Зынаргъ чиныгкӕсӕг!
Дӕ къухы ирон ӕвзагмӕ тӕлмацгондӕй сты Библийы фыццаг хайы, Рагон Фӕдзӕхсты, фыццаг дыууӕ чиныджы – Райдиан ӕмӕ Рацыд. Уыцы чингуытӕ Ног Фӕдзӕхстимӕ хаст ӕрцыдысты Библимӕ. Рагон Фӕдзӕхст нын ӕвдисы дӕргъвӕтин рӕстӕг – дуне сфӕлдисынӕй дунемӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыды онг. Фӕлӕ йӕ темӕ иу у – Хуыцау дзуттаг адӕмимӕ цы фидыд сарӕзта, уый. Уыцы фидыд ӕвдисы Хуыцауы уарзт адӕймагмӕ.
Рагон Фӕдзӕхсты сӕрӕй лӕууынц Моисейы фондз чиныджы. Уыцы фондз чиныджы дзырд райдайы дуне сфӕлдисыны цауӕй ӕмӕ фӕвӕййы, дзуттӕгтӕ, Хуыцау семӕ цы сӕрмагонд бадзырд сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ зӕрдӕвӕрд зӕххыл куыд ӕрцӕрынц, уымӕй. Фондз чиныджы цаутӕн сӕ фылдӕр хай баст у пехуымпар Моисейы номимӕ. Дзуттаг адӕмӕн Моисей дзӕвгар рӕстӕг уыди сӕ раздзог, ӕмӕ йӕ фӕрцы Хуыцау ныхас кодта семӕ. Уымӕ гӕсгӕ ма Библийы фыццаг фондз чиныджы арӕх фӕхонынц уый номӕй дӕр – «Моисейы фондз чиныджы», зӕгъгӕ.
Моисейы фыццаг чиныг Райдиан райдыдта дуне сфӕлдисынӕй ӕмӕ ӕвдисы дунейы историйы фыццаг къахдзӕфтӕ. Дарддӕр дзы ныхас цӕуы, Авраам бындур кӕмӕн ӕрӕвӕрдта, Хуыцауы уыцы ӕвзӕрст адӕмыл – дзуттӕгтыл. Авраамӕй рацыдысты хӕстӕгскӕсӕйнаг адӕмтӕй бирӕтӕ, уыдонимӕ дзуттаг адӕм дӕр. Дзуттӕгтӕ цалдӕр ӕнусы Мысыры куыд цардысты, стӕй фараоны ӕфсондзӕй куыд фервӕзтысты, ууыл дзурӕг у Моисейы дыккаг чиныг Рацыд. Чиныгӕн йӕ сӕйраг мидис у, Хоривы хохы цур Хуыцау Израилимӕ (дзуттаг адӕмимӕ) кӕй сарӕзта, уыцы фидыд. Рацыды дыккаг хай чиныгкӕсӕджы зонгӕ кӕны дзуттаг адӕмы дин ӕмӕ царды ӕгъдӕуттимӕ. Уыцы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цӕрын дзуттаг адӕмӕн Хуыцау бафӕдзӕхста, семӕ фидыд куы сарӕзта, уӕд. Уыцы уагӕвӕрдтӕй бирӕтӕ махмӕ абон фӕкӕсдзысты зӕронд, цыма нӕ абоны цардмӕ ницы бар дарынц, афтӕ. Фӕлӕ уыдон, уӕлдайдӕр та Дӕс фӕдзӕхсты, ӕмхуызон ӕмбӕрстгонд сты кӕцыфӕнды дуджы цӕрӕг адӕймагӕн дӕр. Куыд ахсджиаг сты, уый тыххӕй Евангелиты Йесо Чырысти иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загъта.
Адам, Ной, Авраам, Исаак, Иаков, Иосиф, Моисей – Райдианы ӕмӕ Рацыды сӕйраг архайджытӕ – стыр бынат ӕрцахстой дунеон культурӕйы уацмысты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хорз зонынц, Библи ӕппындӕр чи никуы бакасти, суанг ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ цас хуыздӕр уаид, чиныгкӕсӕг сыл «лӕгӕйлӕгмӕ» Библийы фӕрстыл куы фембӕлид, уӕд!
Райдиан ӕмӕ Рацыд, ӕппӕт Рагон Фӕдзӕхстау, фыццаг уыдысты дзуттаг ӕвзагыл фыст. Ирон ӕвзагмӕ дӕр тӕлмацгонд ӕрцыдысты уыцы ӕвзагӕй. Фӕлӕ тӕлмацыл куыст ууыл нӕ ахицӕн уыдзӕн. Мах нӕ зӕрдӕ дарӕм, Рагон Фӕдзӕхст ӕнӕхъӕнӕй ирон ӕвзагыл кӕй фӕзындзӕн, ууыл – ныридӕгӕн ыл кусынц тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ зонадон организацитӕ. Ныртӕккӕ та Ног Фӕдзӕхст ирон литературон ӕвзагмӕ тӕлмацӕй рауагъта Библи тӕлмацгӕнӕг институт.
Библи тӕлмацгӕнӕг институт зӕрдиагӕй арфӕ кӕны, Райдиан ӕмӕ Рацыд ирон ӕвзагмӕ раивыныл чи куыста, мыхуырмӕ сӕ чи бацӕттӕ кодта, уыдонӕн. Тынг ӕхсызгон нын у, абон ирон адӕмӕн Хуыцауы Ныхас сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсыны фадат кӕй ис, уый.
Библи тӕлмацгӕнӕг институт
1Райдиан
1 Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. 2 Зӕхх уыди ӕмтъеры ӕмӕ ӕдзӕрӕг, ӕгӕрон фурд аныгъуылди мылазон тары, ӕмӕ Хуыцауы Уд зылди доны сӕрмӕ. 3 Хуыцау загъта: «Уадз фӕзынӕд рухс». Ӕмӕ фӕзынди рухс. 4 Хуыцау федта, рухс хорз кӕй у, уый. Ӕмӕ Хуыцау рухс фӕхицӕн кодта талынгӕй. 5 Хуыцау рухс схуыдта бон, талынг та – ӕхсӕв. Ӕмӕ уыд изӕр, ӕмӕ уыди райсом – фыццаг бон. 6 Хуыцау загъта: «Уадз дӕтты ӕхсӕн фӕзынӕд ӕрдынцар, ӕмӕ дон фӕхицӕн кӕнӕд донӕй». 7 Хуыцау сарӕзта ӕрдынцар; ӕмӕ ӕрдынцары бын цы дон уыд, уый фӕхицӕн кодта, ӕрдынцары сӕрмӕ цы дон уыд, уымӕй. Ӕмӕ сси афтӕ. 8 Хуыцау ӕрдынцар схуыдта арв. Ӕмӕ уыд изӕр, ӕмӕ уыди райсом – дыккаг бон. 9 Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дӕттӕ ис, уыдон ӕрбамбырд уӕнт иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ. 10 Хуыцау сур схуыдта зӕхх, цы дӕттӕ ӕрбамбырд, уыдоны та схуыдта денджызтӕ. Ӕмӕ Хуыцау федта, афтӕ хорз кӕй у, уый. 11 Хуыцау загъта: «Зӕхх раттӕд ахӕм зайӕгойтӕ: мыггаг згъалӕг кӕрдӕг ӕмӕ йӕ мыггаг йӕ дыргъы мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм алыхуызон бӕлӕстӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 12 Зӕхх радта ахӕм зайӕгойтӕ: мыггаг згъалӕг кӕрдӕг ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм алыхуызон бӕлӕстӕ. Хуыцау федта, афтӕ хорз кӕй у, уый. 13 Ӕмӕ уыд изӕр, ӕмӕ уыди райсом – ӕртыккаг бон. 14 Хуыцау загъта: «Уадз арвыл уӕнт рухсгӕнӕнтӕ бон ӕхсӕвӕй хицӕн кӕнынӕн, нысӕнттӕ ӕвдисынӕн, рӕстӕджытӕ, бонтӕ ӕмӕ азтӕ зонынӕн; 15 Ӕмӕ судзӕнт арвыл, цӕмӕй сӕ рухс кӕла зӕхмӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 16 Хуыцау сфӕлдыста дыууӕ стыр рухсгӕнӕны: стырдӕр рухсгӕнӕн – боны фӕткӕн, къаддӕр рухсгӕнӕн – ӕхсӕвы фӕткӕн, ӕмӕ стъалытӕ. 17 Хуыцау сӕ сӕвӕрдта арвыл, цӕмӕй рухс кӕной зӕхмӕ, 18 Амоной бон ӕмӕ ӕхсӕв, ӕмӕ рухс хицӕн кӕной талынгӕй. Ӕмӕ Хуыцау федта, афтӕ хорз кӕй у, уый. 19 Ӕмӕ уыд изӕр, ӕмӕ уыди райсом – цыппӕрӕм бон. 20 Хуыцау загъта: «Дон ӕмызмӕлд кӕнӕд алыхуызон хилджытӕй, мӕргътӕ атӕхӕнт зӕххы сӕрмӕ, уӕлӕрвты». 21 Хуыцау сфӕлдыста егъау денджызон цӕрӕгойты ӕмӕ, дон ӕмызмӕлд кӕмӕй кодта, уыцы хилджыты, стӕй алы мыггаг базырджын мӕргъты. Хуыцау федта, афтӕ хорз кӕй у, уый. 22 Ӕмӕ сыл Йӕ арфӕ бафтыдта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, байдзаг ут денджызты, ӕмӕ мӕргътӕ фылдӕрӕйфылдӕр кӕнӕнт зӕххыл». 23 Ӕмӕ уыд изӕр, ӕмӕ уыди райсом – фӕндзӕм бон. 24 Хуыцау загъта: «Зӕхх рауадзӕд цӕрӕгойтӕ – фосы, хилджыты, сырдты алы мыггӕгтӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 25 Хуыцау сфӕлдыста зӕххон сырдты алы мыггӕгтӕ, фосы алы мыггӕгтӕ, ӕппӕт зӕххон хилджыты алы мыггӕгтӕ. Ӕмӕ Хуыцау федта, афтӕ хорз кӕй у, уый. 26 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Сфӕлдисӕм адӕймаджы Нӕхи хуызӕн, Нӕхи ӕнгӕс; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕнӕд денджызон кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, фосыл, ӕппӕт зӕххыл, ӕппӕт зӕххон хилджытыл». 27 Ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста Йӕхи хуызӕнӕй, сфӕлдыста йӕ Хуыцауы хуызӕнӕй; сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. 28 Хуыцау сыл арфӕ бафтыдта ӕмӕ сын загъта: «Цот уадзут ӕмӕ кӕнут фылдӕрӕйфылдӕр, байдзаг ут зӕххыл ӕмӕ ут йӕ хицӕуттӕ. Уӕ дӕлбар уӕнт денджызон кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххыл хилӕг ӕппӕт цӕрӕгойтӕ». 29 Хуыцау загъта: «Мӕнӕ уын Ӕз радтон, мыггаг згъалӕг зайӕгойтӕ ӕппӕт зӕххыл ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы мидӕг кӕмӕн ис, уыцы алыхуызон бӕлӕстӕ: уыдон сымахӕн уыдзысты хӕрынӕн. 30 Уд кӕй мидӕг ис, ӕппӕт уыцы зӕххон сырдтӕн, ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххыл алы хилӕгӕн дӕр хӕрынӕн Ӕз дӕттын ӕппӕт зайӕгойтӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 31 Хуыцау федта, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ӕппӕт уыдон, ӕмӕ йӕм фӕкастысты иттӕг хорз. Ӕмӕ уыд изӕр, ӕмӕ уыди райсом – ӕхсӕзӕм бон.
21 Афтӕ сфӕлдыстӕуыд арв ӕмӕ зӕхх, стӕй сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон. 2 Ӕвдӕм бон Хуыцау ахицӕн кодта Йӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр, ӕмӕ ӕвдӕм бон ӕрӕнцад Йӕ ӕппӕт хъуыддӕгтӕй. 3 Хуыцау арфӕ бафтыдта ӕвдӕм боныл, ӕмӕ йӕ скодта бӕрӕг бон, уымӕн ӕмӕ уыцы бон ӕрӕнцади, дуне сфӕлдисыны охыл кӕй арӕзта, Йӕ уыцы ӕппӕт хъуыддӕгтӕй.
Фыццаг адӕймӕгтӕ
4 Се сфӕлдисыны фӕстӕ арв ӕмӕ зӕхх уыдысты мӕнӕ ахӕмтӕ: Дунедарӕг Хуыцау арв ӕмӕ зӕхх куы сфӕлдыста, 5 Уӕд зӕххыл нӕма уыди нӕдӕр къутӕр, нӕдӕр ыл кӕрдӕг нӕма зади, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕн къӕвда нӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ зӕхх бакусынӕн адӕймаг нӕ уыди. 6 Фӕлӕ зӕххӕй хӕрдмӕ цыди доны мигъ, ӕмӕ донӕй ӕфсӕста зӕххы ӕппӕт уӕлцъар. 7 Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау сыджытӕй сфӕлдыста адӕймаг, йӕ улӕфӕнты йын бауагъта царддӕттӕг комытӕф, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг. 8 Дунедарӕг Хуыцау скӕсӕны, Едемы, ныссагъта дыргъдон, ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта Йе сфӕлдыст адӕймаджы. 9 Уый фӕстӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта алыхуызон бӕлӕстӕ рӕсугъд ӕмӕ хӕрынӕн бӕзгӕ дыргътимӕ, уыимӕ царддӕттӕг бӕлас дыргъдоны хӕдастӕу, стӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕлас. 10 Едемӕй цыди цӕугӕдон, дыргъдон донӕй ӕфсадынӕн; стӕй фӕкъабӕзтӕ ӕмӕ дзы рауади цыппар цӕугӕдоны. 11 Фыццаг цӕугӕдонӕн йӕ ном у Фисон; зилы, сыгъзӕрин кӕм ис, Хавилы ӕппӕт уыцы зӕххыл; (12 Уыцы зӕххы сыгъзӕрин у хорз; уым ис бӕласы хӕрздӕф писи ӕмӕ зынаргъ дур – оникс). 13 Дыккаг цӕугӕдонӕн йӕ ном у Гихон; зилы Кушы+ 2:13 Куш – цӕгат Судан кӕнӕ хуссарскӕсӕйнаг Месопотами. ӕппӕт зӕххыл. 14 Ӕртыккаг цӕугӕдонӕн йӕ ном у Хиддекел+ 2:14 Хиддекел – Тигры цӕугӕдоны рагон ном.; цӕуы Ассуры рӕзты. Цыппӕрӕм цӕугӕдон у Ефрат. 15 Дунедарӕг Хуыцау адӕймаджы ӕрцӕрын кодта Едемы дыргъдоны, куыд ӕй куса ӕмӕ йӕм куыд зила, афтӕ. 16 Дунедарӕг Хуыцау бафӕдзӕхста адӕймагӕн: «Дӕ бон у дыргъдоны алы бӕласы дыргъӕй дӕр хӕрын; 17 Фӕлӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр циу, уый зоныны бӕласӕй дын хӕрыны бар нӕй. Цы бон дзы фӕхъӕстӕ уай, уыцы бон ссардзынӕ дӕ мӕлӕт». 18 Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адӕймагӕн иунӕгӕй цӕрын хорз нӕу. Сфӕлдисон ын ӕмбӕлгӕ ӕххуысгӕнӕг». 19 Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сфӕлдыста ӕппӕт быдираг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕ, ӕмӕ сӕ ӕрбакодта адӕймагмӕ, цы нӕмттӕ сын ратдзӕн, уый фенынмӕ, цӕмӕй алы цӕрӕгойӕн дӕр йӕ ном уа, адӕймаг ӕй куыд схона, афтӕ. 20 Ӕмӕ адӕймаг радта нӕмттӕ ӕппӕт хӕдзарон цӕрӕгойтӕн, уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ ӕппӕт хъӕддаг сырдтӕн. Фӕлӕ дзы Адамӕн ӕмбӕлгӕ ӕххуысгӕнӕг нӕ разынд. 21 Уӕд Дунедарӕг Хуыцау адӕймагыл бафтыдта тарф фынӕй. Ӕмӕ куы бафынӕй, уӕд ын йӕ фӕрсчытӕй систа иу ӕмӕ уыцы бынат байгас кодта. 22 Цы фӕрск систа, уымӕй Дунедарӕг Хуыцау адӕймагӕн скодта ус, ӕмӕ йӕм ӕй ӕрбахуыдта. 23 Ӕмӕ адӕймаг загъта: «Гъе, ай у мӕ тугме стӕгӕй; уый хуындзӕни сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ нӕлгоймагӕй ист у». 24 Уымӕ гӕсгӕ нӕлгоймаг ныууадздзӕн йӕ фыды дӕр, йӕ мады дӕр ӕмӕ баиу уыдзӕни сылгоймагимӕ – ӕмӕ суыдзысты иу буар. 25 Сӕ дыууӕ дӕр, адӕймаг ӕмӕ йӕ ус, уыдысты бӕгънӕг, ӕмӕ сӕм уый худинаг нӕ касти.
3Фыццаг адӕймӕгты тӕригъӕд
1 Дунедарӕг Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы хъӕддаг сырдты ӕхсӕн калмӕй хиндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ калм бафарста сылгоймаджы: «Ӕцӕг загъта Хуыцау: „Дыргъдоны бӕлӕстӕй иуы дыргъӕй дӕр ма хӕрут“?» 2 Сылгоймаг калмӕн дзуапп радта: «Дыргъдоны бӕлӕсты дыргътӕй нын хӕрыны бар ис; 3 Дыргъдоны хӕдастӕу цы бӕлас ис, загъта Хуыцау, ӕрмӕст уый дыргътӕй ма бахӕрут ӕмӕ сӕм ма бавналут, науӕд амӕлдзыстут». 4 Уӕд калм загъта сылгоймагӕн: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. 5 Фӕлӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы фӕхъӕстӕ уат, уыцы бон байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ, ӕмӕ суыдзыстут хорз ӕмӕ ӕвзӕр зонӕг+ 3:5 Кӕнӕ: базондзыстут ӕппӕт дӕр., Хуыцау куыд у, афтӕ». 6 Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ тынг хорз сты хӕрынӕн, цӕст сӕм кӕсынӕй не ’фсӕды, сты бӕллиццаг, уымӕн ӕмӕ дӕттынц зонд. Уӕд ын ӕртыдта йӕ дыргътӕй ӕмӕ дзы бахордта; йӕ мойӕн дзы радта, ӕмӕ дзы уый дӕр фӕхъӕстӕ. 7 Ӕваст сӕ дыууӕйы цӕстытӕ дӕр байгом сты ӕмӕ бамбӕрстой, бӕгънӕг кӕй сты, уый. Ӕмӕ бахуыдтой легъуибӕласы сыфтӕ иу иннӕмӕ, ӕмӕ астӕуӕй дӕлӕмӕ сӕхи бамбӕрзтой. 8 Уӕд фехъуыстой Дунедарӕг Хуыцауы хъӕлӕс – Уый боны сатӕджы зылди дыргъдоныл. Адам ӕмӕ йӕ ус Дунедарӕг Хуыцауӕй бамбӕхстысты дыргъдоны бӕлӕсты ӕхсӕн. 9 Дунедарӕг Хуыцау фӕдзырдта Адаммӕ: «Кӕм дӕ?» 10 Уый дзуапп радта: «Дӕ хъӕлӕс Дын фехъуыстон дыргъдоны, ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ фӕтарстӕн ӕмӕ бамбӕхстӕн». 11 Хуыцау ын загъта: «Чи дын загъта, ӕмӕ бӕгънӕг дӕ? Ӕз дын хӕрыны бар цы бӕласы дыргътӕй нӕ лӕвӕрдтон, уый дыргътӕй нӕ фӕхъӕстӕ дӕ, мыййаг?» 12 Адам загъта: «Ды мын цы ус радтай, уый мӕ фӕхъӕстӕ кодта уыцы бӕласы дыргътӕй». 13 Дунедарӕг Хуыцау усӕн загъта: «Уый цы бакуыстай?» Ус дзуапп радта: «Калм мӕ афӕлывта, ӕмӕ дзы бахордтон». 14 Уӕд Дунедарӕг Хуыцау загъта калмӕн: «Афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй ӕппӕт фосӕй ӕмӕ ӕппӕт хъӕддаг сырдтӕй ӕлгъыстдӕр дӕ; лӕсдзынӕ дӕ гуыбыныл ӕмӕ дӕ цӕргӕбонты хӕрдзынӕ зӕххы рыг. 15 Дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаджы ӕмӕ йӕ байзӕддаджы скӕндзынӕн знӕгтӕ. Сылгоймаджы байзӕддаг дын дӕ сӕр цӕвдзӕни, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ». 16 Усӕн та Хуыцау загъта: «Дӕ сывӕрджыны бонты дӕ бафтаудзынӕн хъизӕмӕрттыл; тухитӕгӕнгӕ ардзынӕ сывӕллӕттӕ; дӕ зӕрдӕ тырндзӕни дӕ моймӕ, уый та дыл ӕлдариуӕг кӕндзӕн». 17 Адамӕн та загъта: «Дӕ усмӕ кӕй байхъуыстай, ӕмӕ дын Ӕз цы бӕласы дыргъӕй фӕдзӕхстон „Ма дзы бахӕр“, – уыцы бӕласы дыргъӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ зӕхх ӕлгъыст у дӕу тыххӕй. Дӕ цӕргӕбонты йыл кӕндзынӕ къӕбӕрамалы фыдӕбон. 18 Зӕхх дын ратдзӕни хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ какон сындз. Дӕ хойраг уыдзӕни быдираг кӕрдӕг. 19 Дӕ цӕсгомыл лӕдӕрсдзӕни дӕ хид, афтӕмӕй амал кӕндзынӕ дӕ къӕбӕр, цы зӕххӕй дӕ скодтон, цалынмӕ дӕ уым бавӕрдӕуа ӕмӕ сыджыт фестай, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ ды сыджытӕй конд дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ фестдзынӕ сыджыт». 20 Адам йӕ усы схуыдта Евӕ+ 3:20 Дзуттаг номӕн «Хавва» (Евӕ) ис бамбарӕн «цард»., уымӕн ӕмӕ уый ӕппӕт адӕмтӕн сси сӕ мад.
21 Дунедарӕг Хуыцау Адамӕн ӕмӕ йӕ усӕн скодта цӕрмдарӕстӕ, ӕмӕ бӕгънӕг нал уыдысты. 22 Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адӕймаг райдыдта, хорз ӕмӕ ӕвзӕр циу, уый ӕмбарын, ӕмӕ сси Мах хуызӕн. Ныр йӕ къух куы батаса царды бӕласы дыргътӕй ӕртонынмӕ дӕр, куы дзы бахӕра ӕмӕ куы суа ӕнӕмӕлгӕ». 23 Уӕд Дунедарӕг Хуыцау Адамы рарвыста Едемы дыргъдонӕй, цы зӕххӕй йӕ скондӕуыд, уый кусынмӕ. 24 Хуыцау фӕсырдта адӕймаджы, ӕмӕ царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъӕныны тыххӕй Едемы дыргъдонмӕ бацӕуӕны, скӕсӕны, сӕвӕрдта херувимты+ 3:24 Херувимтӕ – Хуыцауӕн лӕггадгӕнӕг зӕдтӕ. ӕмӕ алырдӕм дӕр цӕваг пиллонкалгӕ цирхъ.
4Каин ӕмӕ Авел
1 Адам ӕриу йӕ ус Евӕимӕ. Ус банхъӕлцау, ныййардта Каины ӕмӕ загъта: «Хуыцау мын радта ацы адӕймаджы». 2 Евӕйӕн ма ноджыдӕр райгуырд Авел – Каины ӕфсымӕр. Авел хызта фысвос, Каин та зӕххы куыст кодта. 3 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Каин зӕххы бӕркадӕй нывонд ӕрхаста Хуыцауӕн. 4 Авел дӕр йӕ дзуджы фыццаг цӕуӕты хӕрзхаст уӕрыччытӕй ӕмӕ сӕ фиуӕй ӕрхаста нывонд. Авел ӕмӕ йӕ нывонд Хуыцауӕн фӕндон уыдысты, 5 Каин ӕмӕ йӕ нывонд та Хуыцауӕн фӕндон нӕ уыдысты. Каин тынг смӕсты ӕмӕ йӕ сӕр ӕруагъта. 6 Хуыцау загъта Каинӕн: «Цӕмӕн смӕсты дӕ, ӕмӕ дӕ сӕр цӕмӕн ӕруагътай? 7 Хорз куы кӕнай, уӕд дӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕсдзынӕ, ӕви? Хорз куы нӕ кӕнай, уӕд та тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕрӕмбӕхст; хъавы дӕм, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз». 8 Каин йе ’фсымӕр Авелӕн загъта: «Цӕуӕм быдырмӕ». Ӕмӕ быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йӕхи ныццавта йе ’фсымӕр Авелыл ӕмӕ йӕ амардта. 9 Хуыцау Каины бафарста: «Кӕм ис де ’фсымӕр Авел?» Каин дзуапп радта: «Нӕ зонын. Ӕз ме ’фсымӕрӕн, мыййаг, гӕс дӕн?» 10 Хуыцау загъта: «Уый цы бакуыстай? Де ’фсымӕры туг Мӕм дзыназы зӕххӕй – йӕ хъаст хӕссы Мӕнмӕ. 11 Ныр ӕлгъыст ӕмӕ хауӕггаг уыдзынӕ, дӕ къухӕй мард ӕфсымӕры туг цы зӕхх аныхъуырдта, уымӕй. 12 Зӕхх куы кусай, уӕддӕр дӕ нал дардзӕни; хъодыгонд ӕмӕ хӕтӕнхуаг уыдзынӕ зӕххыл». 13 Каин загъта Хуыцауӕн: «Мӕ бон цас бафӕразын у, ме ’фхӕрд уымӕй фылдӕр у. 14 Мӕнӕ мӕ ныр Ды сурыс ацы зӕххӕй, нал Дӕ уындзынӕн, зӕххыл уыдзынӕн хъодыгонд ӕмӕ хӕтӕнхуаг; ӕмӕ мыл чидӕриддӕр амбӕла, уый мӕ амардзӕни». 15 Хуыцау ын загъта: «Каины чидӕриддӕр амара, уымӕй йӕ туг райстӕуыдзӕн авд хатты фылдӕрӕй». Ӕмӕ Каиныл Хуыцау сӕвӕрдта гакк, чи йыл сӕмбӕла, уый йӕ куыннӕ амара, афтӕ. 16 Каин ацыди Хуыцауы цурӕй, ӕмӕ ӕрцарди Ноды зӕххыл, Едемӕй скӕсӕнырдыгӕй.
17 Каин ӕриу йӕ усимӕ; ус басывӕрджын ӕмӕ ныййардта Енохы. Уыцы заман Каин арӕзта сахар, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта йӕ фырты ном – Енох. 18 Енохӕн райгуырд Ирад; Ирадӕн райгуырди Мехиаел; Мехиаелӕн райгуырди Мафусал; Мафусалӕн райгуырди Ламех. 19 Ламех ӕрхаста дыууӕ усы; сӕ иуы хуыдтой Адӕ, иннӕйы та – Циллӕ. 20 Адӕ ныййардта Иавалы; уымӕй рацыдысты цӕугӕцардгӕнӕг фосдарджытӕ – цатырты цӕрджытӕ. 21 Иавалы ӕфсымӕры хуыдтой Иувал; уымӕй рацыдысты хъисфӕндырыл ӕмӕ уадындзтыл цӕгъдджытӕ. 22 Циллӕ дӕр ныййардта ТувалКаины; ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй ӕппӕт кусӕнгӕрзтӕ уый арӕзта. ТувалКаинӕн уыдис хо – Ноемӕ.
23 Ламех загъта йӕ устытӕн: «Байхъусут мӕм, Адӕ ӕмӕ Циллӕ! Ламехы устытӕ, байхъусут мӕ ныхӕстӕм: ӕз амардтон нӕлгоймаджы, кӕй мӕ барӕхуыста, уый тыххӕй; ӕз амардтон ӕнахъом лӕппуйы, кӕй мӕ ныццавта, уый тыххӕй. 24 Кӕд Каины туг авд хатты фылдӕрӕй райстӕуыдзӕн, уӕд Ламехы туг та – дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзгӕйттӕй авд хатты фылдӕрӕй».
Сиф ӕмӕ Енох
25 Адам ноджыдӕр ӕриу йӕ усимӕ; ус ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Сиф: «Уымӕн ӕмӕ, – дзырдта Евӕ, – Каин амардта Авелы, ӕмӕ мын йӕ бӕсты Хуыцау радта ӕндӕр сывӕллон».
26 Сифӕн дӕр райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Енос; Хуыцауы ном уыцы заман райдыдтой арын.
5Адамӕй Ноймӕ
1 Ай у Адамы байзӕддӕгты чиныг. Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй скодта Йӕхи ӕнгӕс, 2 Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй, ӕмӕ сыл Йӕ арфӕ бафтыдта. Куы сӕ сфӕлдыста, уӕд сын радта ном – адӕймаг. 3 Адамыл сӕдӕ ӕртын азы куы сӕххӕст, уӕд ын райгуырд йӕхи халдих фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном – Сиф. 4 Сифы райгуырды фӕстӕ Адам фӕцард астсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 5 Адам ӕдӕппӕт фӕцарди фарастсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ амард. 6 Сифыл сӕдӕ фондз азы куы рацыд, уӕд ын райгуырд Енос. 7 Еносы райгуырды фӕстӕ Сиф фӕцард астсӕдӕ авд азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 8 Сиф ӕдӕппӕт фӕцарди фарастсӕдӕ дыууадӕс азы, ӕмӕ амард. 9 Еносыл дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы рацыд, уӕд ын райгуырди Каинан. 10 Каинаны райгуырды фӕстӕ Енос фӕцард астсӕдӕ фынддӕс азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 11 Енос ӕдӕппӕт фӕцарди фарастсӕдӕ фондз азы, ӕмӕ амард. 12 Каинаныл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы рацыд, уӕд ын райгуырди Малелеил. 13 Малелеилы райгуырды фӕстӕ Каинан фӕцард астсӕдӕ цыппор азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 14 Каинан ӕдӕппӕт фӕцарди фарастсӕдӕ дӕс азы, ӕмӕ амард. 15 Малелеилыл фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы рацыд, уӕд ын райгуырд Иаред. 16 Иареды райгуырды фӕстӕ Малелеил фӕцард астсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 17 Малелеил ӕдӕппӕт фӕцард астсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы, ӕмӕ амард. 18 Иаредыл сӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы куы рацыд, уӕд ын райгуырд Енох. 19 Енохы райгуырды фӕстӕ Иаред фӕцард астсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 20 Иаред ӕдӕппӕт фӕцарди фарастсӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы, ӕмӕ амард. 21 Енохыл фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы рацыд, уӕд ын райгуырд Мафусал. 22 Мафусалы райгуырды фӕстӕ Енох Хуыцауӕн фӕндиагӕй фӕцард ӕртӕсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 23 Енох ӕдӕппӕт фӕцард ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз азы; 24 Енох уыди Хуыцауӕн коммӕгӕс, ӕмӕ цыдӕр ӕрбаци – Хуыцау ӕй систа Йӕхимӕ. 25 Мафусалыл сӕдӕ ӕстай авд азы куы рацыд, уӕд ын райгуырди Ламех. 26 Ламехы райгуырды фӕстӕ Мафусал фӕцард авдсӕдӕ ӕстай дыууӕ азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 27 Мафусал ӕдӕппӕт фӕцарди фарастсӕдӕ ӕхсай фараст азы, ӕмӕ амарди. 28 Ламехыл сӕдӕ ӕстай дыууӕ азы куы рацыд, уӕд ын райгуырди фырт, 29 Схуыдта йӕ Ной, ӕмӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ куысты ӕмӕ нӕ цӕнгты фӕллойы, Хуыцау кӕй ралгъыста, уыцы зӕххыл». 30 Нойы райгуырды фӕстӕ Ламех фӕцарди фондзсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 31 Ламех ӕдӕппӕт фӕцард авдсӕдӕ ӕвдай авд азы, ӕмӕ амард. 32 Нойыл фондзсӕдӕ азы куы рацыд, уӕд ын райгуырдысты Сим, Хам ӕмӕ Иафет.
6Хӕлд адӕм ӕмӕ Ной
1 Адӕм ӕппӕт зӕххыл райдыдтой фылдӕрӕйфылдӕр кӕнын. Гуырди сын чызджытӕ, 2 Ӕмӕ адӕмы чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый федтой Хуыцауы фырттӕ, ӕмӕ куырдтой, кӕй зӕрдӕмӕ дзы чи цыди, уыдоны. 3 Уӕд Хуыцау загъта: «Ӕз ын кӕй радтон, Мӕ уыцы уды адӕймаг мыггагмӕ мацӕмӕ дара, уый нӕ уыдзӕн; адӕймаг мӕлӕтон у, йӕ царды ӕмгъуыд уӕд сӕдӕ дыууын азы». 4 Уыцы заман (ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр) зӕххыл уыди уӕйыг адӕймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фырттӕ куырдтой адӕмы чызджыты ӕмӕ сын уыдон уагътой цот. Уыдон уыдысты тыхджын ӕмӕ рагӕй дӕр хъуыстгонд адӕймӕгтӕ. 5 Хуыцау федта, адӕм зӕххыл бынтондӕр кӕй фехӕлдысты, сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ кӕддӕриддӕр ӕрмӕст фыдӕхмӕ арӕзт кӕй сты, уый. 6 Ӕмӕ зӕххыл адӕймаджы кӕй сфӕлдыста, уый тыххӕй Хуыцаумӕ ӕрцыди фӕсмон, 7 Ӕмӕ зӕрдӕрыстӕй загъта: «Ӕз зӕххыл фесафдзынӕн, кӕй сфӕлдыстон, уыцы адӕмы, стӕй цӕрӕгойты, хилджыты ӕмӕ уӕларвон мӕргъты дӕр. Уымӕн ӕмӕ Мӕм фӕсмон ӕрцыди, кӕй сӕ сфӕлдыстон, ууыл». 8 Ной та схайджын Хуыцауы хорзӕхӕй.
9 Радзырд Нойы царды тыххӕй.
Ной уӕды заманы адӕмы ӕхсӕн уыди рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕнаипп адӕймаг; Нойы цард Хуыцауӕн уыди фӕндиаг. 10 Нойӕн райгуырд ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Иафет. 11 Зӕхх Хуыцауы цӕсты сси ӕлгъаг: уымӕн ӕмӕ байдзаг адӕмы фыдмитӕй. 12 Уӕд Хуыцау ӕркаст зӕхмӕ ӕмӕ федта: зӕхх бынтондӕр сӕлгъаг, уымӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр фехӕлдысты. 13 Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Адӕмы мыггагӕн Ӕз скӕндзынӕн кӕрон, уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг сӕ фыдмитӕй. Сӕ фӕд дӕр сын фесафдзынӕн зӕххыл. 14 Гофербӕласӕй дӕхицӕн сараз нау; науы мидӕг сараз хатӕнтӕ, байсӕрд ӕй писийӕ мидӕгӕй ӕмӕ ӕддейӕ. 15 Сараз ӕй афтӕ: науы дӕргъ – ӕртӕсӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ фӕтӕн – дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд – дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. 16 Науӕн сараз, йӕ бӕрзӕнд иу ӕлмӕрин кӕмӕн уа, ахӕм рудзынг. Науы сараз фыццаг, дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзгуытӕ, йӕ фарсыл та – дуар. 17 Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт, ӕмӕ фесафдзынӕн, арвы бын уд кӕй мидӕг ис, уыдоны сеппӕты дӕр; зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон амӕлдзысты. 18 Демӕ та Ӕз сараздзынӕн фидыд; дӕ фырттимӕ, дӕ усимӕ ӕмӕ дӕ чындзытимӕ бацӕудзынӕ наумӕ. 19 Наумӕ бакӕн, зӕххыл цыдӕриддӕр цӕры, уыдонӕй фӕйнӕ къайы, нӕл ӕмӕ сыл, демӕ удӕгасӕй куыд баззайой, афтӕ. 20 Мӕргъты алы мыггагӕй, фосы алы мыггагӕй, зӕххыл хилджыты алы мыггагӕй – сеппӕтӕй дӕр фӕйнӕ къайы бацӕудзысты демӕ, цӕмӕй баззайой удӕгасӕй. 21 Ды та ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ демӕ айс алыхуызон хойраг; уый дӕуӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр уыдзӕни хӕринаг». 22 Ной ӕппӕт дӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
7Доны хъаймӕт
1 Хуыцау загъта Нойӕн: «Дӕ бинонтимӕ бахиз наумӕ, уымӕн ӕмӕ ацы адӕмы фӕлтӕрӕй Ӕз ӕрмӕст дӕу федтон рӕстгӕнӕгӕй. 2 Алы сыгъдӕг цӕрӕгойтӕй дӕр науы бакӕн фӕйнӕ авды – нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ; ӕнӕсыгъдӕг+ 7:2 Ӕнӕсыгъдӕг – Хуыцау нӕ лӕвӕрдта уыцы цӕрӕгойты фыд хӕрыны ӕмӕ сӕ нывонд хӕссыны бар. цӕрӕгойтӕй фӕйнӕ дыууӕ – нӕл ӕмӕ сыл; 3 Мӕргътӕй дӕр фӕйнӕ авды – нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ, сӕ мыггаг зӕххыл куыннӕ фесӕфа, афтӕ. 4 Уымӕн ӕмӕ авд боны фӕстӕ Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн къӕвда, ӕмӕ уардзӕни дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы; Ӕз зӕххыл фесафдзынӕн, кӕй сфӕлдыстон, ӕппӕт уыцы удгоймӕгты». 5 Ной ӕппӕт дӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 6 Доны хъаймӕт куы райдыдта зӕххыл, уӕд Нойыл цыдис ӕхсӕзсӕдӕ азы. 7 Доны хъаймӕтӕй аирвӕзыны тыххӕй Ной, йӕ фырттӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты устытӕ бацыдысты наумӕ. 8 Сыгъдӕг цӕрӕгойтӕй ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг цӕрӕгойтӕй, мӕргътӕй, зӕххыл ӕппӕт хилджытӕй 9 Фӕйнӕ къайы, нӕл ӕмӕ сыл, ӕрцыдысты Ноймӕ ӕмӕ йемӕ бахызтысты наумӕ, Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 10 Уымӕй авд боны куы рацыд, уӕд зӕххыл райдыдта доны хъаймӕт. 11 Нойыл ӕхсӕзсӕдӕ азы куы сӕххӕст, уӕд, дыккаг мӕйы ӕвддӕсӕм бон, стыдтой дӕлзӕххы ӕппӕт доны гуырӕнтӕ, байгом сты арвы дуӕрттӕ, 12 Ӕмӕ къӕвда сӕхсӕхӕй зӕххыл уарыди дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы. 13 Уыцы тӕккӕ бон наумӕ бахызтысты Ной, Нойы фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Иафет, Нойы ус ӕмӕ Нойы ӕртӕ фырттӕн сӕ устытӕ. 14 Семӕ наумӕ бахызтысты алы сырды мыггагӕй, алы фосы мыггагӕй, зӕххыл ӕппӕт хилджыты мыггагӕй, ӕппӕт мӕргъты мыггагӕй. 15 Цардӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй фӕйнӕ къайы, нӕл ӕмӕ сыл, ӕрцыдысты Ноймӕ ӕмӕ йемӕ бахызтысты наумӕ, 16 Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Ӕмӕ Хуыцау Нойы фӕдыл сӕхгӕдта дуар. 17 Доны хъаймӕт зӕххыл ахаста дыууиссӕдз боны; дон сбирӕ, науы систа хӕрдмӕ ӕмӕ йӕ хӕссын байдыдта. 18 Доныл ӕфтыд ӕмӕ ӕфтыд, афтӕ сбирӕ, ӕмӕ нау ленк кодта зӕххы сӕрмӕ доныл. 19 Зӕххыл дон афтӕ сбирӕ, ӕмӕ тӕккӕ бӕрзонддӕр хӕхтӕ дӕр иууылдӕр фесты доны бын; 20 Дон хӕхтӕй фӕуӕлдӕр фынддӕс ӕлмӕрины, ӕмӕ дзы хӕхтӕ аныгъуылдысты. 21 Зӕххыл удӕгас цыдӕриддӕр уыди, уыдон фесӕфтысты: мӕргътӕ, фос, сырдтӕ, зӕххыл чи лӕсыд, ӕппӕт уыцы хилджытӕ, ӕмӕ адӕм иууылдӕр. 22 Сурзӕххыл уӕлдӕфӕй чи цардис, уыдон иууылдӕр амардысты. 23 Зӕххыл чидӕриддӕр цардис – адӕм, фос, хилджытӕ ӕмӕ мӕргътӕ – иууылдӕр фесӕфтысты. Аирвӕзт ӕрмӕстдӕр Ной, стӕй науы йемӕ чи уыдис, уыдон. 24 Дон зӕххыл фылдӕрӕйфылдӕр кодта сӕдӕ фӕндзай боны.
