Хуыцау ӕй хъуамӕ сӕвзара, Аароны куыд сӕвзӕрста, афтӕ.
5 Чырысти дӕр Алчеры намыс Йӕхӕдӕг нӕ радта Йӕхицӕн, фӕлӕ Йын афтӕ Чи загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ», Уый Йын ӕй радта,5:5 Ин. 8:54; Дзут. 1:5.
6 Ӕндӕр ран дӕр ма куыд загъд у, афтӕ: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».5:6 Дзут. 7:17.
7 Уый ма зӕххыл куы уыди, уӕд, дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ, куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, кӕй Йӕ нымадта, уый тыххӕй.5:7 Мф. 26:39; Мк. 14:35-36; Лк. 22:44; Ин. 12:27.
8 Кӕд Хуыцауы Фырт уыди, уӕддӕр тухӕнты фӕрцы сси коммӕгӕс,5:8 Флп. 2:7-8; Дзут. 1:5.
9 Сӕххӕст алцӕмӕй дӕр, ӕмӕ Йеппӕт коммӕгӕстӕн фестад мыггагмӕйы ирвӕзындзинады гуырӕн.
10 Ӕмӕ Йӕ Хуыцау расидти Мелхиседекы хуызӕн Алчерӕй.
Ӕхсыр ӕмӕ хъӕбӕр хойраг
11 Уый тыххӕй ма нын бирӕ дзурын ӕмбӕлы, фӕлӕ нын зын у сымахӕн ӕй бамбарын кӕнын, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут.5:11 Мф. 13:15; Ин. 16:12.
12 Цас рӕстӕг рацыд, уымӕ гӕсгӕ ныр ахуыргӕнджытӕ хъуамӕ уаиккат, сымахӕн та хъӕуы, цӕмӕй уын исчи ногӕй амона Хуыцауы ныхасы абетӕ; хъӕбӕр хойраг нӕ, фӕлӕ та уӕ ногӕй ӕхсыр хъӕуы.5:12 Ин. 3:10; 1 Пет. 2:2; 1 Кор. 3:1.
13 Йӕ хойраг ӕхсыр кӕмӕн у, уый раст цы у, уымӕн ницы ӕмбары, уымӕн ӕмӕ нырма дзидзидай у.5:13 1 Кор. 13:11; 14:20.
14 Чи бахъомыл, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ фыдӕх хицӕн кӕнынмӕ чи арӕхсы, хъӕбӕр хойраг уыдонӕн у.5:14 Эф. 4:13; Флп. 3:15.
61 Уӕдӕ ныууадзӕм Чырыстийы ахуырады абетӕ ӕмӕ не ’ргом аздахӕм, хъомылӕн цы ӕмбӕлы, уымӕ. Ма бавналӕм ногӕй бындур ӕвӕрынмӕ – мауал ахуыр кӕнӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕныныл ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыныл,
2 Алыхуызон аргъуыдтыл, къухтӕ ӕрӕвӕрыныл, мӕрдты райгасыл ӕмӕ мыггагмӕйы тӕрхон рахӕссыныл.
3 Нӕ фӕлӕ Хуыцау фадат куы ратта, уӕд нӕ къухы бафтдзӕни дарддӕр ацӕуын.
4 Уымӕн ӕмӕ иу хатт рухс кӕй зӕрдӕйы ссыгъдӕуыд, уӕларвон хорзӕхы ад чи базыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын,6:4 Мф. 12:45.
5 Хуыцауы ныхас куыд арфӕйаг у, уый чи базыдта, фидӕны дунейы цы тых ӕвдыст ӕрцӕудзӕн, уый чи банкъардта,
6 Ӕмӕ уый фӕстӕ уырнындзинад чи ныууагъта, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фырты ногӕй сӕ зӕрдӕты байтындзынц дзуарыл ӕмӕ Йӕ ӕгад кӕнынц.6:6 2 Пет. 2:20; 1 Ин. 5:16; Дзут. 10:29.
7 Бирӕ къӕвдатӕй ӕфсӕст ӕмӕ йӕм чи зилы, уыдонӕн цардыхосы зайӕгхал дӕттӕг зӕхх арфӕгонд вӕййы Хуыцауӕй;
8 Сындз ӕмӕ пыхсы бын чи фӕвӕййы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы ӕмӕ у ӕлгъыстӕввонг, ӕппынфӕстаг арты амӕддаг бауыдзӕн.6:8 Мк. 11:21.
9 Ӕниу, кӕд дзургӕ афтӕ кӕнӕм, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕддӕр ӕууӕндӕм, сымах хуыздӕр уавӕры кӕй стут ӕмӕ ирвӕзындзинады фӕндагыл кӕй цӕут, ууыл.
10 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзӕн, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уымӕй Йӕ кадӕн цы фӕллой ӕмӕ уарзондзинад равдыстат, уый.6:10 Мф. 10:42; 25:40.
11 Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый.
12 Ма сут зивӕггӕнаг, фӕлӕ фӕзмут, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый уырнындзинады ӕмӕ фӕразоны фӕрцы чи райсы, уыдоны.
Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта
13 Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ куы ӕвӕрдта, уӕд ын Йӕхицӕй сомы кодта, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй уӕлдӕр кӕмӕй расомы кодтаид, ахӕм нӕ уыди.6:13 Лк. 1:73.
14 Хуыцау загъта: «Ӕцӕгӕй дӕ Мӕ арфӕты бын фӕкӕндзынӕн ӕмӕ дын ратдзынӕн тынг бирӕ цот».
15 Ӕмӕ фӕразонӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кӕсыны фӕстӕ Авраам райста, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.6:15 Ром. 4:17.
16 Адӕм сомы кӕнынц сӕхицӕй уӕлдӕрӕй, ӕмӕ сӕ ныхас раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн вӕййы сӕ уыцы сомы, ӕмӕ уӕд алы быцӕуӕн дӕр ӕрцӕуы кӕрон.
17 Афтӕ Хуыцау дӕр Йӕ зӕрдӕвӕрд сфидар кодта сомыйӕ; зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта, уый чи хъуамӕ райстаид, уыдонӕн Йӕ сомыйӕ бӕлвырд равдыста, Йӕ фӕндон кӕй никуы аивдзӕн, уый.
18 Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ӕмӕ сомыйӕн ивӕн нӕй, ӕмӕ дзы Хуыцауы бон мӕнг зӕгъын нӕу. Йӕ уыцы дыууӕ хъуыддаджы махӕн дӕттынц стыр ныфс, ӕмӕ мах, Хуыцауы дӕлбазыр ӕмбӕхсӕн ссарджытӕ, фидар хӕцӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, ууыл.
