Апостол Павелы фыстӕг галатӕгтӕм
11 Павелӕй, адӕмы уынаффӕмӕ гӕсгӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырыстийы фӕндӕй ӕмӕ Чырыстийы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд-Хуыцауы фӕндӕй апостолӕй кӕй сӕвӕрдӕуыд, уымӕй,1:1 Ап. хъ. 9:15.
2 Стӕй мемӕ чи ис, ӕппӕт уыцы ӕфсымӕртӕй Галатийы аргъуантӕм.
3 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.
4 Чырысти нӕ тӕригъӕдты тыххӕй Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна ацы мӕнгард дунейӕ – афтӕ бафӕндыди нӕ Фыд Хуыцауы.1:4 Мф. 20:28; Лк. 1:74.
5 Кад Ын уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.
Ӕндӕр фарны уац нӕй
6 Дисы мӕ ӕфтауы, Чырыстийы хорзӕхы фӕрцы уӕ Йӕхимӕ Ӕрхонӕгӕй ӕндӕр фарны уацмӕ уе ’ргом куыд тагъд здахын райдыдтат, уый.
7 Уый ӕндӕр фарны уац нӕу, ӕрмӕст ис, уӕ зонд уын чи змӕнты ӕмӕ Чырыстийы фарны уац сзыгъуыммӕ кӕнын кӕй фӕнды, ахӕмтӕ.1:7 Ап. хъ. 15:24.
8 Фӕлӕ уын суанг мах, кӕнӕ зӕд уӕларвӕй куы хъусын кӕна, мах уын кӕй нӕ хъусын кодтам, ахӕм фарны уац, уӕд ӕлгъыст фӕуӕд йӕ хъусынгӕнӕг.
9 Раздӕр цы дзырдтам, уый зӕгъын ныр дӕр: махӕй цы фарны уац фехъуыстат, уымӕй фӕстӕмӕ уын ӕндӕр фарны уац чи хъусын кӕны, уый ӕлгъыст фӕуӕд.
10 Ӕз абон адӕмы хорзӕхмӕ тырнын ӕви Хуыцауы? Мыййаг, адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл архайын? Абон дӕр ма ӕз адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл куы архаин, уӕд Чырыстийы цагъар нӕ уаин.1:10 1 Фес. 2:4.
Павелы апостолӕй Хуыцау сӕвӕрдта
11 Зонут ӕй, ме ’фсымӕртӕ: ӕз цы фарны уац фехъусын кодтон, уый адӕймагӕй нӕ рацыд.
12 Ӕз ӕй адӕймагӕй нӕ фехъуыстон, адӕймаг мын ӕй нӕ бацамыдта, фӕлӕ мын ӕй Йесо Чырысти раргом кодта.1:12 Ап. хъ. 26:16.
13 Ӕз иудейаг диныл хӕст куы уыдтӕн, уӕд цы уагӕй цардтӕн, Хуыцауы Аргъуан ӕгъатырӕй куыд ӕфхӕрдтон ӕмӕ йӕ фесафыныл куыд архайдтон, уый тыххӕй сымах фехъуыстат.1:13 Ап. хъ. 9:21.
14 Иудейаг диныл мӕхи хъарынӕй ӕз мӕ бирӕ дзуттаг ӕмгӕрттӕн фӕдӕн сӕ разӕй, ӕгӕр ӕнувыдӕй ӕххӕст кодтон мӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ.
15 Фӕлӕ ма мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕд мӕ Чи сӕвзӕрста, стӕй мӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы куы бафӕндыд1:15 Ап. хъ. 9:15.
16 Мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ фарны уац муртаттӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон.1:16 Эф. 3:8.
17 Мӕ размӕ апостол чи сси, уыдонмӕ нӕ ацыдтӕн Иерусалиммӕ, фӕлӕ ацыдтӕн Аравимӕ, уырдыгӕй та ӕрбаздӕхтӕн Дамаскмӕ.
18 Стӕй, ӕртӕ азы фӕстӕ, ацыдтӕн Иерусалиммӕ, цӕмӕй базонгӕ уон Кифӕимӕ; ӕмӕ йӕм фӕдӕн фынддӕс боны.1:18 Ап. хъ. 9:26.
19 Иннӕ апостолтӕй, Хицауы ӕфсымӕр Иаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.1:19 Мф. 13:55.