8Доны хъаймӕт фӕци
1 Хуыцауы зӕрдыл лӕууыдысты Ной, стӕй науы йемӕ чи уыди, ӕппӕт уыцы сырдтӕ, ӕппӕт уыцы фос; ӕмӕ Хуыцау зӕхмӕ рауагъта дымгӕ ӕмӕ дон райдыдта къаддӕр кӕнын. 2 Сӕхгӕдӕуыд дӕлзӕххы доны гуырӕнтӕ, стӕй арвы дуӕрттӕ, ӕмӕ къӕвда банцад. 3 Дон зӕххыл райдыдта къаддӕрӕйкъаддӕр кӕнын, ӕмӕ сӕдӕ фӕндзай боны фӕстӕ фӕуӕлӕнгайдӕр дон. 4 Ӕмӕ ӕвдӕм мӕйы ӕвддӕсӕм бон нау ӕрлӕууыд Арараты хӕхтыл. 5 Дон иудадзыг къаддӕрӕйкъаддӕр кодта дӕсӕм мӕйы онг, ӕмӕ дӕсӕм мӕйы фыццаг бон фӕзындысты хӕхты сӕртӕ. 6 Дыууиссӕдз боны куы рацыд, уӕд Ной байгом кодта, кӕй сарӕзта, науы уыцы рудзынг, 7 Ӕмӕ рауагъта халоны. Халониу атахт ӕмӕ ӕрбатахт, цалынмӕ зӕхх ӕрсур, уӕдмӕ. 8 Уый фӕстӕ Ной рауагъта бӕлоны, зӕхх ма доны бын ис ӕви нӕ, уый базонынмӕ. 9 Фӕлӕ бӕлон, йӕ къӕхтӕ цӕуыл ӕрӕвӕра, ахӕм бынат не ссардта, ӕмӕ йӕм ӕрбаздӕхти наумӕ; уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр нырма доны бын уыди; Ной йӕ къух радардта ӕмӕ бӕлоны байста йӕхимӕ, наумӕ. 10 Ной ма ноджы банхъӕлмӕ каст авд боны; ӕмӕ та ногӕй рауагъта бӕлоны. 11 Бӕлон ӕм ӕрбаздӕхт изӕры, йӕ дзыхы ӕрбахаста зетибӕласы ногдзыд сыфтӕр. Ӕмӕ Ной базыдта, зӕхх доны бын кӕй нал ис, уый. 12 Ной ма ноджыдӕр банхъӕлмӕ каст авд боны, ӕмӕ та рауагъта бӕлоны; ӕмӕ йӕм бӕлон нал ӕрбаздӕхт. 13 Ӕхсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы фыццаг мӕйы фыццаг бонмӕ зӕхх суӕгъд донӕй. Уӕд Ной байгом кодта науы сӕр, акаст ӕмӕ федта: зӕхх райдыдта сур кӕнын. 14 Дыккаг мӕйы авд ӕмӕ ссӕдзӕм бонмӕ зӕхх ӕрхус. 15 Ӕмӕ Хуыцау Нойӕн загъта: «16 Рацу науӕй ӕддӕмӕ дӕ усимӕ, дӕ фырттимӕ ӕмӕ дӕ фыртты устытимӕ. 17 Ӕддӕмӕ ракӕн, демӕ чи ис, уыцы цӕрӕгойты: ӕппӕт мӕргъты, ӕппӕт цӕрӕгойты ӕмӕ ӕппӕт хилджыты, цӕмӕй цот уадзой ӕмӕ фылдӕрӕйфылдӕр кӕной зӕххыл». 18 Уӕд Ной, йӕ фырттӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ рацыдысты науӕй. 19 Ӕппӕт сырдтӕ, ӕппӕт хилджытӕ, ӕппӕт мӕргътӕ – зӕххыл чидӕриддӕр змӕлы, уыдон мыггаггай рацыдысты науӕй.
Хуыцауы фидыд Нойимӕ
20 Ной сарӕзта Хуыцауӕн нывондхӕссӕн, ӕмӕ йыл сыгъдӕг цӕрӕгойты ӕмӕ сыгъдӕг мӕргъты алы мыггагӕй дӕр ӕрхаста иууылсудзинаг нывондтӕ. 21 Хуыцаумӕ схӕццӕ ӕхсызгон хӕрздӕф, ӕмӕ Йӕхицӕн загъта: «Адӕймаджы тыххӕй зӕхх нал ралгъитдзынӕн, кӕд адӕймаджы зӕрдӕ йе ’рыгон бонтӕй фӕстӕмӕ фыдӕхмӕ здӕхт у, уӕддӕр. Ӕмӕ Ӕз ныр куыд бакодтон, афтӕ никуал ныццӕгъддзынӕн, зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны. 22 Нырӕй фӕстӕмӕ, цалынмӕ зӕхх уа, уӕдмӕ кӕрон не ’рцӕудзӕни тауынӕн ӕмӕ кӕрдынӕн, уазалӕн ӕмӕ ӕнтӕфӕн, сӕрдӕн ӕмӕ зымӕгӕн, бонӕн ӕмӕ ӕхсӕвӕн».
91 Хуыцау арфӕ бафтыдта Нойыл ӕмӕ Нойы фырттыл, ӕмӕ сын загъта: «Цот уадзут, кӕнут фылдӕрӕйфылдӕр ӕмӕ байдзаг ут зӕххыл. 2 Сымахӕй тӕрсӕнт ӕмӕ уӕ ӕмризӕджы ризӕнт ӕппӕт зӕххон сырдтӕ, ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕ, зӕххыл чидӕриддӕр змӕлы, уыдон сеппӕт дӕр, ӕппӕт денджызон кӕсӕгтӕ – иууылдӕр уӕнт уӕ дӕлбар. 3 Раздӕр уын хӕрынӕн радтон ӕппӕт зайӕгхал, ныр та уын дӕттын ӕппӕт цӕрӕгойты дӕр. 4 Фӕлӕ цард кӕм ис, ома, туг, ахӕм фыд ма хӕрут. 5 Уӕ марӕгӕй Ӕз райсдзынӕн уӕ туг; адӕймаджы туг райсдзынӕн суанг алы сырдӕй дӕр. Ӕз адӕймагӕй дӕр райсдзынӕн, кӕй амара, уыцы адӕймаджы туг, йе ’фсымӕры туг. 6 Адӕймаджы туг чи ныккала, уымӕн йӕ туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы Йӕхи хуызӕнӕй сфӕлдыста. 7 Сымах та цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, анхъӕвзут зӕххыл, кӕнут фылдӕрӕйфылдӕр». 8 Нойӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн Хуыцау ноджыдӕр загъта: «9 Ӕз абон фидыд аразын уемӕ, уӕ фӕстӕ та – уӕ байзӕддӕгтимӕ, 10 Стӕй уемӕ цы цӕрӕгойтӕ ис, уыдонӕй алкӕимӕ дӕр – мӕргътимӕ, фосимӕ ӕмӕ хъӕддаг сырдтимӕ, – науӕй чидӕриддӕр уемӕ рацыд, уыдонимӕ – ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтимӕ. 11 Ӕз демӕ аразын фидыд: зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон нырӕй фӕстӕмӕ доны хъаймӕтӕй нал фесӕфдзысты; доны хъаймӕтӕй нырӕй фӕстӕмӕ нал бабын уыдзӕни зӕхх». 12 Хуыцау ма загъта: «Мӕнӕ уый у, уемӕ, стӕй уемӕ цы цӕрӕгойтӕ ис, уыдонимӕ Ӕз мыггагмӕ кӕй аразын, уыцы фидыды ӕвдисӕйнаг: 13 Ӕз Мӕ арвырон ӕвӕрын ӕврагъы, ӕмӕ уый ӕвдисӕйнаг уыдзӕн, Ӕз ӕппӕт зӕххон цӕрджытимӕ цы фидыд сарӕзтон, уымӕн. 14 Ӕмӕ уыдзӕн афтӕ: Ӕзиу зӕхмӕ ӕврӕгътӕ куы ӕруадзон, уӕдиу ӕврӕгъты фӕзындзӕн арвырон. 15 Ӕмӕиу уӕд Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, Ӕз сымахимӕ ӕмӕ алы цӕрӕгойимӕ кӕй сарӕзтон, Мӕ уыцы фидыд; ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ доны хъаймӕтӕй нал фесӕфдзысты, зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон. 16 Арвырониу ӕврагъы куы фӕзына, уӕдиу ӕй Ӕз фендзынӕн ӕмӕиу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдонимӕ Хуыцауӕн цы ӕнусон фидыд ис, уый». 17 Хуыцау загъта Нойӕн: «Уый у, зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдонимӕ кӕй сарӕзтон, уыцы фидыдӕн ӕвдисӕйнаг».
Ной ӕмӕ йӕ фырттӕ
18 Науӕй чи рацыди, Нойы уыцы фырттӕ уыдысты: Сим, Хам ӕмӕ Иафет. Хам та уыди Ханааны фыд. 19 Ацы ӕртӕ уыдысты Нойы фырттӕ, ӕмӕ уыдоны цотӕй байдзаг ӕппӕт зӕхх. 20 Ной бавнӕлдта зӕххы куыстмӕ, ӕмӕ ныссагъта сӕнӕфсирдон. 21 Иухатт банызта сӕн, барасыг ӕмӕ йӕ цатыры хуыссыд бӕгънӕгӕй. 22 Хам, Ханааны фыд, федта йӕ фыды бӕгънӕгӕй, рацыд ӕддӕмӕ ӕмӕ йӕ радзырдта йӕ дыууӕ ӕфсымӕрӕн. 23 Уӕд Сим ӕмӕ Иафет райстой дарӕс, баппӕрстой йӕ се уӕхсчытыл, чъылдымздӕхтӕй бацыдысты ӕмӕ бамбӕрзтой сӕ фыды; сӕ цӕсгӕмттӕ уыдысты фӕстӕрдӕм, ӕмӕ сӕ фыды бӕгънӕгӕй нӕ федтой. 24 Ной йӕ расыджы фӕстӕ куы райхъал, уӕд базыдта, йӕ кӕстӕр фырт ын цы бакуыста, уый 25 Ӕмӕ загъта: «Ханаан ӕлгъыст у; йе ’фсымӕртӕн уыдзӕни тӕккӕ ӕгаддӕр цагъар». 26 Уый фӕстӕ Ной загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Симы Хуыцау; Ханаан та Симӕн цагъайраг уӕд. 27 Хуыцау бафтауӕд Иафеты зӕххытыл, ӕрцӕрын ӕй кӕнӕд Симы цатырты, ӕмӕ Ханаан уӕд йӕ цагъайраг».
28 Доны хъаймӕты фӕстӕ Ной фӕцард ӕртӕсӕдӕ фӕндзай азы. 29 Ной ӕдӕппӕт фӕцарди фарастсӕдӕ фӕндзай азы, ӕмӕ амард.
10Нойы байзӕддӕгтӕ
1 Мӕнӕ Нойы фыртты, Симы, Хамы ӕмӕ Иафеты, байзӕддӕгтӕ. Доны хъаймӕты фӕстӕ уыдонӕн райгуырди фырттӕ. 2 Иафеты фырттӕ: Гомер, Магог, Мадай, Иаван, Тувал, Мешех ӕмӕ Фирас. 3 Гомеры фырттӕ: Аскеназ, Рифат ӕмӕ Фогарма. 4 Иаваны фырттӕ: Елиса, Фарсис, Киттим ӕмӕ Доданим. 5 Уыдонӕй рацыдысты денджызгӕрон цӕрджытӕ. Алчидӕр сӕ ӕрцард йӕхи зӕххыл, йӕхи адӕмы ӕхсӕн. Алкӕмӕн дӕр уыдис йӕхи ӕвзаг, йӕхи мыггаг. 6 Хамы фырттӕ: Куш, Мицраим, Фут ӕмӕ Ханаан.
7 Кушы фырттӕ: Сева, Хавила, Савта, Раама ӕмӕ Савтеха. Раамы фырттӕ: Шева ӕмӕ Дедан. 8 Кушӕн ма райгуырди Нимрод – фыццаг домбай адӕймаг зӕххыл. 9 Нимрод Хуыцауы раз уыди домбай цуанон, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ баззад ӕмбисондӕн: «Уый Нимроды хуызӕн домбай цуанон у Хуыцауы раз». 10 Нимроды паддзахадӕй фыццаг уыдысты: Вавилон, Эрех, Аккад ӕмӕ Халне – Сеннаары зӕххы сахартӕ. 11 Уыцы зӕххӕй Нимрод ацыд Ассурмӕ, ӕмӕ ам сарӕзта Ниневи, РеховофИр, Калах 12 Ӕмӕ Ресен – Ниневи ӕмӕ Калахы стыр сахары ӕхсӕн. 13 Мицраимӕй райгуырдысты Лудим, Анамим, Легавим, Нафтухим, 14 Патрусим, филистимӕгтӕ кӕмӕй райгуырдысты, уыцы Каслухим ӕмӕ Кафторим. 15 Ханаанӕй райгуырдысты: Сидон – йӕ фыццаг фырт, Хет, 16 Иевусей, Аморрей, Гергесей, 17 Евей, Аркей, Синей, 18 Арвадей, Цемарей ӕмӕ Химафей; уый фӕстӕ ханаанаг адӕмыхӕттытӕ ныххӕлиу сты, 19 Ӕмӕ ханаанӕгты арӕнтӕ уыдысты Сидонӕй Герарырдӕм – Газӕмӕ; ардыгӕй та – Содомы, Гоморрӕйы, Адмӕ ӕмӕ Цевоимырдӕм – суанг Лашӕйы онг. 20 Уыдон сты Хамы фырттӕ, сӕ адӕмыхӕттытӕм, се ’взӕгтӕм гӕсгӕ сӕ зӕххыты, сӕ адӕмы ӕхсӕн. 21 Уыди сывӕллӕттӕ Иафеты хистӕр ӕфсымӕр Симӕн дӕр – Еверы ӕппӕт фыртты фыдӕлӕн. 22 Симы фырттӕ: Елам, Ассур, Арфаксад, Луд, Арам. 23 Арамы фырттӕ: Уц, Хул, Гефер ӕмӕ Маш. 24 Арфаксадӕн райгуырди Сала, Салайӕн райгуырд Евер. 25 Еверӕн райгуырди дыууӕ фырты: сӕ иуы ном – Фалек, уымӕн ӕмӕ зӕхх йӕ заманы ныддихтӕ кодтой; йе ’фсымӕры ном уыдис Иоктан. 26 Иоктанӕн райгуырдысты Алмодад, Шалеф, Хацармавеф, Иерах, 27 Гадорам, Узал, Дикла, 28 Овал, Авимаил, Шева, 29 Офир, Хавила ӕмӕ Иовав. Уыдон иууылдӕр сты Иоктаны фырттӕ. 30 Сӕ цӕрӕн бынӕттӕ уыдысты Мешайӕ скӕсӕнырдӕм – Сефары хӕхбӕстӕмӕ. 31 Уыдон сты Симы фырттӕ, сӕ адӕмыхӕттытӕм, се ’взӕгтӕм гӕсгӕ сӕ зӕххыты, сӕ адӕмы ӕхсӕн. 32 Уыдон сты Нойы фырттӕ сӕ адӕмыхӕттытӕм гӕсгӕ, сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ адӕмы ӕхсӕн. Доны хъаймӕты фӕстӕ уыдонӕй рацӕугӕ адӕмтӕ ахӕлиу сты зӕххыл.
11Вавилоны мӕсыг
1 Ӕппӕт зӕххыл уыдис иу ӕвзаг ӕмӕ иу ӕвзаджы здӕхт. 2 Адӕм рараст сты скӕсӕнӕй, ӕрцыдысты Сеннаары дӕлвӕзмӕ, ӕмӕ дзы ӕрцардысты. 3 Ӕмӕ загътой кӕрӕдзийӕн: «Цӕй ӕмӕ саразӕм агуыридуртӕ ӕмӕ сӕ басудзӕм арты». Афтӕ сӕм дурты бӕсты фӕзындис агуыридур, чъыры бӕсты та – писи. 4 Уый фӕстӕ загътой: «Цӕй ӕмӕ нӕхицӕн саразӕм сахар, йӕ сӕр арвыл кӕмӕн сӕндзӕва, ахӕм мӕсыгимӕ; цӕмӕй нӕ ном айхъуыса ӕмӕ зӕххыл ма ныххӕлиу уӕм». 5 Ӕмӕ Хуыцау ӕрцыд, адӕм кӕй арӕзтой, уыцы сахар ӕмӕ мӕсыг фенынмӕ. 6 Хуыцау загъта: «Мӕнӕ иу адӕм, сеппӕт дӕр дзурынц иу ӕвзагыл, ӕмӕ мӕнӕ цы аразын райдыдтой! Цы сфӕнд кодтой, уый ныр нал ныууадздзысты. 7 Цӕй, ныццӕуӕм сӕм ӕмӕ сын сӕмхӕццӕ кӕнӕм се ’взаг, иу иннӕйы куыд нал ӕмбара, афтӕ». 8 Ӕмӕ сӕ уырдыгӕй Хуыцау ныххӕлиу кодта ӕппӕт зӕххыл, ӕмӕ ныууагътой сахар аразын. 9 Уымӕ гӕсгӕ схуыдтой сахар Вавилон+ 11:9 «Балал» – дзуттагау амоны «сӕмхӕццӕ кӕнын», «Бавел» та – «Вавилон» .; уымӕн ӕмӕ Хуыцау уым сӕмхӕццӕ кодта ӕппӕт адӕмы ӕвзаг, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ныххӕлиу кодта ӕппӕт зӕххыл.
Симӕй Авраммӕ
10 Мӕнӕ Симы байзӕддӕгтӕ: Симыл цыди фондзыссӕдз азы, ӕмӕ йын доны хъаймӕтӕй дыууӕ азы фӕстӕ райгуырд Арфаксад. 11 Арфаксады райгуырды фӕстӕ Сим царди фондзсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 12 Арфаксадыл сӕххӕст фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ йын райгуырди Сала. 13 Салайы райгуырды фӕстӕ Арфаксад царди цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 14 Салайыл сӕххӕст дӕс ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ йын райгуырд Евер. 15 Еверы райгуырды фӕстӕ Сала царди цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 16 Еверыл сӕххӕст цыппӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ йын райгуырди Фалек. 17 Фалекы райгуырды фӕстӕ Евер царди цыппарсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 18 Фалекыл сӕххӕст дӕс ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ йын райгуырди Рагав. 19 Рагавы райгуырды фӕстӕ Фалек царди дыууӕсӕдӕ фараст азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 20 Рагавыл сӕххӕст дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ йын райгуырди Серух. 21 Серухы райгуырды фӕстӕ Рагав царди дыууӕсӕдӕ авд азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 22 Серухыл сӕххӕст дӕс ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ йын райгуырди Нахор. 23 Нахоры райгуырды фӕстӕ Серух царди дыууӕсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 24 Нахорыл сӕххӕст фараст ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ йын райгуырди Фарра. 25 Фаррайы райгуырды фӕстӕ Нахор царди сӕдӕ нудӕс азы, ӕмӕ ма йын райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 26 Фаррайыл сӕххӕст дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, ӕмӕ йын райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. 27 Мӕнӕ Фаррайы байзӕддаг: Фаррайӕн райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн райгуырди Лот. 28 Йӕ фыд Фарра ма удӕгас куы уыди, уӕд Аран амард йӕ райгуырӕн зӕххы – Халдейаг Уры. 29 Аврам ӕмӕ Нахор ракуырдтой устытӕ; Аврамы усы ном – Сарӕ; Нахоры усы ном – Милкӕ; Милкӕ уыд Араны чызг. Аран та уыди Милкӕ ӕмӕ Искайы фыд. 30 Сарӕ уыд ӕнӕзӕнӕг, – цот ын нӕ уыди. 31 Фарра ныууагъта Халдейаг Ур, уырдыгӕй йемӕ ракодта йӕ фырт Аврамы, Араны фырт Лоты – йӕ фырты фырты, йӕ чындз Сарӕйы – Аврамы усы, цӕмӕй фӕцӕуой Ханааны зӕхмӕ; фӕлӕ Харранмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты. 32 Фаррайыл цыди дыууӕсӕдӕ фондз азы, афтӕмӕй амарди Харраны.
12Хуыцауы зӕрдӕвӕрд Аврамӕн
1 Хуыцау загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамондзынӕн, уырдӕм. 2 Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн разагъды адӕм, Мӕ арфӕ дыл бафтаудзынӕн, скӕндзынӕн дӕ хъуыстгонд, ӕмӕ уыдзынӕ арфӕйыхос. 3 Ӕз Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн дӕуӕн арфӕгӕнджытыл, ралгъитдзынӕн де ’лгъитӕджы; дӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». 4 Аврам араст йӕ фӕндагыл, Хуыцау ын куыд загъта, афтӕ. Йемӕ ацыди Лот дӕр. Аврам Харранӕй куы рараст, уӕд ыл цыди фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. 5 Аврам йемӕ акодта йӕ ус Сарӕйы, йе ’фсымӕры фырт Лоты, йемӕ айста, цы сӕм ӕрбамбырд, уыцы мулк. Йемӕ ма ракодта, Харраны кӕй балхӕдтой, ӕппӕт уыцы адӕмы. Афтӕмӕй араст сты Ханааны зӕхмӕ, ӕмӕ ӕрцыдысты уырдӕм. 6 Аврам уыцы зӕххыл цӕугӕйӕ бахӕццӕ Сихеммӕ, стыр тулдзбӕлас Морэ кӕм уыдис, уыцы бынатмӕ. Уыцы зӕххыл уӕд ханаанӕгтӕ цардысты. 7 Хуыцау фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Кӕм ӕм фӕзынд, уым Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. 8 Аврам уырдыгӕй араст, Вефилӕй скӕсӕнырдыгӕй цы хох ис, уырдӕм; уым йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта афтӕ, ӕмӕ Вефил уыди ныгуылӕны, Гай та – скӕсӕны. Аврам уым Хуыцауӕн сарӕзта нывондхӕссӕн, ӕмӕ ссардта Хуыцауы ном. 9 Аврам рараст уырдыгӕй ӕмӕ дарддӕр цыди Негевмӕ – хуссармӕ. 10 Уыцы зӕххы уыди стонг рӕстӕг, ӕмӕ Аврам ацӕрынмӕ ӕрцыди Мысырмӕ, уымӕн ӕмӕ дзы стонг ноджы фӕтыхджындӕр. 11 Мысырмӕ куы баввахс, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: «Зонын ӕй, ды рӕсугъд сылгоймаг кӕй дӕ. 12 Мысырӕгтӕ дӕ куы феной, уӕд зӕгъдзысты: „Уый йӕ ус у“, ӕмӕ мӕ амардзысты, дӕу та удӕгасӕй ныууадздзысты. 13 Зӕгъ сын, мӕ хо дӕ, зӕгъгӕ, цӕмӕй мӕм ракӕсой дзӕбӕх цӕстӕй, ӕмӕ баззайон удӕгасӕй». 14 Аврам Мысыры куы ӕрцард, уӕд мысырӕгтӕ федтой: Сарӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг у. 15 Фараоны+ 12:15 Фараон – Мысыры паддзах. фӕсдзӕуинтӕ йӕ куы федтой, уӕд дзы раппӕлыдысты фараонӕн, ӕмӕ йӕ акодтой фараоны хӕдзармӕ. 16 Фараон аудыдта Аврамыл Сарӕйы тыххӕй; уыдис ӕм лыстӕг фос ӕмӕ стуртӕ, хӕрджытӕ, цагъартӕ – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, ӕмӕ теуатӕ. 17 Фӕлӕ фараоныл ӕмӕ йӕ хӕдзарыл Аврамы ус Сарӕйы тыххӕй Хуыцау ӕруагъта стыр бӕллӕхтӕ. 18 Уӕд фараон басидт Авраммӕ ӕмӕ йӕ бафарста: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый мын цӕуылнӕ загътай? 19 Ды цӕмӕн загътай: „Мӕ хо у“? Бирӕ мӕ нал бахъуыди мӕхицӕн дзы ус скӕнынмӕ. Ныр мӕнӕ дӕ ус; акӕн ӕй ӕмӕ ацу». 20 Фараон бафӕдзӕхста адӕмӕн, ӕмӕ уыдон афӕндараст кодтой Аврамы йӕ ус Сарӕимӕ ӕмӕ йеппӕт мулкимӕ.
13Аврам фӕхицӕн Лотӕй
1 Аврам йӕ усимӕ ӕмӕ йеппӕт мулкимӕ Мысырӕй араст Негевмӕ. Йемӕ рацыди Лот дӕр. 2 Аврам уыди тынг хъӕздыг фосӕй, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй. 3 Аврам Негевӕй цыди дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ Вефилмӕ, Вефил ӕмӕ Гайы ӕхсӕн раздӕр йӕ цатыр кӕм уыдис 4 Ӕмӕ фыццаг хатт нывондхӕссӕн кӕм сарӕзта, уыцы бынатмӕ; уым Аврам ссардта Хуыцауы ном. 5 Лот цыдис Аврамимӕ; уымӕ дӕр уыди бирӕ фысвос, стуртӕ ӕмӕ цатыртӕ. 6 Бирӕ мулк сӕм кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сын зӕхх афтӕ скъуындӕг, ӕмӕ сӕ бон иумӕ цӕрын нал уыдис. 7 Аврамы фосы ӕмӕ Лоты фосы фыййӕуттӕн бацайдагъ быцӕу. (Ханаанӕгтӕ дӕр ӕмӕ ферезӕгтӕ дӕр уӕд уыцы зӕххыл цардысты.) 8 Аврам загъта Лотӕн: «Мӕн ӕмӕ дӕу ӕхсӕн, мӕ фыййӕутты ӕмӕ дӕ фыййӕутты ӕхсӕн хъаугъа ма уӕд; уымӕн ӕмӕ мах хӕстӕджытӕ стӕм. 9 Ӕппӕт зӕхх дӕ цӕстыты раз нӕй, мыййаг? Ахицӕн у мӕнӕй. Ды галиуырдӕм куы ацӕуай, уӕд ӕз та рахизырдӕм ацӕудзынӕн; ды рахизырдӕм куы ацӕуай, уӕд ӕз та галиуырдӕм ацӕудзынӕн». 10 Лот йӕ цӕст ахаста ӕмӕ федта Иорданы ӕппӕт дӕлвӕз суанг Сигормӕ. Хуыцау цалынмӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы нӕ фесӕфта, уӕдмӕ ацы дӕлвӕз ӕфсӕст уыди донӕй Хуыцауы дыргъдонау ӕмӕ Мысыры зӕххау. 11 Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы ӕппӕт дӕлвӕз, ӕмӕ араст скӕсӕнмӕ. Афтӕ Аврам ӕмӕ Лот фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ. 12 Аврам ӕрцарди Ханааны зӕххыл; Лот та ӕрцарди дӕлвӕзы сахарты ӕхсӕн, йӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдта Содоммӕ хӕстӕг. 13 Содомы цӕрджытӕ та уыдысты фыдадӕм, сӕ бирӕ тӕригъӕдтӕй цыдысты Хуыцауы хъыджы.
Хуыцауы зӕрдӕвӕрд
14 Лот куы ахицӕн, уӕд Аврамӕн Хуыцау загъта: «Дӕ цӕстытыл схӕц, ӕмӕ цы ран лӕууыс, уырдыгӕй акӕс цӕгатмӕ, хуссармӕ, скӕсӕнмӕ ӕмӕ ныгуылӕнмӕ. 15 Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. 16 Ӕз дын ратдзынӕн бирӕ байзӕддаг, зӕххыл змис куыд бирӕ ис, афтӕ. Кӕд искӕмӕн йӕ бон зӕххыл змисы муртӕ банымайын у, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр уыдзӕни банымайӕн. 17 Цӕугӕ, ӕрзил ацы зӕххыл дӕргъмӕ ӕмӕ уӕрхмӕ; уымӕн ӕмӕ йӕ Ӕз дӕуӕн дӕттын». 18 Аврам систа йӕ цатыртӕ, ацыд ӕмӕ ӕрцарди Хевроны, Мамрейы тулдзбӕлӕстӕм хӕстӕг; уым Хуыцауӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.
14Аврам фервӕзын кодта Лоты
1 Амрафел Сеннаары паддзах куы уыди, Ариох – Елласары паддзах, Кедорлаомер – Еламы паддзах, Фидал та – Гоимы паддзах, 2 Уӕд иумӕ рацыдысты хӕстмӕ Содомы паддзах Берайы, Гоморрӕйы паддзах Биршайы, Адмӕйы паддзах Шинавы, Севоимы паддзах Шемеверы ӕмӕ Белайы, ома, Сигоры паддзахы ныхмӕ, 3 Уыдон баиу сты Сиддимы дӕлвӕзы, ныртӕккӕ Цӕхджын денджыз+ 14:3 Цӕхджын денджыз – ома, Ӕдзӕрӕг денджыз. кӕм ис, уым. 4 Кӕй ныхмӕ рацыдысты, уыцы паддзӕхтӕ дыууадӕс азы уыдысты Кедорлаомеры дӕлбар, фӕлӕ ӕртындӕсӕм аз сыстадысты. 5 Цыппӕрдӕсӕм аз ӕрцыди Кедорлаомер йемӕ цӕдис паддзӕхтимӕ, ӕмӕ АштерофКарнаимы ныддӕрӕн кодтой рефаимты, Гамы – зузимӕгты, ШавеКириафаимы – эмимӕгты, 6 Стӕй хоррейӕгты Сеиры хӕхбӕстӕйы, ӕдзӕрӕг ран цы ЭлФаран ис, уымӕ хӕстӕг. 7 Уырдыгӕй ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ ӕрцыдысты Мишпатмӕ, ома, Кадесмӕ, ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой амаликӕгты се ’ппӕт зӕххыты, ӕмӕ ХацацонФамары цӕрӕг аморрейӕгты дӕр. 8 Сӕ ныхмӕ рацыдысты Содомы паддзах, Гоморрӕйы паддзах, Адмӕйы паддзах, Севоимы паддзах, Белайы, ома, Сигоры паддзах; баиу сты Сиддимы дӕлвӕзы ӕмӕ схӕцыдысты 9 Еламы паддзах Кедорлаомеримӕ, Гоимы паддзах Фидалимӕ, Сеннаары паддзах Амрафелимӕ, Елласары паддзах Ариохимӕ – цыппар паддзахы фондзы ныхмӕ. 10 Сиддимы дӕлвӕзы бирӕ уыди писийы уӕрмытӕ. Содом ӕмӕ Гоморрӕйы паддзӕхтӕ лидзӕг куы фесты, уӕд сӕ адӕмӕй бирӕтӕ ныххаудтой уыцы уӕрмыты; иннӕтӕ та хӕхтӕм алыгъдысты. 11 Уӕлахиздзаутӕ райстой Содом ӕмӕ Гоморрӕйы ӕппӕт мулк, сеппӕт хойраг, ӕмӕ ацыдысты. 12 Семӕ акодтой Аврамы ӕфсымӕры фырты – Содомы цӕрӕг Лоты дӕр, ахастой йын йеппӕт мулк. 13 Чи аирвӕзт, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар радзырдта дзуттаг Аврамӕн. Аврам царди аморрейаг Мамрейы – Эшкол ӕмӕ Анеры ӕфсымӕры тулдзбӕлӕстӕм хӕстӕг. Ӕфсымӕртӕ уыдысты Аврамы цӕдисонтӕ. 14 Йӕ къабаз уацары кӕй ис, Аврам уый куы фехъуыста, уӕд сгӕрзифтонг кодта, йӕ хӕдзары чи райгуырд, уыцы ӕртӕсӕдӕ ӕстдӕс хӕстхъом лӕджы, ӕмӕ знӕгты фӕсырдта суанг Данмӕ. 15 Аврам йӕ адӕмы фӕкодта дыууӕ дихы, бабырста сӕм ӕхсӕвы, ныддӕрӕн сӕ кодта, ӕмӕ сӕ фӕсырдта, Дамаскӕн цӕгатырдыгӕй цы Ховӕ ис, суанг уырдӕм. 16 Байста йӕ къабаз Лоты йеппӕт мулкимӕ, сылгоймӕгтимӕ ӕмӕ йӕ адӕмимӕ.
Мелхиседекы арфӕ Аврамӕн
17 Кедорлаомеры ӕмӕ йын йӕ цӕдисон паддзӕхты Аврам куы ныддӕрӕн кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ куы здӕхти, уӕд Шавейы дӕлвӕзмӕ, ома, Паддзахы дӕлвӕзмӕ, йӕ размӕ рацыди Содомы паддзах. 18 Салимы паддзах Мелхиседек рахаста дзул ӕмӕ сӕн. Мелхиседек уыди Бӕрзонд Хуыцауы алчер+ 14:18 Алчер – ома, хистӕр сауджын.. 19 Уый арфӕ бафтыдта Аврамыл: «Арфӕгонд у Аврам Бӕрзонд Хуыцауӕй, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй. 20 Арфӕгонд у Бӕрзонд Хуыцау; Уый дын радта уӕлахиз де знӕгтыл». Аврам Мелхиседекӕн алцӕмӕй дӕр радта дӕсӕймаг хай. 21 Содомы паддзах Аврамӕн загъта: «Ратт мын мӕ адӕмы, мулк та дӕхицӕн уадз». 22 Фӕлӕ Аврам Содомы паддзахӕн дзуапп радта: «Ӕз дарын мӕ къухтӕ Бӕрзонд Хуыцаумӕ, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгмӕ, ӕмӕ сомы кӕнын, 23 Дӕу цы у, уымӕй ӕгӕрмӕгуыр ӕндах ӕмӕ дзабыры бос дӕр нӕ райсдзынӕн, афтӕ куыннӕ зӕгъай: „Аврамы ӕз схъӕздыг кодтон“. 24 Мӕ адӕмӕн хӕлцыл цы бахардз, стӕй хӕсты мемӕ чи уыд, уыдонмӕ цы хауы, уымӕй уӕлдай ницы райсдзынӕн – Анер, Эшкол ӕмӕ Мамре райсӕнт сӕ хай».
15Хуыцауы фидыд Аврамимӕ
1 Авраммӕ уыцы цауты фӕстӕ цӕстылуайӕны фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Мацӕмӕй тӕрс, Аврам. Ӕз дӕ уарт дӕн; тынг стыр у дӕ хӕрзиуӕг». 2 Аврам загъта: «Мӕ Паддзах, Дунедарӕг Хуыцау! Цы мын ратдзынӕ Ды? Ӕз нырмӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг дӕн, ӕмӕ дамаскаг Елиезер уыдзӕни мӕ бындар. 3 Ды мын цот нӕ радтай, ӕмӕ мӕ хӕдзары райгуырӕг цагъар уыдзӕни мӕ бындар». 4 Хуыцау дарддӕр ныхас кодта йемӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый нӕ уыдзӕни дӕ бындар. Фӕлӕ дӕхицӕй чи райгуыра, уый уыдзӕни дӕ бындар». 5 Хуыцау Аврамы ракодта ӕддӕмӕ ӕмӕ йын загъта: «Скӕс арвмӕ, ӕмӕ кӕд стъалытӕ банымайын дӕ бон бауа, уӕд сӕ банымай». Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Афтӕ бирӕ уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр». 6 Аврам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл. 7 Хуыцау ын ноджыдӕр загъта: «Ацы зӕхх дӕуӕн раттыны сӕраппонд дӕу халдейаг Урӕй Чи ракодта, Ӕз уыцы Хуыцау дӕн». 8 Аврам Ӕй бафарста: «Мӕ Паддзах, Дунедарӕг Хуыцау! Уыцы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕн, уый куыд базондзынӕн?» 9 Хуыцау ын загъта: «Ӕркӕн Мын ӕртӕаздзыд дыгӕрдыг, ӕртӕаздзыд сӕгъ, ӕртӕаздзыд фыс, ӕрхӕсс ӕхсинӕг ӕмӕ ӕрыгон бӕлон». 10 Аврам бавдӕлд ӕмӕ сеппӕты дӕр адих кодта се ’мбистыл, ӕмӕ дзы иу ӕмбис ӕрӕвӕрдта иннӕйы ныхмӕ; ӕрмӕст мӕргъты нӕ адих кодта. 11 Кусӕрттыл сӕхи ныццавтой тугдзых мӕргътӕ, фӕлӕиу сӕ Аврам асырдта. 12 Хур куы фӕцӕйныгуылд, уӕд Аврам баци тарф фынӕй; фыны йыл ӕртыхст ӕвирхъау талынг, стыр тасы бафтыд. 13 Хуыцау загъта Аврамӕн: «Дӕ зӕрдыл бадар: дӕ байзӕддӕгтӕ ӕцӕгӕлон зӕххыл уыдзысты ӕрцӕуӕггӕгтӕ, уыдзысты цагъартӕ ӕмӕ сӕ ссӕнддзысты цыппарсӕдӕ азы. 14 Фӕлӕ цагъартӕ кӕмӕ уой, уыцы адӕмы Ӕз бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ уыдонӕй рацӕудзысты стыр мулкимӕ. 15 Ды та зӕрдӕрухсӕй аивгъуыйдзынӕ дӕ фыдӕлтӕм, ныгӕд ӕрцӕудзынӕ зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. 16 Дӕ байзӕддӕгты цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзӕн ардӕм, уымӕн ӕмӕ аморрейӕгтӕ сӕ тӕригъӕдджын царды нӕма ахызтысты, кӕд сӕ фесӕфтӕуыдзӕн, уыцы хаххӕй». 17 Хур куы аныгуылд ӕмӕ бӕстӕ куы баталынг, уӕд ӕмбисыл дихгонд нывондты хӕйтты ӕхсӕнты ацыдысты пецы фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ ӕмӕ арты ӕвзӕгтӕ. 18 Уыцы бон Хуыцау Аврамимӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ загъта: «Мысыры цӕугӕдонӕй суанг Ефраты номдзыд цӕугӕдонмӕ цы зӕхх ис, уый Ӕз дӕ байзӕддӕгтӕн дӕттын – 19 Кенейӕгты, кенезӕгты, кедмонӕгты, 20 Хеттӕгты, ферезӕгты, рефаимӕгты, 21 Аморрӕгты, ханаанӕгты, гергесӕгты ӕмӕ иевусӕгты зӕххытӕ».
16Агар ӕмӕ Измаил
1 Фӕлӕ Аврамы ус Сарӕйӕн сывӕллон нӕ гуырди. Уыдис ын мысыраг лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, йӕ ном Агар. 2 Ӕмӕ Сарӕ загъта Аврамӕн: «Хуыцау мын зӕнӕг нӕ дӕтты. Бацӕр мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймагимӕ, уый мын, чи зоны, ныййара лӕппу». Аврам байхъуыста Сарӕмӕ. 3 Уыцы хабар ӕрцыд, Аврам Ханааны дӕс азы куы фӕцард, уӕд: Аврамы ус Сарӕ йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы, мысыраг Агары, йӕ мой Аврамӕн радта усӕн. 4 Аврам ӕриу Агаримӕ ӕмӕ сылгоймаг басывӕрджын. Кӕй басывӕрджын, Агар уый куы базыдта, уӕд йӕ ӕхсинмӕ былысчъилӕй кӕсын райдыдта. 5 Уӕд Сарӕ загъта Аврамӕн: «Масты хай кӕй бадӕн, уый дӕ аххос у; мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы дын ӕз радтон усӕн; кӕй басывӕрджын, уый Агар куы базыдта, уӕд мӕ ницӕмӕуал дары. Мӕнӕн дӕр ӕмӕ дӕуӕн дӕр Хуыцау уӕд тӕрхонгӕнӕг». 6 Аврам загъта Сарӕйӕн: «Дӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймагыл дӕ бар цӕуы. Цы дӕ фӕнды, уый йын бакӕн». Уӕд ӕй Сарӕ райдыдта ӕфхӕрын, ӕмӕ Агар фӕлыгъди Сарӕйӕ. 7 Хуыцауы зӕд Агары ссардта ӕдзӕрӕг ран, Сурмӕ фӕндагыл цы суадон уыдис, уымӕ хӕстӕг. 8 Зӕд ын загъта: «Агар, Сарӕйы лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, кӕцӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Агар загъта: «Ӕз лидзын мӕ ӕхсин Сарӕйӕ». 9 Хуыцауы зӕд ын загъта: «Аздӕх дӕ ӕхсинмӕ ӕмӕ йын басӕтт». 10 Хуыцауы зӕд ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дын ратдзынӕн афтӕ бирӕ байзӕддаг, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн». 11 Хуыцауы зӕд ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ды ныртӕккӕ ӕнхъӕлцау дӕ; ныййардзынӕ лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Измаил+ 16:11 Измаил – дзуттагау амоны «Хуыцау хъусы».; уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ сыхъуыстысты дӕ хъизӕмӕрттӕ. 12 Измаил адӕмы ӕхсӕн уыдзӕни хъӕддаг хӕрӕгау; тох кӕндзӕни алкӕимӕ дӕр, ӕмӕ алчидӕр тох кӕндзӕн йемӕ; йе ’фсымӕртимӕ нӕ фидаудзӕн». 13 Йемӕ ныхасгӕнӕг Хуыцауӕн Агар радта ном: «Ды ЭлРои+ 16:13 ЭлРои – дзуттагау амоны «мӕ Уынӕг Хуыцау». Дӕ». Уымӕн ӕмӕ Агар загъта: «Ӕз федтон мӕ Уынӕджы». 14 Уымӕ гӕсгӕ уыцы цъай хуыйны Беэрлахайрои+ 16:14 Беэрлахайрои – дзуттагау амоны «мӕн Чи федта, уыцы Цардӕгасы цъай».; абон дӕр Кадесӕй Бареды ӕхсӕн ис. 15 Агар Аврамӕн ныййардта фырт; Агарӕй йын чи райгуырд, уыцы фыртыл Аврам сӕвӕрдта ном Измаил. 16 Агар ын Измаилы куы ныййардта, уӕд Аврамыл цыдис ӕхсӕз ӕмӕ цыппарыссӕдз азы.