19 Уыцы зӕрдӕдарӕн махӕн у науӕнгуырау ӕдас ӕмӕ фидар, ӕмӕ кӕны фӕсӕмбӕрзӕнмӕ – Иууылсыгъдӕг Бынатмӕ,
20 Мелхиседекы хуызӕн Алчер мыггагмӕ Чи сси, уыцы Йесо нӕ сӕраппонд фӕндагамонӕгӕй кӕдӕм бацыди, уырдӕм.
7Мелхиседек
1 Мелхиседек уыди Салимы паддзах, Дунедарӕг Хуыцауы алчер. Паддзӕхты ныддӕрӕн кӕныны фӕстӕ Авраам куы ӕрбацӕйздӕхт, уӕд Мелхиседек рацыд йӕ размӕ ӕмӕ йыл Хуыцауы арфӕ бафтыдта.
2 Авраам уымӕн алцӕмӕй дӕр рахицӕн кодта дӕсӕймаг хай. Йӕ ном «Мелхиседек» амоны «Рӕстады паддзах»; уый у Салимы паддзах, ома, «Фарны паддзах».
3 Мелхиседекӕн нӕй фыд, мад, фыдӕлтӕ, йӕ цардӕн нӕй райдайӕн ӕмӕ кӕрон. Хуыцауы Фырты хуызӕн уӕвгӕйӕ, уый у алчер мыггагмӕ.
4 Уынут, нӕ рагфыдӕл Авраам паддзӕхтӕй цы байста, уыдонӕн сӕ хуыздӕр дӕсӕймаг хай кӕмӕн радта, уый куыд цытджын у!
5 Сауджынтӕ чи свӕййы, Левийы уыцы байзӕддагӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ис адӕмӕй, ома, се ’фсымӕртӕй, дӕсӕймаг хай ӕмбырд кӕныны бар, кӕд се ’фсымӕртӕ дӕр Авраамы байзӕддаг сты, уӕддӕр.
6 Мелхиседек та Левийы хӕдзарвӕндагӕй нӕ уыди, фӕлӕ райста дӕсӕймаг хай Авраамӕй – Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уымӕй – ӕмӕ йыл арфӕ бафтыдта.
7 Хуыцауы арфӕ кӕуыл бафтыдӕуы, уымӕй арфӕгӕнӕг уӕлдӕр кӕй у, уый та гуырысхойаг никӕмӕн у.
8 Уыимӕ дӕсӕймаг хай чи исы, Левийы уыцы байзӕддӕгтӕ ӕнӕ мӕлгӕ не сты, Мелхиседекы тыххӕй та Сыгъдӕг Фыст зӕгъы, удӕгас у, зӕгъгӕ.
9 Ис афтӕ зӕгъӕн дӕр: Авраам дӕсӕймаг хай Мелхиседекӕн куы радта, уӕд ма йын ӕй радта, дӕсӕймаг хай Израилы кӕй байзӕддӕгтӕ исынц, уыцы Левий дӕр.
10 Уымӕн ӕмӕ Мелхиседек Авраамы размӕ куы рацыд, уӕд Левий кӕд гуырд нӕма уыд, уӕддӕр ныридӕгӕн йӕ фыдӕлы туджы уыд.
Чырысти – мыггагмӕйы Алчер
11 Сауджынты – Левийы байзӕддӕгты лӕггад уыд адӕмӕн лӕвӕрд Ӕгъдауы бындур. Алцыдӕр уыдоны фӕрцы куы сӕнаипп уыдаид, уӕд ма цӕмӕн хъуыди, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы хуызӕн у, зӕгъгӕ, Кӕй тыххӕй загъд у, ахӕм ӕндӕр Алчер?7:11 Гал. 2:21; Дзут. 8:7.
12 Сауджынты лӕггад ӕндӕрӕй куы баивдӕуа, уӕд Ӕгъдау дӕр хъуамӕ ӕнӕмӕнг баивдӕуа.
13 Ӕппӕт уыдӕттӕ Кӕй тыххӕй загъд сты, Уый, нӕ Хицау, ӕндӕр хӕдзарвӕндагӕй у – уыцы хӕдзарвӕндагӕй нывондхӕссӕны цур ничи лӕггад кодта.
14 Нӕ Хицау хурау Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй кӕй скасти, уый бӕлвырд у. Уыцы хӕдзарвӕндагӕй сауджынтӕ кӕй уыдзӕни, Моисей уый тыххӕй ницы загъта.7:14 Мф. 2:6; Ӕрг. 5:5.
15 Фӕлӕ ивддзинад ноджы фӕбӕлвырддӕр, Мелхиседекы хуызӕн ӕндӕр Алчер куы ӕрцыд, уӕд.
16 Ӕмӕ Уый Алчер сси, бӕлвырд хӕдзарвӕндагӕй рацӕуын чи домдта, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕфӕугӕ царды хъомысӕй.
17 Уый тыххӕй зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».7:17 Дзут. 5:6.
18 Раздӕры фӕдзӕхст та аивдӕуы, ӕдых ӕмӕ ӕнӕпайда кӕй свӕййы, уымӕ гӕсгӕ.7:18 Ром. 8:3; Гал. 4:9.
19 Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕнаипп ницы скодта. Ныр та лӕвӕрд ӕрцыди, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы хӕстӕгдӕр кӕнӕм, ахӕм хуыздӕр зӕрдӕдарӕн.7:19 Ин. 1:17; Ап. хъ. 13:39; Ром. 5:2.
20 Уыцы фидыд сомыйӕ фидаргонд ӕрцыд.
21 Иннӕтӕ ӕнӕ сомыйӕ систы алчертӕ, Уый та – Хуыцауы сомыимӕ: «Расомы кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ уынаффӕ нӕ аивдзӕн: Ды [Мелхиседекы хуызӕн] Алчер дӕ мыггагмӕ».
22 Афтӕмӕй Йесо сси хуыздӕр фидыдӕн йӕ цӕджындз.7:22 Дзут. 8:6.
23 Стӕй иннӕ алчертӕ бирӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ дзы мӕлӕт никӕмӕн лӕвӕрдта мыггагмӕ алчерӕй баззайыны фадат.
24 Йесо та мыггагмӕ кӕй цӕры, уымӕ гӕсгӕ мыггагмӕ у Алчер.
25 Ӕмӕ Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.7:25 1 Ин. 1:2; Ром. 8:34; 1 Тим. 2:5.
26 Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.7:26 Лк. 1:35; 1 Пет. 2:22.
27 Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу; ӕрвылбон Ӕй фыццаг Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывондтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд.