20 Цы уӕм фыссын, зӕгъын уын Хуыцауы раз, уымӕй та сайгӕ нӕ кӕнын.1:20 2 Кор. 11:31.
21 Уый фӕстӕ ацыдтӕн Сири ӕмӕ Киликимӕ.1:21 Ап. хъ. 9:30.
22 Иудейӕйы чи ис, Чырыстийы уыцы аргъуанты уырнджытӕн лӕгӕй-лӕгмӕ зонгӕ нӕ уыдтӕн.
23 Ӕрмӕст фехъуыстой, зӕгъгӕ, кӕддӕр сӕ чи ӕфхӕрдта, уый ныр, раздӕр йӕ фесафыныл кӕмӕн архайдта, уыцы уырнындзинады тыххӕй хъусын кӕны фарны уац.
24 Ӕмӕ мӕн тыххӕй кад кодтой Хуыцауӕн.
2Апостолты фембӕлд Павелимӕ
1 Фӕстӕдӕр, цыппӕрдӕс азы фӕстӕ, Варнавӕимӕ ногӕй ацыдтӕн Иерусалиммӕ, Титы дӕр акодтон немӕ.
2 Уырдӕм ацӕуын мын Хуыцауӕй раргом; ӕмӕ уым радзырдтон, муртаттӕн цы фарны уац хъусын кӕнын, уый тыххӕй, хицӕнӕй та ма – дзырддзӕугӕтӕн дӕр, цӕмӕй ма рауайа афтӕ, ӕмӕ ӕз дзӕгъӕлы фӕкуыстон кӕнӕ дзӕгъӕлы кусын.2:2 Флп. 2:16.
3 Ме ’мбӕлццон Тит бердзенаг уыди, фӕлӕ уымӕй дӕр сунӕт скӕнын нӕ домдтой,2:3 Ап. хъ. 16:3.
4 Кӕд нӕм мӕнгӕфсымӕртӕ куыддӕрты ӕрбаирвӕзтысты, уӕддӕр. Уыдон нӕм сӕхи ӕрбайстой, Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нын цы сӕрибар ис, уымӕ сусӕгӕй цӕст дарынмӕ ӕмӕ махӕй цагъартӕ скӕнынмӕ.2:4 Гал. 4:3.
5 Фӕлӕ сын мах нӕ басастыстӕм ӕмӕ иу сахаты бӕрц дӕр нӕ бахаудтам сӕ дӕлбар, цӕмӕй уӕм фарны уацы ӕцӕгад баззайа сыгъдӕгӕй.
6 Дзырддзӕугӕтыл нымад чи уыди – кӕдфӕнды-цыфӕнды сгуыхт ма уой, мӕнӕн уӕлдай нӕу, Хуыцау никӕй хъулон кӕны – уыдон мӕ фарны уацыл ницы бафтыдтой.2:6 Ап. хъ. 10:34; Ром. 2:11; Эф. 6:9.
7 Уый нӕ, фӕлӕ федтой, мӕнӕн баргонд кӕй у ӕнӕсунӕтгӕндтӕн фарны уац хъусын кӕнын, сунӕтгӕндтӕн хъусын кӕнын Петрӕн куыд баргонд у, афтӕ.2:7 Ап. хъ. 9:15.
8 Уымӕн ӕмӕ сунӕтгӕндтӕн Петры апостолӕй Чи сӕвӕрдта, мӕн дӕр муртаттӕн апостолӕй Уый сӕвӕрдта.
9 Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Иаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн – аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон – немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕм, уыдон та – сунӕтгӕндтӕм.
10 Ӕрмӕст куырдтой, цӕмӕй ма рох кӕнӕм мӕгуырты, ӕмӕ ӕз бацархайдтон афтӕ бакӕныныл.2:10 Ап. хъ. 24:17; Ром. 15:26; 1 Кор. 16:1; 2 Кор. 9:1.
Павел уайдзӕф кӕны Петрӕн
11 Фӕлӕ Кифӕ Антиохимӕ куы ӕрцыд, уӕд ӕз комкоммӕ радзырдтон йӕ ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ раст нӕ бакодта.