17Хуыцауы фӕдзӕхст сунӕты тыххӕй
1 Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм фӕзынди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс+ 17:1 Ӕппӕтхъомыс – дзуттагау у «ЭлШаддай». Хуыцау дӕн; у Мын коммӕгӕс ӕмӕ ӕнаипп. 2 Ӕз демӕ сараздзынӕн фидыд, ӕмӕ дын ратдзынӕн тынг бирӕ байзӕддаг». 3 Аврам ныддӕлгом Хуыцауы раз, ӕмӕ йын Хуыцау дарддӕр дзырдта: «4 Мӕнӕ Ӕз демӕ аразын фидыд. Ды уыдзынӕ бирӕ адӕмты фыдӕл. 5 Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном Аврам нал уыдзӕни, фӕлӕ Авраам; уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыдӕл. 6 Ӕз дын ратдзынӕн тынг бирӕ байзӕддаг; дӕуӕй рауадздзынӕн адӕмтӕ, дӕуӕй рацӕудзӕни паддзӕхтӕ дӕр. 7 Демӕ, дӕ фӕстӕ та дӕ байзӕддӕгты фӕлтӕртимӕ, Ӕз сараздзынӕн фидыд – мыггагмӕйы фидыд, Ӕз уыдзынӕн дӕ Хуыцау ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты Хуыцау. 8 Дӕуӕн, дӕ фӕстӕ та дӕ байзӕддӕгтӕн, Ӕз ратдзынӕн, ды ныртӕккӕ ӕрцӕуӕггаг кӕуыл дӕ, Ханааны уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Ӕз ӕй мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау». 9 Хуыцау загъта Авраамӕн: «Ды дӕр, дӕхирдыгӕй, хъуамӕ сӕххӕст кӕнай Мӕ фидыд. Дӕ фӕстӕ та йӕ фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной дӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр. 10 Ды кӕй ӕххӕст кӕндзынӕ, дӕ фӕстӕ та дӕ байзӕддӕгтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзысты, мӕнӕ Мӕ уыцы фидыд: сунӕтгонд уӕд уӕ алы нӕлгоймаг дӕр. 11 Лыг кӕнут уӕ буары уӕнджы кӕрон – уый уыдзӕн ӕвдисӕйнаг, Мӕн ӕмӕ уе ’хсӕн фидыд кӕй ис, уымӕн. 12 Алы лӕппу дӕр сунӕтгонд хъуамӕ ӕрцӕуа йӕ райгуырынӕй ӕстӕм бон – афтӕ уӕм уӕд фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ: хӕдзары чи райгуырд, уый дӕр, стӕй дӕ байзӕддагӕй чи нӕу, фӕлӕ ӕцӕгӕлонӕй ӕхцайӕ кӕй балхӕдтай, уый дӕр. 13 Ӕнӕмӕнг сунӕтгонд уӕд, дӕ хӕдзары чи райгуырд, уый дӕр, ӕмӕ де ’хцайӕ кӕй балхӕдтай, уый дӕр. Афтӕмӕй Мӕ фидыд уӕ буарыл уыдзӕни мыггагмӕйы фидыд. 14 Нӕлгоймӕгтӕй сунӕтгонд чи нӕ уа – йӕ буары уӕнджы кӕрон лыг кӕмӕн нӕ уа, – уый хъодыгонд уыдзӕн йӕ адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ фехӕлдта Мӕ фидыд». 15 Хуыцау загъта Авраамӕн: «Дӕ ус Сарӕйы ном нырӕй фӕстӕмӕ Сарӕ нал уыдзӕни, фӕлӕ Саррӕ. 16 Ӕз ыл арфӕ бафтаудзынӕн, ӕмӕ дын уымӕй ратдзынӕн фырт; Ӕз ыл арфӕ бафтаудзынӕн, ӕмӕ дзы рацӕудзысты адӕмтӕ, рацӕудзысты дзы адӕмты паддзӕхтӕ». 17 Авраам ныддӕлгом, бахудт ӕмӕ хинымӕр загъта: «Ау, фондзыссӕдзаздзыдӕн ма фырт райгуырдзӕн? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ ма ныййардзӕн?» 18 Авраам загъта Хуыцауӕн: «Измаил уӕд та куы цӕрид ӕмӕ йыл Дӕ арфӕ куы уаид!» 19 Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕни фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Исаак; Ӕз Исаакимӕ, йӕ фӕстӕ та йӕ байзӕддагимӕ, сараздзынӕн ӕнусон фидыд. 20 Измаилы тыххӕй цы куырдтай, уый дӕр фехъуыстон: Ӕз ыл ӕнӕмӕнг бафтаудзынӕн Мӕ арфӕ, рацӕудзӕн ын бирӕ зӕнӕг, ӕмӕ йын тынг сбирӕ кӕндзынӕн йӕ байзӕддаг; уымӕй райгуырдзысты дыууадӕс ӕлдары; рауадздзынӕн дзы разагъды адӕм. 21 Фӕлӕ дын Саррӕ инназ, тӕккӕ ацафон, кӕй ныййара, уыимӕ – Исаакимӕ – сараздзынӕн Мӕ фидыд». 22 Уыйадыл Хуыцау фӕци Йӕ ныхас Авраамимӕ, ӕмӕ йӕ ныууагъта. 23 Авраам бавдӕлд ӕмӕ йӕ фырт Измаилӕн, йӕ хӕдзары чи райгуырд ӕмӕ йе ’хцайӕ кӕй балхӕдта, уыдонӕн – йӕ хӕдзары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕн – тӕккӕ уыцы бон скодта сунӕт, Хуыцау ын куыд загъта, афтӕ. 24 Авраам сунӕтгонд куы ӕрцыд, уӕд ыл цыди нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы. 25 Йӕ фырт Измаилӕн сунӕт куы скодтой, уӕд ыл цыдис ӕртындӕс азы. 26 Авраам ӕмӕ йӕ фырт Измаил сунӕтгонд ӕрцыдысты уыциу бон. 27 Авраамимӕ сунӕтгонд ӕрцыдысты, йӕ хӕдзары чи райгуырд, ӕцӕгӕлон адӕмӕй ӕхцайӕ кӕй балхӕдта – йӕ хӕдзары чи уыди, уыцы нӕлгоймӕгтӕ сеппӕт дӕр.
18Уазджытӕ уӕлӕрвтӕй
1 Хуыцау та Аврааммӕ фӕзынди Мамрейы тулдзбӕлӕсты цур, Авраам боны ӕнтӕфы цатырмӕ бахизӕны куы бадтис, уӕд. 2 Авраам акаст ӕмӕ уыны: ӕртӕ лӕджы лӕууынц йӕ акомкоммӕ. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ цатырмӕ бахизӕнӕй азгъордта сӕ размӕ, зӕххы онг сын акуывта, 3 Ӕмӕ загъта: «Мӕ паддзах! Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг скодтай, уӕд дӕ цагъары рӕзты ма ацу. 4 Дон ӕрбахӕсдзысты, уӕ къӕхтӕ уын ӕрӕхсдзысты, ӕмӕ ацы бӕласы бын суадзут уӕ фӕллад. 5 Ӕз та ӕрбахӕсдзынӕн хӕринаг, уӕхи фӕхъыртхъом кӕндзыстут ӕмӕ уый фӕстӕ цӕудзыстут дарддӕр; уымӕн ӕмӕ уӕ цагъары рӕзты у уӕ фӕндаг». Уыдон загътой: «Хорз, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕн». 6 Авраам атындзыдта цатырмӕ ӕмӕ Саррӕйӕн загъта: «Рӕвдздӕр сызмӕнт хыссӕ хуыздӕр ссады ӕртӕ сатӕйӕ+ 18:6 Сатӕ – авд литры бӕрц., ӕмӕ ракӕн донгӕндтӕ». 7 Авраам азгъордта рӕгъаумӕ, равзӕрста родты хуыздӕр, радта йӕ фӕсдзӕуинмӕ, ӕмӕ йӕ уый уайтӕккӕ ацӕттӕ кодта. 8 Уый фӕстӕ Авраам къӕдор, ӕхсыр ӕмӕ роды фыд ӕрӕвӕрдта фынгыл; цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ Авраам бӕласы бын лӕууыди сӕ уӕлхъус. 9 Уыдон ӕй бафарстой: «Кӕм ис дӕ ус Саррӕ?» Авраам дзуапп радта: «Ам ис, цатыры». 10 Хуыцау загъта: «Ӕз та дӕм ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзынӕн инназ ацафон, ӕмӕ дӕ ус Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу». Саррӕ та цатырмӕ бахизӕны лӕууыд Йӕ фӕстӕ, ӕмӕ сӕм хъуыста. 11 Авраам ӕмӕ Саррӕ уыдысты зӕрӕдтӕ, цыди сыл бирӕ азтӕ, Саррӕ сылгоймагау нӕфӕразгӕ дӕр нал кодта. 12 Уымӕ гӕсгӕ Саррӕ бахудт ӕмӕ хинымӕр загъта: «Ӕз базӕронд дӕн, мӕ сӕрыхицау дӕр зӕронд у; уӕд ма мӕм ахӕм амонд ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» 13 Уӕд Хуыцау загъта Авраамӕн: «Цӕуыл худы Саррӕ ӕмӕ цӕмӕн зӕгъы: „Куы базӕронд дӕн, уӕд ма мӕ бон сывӕллон ныййарын бауыдзӕни?“ 14 Хуыцауӕн йӕ бон цы нӕ бауа, ахӕмӕй исты ис? Ӕз инназ, ацафон, ӕрцӕудзынӕн дӕумӕ, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу». 15 Саррӕ та фыртӕссӕй нӕ басаст ӕмӕ загъта: «Ӕз нӕ худтӕн». Фӕлӕ Уый загъта: «Нӕ, ды худтӕ».
Авраам Содомы тыххӕй хаты Хуыцаумӕ
16 Лӕгтӕ сыстадысты сӕ фӕндагыл ацӕуынмӕ ӕмӕ акастысты Содомырдӕм; Авраам семӕ рацыд афӕндараст сӕ кӕнынмӕ. 17 Хуыцау загъта: «Ӕз цы саразынмӕ хъавын, уый Авраамӕй басусӕг кӕндзынӕн, мыййаг? 18 Авраамӕй ӕнӕмӕнг рацӕудзӕни разагъды ӕмӕ тыхджын адӕм, ӕмӕ йӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. 19 Ӕз ӕй уый тыххӕй сӕвзӕрстон, цӕмӕй йӕ хъӕбултӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн бафӕдзӕхса йӕ мӕлӕты фӕстӕ Хуыцауы фӕндагыл цӕуын, Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй ӕмӕ рӕстӕй цӕрын, цӕмӕй Хуыцау Авраамӕн ратта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый». 20 Хуыцау загъта: «Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕ тынг хъаст кӕнынц, сӕ тӕригъӕд ӕгӕр уӕззау у. 21 Ныццӕуон ӕмӕ фенон, Мӕнмӕ уыдоныл цы хъаст ссыди, сеппӕт митӕ дӕр ӕцӕгӕй афтӕ сты, ӕви нӕ. Мӕхӕдӕг ӕй сбӕлвырд кӕнон». 22 Лӕгтӕ араст сты уырдыгӕй ӕмӕ ацыдысты Содоммӕ; Авраам ма уӕддӕр лӕууыди Хуыцауы раз. 23 Авраам Ӕм бацыди хӕстӕгдӕр ӕмӕ загъта: «Ау, Ды тӕригъӕдджынимӕ рӕстгӕнӕджы дӕр фесафдзынӕ? 24 Уыцы сахары, чи зоны, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис. Ау, цы дӕс ӕмӕ дзы дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис, уыдоны сӕраппонд Ды уыцы бынат нӕ бахиздзынӕ? 25 Ды афтӕ нӕ бакӕндзынӕ – рӕстгӕнӕджы нӕ фесафдзынӕ тӕригъӕдджынимӕ, тӕригъӕдджынӕн ӕмӕ рӕстгӕнӕгӕн сӕ адзал иу нӕ уыдзӕни. Ды афтӕ нӕ бакӕндзынӕ! Ӕппӕт зӕххы Тӕрхонгӕнӕг хӕрам тӕрхон рахӕсдзӕн, ӕви?» 26 Хуыцау загъта: «Кӕд Содомы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ссарон, уӕд Ӕз уыдоны сӕраппонд ныббардзынӕн ӕппӕт уыцы бынатӕн». 27 Авраам дарддӕр дзырдта: «Мӕнӕ ӕз рыг ӕмӕ ӕртхутӕгӕй уӕлдай нӕ дӕн, афтӕмӕй мӕ ныфс бахастон Хуыцауимӕ ныхас кӕнынмӕ: 28 Дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы бӕсты дзы фондз ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы разына, уӕд уыцы фондзы тыххӕй Ды ӕппӕт сахар фесафдзынӕ?» Хуыцау загъта: «Фондз ӕмӕ дзы дыууиссӕдз куы ссарон, уӕд ӕй нӕ фесафдзынӕн». 29 Авраам дарддӕр ныхас кодта Йемӕ: «Чи зоны дзы дыууиссӕдз йеддӕмӕ нӕ разына». Хуыцау загъта: «Нӕ йӕ фесафдзынӕн дыууиссӕдзы сӕраппонд дӕр». 30 Авраам загъта: «Ма смӕсты уӕд Хуыцау, ӕз цы зӕгъдзынӕн, ууыл: ӕмӕ дзы дӕс ӕмӕ ссӕдз куы разына, уӕд та?» Хуыцау загъта: «Нӕ йӕ фесафдзынӕн, дӕс ӕмӕ дзы ссӕдз куы разына, уӕд дӕр». 31 Авраам та загъта: «Мӕнӕ ӕз мӕ ныфс бахастон Хуыцауимӕ ныхас кӕнынмӕ: ссӕдз рӕстгӕнӕджы дзы куы разына, уӕд та?» Хуыцау загъта: «Нӕ йӕ фесафдзынӕн ссӕдзы сӕраппонд дӕр». 32 Уӕд Авраам загъта: «Ма смӕсты уӕд мӕ Паддзах, ӕз ма ӕрмӕст иу ныхас зӕгъдзынӕн: дӕс дзы куы разына, уӕд та?» Хуыцау загъта: «Нӕ йӕ фесафдзынӕн уыцы дӕсы сӕраппонд дӕр». 33 Уыйадыл Хуыцау фӕци Йӕ ныхас Авраамимӕ ӕмӕ ацыд; Авраам та ӕрбаздӕхти сӕхимӕ.
19Содомы хӕлд адӕм
1 Дыууӕ зӕды Содоммӕ ӕрбацыдысты изӕры, Лот Содомы кулдуары цур куы бадти, уӕд. Лот сӕ федта, сыстади, рацыди сӕ размӕ ӕмӕ сын зӕххы онг акуывта йӕ сӕрӕй. 2 Лот загъта: «Мӕ зынаргъ уазджытӕ, табуафси, рацӕут уӕ цагъары хӕдзармӕ; цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ, бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсомӕй та раджы сыстдзыстут ӕмӕ ацӕудзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, мах уынджы ӕхсӕвиуат кӕндзыстӕм». 3 Фӕлӕ сӕм Лот афтӕ зӕрдиагӕй ӕрхатыд, ӕмӕ йӕ фӕдыл бацыдысты хӕдзармӕ. Лот сын ӕрцӕттӕ кодта хӕринаг, сфыхта сын донгонд дзултӕ, ӕмӕ бахордтой. 4 Уазджытӕ нӕма схуыссыдысты, афтӕ Содомы сахары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ, ӕрыгонӕй зӕрондмӕ, иууылдӕр ӕртыхстысты хӕдзарыл, 5 Хъӕр кодтой Лотмӕ, дзырдтой йын: «Дӕумӕ изӕры чи ӕрцыд, уыцы адӕймӕгтӕ кӕм сты? Ракӕн нӕм сӕ ӕмӕ сыл нӕхи аирхӕфсӕм». 6 Лот йӕ фӕдыл дуар сӕхгӕдта, рацыди сӕм ӕддӕмӕ, 7 Ӕмӕ сын загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, ахӕм ӕвирхъау ми ма бакӕнут. 8 Байхъусутма, мӕнӕн ис, нӕлгоймаг чи нӕма базыдта, дыууӕ ахӕм чызджы; фӕлтау уыдоны рахондзынӕн сымахмӕ, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый сын бакӕнут; ӕрмӕст мӕ хӕдзармӕ ӕрбацӕуджытӕн ӕвзӕрӕй мацы саразут, уымӕн ӕмӕ мӕ хӕдзары уазӕг бакодтой сӕхи». 9 Фӕлӕ уыдон загътой: «Ахъуыдты у нӕ фӕндагӕй». Ӕмӕ ма сӕ ныхасмӕ бафтыдтой: «Кӕсма йӕм, ӕрцӕуӕггаг у, афтӕмӕй йӕ махӕн тӕрхонгӕнӕгӕй ныллӕууын фӕнды. Ныр мах дӕуӕн уыдонӕй ӕвзӕрдӕр митӕ бакӕндзыстӕм». Лӕгдыхӕй фӕстӕмӕ ахӕцыдысты Лотыл – хъуамӕ асастаиккой дуар. 10 Фӕлӕ уыцы лӕгтӕ сӕ къухтӕ радардтой ӕддӕмӕ, Лоты бакодтой хӕдзармӕ ӕмӕ дуар сӕхгӕдтой. 11 Дуары ӕдде цы адӕм уыди, уыдоны та, чысылӕй стырмӕ, бакуырм кодтой, ӕмӕ фыдӕбоны хай фесты дуар агургӕйӕ.
Лот фӕлыгъди Содомӕй
12 Уазджытӕ Лотӕн загътой: «Ам ма дын чи ис? Дӕ сиӕхстӕ, дӕ фырттӕ, дӕ чызджытӕ кӕнӕ ма дын ӕндӕр исчи сахары ис? Акӕн сӕ ацы бынатӕй. 13 Мах ацы бынат фесафдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцаумӕ стыр хъаст ссыди, ӕмӕ мах рарвыста йӕ фесафынмӕ». 14 Лот рацыд, йӕ чызджыты йын чи хъуамӕ ракуырдтаид, йӕ уыцы сиахсӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Сыстут ӕмӕ ацӕут ацы бынатӕй: Хуыцау рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстӕ хъазынмӕ бамбӕрстой. 15 Боныцъӕхтыл зӕдтӕ дзырдтой Лотӕн, цӕмӕй фӕтагъддӕр кӕна: «Рӕвдздӕр акӕн ардыгӕй дӕ усы, демӕ чи ис, дӕ уыцы дыууӕ чызджы, науӕд фесӕфдзынӕ ацы тӕригъӕдджын сахаримӕ». 16 Фӕлӕ Лот нӕ тагъд кодта. Уӕд уыцы дыууӕ лӕджы, Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ, ныххӕцыдысты Лоты, йӕ усы, йӕ дыууӕ чызджы къухтыл ӕмӕ сӕ ракодтой фӕссахармӕ. 17 Сахар фӕсте куы аззад, уӕд лӕгтӕй иу загъта: «Дӕхи бахиз; фӕстӕмӕ ма акӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу. Лидзгӕ кӕн хохмӕ, науӕд фесӕфдзынӕ». 18 Фӕлӕ сын Лот загъта: «Нӕ, мӕ Паддзах! 19 Дӕ цагъар Дӕ цӕсты сси аудыны аккаг; кӕй мӕ фервӕзын кодтай, дӕ уыцы хорзӕх егъау у. Фӕлӕ хохмӕ нӕ бахӕццӕ уыдзынӕн: бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл ӕмӕ фесӕфдзынӕн. 20 Дӕлӕ уыцы сахар дард нӕу, бахӕццӕ йӕм уыдзынӕн, стӕй гыццыл сахар у. Раттут мын уырдӕм алидзыны бар, бынтон гыццыл сахар у – уым баззайдзынӕн удӕгасӕй». 21 Уый йын загъта: «Хорз, дӕу афтӕ фӕнды, ӕмӕ дын уый дӕр сараздзынӕн: ды цы сахарӕй зӕгъыс, уый нӕ фесафдзынӕн. 22 Рӕвдздӕр згъоргӕ уырдӕм; уымӕн ӕмӕ ды цалынмӕ уырдӕм бахӕццӕ уай, уӕдмӕ Мӕ бон ницы бакӕнын у». Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой Сигор+ 19:22 Сигор – дзуттагау у «Цоар», ныхасӕн йӕ уидаг у «гыццыл».. 23 Хуры скастмӕ Лот бахӕццӕ Сигормӕ. 24 Ӕмӕ Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй, къӕвдайау, ӕркалдта судзгӕ сондон. 25 Хуыцау фесӕфта уыцы сахартӕ, ӕппӕт дӕлвӕз, сахарты ӕппӕт цӕрджыты ӕмӕ, уыцы зӕххыл цы зайӕгойтӕ уыди, уыдон иууылдӕр. 26 Фӕлӕ Лоты ус акасти фӕстӕмӕ ӕмӕ фестади цӕхдур. 27 Авраам сыстади сӕумӕйӕ ӕмӕ ацыди, Хуыцауы цур раздӕр кӕм лӕууыд, уыцы ранмӕ. 28 Уырдыгӕй йӕ цӕст ахаста Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл, ӕппӕт дӕлвӕзыл ӕмӕ федта: пецӕй цӕуӕгау сау фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ зӕххӕй цӕуынц хӕрдмӕ. 29 Хуыцау уыцы дӕлвӕзы сахартыл Йӕ азар куы рауагъта, уӕд Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Авраам. Ӕмӕ Лот кӕм цардис, уыцы сахартӕ куы сӕфта, уӕд ӕй рарвыста, мӕлӕт кӕдӕм ӕрцыд, уырдыгӕй.
Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕ
30 Лот рацыди Сигорӕй йӕ дыууӕ чызгимӕ ӕмӕ ӕрцарди хохы, уымӕн ӕмӕ Сигоры цӕрын нӕ уӕндыд. Ӕмӕ йӕ дыууӕ чызгимӕ царди лӕгӕты. 31 Хистӕр чызг загъта кӕстӕрӕн: «Нӕ фыд зӕронд у; ам та нӕй, ӕппӕт зӕххы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ фарсмӕ чи ӕрхуысса, ахӕм нӕлгоймаг. 32 Бавдӕлӕм ӕмӕ нӕ фыды барасыг кӕнӕм сӕнӕй, бацӕуӕм ӕм хуыссӕнмӕ, ӕмӕ нӕ фыды фӕрцы баззайдзӕн нӕ мыггаг». 33 Уыцы ӕхсӕв сӕ фыды фӕрасыг кодтой сӕнӕй; бацыди хистӕр чызг ӕмӕ фӕци йӕ фыдимӕ; фыд та нӕ базыдта, чызг йӕ цуры кӕд схуыссыд ӕмӕ кӕд сыстад, уый. 34 Дыккаг бон хистӕр чызг загъта кӕстӕрӕн: «Ивгъуыд ӕхсӕв ӕз фӕдӕн нӕ фыдимӕ. Ацы ӕхсӕв дӕр ӕй фӕрасыг кӕнӕм сӕнӕй, ды йӕм бацу хуыссӕнмӕ, ӕмӕ нӕ фыды фӕрцы баззайа нӕ мыггаг». 35 Уыцы ӕхсӕв дӕр сӕ фыды фӕрасыг кодтой сӕнӕй, бацыд ӕм кӕстӕр чызг, ӕмӕ фӕци йемӕ; фыд нӕ базыдта, чызг йӕ цуры кӕд схуыссыд ӕмӕ кӕд сыстад, уый. 36 Лотӕн йӕ дыууӕ чызджы дӕр басывӕрджын сты сӕ фыдӕй. 37 Хистӕр чызг ныййардта лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Моав; уый у абоны моавӕгты фыдӕл. 38 Кӕстӕр чызг дӕр ныййардта лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта БенАмми. Уый у абоны аммонӕгты фыдӕл.
20Авраам ӕмӕ Авимелех
1 Авраам уырдыгӕй ацыди Негевмӕ – хуссармӕ, ӕмӕ рӕстӕгмӕ ӕрцарди Кадесӕй Суры ӕхсӕн. Ӕрцӕуӕггагӕй царди Герары. 2 Уым йӕ ус Саррӕйы тыххӕй загъта: «Мӕ хо у». Уӕд Герары паддзах Авимелех арвыста ӕмӕ Саррӕйы ӕрбахуыдта йӕхицӕн. 3 Ӕхсӕвы фыны Авимелехмӕ фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Ды амӕлдзынӕ, цы сылгоймаджы ӕрбакодтай, уый тыххӕй; уымӕн ӕмӕ йын мой ис». 4 Авимелех та йе ’мгӕрон дӕр не ’рцыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Мӕ Паддзах! Ау, Ды ӕназым адӕмы фесафдзынӕ? 5 Авраам мын йӕхӕдӕг куы загъта: „Мӕ хо у“, ӕмӕ Саррӕ дӕр загъта: „Авраам ме ’фсымӕр у“. Ацы хъуыддаджы ме ’фсарм у сыгъдӕг, мӕ къухтӕ – ӕнаххос». 6 Фыны йын Хуыцау загъта: «Де ’фсарм сыгъдӕг кӕй у, уый Ӕз зонын: Ӕз дӕ бахызтон Мӕ ныхмӕ тӕригъӕд ракӕнынӕй; уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ бауагътон Саррӕмӕ бавналын. 7 Ныр та сылгоймаджы ратт йӕ мойӕн: уымӕн ӕмӕ йӕ мой пехуымпар у: бакувдзӕни дӕу тыххӕй, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ. Саррӕйы куы нӕ раттай, уӕд зон: дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр амӕлдзысты». 8 Авимелех сыстад сӕумӕйӕ, басидт йеппӕт цагъартӕм ӕмӕ сын радзырдта ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ; ӕмӕ уыдон тынг старстысты. 9 Уый фӕстӕ Авимелех басидт Аврааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Цы дын ракодтон ӕвзӕрӕй, ӕмӕ мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ паддзахад дӕр ахӕм стыр тӕригъӕды бафтауай? Ды мын бакодтай, цы не ’мбӕлы, ахӕм ми». 10 Авимелех бафарста Авраамы: «Уыцы хъуыддаг куы арӕзтай, уӕд дӕм цы фӕнд уыди?» 11 Авраам дзуапп радта: «Ӕз мӕхицӕн загътон: „Ацы ран Хуыцауӕй нӕ тӕрсынц – мӕ усы тыххӕй мӕ амардзысты“. 12 Саррӕ ӕцӕгӕйдӕр мӕ хо у – мӕ фыды чызг, ӕрмӕст мадӕй хицӕнтӕ стӕм; ӕмӕ сси мӕ ус. 13 Хуыцау мӕнӕн мӕ фыды хӕдзарӕй фӕцӕуын куы бафӕдзӕхста, уӕд ӕз Саррӕйӕн загътон: „Ахӕм хорзы мын бацу, ӕмӕ кӕдӕмфӕнды бафтӕм, уым алы ран дӕр мӕнӕй дзур: ‘Авраам ме ’фсымӕр у’“». 14 Уӕд Авимелех ӕртардта фысвос ӕмӕ стуртӕ, ӕркодта нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ ӕмӕ сӕ радта Авраамӕн; радта йын йӕ ус Саррӕйы дӕр. 15 Авимелех Авраамӕн загъта: «Дӕ разы ис мӕ зӕхх; кӕм дӕ фӕнды, уым цӕр». 16 Авимелех Саррӕйӕн дӕр загъта: «Ӕз де ’фсымӕрӕн дӕттын мин сиклы+ 20:16 Сикл у 11,5 граммы бӕрц. ӕвзист, дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ сеппӕты раз дӕр раст кӕй дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн». 17 Авраам бакуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, стӕй йӕ усы, йӕ цагъар сылгоймӕгты, ӕмӕ сын рацыди зӕнӕг; 18 Уымӕн ӕмӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй Хуыцау Авимелехы хӕдзары алы сылгоймаджы дӕр фӕкодта ӕнӕзӕнӕг.
21Исаакы райгуырд
1 Хуыцау куыд загъта, афтӕ Йе ’ргом раздӕхта Саррӕмӕ, ӕмӕ йын радта, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. 2 Саррӕ басывӕрджын, ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн кӕдмӕ загъта, уыцы ӕмгъуыдмӕ Авраамӕн йӕ зӕронды бонты ныййардта фырт. 3 Саррӕ йын кӕй ныййардта, йӕ уыцы фыртыл Авраам сӕвӕрдта ном Исаак+ 21:3 Исаак – дзуттаг ӕвзаджы амоны «цин кӕнын», «худын».. 4 Исаакыл аст боны куы рацыд, уӕд ын Авраам скодта сунӕт, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 5 Йӕ фырт Исаак куы райгуырд, уӕд Авраамыл цыдис фондзыссӕдз азы. 6 Саррӕ загъта: «Хуыцау мӕ бафсӕста цинӕй, ӕмӕ мӕн тыххӕй чидӕриддӕр фехъуса, уый цин кӕндзӕни мемӕ». 7 Саррӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Чи загътаид Авраамӕн, ӕмӕ Саррӕ сывӕллонӕн дзидзи дардзӕни! Фӕлӕ йын ӕз йӕ зӕронды бонты ныййардтон фырт».
8 Сывӕллон рахъомыл, ӕмӕ йӕ риуӕй баиртӕстой; Исаакы кӕй баиртӕстой, уый фӕдыл Авраам скодта стыр куывд. 9 Саррӕ федта, мысыраг ус Агар Авраамӕн кӕй ныййардта, уыцы лӕппу Исаакыл кӕй худы, уый. 10 Ӕмӕ загъта Авраамӕн: «Фӕсур ацы цагъар сылгоймаджы ӕмӕ йӕ лӕппуйы, уымӕн ӕмӕ ацы цагъар сылгоймаджы лӕппуйӕн мӕ лӕппу Исаакимӕ сӕ фыды бынтӕй хай нӕ уыдзӕн». 11 Уыцы ныхӕстӕ Авраамӕн тынг фӕхъыг сты, уымӕн ӕмӕ Измаил йӕ фырт уыди. 12 Фӕлӕ Хуыцау загъта Авраамӕн: «Лӕппуйыл ӕмӕ цагъар сылгоймагыл ма хъыг кӕн; Саррӕ дын цыдӕриддӕр зӕгъа, уымӕ байхъус: уымӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ Исаакӕй рацӕудзысты. 13 Цагъар сылгоймаджы лӕппуйӕ дӕр Ӕз рауадздзынӕн адӕм – уымӕн ӕмӕ дӕ байзӕддаг у». 14 Авраам дыккаг бон сыстади раджы, райста дзул, доны лалым ӕмӕ сӕ радта Агармӕ; сӕвӕрдта йын сӕ йе уӕхсчытыл ӕмӕ йӕ арвыста йӕ сывӕллонимӕ. Агар ацыд ӕмӕ фӕдзӕгъӕл Вирсавийы ӕдзӕрӕг быдыры. 15 Уӕдмӕ лалымы дон нал баззад, ӕмӕ лӕппуйы ныууагъта къудзийы бын. 16 Йӕхӕдӕг та ацыд иуцасдӕр, фат цас атӕха, уый бӕрц, ӕмӕ уым сбадти. Уымӕн ӕмӕ загъта: «Лӕппу куыд мӕлдзӕн, уый фенын мӕ нӕ фӕнды». Сбадти лӕппумӕ дӕрддзӕф, ӕрдиаг самадта ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй куыдта. 17 Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта Агармӕ: «Цы дыл ӕрцыд, Агар? Ма тӕрс; лӕппу кӕм ис, уырдыгӕй йын Хуыцау фехъуыста йӕ кӕуын. 18 Марадз, сыстын кӕн лӕппуйы ӕмӕ йын ныххӕц йӕ къухыл; Ӕз уымӕй стыр адӕм рауадздзынӕн». 19 Хуыцау байгом кодта Агары цӕстытӕ, ӕмӕ Агар федта цъай донимӕ; ацыди, байдзаг кодта лалым, ӕмӕ лӕппуйӕн радта дон. 20 Хуыцау лӕппуйы нӕ ныууагъта; Измаил ралӕг, ӕмӕ ӕрцард ӕдзӕрӕг быдыры, сси хорз фатӕхсӕг; 21 Царди Фараны ӕдзӕрӕг быдыры; йӕ мад ын ус ӕрхаста Мысыры бӕстӕйӕ.
Авраамы ӕмӕ Авимелехы бадзырд
22 Уыцы рӕстӕг Авимелех йе ’фсады хицау Фихолимӕ загъта Авраамӕн: «Ды цыдӕриддӕр ма аразай – Хуыцау дын ӕххуысгӕнӕг у; 23 Ӕмӕ мын ныр Хуыцауы раз расомы кӕн, мӕнгардӕй кӕй нӕ рацӕудзынӕ нӕдӕр мӕныл, нӕдӕр мӕ хӕдзарыл, нӕдӕр мӕ байзӕддӕгтыл; ӕз дӕуыл куыд аудыдтон, афтӕ ды дӕр кӕй ауддзынӕ мӕныл, стӕй ӕрцӕуӕггаг цы бӕстӕйыл дӕ, ууыл». 24 Авраам загъта: «Сомы кӕнын». 25 Фӕлӕ Авраам Авимелехӕн бауайдзӕф кодта, Авимелехы цагъартӕ дзы цы доны цъай байстой, уый тыххӕй. 26 Авимелех загъта: «Афтӕ чи бакодта, ӕз уый нӕ зонын, Ды мын ницы загътай, ӕмӕ суанг абонмӕ уыцы хабар нӕ фехъуыстон». 27 Авраам ӕрбатардта фысвос, стуртӕ, радта сӕ Авимелехӕн, ӕмӕ сарӕзтой бадзырд. 28 Авраам фысты дзугӕй рахицӕн кодта авд далысы. 29 Авимелех бафарста Авраамы: «Ды сӕрмагондӕй кӕй рахицӕн кодтай, уыцы авд далысы ам цӕмӕн хъӕуынц?» 30 Авраам дзуапп радта: «Ацы авд далысы айс мӕ къухӕй, уыцы цъай ӕз кӕй скъахтон, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн». 31 Уымӕ гӕсгӕ ацы бынат схуындӕуыди Вирсави+ 21:31 Вирсави – дзуттагау у «БеэрШева», амоны «Сомыйы цъай».; уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ам расомы кодтой. 32 Вирсавийы бадзырд куы сарӕзтой, уӕд Авимелех ӕмӕ йе ’фсады хицау Фихол ацыдысты ӕмӕ ӕрбаздӕхтысты филистимаг зӕхмӕ. 33 Авраам Вирсавийы ныссагъта тамариск+ 21:33 Тамариск – бӕласы мыггаг, йӕ къалиутӕ вӕййынц сӕрдӕйзымӕгӕй цъӕх., ӕмӕ ссардта Дунедарӕджы, ӕнусон Хуыцауы ном. 34 Авраам филистимаг зӕххыл дзӕвгар фӕцарди ӕрцӕуӕггагӕй.
22Хуыцау фӕлвары Авраамы
1 Уыцы цауты фӕстӕ Хуыцау фӕлвӕрдта Авраамы ӕмӕ йын загъта: «Авраам!» Авраам дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 2 Хуыцау загъта: «Дӕ иунӕг уарзон фырт Исаакы акӕн, ацу Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ дын Ӕз уым цы хох бацамонон, ууыл ӕй иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс». 3 Авраам сыстади райсомӕй раджы, саргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, йӕ цумагӕнӕн лӕппутӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исаакы акодта йемӕ, ныссаста сугтӕ нывонд басудзынӕн ӕмӕ араст, Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм. 4 Ӕртыккаг бон Авраам акаст ӕмӕ дӕрддзӕфӕй суыдта уыцы бынат. 5 Уӕд йӕ цумагӕнӕн лӕппутӕн загъта: «Сымах ам баззайут хӕрӕгимӕ; ӕз ӕмӕ мӕ лӕппу та ацӕудзыстӕм уырдӕм, бакувдзыстӕм Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕм ӕрыздӕхдзыстӕм». 6 Авраам райста сугтӕ нывонд басудзынӕн, сӕвӕрдта сӕ йӕ фырт Исаакы ӕккой; йӕхӕдӕг та йемӕ айста зынг ӕмӕ кард, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ацыдысты. 7 Исаак йӕ фыд Авраамӕн загъта: «Мӕ фыд!» Авраам дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул». Исаак бафарста: «Мӕнӕ нӕм зынг ӕмӕ сугтӕ ис, уӕд иууылсудзинаг нывондӕн та уӕрыкк кӕм ис?» 8 Авраам дзуапп радта: «Хуыцау Йӕхицӕн самал кӕндзӕни уӕрыкк иууылсудзинаг нывондӕн, мӕ хъӕбул». Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр цыдысты дарддӕр. 9 Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраам уым сарӕзта нывондхӕссӕн, самадта йыл сугтӕ, сбаста йӕ фырт Исаакы ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдта нывондхӕссӕныл, сугты уӕлӕ. 10 Авраам радардта йӕ къух ӕмӕ райста кард йӕ фырты сӕргӕвдынмӕ. 11 Фӕлӕ йӕм Хуыцауы зӕд ӕрдзырдта уӕларвӕй: «Авраам! Авраам!» Авраам дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 12 Зӕд загъта: «Дӕ къух ма ӕртасӕд дӕ хъӕбулмӕ ӕмӕ йын мацы бакӕн; ныр Ӕз зонын: ды тӕрсыс Хуыцауӕй, уымӕн ӕмӕ Мын нӕ бавгъау кодтай дӕ иунӕг хъӕбулы». 13 Авраам схӕцыд йӕ цӕстытыл; кӕсы ӕмӕ къутӕрты йӕ сыкъатӕй ныссуйтӕ фыс. Авраам ацыд, ӕрбакодта фысы ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты бӕсты. 14 Авраам уыцы бынат схуыдта Йахвеире+ 22:14 Йахвеире – дзуттагау амоны «Хуыцау самал кӕндзӕн».. Уымӕ гӕсгӕ абон дӕр дзурынц: «Хуыцауы хохыл сбӕлвырд уыдзӕни». 15 Хуыцауы зӕд Аврааммӕ дыккаг хатт ӕрдзырдта уӕларвӕй: «16 Сомы кӕнын Мӕхицӕй, зӕгъы Хуыцау, ды уыцы хъуыддаг кӕй сарӕзтай – дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, 17 Уый тыххӕй Ӕз дӕуыл ӕнӕмӕнг бафтаудзынӕн Мӕ бирӕ арфӕтӕ, уӕларвон стъалытау ӕмӕ денджызы былыл змисау сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты; се знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты. 18 Ды Мӕнӕн коммӕгӕс кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». 19 Авраам ӕрыздӕхт йӕ цумагӕнӕн лӕппутӕм, ӕмӕ иумӕ ацыдысты Вирсавимӕ; ӕмӕ Авраам царди Вирсавийы.
Нахоры фырттӕ
20 Уыцы цауты фӕстӕ Авраамӕн фехъусын кодтой: «Милкӕ дӕр де ’фсымӕр Нахорӕн ныййардта фырттӕ: 21 Хистӕр фырт Уцы, Уцы ӕфсымӕр Бузы ӕмӕ Кемуилы – Арамы фыды, 22 Кеседы, Хазойы, Пилдашы, Идлафы ӕмӕ Вафуилы». 23 Авраамы ӕфсымӕр Нахорӕн Милкӕ ныййардта ацы аст фырты. Вафуилӕй райгуырди Ревеккӕ. 24 Йӕ ном Реумӕ кӕмӕн уыд, йӕ уыцы номылус дӕр ныййардта Тевахы, Гахамы, Тахашы ӕмӕ Маахы.
23Саррӕйы мӕлӕт
1 Саррӕ ӕдӕппӕт фӕцарди сӕдӕ дыууын авд азы – ахӕм у Саррӕйы цардвӕндаг. 2 Саррӕ амарди КириафАрбайы, ныртӕккӕйы Хевроны, Ханааны зӕххыл. Авраам ӕрцыди, фӕрыст ӕмӕ фӕкуыдта Саррӕйыл. 3 Уый фӕстӕ Авраам фӕуагъта йӕ марды ӕмӕ Хеты байзӕддӕгтӕн загъта: 4 «Ӕз сымахмӕ ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрӕг дӕн. Ингӕнваг мын раттут уӕ зӕххӕй, ӕмӕ дзы баныгӕнон мӕ марды». 5 Хеты байзӕддӕгтӕ Авраамӕн дзуапп радтой: 6 «Байхъус нӕм, нӕ хицау, ды тыхджын ӕмӕ кадджын лӕг дӕ не ’хсӕн, ӕлдар Хуыцауӕй. Дӕ марды бавӕр нӕ зӕппӕдзты тӕккӕ хуыздӕры. Махӕй дын дӕ усы баныгӕнынӕн бынат ничи бавгъау кӕндзӕн». 7 Авраам сыстад ӕмӕ уыцы зӕххы адӕмӕн, Хеты байзӕддӕгтӕн, акуывта ныллӕг, 8 Ӕмӕ сын загъта: «Кӕд мӕ усы мард бавӕрон, ууыл разы стут, уӕд мӕм байхъусут, ӕмӕ мӕн тыххӕй ӕрхатут Цохары фырт Ефронмӕ, 9 Цӕмӕй мын рауӕй кӕна йӕ Махпелӕйы лӕгӕт – йӕ быдыры кӕрон цы лӕгӕт ис, уый. Сымах нын ут ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ мын ӕй ӕмбӕлгӕ аргъыл раттӕд уӕлмӕрдтӕн». 10 Ефрон та бадти Хеты байзӕддӕгты ӕхсӕн, ӕмӕ Авраамӕн дзуапп радта, йӕ сахары кулдуармӕ Хеты байзӕддӕгтӕй чи ӕрцыд, уыдон ӕй сеппӕт дӕр куыд хъусой, афтӕ: 11 «Нӕ, ме ’лдар, байхъус мӕм. Ӕз дын дӕттын быдыр ӕд лӕгӕт, дӕттын дын сӕ мӕ адӕмы фыртты раз. Бавӕр дзы дӕ марды». 12 Авраам сӕрӕй акуывта уыцы зӕххы адӕмӕн, 13 Ӕмӕ йӕ иууылдӕр куыд хъусой, афтӕ Ефронӕн загъта: «Бӕргӕ, куы мӕм байхъусис. Дӕ быдыры тыххӕй дын дӕттын ӕхца; айс зӕххы аргъ, цӕмӕй дзы бавӕрон мӕ марды». 14 Ефрон дзуапп радта Авраамӕн: 15 «Байхъус мӕм, ме ’лдар. Зӕххӕн йӕ аргъ у ӕвзисты цыппарсӕдӕ сиклы – уый мӕнӕн ӕмӕ дӕуӕн цы у? Баныгӕн дӕ усы». 16 Авраам сразы Ефронимӕ, ӕмӕ йын сбарста, Ефрон ын Хеты байзӕддӕгты раз цас загъта, уый бӕрц – цыппарсӕдӕ сиклы ӕвзист – сӕудӕджерты барӕнӕй. 17 Афтӕмӕй Ефронӕн Мамремӕ хӕстӕг, Махпелы, цы зӕхх ӕмӕ лӕгӕт уыди, стӕй быдыры ӕмӕ йӕ арӕныл цы бӕлӕстӕ уыдис, 18 Уыдон иууылдӕр баисты Авраамы; сахары кулдуармӕ Хеты байзӕддӕгтӕй чи ӕрцыд, уыдон сеппӕт дӕр уыдысты ӕвдисӕнтӕ. 19 Уый фӕстӕ Авраам йӕ ус Саррӕйы баныгӕдта Махпелы быдыры лӕгӕты, ханаанаг зӕххыл – ныртӕккӕ Хеврон чи хуыйны, уыцы Мамремӕ хӕстӕг. 20 Афтӕ Хеты байзӕддӕгты быдыр ӕмӕ лӕгӕт уӕлмӕрдтӕн баисты Авраамы.