28 Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алчертӕй ӕвӕры лӕмӕгъ адӕймӕгты; Ӕгъдау раттыны фӕстӕ Хуыцау цы сомы ракодта, уымӕ гӕсгӕ та Алчерӕй сӕвӕрдӕуыд, мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр Чи сӕххӕст, уыцы Фырты.
8Ног фидыды Алчер
1 Нӕ ныхасы сӕр та мӕнӕ уый у: махӕн ис, уӕлӕрвты Дунедарӕджы рахиз фарс Чи сбадт, ахӕм Алчер.8:1 Дзут. 1:3; 3:1; 4:14; 7:26.
2 Уый лӕггад кӕны ӕцӕг кувӕндоны – адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы Сыгъдӕг Цатыры.8:2 Дзут. 10:21.
3 Алы алчеры дӕр сӕвӕрдӕуы хуынтӕ ӕмӕ нывондтӕ ӕрхӕссынӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуыди, цӕмӕй Уымӕ дӕр уыдаид, нывондӕн цы ӕрхастаид, уый.8:3 Эф. 5:2.
4 Уый зӕххыл куы уаид, уӕд Алчер дӕр нӕ уыдаид. Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывондтӕ чи хӕссы, ам, зӕххыл, ахӕм алчертӕ ис.
5 Уыдон лӕггад кӕнынц, уӕларвы цы ис, уымӕн ӕрмӕстдӕр йӕ фӕлгонц ӕмӕ йӕ аууон чи у, уыцы кувӕндоны – Моисей Сыгъдӕг Цатыр аразынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ын Хуыцау куыд загъта, афтӕ: «Хъусыс, ӕппӕт дӕр сараз, хохыл дын куыд равдыстӕуыд, уымӕ гӕсгӕ».8:5 Ап. хъ. 7:44; Кол. 2:17; Дзут. 10:1.
6 Фӕлӕ Йесо цы Алчеры куыст райста, уый уыдоны куыстӕй уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ Йесо хуыздӕр фидыды Ӕхсӕнылӕг у ӕмӕ уыцы фидыд хуыздӕр зӕрдӕвӕрдыл ӕнцой кӕны.8:6 Дзут. 7:16; 9:13.
7 Уымӕн ӕмӕ фыццаг фидыд куы ницы хъуаг уыдаид, уӕд дыккаджы сӕр нӕ бахъуыдаид.
8 Фӕлӕ сын Хуыцау уайдзӕф кӕны: «Мӕнӕ ралӕудзӕн рӕстӕг, зӕгъы Хуыцау, ӕмӕ Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ Ӕз сараздзынӕн ног фидыд.8:8 Ром. 11:27; Дзут. 10:16.
9 Уый нӕ уыдзӕн, мысыраг зӕххӕй ракӕныны тыххӕй сын сӕ фыдӕлты къухыл куы рахӕцыдтӕн, уӕд уыдонимӕ цы фидыд сарӕзтон, ахӕм. Уымӕн ӕмӕ уыдон Мӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты, ӕмӕ сӕ Ӕз ныууагътон, зӕгъы Хуыцау.
10 Мӕнӕ, зӕгъы Хуыцау, уыцы бонты фӕстӕ Израилы байзӕддагимӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы фидыд: сӕ зонды сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ныффысдзынӕн Ме ’гъдӕуттӕ, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.8:10 2 Кор. 6:16.
11 Уӕд алчи йе ’мбӕстаджы ӕмӕ йе ’фсымӕры нӕ ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ йын нӕ дзурдзӕн: „Базон Хуыцауы", уымӕн ӕмӕ иууылдӕр, стырӕй-чысылӕй, зондзысты Мӕн.8:11 1 Ин. 2:27.
12 Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз ныббардзынӕн сӕ галиу митӕ, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн».8:12 Дзут. 10:17.
13 Уыцы фидыд ног схонгӕйӕ, Хуыцау фенын кодта, фыццаг фидыд кӕй базӕронд, уый. Цы ныххӕррӕгъ ӕмӕ базӕронд уа, уымӕн та йе сӕфт ӕрӕввахс вӕййы.
9Фыццаг фидыд
1 Фыццаг фидыдӕн уыди йӕхи домӕнтӕ, Хуыцауӕн куыд кусын хъӕуы, уый тыххӕй, стӕй зӕххон кувӕндон – Сыгъдӕг Цатыр.
2 Цатыры фыццаг уат хуынди «Сыгъдӕг бынат». Сарӕзтӕйӕуыд афтӕ, ӕмӕ дзы уыди цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ нывонд дзултӕ.
3 Дыккаг ӕмбӕрзӕны фӕстӕ та уыди, «Иууылсыгъдӕг» чи хуыйны, уыцы уат.
4 Уыди дзы сызгъӕрин будсудзӕн ӕмӕ фидыды Чырын, йеппӕт фӕрстыл дӕр – сызгъӕрин цъар. Йӕ мидӕг уыдысты сызгъӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйтыл фыст уыдысты, уыдон.
5 Чырыны сӕрмӕ та – херувимтӕ, Хуыцауы намыс уым кӕй ис, уый ӕвдисынӕн; сӕ дӕлбазыр уыди тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ныр бӕлвырд дзурын нӕ хъӕуы.
6 Ӕппӕт дӕр сарӕзтӕуыд афтӕ, ӕмӕ фыццаг уатмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цыдысты сауджынтӕ;
7 Дыккаг уатмӕ та – ӕрмӕстдӕр алчер афӕдз иу хатт тугимӕ, ӕмӕ-иу ӕй нывондӕн ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты, стӕй адӕм нӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоны тыххӕй.
8 Уымӕй Сыгъдӕг Уд ӕвдисы, зӕгъгӕ, цалынмӕ раздӕры Цатыр ис, уӕдмӕ Иууылсыгъдӕгмӕ бацӕуӕн нӕй.
9 Сыгъдӕг Цатыр фӕсномыгӕй абонмӕ амоны: Хуыцауӕн цы хуынтӕ ӕмӕ нывондтӕ хӕссынц, уыдон ницы ахъаз сты се ’рхӕсджыты ӕфсармы тӕрхонӕй фервӕзын кӕнынӕн.9:9 Дзут. 7:19; 10:1.
10 Уыцы нывондтӕ хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ ӕрмӕстдӕр сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты хуыздӕр уагӕвӕрды ӕрцыдмӕ.9:10 Ром. 14:17.
Ног фидыд
11 Ныр та ӕрцыд Чырысти – ӕцӕг хорзӕхтӕ нын Чи ӕрхаста, уыцы Алчер, ӕмӕ бацыд ӕндӕр Цатырмӕ. Уыцы Цатыр у ахсджиагдӕр ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст; лӕджыкъухӕйконд нӕу, ома, нӕу ацы дунейӕ.9:11 Дзут. 10:1.