12 Иаковы ӕрвыст лӕгты ӕрцыды агъоммӕ Кифӕ муртаттимӕ бадтис иу фынгыл. Фӕлӕ уыдон куы ӕрцыдысты, уӕд, сунӕтгӕндтӕй кӕй тарсти, уымӕ гӕсгӕ байдыдта муртаттӕй йӕхи иуварс ласын.2:12 Ап. хъ. 21:20.
13 Йемӕ цӕстмӕмитӕ кодтой иннӕ иудейтӕ дӕр, суанг ма сӕ Варнавӕ дӕр бафӕзмыдта.
14 Фӕлӕ уыдон фарны уацы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ сӕхи кӕй нӕ дарынц, уый куы федтон, уӕд сеппӕты раз Кифӕйӕн загътон: «Кӕд ды, иудей, иудейау нӕ, фӕлӕ муртатау цӕрыс, уӕд муртатты иудейаг цардӕй цӕрыныл цӕмӕн ӕфтауыс?»2:14 Ап. хъ. 10:28.
Уырнындзинад – ирвӕзынгӕнӕг
15 Мах муртаттӕй рацӕуӕг тӕригъӕдджынтӕ не стӕм – туг-стӕгӕй стӕм иудейтӕ.
16 Фӕлӕ мах зонӕм, Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни, фӕлӕ ӕрмӕст Йесо Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах баууӕндыдыстӕм Йесо Чырыстийыл, цӕмӕй сраст уӕм Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы нӕ, фӕлӕ Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни.2:16 Ап. хъ. 13:38; Гал. 3:11; Тит. 3:7.
17 Кӕд Чырыстийы фӕрцы тырнӕм нӕхи сраст кӕнынмӕ, ӕмӕ уӕддӕр тӕригъӕдджынтӕ стӕм, уӕд уый, мыййаг, афтӕ амоны, ӕмӕ Чырысти тӕригъӕдӕн кусӕг у? Ницы хуызы!2:17 Ром. 3:19, 24.
18 Уымӕн ӕмӕ цы фехӕлдтон, уый кӕд ногӕй аразын, уӕд мӕхи ӕгъдаухалӕджы бынаты ӕвӕрын.
19 Ӕгъдауы фӕрцы ӕз амардтӕн Ӕгъдауӕн, цӕмӕй цӕрон Хуыцауӕн. Ӕз тыгъд ӕрцыдтӕн Чырыстиимӕ.2:19 1 Пет. 4:2; Ром. 7:6; 2 Кор. 5:15.
20 Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй.2:20 Ром. 6:6; Тит. 2:14.
21 Ӕз мӕхи нӕ тигъ кӕнын Хуыцауы хорзӕхыл. Уымӕн ӕмӕ адӕймаджы кӕд Ӕгъдау раст кӕны, уӕд Чырысти дзӕгъӕлы амард.
3Ӕгъдау ӕмӕ уырнындзинад
1 О ӕнӕзонд галатӕгтӕ! Цыма Йесо Чырыстийы сымахмӕ байтыгъдӕуыд, афтӕ уын ӕй куы равдыстӕуыди, уӕд уӕ чи фӕцӕсты кодта [ӕмӕ ӕцӕгады коммӕ ма кӕсат]?
2 Сымахӕй мӕ ӕрмӕстдӕр мӕнӕ уый базонын фӕнды: Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы схайджын стут Сыгъдӕг Удӕй, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы?3:2 Ап. хъ. 2:38; 10:43.
3 Ахӕм ӕнӕзонд стут? Сыгъдӕг Уды разамындӕй цы райдыдтат, уый ныр уӕхи хъарутӕй фӕуынмӕ хъавут?3:3 Гал. 5:7.
4 Цытӕ бавзӕрстат, уый дзӕгъӕлы фӕци? Ау, дзӕгъӕлы фӕци!
5 Ӕгъдау кӕй ӕххӕст кӕнут, Хуыцау уын Сыгъдӕг Уд уый руаджы дӕтты ӕмӕ уе ’хсӕн диссӕгтӕ уый фӕрцы кӕны, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы?
6 Афтӕ «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл».3:6 Иак. 2:23; Ром. 4:3.
7 Уӕдӕ зонут: уырнджытӕ сты Авраамы байзӕддӕгтӕ.3:7 Ин. 8:39.
8 Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртатты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта фарны уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».
9 Уӕдӕ уырнджытӕ уырнӕг Авраамимӕ сты арфӕгонд.