24Исаак ӕмӕ Ревеккӕ
1 Авраам тынг базӕронд, йӕ алы хъуыддаджы дӕр ыл Хуыцау ӕфтыдта Йӕ арфӕ. 2 Йӕ хӕдзар ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй бӕрны уыдис, йӕ уыцы цагъарӕн Авраам загъта: «Дӕ къух ӕрӕвӕр мӕ сины рӕбын+ 24:2 Рагон дзуттаг ардбахӕрд., 3 Ӕмӕ мын расомы кӕн Дунедарӕгӕй, уӕлӕрвты Хуыцауӕй ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ӕз кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй мӕ фыртӕн ус кӕй нӕ ракурдзынӕ, уый тыххӕй. 4 Фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн зӕхмӕ, мӕ хиуӕттӕм, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фырт Исаакӕн». 5 Цагъар ӕй бафарста: «Чи зоны, уыцы чызджы ацы зӕхмӕ мемӕ цӕуын нӕ бафӕнда; уӕд ды цы зӕххӕй рацыдтӕ, дӕ фырты дын фӕстӕмӕ уырдӕм хъуамӕ фӕкӕнон?» 6 Авраам дзуапп радта: «Нӕ, мӕ фырты фӕстӕмӕ уырдӕм мацыхуызы акӕн. 7 Мӕ фыды хӕдзарӕй ӕмӕ мӕ райгуырӕн зӕххӕй мӕн Чи ракодта, мемӕ Чи дзырдта ӕмӕ мын афтӕ Чи расомы кодта: „Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн“, уыцы Дунедарӕг, уӕлӕрвты Хуыцау, дӕ разӕй арвитдзӕн Йӕ зӕды, ӕмӕ ды уырдыгӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фыртӕн. 8 Кӕд чызджы демӕ цӕуын нӕ бафӕнда, уӕд сӕрибар уыдзынӕ мӕ ацы сомыйӕ; ӕрмӕст мӕ фырты фӕстӕмӕ уырдӕм мауал акӕн». 9 Цагъар йӕ къух ӕрӕвӕрдта йӕ хицау Авраамы сины рӕбын ӕмӕ ард бахордта, афтӕ кӕй бакӕндзӕн, уый тыххӕй. 10 Цагъар йӕ хицауы теуатӕй йемӕ атардта дӕс, ӕмӕ араст. Йемӕ райста йӕ хицауы алыхуызон хӕзнатӕ ӕмӕ ацыд АрамНахараиммӕ+ 24:10 АрамНахараим – Месопотамийы ӕндӕр ном., Нахоры сахармӕ. 11 Изӕрмӕ хӕстӕг, сылгоймӕгтӕ дон хӕссынмӕ куы фӕцӕуынц, уыцы рӕстӕг Авраамы цагъар фӕссахар цъайы цур теуаты схуыссын кодта сӕ уӕрджытыл, 12 Ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Абон мын ратт ӕнтыст, ме ’лдар Авраамы Дӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай ма фӕкӕн. 13 Мӕнӕ ӕз лӕууын суадоны цур, ӕмӕ сахары чызджытӕ цӕудзысты дон ӕвгӕнынмӕ. 14 Ӕз уыдонӕй афтӕ кӕмӕн зӕгъон: „Ӕркъулма кӕн дӕ дурын, ӕмӕ ӕз дон баназон“, ӕмӕ чи зӕгъа: „Баназ, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр бадардзынӕн дон“, – уый уыдзӕни, Дӕ цагъар Исаакӕн кӕй снысан кодтай, уыцы чызг. Ӕз афтӕмӕй базондзынӕн, Ды ме ’лдарыл Дӕ хорзӕх кӕй ӕруагътай, уый». 15 Цагъар йӕ куывд нӕма фӕци, афтӕ йе уӕхскыл дурынимӕ рацыд Вафуилы чызг Ревеккӕ. Вафуил уыдис Авраамы ӕфсымӕр Нахоры ӕмӕ йӕ ус Милкӕйы фырт. 16 Чызг бакастӕй уыди тынг рӕсугъд, нӕлгоймаг чи нӕма базыдта, ахӕм. Ревеккӕ ӕрхызти суадонмӕ, байдзаг кодта йӕ дурын ӕмӕ фӕцӕйцыд. 17 Уӕд цагъар азгъордта йӕ размӕ ӕмӕ загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ӕрима, дӕ дурынӕй дон аназон». 18 Чызг загъта: «Баназ, ме ’лдар», ӕмӕ йӕ дурын уайтӕккӕ ӕруагъта йӕ къухмӕ, ӕмӕ йын радта дон. 19 Цагъар дон куы банызта, уӕд ын чызг загъта: «Ӕз дӕ теуатӕн дӕр ӕвгӕндзынӕн, цалынмӕ сӕ дойны суадзой, уӕдмӕ». 20 Ӕмӕ йӕ дурыны дон уайтагъд ныккалдта фосӕн дондарӕн бӕлӕгъты, ногӕй та азгъордта цъайӕ дон исынмӕ; афтӕмӕй йын йеппӕт теуатӕн дӕр систа дон. 21 Цагъар та йӕм дисгӕнгӕ каст ӕнӕдзургӕйӕ; фӕндыд ӕй базонын, Хуыцау ын йӕ фӕндаг фӕрӕстмӕ кодта ӕви нӕ. 22 Теуатӕ дон куы банызтой, уӕд цагъар систа ӕмӕ чызгӕн балӕвар кодта сиклы ӕмбисы уӕзӕн сыгъзӕрин цӕг фындзыл дарынӕн, дӕс сиклы уӕзӕн дыууӕ сыгъзӕрин цонгдарӕны, 23 Ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъма мын: кӕй чызг дӕ? Дӕ фыды хӕдзары нын ӕхсӕвиуатӕн бынат разындзӕни?» 24 Чызг ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн, Милкӕ Нахорӕн кӕй ныййардта, йӕ уыцы фырт Вафуилы чызг». 25 Чызг ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Махмӕ хъӕмп ӕмӕ холлагӕн ныккӕнӕн дӕр нӕй, ис нӕм бынат ӕхсӕвиуатӕн дӕр». 26 Уӕд цагъар ӕрхауд йӕ зонгуытыл ӕмӕ кад скодта Хуыцауӕн: 27 «Арфӕгонд у Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау; Уый ме ’лдарыл ауды ӕмӕ йыл у иузӕрдион. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мӕн комкоммӕ ӕрхуыдта ме ’лдары ӕфсымӕры хӕдзармӕ». 28 Чызг азгъордта сӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй радзырдта йӕ мадӕн. 29 Ревеккӕйӕн уыдис ӕфсымӕр, йӕ ном – Лаван. Лаван уыцы адӕймагмӕ атындзыдта суадоны цурмӕ: 30 Йӕ хойы къухы федта фындзылдаргӕ цӕг ӕмӕ цонгдарӕнтӕ, стӕй ма йын Ревеккӕ радзырдта, уыцы адӕймаг ын цы загъта, уый. Лаван уыцы адӕймагмӕ куы ӕрбацыд, уӕд ӕй йӕ теуатимӕ баййӕфта суадоны цур. 31 Лаван ын загъта: «Мидӕмӕ рацу, Хуыцауӕй арфӕгонд лӕг. Уынджы цӕмӕн лӕууыс? Ӕз дын ӕрцӕттӕ кодтон уат, стӕй бынат дӕ теуатӕн». 32 Ӕмӕ уыцы адӕймаг бацыди сӕ хӕдзармӕ. Теуатӕн систой сӕ сӕргътӕ, радтой сын хъӕмп ӕмӕ холлаг; лӕгӕн ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕн та – дон сӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн. 33 Ӕрӕвӕрдтой фынг, фӕлӕ уыцы лӕг загъта: «Цалынмӕ мӕ хабар радзурон, уӕдмӕ нӕ бахӕрдзынӕн». Лаван ын загъта: «Дзургӕ кӕн». 34 Ӕмӕ райдыдта дзурын: «Ӕз Авраамы цагъар дӕн. 35 Хуыцау рӕдауӕй стыр арфӕ бафтыдта ме ’лдарыл, ӕмӕ ме ’лдар схъӕздыг. Хуыцау ын радта фысвос ӕмӕ стуртӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ. 36 Ме ’лдары ус Саррӕ зӕрондӕй йӕ мойӕн ныййардта фырт, ӕмӕ ме ’лдармӕ цыдӕриддӕр ис, уый радта йӕ уыцы фыртӕн. 37 Ме ’лдар мын ард бахӕрын кодта, ӕмӕ загъта: „Ӕз кӕй зӕххыл цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй мӕ фыртӕн ус ма ракур. 38 Фӕлӕ ацу мӕ фыды хӕдзармӕ – мӕ хиуӕттӕм, ӕмӕ мӕ фыртӕн ус ӕркӕн“. 39 Ӕз ме ’лдары бафарстон: „Уыцы чызг мемӕ куы нӕ рацӕуа, уӕд та?“ 40 Уый мын загъта: „Ӕз коммӕгӕс Кӕмӕн дӕн, уыцы Хуыцау демӕ арвитдзӕн Йӕ зӕды, дӕ балц фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕмӕ мӕ фыртӕн ӕрхондзынӕ ус мӕ хиуӕттӕй ӕмӕ мӕ фыды хӕдзарӕй. 41 Мӕ хӕстӕджытӕм куы ацӕуай, ӕрмӕст уӕд суӕгъд уыдзынӕ, мӕнӕн цы сомы ракодтай, уымӕй; уыдон дын чызг куы нӕ радтой, уӕд суӕгъд уыдзынӕ дӕ сомыйӕ“. 42 Ӕз абон суадонмӕ куы бахӕццӕ дӕн, уӕд загътон: „Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Кӕд Дӕуӕн фӕндиаг у, ӕмӕ ӕз цы балцы рацыдтӕн, уый фӕрӕстмӕ уа, 43 Уӕд ӕз ныртӕккӕ лӕууын суадоны цур, ӕмӕ дон ӕвгӕнынмӕ чызг куы рацӕуа ӕмӕ йын куы зӕгъон: ‘Дӕ хорзӕхӕй, ӕрима, дӕ дурынӕй дон аназон’, 44 Ӕмӕ мын куы зӕгъа: ‘Баназ, ӕз ма дын дӕ теуатӕн дӕр бадардзынӕн’, уӕд уый уыдзӕни, Хуыцау ме ’лдары фыртӕн усӕн кӕй снысан кодта, уыцы чызг“. 45 Хинымӕр мӕ куывд нӕма фӕдӕн, афтӕ рацыди Ревеккӕ йӕ дурынимӕ йе уӕхскыл, уырдыджы ӕруад суадонмӕ ӕмӕ сӕвгӕдта дон. Ӕз ын загътон: „Дӕ хорзӕхӕй, ӕрима, дон аназон“. 46 Чызг уайтагъд йӕ дурын ӕриста йе уӕхскӕй ӕмӕ загъта: „Баназ, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр бадардзынӕн“. Ӕз дӕр банызтон, ӕмӕ теуаты дӕр бафсӕста донӕй. 47 Ӕз ӕй бафарстон: „Кӕй чызг дӕ?“ Загъта мын: „Милкӕ Нахорӕн кӕй ныййардта, йӕ уыцы фырт Вафуилы чызг“. Уӕд ын йӕ фындзыл ӕрцауыгътон хъусцӕг, йӕ цӕнгтыл ын бафтыдтон цонгдарӕнтӕ. 48 Уый фӕстӕ ӕрхаудтӕн мӕ зонгуытыл, ӕмӕ бузныг загътон Хуыцауӕн. Арфӕ ракодтон Дунедарӕгӕн, ме ’лдар Авраамы Хуыцауӕн – Уый мӕ комкоммӕ ӕркодта ардӕм, цӕмӕй ме ’лдары ӕфсымӕры чызджы ракурон ме ’лдары фыртӕн. 49 Уӕдӕ уӕ кӕд ме ’лдарӕн аргъ скӕнын фӕнды ӕмӕ йын хорзӕх уӕ зӕрды ис, уӕд мын ӕй зӕгъут; кӕд нӕ, уӕд ӕз ацӕудзынӕн рахизырдӕм кӕнӕ галиуырдӕм». 50 Лаван ӕмӕ Вафуил дзуапп радтой: «Уыцы хъуыддаг Хуыцауӕй у; махӕн нӕ бон ӕвзӕрӕй дӕр ӕмӕ хорзӕй дӕр ницы зӕгъын у. 51 Ревеккӕ мӕнӕ дӕ разы ис; акӕн ӕй ӕмӕ ацу. Хуыцауы куыд бафӕндыд, афтӕ суӕд де ’лдары фырты ус». 52 Авраамы цагъар уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд Хуыцауӕн ӕркуывта зӕххы онг. 53 Уый фӕстӕ систа дарӕс, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзаумӕттӕ ӕмӕ сӕ радта Ревеккӕйӕн; йе ’фсымӕрӕн ӕмӕ йын йӕ мадӕн дӕр радта зынаргъ лӕвӕрттӕ. 54 Цагъар ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ хордтой, нуӕзтой, ӕмӕ ӕхсӕвы дӕр баззадысты уым. Дыккаг бон сыстадысты сӕумӕйӕ. Цагъар загъта: «Ауадзут мӕ ме ’лдармӕ». 55 Ревеккӕйы ӕфсымӕр ӕмӕ йын мад загътой: «Чызг ма немӕ дӕс боны уӕддӕр баззайӕд; уый фӕстӕ ацӕудзӕн». 56 Фӕлӕ цагъар загъта: «Хуыцау фӕрӕстмӕ кодта мӕ фӕндаг, ӕмӕ мӕ мауал уромут. Мӕ фӕндагыл мӕ ауадзут, ӕмӕ ацӕуон ме ’лдармӕ». 57 Уыдон загътой: «Басидӕм чызгмӕ ӕмӕ йӕ бафӕрсӕм». 58 Басидтысты Ревеккӕмӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Ацы адӕймагимӕ ацӕудзынӕ?» Ревеккӕ загъта: «Ацӕудзынӕн». 59 Ӕмӕ ауагътой сӕ хо Ревеккӕйы йӕ дыджызӕимӕ ӕмӕ Авраамы цагъары йӕ адӕмимӕ. 60 Ревеккӕйӕн загътой арфӕйы ныхӕстӕ: «Нӕ хо! Дӕуӕй райгуырӕнт мингай минтӕ, дӕ байзӕддӕгты бауӕнт се знӕгты сахартӕ». 61 Ревеккӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ сбадтысты теуатыл ӕмӕ ацыдысты уыцы адӕймаджы фӕдыл. Афтӕ Авраамы цагъар акодта Ревеккӕйы ӕмӕ араст йӕ фӕндагыл. 62 Исаак ӕрцыди Беэрлахайроймӕ, уымӕн ӕмӕ царди Негевы – хуссайраг зӕххы. 63 Исаак изӕрӕй рацыди быдырмӕ, ӕмӕ аныгъуылди хъуыдыты. Кӕсы ӕмӕ ӕрбацӕуынц теуатӕ. 64 Ревеккӕ акаст, суыдта Исаакы, ӕрхызт теуайӕ 65 Ӕмӕ бафарста цагъары: «Быдыры нӕ размӕ цы адӕймаг рацӕуы, уый чи у?» Цагъар загъта: «Ме ’лдар у». Уӕд Ревеккӕ райста ӕмбӕрзӕн ӕмӕ йӕ ӕрӕппӕрста йӕ уӕлӕ. 66 Цагъар Исаакӕн радзырдта, цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕттӕ. 67 Исаак Ревеккӕйы бахуыдта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ, ӕмӕ Ревеккӕ сси йӕ ус. Исаак ӕй бауарзта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс мады зианы фӕстӕ.
25Авраамы дарддӕры цард
1 Авраам ноджы ӕрхаста ус, йӕ ном – Хеттурӕ. 2 Уый Авраамӕн ныййардта Зимраны, Иокшаны, Меданы, Мадианы, Ишбакы ӕмӕ Шуахы. 3 Иокшанӕн райгуырдысты Шева ӕмӕ Дедан. Деданы фырттӕ: Ашурим, Летушим ӕмӕ Леумим. 4 Мадианы фырттӕ: Ефа, Ефер, Ханох, Авида ӕмӕ Елдага. Уыдон иууылдӕр сты Хеттурӕйы байзӕддӕгтӕ. 5 Аврааммӕ цыдӕриддӕр уыдис, уый радта Исаакӕн. 6 Авраам цалынмӕ удӕгас уыдис, уӕдмӕ йӕ номылустыты лӕппутӕн ракодта лӕвӕрттӕ, ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакӕй арвыста скӕсӕнмӕ – скӕсӕйнаг зӕхмӕ.
Авраамы мӕлӕт
7 Авраам ӕдӕппӕт фӕцарди сӕдӕ ӕвдай фондз азы. 8 Бирӕ фӕцӕрыны фӕстӕ скодта фӕстаг улӕфт, амард тынг зӕрондӕй, цардӕй ӕфсӕстӕй ӕмӕ аивгъуыдта йӕ фыдӕлтӕм. 9 Йӕ фырттӕ Исаак ӕмӕ Измаил ӕй баныгӕдтой Махпелы лӕгӕты, хеттаг Цохары фырт Ефроны быдыры, Мамрейы акомкоммӕ – 10 Авраам Хеты байзӕддӕгтӕй кӕй балхӕдта, уыцы быдыры. Уым ныгӕд ӕрцыдысты Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ. 11 Авраамы мӕлӕты фӕстӕ йын Хуыцау арфӕ ракодта йӕ фырт Исаакӕн. Исаак царди Беэрлахайроймӕ хӕстӕг.
Измаилы байзӕддӕгтӕ
12 Мысыраг сылгоймаг Агар, Саррӕйы лӕггадгӕнӕг, Авраамӕн кӕй ныййардта, мӕнӕ йӕ уыцы фырт Измаилы байзӕддӕгтӕ; 13 Адон сты Измаилы фыртты нӕмттӕ, чи сӕ куыд раздӕр райгуырд, уымӕ гӕсгӕ: Измаилы хистӕр фырт Наваиоф, йӕ фӕстӕ Кедар, Адбеел, Мивсам, 14 Мишма, Дума, Масса, 15 Хадад, Фема, Иетур, Нафиш ӕмӕ Кедма. 16 Уыдон сты Измаилы фырттӕ ӕмӕ сӕ нӕмттӕ – дыууадӕс мыггаджы ӕлдӕрттӕ. Сӕ нӕмттӕ хӕссынц, кӕм ӕрбынатон сты ӕмӕ хӕтӕнхуагӕй кӕм цардысты, уыцы бынӕттӕ дӕр. 17 Измаил ӕдӕппӕт фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы, скодта фӕстаг улӕфт, амард ӕмӕ аивгъуыдта йӕ фыдӕлтӕм. 18 Йӕ байзӕддӕгтӕ ӕрцардысты Ассурмӕ фӕндагыл Мысыры арӕны раз – Сурӕй Хавилмӕ; уыдон сеппӕт ӕфсымӕртимӕ дӕр фидыд нӕ уыдысты.
Иаков ӕмӕ Исав
19 Мӕнӕ радзырд Авраамы фырт Исаакы тыххӕй. Авраамӕн райгуырд Исаак. 20 Исаак арамейаг Вафуилы (ПадданАрамы цӕрӕджы) чызджы – арамейаг Лаваны хо Ревеккӕйы куы ракуырдта, уӕд ыл цыди дыууиссӕдз азы. 21 Исаак Хуыцаумӕ куывта йӕ усы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Ревеккӕ ӕнӕзӕнӕг уыди; Хуыцау фехъуыста Исаакы, ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕ басывӕрджын. 22 Лӕппутӕ ма Ревеккӕйӕн йӕ гуыбыны куы уыдысты, уӕд райдыдтой кӕрӕдзи цӕвын, ӕмӕ Ревеккӕ загъта: «Фидӕны дӕр афтӕ уыдзӕни? Цӕмӕн афтӕ у мӕ хабар?» Ӕмӕ ацыди Хуыцауы бафӕрсынмӕ. 23 Хуыцау ын загъта: «Дыууӕ адӕмыхатты ис дӕ гуыбыны, дӕуӕй рацӕудзысты дыууӕ адӕмы ӕмӕ ахицӕн уыдзысты кӕрӕдзийӕ; иу адӕм иннӕ адӕмӕй уыдзысты тыхджындӕр, ӕмӕ хистӕр кӕстӕрӕн уыдзӕни цагъар». 24 Ревеккӕйӕн ралӕууыд йӕ арыны афон: ӕмӕ мӕнӕ йӕ гуыбыны разынди дыууӕ фаззоны. 25 Райгуырд фыццаг – уыди сырх ӕмӕ цармау хъуынджын; ӕмӕ йыл сӕвӕрдтой Исав. 26 Уый фӕстӕ райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыд йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕ; ӕмӕ йыл сӕвӕрдтой Иаков+ 25:26 Иаков – дзуттагау амоны «зӕвӕтыл ныххӕцын» ӕмӕ «сайын».. Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы.
Хистӕр фырты бартӕй – ӕнӕхай
27 Лӕппутӕ слӕгтӕ сты; Исав сси дӕсны цуанон, йӕ цард быдыримӕ чи сбаста, ахӕм адӕймаг. Иаков та уыди ӕвӕлмас адӕймаг, царди цатырты. 28 Исаак уарзта Исавы, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ цыдысты сырды фыдӕй хӕринӕгтӕ, Ревеккӕ та Иаковы фылдӕр уарзта. 29 Иухатт Иаков сфыхта хӕринаг; Исав уыцы рӕстӕг ӕрбахӕццӕ быдырӕй тынг фӕлладӕй ӕмӕ ӕххормагӕй. 30 Исав загъта Иаковӕн: «Раттма мын рӕвдздӕр уыцы сырхсырхидӕй бахӕрынмӕ; тынг сӕххормаг дӕн». (Дыккаг ном дӕр ын – Едом+ 25:30 Едом – дзуттагау ныхас «адом» амоны «сырх». уый тыххӕй радтой.) 31 Иаков ын дзуапп радта: «Раздӕр уал мын рауӕй кӕн, хистӕр фырт кӕй дӕ, дӕ уыцы бартӕ». 32 Исав загъта: «Мӕнӕ сыдӕй фӕмӕлын; цы пайда мын ис, хистӕр фырт кӕй дӕн, уымӕй?» 33 Иаков загъта: «Фыццаг уал мын расомы кӕн». Исав ын расомы кодта, ӕмӕ афтӕмӕй хистӕр фырты бартӕ ауӕй кодта Иаковӕн. 34 Уӕд Иаков Исавӕн радта къӕбӕр ӕмӕ хъӕдурӕй хъӕрмхуыпп. Исав бахордта, банызта, сыстад ӕмӕ ацыд. Афтӕмӕй Исав рауӕлдай кодта хистӕр фырты бартӕ.
26Исаак ӕмӕ Авимелех
1 Уыцы зӕххыл ногӕй скодта, Авраамы заман чи уыдис, уымӕй ноджы стонгдӕр рӕстӕг; ӕмӕ Исаак ацыди Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ. 2 Хуыцау фӕзынд Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ма ацу Мысырмӕ; Ӕз дын цы зӕххӕй зӕгъон, уым ӕрцӕр. 3 Уыцы зӕххыл ӕрцӕр рӕстӕгмӕ. Ӕз уыдзынӕн демӕ, Мӕ арфӕ дыл бафтаудзынӕн. Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый: ӕппӕт ацы зӕххытӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. 4 Уӕларвон стъалытӕ куыд сты, афтӕ бирӕ дын скӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ ацы зӕххытӕ ӕгасӕй дӕр ратдзынӕн уыдонӕн. Дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. 5 Уымӕн ӕмӕ Авраам Мӕнӕн коммӕгӕс уыди, ӕххӕст кодта Мӕ амындтытӕ, Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ».
6 Исаак ӕрцарди Герары. 7 Бынӕттон цӕрджытӕ Исаакы йӕ усӕй куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта: «Мӕ хо у»; уымӕн ӕмӕ тарсти «Мӕ ус у» зӕгъынӕй. Исаак хъуыды кодта: «Бынӕттон цӕрджытӕ мӕ, мыййаг, Ревеккӕйы тыххӕй куы амарой, уымӕн ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг у». 8 Исаак уым дзӕвгар куы фӕцард, уӕд филистимаг паддзах Авимелех ракасти рудзынгӕй ӕмӕ федта Исаакы йӕ ус Ревеккӕимӕ хъазгӕйӕ. 9 Уӕд Авимелех басидт Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый дӕ ус куы у, уӕд цӕмӕн загътай: „Мӕ хо у“?» Исаак ын дзуапп радта: «Мӕхицӕн тарстӕн Ревеккӕйы тыххӕй мӕ амарынӕй». 10 Авимелех загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Мӕ адӕмӕй иуы бирӕ нал хъуыди дӕ усимӕ хуыссӕны ӕриумӕ, ӕмӕ нӕ уымӕй бафтыдтаис тӕригъӕды». 11 Авимелех ӕппӕт адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Ацы лӕджы кӕнӕ йын йӕ усы чидӕриддӕр бахъыгдара, уый адзал ссардзӕн». 12 Исаак уыцы зӕххы байтыдта хъӕбӕрхор, ӕмӕ уыцы аз хор райста, цы байтыдта, уымӕй фондзыссӕдз хатты фылдӕр – ахӕм арфӕ йын ракодта Хуыцау. 13 Исаак сси хъӕздыг лӕг, ӕфтыд йӕ мулкыл, ӕмӕ тынг схъӕздыг. 14 Йӕ фысвос ӕмӕ стуртӕ, йӕ цагъартӕ уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ филистимӕгтыл хӕлӕг бахӕцыд. 15 Исаакы фыд Авраам удӕгас куы уыди, уӕд йӕ цагъартӕ цы цъайтӕ скъахтой, уыдоны иууылдӕр филистимӕгтӕ байдзаг кодтой сыджытӕй. 16 Ӕмӕ Авимелех загъта Исаакӕн: «Ацу ардыгӕй, уымӕн ӕмӕ махӕй дзӕвгар стыхджындӕр дӕ». 17 Уӕд Исаак ацыд уырдыгӕй, йӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдта Герары дӕлвӕзы ӕмӕ ӕрцард уым.
Ног цъайтӕ
18 Исаак ногӕй скъахта, йӕ фыд Авраамы заманы цы цъайтӕ скъахтӕуыд ӕмӕ Авраамы мӕлӕты фӕстӕ филистимӕгтӕ сыджытӕй кӕй байдзаг кодтой, уыдоны; ӕмӕ сын ногӕй радта, йӕ фыд сын кӕддӕр кӕй радта, уыцы нӕмттӕ. 19 Исаакы цагъартӕ къахтой дӕлвӕзы, ӕмӕ дзы ссардтой цъай суадоны донимӕ. 20 Фӕлӕ Герары фыййӕуттӕ сбыцӕу сты Исаакы фыййӕуттимӕ ӕмӕ дзырдтой: «Уый нӕ дон у». Исаак уыцы цъай схуыдта Есек+ 26:20 Есек – дзуттагау амоны «быцӕу»., уымӕн ӕмӕ уыцы цъайы тыххӕй сбыцӕу сты йемӕ. 21 Скъахтой ӕндӕр цъай, ӕмӕ уый тыххӕй дӕр рауади быцӕу; уымӕ гӕсгӕ йӕ Исаак схуыдта Ситна+ 26:21 Ситна – дзуттагау амоны «фыдӕх».. 22 Исаак ацыд уырдыгӕй, скъахта ӕндӕр цъай, ӕмӕ сӕм уый тыххӕй быцӕу нал рауад; ӕмӕ йӕ Исаак схуыдта Реховоф+ 26:22 Реховоф – дзуттагау амоны «парахат бынӕттӕ».; Исаак загъта: «Хуыцау нын радта парахат бынат, ӕмӕ мах сбирӕ уыдзыстӕм ацы зӕххыл». 23 Уырдыгӕй Исаак ссыди Вирсавимӕ. 24 Уыцы ӕхсӕв ӕм фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн; ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн. Бафтаудзынӕн дыл Мӕ арфӕ, ӕмӕ дын Мӕ цагъар Авраамы сӕраппонд ратдзынӕн бирӕ байзӕддӕгтӕ». 25 Исаак уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ссардта Хуыцауы ном; уыцы ран ӕрӕвӕрдта йӕ цатыр, йӕ цагъартӕ та дзы цъай скъахтой. 26 Уырдӕм ӕм Герарӕй ӕрцыд Авимелех йӕ уынаффӕгӕнӕг Ахузафимӕ ӕмӕ йе ’фсады хицау Фихолимӕ. 27 Исаак сын загъта: «Уе сӕфт мӕ куы уыдтат, куы мӕ фӕсырдтат, уӕд мӕм цӕмӕн ӕрцыдыстут?» 28 Уыдон дзуапп радтой: «Хуыцау демӕ кӕй ис, уый мах бӕлвырд федтам, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загътам: „Нӕ дыууӕты ӕхсӕн хъуамӕ уа сомыйӕ фидаргонд цӕдис. 29 Мах дӕ куыд нӕ бахъыгдардтам, хорзӕй дарддӕр дын куыд ницы сарӕзтам ӕмӕ дӕ фарнимӕ куыд ауагътам, ды дӕр нын афтӕ фыдбылыз кӕй нӕ сараздзынӕ, уый тыххӕй саразӕм фидыд; ныр ды Хуыцауӕй арфӕгонд дӕ“». 30 Исаак сын скодта куывд, ӕмӕ хордтой ӕмӕ нуӕзтой. 31 Дыккаг бон сыстадысты сӕумӕйӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн расомы кодтой. Уый фӕстӕ сӕ Исаак афӕндараст кодта ӕмӕ дзы ацыдысты фарнимӕ. 32 Уыцы бон ӕрбацыдысты Исаакы цагъартӕ ӕмӕ йын радзырдтой, цы цъай скъахтой, уый тыххӕй: «Мах ссардтам дон». 33 Исаак уыцы цъай схуыдта Шива. Уымӕ гӕсгӕ ацы сахары ном абон дӕр ма у БеэрШева+ 26:33 Кӕс 21:31. (Вирсави).
Исавы устытӕ
34 Исавыл дыууиссӕдз азы куы сӕххӕст, уӕд ракуырдта хеттаг Беэры чызг Иегудифӕйы ӕмӕ хеттаг Елоны чызг Васемафӕйы. 35 Исаакӕн ӕмӕ Ревеккӕйӕн уыдон уыдысты зӕрдӕниз.
27Исаакы арфӕ Иаковӕн
1 Исаак куы базӕронд, цӕстӕй куы нал уыдта, уӕд иухатт басидт йӕ хистӕр фырт Исавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ хъӕбул!» Исав ын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 2 Исаак загъта: «Ӕз базӕронд дӕн; кӕд ӕрбамӕлдзынӕн, уый нӕ зонын; 3 Ныртӕккӕ райс дӕ хӕцӕнгӕрзтӕ, дӕ фатдон ӕмӕ де ’рдын; ацу быдырмӕ ӕмӕ мын самал кӕн хъӕддаг сырд. 4 Сфыц мын мӕ уарзон хӕринаг, ӕрбахӕсс мын дзы бахӕрынмӕ, ӕмӕ цалынмӕ нӕ амардтӕн, уӕдмӕ дыл мӕ арфӕ бафтауон». 5 Исаак йӕ фырт Исавӕн цы дзырдта, уымӕ хъуыста Ревеккӕ. Ӕмӕ Исав хъӕддаг сырдыл цуанмӕ ӕмӕ йе ’рхӕссынмӕ быдырмӕ куы ацыд, 6 Уӕд Ревеккӕ йӕ лӕппу Иаковӕн загъта: «Ӕз ныртӕккӕ фехъуыстон, дӕ фыд де ’фсымӕр Исавӕн цы дзырдта, уый: 7 „Ӕрбахӕсс хъӕддаг сырды фыд ӕмӕ мын сфыц хӕрзад хӕринаг; ӕз бахӕрдзынӕн, ӕмӕ дыл мӕ мӕлӕты размӕ мӕ арфӕ бафтаудзынӕн Хуыцауы раз“. 8 Ныр байхъус, мӕ лӕппу, ӕмӕ дын цы зӕгъон, уый сараз. 9 Цӕугӕ дзугмӕ, ӕрбахӕсс мын дыууӕ хорз сӕныччы, ӕмӕ ӕз дӕ фыдӕн сфыцон йӕ уарзон хӕринаг. 10 Ды йӕ бахӕсдзынӕ дӕ фыдӕн, цӕмӕй бахӕра ӕмӕ дыл йӕ мӕлӕты размӕ бафтауа йӕ арфӕ». 11 Иаков йӕ мад Ревеккӕйӕн загъта: «Ме ’фсымӕр Исав хъуынджын адӕймаг у, мӕ буар та лӕгъз у. 12 Мӕ фыд мӕ, мыййаг, уырзӕй куы басгара, уӕд йӕ цӕсты уыдзынӕн сайӕгой, ӕмӕ арфӕйы бӕсты мӕхи фӕкӕндзынӕн ӕлгъысты хай». 13 Йӕ мад ын загъта: «Йе ’лгъыст дӕ бӕсты мӕныл ӕрцӕуӕд, мӕ лӕппу; ӕрмӕст мӕм байхъус: ацу ӕмӕ мын сӕ ӕрбахӕсс». 14 Иаков ацыд, ӕрцахста дыууӕ сӕныччы ӕмӕ сӕ ӕрбахаста йӕ мадмӕ. Ӕмӕ йӕ мад сфыхта, Иаковы фыд кӕй уарзта, ахӕм хӕрзад хӕринаг. 15 Уый фӕстӕ Ревеккӕ йӕ хӕдзарӕй рахаста, йӕ хистӕр лӕппу Исавӕн уым цы хуыздӕр дарӕс уыдис, уый, ӕмӕ йӕ скодта йӕ кӕстӕр лӕппу Иаковыл. 16 Иаковы цӕнгтыл ӕмӕ лӕгъз бӕрзӕйыл та стыхта сӕныччы царм. 17 Цы хӕрзад хӕринаг сфыхта, уый дзулимӕ радта йӕ лӕппу Иаковмӕ. 18 Иаков бацыд йӕ фыдмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ фыд!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм! Ды мӕ кӕцы фырт дӕ?» 19 Иаков йӕ фыдӕн загъта: «Исав дӕн, дӕ хистӕр фырт. Ӕз сарӕзтон, ды цы загътай, уый. Рабадма ӕмӕ бахӕр, дӕ фырт кӕй самал кодта, уыцы хъӕддаг сырды фыдӕй, ӕмӕ мыл дӕ арфӕ бафтау». 20 Исаак йӕ фырты бафарста: «Куыд тагъд ӕй ссардтай, мӕ фырт?» Иаков дзуапп радта: «Мӕ размӕ мын ӕй Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, рарвыста». 21 Исаак загъта Иаковӕн: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацу, мӕ фырт, ӕз дӕ басгарон, ды ӕцӕг мӕ фырт Исав дӕ ӕви нӕ». 22 Иаков бацыд йӕ фыд Исаакмӕ; Исаак ӕй уырзтӕй ӕрысгӕрста ӕмӕ загъта: «Хъӕлӕс Иаковы хъӕлӕс у; къухтӕ та Исавы къухтӕ сты». 23 Исаак ӕй нӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ Иаковы къухтӕ йе ’фсымӕр Исавы къухтау хъуынджын уыдысты; ӕмӕ йыл Исаак йӕ арфӕ бафтыдта. 24 Исаак бафарста: «Ды ӕцӕг мӕ фырт Исав дӕ?» Иаков дзуапп радта: «Ӕз дӕн». 25 Исаак загъта: «Ӕрима, мӕ фырт, ӕз бахӕрон, ды кӕй самал кодтай, уыцы сырды фыдӕй, ӕмӕ дыл мӕ арфӕ бафтауон». Иаков ын ӕрӕвӕрдта хӕринаг, ӕмӕ Исаак бахордта; стӕй йын ӕрбахаста сӕн, ӕмӕ уымӕй дӕр банызта. 26 Уый фӕстӕ Иаковӕн йӕ фыд Исаак загъта: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацу, мӕ фырт, ӕмӕ мын аба кӕн». 27 Иаков ӕм бацыд ӕмӕ йын аба кодта. Исаак ын банкъардта йӕ дарӕсы тӕф, стӕй йыл бафтыдта йӕ арфӕ: «Мӕ фыртӕй цӕуы, Хуыцау йӕ арфӕ цы быдырыл бафтыдта, уый хӕрздӕф. 28 Хуыцау дын раттӕд уӕларвон ӕртӕхӕй ӕмӕ зӕххы сойӕ, бирӕ хор ӕмӕ сӕн. 29 Дӕуӕн кусӕнт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ уӕнт дӕ дӕлбар; де ’фсымӕртӕн у ӕлдар, дӕ мады лӕппутӕ дын ныллӕг акувӕнт; дӕу ӕлгъитӕг уӕд ӕлгъыст, дӕуӕн арфӕгӕнӕг – арфӕгонд!» 30 Исаак Иаковыл куыддӕр йӕ арфӕ бафтыдта ӕмӕ Иаков йӕ фыд Исаакӕй рацыд, афтӕ йе ’фсымӕр Исав ӕрбаздӕхти цуанӕй. 31 Исав дӕр сфыхта хӕрзад хӕринаг, йӕ фыдӕн ӕй бахаста ӕмӕ йын загъта: «Рабад, мӕ фыд, ӕмӕ бахӕр, дӕ фырт кӕй самал кодта, уыцы хъӕддаг сырды фыдӕй, ӕмӕ мыл дӕ арфӕ бафтау». 32 Йӕ фыд Исаак ӕй бафарста: «Ды чи дӕ?» Исав ын дзуапп радта: «Ӕз дӕ фырт дӕн, дӕ хистӕр фырт Исав». 33 Исаак фыртыхстӕй ныррызт ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ хъӕддаг сырды фыд чи самал кодта ӕмӕ мын дзы чи ’рбахаста? Ӕз ын бахордтон йеппӕт хӕринагӕй де ’рбацыды хӕдразмӕ, мӕ арфӕ йыл бафтыдтон, арфӕгонд уый уыдзӕн». 34 Исав йӕ фыды ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд фырмӕстӕй хъӕлӕсыдзаг ныхъхъӕр ласта, ӕмӕ йӕ фыдӕн загъта: «Мӕ фыд, бафтау мӕныл дӕр дӕ арфӕ!» 35 Фӕлӕ Исаак загъта: «Уый мӕм де ’фсымӕр ӕрбацыд, асайдта мӕ, ӕмӕ дын дӕ арфӕ байста». 36 Исав загъта: «Уӕдӕ йӕ ном Иаков+ 27:36 Кӕс 25:26. дзӕгъӕлы у? Дыууӕ хатты мыл рацыди хинӕй: байста мын, хистӕр фырт кӕй дӕн, мӕ уыцы бартӕ; ныр та мын мӕ арфӕ байста». Исав бафарста: «Ау, мӕнӕн дӕм арфӕ нал баззад?» 37 Исаак ын дзуапп радта: «Ӕз ӕй дӕуӕн сӕвӕрдтон ӕлдарӕй, ӕмӕ йын йеппӕт ӕфсымӕрты радтон цагъартӕй; ӕфсӕст уыдзӕни хорӕй ӕмӕ сӕнӕй. Дӕуӕн ма та цы саразон, мӕ фырт?» 38 Исав загъта йӕ фыдӕн: «Ау, мӕ фыд, дӕумӕ ӕрмӕст иунӕг арфӕ ис? Дӕ арфӕ бафтау мӕныл дӕр, мӕ фыд!» Исав хъӕлӕсыдзаг скуыдта. 39 Йӕ фыд Исаак ын дзуапп радта: «Дӕрддзӕф цӕрдзынӕ бӕркадджын зӕххӕй ӕмӕ уӕларвон ӕртӕхӕй. 40 Дӕ цард араздзынӕ дӕ цирхъӕй, де ’фсымӕрӕн уыдзынӕ дӕлбар. Фӕлӕ иуафон сыстдзынӕ, ӕмӕ йын йе ’фсондз раппардзынӕ дӕ бӕрзӕйӕ».
Иаков фӕлыгъд йӕ хӕдзарӕй
41 Исав йе сӕфт федта Иаковӕй, йӕ фыд ыл арфӕ кӕй бафтыдта, уый тыххӕй. Исав йӕхицӕн загъта: «Бирӕ нал хъӕуы мӕ фыдыл кӕуыны бонтӕм. Уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Иаковы». 42 Ревеккӕйӕн рафӕзмыдтой йӕ хистӕр лӕппу Исавы ныхӕстӕ. Уӕд Ревеккӕ арвыста, басидт йӕ кӕстӕр лӕппу Иаковмӕ, ӕмӕ йын загъта: «Де ’фсымӕр Исав дӕм ӕртхъирӕн кӕны амарынӕй. 43 Ныр, мӕ лӕппу, байхъус мӕ ныхасмӕ: ӕвӕстиатӕй фӕлидз Харранмӕ, ме ’фсымӕр Лаванмӕ. 44 Ӕмӕ цалынмӕ де ’фсымӕрӕн йӕ маст ӕрцӕуа, уӕдмӕ йӕм ацӕр. 45 Де ’фсымӕрӕн йӕ маст куы ӕрцӕуа, ды йын цы бакуыстай, уый дзы куы ферох уа, уӕд дӕм арвитдзынӕн, ӕмӕ дӕ ӕркӕндзынӕн уырдыгӕй. Науӕд иу бонмӕ уӕ дыууӕйӕ дӕр цӕмӕн хъуамӕ бавдӕлон уон?» 46 Уый фӕстӕ Ревеккӕ загъта Исаакӕн: «Хетты чызджыты тыххӕй мын мӕ цард ӕнад у. Иаков дӕр бынӕттонтӕй, хеттаг чызджытӕй, мӕнӕ уыдоны хуызӕн куы ракура, уӕд ма мӕ цард цы у?»
281 Исаак басидт Иаковмӕ, арфӕ йыл бафтыдта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Ханаанты чызджытӕй ма ракур. 2 Марадз, ацу ПаданАраммӕ+ 28:2 ПаданАрам – Месопотамийы ӕндӕр ном., дӕ мадыфыд Вафуилы хӕдзармӕ, ӕмӕ уым ракур ус дӕ мадыфсымӕр Лаваны чызджытӕй. 3 Ӕппӕтхъомыс Хуыцау та дыл Йӕ арфӕ бафтаудзӕни, ратдзӕни дын бирӕ цот ӕмӕ дын сбирӕ кӕндзӕни дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕни бирӕ адӕмтӕ. 4 Авраамыл цы арфӕ бафтыдта, уыцы арфӕ ӕрцӕуӕд дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл дӕр, цӕмӕй, Хуыцау Авраамӕн кӕй радта ӕмӕ ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх бауа дӕу». 5 Уыйадыл Исаак ауагъта Иаковы. Иаков ацыди ПадданАраммӕ, арамейаг Вафуилы фырт Лаванмӕ – Иаков ӕмӕ Исавы мад Ревеккӕйы ӕфсымӕрмӕ. 6 Исаак Иаковыл бафтыдта йӕ арфӕтӕ, ӕмӕ йӕ арфӕимӕ ПадданАраммӕ ус курынмӕ арвыста ахӕм фӕдзӕхстимӕ: «Ханаанаг чызджытӕй ус ма ракур». 7 Иаков йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ кӕй байхъуыста ӕмӕ ПадданАраммӕ кӕй ацыд, уый Исав куы базыдта, 8 Уӕд бамбӕрста, ханаанаг чызджытӕ кӕй нӕ цӕуынц йӕ фыд Исаакы зӕрдӕмӕ. 9 Ӕмӕ Исав ацыд Измаилмӕ, ӕмӕ йын цы устытӕ уыдис, уыдонӕй уӕлдай ма ноджыдӕр ракуырдта Махалафейы, Авраамы фырт Измаилы чызджы, Наваиофы хойы.