12 Сӕгъты ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ Чырысти бацыд Иууылсыгъдӕгмӕ, ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.9:12 Дзут. 10:12.
13 Чи фӕчъизи, уыдон кӕд сӕгъты ӕмӕ галты туг, стӕй нывонд дыгӕрдыджы ӕртхутӕг бапырх кӕнынӕй ссыгъдӕг вӕййынц Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ,
14 Уӕд цас ӕмӕ цас тыхджындӕр у, мыггагмӕйы Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй – ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кусдзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.9:14 Лк. 1:74; Ин. 17:19; 1 Ин. 1:7; Тит. 2:14; Ӕрг. 1:5.
15 Уымӕ гӕсгӕ Чырысти у ног фидыды Ӕхсӕнылӕг, цӕмӕй мыггагмӕйы хорзӕхтӕ райсынмӕ хуындтытӕ фыццаг фидыды заман цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон сын уой хатыргонд Йӕ мӕлӕты фӕрцы, ӕмӕ райсой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.9:15 1 Пет. 3:18; Ром. 5:6.
16 Ӕмӕ кӕд ныстуан- 9:16 Бердзенаг ӕвзаг |iфидыд|r ӕмӕ |iныстуан|r иу дзырдӕй ӕвдисы. ис, уӕд хъуамӕ бӕлвырд уа, йӕ ныффыссӕг кӕй амард, уый.
17 Уымӕн ӕмӕ ныстуан йӕ тыхы бацӕуы, йӕ ныффыссӕг куы амӕлы, уӕд; цалынмӕ йӕ ныффыссӕг удӕгас у, уӕдмӕ йын тых нӕй.9:17 Гал. 3:15.
18 Уымӕ гӕсгӕ фыццаг фидыд дӕр йӕ тыхы ӕнӕ тугӕй нӕ бацыд.
19 Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр Моисей ӕппӕт адӕмӕн куы фехъусын кодта, уӕд райста родты ӕмӕ сӕгъты туг донимӕ, стӕй сырх къуымбил, иссоп, ӕмӕ дзы бапырх кодта Ӕгъдауы чиныгыл ӕмӕ адӕмӕн сеппӕтыл дӕр.
20 Моисей загъта: «Уый у, Хуыцау уын кӕй коммӕ кӕсын бафӕдзӕхста, уыцы фидыды туг».
21 Уыцы тугӕй бапырх кодта Сыгъдӕг Цатыр дӕр, стӕй дзы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн чи уыдис, ӕппӕт уыцы дзаумӕттӕ дӕр.
22 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис ӕмӕ ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ туг куы нӕ акӕла, уӕд хатыр нӕй.
23 Уӕдӕ уӕларвы цы ис, уыдоны фӕлгонцтӕ хъуамӕ сыгъдӕггонд цӕуой уыцы нывондтӕй, уӕларвоны та хуыздӕр нывондтӕ хъӕуы.
24 Чырысти бацыд, ӕцӕг Иууылсыгъдӕджы фӕлгонц чи у, лӕджыкъухӕйконд ахӕм Иууылсыгъдӕгмӕ нӕ, фӕлӕ комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.
25 Алчер ӕрвылаз нывонды тугимӕ Иууылсыгъдӕгмӕ куыд цыдис, Йесо афтӕ нӕ бацыди Йӕхи бирӕ хӕттыты нывондӕн хӕссынмӕ.
26 Афтӕ куы уаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Ныр та Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
27 Адӕймагӕн иу хатт амӕлын, стӕй та тӕрхоны раз ӕрлӕууын куыд ӕмбӕлы,
28 Афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕн тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.9:28 1 Пет. 3:18; Ром. 5:6.
10Ӕнаипп нывонд
1 Фидӕны цы хорзӕхтӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, Ӕгъдау уыдонӕн сӕхи не ’вдисы, фӕлӕ у ӕрмӕст сӕ аууон. Уымӕ гӕсгӕ афӕдзӕй-афӕдзмӕ иудадзыг ӕмхуызон нывондтӕ чи хӕссы, Ӕгъдау уыдоны ӕнаипп никӕд скӕндзӕн.10:1 Кол. 2:17.
2 Науӕд нывондтӕ нал хӕссиккой, уымӕн ӕмӕ иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ ссыгъдӕг уаиккой тӕригъӕдӕй ӕмӕ сын се ’фсарм тӕрхонгӕнӕг нал уаид.
3 Фӕлӕ уыцы нывондтӕ афӕдзӕй-афӕдзмӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынц тӕригъӕдтӕ,
4 Уымӕн ӕмӕ галтӕ ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕн фесафӕн нӕй.10:4 Дзут. 9:12.
5 Чырысти дунемӕ куы ӕрцыд, уӕд уый тыххӕй загъта Хуыцауӕн: «Ды нывондтӕ ӕмӕ хуынтӕ нӕ бакуымдтай, фӕлӕ Мын ӕрцӕттӕ кодтай буар.
6 Иууылсудзинаг нывондтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондтӕ Дӕуӕн фӕндон нӕ уыдысты.
7 Уӕд Ӕз загътон: Мӕн тыххӕй Сыгъдӕг Чиныджы фыст куыд у, афтӕ мӕнӕ ӕрцыдтӕн, Хуыцау, Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ».10:7 Ин. 5:46.
8 Кӕд уыцы нывондтӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕрхастӕуы, уӕддӕр Чырысти фыццаг загъта: «Нывондтӕ, хуынтӕ, иууылсудзинаг нывондтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондтӕ Ды нӕ бакуымдтай, фӕндон Дын нӕ уыдысты».
9 Уый фӕстӕ ма Йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мӕнӕ ӕрцыдтӕн Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ». Уый аивта фыццаг, цӕмӕй йӕ тыхы бацӕуа дыккаг.
10 Хуыцауы уыцы фӕндонмӕ гӕсгӕ Йесо Чырысти Йӕ буар иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ ӕрхаста нывондӕн, ӕмӕ афтӕмӕй мах ссыгъдӕг кодта ӕмӕ баистӕм Хуыцауы.10:10 Дзут. 9:28.
11 Алы сауджын дӕр ӕрвылбон лӕггад кӕны Хуыцауы раз ӕмӕ бирӕ хӕттыты ӕрхӕссы, тӕригъӕдтӕ кӕмӕй никуы ис фесафӕн, ахӕм уыциу нывондтӕ.10:11 Дзут. 9:9.
12 Йесо та тӕригъӕдты тыххӕй ӕрхаста иу нывонд, Хуыцауы рахиз фарс сбадти мыггагмӕ,10:12 Дзут. 1:3.