10 Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй ныфс кӕй ис, уыдон та сеппӕт дӕр ӕлгъыст сты. Уымӕн ӕмӕ фыст у: «Ӕгъдауы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, уыдӕттӕ иудадзыг чи не ’ххӕст кӕны, уый ӕлгъыст у».
11 Ӕгъдауы фӕрцы та Хуыцауы раз кӕй ничи сраст уыдзӕн, уый бӕлвырд у, уымӕн ӕмӕ «рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни».3:11 Ром. 1:17; Дзут. 10:38.
12 Ӕгъдау та уырнындзинадимӕ баст нӕу, фӕлӕ «йӕ чи сӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕн йӕ фӕрцы».
13 Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй – нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл кӕйдӕриддӕр ӕрцауыгъдӕуыд, уый ӕлгъыст у».3:13 1 Пет. 2:24; Ром. 8:3.
14 Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй Хуыцау Авраамыл цы арфӕ бафтыдта, уый Йесо Чырыстийы фӕрцы анхъӕвза муртаттыл, ӕмӕ мах уырнындзинады руаджы схайджын уӕм, ныфс Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Удӕй.3:14 Ап. хъ. 3:25.
Зӕрдӕвӕрд Ӕгъдауӕй ахсджиагдӕр у
15 Ӕфсымӕртӕ, цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕн адӕймаджы цардӕй: адӕймаджы ныстуан фидаргонд куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ничи аивы ӕмӕ йӕм ничи бафтауы.3:15 Дзут. 9:17.
16 Хуыцау та зӕрдӕ бавӕрдта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн. Фыст нӕу «байзӕддӕгтӕн дӕр», ома, бирӕ адӕмӕн, фӕлӕ фыст у иуы тыххӕй: «ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн». Уыцы байзӕддаг Чырысти у.
17 Ӕз мӕнӕ уый зӕгъын: Хуыцау цы фидыд3:17 Бердзенаг ӕвзаг |iфидыд|r ӕмӕ |iныстуан|r иу дзырдӕй ӕвдисы. сарӕзта, уымӕн йӕ бынат нӕ бацахста, цыппарсӕдӕ ӕртын азы фӕстӕ цы Ӕгъдау фӕзынд, уый; ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд баззад йӕ тыхы.3:17 Ап. хъ. 7:6.
18 Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй ӕвӕрдӕуы, кӕд уыдоны Ӕгъдау дӕтты, уӕд уый зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ нал у. Фӕлӕ Йӕ уыцы хорзӕхтӕ Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ радта.3:18 Ром. 8:17; Гал. 2:21.
19 Уӕдӕ Ӕгъдау цӕй тыххӕй у? Хуыцау ӕй фӕстӕдӕр уӕлӕмхасӕнӕн радта адӕмы фыдракӕндты тыххӕй, зӕрдӕ Кӕмӕн бавӕрдӕуыд, уыцы Байзӕддаг цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Ӕгъдау ӕвӕрд ӕрцыди зӕдты ӕххуысӕй ӕмӕ ӕхсӕнылӕджы фӕрцы.3:19 Ап. хъ. 7:38.
20 Фӕлӕ ӕхсӕнылӕг ӕппынкъаддӕр дыууӕ ныхасгӕнӕгӕн вӕййы, Хуыцау та иу у.
Цагъартӕ ӕмӕ хъӕбултӕ
21 Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид.
22 Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕдмӕ ахст кӕй у, уый тыххӕй, цӕмӕй, Хуыцау зӕрдӕ цы раттынӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуа уырнджытӕн.3:22 Ром. 3:9.
23 Уырнындзинады ӕрцыдмӕ та ахст уыдыстӕм, ӕмӕ нӕ Ӕгъдау хъахъхъӕдта, ӕрцӕуинаг цы уырнындзинад уыди, цалынмӕ уый раргом, уӕдмӕ.
24 Уӕдӕ Ӕгъдау махӕн уыди, Чырыстимӕ нӕ чи хъуамӕ ӕркодтаид, уыцы сабигӕс, цӕмӕй сраст уӕм уырнындзинады фӕрцы.3:24 Ром. 10:4.
25 Уырнындзинад куы ӕрцыди, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы сабигӕсы дӕлбар нал стӕм.
26 Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уеппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут.3:26 Ин. 1:12; Ром. 8:15.