Иаковы фын
10 Иаков та рацыди Вирсавийӕ ӕмӕ араст Харранмӕ; 11 Бахӕццӕ иу бынатмӕ; хур кӕй аныгуылд, уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕвы баззад уым. Цы дуртӕ дзы уыдис, уыдонӕй систа иу, йӕ нывӕрзӕн ӕй сӕвӕрдта ӕмӕ схуыссыди. 12 Фыны федта: кӕсы ӕмӕ асин лӕууы зӕххыл, уӕле та арвыл ӕндзӕвы; схизынц ӕмӕ йыл ӕрхизынц Хуыцауы зӕдтӕ. 13 Асиныл лӕууы Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ дзуры: «Ӕз дӕн Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Ды цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. 14 Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххон змисау уыдзысты бирӕ; ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕнмӕ, цӕгат ӕмӕ хуссармӕ. Дӕ фӕрцы ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. 15 Ӕз демӕ дӕн; кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – бахиздзынӕн дӕ. Фӕстӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн ацы зӕхмӕ. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, цалынмӕ уый сӕххӕст кӕнон, уӕдмӕ». 16 Иаков райхъал ӕмӕ загъта: «Хуыцау ӕцӕг ацы ран куы ис. Ӕз та йӕ нӕ зыдтон». 17 Иаков фыртӕссӕй загъта: «Цы тасӕфтауӕг у ацы бынат! Ам Хуыцауы хӕдзар кӕй ис, уый гуырысхойаг нӕу; ай та арвы дуар у». 18 Иаков сыстади сӕумӕйӕ, ӕмӕ йӕ нывӕрзӕнӕй райста дур, нысанӕн ӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йыл ауагъта зети. 19 Иаков уыцы бынат схуыдта Вефил+ 28:19 Вефил – дзуттагау амоны «Хуыцауы хӕдзар».; сахары раздӕры ном та уыди Луз. 20 Иаков дзырд радта: «Хуыцау мемӕ куы уа, цы фӕндагыл цӕуын, ууыл мӕ куы бахъахъӕна, хойраг мын хӕрынӕн ӕмӕ мын дарӕс дарынӕн куы ратта, 21 Дзӕбӕхӕй мӕ фыды хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхон, уӕд Дунедарӕг уыдзӕни мӕ Хуыцау, 22 Ӕмӕ нысанӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый уыдзӕни Хуыцауы хӕдзар; ӕмӕ мын Ды цыдӕриддӕр раттай, ӕппӕт уыдонӕй сӕ дӕсӕймаг хай ратдзынӕн Дӕуӕн».
29Иаков Харраны
1 Иаков цыди дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ скӕсӕйнаг адӕмы зӕхмӕ. 2 Кӕсы ӕмӕ быдыры – цъай, цъайы цур ривӕд кодтой фысвосы ӕртӕ дзуджы; уымӕн ӕмӕ дзугтӕн дон уыцы цъайӕ дардтой. Цъайыл фӕлдӕхт уыди стыр дур. 3 Ӕппӕт дзугтӕиу куы ӕрӕмбырд сты, уӕдиу фыййӕуттӕ дур систой цъайы комӕй ӕмӕ фосӕн дардтой дон; уый фӕстӕиу дур фӕстӕмӕ ӕрфӕлдӕхтой цъайы дзыхыл. 4 Иаков фыййӕутты бафарста: «Ме ’фсымӕртӕ, кӕцон стут?» Уыдон дзуапп радтой: «Харранӕй стӕм». 5 Иаков сӕ бафарста: «Нахоры фырт Лаваны нӕ зонут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Зонӕм ӕй». 6 Иаков ма сӕ ноджыдӕр бафарста: «Ӕнӕниз у?» Уыдон загътой: «Ӕнӕниз у; уӕртӕ йӕ чызг Рахил ӕрбацӕуы фосимӕ». 7 Иаков фыййӕуттӕн загъта: «Бонӕй нырма бирӕ ис; фос ӕмбырд кӕныны афон нӕу. Фосӕн бадарут дон, ӕмӕ сӕ атӕрут хизынмӕ». 8 Уыдон загътой: «Цалынмӕ дзугтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уой, ӕмӕ цъайы комӕй дур ассыдӕуа, уӕдмӕ нӕ бон нӕу. Дур куы ассоной, уӕд нӕ фосӕн бадардзыстӕм дон». 9 Иаков фыййӕуттимӕ йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ йӕ фыды фысвосимӕ ӕрбахӕццӕ Рахил – уый сӕ хызта. 10 Иаков йӕ мадыфсымӕр Лаваны чызг Рахилы ӕмӕ Лаваны фос куы федта, уӕд бацыди, цъайы дзыхӕй ассыдта дур ӕмӕ Лаваны фосӕн бадардта дон. 11 Уый фӕстӕ Иаков аба кодта Рахилӕн ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй скуыдта. 12 Иаков Рахилӕн загъта, йӕ фыды хӕстӕджы, Ревеккӕйы, лӕппу кӕй у. Рахил азгъордта ӕмӕ йӕ радзырдта йӕ фыдӕн. 13 Йӕ хойы лӕппу Иаковы тыххӕй куы фехъуыста Лаван, уӕд разгъордта йӕ размӕ, ахъӕбыс ӕмӕ йын аба кодта ӕмӕ йӕ бахуыдта йӕ хӕдзармӕ. Иаков ын радзырдта йеппӕт хабӕрттӕ. 14 Лаван ын загъта: «Ды ӕцӕгӕй мӕ тугме стӕг дӕ». Иаков Лаванмӕ фӕцард ӕнӕхъӕн мӕй.
Иаков ракуырдта Лаваны чызджыты
15 Лаван ын загъта: «Ды мӕ хӕстӕг дӕ, фӕлӕ мын лӕвар цӕмӕн хъуамӕ кусай? Цы дын бафидон, уый мын зӕгъ?» 16 Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы; хистӕры ном уыди Лиа, кӕстӕры ном та – Рахил. 17 Лиа цӕстӕй рӕвдз нӕ уыди, Рахил та уыди цӕсгомӕй дӕр рӕсугъд ӕмӕ гуырӕй дӕр аив. 18 Иаков бауарзта Рахилы, ӕмӕ дзуапп радта: «Ӕз дын дӕ кӕстӕр чызг Рахилы тыххӕй кусдзынӕн авд азы». 19 Лаван загъта: «Искӕмӕн раттыны бӕсты йӕ дӕуӕн ратдзынӕн; цӕр мӕнмӕ». 20 Иаков Рахилы тыххӕй фӕкуыста авд азы; ӕмӕ йӕм фӕкастысты цалдӕр бонау, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзта. 21 Иаков загъта Лаванӕн: «Мӕ усы мын ратт, ӕмӕ йемӕ бацӕрон – ӕмгъуыд ахицӕн». 22 Лаван ӕрхуыдта йӕ алфамбылайы ӕппӕт цӕрджыты ӕмӕ скодта куывд. 23 Фӕлӕ изӕры Иаковмӕ бахуыдта йӕ чызг Лиайы, ӕмӕ Иаков ӕриу йемӕ. 24 Лаван йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Зелфӕйы йӕ чызг Лиайӕн радта лӕггадгӕнӕгӕй. 25 Куы ӕрбабон, уӕд Иаков кӕсы – ӕмӕ йӕ фарсмӕ Лиа. Уӕд Лаванӕн загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Рахилы тыххӕй дын нӕ куыстон, мыййаг? Цӕмӕн мӕ асайдтай?» 26 Лаван ын дзуапп радта: «Ам, махмӕ, хистӕр чызджы разӕй кӕстӕры нӕ фӕдӕттынц. 27 Къуыри уал арвит Лиаимӕ, стӕй дын ратдзыстӕм кӕстӕры; уый тыххӕй дӕр мын хъуамӕ бакусай авд азы». 28 Иаков ӕм байхъуыста – къуыри арвыста Лиаимӕ; уый фӕстӕ йын Лаван радта йӕ чызг Рахилы дӕр. 29 Лаван йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Валлӕйы йӕ чызг Рахилӕн радта лӕггадгӕнӕгӕй.
Иаковы цот
30 Иаков бацард Рахилимӕ дӕр; ӕмӕ Лиайӕ Рахилы фылдӕр уарзта. Ӕмӕ ма Лаванмӕ фӕкуыста ноджыдӕр авд азы. 31 Иаков Лиайы кӕй нӕ уарзта, уый Хуыцау федта ӕмӕ Лиайӕн радта зӕнӕг; Рахил та ӕнӕзӕнӕг уыди. 32 Лиа басывӕрджын, ныййардта лӕппу, сӕвӕрдта йыл ном – Рувим, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Хуыцау федта мӕ хъизӕмар; ныр мӕ ӕнӕмӕнг бауарздзӕн мӕ мой». 33 Лиа ноджыдӕр басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Мӕ лӕг мӕ кӕй нӕ уарзы, уый фехъуыста Хуыцау, ӕмӕ мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Лиа йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Симеон. 34 Лиа та ногӕй басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Ныр мӕ лӕг мӕнӕй фылдӕр никӕйуал уарздзӕн – ӕртӕ фырты йын ныййардтон». Уымӕ гӕсгӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном, – Левий. 35 Лиа та басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Ныр ӕз арфӕ ракӕндзынӕн Хуыцауӕн». Уымӕ гӕсгӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Иуда. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ зӕнӕг нал цыди.
301 Иаковӕн сывӕллӕттӕ кӕй нӕ ары, уый куы федта Рахил, уӕд хӕлӕг кӕнын райдыдта йӕ хомӕ, ӕмӕ загъта Иаковӕн: «Ратт мын сывӕллӕттӕ, науӕд амӕлдзынӕн». 2 Иаков ӕм смӕсты ӕмӕ загъта: «Зӕнӕг дын Чи нӕ дӕтты, ӕз уыцы Хуыцауы бынаты дӕн, мыййаг?» 3 Рахил загъта: «Мӕнӕ дын мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Валлӕ; ӕриу у йемӕ, цӕмӕй ныййара ӕмӕ мӕнӕн дӕр уа цот». 4 Ӕмӕ Рахил йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы Иаковӕн радта усӕн; Иаков бацард йемӕ. 5 Валлӕ басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта лӕппу. 6 Уӕд Рахил загъта: «Хуыцау мӕ сраст кодта; фехъуыста мӕ кувын, ӕмӕ мын радта лӕппу». Уымӕ гӕсгӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Дан. 7 Рахилы лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Валлӕ ноджыдӕр басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг лӕппу. 8 Уӕд Рахил загъта: «Стыр тохы бацыдтӕн мӕ хоимӕ, ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕн». Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Неффалим. 9 Лиа базыдта: зӕнӕг ын нал цӕуы. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Зелфӕйы радта Иаковӕн. 10 Зелфӕ, Лиайы лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, Иаковӕн ныййардта фырт. 11 Уӕд Лиа загъта: «Ӕрцыди мӕ амонд!» Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Гад. 12 Зелфӕ, Лиайы лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, Иаковӕн ныййардта дыккаг фырт. 13 Уӕд Лиа загъта: «Цы амондджын дӕн! Сылгоймӕгтӕ мӕ ныр амондджын ус хондзысты». Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Асир. 14 Мӕнӕугӕрдӕнты Рувим ацыди быдырмӕ, ссардта дзы мандрагортӕ+ 30:14 Мандрагор – зайӕгойы мыггаг. Йӕ дыргътӕ – чылауийы хуызӕн. Ӕнӕзӕнӕг устытӕ сӕ хордтой хосӕн. ӕмӕ сӕ ӕрбахаста йӕ мад Лиайӕн. Рахил Лиайӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ӕрима мын, дӕ фырт цы мандрагортӕ ӕрбахаста, уыдонӕй». 15 Фӕлӕ йын Лиа загъта: «Мӕ лӕджы мын кӕй байстай, уый дын фаг нӕу, ныр та дӕ зӕрдӕ мӕ фырты мандрагортӕ ӕрцагуырдта?» Рахил ын дзуапп радта: «Дӕ лӕппуйы мандрагорты тыххӕй та Иаков ахсӕв ӕриу уӕд демӕ». 16 Иаков изӕры ӕрбахӕццӕ быдырӕй. Лиа рацыд йӕ размӕ ӕмӕ йын загъта: «Рацу мӕнмӕ – ӕз дӕ мӕ лӕппуйы мандрагортӕй балхӕдтон». Ӕмӕ уыцы ӕхсӕв Иаков баззади Лиамӕ. 17 Хуыцау фехъуыста Лиайы – сылгоймаг басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта фӕндзӕм лӕппу. 18 Уӕд Лиа загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы мӕ мойӕн кӕй радтон, уый тыххӕй мӕ барӕвдыдта Хуыцау». Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Иссахар. 19 Лиа та ногӕй басывӕрджын, ӕмӕ Иаковӕн ныййардта ӕхсӕзӕм лӕппу. 20 Уӕд Лиа загъта: «Хуыцау мын стыр лӕвар ракодта. Ныр мӕ мойы цӕсты кадджын уыдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Завулон. 21 Уый фӕстӕ Лиа ныййардта чызг, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном – Динӕ. 22 Уӕд Рахил ӕрлӕууыди Хуыцауы зӕрдыл – фехъуыста йын йӕ кувын ӕмӕ йын радта зӕнӕг. 23 Рахил басывӕрджын, ныййардта лӕппу, ӕмӕ загъта: «Хуыцау мӕ фервӕзын кодта мӕ худинагӕй». 24 Рахил йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Иосиф, ӕмӕ загъта: «Хуыцау ма мын ноджыдӕр раттӕд лӕппу».
Иаковы дзугтӕ
25 Рахилӕн Иосиф куы райгуырд, уӕд Иаков загъта Лаванӕн: «Ауадз мӕ, ӕмӕ ацӕуон ма бынатмӕ, мӕ райгуырӕн зӕхмӕ; 26 Кӕй тыххӕй дын фӕкуыстон, ратт мын мӕ уыцы устыты ӕмӕ сывӕллӕтты, ӕмӕ ӕз ацӕуон. Куыд бирӕ дын бакуыстон, уый дӕхӕдӕг хорз зоныс». 27 Лаван ын загъта: «Истӕмӕй дӕ куы барӕвдауин, бӕргӕ. Хуыцау мыл дӕ сӕраппонд Йӕ арфӕ кӕй бафтыдта, уый мын раргом». 28 Лаван ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мызд мӕ цас агурыс, уый мын зӕгъ, ӕмӕ дын ӕй бафиддзынӕн». 29 Иаков ын дзуапп радта: «Ӕз дын куыд куыстон ӕмӕ дӕ фос мӕ бӕрны куы уыд, уӕд ыл цас бафтыд, уый дын зындгонд у. 30 Ме ’рцыдмӕ дӕм цы чысыл фос уыди, уый ныр сбирӕ. Ӕз дӕм куы ӕрцыдтӕн, уӕд дыл Хуыцау йӕ арфӕ бафтыдта. Ныр мӕхи хӕдзарӕн та ма кӕд цы сараздзынӕн?» 31 Лаван ӕй бафарста: «Цы дын раттон?» Иаков дзуапп радта: «Ницы мӕ хъӕуы. Фӕлӕ дын цы зӕгъон, уый куы бакӕнай, уӕд та дын хиздзынӕн ӕмӕ хъахъӕндзынӕн дӕ фос. 32 Абон ӕрзилӕм дӕ фысвосы дзугтыл, ӕмӕ сеппӕтӕй дӕр рахицӕн кӕнӕм ӕппӕт хъулон ӕмӕ тӕппытӕ фысты, ӕппӕт сау уӕрыччыты, стӕй ӕппӕт хъулон ӕмӕ тӕппытӕ цӕуты; уыдон уыдзысты мӕ мызд. 33 Ӕвдисӕн мын уыдзӕни мӕ рӕстдзинад, цы мызд мын бафыстай, уый фенынмӕ фидӕны куы ӕрцӕуай, уӕд. Цӕутӕй хъулон, уӕрыччытӕй та сау чи нӕ уа, уыдоны нымай давдыл». 34 Лаван загъта: «Хорз, ды куыд загътай, афтӕ уӕд». 35 Ӕмӕ уыцы бон Лаван рахицӕн кодта ӕппӕт хъулон ӕмӕ гӕрӕм цӕуты, хъулон ӕмӕ тӕппытимӕ чи уыд, уыцы сӕгъты, ӕппӕт сау уӕрыччыты, ӕмӕ сӕ радта йӕ фырттӕм. 36 Иаковы фосӕй сӕ атардта ӕртӕ бонцауы дарддӕр. Иаков та хызта Лаваны иннӕ фос. 37 Иаков райста гӕдыбӕласы, ӕхсӕры ӕмӕ урс тӕгӕры ног уистӕ, кардӕй сын растыгъта сӕ цъар, ӕмӕ сыл скодта тӕгтӕ. 38 Фос дон нуазынмӕ кӕдӕм цыди, уым алы ран дӕр фосы раз ӕвӕрдта, тӕгтӕ кӕуыл уыдис, уыцы уистӕ. Фосиу хъазыны афон дон нуазынмӕ куы ӕрбацыдысты, 39 Уӕдиу схъазыдысты уисты раз, ӕмӕиу кӕй ныззадысты, уыдон уыдысты хъулон, гӕрӕм ӕмӕ тӕппытимӕ. 40 Иаковиу рахицӕн кодта далысты ӕмӕ дӕрчъыты, ӕмӕ сӕ сӕртӕ Лаваны гӕрӕм ӕмӕ сау фосырдӕм куыд уой, афтӕиу сӕ фӕзылдта. Афтӕ йӕхицӕн скодта дзугтӕ ӕмӕ сӕ Лаваны фосӕй дардта хицӕнӕй. 41 Ӕнӕниз фосиу куы схъазыдысты, уӕд сын Иаков уистӕ ӕвӕрдта сӕ тӕгӕнаты, цӕмӕй базаинаг уой уисты раз. 42 Лӕмӕгъ фосиу куы схъазыдысты, уӕд та сын сӕ размӕ уистӕ нӕ ӕвӕрдта. Афтӕмӕйиу лӕмӕгъ фос ӕрхаудтой Лаванмӕ, ӕнӕниз фос та – Иаковмӕ. 43 Афтӕмӕй Иаков сси тынг хъӕздыг лӕг: уыдис ӕм стыр дзугтӕ, цагъар сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.
31Иаков фӕлыгъди Лаванӕй
1 Иаков фехъуыста, Лаваны фырттӕ цы дзырдтой, уый: «Нӕ фыдмӕ цыдӕриддӕр уыди, уый Иаков йӕхи бакодта; цы бирӕ мулк ӕм ис, уый иууылдӕр нӕ фыды мулкӕй у». 2 Уыимӕ ма Иаков бафиппайдта: Лаван ӕм раздӕры цӕстӕй нал кӕсы. 3 Хуыцау загъта Иаковӕн: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ ӕмӕ хиуӕттӕм. Ӕз демӕ уыдзынӕн». 4 Иаков арвыста Рахилмӕ ӕмӕ Лиамӕ, цӕмӕй ӕрбацӕуой, йӕ фосы дзугтӕ кӕм уыдысты, уыцы быдырмӕ. 5 Ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уынын: уӕ фыд мӕм раздӕры цӕстӕй нал кӕсы. Фӕлӕ мӕ фыды Хуыцау мемӕ уыди. 6 Сымах зонут: ӕз ӕппӕт хъарутӕй куыстон уӕ фыдӕн. 7 Уӕ фыд та мӕ сайдта, мызд мын бирӕ хӕттыты ӕххӕстӕй нӕ фыста. Фӕлӕ мӕ Хуыцау бахызта йӕ фыдӕхӕй. 8 Афтӕиу куы загъта, хъулон фос уӕд дӕ мызд, зӕгъгӕ, уӕдиу ӕппӕт фос дӕр ныззадысты хъулӕттӕ. Афтӕ куы загъта: „Тӕппытӕ фос уӕд дӕ мызд“, уӕдиу ӕппӕт фос дӕр ныззадысты тӕппытӕ. 9 Афтӕмӕй Хуыцау уӕ фыдӕй байста фос ӕмӕ сӕ радта мӕнӕн. 10 Фосӕн се схъазыны рӕстӕг иухатт федтон фын: кӕсын ӕмӕ, фосыл чи схизы, уыцы цӕутӕ сты гӕрӕмтӕ, хъулӕттӕ ӕмӕ тӕппытӕ. 11 Хуыцауы зӕд мын фыны загъта: „Иаков“. Ӕз дзуапп радтон: „Мӕнӕ дӕн“. 12 Зӕд загъта: „Акӕс ӕмӕ фен: фосыл чи схизы, уыцы цӕутӕ иууылдӕр сты гӕрӕмтӕ, хъулӕттӕ ӕмӕ тӕппытӕ, уымӕн ӕмӕ дын Лаван цытӕ кӕны, уый Ӕз федтон. 13 Цыртдзӕвӕныл зети кӕм ныккодтай ӕмӕ Мын дзырд кӕм радтай Вефилы, Ӕз уыцы Хуыцау дӕн. Ныр марадз, ныууадз ацы зӕхх ӕмӕ аздӕх дӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ“. 14 Рахил ӕмӕ йын Лиа дзуапп радтой: „Нӕ фыды мулкӕй ма нын хай ис, мыййаг? 15 Ӕцӕгӕлӕттыл нӕ кӕй нымайы, уый бӕлвырд нӕу, ӕви? Ауӕй нӕ кодта ӕмӕ нын не ’хца дӕр бахордта. 16 Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау нӕ фыдӕй цы мулк байста, уый ӕгасӕй дӕр мах ӕмӕ нӕ сывӕллӕтты у. Уӕдӕ дын ныр Хуыцау цы загъта, уый бакӕн“». 17 Иаков йӕ сывӕллӕтты ӕмӕ йӕ устыты сбадын кодта теуатыл, 18 Йӕ разӕй атардта йӕ фос ӕгасӕй дӕр ӕмӕ йемӕ айста, ПадданАрамейы кӕй самал кодта, ӕппӕт уыцы мулк, ӕмӕ араст Ханааны зӕхмӕ, йӕ фыд Исаакмӕ. 19 Лаван йӕ фос ӕлвынынмӕ куы ацыд, уӕд Рахил радавта йӕ фыды мӕнгхуыцӕутты. 20 Афтӕмӕй Иаков асайдта арамейаг Лаваны – йӕ ацыды тыххӕй йын нӕ загъта. 21 Иаков алыгъд йеппӕт мулкимӕ ӕмӕ адӕмимӕ, ахызти цӕугӕдоныл ӕмӕ йӕ ных сарӕзта Галаады хӕхбӕстӕм.
Лаван фӕсуры Иаковы
22 Иаковы алыгъды тыххӕй Лаванӕн загътой ӕртыккаг бон. 23 Уӕд Лаван йемӕ ракодта йӕ хӕстӕджыты, фӕсырдта йӕ авд боны, ӕмӕ йӕ баййӕфта Галаады хӕхбӕсты. 24 Фӕлӕ арамейаг Лаванмӕ уыцы ӕхсӕв фыны ӕрцыди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Дӕхи бахиз, Иаковӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр мацы зӕгъ». 25 Лаван баййӕфта Иаковы; Иаков йӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдта хохыл; Лаван дӕр йӕ хӕстӕджытимӕ йӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдта Галаады хӕхбӕсты. 26 Лаван загъта Иаковӕн: «Уый цы бакуыстай? Асайдтай мӕ, мӕ чызджыты цыма хӕсты райстай уацары, уыйау сӕ ракодтай. 27 Сусӕгӕй цӕмӕн алыгътӕ? Цӕмӕн мӕ асайдтай ӕмӕ мын ӕй цӕуылнӕ загътай? Ӕз дӕ ауагътаин хъазгӕ ӕмӕ заргӕйӕ, гуымсӕгыл ӕмӕ далафӕндыртыл цӕгъдгӕйӕ. 28 Ды мын нӕ радтай мӕ чызджытӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕгӕрмӕгуыр фӕндараст зӕгъыны ӕмӕ сын аба кӕныны фадат дӕр. Ацы хатт ӕнӕзонд ми бакодтай. 29 Фыдбылыз саразын дын мӕ бон у, фӕлӕ мын дӕ фыды Хуыцау дысон загъта: „Дӕхи бахиз, Иаковӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр мацы зӕгъ“. 30 Хорз, ды бӕллыдтӕ дӕ фыды хӕдзармӕ ӕмӕ ацыдтӕ, фӕлӕ мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн адавтай?» 31 Иаков Лаванӕн дзуапп радта: «Ӕз тарстӕн; уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, дӕ чызджыты куы байсай, зӕгъгӕ. 32 Дӕ хуыцӕутты та ам кӕмӕ ссарай, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕни. Нӕ хӕстӕджытимӕ фен, ӕмӕ мӕм дӕуӕй цы ис, уый айс фӕстӕмӕ». Рахил ын сӕ кӕй радавта, уый Иаков нӕ зыдта. 33 Лаван бацыд Иаковы цатырмӕ, Лиайы цатырмӕ, дыууӕ цагъар сылгоймаджы цатырмӕ, фӕлӕ дзы ницы ссардта. Лиайы цатыры фӕстӕ бацыди Рахилы цатырмӕ. 34 Рахил та райста мӕнгхуыцӕутты, бавӕрдта сӕ теуайы саргъы бын ӕмӕ сыл сбадти. Лаван баджигул кодта ӕппӕт цатыры, фӕлӕ дзы ницы ссардта. 35 Рахил загъта йӕ фыдӕн: «Ма смӕсты уӕд ме ’лдар, сыстон дын, уый мӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы низӕй ӕнӕфӕразон дӕн». Лаван фӕцагуырдта, фӕлӕ йӕ мӕнгхуыцӕутты не ссардта. 36 Иаков тынг рамӕсты, фӕбыцӕу Лаванимӕ ӕмӕ йын загъта: «Цы аххосджын дӕн, цавӕр тӕригъӕды бафтыдтӕн, ӕмӕ мӕ фӕсте расурай? 37 Ды басгӕрстай мӕ дзаумӕттӕ иууылдӕр, ӕмӕ дӕу цы у, ахӕмӕй дзы исты ссардтай? Цы ссардтай, уый равдис мӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ дӕ хӕстӕджытӕн, ӕмӕ нын уыдон уӕнт тӕрхонгӕнджытӕ. 38 Ссӕдз азы дӕм фӕцардтӕн. Дӕ фыстӕ ӕмӕ дӕ сӕгътӕ никуы фефтыдтой; дӕ дзуджы фыстӕй дын нӕ хордтон; 39 Хъӕддаг сырдиу кӕй ныттыдта, уый дӕумӕ нӕ хастон – йӕ аргъиу дын бафыстон; бонӕй исты фесӕфа, ӕхсӕвы исты фесӕфа – йӕ аргъ ын мӕнӕй домдтай. 40 Боныгон ӕнтӕфӕй фӕлмӕцыдтӕн, ӕхсӕвы – уазалӕй, мӕ цӕстытӕиу кӕрӕдзийыл нӕ ӕрӕвӕрдтон. 41 Ахӕм ссӕдз азы арвыстон дӕ хӕдзары. Ӕз дын цыппӕрдӕс азы дӕ дыууӕ чызджы тыххӕй фӕкуыстон, ӕхсӕз азы та – дӕ фосы тыххӕй. Ды та мын мызд бирӕ хӕттыты ӕххӕстӕй нӕ фыстай. 42 Мӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, ӕмӕ Исаак Кӕмӕй тарст, уыцы Хуыцау мемӕ куы нӕ уыдаид, уӕд мӕ ныртӕккӕ арвыстаис афтидармӕй. Фӕлӕ Хуыцау федта мӕ зынтӕ, мӕ къухты фыдӕбон, ӕмӕ дысон рахӕцыди мӕ сӕрыл».
Иаковы ӕмӕ Лаваны фидыд
43 Лаван Иаковӕн загъта: «Чызджытӕ – мӕ чызджытӕ; сывӕллӕттӕ – мӕ сывӕллӕттӕ; фос – мӕ фос. Ды цыдӕриддӕр уыныс, уый мӕн у. Фӕлӕ мӕ чызджытӕн, стӕй кӕй ныййардтой, уыцы сывӕллӕттӕн ма ныртӕккӕ мӕ бон исты у, мыййаг? 44 Ныр ӕз ӕмӕ ды бавдӕлӕм ӕмӕ саразӕм фидыд, ӕмӕ уый нӕ дыууӕйы ӕхсӕн уӕд ӕвдисӕйнаг». 45 Иаков систа стыр дур, зӕххыл ӕй хъен ӕрӕвӕрдта, 46 Ӕмӕ загъта йӕ хӕстӕджытӕн: «Ӕруидзут дуртӕ». Уыдон ӕруыгътой дуртӕ ӕмӕ дзы сарӕзтой цӕнд, стӕй уыцы цӕнды цур ӕрбадтысты хӕрыныл. 47 Лаван уыцы бынат схуыдта ИегарСагадуфа+ 31:47 ИегарСагадуфа – арамейагау амоны «ӕвдисӕнады цӕнд»., Иаков та йӕ схуыдта Галаад+ 31:47 Галаад – дзуттагау амоны «ӕвдисӕнады цӕнд».. 48 Лаван загъта: «Ацы цӕнд абон мӕн ӕмӕ дӕу ӕхсӕн у ӕвдисӕйнаг». Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдта Галаад, 49 Стӕй Мицпа+ 31:49 Мицпа – хъусдарӕджы мӕсыг., уымӕн ӕмӕ Лаван загъта: «Кӕрӕдзи куы нал уынӕм, уӕд Хуыцау уынӕд мӕн дӕр ӕмӕ дӕу дӕр. 50 Ды мӕ чызджытӕн ӕвзӕр куы уай, кӕнӕ ма мӕ чызджытӕй уӕлдай ӕндӕр устытӕ куы ӕрхӕссай, уӕд нын кӕд ӕхсӕнылӕг нӕй, уӕддӕр зон: Хуыцау нӕ дыууӕйӕн дӕр Ӕвдисӕн у». 51 Лаван ма ноджыдӕр Иаковӕн загъта: «Ӕз нӕ дыууӕйы ӕхсӕн кӕй сӕвӕрдтон, мӕнӕ уыцы цӕнд ӕмӕ хъендур. 52 Дӕуӕн фыдбылыз саразынмӕ ӕз дӕр ацы цӕнды сӕрты кӕй нӕ ахиздзынӕн, ды дӕр мӕнӕн фыдбылыз саразынмӕ ацы цӕнды ӕмӕ хъендуры сӕрты кӕй нӕ ахиздзынӕ, уымӕн ацы цӕнд ӕмӕ ацы хъендур ӕвдисӕйнӕгтӕ. 53 Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау – Иаковы ӕмӕ Лаваны фыдӕлты хуыцӕуттӕ – махӕн уӕд тӕрхонгӕнӕг». Ӕмӕ Иаков расомы кодта, йӕ фыд Исаак Кӕмӕй тарст, уыцы Хуыцауӕй. 54 Иаков хохыл ӕрхаста нывонд, ӕмӕ ӕрбахуыдта йӕ хӕстӕджыты. Уыдон бахордтой ӕмӕ се ’хсӕв арвыстой хохыл. 55 Лаван сыстади райсомӕй раджы, фӕбатӕ кодта йӕ хӕрӕфырттӕн, йӕ чызджытӕн, йӕ арфӕ сыл бафтыдта, араст йӕ фӕндагыл ӕмӕ ӕрбаздӕхт йӕ хӕдзармӕ.
32Иаковы лӕвӕрттӕ Исавӕн
1 Иаков та дарддӕр цыди йӕ фӕндагыл, ӕмӕ йыл фембӕлдысты Хуыцауы зӕдтӕ. 2 Иаков сӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай Хуыцауы ӕфсад у». Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Маханаим+ 32:2 Маханаим – дзуттагау амоны «дыууӕ ӕфсады».. 3 Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕмӕ, Иаков йе ’фсымӕр Исавмӕ йӕ разӕй арвыста фидиуджытӕ, 4 Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ме ’лдар Исавӕн зӕгъут афтӕ: „Дӕ цагъар Иаков зӕгъы: ‘Ӕз нырмӕ фӕцардтӕн Лаванмӕ. 5 Ис мӕм галтӕ, фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ. Ацы хабар ӕз ӕрвитын дӕумӕ, ме ’лдармӕ, цӕмӕй суон дӕ аудыны аккаг’“». 6 Фидиуджытӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Иаковӕн загътой: «Мах уыдыстӕм де ’фсымӕр Исавмӕ. Ныр йӕхӕдӕг рацӕуы дӕ размӕ цыппарсӕдӕ адӕймагимӕ». 7 Иаков тынг старст ӕмӕ фӕджихау. Йемӕ чи уыдис, уыцы адӕмы, стӕй фысвос, стурты ӕмӕ теуаты фӕкодта дыууӕ дихы. 8 Иаков йӕхицӕн загъта: «Исав иу хаймӕ куы ’рбабырса ӕмӕ йӕ куы ныддӕрӕн кӕна, уӕд иннӕ хай аирвӕздзӕн». 9 Иаков загъта: «О Хуыцау, мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау, мӕнӕн афтӕ зӕгъӕг Хуыцау: „Аздӕх дӕ зӕхмӕ, дӕ хӕстӕджытӕм, ӕмӕ дын Ӕз уыдзынӕн хӕрзгӕнӕг“, 10 Ды мӕныл, Дӕ цагъарыл, дӕ хорзӕх кӕй ӕруагътай ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Ӕз Иорданы цӕугӕдоныл айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн, ныр та дыууӕ асадӕны хицау дӕн. 11 Бахиз мӕ ме ’фсымӕрӕй, Исавы къухӕй. Ӕз дзы тӕрсын: куы ’рцӕуа ӕмӕ куы амара мӕн дӕр ӕмӕ мадӕлты дӕр сӕ сывӕллӕттимӕ. 12 Ды мын куы загътай: „Ӕз дын уыдзынӕн хӕрзгӕнӕг, афтӕ бирӕ байзӕддӕгтӕ дын ратдзынӕн, ӕмӕ сын банымайӕн нӕ уыдзӕни, денджызы змисӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ“». 13 Уыцы ӕхсӕв Иаков арвыста уым. Цыдӕриддӕр ӕм уыд, уымӕй рахицӕн кодта лӕварӕн йе ’фсымӕр Исавӕн: 14 Дыууӕсӕдӕ сӕгъы, ссӕдз цӕуы, дыууӕсӕдӕ фысы, ссӕдз фыры, 15 Дӕс ӕмӕ ссӕдз дуцгӕ теуайы ӕд байрӕгтӕ, дыууиссӕдз хъуджы, дӕс галы, ссӕдз сыл хӕрӕджы ӕмӕ дӕс нӕл хӕрӕджы. 16 Алы дзуг дӕр хицӕнӕй бафӕдзӕхста йӕ цагъартӕн, ӕмӕ сын загъта: «Цӕугӕут мӕ разӕй, дзуг иннӕ дзугӕй дӕрддзӕф куыд уа, афтӕ». 17 Фыццаг дзугимӕ цы цагъар уыди, уымӕн бафӕдзӕхста: «Ме ’фсымӕр Исав дыл куы фембӕла ӕмӕ дӕ куы фӕрса: „Кӕй цагъар дӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс? Кӕй фос тӕрыс?“, 18 Уӕд ын зӕгъ: „Дӕ цагъар Иаковы фос сты; ме ’лдар Исавӕн сӕ лӕварӕн рарвыста; Иаков йӕхӕдӕг дӕр ӕрбацӕуы мӕ фӕстӕ“». 19 Афтӕ бафӕдзӕхста дыккаг цагъарӕн дӕр, ӕртыккаг цагъарӕн дӕр – дзугты фӕдыл чи цыди, уыцы цагъартӕн сеппӕтӕн дӕр: «Исав уыл куы фембӕла, уӕд ын сымах дӕр зӕгъдзыстут афтӕ». 20 Ноджыдӕр ын зӕгъут: «Дӕ цагъар Иаков дӕр ӕрбацӕуы нӕ фӕстӕ». Уымӕн ӕмӕ Иаков йӕхицӕн загъта: «Мӕ разӕй цы лӕвӕрттӕ арвыстон, уыдонӕй йын йӕ зӕрдӕ балхӕнон. Уый фӕстӕ куы фембӕлӕм, уӕд мӕм хорз цӕстӕй кӕд ракӕсид». 21 Афтӕмӕй Иаков йӕ лӕвӕрттӕ арвыста йӕ разӕй; йӕхӕдӕг та йӕ уыцы ӕхсӕв асадӕны арвыста.
Иаковӕн Хуыцау радта ӕндӕр ном – Израил
22 Иаков сыстад ӕхсӕвы ӕмӕ йӕ дыууӕ усимӕ, йӕ дыууӕ цагъар сылгоймагимӕ, йӕ иуӕндӕс фыртимӕ ахыст Иавокы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ. 23 Уыдоны дӕр, стӕй йӕм цыдӕриддӕр мулк уыди, уый дӕр фӕкодта цӕугӕдоны иннӕ фарс. 24 Йӕхӕдӕг та баззад иунӕгӕй, ӕмӕ суанг сӕуӕхсиды фӕзындмӕ Чидӕр хъӕбысӕй хӕцыд йемӕ; 25 Ӕмӕ Иаковыл кӕй нӕ тых кӕны, уый куы федта, уӕд ын февнӕлдта йӕ синмӕ, ӕмӕ йын хӕцгӕхӕцын йӕ син фелвӕста. 26 Хъӕбысӕйхӕцӕг Иаковӕн загъта: «Суадз мӕ; уымӕн ӕмӕ сӕуӕхсид фӕбӕрӕг». Иаков Ын дзуапп радта: «Цалынмӕ мыл Дӕ арфӕ бафтауай, уӕдмӕ Дӕ нӕ ауадздзынӕн». 27 Уый Иаковы бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Иаков Ын дзуапп радта: «Иаков». 28 Уӕд Иаковӕн загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Иаков нӕ, фӕлӕ Израил+ 32:28 Израил – «сара» дзуттагау амоны «хъӕбысӕй хӕцын», «Эл» та – Хуыцау.; уымӕн ӕмӕ ды хъӕбысӕй хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмимӕ, ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕ». 29 Иаков бафарста: «Курын Дӕ, зӕгъ мын: Дӕ ном куыд у?» Уый загъта: «Мӕ номӕй мӕ цы фӕрсыс?» Ӕмӕ уым арфӕ бафтыдта Иаковыл. 30 Иаков уыцы бынат схуыдта Пенуэл+ 32:30 Пенуэл – дзуттагау амоны «Хуыцауы цӕсгом».; уымӕн ӕмӕ Иаков загъта: «Ӕз мӕхи цӕстӕй федтон Хуыцауы ӕмӕ удӕгасӕй баззадтӕн». 31 Хур куы скасти, уӕд, йӕ синӕй къуылых цӕугӕйӕ, Иаков ахызти Пенуэлӕй. 32 Хъӕбысӕйхӕцӕг Иаковы сины нуар кӕй бахъыгдардта, уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕм суанг абон дӕр нӕ хӕрынц сины нуӕрттӕ.
33Иаковы фембӕлд Исавимӕ
1 Иаков акаст ӕмӕ федта: Исав ӕрбацӕуы цыппарсӕдӕ адӕймагимӕ. Лиайы, Рахилы ӕмӕ дыууӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы Иаков ӕрлӕууын кодта хицӕнтӕй, алкӕйдӕр йӕ сывӕллӕттимӕ; 2 Лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгты сӕ сывӕллӕттимӕ – разӕй, Лиайы йӕ сывӕллӕттимӕ – уыдоны фӕстӕ, Рахил ӕмӕ Иосифы та – сеппӕты фӕстӕ. 3 Йӕхӕдӕг ацыди сӕ разӕй йе ’фсымӕрмӕ; нӕма йӕм бахӕццӕ, афтӕ йын зӕххы онг авд хатты акуывта. 4 Исав разгъордта Иаковы размӕ ӕмӕ йын ахъӕбыс кодта, ныттыхстис ын йе ’фцӕгыл, батӕ йын кодта ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр куыдтой. 5 Исав акаст, федта устыты ӕмӕ сывӕллӕтты, ӕмӕ бафарста: «Уыдон дын чи сты?» Иаков загъта: «Хуыцау дӕ цагъары кӕмӕй барӕвдыдта, уыцы сывӕллӕттӕ». 6 Исавмӕ бацыдысты лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ сӕ сывӕллӕттимӕ, ӕмӕ йын ныллӕг акуывтой. 7 Уый фӕстӕ йӕм бацыди Лиа йӕ сывӕллӕттимӕ ӕмӕ йын ныллӕг акуывтой. Ӕппынфӕстаг ӕм бацыдысты Иосиф ӕмӕ Рахил ӕмӕ йын ныллӕг акуывтой. 8 Исав бафарста Иаковы: «Цӕмӕн арвыстай ӕппӕт уыцы дзугтӕ мӕ размӕ?» Иаков дзуапп радта: «Цӕмӕй мӕм ды, ме ’лдар, ракӕсай хорз цӕстӕй». 9 Исав загъта: «Мӕнмӕ бирӕ мулк ис, ме ’фсымӕр; цы дӕм ис, уый дӕхицӕн ныууадз». 10 Иаков загъта: «Курын дӕ, кӕд дӕ аудыны аккаг дӕн, уӕд айс мӕ лӕвар. Ды мӕм хорз цӕстӕй ракастӕ; Хуыцауы фендау мын уыди дӕ фенд. 11 Уӕдӕ айс, ӕз дын кӕй арвыстон, мӕ уыцы лӕвӕрттӕ. Хуыцау мын лӕвӕрдта рӕдауӕй, ӕмӕ мӕм ӕппӕт дӕр ис». Иаков ӕм ӕрхатыд, ӕмӕ Исав айста лӕвӕрттӕ. 12 Исав загъта: «Ныр адарӕм нӕ фӕндаг; ӕз цӕудзынӕн демӕ». 13 Иаков ын дзуапп радта: «Сывӕллӕттӕ лӕмӕгъ кӕй сты, уый хорз зоныс, ме ’лдар. Мӕ лыстӕг фос ӕмӕ хъуццытӕ та дуцгӕ сты. Иу бон ма сӕ куы фӕтӕрӕм, уӕд ӕгасӕй дӕр фӕцагъды уыдзысты. 14 Ме ’лдар ацӕуӕд йӕ цагъары разӕй, ӕз та цӕудзынӕн, мӕ фос куыд цӕуой, стӕй сывӕллӕттӕ куыд цӕуой, афтӕ сындӕг, цалынмӕ ме ’лдармӕ, Сеирмӕ, бахӕццӕ уон, уӕдмӕ». 15 Исав загъта: «Уӕд та мӕ бауадз, ӕмӕ мемӕ цы адӕм ис, уыдонӕй цалдӕры ныууадзон демӕ». Иаков загъта: «Цӕмӕн? Ӕрмӕст мӕм ме ’лдар ракӕсӕд хорз цӕстӕй, ӕндӕр мӕ ницы хъӕуы». 16 Уыцы бон Исав йӕ фӕндагыл аздӕхти Сеирмӕ. 17 Иаков та ацыди Сокхофмӕ, ӕмӕ уым йӕхицӕн сарӕзта хӕдзар, йӕ фосӕн та – халагъудтӕ. Уымӕ гӕсгӕ схуыдта уыцы бынат Сокхоф+ 33:17 Сокхоф – дзуттагау амоны «халагъудтӕ».. 18 Афтӕ ПадданАрамӕй ӕрбаздӕхыны фӕстӕ Иаков дзӕбӕхӕй бахӕццӕ ханаанаг зӕхмӕ, Сихемы сахармӕ, ӕмӕ ӕрцард йӕ фарсмӕ. 19 Сихемы фыд Емморы байзӕддӕгтӕй фондзыссӕдз ӕвзист ӕхцайӕ балхӕдта зӕхх, ӕмӕ йыл ӕрӕвӕрдта йӕ цатыр. 20 Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта ЭлЭлохеИсраэл+ 33:20 ЭлЭлохеИсраэл – дзуттагау амоны «Хуыцау Израилы Хуыцау у»..