13 Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Йе знӕгты Йын цалынмӕ Йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдӕуа, уӕдмӕ.10:13 1 Кор. 15:25; Дзут. 1:13.
14 Уымӕн ӕмӕ кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр скодта ӕнаипп.
15 Уый тыххӕй нын ӕвдисӕн лӕууы Сыгъдӕг Уд дӕр. Хуыцау куы загъта:
16 «Мӕнӕ, зӕгъы Хуыцау, уыцы бонты фӕстӕ семӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы фидыд: сӕ зӕрдӕты сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сӕ зонды ныффысдзынӕн Ме ’гъдӕуттӕ»,10:16 Ром. 11:27; Дзут. 8:8.
17 Уӕд ма уый фӕстӕ ноджыдӕр загъта: «Сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ ӕнӕуаг митӕ нал ӕрымысдзынӕн».
18 Тӕригъӕдтӕ барст куы уой, уӕд уыдоны тыххӕй нывонд хӕссын нал хъӕуы.
Баввахс ут Хуыцаумӕ
19 Уӕдӕ нӕ, ӕфсымӕртӕ, ныфс ис, Йесойы Туджы фӕрцы ног ӕмӕ царддӕттӕг фӕндагыл Иууылсыгъдӕгмӕ кӕй бацӕудзыстӕм, уымӕй.10:19 Ин. 10:9; 14:6.
20 Уыцы фӕндаг нын ӕмбӕрзӕны, ома, Йӕ буары фӕрцы, Уый айгӕрста ӕмӕ йыл фыццаг Йӕхӕдӕг ацыд.10:20 Мф. 27:51.
21 Ӕмӕ нын афтӕмӕй Хуыцауы хӕдзары сӕргъы ис стыр Алчер.10:21 1 Тим. 3:15.
22 Уӕдӕ ӕрцӕуӕм Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй, фидар уырнындзинадимӕ – Йесойы туг нын ссыгъдӕг кодта нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ ссӕрибар стӕм ӕфсармы тӕрхонӕй, нӕ буар нын цӕхсадӕуыд сыгъдӕг донӕй.10:22 2 Кор. 7:1; Эф. 5:26.
23 Фидар ныххӕцӕм, ӕргомӕй кӕй тыххӕй дзурӕм, уыцы зӕрдӕдарӕныл, уымӕн ӕмӕ зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы.
24 Иу иннӕйыл уӕд ӕнувыд, кӕрӕдзи разӕнгард кӕнӕм уарзынмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм.
25 Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не ’мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн, уыцы бон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, афтӕ ноджы ӕнувыддӕрӕй.10:25 2 Пет. 3:8.
26 Кӕд ӕцӕгад базыдтам ӕмӕ уӕддӕр зонгӕ-зонын тӕригъӕды бафтӕм, уӕд тӕригъӕдты тыххӕй ӕндӕр нывонд нал уыдзӕн,10:26 Дзут. 6:4.
27 Ӕмӕ нын ӕрмӕстдӕр баззад тӕрхонмӕ, стӕй Хуыцауы ныхмӕлӕуджытӕ мыггагмӕ цы ӕвирхъау арты амӕддаг фӕуыдзысты, уымӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын.
28 Моисейы Ӕгъдау чи не ’ххӕст кодта, ахӕм адӕймаг дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасӕй кӕд ӕгъатырӕй мӕлӕтмӕ лӕвӕрд цыди,10:28 Мф. 18:16; Ин. 8:17; 2 Кор. 13:1.
29 Уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ хорзӕх дӕттӕджы Уды чи фауы, уый?
30 Мах зонӕм Хуыцауы, афтӕ Зӕгъӕджы: «Ӕз сӕ Мӕ маст райсдзынӕн, бафхӕрдзынӕн сӕ». Ӕмӕ ноджыдӕр: «Хицау тӕрхон кӕндзӕн Йӕ адӕмӕн».10:30 Ром. 12:19.
31 Тӕссаг у цардӕгас Хуыцауы къухтӕм бахауын!10:31 Лк. 12:5.
32 Ӕрымысут, Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕм рухс куы бауагъта ӕмӕ уый фӕстӕ тохы бирӕ зынтӕн куы бафӕрӕзтат, уӕ раздӕры уыцы бонтӕ.
33 Куы уыл ӕгас адӕмы раз цъыфкалӕн кодтой ӕмӕ уӕ ӕфхӕрдтой, куы та уыдыстут, ахӕм уавӕры ма чи уыд, уыдоны фарсмӕ.
34 Уымӕн ӕмӕ тухӕн кодтат ахӕстытимӕ дӕр, ӕмӕ уын уӕ мулк куы хастой, уӕд цин кодтат, хуыздӕр ӕмӕ уын ӕнӕфӕугӕ мулк кӕй ис, уый зонгӕйӕ.10:34 Ап. хъ. 21:11.
35 Уӕдӕ ма ныууадзут уӕ зӕрдӕдарӕн, ӕмӕ уый тыххӕй райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг.10:35 Мф. 5:12.
36 Бафӕразын уӕ хъӕуы, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кӕнат Хуыцауы фӕндон ӕмӕ райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый.
37 Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы, хӕрзгыццыл рӕстӕг ма, ӕмӕ ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн.
38 Мӕ рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни, фӕстӕмӕ куы ахӕца, уӕд та дзы райгонд нӕ уыдзынӕн».10:38 Ром. 1:17; Гал. 3:11.
39 Мах та, фӕстӕмӕ чи ахӕцы ӕмӕ мӕлӕтмӕ чи цӕуы, уыдонӕй не стӕм, фӕлӕ фидар хӕцӕм нӕ уырнындзинадыл, цӕмӕй фервӕзын кӕнӕм нӕ удтӕ.
11Уырнындзинад
1 Уырнындзинад та у, нӕ зӕрдӕ цӕуыл дарӕм, ууыл фидарӕй ӕууӕндынгӕнӕг, ӕмӕ цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый ӕргомгӕнӕг.11:1 Ром. 8:24.
2 Незаманты чи царди, уыцы адӕмӕй сӕ уырнындзинады фӕрцы раппӕлыди Хуыцау.
3 Уырнындзинады фӕрцы мах базонӕм: Хуыцау дун-дуне сфӕлдыста Йӕ ныхасӕй – цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕй рацыд, цӕстӕй цы уынӕм, уый.
4 Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд, ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстгӕнӕг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы абон дӕр ма дзуры.11:4 Мф. 23:35.
5 Енохмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уымӕ гӕсгӕ йӕ ахуыдта Хуыцау ӕмӕ мӕлӕт нӕ федта: «Зӕххыл нал уыди – Хуыцау ӕй акодта». Уымӕн ӕмӕ йын йӕ акӕныны размӕ Хуыцау загъта, Йӕ зӕрдӕ Йын кӕй балхӕдта, уый тыххӕй.
6 Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕйӕн балхӕнӕн нӕй. Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ чи агуры, уыдонӕн хорзӕх кӕй дӕтты, ууыл.
7 Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыд, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстгӕнӕгыл.
8 Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам байхъуыста Хуыцаумӕ, кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы бӕстӕмӕ ацӕуыны тыххӕй. Ӕмӕ ацыди, кӕдӕм араст, уый нӕ зонгӕйӕ.
9 Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам ӕцӕгӕлонау ӕрцард, зӕрдӕ йын кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы зӕххыл. Царди цатырты; афтӕ цардысты Исаак ӕмӕ Иаков дӕр – уыциу зӕрдӕвӕрд Хуыцау уыдонӕн дӕр радта.
10 Уымӕн ӕмӕ Авраам ӕнхъӕлмӕ каст, фидар бындур кӕмӕн ис, Хуыцау йӕ нывгӕнӕг ӕмӕ аразӕг кӕмӕн у, уыцы сахармӕ.11:10 Дзут. 12:22.
11 Саррӕ уыди ӕнӕзӕнӕг, стӕй сывӕллон ныййарыны кары дӕр нал уыди, уӕддӕр ӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы йӕ бон баци ӕмӕ басывӕрджын. Уымӕн ӕмӕ зыдта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы.11:11 Ром. 4:19.
12 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иу лӕгӕй, уымӕй дӕр кӕй буар ныххӕррӕгъ, ахӕмӕй, рацыд, арвыл стъалытӕ куыд бирӕ ис ӕмӕ денджызы былыл змис куыд ӕнӕнымӕц у, афтӕ бирӕ адӕм.
13 Ацы адӕймӕгтӕ иууылдӕр амардысты уырнджытӕй, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райсгӕйӕ; ӕрмӕст ӕй федтой дардмӕ, цин кодтой ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ.
14 Афтӕ чи зӕгъы, уыдон сӕ уыцы ныхӕстӕй ӕвдисынц, сӕхи фыдыбӕстӕмӕ кӕй тырнынц, уый.
15 Ӕмӕ цы бӕстӕйӕ рацыдысты, сӕ хъуыдытӕ ууыл куы уыдаиккой, уӕд сын уыдаид аздӕхыны фадат.
16 Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома, уӕларвон бӕстӕмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау дӕр къӕмдзӕстыг нӕу, Йӕхи уыдоны Хуыцау кӕй хоны, уымӕй – сахар уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта.
17 Хуыцау Авраамы куы фӕлвӕрдта, уӕд Авраам, уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы нывондӕн ӕрхаста Исаакы. Кӕд ын зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, уӕддӕр цӕттӕ уыд йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
18 Исаакы тыххӕй та йын афтӕ загъд уыди: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон нымад уыдзысты дӕ байзӕддӕгтыл».11:18 Ром. 9:7.
19 Авраам ӕууӕндыди, Хуыцауӕн Йӕ бон кӕй у мӕрдтӕй дӕр райгас кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау Авраамӕн фӕстӕмӕ радта йӕ фырты, ӕмӕ уый фӕсномыгӕй амыдта фидӕнмӕ.
20 Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Исаак Хуыцауы арфӕ бафтыдта Иаковы ӕмӕ Исавы фидӕныл.
21 Иаков куы марди, уӕд ӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы Хуыцауы арфӕ бафтыдта Иосифы алы фыртыл дӕр, ӕрӕнцой кодта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ бакуывта Хуыцаумӕ.
22 Иосиф куы марди, уӕд ӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы загъта, Израилы адӕм Мысырӕй кӕй рацӕудзысты, уый тыххӕй, ӕмӕ сын бафӕдзӕхста уырдыгӕй йе стджытӕ рахӕссын.
23 Моисей куы райгуырди, уӕд йӕ ныййарджытӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы йӕ ӕртӕ мӕйы ӕмбӕхстой. Уымӕн ӕмӕ сывӕллон тынг рӕсугъд кӕй у, уый федтой ӕмӕ паддзахы бардзырдӕй дӕр нал фӕтарстысты.11:23 Ап. хъ. 7:20.
24 Моисей йӕ лӕджы кары куы бацыди, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы не сразы фараоны чызджы фырты ном хӕссыныл,
25 Ӕмӕ, тӕригъӕдӕй рӕстӕгмӕ йӕ мондӕгтӕ уадзыны бӕсты, хуыздӕрыл банымадта Хуыцауы адӕмимӕ тухӕнтӕ ӕвзарын.
26 Мысыраг хӕзнаты бӕсты йӕхицӕн зынаргъдӕр хӕзнайыл банымадта Чырыстийау ӕгад ӕййафын, уымӕн ӕмӕ хӕрзиуӕг райсынмӕ ӕнхъӕлмӕ каст.
27 Паддзах дзы йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй нӕ фӕтӕрсгӕйӕ, Моисей йӕ уырнындзинады фӕрцы ныууагъта Мысыр. Цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма цӕстӕй уыдта, афтӕ фидар лӕууыд.
28 Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы скодта Куадзӕн ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ сахуырста тугӕй, цӕмӕй хистӕр хъӕбулты марӕг ма бавнала израилӕгты хъӕбултӕм.
29 Сурзӕххыл цӕуӕгау израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы ахызтысты Сырх денджызыл, ӕмӕ мысырӕгтӕ дӕр ахизын куы бафӕлвӕрдтой, уӕд фӕдӕлдон сты.
30 Авд боны дӕргъы Иерихоны алыварс израилӕгтӕ цалдӕр хатты куы ӕрзылдысты, уӕд сӕ уырнындзинады фӕрцы ӕркалдысты йӕ къултӕ.
31 Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы хӕтагсыл Раав суазӕг кодта сгарджыты, ӕмӕ нӕ бабын ӕнӕсӕттонтимӕ.
32 Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Варакы, Самсоны, Иеффайы, Давиды, Самуилы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн.
33 Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, домбӕйтты-иу ӕрсабыр кодтой,
34 Арт сыл нӕ тых кодта, аирвӕзтысты-иу карды комӕй, уыдысты лӕмӕгъ ӕмӕ стыхджын сты, хӕсты уыдысты хъаруджын, лидзӕг-иу фӕкодтой ӕцӕгӕлӕтты ӕфсад.
35 Сылгоймӕгтӕ-иу сӕ мӕрдты удӕгасӕй райстой. Иннӕты-иу амардӕуыд хъизӕмары мӕлӕтӕй – уыдон-иу сӕрибар райсын нӕ бакуымдтой, цӕмӕй райгас уой хуыздӕр цардӕн.