34Иаковы фырттӕ исынц сӕ маст
1 Иаковӕн Лиа кӕй ныййардта, йӕ уыцы чызг Динӕ рацыди бынӕттон цӕрджыты сылгоймӕгты фенынмӕ. 2 Уыцы зӕххы паддзахы – евейаг Емморы фырт Сихем федта Динӕйы, ӕрцахста йӕ ӕмӕ йын тыхми бакодта. 3 Сихемы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд Иаковы чызг Динӕ, бауарзта йӕ ӕмӕ йӕ рӕвдыдта йӕ ныхӕстӕй. 4 Сихем йӕ фыд Емморӕн загъта: «Ракур мын уыцы чызджы». 5 Йӕ чызг Динӕ кӕй фӕхудинаг, уый Иаков куы фехъуыста, уӕд йӕ фырттӕ фосы дзугтимӕ быдыры уыдысты. Ӕмӕ йӕ никӕмӕн загъта, цалынмӕ йӕ фырттӕ хӕдзармӕ ’рцыдысты, уӕдмӕ. 6 Сихемы фыд Еммор ӕрбацыд Иаковимӕ бафидауынмӕ. 7 Иаковы фырттӕ быдырӕй куы ӕрцыдысты ӕмӕ хабар куыддӕр фехъуыстой, афтӕ хъыг кодтой, сӕ маст сӕхсысти; уымӕн ӕмӕ Сихем сарӕзта, ӕруадзӕн цӕмӕн нӕ уыд, уый – схуыссыд Иаковы чызгимӕ, ӕмӕ уымӕй фегад кодта Израилы. 8 Еммор сын загъта: «Мӕ фырт Сихемӕн ӕнӕ уӕ чызг йӕ бон нал у. Курын уӕ, раттут ын ӕй. 9 Бахӕстӕг ут немӕ: нӕ лӕппутӕн дӕттут уӕ чызджыты, уӕ лӕппутӕн курут нӕ чызджыты. 10 Ӕрцӕрут не ’хсен – нӕ зӕхх уӕ разы ис; уӕ бон у, кӕм уӕ бафӕнда, уым цӕрын; амӕлттӕ дзы кӕнут». 11 Динӕйы фыдӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн Сихем загъта: «Уӕхи мыл ма атигъ кӕнут; цы зӕгъат, уый уын ратдзынӕн. 12 Цавӕрфӕнды ирӕд ӕмӕ лӕвӕрттӕ уӕнт, ӕз сӕ бафиддзынӕн, сымах куыд зӕгъат, афтӕ; ӕрмӕст мын уӕ чызджы раттут». 13 Уӕд Иаковы фырттӕ Сихемӕн ӕмӕ йӕ фыд Емморӕн дзуапп радтой сайӕн ныхӕстӕй, уымӕн ӕмӕ сын Сихем фегад кодта сӕ хо Динӕйы. 14 Дзырдтой сын: «Ахӕм хъуыддаг саразын нӕ бон нӕу: ӕнӕсунӕт лӕгӕн нӕ хойы раттын махӕн стыр худинаг уаид. 15 Мах хуызӕн куы суат – уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр сунӕтгонд куы уой, ӕрмӕст уӕд бафидаудзыстӕм. 16 Уӕд уын дӕтдзыстӕм нӕ чызджыты ӕмӕ курдзыстӕм уӕ чызджыты; ӕрцӕрдзыстӕм уемӕ ӕмӕ суыдзыстӕм иу адӕм. 17 Фӕлӕ нӕм куы нӕ байхъусат ӕмӕ сунӕт куы нӕ скӕнат, уӕд акӕндзыстӕм нӕ хойы ӕмӕ ацӕудзыстӕм». 18 Сӕ ныхӕстӕ Емморы ӕмӕ йӕ фырт Сихемы зӕрдӕмӕ фӕцыдысты. 19 Ӕрыгон лӕппу ӕвӕстиатӕй бакодта, цы йын загътой, уый; уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ уарзта Иаковы чызджы. Сихем та йӕ фыды хӕдзары тӕккӕ нымаддӕр адӕймаг уыдис. 20 Еммор ӕмӕ йӕ фырт Сихем ӕрцыдысты сӕ ныхасмӕ, сахары кулдуармӕ, ӕмӕ сахары цӕрджытӕн загътой: «21 Уыцы адӕм нӕм хорз цӕстӕй кӕсынц. Цӕрӕнт нӕ зӕххыл, ӕмӕ дзы амӕлттӕ кӕнӕнт. Нӕ парахат зӕхх уыдоны фаг дӕр у. Нӕ лӕппутӕн курдзыстӕм сӕ чызджыты ӕмӕ сын дӕтдзыстӕм нӕ чызджыты. 22 Фӕлӕ уыцы адӕм немӕ цӕрыныл, немӕ иу адӕм суӕвыныл разы сты, неппӕт нӕлгоймӕгтӕ уыдонау сунӕтгонд куы уой, ӕрмӕстдӕр уӕд. 23 Сӕ дзугтӕ, сӕ мулк ӕмӕ сӕ фос ӕнӕхъӕнӕй мах нӕ бауыдзысты, ӕви? Фӕлӕ куы сразы уӕм, ӕрмӕст уӕд ӕрцӕрдзысты немӕ». 24 Сахары кулдуармӕ, ныхасмӕ, чидӕриддӕр рахызт, уыдон сразы сты Емморимӕ ӕмӕ йӕ фырт Сихемимӕ. Афтӕмӕй сахары кулдуармӕ чидӕриддӕр рахызт, уыцы нӕлгоймӕгтӕ сеппӕт дӕр скодтой сунӕт. 25 Ӕртыккаг бон, нӕлгоймӕгтӕ сӕ тӕккӕ рынчыныл куы уыдысты, уӕд Иаковы дыууӕ фырты – Симеон ӕмӕ Левий, Динӕйы ӕфсымӕртӕ, – райстой сӕ цирхъытӕ, ӕнӕнхъӕлӕджы бабырстой сахармӕ ӕмӕ фӕцагътой ӕппӕт нӕлгоймӕгты. 26 Емморӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фырт Сихемы дӕр амардтой цирхъӕй, Сихемы хӕдзарӕй ракодтой Динӕйы ӕмӕ рацыдысты. 27 Иаковы фырттӕ бацыдысты, кӕй амардтой, уыдонмӕ, ӕмӕ сахар бастыгътой сӕ хойы худинаджы тыххӕй. 28 Ратардтой сын сӕ фысвос, се стуртӕ ӕмӕ сӕ хӕрджытӕ – сахары ӕмӕ быдыры цыдӕриддӕр уыди, уый ахастой; 29 Ахастой сын сеппӕт мулк, акодтой сын сӕ сывӕллӕтты ӕмӕ сӕ устыты, сӕ хӕдзӕрттӕ сын бынтондӕр бастыгътой. 30 Уӕд Иаков Симеонӕн ӕмӕ Левийӕн загъта: «Бӕллӕхы мӕ баппӕрстат. Сымах тыххӕй ацы зӕххы цӕрджытӕн, ханаанӕгтӕн ӕмӕ ферезӕгтӕн, уӕнгӕл фестадтӕн. Махмӕ адӕм бирӕ нӕй, ӕмӕ мӕм уыдон иумӕ куы ӕрбабырсой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ хӕдзар дӕр бабын кӕндзысты». 31 Фӕлӕ йын йӕ фырттӕ загътой: «Уӕдӕ нӕ хо цыма уӕййаг сыл уыд, ахӕм ми йын бакӕнын ӕмбӕлди, мыййаг?!»
35Иаков ӕрбаздӕхти Вефилмӕ
1 Хуыцау загъта Иаковӕн: «Марадз, ссу Вефилмӕ ӕмӕ дзы ӕрцӕр. Сараз дзы нывондхӕссӕн, де ’фсымӕр Исавӕй куы фӕлыгътӕ, уӕд дӕм Чи фӕзынд, уыцы Хуыцауӕн». 2 Йӕ бинонтӕн, стӕй йемӕ чи уыдис, уыдонӕн сеппӕтӕн дӕр Иаков загъта: «Цы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ уӕм ис, уыдон аппарут, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ дарӕс раивут. 3 Сыстӕм ӕмӕ ссӕуӕм Вефилмӕ; мӕ уынгӕджы бон мӕ Чи фехъуыста ӕмӕ алы ран дӕр мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн ӕз уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн». 4 Цы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ сӕм уыди, уыдоны иууылдӕр, ӕмӕ сӕ хъустыл цы хъусцӕджытӕ уыди, уыдон дӕр радтой Иаковмӕ, ӕмӕ сӕ уый Сихеммӕ хӕстӕг баныгӕдта тулдзы бын. 5 Уый фӕстӕ араст сты сӕ фӕндагыл. Алфамбылайы сахарты цӕрджытӕ стыр тасы бафтыдысты, ӕмӕ Иаковӕн йӕ фыртты фӕсте нӕ расырдтой. 6 Иаков ӕмӕ йеппӕт адӕм ӕрцыдысты, ханаанаг зӕххыл цы Луз (Вефил) ис, уырдӕм. 7 Иаков уым сарӕзта нывондхӕссӕн, ӕмӕ уыцы бынат схуыдта ЭлВефил+ 35:7 ЭлВефил – дзуттагау амоны «Вефилы Хуыцау».; уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕр Исавӕй куы фӕлыгъд, уӕд ын Хуыцау ам раргом кодта Йӕхи. 8 Амарди Ревеккӕйы дыджызӕ Деворӕ, ӕмӕ йӕ Вефилмӕ хӕстӕг баныгӕдтой тулдзы бын; уымӕ гӕсгӕ уыцы тулдз схуыдтой Аллон Бахут+ 35:8 Аллон Бахут – дзуттагау амоны «цӕссыджы тулдз».. 9 Иаков ПадданАрамӕй куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕм ногӕй фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йыл Йӕ арфӕ бафтыдта. 10 Хуыцау ын загъта: «Дӕ ном Иаков у; нырӕй фӕстӕмӕ та дӕ ном Иаков нал уыдзӕни, фӕлӕ Израил». Ӕмӕ йыл Хуыцау сӕвӕрдта ӕндӕр ном – Израил. 11 Хуыцау ын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн! Цот уадз ӕмӕ сбирӕ у. Адӕм ӕмӕ бирӕ адӕмтӕ, стӕй паддзӕхтӕ рацӕудзӕни дӕуӕй. 12 Авраам ӕмӕ Исаакӕн цы зӕхх радтон, уый дӕуӕн дӕттын, дӕ фӕстӕ та – дӕ байзӕддӕгтӕн». 13 Хуыцау Иаковы ныууагъта, йемӕ кӕм дзырдта, уыцы ран. 14 Хуыцау йемӕ кӕм дзырдта, уым Иаков сӕвӕрдта дурцӕджындз, ӕмӕ йыл ауагъта сӕн ӕмӕ зети. 15 Хуыцау йемӕ кӕм дзырдта, уыцы бынат Иаков схуыдта Вефил.
Вениамины райгуырд ӕмӕ Рахилы мӕлӕт
16 Уый фӕстӕ ацыдысты Вефилӕй. Ӕмӕ сӕ Ефрафӕмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд Рахилӕн ӕрцыд йӕ арыны афон; фӕлӕ уыди зынӕвгъӕд. 17 Аргӕарын куы хъизӕмар кодта, уӕд ын ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг загъта: «Ма тӕрс – ай дӕр дын лӕппу у». 18 Рахил йӕ уд куы иста – уымӕн ӕмӕ мӕлгӕ кодта, уӕд йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бенони. Фӕлӕ йыл йӕ фыд сӕвӕрдта ном – Вениамин+ 35:18 Бенони – дзуттагау амоны «мӕ хъизӕмары фырт». Вениамин – дзуттагау амоны «мӕ рахиз цонджы фырт».. 19 Рахил амард ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Ефрафӕмӕ (Вифлееммӕ) фӕндагыл. 20 Иаков ын йӕ ингӕныл сӕвӕрдта цырт. Уыцы цырт Рахилы ингӕныл ис суанг абон дӕр. 21 Иаков цыди дарддӕр ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Эдеры мӕсыджы фале. 22 Израил уыцы зӕххыл куы цардис, уӕд Рувим бавдӕлд ӕмӕ ӕриу йӕ фыды номылус Валлӕимӕ, ӕмӕ йӕ Израил базыдта. Иаковӕн уыди дыууадӕс фырты. 23 Лиайы лӕппутӕ: Иаковы хистӕр фырт Рувим, Симеон, Левий, Иуда, Иссахар ӕмӕ Завулон. 24 Рахилы лӕппутӕ: Иосиф ӕмӕ Вениамин. 25 Валлӕйы – Рахилы лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы лӕппутӕ: Дан ӕмӕ Неффалим. 26 Зелфӕйы – Лиайы лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы лӕппутӕ: Гад ӕмӕ Асир. Уыцы фырттӕ Иаковӕн райгуырдысты ПадданАрамы.
Исаакы мӕлӕт
27 Иаков йӕ фыд Исаакмӕ ӕрцыди Мамремӕ, КириафАрбамӕ (Хевронмӕ) хӕстӕг – Авраам ӕмӕ Исаак ӕрцӕуӕггӕгтӕй кӕм цардысты, уырдӕм. 28 Исаак ӕдӕппӕт фӕцарди сӕдӕ ӕстай азы. 29 Уый фӕстӕ йӕ уд систа, амарди зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй ӕмӕ аивгъуыдта йӕ рагфыдӕлтӕм. Баныгӕдтой йӕ Исав ӕмӕ Иаков, йӕ фырттӕ.
36Исавы байзӕддӕгтӕ
1 Мӕнӕ Исавы (Едомы) байзӕддӕгтӕ. 2 Исав йӕхицӕн устытӕ ӕрхаста ханаанаг чызджытӕй: хеттаг Елоны чызг Адӕйы, ӕмӕ Оливемӕйы – евейаг Цивеоны фырт Анайы чызджы, 3 Стӕй Васемафӕйы – Измаилы чызджы, Наваиофы хойы. 4 Адӕ Исавӕн ныййардта Елифазы; Васемафӕ ныййардта Рагуилы. 5 Оливемӕ ныййардта Иеусы, Иегломы ӕмӕ Корейы. Уыдон сты, Исавӕн Ханааны зӕххыл чи райгуырд, йӕ уыцы фырттӕ. 6 Исав акодта йӕ устыты, йӕ фыртты, йӕ чызджыты, йеппӕт хӕдзаронты, йемӕ атардта йӕ дзугтӕ ӕмӕ йӕ фос иууылдӕр; йемӕ айста, Ханааны зӕххыл цы мулк скодта, уый ӕгасӕй дӕр, ӕмӕ йе ’фсымӕр Иаковӕй ацыд ӕндӕр зӕхмӕ. 7 Уымӕн ӕмӕ сӕ мулк афтӕ сбирӕ, ӕмӕ сын иумӕ цӕрӕн нал уыди. Хӕтӕнхуагӕй цы зӕххыл цардысты, уый сӕ фосыл нал ӕххӕссыд. 8 Афтӕмӕй Исав (Едом) ӕрцарди Сеиры хӕхбӕстӕйы. 9 Мӕнӕ Сеиры хӕхбӕстаг идумейӕгты фыдӕл Исавы байзӕддӕгтӕ. 10 Исавы фыртты нӕмттӕ: Елифаз – Исавы ус Адӕйы лӕппу; Рагуил – Исавы ус Васемафӕйы лӕппу. 11 Елифазы фырттӕ: Феман, Омар, Цефо, Гафам ӕмӕ Кеназ. 12 Исавы фырт Елифазӕн уыди номылус Фамнӕ; уый Елифазӕн ныййардта Амаликы. Уыдон сты Исавы ус Адӕйы зӕнӕджызӕнӕг. 13 Рагуилы фырттӕ: Нахаф, Зерах, Шамма ӕмӕ Миззӕ. Уыдон сты Исавы ус Васемафӕйы зӕнӕджызӕнӕг. 14 Исавы ус Оливемӕ, Цевеоны фырт Анайы чызг, Исавӕн кӕй ныййардта, уыцы фырттӕ: Иеус, Иеглом ӕмӕ Корей. 15 Мӕнӕ Исавы байзӕддӕгты мыггӕгты хистӕртӕ. Исавы хистӕр фырт Елифазы фырттӕ: мыггӕгты хистӕртӕ Феман, Омар, Цефо, Кеназ, 16 Корей, Гафам ӕмӕ Амалик. Мыггӕгты уыцы хистӕртӕ Елифазӕн райгуырдысты Едомы; уыдон сты Адӕйы зӕнӕджызӕнӕг. 17 Исавы фырт Рагуилы фырттӕ: мыггӕгты хистӕртӕ Нахаф, Зерах, Шамма ӕмӕ Миззӕ. Уыдон сты, Рагуилӕн Едомы чи райгуырди, мыггӕгты уыцы хистӕртӕ – Исавы ус Васемафӕйы зӕнӕджызӕнӕг. 18 Исавы ус Оливемӕйы лӕппутӕ: мыггӕгты хистӕртӕ Иеус, Иеглом ӕмӕ Корей; уыцы мыггӕгты хистӕрты ныййардта Исавы ус Оливемӕ, Анайы чызг. 19 Уыдон сты Исавы (Едомы) фырттӕ ӕмӕ сӕ мыггӕгты хистӕртӕ. 20 Уыцы зӕххыл чи царди, хоррейаг Сеиры мӕнӕ уыцы фырттӕ: Лотан, Шовал, Цивеон, Ана, 21 Дишон, Эцер ӕмӕ Дишан. Сеиры ацы фырттӕ Едомы уыдысты хоррейӕгты мыггӕгты хистӕртӕ. 22 Лотаны фырттӕ: Хори ӕмӕ Гомам. Фамнӕ уыди Лотаны хо. 23 Шовалы фырттӕ: Алван, Манахаф, Эвал, Шефо ӕмӕ Онам. 24 Цивеоны фырттӕ: Айа ӕмӕ Ана. Ана у, йӕ фыд Цивеоны хӕрджытӕ куы хызта, уӕд быдыры суадӕттӕ чи ссардта, уыцы адӕймаг. 25 Анайы сывӕллӕттӕ: Дишон ӕмӕ Оливемӕ, Анайы чызг. 26 Дишоны фырттӕ: Хемдан, Эшбан, Ифран ӕмӕ Херан. 27 Эцеры фырттӕ: Билган, Зааван ӕмӕ Акан. 28 Дишаны фырттӕ: Уц ӕмӕ Аран. 29 Хоррейӕгты мыггӕгты хистӕртӕ: Лотан, Шовал, Цивеон, Ана, 30 Дишон, Эцер ӕмӕ Дишан. Уыдон Сеиры зӕххыл уыдысты хоррейӕгты хистӕртӕ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ.
Едомы паддзӕхтӕ
31 Цалынмӕ Израилӕн йӕхицӕй паддзӕхтӕ нӕма уыди, уӕдмӕ Едомы ӕлдариуӕг чи кодта, мӕнӕ уыцы паддзӕхтӕ: 32 Веоры фырт Бела – паддзахиуӕг кодта Едомы. Йӕ сахары ном – Дингава. 33 Бела куы амард, уӕд йӕ фӕстӕ паддзах сси восораг Зерахы фырт Иовав. 34 Иовав куы амард, уӕд йӕ фӕстӕ паддзах сси Хушам, феманӕгты зӕххӕй рацӕуӕг. 35 Хушам куы амард, уӕд йӕ фӕстӕ паддзах сси, Моавы быдырты мадиамӕгты чи ныддӕрӕн кодта, уыцы Бедады фырт Гадад. Йӕ сахары ном – Авиф. 36 Гадад куы амард, уӕд йӕ фӕстӕ паддзах сси Самла, масрекаг зӕххӕй рацӕуӕг. 37 Самла куы амард, уӕд йӕ фӕстӕ паддзах сси Саул – цӕугӕдоны былгӕрон цы Реховоф уыди, уырдыгӕй рацӕуӕг. 38 Саул куы амард, уӕд йӕ фӕстӕ паддзах сси Ахборы фырт БаалХанан. 39 Ахборы фырт БаалХанан куы амард, уӕд йӕ фӕстӕ паддзах сси Гадар. Йӕ сахары ном – Пау; йӕ усы ном та – Мегатавеел, МеЗагавы фырт Матреды чызг. 40 Исавы байзӕддӕгтӕй мыггаджы хистӕр чи уыди, мӕнӕ уыдоны нӕмттӕ сӕ мыггӕгтӕм ӕмӕ сӕ цӕрӕн бынӕттӕм гӕсгӕ: Фимна, Алва, Иетеф, 41 Оливема, Эла, Пинон, 42 Кеназ, Феман, Мивцар, 43 Магдиил ӕмӕ Ирам. Уыдон сты едомаг хистӕртӕ; алы мыггагӕн дӕр уыди йӕхи цӕрӕн бынат ӕмӕ йӕхи зӕхх. Исав та у едомӕгты фыдӕл.
37Иосифы фынтӕ
1 Иаков ӕрцард, йӕ фыд хӕтӕнхуагӕй кӕддӕр кӕм царди, уым – Ханааны зӕххыл. 2 Мӕнӕ Иаковы бинонты хабар. Ӕвддӕсаздзыд Иосиф хызта фысвосы дзугтӕ йе ’фсымӕртимӕ – йӕ фыдыустытӕ Валлӕ ӕмӕ Зелфӕйы лӕппутимӕ. Ӕмӕ уыдоны тыххӕй сӕ фыдмӕ хаста ӕвзаг. 3 Израил та Иосифы йӕ иннӕ фырттӕй фылдӕр уарзта, уымӕн ӕмӕ йын йӕ зӕронды бонты райгуырд; ӕмӕ йын самал кодта даргъ ӕмӕ нывӕфтыд хӕдон. 4 Сӕ фыд Иосифы уыдонӕй фылдӕр кӕй уарзы, уый ӕфсымӕртӕ куы федтой, уӕд сын Иосиф уӕнгӕл фестад, ӕмӕ сӕ бон нал уыд йемӕ сабырӕй дзурын. 5 Иухатт Иосиф федта фын. Радзырдта йӕ йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ сын ноджы фӕуӕнгӕлдӕр. 6 Иосиф сын загъта: «Байхъусутма, цы фын федтон, уымӕ. 7 Быдыры бастам куыристӕ; ӕваст мӕ куырис рабадт ӕмӕ уырдыг слӕууыд, уӕ куыристӕ та ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс ӕмӕ йын ныллӕг акуывтой». 8 Йе ’фсымӕртӕ йын загътой: «Ау, ды махӕн паддзах уыдзынӕ? Мах дӕ дӕлбар уыдзыстӕм?» Ӕмӕ сын ноджы фӕуӕнгӕлдӕр йӕ фыны ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй. 9 Иосиф ма ноджыдӕр федта иу фын, ӕмӕ йӕ радзырдта йе ’фсымӕртӕн: «Байхъусут мӕм. Ноджыдӕр ма иу фын федтон: ацы хатт мын ныллӕг акуывтой хур, мӕй ӕмӕ иуӕндӕс стъалыйы». 10 Иосиф йӕ фын радзырдта йе ’фсымӕртӕн дӕр ӕмӕ йӕ фыдӕн дӕр. Йӕ фыд ын бауайдзӕф кодта: «Уый цавӕр фын федтай? Ӕз, дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕртӕ ӕцӕг ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ зӕххы онг дӕуӕн акувдзыстӕм, мыййаг?» 11 Ӕфсымӕртӕ хӕлӕг кодтой Иосифмӕ, фӕлӕ йӕ фыд уыцы хабар йӕ зӕрдыл бадардта.
Ӕфсымӕртӕ ауӕй кодтой Иосифы
12 Иосифы ӕфсымӕртӕ ацыдысты сӕ фыды дзугтӕ Сихеммӕ хӕстӕг хизынмӕ. 13 Израил Иосифӕн загъта: «Де ’фсымӕртӕ Сихемы хизынц дзугтӕ. Мӕ зӕрды дӕ уыдонмӕ арвитын ис». Иосиф ын дзуапп радта: «Ӕз цӕттӕ дӕн». 14 Йӕ фыд ын загъта: «Ауайма, де ’фсымӕртӕ ӕнӕниз сты, ӕви нӕ, дзугтӕ та – ӕнӕхъӕн, уый фен ӕмӕ мын бӕрӕг ӕрхӕсс». Афтӕ Иосифы йӕ фыд арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй, ӕмӕ Иосиф араст Сихеммӕ. 15 Фӕлӕ Иосиф фӕдзӕгъӕл быдыры. Фембӕлд ыл иу адӕймаг ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы агурыс?» 16 Иосиф ын дзуапп радта: «Ӕз ме ’фсымӕрты агурын. Курын дӕ, сӕ дзугтӕ кӕм хизынц, уый мын зӕгъ». 17 Уыцы адӕймаг ын загъта: «Ардыгӕй ацыдысты. Ӕз сын фехъуыстон сӕ ныхас: „Ацӕуӕм Дофанмӕ“». Иосиф ацыд йе ’фсымӕрты фӕдыл ӕмӕ сӕ ссардта Дофаны. 18 Уыдон ӕй суыдтой дардмӕ, ӕмӕ сӕм цалынмӕ нӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ бадзырдтой йӕ амарыныл. 19 Кӕрӕдзийӕн загътой: «Дӕлӕ ӕрбацӕуы уыцы фынуынӕг. 20 Ныр бавдӕлӕм, амарӕм ӕй ӕмӕ йӕ ныппарӕм хус уӕрмытӕй иуы. Ӕмӕ зӕгъдзыстӕм, хъӕддаг сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ. Уӕд фендзыстӕм, кӕддӕра йӕ фынтӕ цы расаиккой». 21 Уый фехъуыста Рувим, ӕмӕ йӕ бахызта йе ’фсымӕрты къухӕй. Загъта сын: «Ма йӕ амарӕм». 22 Рувим сын дарддӕр дзырдта: «Ма йӕ амарут. Фӕлтау ӕй, ам, ӕдзӕрӕг ран, уӕрмы ныппарут, ӕрмӕст ӕм уӕ къух ма батасӕд». Рувимы фӕндыд Иосифы йе ’фсымӕртӕй фервӕзын кӕнын ӕмӕ йӕ сӕ фыдмӕ арвитын. 23 Иосиф йе ’фсымӕртӕм куы бахӕццӕ, уӕд ын ӕррӕдывтой йӕ даргъ ӕмӕ нывӕфтыд хӕдон, 24 Йӕхи та йын ныппӕрстой уӕрмы. Уӕрм уыд афтид – дон дзы нӕ уыд. 25 Ӕфсымӕртӕ ӕрбадтысты хӕрыныл. Уӕдмӕ ауыдтой измаилӕгты Галаадӕй теуатыл ӕрбацӕйцӕугӕ. Се теуатыл Мысырмӕ ластой бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, балзам ӕмӕ миррӕ+ 37:25 Миррӕ – хӕрздӕф писийы мыггаг.. 26 Иуда йе ’фсымӕртӕн загъта: «Не ’фсымӕры куы амарӕм ӕмӕ йын йӕ мард куы басусӕг кӕнӕм, уӕд нын уымӕй цы пайда ис? 27 Фӕлтау ӕй ауӕй кӕнӕм измаилӕгтӕн, ӕмӕ йыл нӕ къухӕй ницы ӕрцӕудзӕн; не ’фсымӕр у – нӕ тугне стӕг». Ӕфсымӕртӕ йӕм байхъуыстой. 28 Мадиамаг сӕудӕджертӕ сӕ рӕзты куы рацӕйцыдысты, уӕд ӕфсымӕртӕ Иосифы сластой уӕрмӕй, ӕмӕ йӕ измаилӕгтӕн ауӕй кодтой ссӕдз ӕвзист сиклыл. Уыдон та йӕ семӕ акодтой Мысырмӕ. 29 Рувим ӕрбаздӕхт уӕрммӕ. Кӕсы ӕмӕ Иосиф уым нал ис; уӕд ӕррӕдывта йӕ дарӕс. 30 Ӕрбаздӕхт йе ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын загъта: «Лӕппу уым куы нал ис! Ныр мӕхи цы фӕкӕнон?» 31 Уӕд ӕфсымӕртӕ аргӕвстой сӕныкк, райстой Иосифы хӕдон ӕмӕ йӕ самӕстой тугӕй. 32 Уый фӕстӕ уыцы нывӕфтыд хӕдон равдыстой сӕ фыдмӕ ӕмӕ йын загътой: «Мӕнӕ цы ссардтам! Ӕркӕсма йӕм, дӕ фырты хӕдон нӕу, мыййаг?» 33 Иаков ӕй базыдта ӕмӕ загъта: «Уый мӕ фырты хӕдон у! Хъӕддаг сырд ӕй бахордта! Иосифы сырд кӕй бахордта, уый гуырысхойаг нӕу!» 34 Иаков йӕ уӕлӕ ӕррӕдывта йӕ дарӕс, йӕ астӕуыл ӕрбабаста хъисын, ӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг куыдта йӕ фыртыл. 35 Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕм йӕ чызджытӕ ӕгасӕй дӕр ӕрцыдысты ныфсытӕ ӕвӕрынмӕ, фӕлӕ йӕм ницы хъардта. Иаков дзырдта: «Нӕ, ӕз хъыгзӕрдӕйӕ ныххиздзынӕн ингӕнмӕ, мӕ фыртмӕ». Афтӕ Иаков куыдта йӕ фыртыл. 36 Мадиамӕгтӕ та уӕдмӕ Иосифы Мысыры ауӕй кодтой фараоны фӕсдзӕуинтӕй иуӕн – фараоны хъахъӕнджыты хистӕр Потифарӕн.
38Иуда ӕмӕ Фамар
1 Ӕрцыди рӕстӕг, ӕмӕ Иуда ныууагъта йе ’фсымӕрты ӕмӕ ӕрцард иу одолламаг лӕджы фарсмӕ, йӕ ном – Херам. 2 Уым Иуда федта, йӕ ном Шуа кӕмӕн уыди, уыцы ханаанаг лӕджы чызджы, ракуырдта йӕ ӕмӕ бацард йемӕ. 3 Сылгоймаг басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл Иуда сӕвӕрдта ном – Эр. 4 Ногӕй басывӕрджын, ныййардта та йын лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном – Онан. 5 Ныййардта ма ноджыдӕр иу лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном – Шела. Уыцы лӕппуйы куы ныййардта, уӕд Иуда уыди Хезивы. 6 Иуда йӕ хистӕр фырт Эрӕн ракуырдта ус, йӕ ном – Фамар. 7 Фӕлӕ Иудайы хистӕр фырт Эр Хуыцауы цӕсты уыди тӕригъӕдджын, ӕмӕ йын Хуыцау аскъуыдта йӕ цард. 8 Уӕд Иуда загъта Онанӕн: «Ӕриу у де ’фсымӕры усимӕ; йӕ тиу дӕ, ӕмӕ де ’фсымӕрӕн рауадз байзӕддаг». 9 Фӕлӕ Онан зыдта, сывӕллӕттӕ йӕхи кӕй нӕ уыдзысты, уый. Уымӕ гӕсгӕ йе ’фсымӕры усимӕ ӕриуы размӕиу йӕ мыггаг акалдта зӕхмӕ, йӕ ӕфсымӕрӕн байзӕддаг куыд нӕ рауадза, афтӕ. 10 Онан цы арӕзта, уый Хуыцауы цӕсты уыди тӕригъӕд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцау Онанӕн дӕр аскъуыдта йӕ цард. 11 Уӕд Иуда йӕ чындз Фамарӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ фырт Шела бахъомыл уа, уӕдмӕ уал дӕ фыды хӕдзары ацӕр идӕдзӕй». Уымӕн ӕмӕ Иудайы хъуыды ахӕм уыд: «Шела дӕр йе ’фсымӕртау куы амӕла». Фамар ацыд ӕмӕ цӕрын райдыдта йӕ цӕгаты. 12 Дзӕвгар рӕстӕг куы рацыд, уӕд амард Иудайы ус, Шуайы чызг. Иудайы хъыг куы фӕмынӕгдӕр, уӕд йӕ хӕларимӕ, одолламаг Херамимӕ, ссыди Фамнамӕ, йӕ фысты ӕлвынджытӕм. 13 Фамарӕн фехъусын кодтой: «Дӕ хицау фӕцӕуы Фамнамӕ, йӕ фос ӕлвынынмӕ». 14 Фамар раласта йӕ идӕдзы дарӕс, йӕхи бамбӕрзта уӕлгуырӕй ӕмӕ сбадт Енаимы кулдуары цур – Фамнамӕ фӕндаг кӕуылты цӕуы, уым. Фамар хорз зыдта: Шела ралӕг, фӕлӕ йын ӕй нӕ курынц. 15 Иуда Фамары куы федта, уӕд ын хӕтаг сыл ӕнхъӕл уыд, уымӕн ӕмӕ Фамар йӕ цӕсгом бамбӕрзта. 16 Иуда йӕм фӕзылд ӕмӕ йын загъта: «Бар мын ратт хуыссӕны демӕ ӕриуӕн». Йӕ чындз кӕй у, уый та Иуда нӕ зыдта. Сылгоймаг бафарста: «Мемӕ куы ӕриу уай, уӕд мын цы ратдзынӕ?» 17 Иуда йын дзуапп радта: «Сӕныкк дын рарвитдзынӕн мӕ дзугӕй». Сылгоймаг бафарста: «Цы мӕм ныууадздзынӕ, цалынмӕ сӕныкк ӕрбарвитай, уӕдмӕ?» 18 Иуда загъта: «Цы дӕм ныууадзон?» Сылгоймаг дзуапп радта: «Дӕ мыхуыр, дӕ астӕубӕттӕн ӕмӕ, дӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уый». Иуда йын сӕ радта, стӕй ӕриу йемӕ, ӕмӕ Фамар басывӕрджын. 19 Фамар уырдыгӕй куы ацыд, уӕд раласта йӕ уӕлгуыр, ӕмӕ та скодта йӕ идӕдзы дарӕс. 20 Уӕдмӕ Иуда йӕ одолламаг хӕларӕн арвыста сӕныкк, уыцы сылгоймагӕй йӕ дзаумӕттӕ куыд райса, афтӕ; фӕлӕ йӕ не ссардта йӕ хӕлар. 21 Уӕд бафарста бынӕттон цӕрджыты: «Кӕм ис, Енаимы фӕндаггӕрон чи бадтис, уыцы хӕтаг сылгоймаг?» Дзуапп ын радтой: «Ам хӕтаг сылгоймаг нӕ уыди». 22 Хӕлар ӕрбаздӕхт Иудамӕ ӕмӕ загъта: «Уыцы сылгоймаджы не ссардтон; стӕй мын бынӕттон цӕрджытӕ дӕр загътой: „Ам хӕтаг сылгоймаг нӕй“». 23 Иуда загъта: «Цы йӕм ис, уый ныууадзӕд йӕхицӕн, науӕд ныл адӕм худдзысты. Ӕз ын арвыстон сӕныкк, фӕлӕ йӕ ды не ссардтай». 24 Ӕртӕ мӕйы бӕрц куы рацыд, уӕд Иудайӕн загътой: «Дӕ чындз Фамар авнӕлдта хӕтынмӕ ӕмӕ басывӕрджын». Иуда загъта: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ басудзут». 25 Фамары куы ракодтой, уӕд арвыста йӕ хицауӕн зӕгъынмӕ: «Ацы дзаумӕттӕ кӕй сты, уыцы лӕгӕй басывӕрджын дӕн». Ноджы ма загъта: «Базонма, кӕй сты мыхуыр, астӕубӕттӕн ӕмӕ лӕдзӕг?» 26 Иуда сӕ базыдта ӕмӕ загъта: «Уый мӕнӕй растдӕр у, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ фырт Шелайӕн нӕ радтон». Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Фамармӕ ӕмгӕрон нал бацыди. 27 Фамарӕн йӕ арыны афон куы ралӕууыд, уӕд сбӕлвырд, фаззӕттӕ йӕм кӕй ис, уый. 28 Арын куы райдыдта, уӕд сывӕллӕттӕй сӕ иуӕн разынд йӕ къух; ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг райста сырх ӕндах, бабаста йын ӕй йӕ къухыл ӕмӕ загъта: «Фыццаг ай райгуырд». 29 Фӕлӕ сывӕллон йӕ къух фӕстӕмӕ байста, ӕмӕ райгуырд йе ’фсымӕр. Уӕд ӕвгъӕдгӕс загъта: «Уый цы амалӕй рабырстай?» Ӕмӕ йыл сӕвӕрдтой Фарес+ 38:29 Фарес – дзуттагау амоны «рабырсын».. 30 Уый фӕстӕ райгуырд йе ’фсымӕр сырх ӕндахимӕ йӕ къухыл. Ӕмӕ йыл сӕвӕрдтой Зара.
39Иосиф – Потифары хӕдзары
1 Иосифы та измаилӕгтӕ ӕркодтой Мысырмӕ, ӕмӕ йӕ уым уыдонӕй балхӕдта мысыраг Потифар, фараоны фӕсдзӕуинтӕй иу – йӕ хъахъӕнджыты хистӕр. 2 Хуыцау уыдис Иосифимӕ; ӕмӕ Иосиф йӕ мысыраг хицауы хӕдзары уыд ӕнтыстджын йӕ алы хъуыддаджы дӕр. 3 Йӕ хицау федта, Хуыцау кӕй ис Иосифимӕ – цавӕрфӕнды хъуыддагмӕ ма бавнала, Хуыцау ын дӕтты ӕнтыст. 4 Иосифмӕ йӕ хицау касти хорз цӕстӕй, ӕмӕ йын Иосиф сси лӕггадгӕнӕг. Потифар ын йӕ бӕрны бакодта хӕдзар, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый йыл бафӕдзӕхста. 5 Йӕ хӕдзар ӕмӕ йын йӕ мулк ӕгасӕй дӕр йӕ бӕрны куы бакодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ Иосифы сӕраппонд Хуыцау арфӕ бафтыдта, мысыраджы хӕдзары ӕмӕ йӕ быдырты цы уыдис, ууыл. 6 Ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый бакодта Иосифы ӕвджид. Иосифы фӕрцы Потифар, хӕдзары хӕринаг бахӕрынӕй фӕстӕмӕ, фервӕзт йеппӕт сагъӕстӕй. Иосиф та уыди рӕсугъд ӕмӕ гуырвидауц. 7 Ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ Иосиф фӕцыд йӕ хицауы усы зӕрдӕмӕ. Ус ын загъта: «Ӕриу у мемӕ хуыссӕны». 8 Фӕлӕ Иосиф не сразы; йӕ хицауы усӕн загъта: «Ӕз йӕ фарсмӕ кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕ хицау йӕ хӕдзары сагъӕстӕй фервӕзти. Цыдӕриддӕр ӕм ис, уый бакодта ме ’вджид. 9 Ацы хӕдзары мӕнӕй уӕлдӕр ӕвӕрд ничи у; мӕ хицау мын „нӕ“ ницӕмӕй загъта, дӕуӕй фӕстӕмӕ, уымӕн ӕмӕ ды йӕ ус дӕ. Ӕз ахӕм стыр фыдбылыз куыд ӕруадзон, ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд ракӕнон?» 10 Сылгоймаг ӕрвылбон Иосифӕн дзырдта, цӕмӕй ӕриу уа йемӕ, фӕлӕ Иосиф нӕ разы кодта канд йемӕ ӕриуыл нӕ, фӕлӕ йӕ фарсмӕ уа, ууыл дӕр. 11 Иухатт Иосиф йӕ хъуыддӕгты фӕдыл бацыди хӕдзармӕ. Фӕсдзӕуинтӕй уым ничи уыд. 12 Уӕд ын сылгоймаг ныххӕцыд йӕ хӕдоныл ӕмӕ йын загъта: «Ӕриу у мемӕ». Иосиф йӕхи ратыдта, ӕмӕ алыгъд ӕддӕмӕ, йӕ хӕдон та баззад усы къухы. 13 Иосиф лидзӕг кӕй фӕци, йӕ хӕдон та йӕ къухы кӕй баззади, сылгоймаг уый куы федта, 14 Уӕд адзырдта хӕдзары лӕггадгӕнджытӕм ӕмӕ сын загъта: «Уынут, ӕркодта нӕм ацы дзуттаджы, ӕмӕ нӕ хынджылӕг скъӕры. Ӕрбацыди мӕм, ӕмӕ мыл йӕхи андзӕрста, фӕлӕ ӕз хъӕр самадтон. 15 Фӕдис ӕмӕ хъӕр кӕй систон, уый куы фехъуыста, уӕд лидзынмӕ фӕци, йӕ хӕдон та мӕнмӕ баззади». 16 Сылгоймаг хӕдон йӕхимӕ ныууагъта, цалынмӕ Иосифы хицау хӕдзармӕ ӕрцыд, уӕдмӕ. 17 Йӕ лӕгӕн дӕр уыцы ныхӕстӕ радзырдта: «Кӕй нӕм ӕркодтай, дӕ уыцы дзуттаг цагъар ӕрбацыд ӕмӕ мыл хъавыд ӕрхӕцынмӕ. 18 Фӕлӕ ӕз фӕдис ӕмӕ хъӕр куы самадтон, уӕд лидзӕг фӕци, йӕ хӕдон та мӕнмӕ баззад». 19 Йӕ усы ныхӕстӕ куы фехъуыста Иосифы хицау: «Афтӕ мын бакодта дӕ цагъар», уӕд йӕ маст рафыхт 20 Ӕмӕ Иосифы баппӕрста, паддзахы ахст адӕм кӕм бадтысты, уыцы ахӕстонмӕ. Афтӕмӕй Иосиф бахауд ахӕстонмӕ.