36 Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ӕппӕрстой ахӕстӕтты.
37 Мардтой сӕ дуртӕй, лыгтӕ сӕ кодтой хырхӕй, [ракъахыны сӕраппонд сын ластой сӕ уд,] мардтой сӕ кардӕй, рахау-бахау кодтой фысдзӕрмтты ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты, уыдысты мӕгуыр, цардӕй ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст.
38 Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыд, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг рӕтты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты.
39 Сӕ уырнындзинады тыххӕй сын сеппӕтӕй дӕр раппӕлыд Хуыцау, фӕлӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый нӕ райстой.11:39 Лк. 10:24.
40 Уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ мах тыххӕй ноджы хуыздӕр фӕнд уыди, цӕмӕй уыдон ӕрмӕстдӕр махимӕ суой алцӕмӕй дӕр ӕнаипп.
12Хуыцау – нӕ хъомылгӕнӕг
1 Уӕдӕ йӕ уырнындзинад чи равдыста, ахӕм ӕвдисӕнтӕ нӕ алыварс уыйас бирӕ кӕм сты, уым мах дӕр ныууадзӕм, фӕстӕмӕ ныл цы хӕцы, ӕппӕт уыдӕттӕ, стӕй нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ, нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй,12:1 1 Пет. 2:1; Ром. 6:12; Эф. 4:22; Кол. 3:8.
2 Уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, ӕгад ницӕмӕ ӕрдаргӕйӕ, амард дзуарыл, ӕмӕ ныр бады Хуыцауы рахиз фарс.12:2 Лк. 23:46; Флп. 2:8.
3 Ахъуыды кӕнут тӕригъӕдджынтӕй ахӕм ӕфхӕрд Бавзарӕгыл, цӕмӕй ма сӕдых ӕмӕ ма слӕмӕгъ уат удӕй.12:3 Лк. 2:34; Ап. хъ. 28:22; Гал. 6:9.
4 Тӕригъӕды ныхмӕ сымах нырма мӕлӕтдзаг тох нӕма кодтат,12:4 1 Кор. 10:13.
5 Ӕмӕ уын, хъӕбултау, уӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕнынӕн цы загъд уыди, уый уӕ ферох: «Мӕ хъӕбул, Хуыцауы ӕфхӕрдмӕ ницӕмӕ йӕ дарыны цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы бауайдзӕф кӕны, уӕд дӕ ныфс ма сӕттӕд.12:5 Ӕрг. 3:19.
6 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау кӕй уарзы, уыцы адӕймаджы бафхӕры; нӕмгӕ та кӕны, Йӕхицӕн фырт кӕй скӕны, уыдонӕй алкӕй дӕр».
7 Уӕ хъомыл кӕныны сӕраппонд быхсут ӕфхӕрдӕн – уымӕй Хуыцау ӕвдисы, хъӕбулты цӕстӕй уӕм кӕй кӕсы, уый. Ахӕм фырт ис, мыййаг, фыд кӕй нӕ бафхӕры?
8 Ӕппӕт хъӕбулты куыд бафхӕрдӕуы, кӕд ахӕм ӕфхӕрд не ’ййафут, уӕд сымах ӕцӕг хъӕбултӕ нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ стут.
9 Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ!
10 Ныййарджытӕ нӕ цыбыр рӕстӕджы дӕргъы ӕфхӕрдтой, куыд сӕм хуыздӕр касти, афтӕ; Хуыцау та нӕ нӕхи пайдайӕн бафхӕры, цӕмӕй уӕм Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй хайджын.12:10 Мф. 7:11; Тит. 2:12.
11 Алы ӕфхӕрд дӕр нын фыццаг ӕхсызгон нӕ вӕййы – хъыг нӕм фӕкӕсы. Фӕлӕ нӕ фӕстӕдӕр уыцы ӕфхӕрд куы сахуыр кӕны, уӕд нӕ цард свӕййы фӕрнджын ӕмӕ раст.
Зондамонӕн ныхӕстӕ
12 Уӕдӕ сфидар кӕнут уӕ мӕрдхуыст цӕнгтӕ ӕмӕ, чи слӕмӕгъ, уӕ уыцы уӕрджытӕ,
13 Ӕмӕ цӕут раст фӕндагыл уӕ къӕхтӕй, цӕмӕй къуылых къах тынгдӕр ма фӕкъӕдз уа, фӕлӕ сдзӕбӕх уа.
14 Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Хицауы ничи фендзӕн.12:14 Ром. 12:8; 2 Кор. 7:1; 1 Фес. 4:3.
15 Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа, цӕмӕй уе ’хсӕн маргджын зайӕгойау мачи сырӕза ӕмӕ ма фӕхъӕстӕ кӕна бирӕты,12:15 Гал. 5:9; 2 Тим. 2:17.
16 Цӕмӕй уӕм ма уа хӕтаг, кӕнӕ ӕнӕхуыцау, Исавау хистӕр фырты бартӕ иу хъӕрмхуыппы къусыл чи баивта.12:16 1 Кор. 6:15.
17 Сымах куыд зонут, афтӕмӕй Исавы фӕстӕдӕр ӕрхъуыд йӕ фыды арфӕ, фӕлӕ дзы ӕнӕхай фӕци, уымӕн ӕмӕ, кӕд кӕугӕйӕ куырдта, уӕддӕр фыды фӕнд аивын йӕ бон нал уыд.
18 Уырзӕй басгарӕн кӕмӕн ис ӕмӕ арт кӕуыл судзы, сымах ахӕм хохмӕ не ’рцыдыстут, не ’рцыдыстут талынгмӕ, саудалынг ӕмӕ уадмӕ,
19 Сыкъауадындзы уастмӕ ӕмӕ Хуыцауы хъӕлӕсмӕ. Адӕм ӕй куы фехъуыстой, уӕд куырдтой, цӕмӕй сын мацыуал дзура.
20 Уымӕн ӕмӕ адӕмы бон нӕ уыд, цы сын фӕдзӕхстӕуыди, уымӕ хъусын: «Хохыл суанг сырд куы бандзӕва, уӕд уый дӕр мард ӕрцӕуӕд дуртӕй».
21 Ӕмӕ цы федтой, уый сӕ ахӕм тас бауагъта, ӕмӕ Моисей загъта: «Ризӕг мыл бахӕцыд фыртӕссӕй».
22 Сымах та ӕрцыдыстут Сионы хохмӕ ӕмӕ цардӕгас Хуыцауы сахармӕ – уӕларвон Иерусалиммӕ, ӕнӕнымӕц зӕдты12:22 Гал. 4:26; Ӕрг. 3:12. цины ӕмбырдмӕ,
23 Уӕлӕрвты кӕй нӕмттӕ фыст сты, уыцы фыццаггуырд хъӕбулты Аргъуанмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг Хуыцаумӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнаипп чи сси, уыцы рӕстгӕнджыты удтӕм,12:23 Лк. 10:20; Ӕрг. 13:8.