Иосиф ахӕстоны
21 Фӕлӕ ам дӕр Хуыцау уыдис Иосифимӕ, ӕмӕ йӕм равдыста Йӕ хорзӕх – ахӕстоны хицау ӕм ракаст дзӕбӕх цӕстӕй. 22 Ахӕстоны хицау Иосифы сӕвӕрдта ӕппӕт ахстытӕн хистӕрӕй; йе ’вджид уыдысты ахӕстоны хъуыддӕгтӕ иууылдӕр. 23 Иосифы бӕрны цы уыди, уыдӕттыл ахӕстоны хицау уыд ӕнӕмӕт; уымӕн ӕмӕ Хуыцау уыдис Иосифимӕ, ӕмӕ йын йӕ алы хъуыддаджы дӕр лӕвӕрдта ӕнтыст.
40Сӕндар ӕмӕ дзулфыцӕг
1 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ мысыраг паддзахы сӕндар ӕмӕ дзулфыцӕг цӕмӕйдӕр фӕазымджын сты сӕ хицауы – Мысыры паддзахы раз. 2 Ӕмӕ фараон смӕсты йӕ дыууӕ фӕсдзӕуинмӕ дӕр – хистӕр сӕндармӕ ӕмӕ хистӕр дзулфыцӕгмӕ, 3 Ӕмӕ сӕ бакодта йӕ хъахъӕнджыты хицауы хӕдзары – Иосиф кӕм бадти, уыцы ахӕстоны. 4 Хъахъӕнджыты хицау сӕ бафӕдзӕхста Иосифыл, ӕмӕ сын Иосиф лӕггад кодта. Уыдон ахӕстоны арвыстой цасдӕр рӕстӕг. 5 Ахӕстоны чи бадти, Мысыры паддзахы уыцы сӕндар ӕмӕ дзулфыцӕг иуахӕмы уыциу ӕхсӕв федтой фынтӕ. Алчидӕр сӕ федта йӕхи фын – сӕ иуы фын иннӕйы фыны хуызӕн нӕ уыд. 6 Иосиф сӕм райсомӕй куы бацыд, уӕд сӕ баййӕфта цӕуылдӕр ӕнкъардӕй. 7 Ӕмӕ йӕ хицауы хӕдзары йемӕ ахст чи уыди, фараоны уыцы фӕсдзӕуинты бафарста: «Абон цӕмӕн афтӕ ӕнкъард стут?» 8 Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах федтам фынтӕ, чи сӕ райхала, ахӕм адӕймаг та нӕй». Иосиф сын загъта: «Сӕ райхалын Хуыцауӕй аразгӕ нӕу, мыййаг? Радзурут мын уӕ фынтӕ». 9 Хистӕр сӕндар Иосифӕн радзырдта йӕ фын: «Фыны федтон: мӕ разы уыди сӕнӕфсиры тала. 10 Бӕласыл уыд ӕртӕ къалиуы. Талайыл къуыбыр фӕзынди, дидинӕг рафтыдта ӕмӕ сӕнӕфсиры гагатӕ уайтӕккӕ арӕгъӕд сты. 11 Мӕ къухы уыди фараоны кӕхц. Ӕз ратыдтон сӕнӕфсиры гагатӕ, ныллӕмӕрстон сӕ кӕхцмӕ ӕмӕ кӕхц радтон фараоны къухмӕ». 12 Иосиф ын загъта: «Мӕнӕ ууыл дзурӕг у дӕ фын: ӕртӕ къалиуы амонынц ӕртӕ боны. 13 Ӕртӕ боны фӕстӕ дӕ фараон сбӕрзонд кӕндзӕн – фӕстӕмӕ дӕ сӕвӕрдзӕни дӕ бынаты, ӕмӕ йӕм сӕндарӕй куы уыдтӕ, уӕд куыд уыди, афтӕ ныр дӕр фараоны къухмӕ ратдзынӕ йӕ сӕны кӕхц. 14 Ӕмӕ дӕ курын, дӕ зӕрдӕ куы барухс уа, уӕдиу мӕ ӕрымыс; ахӕм хорзы мын бацу – мӕ кой скӕн фараонӕн, ӕмӕ мӕ акӕн ацы хӕдзарӕй. 15 Уымӕн ӕмӕ мӕн дзуттӕгты зӕххӕй радавдӕуыд; ахӕстоны мӕ баппарой, ахӕмӕй ам дӕр ницы ракодтон». 16 Иосиф фын хорз кӕй райхӕлдта, уый федта хистӕр дзулфыцӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕр федтон фын: кӕсын ӕмӕ мӕ сӕрыл ӕртӕ чыргъӕды. 17 Уӕллаг чыргъӕды уыди дзуллагӕй фых алыхуызон хӕринӕгтӕ фараонӕн, ӕмӕ сӕ мӕргътӕ хордтой, мӕ сӕрыл цы чыргъӕд уыдис, уырдыгӕй». 18 Иосиф ын загъта: «Мӕнӕ ууыл дзурӕг у дӕ фын: ӕртӕ чыргъӕды амонынц ӕртӕ боны. 19 Ӕртыккаг бон дӕ фараон сбӕрзонд кӕндзӕн – ӕрцауындздзӕн дӕ бӕласыл, ӕмӕ мӕргътӕ хӕрдзысты дӕ мард». 20 Ӕртӕ боны фӕстӕ фараонӕн уыди йӕ райгуырӕн бон, ӕмӕ йеппӕт фӕсдзӕуинтӕн скодта куывд; ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты раз бӕрзонд систа хистӕр сӕндары ӕмӕ хистӕр дзулфыцӕджы: 21 Хистӕр сӕндары сӕвӕрдта йӕ раздӕры бынаты, ӕмӕ уый фараоны къухмӕ радта сӕны кӕхц. 22 Хистӕр дзулфыцӕджы та фараон ӕрцауыгъта. Сӕ хабар рауад, Иосиф сын сӕ фынтӕ куыд райхӕлдта, афтӕ. 23 Фӕлӕ Иосиф хистӕр сӕндары зӕрдыл не ’рлӕууыд, ферох дзы.
41Фараоны фынтӕ
1 Дыууӕ азы фӕстӕ фараон федта фын: лӕууы Нилы цӕугӕдоны былыл. 2 Кӕсы ӕмӕ цӕугӕдонӕй рацыдысты рӕсугъд ӕмӕ хӕрзхаст авд хъуджы, ӕмӕ хызтысты хъӕзы. 3 Цӕугӕдонӕй сӕ фӕдыл рацыдысты тӕнхауд ӕмӕ мӕллӕг авд хъуджы, ӕмӕ цӕугӕдоны былыл ӕрлӕууыдысты иннӕ хъуццыты фарсмӕ. 4 Тӕнхауд ӕмӕ мӕллӕг хъуццытӕ бахордтой рӕсугъд ӕмӕ хӕрзхаст авд хъуджы. Ӕмӕ фараон райхъал. 5 Фараон та бафынӕй ӕмӕ федта ӕндӕр фын: кӕсы ӕмӕ иу мӕнӕуы зӕнгыл ӕрзад авд дзагнӕмыг ӕфсиры. 6 Уыдоны фӕстӕ ӕрзади, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕм авд хуыскъ ӕфсиры. 7 Ӕмӕ хуыскъ ӕфсиртӕ аныхъуырдтой дзагнӕмыг авд ӕфсиры. Фараон райхъал; ахӕм уыди йӕ фын. 8 Куы сбон, уӕд фараон ӕнцой нал зыдта. Арвыста Мысыры ӕппӕт дӕснытӕм ӕмӕ ӕппӕт зондылӕгтӕм фӕдзурынмӕ. Радзырдта сын йӕ фынтӕ, фӕлӕ йын сӕ чи райхӕлдтаид, ахӕм дзы нӕ разынд. 9 Уӕд хистӕр сӕндар загъта фараонӕн: «Ныр мӕ тӕригъӕд ӕрлӕууыди мӕ зӕрдыл. 10 Фараон кӕддӕр смӕсты йӕ цагъартӕм; мӕн ӕмӕ хистӕр дзулфыцӕджы ӕрцахста ӕмӕ нӕ бакодта йӕ хъахъӕнджыты хистӕры хӕдзары. 11 Нӕ дыууӕ дӕр уыциу ӕхсӕв федтам фынтӕ – нӕ иуы фын иннӕйы фыны хуызӕн нӕ уыд. 12 Уым немӕ уыд ӕрыгон дзуттаг, хъахъӕнджыты хистӕры цагъар. Мах ын радзырдтам нӕ фынтӕ, ӕмӕ нын сӕ райхӕлдта; загъта нын, алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ фын цы амоны, уый. 13 Ӕмӕ хабар рауад, куыд нын сӕ райхӕлдта, афтӕ: мӕн сӕвӕрдтой мӕ раздӕры бынаты, иннӕйы та ӕрцауыгътой».
Иосиф райхӕлдта фараоны фынтӕ
14 Фараон арвыста Иосифмӕ, ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ракодтой ахӕстонӕй. Йӕ сӕр алвыдта, раивта йӕ дарӕс ӕмӕ бацыди фараонмӕ. 15 Фараон загъта Иосифӕн: «Ӕз федтон фын, ӕмӕ йӕ райхалын никӕй бон у. Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, дӕ бон у фынтӕ райхалын, зӕгъгӕ». 16 Иосиф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ, фӕлӕ Хуыцау ратдзӕни дзуапп фараоны хорзӕхӕн». 17 Фараон Иосифӕн радзырдта: «Ӕз федтон фын: лӕууын Нилы цӕугӕдоны былыл. 18 Кӕсын ӕмӕ цӕугӕдонӕй ссыдысты рӕсугъд ӕмӕ хӕрзхаст авд хъуджы, ӕмӕ хызтысты хъӕзы. 19 Кӕсын ӕмӕ сӕ фӕдыл цӕугӕдонӕй ссыди стӕгдарау мӕллӕг ӕмӕ тӕнхауд авд хъуджы. Уыдоны хуызӕн мӕллӕг хъуццытӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл ӕз никуы федтон. 20 Мӕллӕг ӕмӕ тӕнхауд хъуццытӕ бахордтой, раздӕр цы хӕрзхаст авд хъуджы рацыди, уыдоны. 21 Хӕрзхаст хъуццытӕ аивгъуыдтой сӕ хуылфмӕ, фӕлӕ сӕ хуылфмӕ кӕй ацыдысты, уый сыл нӕ фӕзынди – раздӕрау уыдысты тӕнхауд. Ӕмӕ ӕз райхъал дӕн. 22 Уый фӕстӕ та фыны федтон: кӕсын ӕмӕ иу мӕнӕуы зӕнгыл ӕрзад авд дзагнӕмыг ӕфсиры. 23 Кӕсын ӕмӕ уыдоны фӕстӕ ӕрзади, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕм авд хуыскъ ӕфсиры. 24 Ӕмӕ хуыскъ ӕфсиртӕ аныхъуырдтой авд хорз ӕфсиры. Ӕз уыцы фынтӕ радзырдтон дӕснытӕн, фӕлӕ мын сӕ ничи райхӕлдта». 25 Иосиф загъта фараонӕн: «Фараон фыны цытӕ федта, уыдон иу фын сты; Хуыцау цы саразинаг у, уый равдыста фараонӕн. 26 Авд хӕрзхаст хъуджы сты авд азы; авд хорз ӕфсиры дӕр сты авд азы; уый иу фын у. 27 Хӕрзхаст хъуццыты фӕдыл цы тӕнхауд ӕмӕ мӕллӕг хъуццытӕ рацыд, уыдон сты авд азы; скӕсӕйнаг дымгӕ цы авд ӕфсиры басыгъта, уыдон та сты авд ӕххормаг азы. 28 Уымӕ гӕсгӕ загътон ӕз фараонӕн: „Хуыцау цы саразинаг у, уый равдыста фараонӕн“. 29 Ӕппӕт мысыраг зӕхмӕ ӕрцӕуынц, хор тугыл кӕд аскъуыйдзӕн, ахӕм авд азы. 30 Уыдоны фӕстӕ ралӕудзысты авд ахӕм ӕххормаг азы, ӕмӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл ферох кӕндзысты раздӕры бӕркад; ӕххормаг азты сафтид уыдзӕни бӕстӕ. 31 Бӕстӕйы бирӕ хор кӕд уыдис, уый ферох уыдзӕн, йӕ фӕстӕ цы стонг рӕстӕг скӕндзӕн, уый аххосӕй; уымӕн ӕмӕ стонг рӕстӕг тынг карзӕй равдисдзӕн йӕхи. 32 Фараон фын дыууӕ хатты кӕй федта, уый та ууыл дзуры, ӕмӕ уыцы хъуыддаг Хуыцауӕй у, ӕмӕ йӕ рӕхджы бакӕндзӕни. 33 Ныр фараон ссарӕд арӕхстджын ӕмӕ зондджын лӕджы, ӕмӕ йӕ сӕвӕрӕд ӕппӕт мысыраг зӕххы сӕргъы. 34 Фараон ӕппӕт бӕстӕйы сӕвӕрӕд хъусдарджытӕ, мысыраг зӕххыл хор тугыл куы аскъуыйа, уыцы авд азы дӕргъы тыллӕджы фӕндзӕймаг хай куыд ӕмбырд кӕной, афтӕ. 35 Фидӕны хорджын азты ӕмбырд кӕнӕнт ӕппӕт хор, ӕмӕ йыл ӕрмӕстдӕр фараоны бар куыд цӕуа, афтӕмӕй йӕ хойрагӕн ӕфснайдӕй дарӕнт сахарты. 36 Уыцы хойраг ӕфснайд уӕд фӕстауӕрцӕн, цӕмӕй, мысыраг зӕххыл авд ӕххормаг азы куы ралӕууой, уӕд бӕстӕ ӕххормагӕй ма фӕцагъды уа».
Иосиф – Мысыры сӕргъы
37 Уыцы ныхӕстӕ фӕцыдысты фараоны ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты зӕрдӕмӕ. 38 Уӕд фараон йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: «Ацы адӕймаг Хуыцауы Удӕй хайджын у. Мах ӕндӕр ахӕм адӕймаг ссардзыстӕм?» 39 Ӕмӕ фараон Иосифӕн загъта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ Хуыцау кӕд дӕуӕн раргом кодта, уӕд дӕуӕй ӕмбаргӕдӕр ӕмӕ зондджындӕр нӕй. 40 Ӕз дӕ ӕвӕрын мӕ хӕдзары сӕргъы, дӕ ныхасмӕ хъусдзысты мӕ адӕм ӕгасӕй дӕр. Ӕз паддзахы къӕлӕтджыны кӕй бадын, ӕрмӕст уымӕй уыдзынӕн дӕуӕй уӕлдӕр». 41 Фараон Иосифӕн загъта: «Мӕнӕ дӕ ӕз ӕвӕрын ӕппӕт мысыраг бӕстӕйы сӕргъы». 42 Фараон йе ’нгуылдзӕй рафтыдта йӕ къухдарӕн, бакодта йӕ Иосифы ӕнгуылдзыл, сфӕлыста йӕ зынаргъ хъуымацӕй хуыд дарӕсӕй, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс. 43 Фараон радта бардзырд, цӕмӕй Иосифы ласой паддзахады дыккаг хӕстон бӕхуӕрдоныл, адӕм цӕуой йӕ разӕй ӕмӕ хъӕр кӕной: «Ӕрхаут уӕ зонгуытыл!» Ӕмӕ фараон Иосифы сӕвӕрдта ӕппӕт мысыраг зӕххы сӕргъы. 44 Фараон загъта Иосифӕн: «Ӕз фараон дӕн, фӕлӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл де ’вастӕй йӕ къух кӕнӕ йӕ къах дӕр ничи атилдзӕни». 45 Фараон Иосифы схуыдта Цафнафпанеах, ӕмӕ йын радта Оны сахары дины лӕг ПотиФеры чызг Асенафӕйы. Ӕмӕ Иосиф араст ӕппӕт мысыраг зӕххыл ӕрзилынмӕ. 46 Иосиф Мысыры паддзахы, фараоны, кусӕг куы сси, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы. Иосиф рацыди фараонӕй ӕмӕ ӕрзылд ӕппӕт мысыраг зӕххыл. 47 Хорджын авд азы дӕргъы хоры иу нӕмыг лӕвӕрдта армыдзаг. 48 Ӕмӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл уыцы авд азы цы тыллӕг уыдис, уый Иосиф ӕмбырд кодта ӕмӕ йӕ ӕфснайдта сахарты; алы сахары дӕр ӕфснайдта йӕ алфамбылайы зӕххыты хор. 49 Иосиф цы хор бафснайдта, уый уыди денджызон змисау бирӕ, ӕмӕ йӕ нал хыгъта, уымӕн ӕмӕ йӕ бахынцын никӕй бон уыд. 50 Цалынмӕ ӕххормаг азтӕ нӕ райдыдтой, уӕдмӕ Оны сахары дины лӕг ПотиФеры чызг Асенафӕ Иосифӕн ныййардта дыууӕ фырты. 51 Иосиф йӕ хистӕр фыртыл сӕвӕрдта ном – Манассиа, ӕмӕ загъта: «Хуыцауы уынаффӕйӕ мӕнӕй ферох сты меппӕт зынтӕ ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар». 52 Йӕ дыккаг фыртыл та сӕвӕрдта ном – Ефрем, ӕмӕ загъта: «Мӕ хъизӕмӕртты бӕстӕйы мын Хуыцау радта цот дӕр». 53 Мысыры зӕххыл хор тугыл куы аскъуыд, уыцы авд азы ахицӕн сты, 54 Ӕмӕ райдыдтой авд ӕххормаг азы, Иосиф развӕлгъау куыд загъта, афтӕ. Ӕппӕт иннӕ бӕстӕтӕ уыдысты ӕххормаг; ӕрмӕст ӕгас мысыраг бӕстӕйы уыди хор. 55 Ӕппӕт Мысыр дӕр ӕххормаг ӕййафын куы райдыдта, уӕд адӕм лӕгъстӕ райдыдтой фараонӕн хойраджы тыххӕй. Ӕмӕ фараон ӕппӕт мысырӕгтӕн дӕр загъта: «Ацӕут Иосифмӕ, ӕмӕ уын цы зӕгъа, уый бакӕнут». 56 Ӕххормаг куы анхъӕвзта ӕппӕт бӕстӕтыл, уӕд Иосиф байгом кодта хордӕттӕ, ӕмӕ байдыдта мысырӕгтӕн хор уӕй кӕнын. Мысыраг зӕххыл та стонг кодта карзӕйкарздӕр. 57 Ӕппӕт бӕстӕтӕй цыдысты Мысырмӕ, Иосифӕй хор балхӕнынмӕ – ӕппӕт дунейы скодта ӕбуалгъы стонг рӕстӕг.
42Иосифы ӕфсымӕртӕ – Мысыры
1 Мысыры хор кӕй ис, Иаков уый куы базыдта, уӕд йӕ фырттӕн загъта: «Кӕрӕдзимӕ цы кӕсут?» 2 Йӕ ныхасмӕ ма бафтыдта: «Ӕз фехъуыстон, Мысыры, дам, ис хор. Фӕцӕут уырдӕм ӕмӕ нын уым хор балхӕнут, цӕмӕй аирвӕзӕм ӕмӕ ма амӕлӕм». 3 Ӕмӕ Иосифы дӕс ӕфсымӕры ацыдысты Мысырмӕ хор ӕлхӕнынмӕ. 4 Иосифы ӕфсымӕр Вениамины та сын Иаков семӕ нӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ ахъуыды кодта: «Исты фыдбылыз ыл куы ӕрцӕуа». 5 Ханааны адӕм ӕххормаг кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уырдыгӕй цы адӕм ацыд, уыдонимӕ Израилы фырттӕ дӕр ӕрцыдысты хор ӕлхӕнынмӕ. 6 Иосиф та Мысыры хицау уыди, ӕмӕ хор уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Ӕрцыдысты Иосифы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывтой. 7 Иосиф йе ’фсымӕрты куыддӕр федта, афтӕ сӕ базыдта, фӕлӕ сӕ цыма нӕ зоны, уыйау равдыста йӕхи. Тызмӕгӕй сӕ бафарста: «Кӕцӕй ӕрцыдыстут?» Уыдон дзуапп радтой: «Ханааны зӕххӕй ӕрцыдыстӕм, хойраг ӕлхӕнынмӕ». 8 Иосиф базыдта йе ’фсымӕрты, уыдон та йӕ нӕ базыдтой. 9 Иосифы зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, йӕ фыны сӕ куыд уыдта, уыдӕттӕ, ӕмӕ сын загъта: «Сымах сгарджытӕ стут, ӕмӕ ӕрцыдыстут, нӕ бӕстӕ лӕмӕгъ кӕм у, уый базонынмӕ». 10 Уыдон ын загътой: «Нӕ, не ’лдар; дӕ цагъартӕ хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрцыдысты. 11 Мах не ’ппӕт дӕр иу лӕджы фырттӕ стӕм, ӕнӕхин адӕймӕгтӕ; дӕ цагъартӕ сгарджытӕ никуы уыдысты». 12 Иосиф сын загъта: «Нӕ, сымах ӕрцыдыстут, нӕ бӕстӕ лӕмӕгъ кӕм у, уый фенынмӕ». 13 Уыдон дзуапп радтой: «Мах, дӕ цагъартӕ, дыууадӕс ӕфсымӕры уыдыстӕм. Ханааны зӕххӕй стӕм, иу лӕджы фырттӕ. Не ’фсымӕртӕй иу нал и, кӕстӕр та ныртӕккӕ нӕ фыдимӕ ис». 14 Иосиф сын загъта: «Ӕз дӕр уын уый куы загътон: „Сымах сгарджытӕ стут“. 15 Фӕлӕ уӕ ӕз мӕнӕ афтӕ бафӕлвардзынӕн: ард хӕрын фараоны цардӕй, сымах ардыгӕй нӕ аздӕхдзыстут, цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ардӕм ӕрцӕуа, уӕдмӕ. 16 Уӕ иуы арвитут уе ’фсымӕры ӕркӕнынмӕ, иннӕтӕ та ахст уыдзысты. Ӕмӕ афтӕмӕй базондзынӕн, раст загътат ӕви нӕ. Кӕд нӕ, уӕд ард хӕрын фараоны цардӕй: сымах сгарджытӕ стут». 17 Ӕмӕ сӕ Иосиф ӕрцахста ӕртӕ боны ӕмгъуыдмӕ. 18 Ӕртыккаг бон сын загъта: «Ӕз Хуыцауӕй тӕрсын. Удӕгасӕй баззайдзыстут, мӕнӕ афтӕ куы бакӕнат, уӕд. 19 Кӕд сымах раст адӕм стут, уӕд уӕ иу баззайӕд ахстӕй; иннӕтӕ та ацӕуӕнт ӕмӕ ахӕссӕнт хор уе ’ххормаг бинонтӕн. 20 Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры та ӕркӕнут мӕнмӕ. Уӕд уӕ ныхӕстӕ разындзысты раст ӕмӕ баззайдзыстут удӕгасӕй». Ӕмӕ уыдон бакастысты йӕ коммӕ. 21 Ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Не ’фсымӕры тӕригъӕды кӕй бацыдыстӕм, уый тыххӕй ӕййафӕм ӕфхӕрд. Куы нын лӕгъстӕ кодта, уӕд ын мах йӕ хъизӕмар федтам, фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыстам. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕвзарӕм ацы хъизӕмар». 22 Рувим сын дзуапп радта: «Куы уын дзырдтон: „Ма бацӕут лӕппуйы тӕригъӕды!“ Фӕлӕ мӕм нӕ байхъуыстат. Ӕмӕ ныр ӕрцыд йӕ туг бафидыны рӕстӕг». 23 Иосиф сӕ кӕй ӕмбары, уый ӕфсымӕртӕ нӕ зыдтой, уымӕн ӕмӕ семӕ тӕлмацгӕнӕджы фӕрцы ныхас кодта. 24 Иосиф азылд иннӕрдӕм ӕмӕ скуыдта, стӕй та сӕм раздӕхта йе ’ргом ӕмӕ ныхас кодта семӕ. Уый фӕстӕ рахицӕн кодта Симеоны ӕмӕ сын ӕй сӕ цӕстыты раз сбаста. 25 Иосиф бафӕдзӕхста сӕ голджытӕ сын хорӕй байдзаг кӕнын, алкӕмӕн дӕр сӕ йе ’взист фӕстӕмӕ йӕ голладжы нывӕрын, ӕмӕ сын фӕндагмӕ семӕ къӕбӕр раттын. Ӕмӕ сын бакодтой афтӕ. 26 Ӕфсымӕртӕ сӕ хор сӕвӕрдтой сӕ хӕрджытыл, ӕмӕ ацыдысты уырдыгӕй. 27 Фӕндагыл ӕхсӕвиуатмӕ куы ӕрлӕууыдысты, уӕд сӕ иу, хӕрӕгӕн холлаг раттыны тыххӕй, райхӕлдта йӕ голладжы ком, ӕмӕ дзы разынд йе ’взист. 28 Ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ме ’взист мӕм раздӕхти. Мӕнӕ мӕ голладжы ис». Уыдон фӕуыргъуыйау сты, тӕрсгӕризгӕйӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Уый нын Хуыцау цы бакуыста?» 29 Ханаанмӕ, сӕ фыд Иаковмӕ, куы ӕрцыдысты, уӕд ын радзырдтой сеппӕт хабӕрттӕ. Загътой йын: «30 Уыцы бӕстӕйы хицау немӕ тызмӕгӕй дзырдта, сгарджытыл нӕ банымадта. 31 Мах ын загътам: „Мах сгарджытӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕхин адӕм стӕм. 32 Дыууадӕс ӕфсымӕры уыдыстӕм, иу фыды фырттӕ. Не ’фсымӕртӕй иу нал и, кӕстӕр та ныртӕккӕ нӕ фыдимӕ Ханааны ис“. 33 Уӕд нын уыцы бӕстӕйы хицау загъта: „Раст адӕм стут ӕви нӕ, уый ӕз афтӕмӕй базондзынӕн: уе ’фсымӕртӕй иуы ныууадзут ам. Сымах та ахӕссут хор уе ’ххормаг бинонтӕн ӕмӕ ацӕут. 34 Ӕмӕ мӕм ӕркӕнут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры. Ӕз афтӕмӕй базондзынӕн, сымах сгарджытӕ нӕ, фӕлӕ раст адӕм кӕй стут. Уӕд уын ратдзынӕн уе ’фсымӕры, уыдзӕн уын ацы зӕххыл сӕрибарӕй цӕуыны бар“». 35 Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕй хор куы ӕркалдтой, уӕд сӕ алкӕмӕн дӕр йе ’взисты тыхтон разынд йӕ голладжы. Се ’взист куы федтой, уӕд сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ фыды дӕр тас бацыди. 36 Сӕ фыд Иаков сын загъта: «Сымах мӕ ӕнӕхай фӕкодтат мӕ хъӕбултӕй. Иосиф нал и; Симеон дӕр нал и; ныр та Вениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Ӕппӕт бӕллӕхтӕ мӕ сӕр ӕййафы!» 37 Рувим йӕ фыдӕн загъта: «Вениамины дӕм куы нӕ ӕркӕнон, уӕд мын мӕ дыууӕ фырты дӕр амар. Ме ’вджид ӕй бакӕн; ӕз дӕм ӕй ӕркӕндзынӕн». 38 Фӕлӕ Иаков дзуапп радта: «Мӕ фырт уемӕ нӕ ацӕудзӕн; йе ’фсымӕры мӕлӕты фӕстӕ иунӕгӕй баззади. Исты йыл куы ӕрцӕуа фӕндагыл, уӕд мӕ зӕрондӕй утӕхсӕнгӕнгӕ ингӕнмӕ барвитдзыстут».
43Дыккаг балц Мысырмӕ
1 Ханааны ноджы фӕкарздӕр стонг рӕстӕг. 2 Мысырӕй цы хор ӕрластой, уый сын куы фӕци, уӕд Иаков йӕ фырттӕн загъта: «Ногӕй ацӕут ӕмӕ нын иуцасдӕр балхӕнут хойраг». 3 Иуда йын дзуапп радта: «Уыцы лӕг нын фидарӕй загъта: „Уӕхи мӕм ма равдисут, уе ’фсымӕр уемӕ куы нӕ уа, уӕд“. 4 Не ’фсымӕры нын немӕ куы арвитис, уӕд ацӕуиккам ӕмӕ дын балхӕниккам хойраг. 5 Куы нӕ йӕ арвитай, уӕд нӕ ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уыцы лӕг загъта: „Уӕхи мӕм ма равдисут, уе ’фсымӕр уемӕ куы нӕ уа, уӕд“». 6 Израил загъта: «Ахӕм бӕллӕхы мӕ цӕй тыххӕй баппӕрстат – ӕфсымӕр ма уын кӕй ис, уыцы лӕгӕн уый цӕмӕн загътат?» 7 Уыдон ын дзуапп радтой: «Уыцы лӕг нӕ бӕстон фарста нӕхи тыххӕй дӕр ӕмӕ нӕ бинонты тыххӕй дӕр: „Уӕ фыд ма удӕгас у? Ӕфсымӕр ма уын ис?“ Мах ын дзуапп лӕвӕрдтам йӕ фарстытӕн. Уый ӕнхъӕл кӕцӕй уыдыстӕм, ӕмӕ нын афтӕ зӕгъдзӕн: „Ӕркӕнут уе ’фсымӕры“?» 8 Иуда йӕ фыдӕн, Израилӕн, загъта: «Рауадз лӕппуйы мемӕ; мах ӕвӕстиатӕй ацӕудзыстӕм, цӕмӕй аирвӕзӕм ӕмӕ ма амӕлӕм мах дӕр, ды дӕр ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ дӕр. 9 Лӕппуйы ме ’вджид бакӕн, мӕнӕй йӕ ӕрцагурдзынӕ. Ӕз дӕм ӕй куы нӕ ӕрбакӕнон, ӕмӕ йӕ ам дӕ цӕстӕй куы нал фенай, уӕд цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ дӕ разы уыдзынӕн азымджын. 10 Куы нӕ ныффӕстиат уыдаиккам, уӕд афонмӕ дыууӕ хатты ацыдаиккам уырдӕм ӕмӕ ӕрыздӕхтаиккам». 11 Уӕд сын сӕ фыд Израил загъта: «Кӕд ӕндӕр амал нӕй, уӕд бакӕнут афтӕ: уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты нывӕрут ацы зӕххы бӕркадӕй – балзам, мыд, хӕрздӕф бӕласы зети ӕмӕ миррӕ, фисташкӕтӕ ӕмӕ миндалы ӕнгузтӕ. 12 Уемӕ ӕвзист айсут дыууӕ хатты фылдӕр, цӕмӕй фӕстӕмӕ раттат, айразмӕ уын уӕ голджыты комы цы ӕвзист раздӕхтой, уый дӕр; чи зоны, рӕдигӕ фӕкодтой. 13 Марадз, уе ’фсымӕры дӕр ахонут уемӕ, ӕмӕ ногӕй ацӕут уыцы лӕгмӕ. 14 Ӕппӕтхъомыс Хуыцау ӕрфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы, уӕ иннӕ ӕфсымӕры ӕмӕ Вениамины дӕр куыд рауадза, афтӕ. Мӕнӕн та кӕд нывгонд у мӕ хъӕбултӕй ӕнӕхай фӕуын, уӕд сӕ фӕуыдзынӕн ӕнӕхай».
Ӕфсымӕрты дыккаг фембӕлд
15 Ӕфсымӕртӕ айстой семӕ уыцы лӕвӕрттӕ, ӕвзист дыууӕ хатты фылдӕр, акодтой Вениамины, ацыдысты Мысырмӕ ӕмӕ ӕрлӕууыдысты Иосифы раз. 16 Иосиф сын Вениамины семӕ куы федта, уӕд йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕн загъта: «Ацы адӕмы бахон хӕдзармӕ, аргӕвд фосӕй ӕмӕ фынг ӕрӕвӕр; сихор мемӕ хӕрдзысты». 17 Уынаффӕгӕнӕг бакодта, Иосиф ын куыд загъта, афтӕ – уыцы адӕмы бахуыдта Иосифы хӕдзармӕ. 18 Иосифы хӕдзармӕ сӕ кӕй бахуындӕуыд, уый ӕфсымӕрты бауагъта тас ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Айразмӕ нын нӕ голджыты цы ӕвзист раздӕхтой, уый тыххӕй нӕ ӕрбахуындӕуыд мидӕмӕ. Сӕ фӕнд у, цӕмӕй нӕ базылын кӕной истӕмӕй, сӕхи ныл ныццӕвой ӕмӕ нӕ ӕрцахсой, скӕной нӕ цагъартӕ ӕмӕ нын нӕ хӕрджытӕ байсой». 19 Уӕд бацыдысты Иосифы хӕдзары уынаффӕгӕнӕгмӕ ӕмӕ дуары цур дзырдтой йемӕ. 20 Загътой йын: «Байхъусма нӕм, не ’лдар. Мах амӕйразмӕ дӕр ӕрцыдыстӕм хор ӕлхӕнынмӕ. 21 Фӕлӕ не ’хсӕвиуаты бынатмӕ куы бахӕццӕ стӕм ӕмӕ нӕ голджытӕ куы райхӕлдтам, уӕд нӕ алчидӕр йӕ голладжы комы ссардта йе ’взист ӕнӕхъӕнӕй. Ныр уыцы ӕвзист ӕрхастам фӕстӕмӕ. 22 Хойраг ӕлхӕнынӕн мах немӕ ноджыдӕр ӕрхастам ӕвзист. Не ’взист нын нӕ голджыты чи нывӕрдта, уый нӕ зонӕм». 23 Уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Ӕрсабыр ут ӕмӕ ма тӕрсут; уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта ӕвзист уӕ голджыты; уӕд уе ’взист ӕз райстон». Уый фӕстӕ сӕм уынаффӕгӕнӕг ӕрбакодта Симеоны. 24 Хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕг ӕфсымӕрты ӕрбакодта Иосифы хӕдзармӕ, радта сын дон ӕмӕ цӕхсадтой сӕ къӕхтӕ; сӕ хӕрджытӕн дӕр сын нывӕрдта холлаг. 25 Ӕфсымӕртӕ сӕ лӕвӕрттӕ ӕрцӕттӕ кодтой сихормӕ, Иосифы ӕрцыдмӕ. Уымӕн ӕмӕ фехъуыстой, сихор уым кӕй хӕрдзысты, уый тыххӕй. 26 Иосиф хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уӕд ын бахастой сӕ лӕвӕрттӕ, ӕмӕ йын зӕххы онг акуывтой. 27 Иосиф сӕ бафарста се ’нӕниздзинадӕй ӕмӕ загъта: «Кӕй тыххӕй дзырдтат, уӕ уыцы зӕронд фыд ма ӕнӕниз ӕмӕ удӕгас у?» 28 Уыдон дзуапп радтой: «Нӕ фыд, дӕ цагъар, нырма ӕнӕниз ӕмӕ удӕгас у». Ӕфсымӕртӕ йӕ разы ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ йын ныллӕг акуывтой. 29 Иосиф акаст ӕмӕ федта йӕ мадызӕнӕг ӕфсымӕр Вениамины, ӕмӕ бафарста: «Кӕй тыххӕй мын дзырдтат, уый уӕ уыцы кӕстӕр ӕфсымӕр у?» Иосиф ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Хуыцауы хорзӕх дӕ уӕд, мӕ хъӕбул!» 30 Иосиф йе ’фсымӕры афтӕ бирӕ уарзта, ӕмӕ йӕ скӕуынмӕ бирӕ нал хъуыдис. Уӕд бацыд уатмӕ ӕмӕ уым фӕкуыдта. 31 Уый фӕстӕ цӕхсадта йӕ цӕсгом, рацыд уатӕй. Йӕхи фӕхъӕддых кодта ӕмӕ загъта: «Ӕрӕвӕрут фынгтӕ». 32 Иосифӕн ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, ӕфсымӕртӕн дӕр – хицӕнӕй, стӕй ма Иосифимӕ чи хордта, уыцы мысырӕгтӕн дӕр – хицӕнӕй. Уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ дзуттӕгтимӕ иу фынгыл нӕ бадтысты – ӕлгъаг сӕм касти. 33 Ӕфсымӕртӕ Иосифы раз бадтысты сӕ кармӕ гӕсгӕ – куыдхистӕрӕй, дисгӕнгӕ кастысты кӕрӕдзимӕ. 34 Хӕринӕгтӕ сын хастой Иосифы фынгӕй, Вениамины хай иннӕты хӕйттӕй уыди фондз хатты стырдӕр. Ӕфсымӕртӕ нуӕзтой ӕмӕ минас кодтой Иосифимӕ.
44Иосиф фӕлвары йе ’фсымӕрты
1 Иосиф йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Ацы адӕмӕн сӕ бон цас ахӕссын бауыдзӕн, уый бӕрц сын сӕ голджытӕ байдзаг кӕн хорӕй. Ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йе ’взист нывӕр йӕ голладжы комы. 2 Кӕстӕр ӕфсымӕр хорӕн цы бафыста, йӕ уыцы ӕвзистимӕ йын йӕ голладжы комы нывӕр ме ’взист кӕхц». Уынаффӕгӕнӕг бакодта, Иосиф ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 3 Куыддӕр ӕрбабон, афтӕ ӕфсымӕрты ауагътой сӕ хӕрджытимӕ. 4 Сахарӕй дард нӕма ацыдысты, афтӕ Иосиф йӕ уынаффӕгӕнӕгӕн загъта: «Ӕвӕстиатӕй фӕсте асур уыцы адӕмы. Куы сӕ баййафай, уӕд сын зӕгъ: „Нӕ хорзӕн нын ӕвзӕрӕй цӕмӕн бафыстат? 5 Цӕмӕн ахастат, мӕ хицау кӕмӕй нуазы ӕмӕ дӕсны кӕуыл фӕрсы, уыцы кӕхц? Ӕвзӕр ми бакодтат“». 6 Уынаффӕгӕнӕг сӕ баййӕфта ӕмӕ сын загъта уыцы ныхӕстӕ. 7 Уыдон дзуапп радтой: «Не ’лдар цӕмӕн афтӕ зӕгъы? Нӕ, дӕ цагъартӕ дард сты ахӕм хъуыддагӕй. 8 Нӕ голджыты комы цы ӕвзист ссардтам, уый дын мах суанг Ханааны зӕххӕй фӕстӕмӕ куы ӕрхастам. Уӕд мах нӕ хицауы хӕдзарӕй куыд хъуамӕ адавӕм ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕрин? 9 Уыцы кӕхц дӕ цагъартӕй кӕмӕ разына, уый амӕлӕд; мах та цагъартӕ уыдзыстӕм нӕ хицауӕн». 10 Уый сын загъта: «Хорз, сымах куыд загътат, афтӕ уӕд: кӕхц кӕмӕ разына, уый мын суыдзӕн цагъар, иннӕтӕ азымджын нӕ уыдзысты». 11 Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕ уайтӕккӕ ӕристой зӕхмӕ, алчидӕр сӕ райхӕлдта йӕ голлаг. 12 Баджигул сӕм кодта хистӕрӕй кӕстӕрмӕ. Кӕхц разынди Вениамины голладжы. 13 Ӕфсымӕртӕ ӕррӕдывтой сӕ дарӕс, стӕй сӕ алчидӕр уаргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл ӕмӕ раздӕхтысты сахармӕ. 14 Иосиф ма хӕдзары уыди; Иуда йӕм бацыд йӕ ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты йӕ разы. 15 Иосиф сын загъта: «Уый цы бакуыстат? Мӕн хуызӕн адӕймагӕн дӕсны фӕрсыны руаджы кӕй раргом уыдзӕн, уый нӕ зыдтат, мыййаг?» 16 Иуда дзуапп радта: «Цы зӕгъын нӕ бон у мӕ хицауӕн? Цы йын зӕгъӕм? Нӕхи цӕмӕй сраст кӕнӕм? Хуыцау равдыста дӕ цагъарты азым. Ныр мах нӕ хицауы цагъартӕ стӕм – мах дӕр, стӕй кӕхц кӕмӕ разынд, уый дӕр». 17 Фӕлӕ Иосиф загъта: «Нӕ, ӕз дард дӕн ахӕм хъуыддагӕй. Кӕхц кӕмӕ разынд, уый уыдзӕни мӕ цагъар, сымах та фарнимӕ аздӕхут уӕ фыдмӕ». 18 Уӕд ӕм бацыд Иуда ӕмӕ йын загъта: «Ме ’лдар, дӕ цагъарӕн ратт дӕуӕн ныхас зӕгъыны бар; ӕмӕ ма смӕсты у дӕ цагъармӕ – ды фараоны ӕмсӕр дӕ, афтӕмӕй дӕм мӕ ныфс бахастон. 19 Ме ’лдар фарста йӕ цагъарты: „Фыд кӕнӕ уын ӕфсымӕр ис?“ 20 Мах дзуапп радтам не ’лдарӕн: „Ис нын зӕронд фыд ӕмӕ кӕстӕр ӕфсымӕр – нӕ фыдӕн ӕрӕджиауы фырт; йе ’фсымӕр амард ӕмӕ мадызӕнӕгӕй ӕрмӕст уый баззад; ӕмӕ йӕ нӕ фыд бирӕ уарзы“. 21 Ды дӕ цагъартӕн загътай: „Ӕркӕнут мӕм уе ’фсымӕры, ӕмӕ йӕ фенон“. 22 Мах ме ’лдарӕн дзуапп радтам: „Лӕппуйӕн йӕ фыды ныууадзын йӕ бон нӕу; куы йӕ ныууадза, уӕд йӕ фыд зӕрдӕскъуыд фӕуыдзӕн“. 23 Фӕлӕ ды дӕ цагъартӕн загътай: „Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уемӕ куы нӕ ӕрцӕуа, уӕд мын уӕхи ма равдисут“. 24 Мах дӕ цагъармӕ, нӕ фыдмӕ, куы ӕрбацыдыстӕм, уӕд ын радзырдтам, ме ’лдар нын цы загъта, уый. 25 Нӕ фыд нын загъта: „Ногӕй та ацӕут ӕмӕ нын иуцасдӕр хойраг балхӕнут“. 26 Мах ын дзуапп радтам: „Цӕуӕн нын нӕй – нӕ кӕстӕр ӕфсымӕр немӕ куы уа, ӕрмӕст уӕд ацӕудзыстӕм. Уымӕн ӕмӕ нӕ кӕстӕр ӕфсымӕр немӕ куы нӕ уа, уӕд уыцы лӕджы раз ӕрлӕууын нӕ бон нӕу“. 27 Ӕмӕ нын дӕ цагъар, нӕ фыд, загъта: „Сымах зонут, мӕ ус мын дыууӕ фырты кӕй ныййардта, уый. 28 Иу дзы ацыди мӕнӕй ӕмӕ ӕз загътон: ‘Бӕлвырд ӕй сырд бахордта’. Ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нал федтон. 29 Ай дӕр ма мын куы акӕнат ӕмӕ йыл исты куы ӕрцӕуа, уӕд мӕ зӕрондӕй утӕхсӕнгӕнгӕ ингӕнмӕ арвитдзыстут“. 30 Ныр дӕ цагъармӕ, нӕ фыдмӕ, куы ӕрыздӕхон, ӕмӕ йӕ удыйас кӕй уарзы, уыцы лӕппу немӕ куы нӕ уа, 31 Ӕмӕ лӕппу немӕ кӕй нӕй, уый нӕ фыд куы фена, уӕд амӕлдзӕн. Афтӕмӕй дӕ цагъартӕ нӕ зӕронд фыды, дӕ цагъары утӕхсӕнгӕнгӕ арвитдзысты ингӕнмӕ. 32 Лӕппу ме ’вджид кӕй уыдзӕн, ӕмӕ йыл кӕй ницы ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй ӕз, дӕ цагъар, мӕ фыдӕн дзырд радтон: „Куы нӕ дӕм ӕй ӕркӕнон, мӕ фыд, уӕд дӕ разы азымджын уыдзынӕн, цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ“. 33 Ӕмӕ дын ныр ӕз, дӕ цагъар, лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй лӕппуйы бӕсты ме ’лдарӕн цагъарӕй баззайон ӕз; лӕппуйы та ауадз йе ’фсымӕртимӕ. 34 Лӕппу мемӕ куы нӕ уа, уӕд афтӕмӕй куыд аздӕхон мӕ фыдмӕ? Мӕн нӕ фӕнды мӕ фыды стыр хъыг фенын».