24 Ног фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ – Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры.12:24 1 Тим. 2:5.
25 Кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕбайхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.12:25 Дзут. 1:2; 2:1; 3:17.
26 Уӕды заманы Йӕ хъӕлӕсӕй нынкъуыста зӕхх, ӕмӕ та ныр дӕр дзырд радта: «Ноджы ма иу хатт нынкъусдзынӕн канд зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр».
27 Ныхӕстӕ «ноджы ма иу хатт» ӕвдисынц, цы сфӕлдыстӕуыд, уый кӕй нынкъуысдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй аивдӕуыдзӕн, цӕмӕй мыггагмӕ баззайа, ӕнӕфӕцудгӕ цы у, уый.12:27 Мф. 24:35.
28 Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ.12:28 Лк. 1:33.
29 Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау у ӕппӕт ныхъуырӕг арт.
13Фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ арфӕтӕ
1 Ӕфсымӕртау иудадзыг уарзут кӕрӕдзи.
2 Уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый уӕ рох ма уӕд. Уазӕгуарзон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, кӕй уазӕг кӕнынц, уый нӕ зонгӕйӕ, суазӕг кодтой зӕдты.13:2 Мф. 25:35; Ром. 12:13.
3 Ма рох кӕнут ахӕстыты, цыма уӕхӕдӕг дӕр семӕ ахӕстоны стут, уыйау. Уӕ зӕрдыл дарут, тухӕнтӕ чи ӕвзары, уыдоны – гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕхи дӕр бахъӕуа тухӕнтӕ ӕвзарын.
4 Алчидӕр къайадӕн кӕнӕд аргъ ӕмӕ уӕ хуыссӕн уӕд сыгъдӕг. Хӕлд адӕмӕн ӕмӕ хӕзгултӕн Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.
5 Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ аппардзынӕн».
6 Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Хицау мын у ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ фӕтӕрсдзынӕн: цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?»
7 Ма рох кӕнут, Хуыцауы ныхас уын чи амыдта, уӕ уыцы хистӕрты; куыд фӕцардысты ӕмӕ сӕ цард цӕуыл ахицӕн, уый дарут уӕ зӕрдыл ӕмӕ сын фӕзмут сӕ уырнындзинад.
8 Йесо Чырысти знон цавӕр уыд, абон дӕр ахӕм у, ӕмӕ мыггагмӕ дӕр ахӕм уыдзӕн.13:8 1 Кор. 3:11; Ӕрг. 1:4.
9 Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт. Зӕрдӕтӕ фидар кӕнын хорз у, цы хӕрын фӕччы ӕмӕ нӕ фӕччы, уыцы уагӕвӕрдтӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхӕй. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн дӕр ницы пайда ӕрхастой.13:9 Ин. 6:27; Эф. 4:14.
10 Махӕн ис, Сыгъдӕг Цатыры лӕггадгӕнджытӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн.13:10 1 Кор. 9:13.
11 Тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй алчер Иууылсыгъдӕгмӕ цы фосы туг бахӕссы, уыдоны басыгъдӕуы адӕмы цӕрӕнуаты ӕдде.
12 Афтӕ Йесо дӕр, адӕмы Йӕ Тугӕй ссыгъдӕг кӕныны сӕраппонд, амарди фӕссахар.13:12 Мф. 21:39; 27:33; Ӕрг. 1:5.
13 Уӕдӕ Йӕм фӕцӕуӕм фӕссахармӕ, ӕмӕ Йӕ ӕгад мах ӕгад дӕр суӕд.13:13 1 Пет. 4:14; Дзут. 11:26; 12:2.
14 Уымӕн ӕмӕ нын ам, ӕдзух кӕм уыдзыстӕм, ахӕм сахар нӕй, фӕлӕ тырнӕм фидӕны сахармӕ.13:14 Флп. 3:20; Дзут. 12:22.
15 Цӕй уӕдӕ Йесойы фӕрцы иудадзыг ӕппӕлӕм Хуыцауӕй – уадз ӕмӕ Йын уый уа нӕ нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йӕ ном.
16 Рохуаты ма ныууадзут хорзы цӕуын дӕр, цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын – ахӕм нывондтӕ Хуыцауӕн ӕхцон сты.13:16 2 Кор. 9:12; Флп. 4:18.
17 Уӕ хистӕртӕ сымах удтыл тыхсынц – сымах тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, ӕмӕ сӕм хъусут, кӕсут сӕ коммӕ, цӕмӕй кусой ӕнкъардӕй нӕ, фӕлӕ цингӕнгӕ. Ӕнкъардӕй куы кусой, уӕд уый уӕ пайдайӕн нӕу.13:17 Мф. 25:13; Ап. хъ. 20:31; 1 Кор. 4:1.
18 Кувут мах тыххӕй. Нӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у, уый нын дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ архайӕм алцӕмӕй дӕр рӕстӕй цӕрыныл.13:18 Ап. хъ. 23:1; Ром. 15:30.
19 Кувын уӕ уӕлдайдӕр уый тыххӕй курын, цӕмӕй уӕм ӕрыздӕхон тагъддӕр.
20 Мыггагмӕйы фидыд фидаргонд цы Тугӕй ӕрцыд, уый фӕрцы фысты стыр Фыййау Чи сси, нӕ уыцы Хицау Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг фӕрнджын Хуыцау13:20 Ин. 10:11; Ап. хъ. 2:24; 1 Фес. 1:10.
21 Сымах схайджын кӕнӕд алы хорзӕхӕй дӕр, Йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнат, афтӕ. Уадз ӕмӕ нын Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ зӕрдӕйы сфӕлдисӕд, фӕндон Ын цы у, уый. Чырыстийӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.13:21 1 Пет. 5:10; 2 Кор. 3:5; 1 Фес. 5:23.
22 Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, байхъусут ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕм. Ӕз уӕм бирӕ дӕр куы нӕ ныффыстон.
23 Хъусын уын кӕнын, не ’фсымӕр Тимофей кӕй суӕгъд, уый тыххӕй. Ӕмӕ кӕд рӕхджы ӕрцӕуа, уӕд уӕ бабӕрӕг кӕндзыстӕм иумӕ.
24 Саламтӕ раттут уеппӕт хистӕртӕн ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджытӕн. Саламтӕ уын дӕттынц италиаг уырнджытӕ.
25 Хуыцауы хорзӕх уеппӕты дӕр уӕд.