45Иосиф йӕхи бацамыдта йе ’фсымӕртӕн
1 Йӕ цуры чи уыди, уыдоны раз Иосиф йӕхиуыл фӕхӕцын нал фӕрӕзта, ӕмӕ ныхъхъӕр ласта: «Уеппӕт дӕр ацӕут ардыгӕй!» Ӕмӕ йӕ цуры куы ничиуал баззад, уӕд йе ’фсымӕртӕн базонын кодта йӕхи. 2 Афтӕ хъӕрӕй скуыдта, ӕмӕ йӕ фехъуыстой мысырӕгтӕ. Хабар байхъуысти фараоны хӕдзармӕ дӕр. 3 Иосиф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Иосиф дӕн! Мӕ фыд ма удӕгас у?» Йе ’фсымӕртӕ фыртӕссӕй афтӕ фӕджих сты, ӕмӕ йын дзуапп раттын сӕ бон нал уыд. 4 Уӕд сын Иосиф загъта: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут». Уыдон ӕм куы бацыдысты, уӕд та сын загъта: «Ӕз Иосиф дӕн, сымах Мысырмӕ кӕй ауӕй кодтат, уӕ уыцы ӕфсымӕр. 5 Фӕлӕ ныр ма тыхсут ӕмӕ уӕхи ма хӕрут, ардӕм мӕ кӕй рауӕй кодтат, ууыл. Уымӕн ӕмӕ мӕн уӕ цурӕй ардӕм Хуыцау рарвыста, цӕмӕй сымах баззайат удӕгасӕй. 6 Стонг рӕстӕг бӕстӕйы дыууӕ азы размӕ райдыдта, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр – най. 7 Хуыцау мӕ ардӕм рарвыста уӕ разӕй, цӕмӕй диссагӕн фервӕзат, ӕмӕ уый руаджы баззайат зӕххыл. 8 Уӕдӕ мӕ ардӕм сымах нӕ рарвыстат, фӕлӕ мӕн фараонӕн фыдӕн, йеппӕт хӕдзары ӕмӕ ӕппӕт мысыраг бӕстӕйы хицауӕй цы Хуыцау сӕвӕрдта, Уый мӕ рарвыста. 9 Рӕвдздӕр ацӕут мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъут: „Афтӕ зӕгъы дӕ фырт Иосиф: ‘Хуыцау мӕ ӕппӕт Мысырӕн сӕвӕрдта ӕлдарӕй. Ӕрцу мӕм ӕвӕстиатӕй. 10 Ӕрцӕрдзынӕ Гесемы зӕххыл. Дӕхӕдӕг ӕмӕ дӕ фырттӕ, дӕ фыртты цот, фысвос ӕмӕ стуртӕ – уеппӕт дӕр уыдзыстут мӕ фарсмӕ. 11 Ӕххормаг рӕстӕг ма фондз азы ахӕсдзӕн, ӕмӕ уӕ фӕдардзынӕн, науӕд сгӕвзыкк уыдзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзар ӕгасӕй дӕр’“. 12 Сымах дӕр ӕмӕ ме ’фсымӕр Вениамин дӕр уӕхи цӕстӕй уынут, уемӕ ныхасгӕнӕг Иосиф кӕй у, уый. 13 Мысыры мын цы стыр кад ис, стӕй цытӕ федтат, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй радзурут мӕ фыдӕн, ӕмӕ йӕ тагъддӕр ӕрхонут ардӕм». 14 Иосиф ныттыхст йе ’фсымӕр Вениамины ӕфцӕгыл ӕмӕ куыдта; Вениамин дӕр ын ныттыхст йе ’фцӕгыл ӕмӕ куыдта. 15 Иосиф йе ’фсымӕртӕй алкӕмӕн дӕр батӕ ӕмӕ хъӕбыстӕ кодта кӕугӕйӕ. Уый фӕстӕ ӕфсымӕртӕн бацайдагъ ныхас Иосифимӕ.
Фараон хоны Иаковы
16 Фараоны хӕдзармӕ байхъуыст Иосифы ӕфсымӕрты ӕрцыды хабар, ӕмӕ ӕхсызгон уыди фараонӕн ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн. 17 Фараон Иосифӕн загъта: «Де ’фсымӕртӕн зӕгъ: „Бакӕнут афтӕ: уӕ хӕрджытыл сӕвӕрут уӕргътӕ ӕмӕ рӕвдздӕр ацӕут Ханааны зӕхмӕ; 18 Ракӕнут уӕ фыды, уӕ бинонты ӕмӕ ӕрцӕут мӕнмӕ. Ӕз уын ратдзынӕн Мысыры хуыздӕр зӕххытӕ, ӕмӕ цӕрдзыстут уыцы зӕххы сойӕ“. 19 Ды та де ’фсымӕртӕн ноджыдӕр бафӕдзӕхс: „Мысырӕй акӕнут бӕхуӕрдӕттӕ уӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ уӕ устытӕн; ракӕнут уӕ фыды ӕмӕ ӕрцӕут. 20 Уӕ хӕдзары дзаумӕттӕ ныууадзын уӕм ӕвгъау ма фӕкӕсӕд, уымӕн ӕмӕ Мысыры зӕххыл хуыздӕр цы ис, уый сымах уыдзӕн“». 21 Израилы фырттӕ бакодтой, куыд сын загъдӕуыд, афтӕ. Иосиф сын, фараоны бардзырдмӕ гӕсгӕ, радта бӕхуӕрдӕттӕ, фӕндагмӕ сын семӕ нывӕрдта хойраг. 22 Алкӕмӕн дӕр сӕ радта иу фӕлыст дарӕс, Вениаминӕн та – ӕртӕсӕдӕ ӕвзист ӕхцайы ӕмӕ фондз фӕлысты дарӕс. 23 Йӕ фыдӕн дӕр арвыста дӕс хӕрӕджы, Мысыры хуыздӕрӕй цы уыди, уымӕй дзаг уӕргътимӕ, ӕмӕ дӕс мадӕл хӕрӕджы – хоры, дзулы ӕмӕ ӕндӕр хойраджы уӕргътимӕ фӕндагмӕ. 24 Уый фӕстӕ Иосиф арвыста йе ’фсымӕрты. Куы цыдысты, уӕд сын загъта: «Фӕндагыл уӕм быцӕу ма рауайӕд». 25 Ӕфсымӕртӕ араст сты Мысырӕй ӕмӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕхмӕ, сӕ фыд Иаковмӕ, 26 Ӕмӕ йын радзырдтой: «Удӕгас у Иосиф, ӕппӕт Мысыры бӕстӕйӕн ӕлдариуӕг кӕны». Иаков фӕуыргъуыйау, уымӕн ӕмӕ сыл не ’ууӕндыд. 27 Фӕлӕ сын Иосиф цыдӕриддӕр загъта, ӕппӕт уыдӕттӕ йын куы радзырдтой, йӕ аласынӕн Иосиф цы бӕхуӕрдӕттӕ рарвыста, уыдон куы федта, уӕд Иаковы уӕнгты тых бацыди. 28 Израил загъта: «Мӕ фырт Иосиф удӕгас кӕй у, уый мын ӕгъгъӕд фӕуӕд. Цалынмӕ нӕ амардтӕн, уӕдмӕ фӕцӕуон ӕмӕ йӕ фенон».
46Иаков араст Мысырмӕ
1 Израил йеппӕт мулкимӕ араст йӕ фӕндагыл, ӕмӕ ӕрцыди Вирсавимӕ; уым нывонд ӕрхаста йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн. 2 Израилмӕ ӕхсӕвы цӕстылуайӕны фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Иаков, Иаков!» Иаков дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 3 Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Мысырмӕ ацӕуынӕй ма тӕрс. Уым Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн разагъды адӕм. 4 Ӕз Мысырмӕ ацӕудзынӕн демӕ; Ӕз дӕ ракӕндзынӕн фӕстӕмӕ дӕр. Иосиф йӕхи къухӕй ӕрӕхгӕндзӕни дӕ цӕстытӕ». 5 Иаков ацыди Вирсавийӕ; Израилы фырттӕ сӕ фыды, сӕ сывӕллӕтты, сӕ устыты сӕвӕрдтой, Иаковы аласынӕн фараон цы бӕхуӕрдӕттӕ рарвыста, уыдоныл. 6 Ханааны цы фос ӕмӕ мулк ӕрбамбырд кодтой, уыимӕ Иаков ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ ӕрцыдысты Мысырмӕ. 7 Иаков Мысырмӕ йемӕ ӕркодта йӕ фыртты сӕ фырттимӕ, йӕ чызджыты ӕмӕ йӕ фыртты чызджыты – йеппӕт байзӕддӕгты. 8 Иаковы фырттӕй Мысырмӕ чи ӕрцыд, мӕнӕ уыдоны нӕмттӕ. Иаков ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ: Иаковы хистӕр фырт Рувим; 9 Рувимы фырттӕ: Ханох ӕмӕ Фаллу, Хецрон ӕмӕ Харми; 10 Симеоны фырттӕ: Иемуил, Иамин, Огад, Иахин, Цохар ӕмӕ Саул, ханаанаг сылгоймагӕй райгуырӕг; 11 Левийы фырттӕ: Гирсон, Кааф ӕмӕ Мерари; 12 Иудайы фырттӕ: Эр, Онан, Шела, Фарес ӕмӕ Зара (Эр ӕмӕ Онан амардысты Ханааны). Фаресы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул. 13 Иссахары фырттӕ: Фола, Фува, Йов ӕмӕ Шимрон. 14 Завулоны фырттӕ: Серед, Елон ӕмӕ Иахлеил. 15 Уыдон сты, Лиа Иаковӕн ПадданАрамы кӕй ныййардта, йӕ уыцы фырттӕ ӕмӕ йӕ чызг Динӕ; уыцы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ ӕдӕппӕт уыдысты ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз адӕймаджы. 16 Гады фырттӕ: Цифион, Хагги, Шуни, Эцбон, Эри, Ароди ӕмӕ Арели. 17 Асиры фырттӕ: Имна, Ишва, Ишви, Бриа ӕмӕ сӕ хо Серах. Бриайы фырттӕ: Хевер ӕмӕ Малхиил. 18 Уыдоны Иаковӕн ныййардта, Лаван йӕ чызг Лиайӕн кӕй радта, уыцы Зелфӕ – ӕдӕппӕт ӕхсӕрдӕс адӕймаджы. 19 Иаковы ус Рахилы лӕппутӕ: Иосиф ӕмӕ Вениамин. 20 Иосифӕн Мысыры бӕстӕйы райгуырдысты Манасси ӕмӕ Ефрем. Ныййардта йын сӕ Асенафӕ – Оны дины лӕг ПотиФеры чызг. 21 Вениамины фырттӕ: Бела, Бехер, Ашбел, Гера, Нааман, Эхи, Рош, Муппим, Хуппим ӕмӕ Ард. 22 Уыцы фырттӕ Иаковӕн райгуырдысты Рахилӕй – ӕдӕппӕт цыппӕрдӕс адӕймаджы. 23 Даны фырт: Хушим. 24 Неффалимы фырттӕ: Иахцеил, Гуни, Иецер ӕмӕ Шиллем. 25 Уыдоны Иаковӕн ныййардта, Лаван йӕ чызг Рахилӕн кӕй радта, уыцы Валлӕ – ӕдӕппӕт авд адӕймаджы. 26 Иаковимӕ йӕ байзӕддӕгтӕй Мысырмӕ чи ӕрцыд (ӕнӕ йӕ фыртты устытӕй), уыдон ӕдӕппӕт уыдысты ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдз; 27 Стӕй Иаковӕн Мысыры чи райгуырди, уыцы дыууӕ фырты. Афтӕмӕй Мысырмӕ чи ӕрцыд, Иаковы уыцы бинонтӕ уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймаджы.
Иаков ӕмӕ йӕ бинонтӕ – Мысыры
28 Иаков йӕ разӕй Иудайы арвыста Иосифмӕ, цӕмӕй сын Гесеммӕ бацамона фӕндаг. Гесемы зӕхмӕ куы ӕрцыдысты, 29 Уӕд Иосиф сифтонг кодта йӕ хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ ацыди Гесеммӕ, йӕ фыд Израилы размӕ. Куы фембӕлдысты, уӕд ыл ныттыхст ӕмӕ дзӕвгар фӕкуыдта. 30 Израил Иосифӕн загъта: «Ныр мын мӕлын ӕнцон у, уымӕн ӕмӕ удӕгас кӕй дӕ, уый федтон мӕхи цӕстӕй». 31 Йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фыды хӕдзаронтӕн Иосиф загъта: «Ӕз ацӕуон фараонмӕ ӕмӕ йын зӕгъон: „Ӕрцыдысты мӕм, Ханааны бӕстӕйы чи уыди, мӕ уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ мӕ фыды хӕдзаронтӕ. 32 Уыцы адӕм сты фыййӕуттӕ, фосдарджытӕ; сӕ фысвос, се стуртӕ ӕмӕ ма сӕм цыдӕриддӕр уыд, уый семӕ ис“. 33 Фараон уӕм куы басида ӕмӕ уӕ куы бафӕрса: „Цы дӕсныйад уӕм ис?“, 34 Уӕд ын дзуапп раттут: „Мах, дӕ цагъартӕ, не ’взонджы бонтӕй нырмӕ, нӕ фыдӕлтау, фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕ ӕрцӕрын кӕндзысты Гесемы зӕххыл. Уымӕн ӕмӕ фыййау мысырӕгты цӕсты ӕлгъаг у».
47Иаков ӕрцарди Гесемы
1 Иосиф ӕрцыди фараонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ сӕ фысвос ӕмӕ стуртимӕ, цы сӕм ис, уыцы мулкимӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй, ӕмӕ ныртӕккӕ сты Гесемы». 2 Иосиф йе ’фсымӕртӕй равзӕрста фондзы ӕмӕ сӕ ӕрлӕууын кодта фараоны раз. 3 Фараон ӕфсымӕрты бафарста: «Цавӕр куыстмӕ арӕхсут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау, фыййӕуттӕ стӕм». 4 Фараонӕн ноджыдӕр загътой: «Мах ӕрцыдыстӕм ацы зӕххыл иуцасдӕр фӕцӕрынмӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ цагъарты фосӕн сӕрвӕттӕ нал ис – Ханааны бӕстӕ тынг ӕххормаг у. Ӕмӕ дӕ ныр курӕм: дӕ цагъартӕн ратт Гесемы зӕххыл ӕрцӕрыны бар». 5 Фараон Иосифӕн загъта: «Дӕ фыд ӕмӕ де ’фсымӕртӕ дӕумӕ ӕрцыдысты. 6 Мысыры зӕхх дӕ разы ис. Тӕккӕ хуыздӕр зӕххыл ӕрцӕрын кӕн дӕ фыд ӕмӕ де ’фсымӕрты; ӕрцӕрӕд Гесемы. Кӕд се ’хсӕн арӕхстджын фыййӕуттӕ ис, уӕд сын мӕ фос бакӕн сӕ бӕрны». 7 Иосиф йӕ фыд Иаковы дӕр бахуыдта ӕмӕ йӕ базонын кодта фараонӕн; Иаков фараонӕн арфӕ ракодта. 8 Фараон бафарста Иаковы: «Цал азы дыл цӕуы?» 9 Иаков ын дзуапп радта: «Сӕдӕ ӕртын азы дӕн бӕлццон ацы зӕххыл. Мӕ царды бонтӕ цыбыр ӕмӕ тухӕйнаг уыдысты. Мӕ фыдӕлтӕ мӕнӕй фылдӕр фӕцардысты». 10 Иаков арфӕ ракодта фараонӕн ӕмӕ ацыд. 11 Иосиф йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕрцӕрын кодта Мысыры, Рамсесы зылды, ӕмӕ сын уым радта хуыздӕр зӕххытӕ, фараон куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 12 Иосиф йӕ фыдӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, йӕ фыды ӕппӕт хӕдзарӕн ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр хойраг лӕвӕрдта, кӕмӕ цал даринаджы уыди, уымӕ гӕсгӕ.
Иосиф зӕхх ӕлхӕны фараонӕн
13 Ӕгас зӕххыл хойраг нал уыди; стонг афтӕ стыхджын, ӕмӕ сгӕвзыкк сты Мысыр дӕр ӕмӕ Ханаан дӕр. 14 Адӕм цы хор ӕлхӕдтой, уымӕй Иосиф ӕрӕмбырд кодта Мысыры ӕмӕ Ханааны ӕппӕт ӕхца ӕмӕ йӕ радта фараоны хӕдзармӕ. 15 Афтӕмӕй Мысыры дӕр ӕмӕ Ханааны дӕр ӕхца никӕмӕуал баззад. Уӕд мысырӕгтӕ сеппӕт дӕр ӕрцыдысты Иосифмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ратт нын хор; ӕхца нӕм нал ис, ӕмӕ дӕ цӕсты раз ӕххормагӕй хъуамӕ амӕлӕм?» 16 Иосиф сын загъта: «Кӕд уӕм ӕхца нал ис, уӕд ӕртӕрут уӕ фос, ӕмӕ уын сӕ хойрагыл баивдзынӕн». 17 Уӕд уыдон Иосифмӕ тардтой сӕ фос, ӕмӕ сын сӕ бӕхты, сӕ фосы дзугты ӕмӕ рӕгъӕутты, сӕ хӕрджыты хыгъдмӕ лӕвӕрдта хойраг; Иосиф сӕ уыцы аз сеппӕт фосы хыгъдмӕ ӕфсӕста хорӕй. 18 Уыцы аз ахицӕн; инназ та йӕм ӕрцыдысты ӕмӕ йын загътой: «Дӕуӕй, нӕ хицау, ницы бамбӕхсдзыстӕм: не ’хца фӕци; нӕ фосы дзугтӕ дӕр дӕу баисты; дӕуӕн раттынӕн нӕм, нӕ хицау, нӕхицӕй ӕмӕ нӕ зӕххытӕй фӕстӕмӕ ницуал баззади. 19 Дӕ цӕстыты раз цӕмӕн хъуамӕ фесӕфӕм нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр? Нӕ зӕххытимӕ нӕ балхӕн хорӕй; нӕ зӕххытимӕ фараонӕн уыдзыстӕм цагъартӕ. Ды та нын ратт мыггаг, цӕмӕй баззайӕм удӕгасӕй ӕмӕ зӕхх раууатмӕ ма ӕрцӕуа». 20 Иосиф ӕппӕт мысыраг зӕхх балхӕдта фараонӕн. Мысырагӕй алчидӕр ауӕй кодта йӕ зӕххы хай, уымӕн ӕмӕ ӕххормагӕй сӕфтысты. Афтӕмӕй зӕхх баци фараоны. 21 Адӕмы та, Мысыры иу кӕронӕй иннӕмӕ, Иосиф скодта цагъартӕ. 22 Ӕрмӕст Мысыраг дины лӕгты зӕххытӕ нӕ балхӕдта; уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ зӕххы хай фараонӕй истой, ӕмӕ цардысты, фараон сын цы хай радта, уымӕй; уымӕ гӕсгӕ сӕ зӕхх нӕ ауӕй кодтой. 23 Иосиф адӕмӕн загъта: «Ныр уын ӕз уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ зӕхх дӕр балхӕдтон фараонӕн; мӕнӕ уын мыггаг, ӕмӕ байтаут хуым. 24 Хуымгӕрдӕнты рӕстӕг хоры фӕндзӕймаг хай дӕттут фараонӕн; иннӕ цыппар хайы та баззайдзысты уӕхицӕн – уӕ хуымтӕ тауынӕн, стӕй уӕхи, уӕ хӕдзаронты ӕмӕ уӕ цоты дарынӕн». 25 Уыдон ын загътой: «Ды нӕ бахызтай мӕлӕтӕй; уӕдӕ нӕ не ’лдары хорзӕх уӕд: мах фараонӕн уыдзыстӕм цагъартӕ». 26 Афтӕмӕй Иосиф Мысыры бӕстӕйы ӕрӕвӕрдта, абон дӕр ма йӕ тыхы чи ис, ахӕм ӕгъдау: зӕххы ӕппӕт бӕркады фӕндзӕймаг хай фараоны у: ӕрмӕст дины лӕгты зӕххы бӕркады фӕндзӕймаг хай нӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны зӕхх фараоны нӕ баци.
Иаковы фӕстаг курдиат
27 Израилӕгтӕ ӕрцардысты мысыраг зӕххыл, Гесемы; зӕхх уыди сӕхи, цот уагътой ӕмӕ тынг сбирӕ сты. 28 Иаков Мысыры фӕцард ӕвддӕс азы; ӕдӕппӕт та – сӕдӕ цыппор авд азы. 29 Израилӕн йӕ мӕлӕты афон куы ӕрхӕстӕг, уӕд басидт йӕ фырт Иосифмӕ ӕмӕ йын загъта: «Кӕд дӕ мӕнӕн хорзы бацӕуын фӕнды, уӕд дӕ къух ӕрӕвӕр мӕ сины рӕбын ӕмӕ мын дзырд ратт, дӕ хорзӕх мӕм кӕй равдисдзынӕ, уый тыххӕй – ма мӕ баныгӕн Мысыры. 30 Фӕлӕ мӕ фыдӕлтӕм куы аивгъуыйон, уӕд мӕ алас Мысырӕй, ӕмӕ кӕм ныгӕд сты, уым мӕ бафснай». Иосиф ын дзуапп радта: «Куыд мын загътай, афтӕ бакӕндзынӕн». 31 Иаков ын загъта: «Расомы кӕн». Иосиф куы расомы кодта, уӕд Иаков ӕрӕнцой кодта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ ныллӕг акуывта.
48Иаковы арфӕ Иосифы цотӕн
1 Уыцы цауты фӕстӕ Иосифӕн загътой: «Дӕ фыд рынчын у». Уӕд Иосиф йемӕ акодта йӕ дыууӕ фырты – Манасси ӕмӕ Ефремы. 2 Иаковӕн загътой: «Дӕ фырт Иосиф дӕм ӕрцыд». Израил зынтӕй рабадт йӕ хуыссӕны 3 Ӕмӕ Иосифӕн загъта: «Лузы, Ханааны зӕххыл, мӕнмӕ фӕзынди Ӕппӕтхъомыс Хуыцау, арфӕ мыл бафтыдта, 4 Ӕмӕ мын загъта: „Ӕз дын ратдзынӕн бирӕ байзӕддӕгтӕ, сбирӕ дӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рауадздзынӕн бирӕ адӕмтӕ, ӕмӕ дӕ фӕстӕ ацы зӕхх ӕнусмӕ ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн“. 5 Ӕз дӕм цалынмӕ Мысырмӕ ӕрцыдтӕн, уӕдмӕ дын Мысыры чи райгуырди, ныр дӕ уыцы дыууӕ фырты, Ефрем ӕмӕ Манасси, мӕн сты, Рувим ӕмӕ Симеон мӕн куыд сты, афтӕ. 6 Сӕ фӕстӕ дын цы сывӕллӕттӕ райгуыра, уыдон та дӕхи уыдзысты. Фӕлӕ нымад уыдзысты се ’фсымӕрты мыггагыл, ӕмӕ сӕ хай райсдзысты уыдоны зӕххӕй. 7 Ӕз Падданӕй куы рацыдтӕн ӕмӕ мӕ Ефрафӕмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд мын Ханааны зӕххыл амарди Рахил, ӕмӕ йӕ баныгӕдтон Ефрафӕмӕ (Вифлееммӕ) фӕндагыл». 8 Израил Иосифы фыртты куы федта, уӕд бафарста: «Чи сты?» 9 Иосиф йӕ фыдӕн дзуапп радта: «Хуыцау мын ам кӕй радта, мӕ уыцы фырттӕ». Иаков загъта: «Ӕрбакӕн мӕм сӕ, ӕмӕ сыл ӕз арфӕ бафтауон». 10 Израил зӕронд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цӕстӕй нал уыдта. Иосиф ӕм сӕ бакодта, Иаков сӕ йӕ хъӕбысы ӕрбатыхта ӕмӕ сын абатӕ кодта. 11 Израил загъта Иосифӕн: «Дӕу фенын ӕнхъӕл нал уыдтӕн; фӕлӕ ма мын Хуыцау дӕ сывӕллӕтты дӕр фенын кодта». 12 Иосиф лӕппуты райста Иаковы уӕрджытӕй, ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывта. 13 Уый фӕстӕ Иосиф Ефремы ӕрлӕууын кодта йӕ рахиз фарс – Израилы галиу къухы акомкоммӕ, Манассийы та йӕ галиу фарс – Израилы рахиз къухы акомкоммӕ, ӕмӕ йӕм бакодта сӕ дыууӕйы. 14 Фӕлӕ Израил радардта йӕ рахиз къух ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдта Ефремы сӕрыл, кӕд уый кӕстӕр уыди, уӕддӕр; йӕ къухтӕ дзуарӕвӕрд скӕнгӕйӕ, галиу къух ӕрӕвӕрдта Манассийы сӕрыл, кӕд Манасси хистӕр уыд, уӕддӕр. 15 Уый фӕстӕ Израил арфӕ бафтыдта Иосифыл: «Мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаак коммӕгӕс Кӕмӕн уыдысты, мӕ цӕргӕбонты мӕнӕн абонмӕ Фыййау Чи уыди, уыцы Хуыцау, 16 Мӕн ӕппӕт фыдбылызтӕй чи хизы, уыцы зӕд арфӕ ракӕнӕд ацы лӕппутӕн. Хӕссӕнт мӕ ном ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаакы ном, ӕмӕ зӕххыл сбирӕ уӕнт». 17 Иосиф федта, йӕ фыд рахиз къух Ефремы сӕрыл кӕй ӕрӕвӕрдта; ӕмӕ йын фӕхъыг. Уӕд ныххӕцыд йӕ фыды рахиз къухыл, цӕмӕй йӕ Ефремы сӕрӕй райса Манассийы сӕрмӕ. 18 Иосиф йӕ фыдӕн загъта: «Афтӕ нӕ, мӕ фыд; ай хистӕр лӕппу у; дӕ рахиз къух уый сӕрыл ӕрӕвӕр». 19 Фӕлӕ йӕ фыд не сразы, ӕмӕ йын загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын; уымӕй дӕр рацӕудзӕни разагъды адӕм. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уымӕй стырдӕр уыдзӕн. Йӕ байзӕддӕгтӕн нымӕц нӕ уыдзӕн». 20 Израил сыл уыцы бон арфӕ бафтыдта ӕмӕ загъта: «Сымах Израилы адӕмӕн уыдзыстут арфӕйаг. Уыдон дзурдзысты: „Хуыцау дӕ сбӕрзонд кӕнӕд Ефремау ӕмӕ Манассиау“». Афтӕмӕй Ефремы Манассийӕ сӕвӕрдта уӕлдӕр. 21 Уый фӕстӕ Израил Иосифӕн загъта: «Ныр ӕз мӕлын, фӕлӕ Хуыцау уыдзӕнис уемӕ ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ рахондзӕн уӕ фыдӕлты зӕхмӕ. 22 Иннӕ ӕфсымӕрты уӕлдай ӕз дӕуӕн дӕттын Сихем – цирхъ ӕмӕ йӕ фатӕй байстон аморрейӕгтӕй».
49Иаковы арфӕтӕ йӕ фырттӕн
1 Иаков басидт йӕ фырттӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕрӕмбырд мӕм ут, ӕмӕ уын ӕз зӕгъон, йӕ фидӕн уӕ кӕмӕн цавӕр уыдзӕн, уый. 2 Ӕрбамбырд ут ӕмӕ байхъусут, Иаковы фырттӕ, байхъусут уӕ фыд Израилмӕ. 3 Рувим, мӕ хистӕр фырт! Ды мӕ хъару дӕ, ме ’хсары фыццаг ӕвдисӕйнаг, тӕккӕ стырдӕр ӕмӕ тӕккӕ домбайдӕр. 4 Фӕлӕ абухтай цӕугӕдонау, ӕмӕ фыццаг нал уыдзынӕ. Уымӕн ӕмӕ ды схызтӕ дӕ фыды хуыссӕнмӕ, ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтай. 5 Симеон ӕмӕ Левий – ӕфсымӕртӕ. Сӕ цирхъытӕ – ӕгъатыр хӕцӕнгӕрзтӕ. 6 Сӕ сусӕгвӕндты семӕ нӕ уыдзынӕн, сӕ хъуыддӕгтӕй мӕхи нӕ фӕчъизи кӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ фырмӕстӕй мардтой нӕлгоймӕгты; хиирхӕфсынӕн лыг кодтой стурты нуӕрттӕ. 7 Ӕлгъыст у сӕ маст, уымӕн ӕмӕ йын бауромӕн нӕй; ӕлгъыст у сӕ фыцгӕ маст, уымӕн ӕмӕ ӕгъатыр у! Ныддихтӕ сӕ кӕндзынӕн Иаковы зӕххыл, ныххӕлиу сӕ кӕндзынӕн ӕппӕт Израилыл. 8 Иуда, дӕуӕн скад кӕндзысты де ’фсымӕртӕ. Дӕ къух – де знӕгты бӕрзӕйыл; ныллӕг дын кувдзысты дӕ фыды фырттӕ. 9 Ды ӕрыгон домбай дӕ, Иуда, ӕрыгон домбай, дӕ амӕттагӕй уӕлахизимӕ ӕрбаздӕхыс, мӕ фырт. Иуда домбайау зӕхмӕ нылхъывта йӕхи ӕмӕ ӕрхуыссыд. Иуда сылдомбайау у, ӕмӕ йӕ чи сыстын кӕндзӕни? 10 Паддзахиуӕг Иуда кӕндзӕн, ӕмӕ паддзахы лӕдзӕг йӕ байзӕддагмӕ уыдзӕн; уӕдмӕ ӕрцӕудзӕн, Паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый, ӕмӕ адӕмтӕ ӕрзоныг уыдзысты Йӕ разы. 11 Иуда йӕ хӕрӕг бӕтты сӕнӕфсиры бӕласыл, йӕ къӕлӕу та – хуыздӕр къалиуыл. Сӕны ӕхсы йӕ дарӕс, цупӕлтты туджы – йӕ уӕлӕфтау. 12 Йӕ цӕстытӕ – сӕнӕй тардӕр, йӕ дӕндӕгтӕ – ӕхсырӕй урсдӕр. 13 Завулон цӕрдзӕн денджызы былгӕрон, наулӕууӕны, Сидонмӕ аххӕсдзысты йӕ арӕнтӕ. 14 Иссахар фидарстӕг хӕрӕг у; хуыссы йӕ уӕргъты ӕхсӕн. 15 Уый уыны: хорз у йӕ фӕлладуадзӕн бынат, йӕ зӕхх ӕхцон у зӕрдӕйӕн; дӕлбар кусӕг у, ӕмӕ йӕ рагъ бадардта уаргъ сӕвӕрынмӕ. 16 Дан, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иу, тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмӕн. 17 Дан фӕндагыл уыдзӕни калмау, маргджын калмау къахвӕндагыл; бӕхы къахыл фӕхӕцы афтӕ, ӕмӕ йӕ барӕг ахауы фӕстӕрдӕм. 18 Кӕй мӕ фервӕзын кӕндзынӕ, ууыл дарын мӕ зӕрдӕ, Дунедарӕг Хуыцау! 19 Гадмӕ ӕрбабырсдзысты абырджытӕ, фӕлӕ сӕ лидзӕг фӕкӕндзӕн. 20 Асирӕн йӕ хор тугыл аскъуыди; паддзӕхтӕн хӕрзад хӕринӕгтӕ уый дӕтдзӕни. 21 Неффалим – сӕрибар сычъи, рӕсугъд сты йӕ лӕппынтӕ. 22 Иосиф – зад сӕнӕфсиры тала, зад сӕнӕфсиры тала суадоны былыл; йӕ къалиутӕ хилынц къулыл уӕлӕмӕ. 23 Бырстой йӕм фатӕхсджытӕ, скъӕрдтой йыл сӕ фаттӕ ӕмӕ хӕцыдысты йемӕ. 24 Фӕлӕ йӕ фат нӕ фӕтасыд, йӕ цонджы бацыд хъару Иаковы хъомысджын Хуыцауӕй, Израилы Фыййау ӕмӕ Мӕсыгӕй, 25 Дӕуӕн Чи ӕххуыс кӕны, дӕ фыды уыцы Хуыцауӕй. Йӕ арфӕтӕ дыл бафтаудзӕн Ӕппӕтхъомыс, бафтаудзӕни дыл уӕларвон арфӕтӕ, дӕле цы зӕхх ис, уый арфӕтӕ, арфӕгонд уыдзынӕ, бирӕ зӕнӕг ӕмӕ дын фос кӕй ратдзӕн, уымӕй. 26 Дӕ фыды арфӕтӕ рагон хӕхты арфӕтӕй, мӕ рагфыдӕлты арфӕтӕй уӕлдӕр сты. Уыдон ӕрцӕуӕнт Иосифы сӕрыл – йе ’фсымӕртӕй уӕлдӕр чи у, уый сӕрыл. 27 Вениамин – тугдзых бирӕгъ, сӕумӕйӕ хӕры йӕ амӕттаджы, изӕрӕй уары, цы байста, уый». 28 Ахӕмтӕ сты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы, ӕмӕ сын афтӕ загъта сӕ фыд, арфӕ сыл куы ӕфтыдта, уӕд. Алкӕуыл дӕр сӕ бафтыдта, цавӕры аккаг уыд, ахӕм арфӕ.
Иаковы мӕлӕт
29 Уый фӕстӕ Иаков бафӕдзӕхста йӕ фырттӕн: «Ӕз цӕуын мӕ рагфыдӕлтӕм; мӕ фыдӕлтимӕ мӕ баныгӕнут хеттаг Ефроны быдыры, лӕгӕты, 30 Ханааны зӕххыл, Мамремӕ хӕстӕг Махпелы быдыры чи ис, хеттаг Ефронӕй Авраам ныгӕнынӕн быдыримӕ иумӕ цы лӕгӕт балхӕдта, уым. 31 Уым ныгӕд сты Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ, уым ныгӕд сты Исаак ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕ; ӕз дӕр Лиайы уым баныгӕдтон. 32 Уыцы лӕгӕт быдыримӕ иумӕ ӕлхӕд ӕрцыди хеттӕгтӕй». 33 Иаков йӕ фырттӕн йӕ ныстуан куы загъта, уӕд йӕ къӕхтӕ ӕрӕвӕрдта хуыссӕныл, йӕ уд систа ӕмӕ аивгъуыдта йӕ рагфыдӕлтӕм.
50Иаковы баныгӕдтой Ханааны
1 Иосиф ныддӕлгом йӕ фыдыл, куыдта йыл ӕмӕ йын батӕ кодта. 2 Стӕй йӕ фӕсдзӕуинтӕн – дохтыртӕн загъта, буар ӕмбийын чи нӕ уадзы, йӕ фыды йын ахӕм сӕрмагонд хостӕй байсӕрдын. Ӕмӕ дохтыртӕ Израилы байсӕрстой ахӕм сӕрмагонд хостӕй. 3 Буар ӕмбийын чи нӕ уадзы, уыцы сӕрмагонд хостӕй Израилы мард байсӕрдынӕн цы дыууиссӕдз боны хъуыд, уыдон ахицӕн сты. Мысырӕгтӕ мардыл куыдтой дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз боны. 4 Израилы кӕуыны бонтӕ куы ахицӕн сты, уӕд фараоны фӕсдзӕуинтӕн Иосиф загъта: «Кӕд уӕ мӕнӕн хорзы бацӕуын фӕнды, уӕд уӕ курын ӕмӕ фараонӕн зӕгъут: 5 „Мӕ фыд мын дзырд раттын кодта ӕмӕ загъта: ‘Ӕз мӕлын; Ханааны зӕххыл мӕхицӕн цы лӕгӕт бакъахтон, уым мӕ баныгӕн’. Курын дӕ, ратт мын ацӕуыны ӕмӕ мӕ фыды баныгӕныны бар. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхдзынӕн“». 6 Фараон загъта: «Ацу ӕмӕ баныгӕн дӕ фыды, дзырд ын куыд радтай, афтӕ». 7 Иосиф ацыд йӕ фыды ныгӕнынмӕ. Йемӕ ацыдысты фараоны ӕппӕт фӕсдзӕуинтӕ, фараоны хӕдзары хистӕртӕ, уынаффӕгӕнджытӕ, Мысыры бӕстӕйы ӕппӕт хицӕуттӕ, 8 Иосифы ӕппӕт бинонтӕ, йе ’фсымӕртӕ, йӕ фыды хӕдзар ӕгасӕй дӕр. Ӕрмӕст сӕ сывӕллӕтты, сӕ фысвос ӕмӕ се стурты ныууагътой Гесемы. 9 Иосифимӕ ацыдысты хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ дӕр, барджытӕ дӕр – тынг бирӕ адӕм. 10 Иорданмӕ хӕстӕг бахӕццӕ сты ГоренАтадмӕ, ӕмӕ уым кӕуынтӕ систой мардыл. Ам Иосифы фыдыл фӕкуыдтой авд боны. 11 Адӕм мардыл ГоренАтады куыд куыдтой, уый уыцы зӕххы цӕрджытӕ, ханаанӕгтӕ, куы федтой, уӕд загътой: «Мысырӕгтӕ кӕуынӕй нал ӕнцайынц». Уымӕ гӕсгӕ Иорданмӕ хӕстӕг уыцы бынат схуындӕуыд Абел мицраим+ 50:11 Абел мицраим – дзуттагау амоны «мысырӕгты кӕуӕн».. 12 Афтӕ Иаковы фырттӕ сӕххӕст кодтой, сӕ фыд сын цы бафӕдзӕхста, уый. 13 Йӕ фырттӕ йын йӕ мард ахастой Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Авраам йӕ мӕрдты ныгӕнынӕн Мамрейы акомкоммӕ хеттаг Ефронӕй Махпелы быдыры цы лӕгӕт балхӕдта, уым. 14 Иосиф йӕ фыды баныгӕныны фӕстӕ йе ’фсымӕртимӕ, йӕ фыды баныгӕнынмӕ йемӕ чи ацыди, ӕппӕт уыдонимӕ ӕрбаздӕхти Мысырмӕ. 15 Сӕ фыды амӕлӕты фӕстӕ Иосифы ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Иосиф махӕй нырмӕ дӕр, чи зоны, йе сӕфт уыны; цы фыдбылыз ын сарӕзтам, уый тыххӕй йӕ махӕй, мыййаг, йӕ маст райсын куы бафӕнда». 16 Ӕмӕ арвыстой Иосифӕн зӕгъынмӕ: «Дӕ фыд йӕ амӕлӕты размӕ бафӕдзӕхста: „17 Иосифӕн зӕгъут афтӕ: ‘Курын дӕ, ныббар де ’фсымӕртӕн сӕ азым ӕмӕ сӕ тӕригъӕд, уымӕн ӕмӕ дын уыдон фыдбылыз сарӕзтой’“. Ӕмӕ ныр дӕ фыды Хуыцауы цагъартӕн ныббар сӕ азымтӕ». Уыцы ныхӕстӕ йын куы дзырдтой, уӕд Иосиф куыдта. 18 Ӕрбацыдысты йе ’фсымӕртӕ дӕр, ныддӕлгом сты йӕ разы ӕмӕ загътой: «Мах ныр дӕ цагъартӕ стӕм». 19 Иосиф сын загъта: «Ма тӕрсут. Ӕз, мыййаг, Хуыцау дӕн? 20 Сымахмӕ мӕнӕн фыдбылыз саразыны фӕнд уыди, фӕлӕ йӕ Хуыцау раивта хорзӕхӕй, цӕмӕй бакӕна, ныртӕккӕ куыд рауад, афтӕ: бирӕ адӕмы бахызта мӕлӕтӕй. 21 Уӕдӕ ма тӕрсут. Ӕз уын схӕсдзынӕн уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ цоты дӕр». Ӕмӕ сӕ ӕрсабыр кодта йӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй.
Иосифы мӕлӕт
22 Иосиф йӕ фыды бинонтимӕ цардис Мысыры; ӕмӕ фӕцарди сӕдӕ дӕс азы. 23 Ӕрӕййӕфта ма Ефремы цоты ӕртыккаг фӕлтӕр, стӕй ма Манассийы фырт Махиры сывӕллӕттӕ дӕр йӕ уӕрджытыл бадтысты. 24 Иухатт Иосиф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз мӕлын; фӕлӕ уӕм Хуыцау ӕнӕмӕнг ӕркӕсдзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм». 25 Иосиф Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта: «Хуыцау уӕм ӕркӕсдзӕн ӕнӕмӕнг, ӕмӕиу мын ме стджытӕ ахӕссут ардыгӕй». 26 Ӕмӕ амард Иосиф сӕдӕ дӕсаздзыдӕй. Буар ӕмбийын чи нӕ уадзы, ахӕм сӕрмагонд хостӕй йын байсӕрстой йӕ мард ӕмӕ йӕ Мысыры нывӕрдтой зӕппадзы.