27 Уымӕн ӕмӕ сымах – Чырыстиимӕ баиуы охыл кӕуыл саргъуыдӕуыд, уыдон – баиу стут Чырыстиимӕ.3:27 Ром. 6:3.
28 Ныр нал ис нӕдӕр иудей, нӕдӕр бердзенаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уеппӕт дӕр Йесо Чырыстиимӕ ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ иу стут.3:28 Ин. 17:21; Ром. 10:12.
29 Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, ӕмӕ райсдзыстут, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, Йӕ уыцы хорзӕхтӕ.3:29 Эф. 3:6.
41 Ноджы ма уын зӕгъын: бындар цалынмӕ саби уа, уӕдмӕ цагъарӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны, кӕд ӕппӕты хицау у, уӕддӕр.
2 Фыд кӕй снысан кодта, уыцы афонмӕ уый у йӕ хъомылгӕнджыты ӕмӕ хӕдзармӕ цӕстдарджыты дӕлбар.
3 Афтӕ мах дӕр: цалынмӕ сабитӕ уыдыстӕм, уӕдмӕ ацы дунейы ӕгъдӕутты цагъартӕ уыдыстӕм.4:3 Гал. 5:1; Кол. 2:20.
4 Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,4:4 Лк. 1:31.
5 Ӕгъдауы дӕлбар чи у, уыдоны суӕгъд кӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йӕхицӕн сараза хъӕбултӕ.4:5 Ром. 8:15.
6 Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Фырты Уды, ӕмӕ Уый хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъы: «Аввӕ, нӕ Фыд!»
7 Уымӕ гӕсгӕ ды цагъар нал дӕ, фӕлӕ хъӕбул; ӕмӕ кӕд хъӕбул дӕ, уӕд дын Хуыцау ратдзӕн, Йӕ хъӕбултӕн Ӕм цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй.4:7 Гал. 3:29.
Павелы мӕт галатӕгтыл
8 Раздӕр та, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уыдыстут, ӕцӕгӕй Хуыцау чи нӕу, уыцы хуыцӕутты цагъартӕ.4:8 Эф. 2:12.
9 Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат?4:9 1 Кор. 13:12; Дзут. 7:18; 10:1.
10 Сымах бӕрӕг кӕнут сӕрмагонд бонтӕ, мӕйтӕ, рӕстӕджытӕ ӕмӕ азтӕ.4:10 Кол. 2:16.
11 Сымахмӕ мӕ фӕллой дзӕгъӕлы куы фӕуа, уымӕй уын тӕрсын.
12 Лӕгъстӕ уын кӕнын, ӕфсымӕртӕ, бафӕзмут мӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр сымах хуызӕн адӕймаг дӕн. Сымах мӕ хъыджы ницӕмӕй бацыдыстут.
13 Куыд зонут, афтӕмӕй уын фыццаг хатт фарны уац куы хъусын кодтон, уӕд рынчын уыдтӕн.
14 Ӕмӕ мӕ рынчын кӕд сымахӕн фӕлварӕн уыди, уӕддӕр мӕ ницыйыл нӕ банымадтат, ӕнӕрвӕссон мыл нӕ уыдыстут, фӕлӕ мыл баузӕлыдыстут, цыма уын Хуыцауы зӕд кӕнӕ Йесо Чырысти уыдтӕн, афтӕ.
15 Уӕ цин цы фӕци? Мӕхӕдӕг ӕвдисӕн дӕн, гӕнӕн уын куы уыдаид, уӕд рафтыдтаиккат уӕ цӕстытӕ ӕмӕ сӕ раттаиккат мӕнӕн.
16 Ау, рӕстдзинад уын кӕй дзырдтон, уый тыххӕй уын знаг сдӕн?
17 Иннӕтӕ уыл ӕнувыд сты, ӕрмӕст зӕрдиагӕй нӕ – архайынц уӕ фӕхицӕн кӕныныл, цӕмӕй сымах уыдоныл уат ӕнувыд.
18 Ӕнувыдӕй хи ӕвдисын хорз у, нысан хорз куы уа, уӕд, ӕмӕ кӕддӕриддӕр ахӕмӕй баззайын, фӕлӕ ӕз уемӕ куы вӕййын, ӕрмӕст уыцы рӕстӕг нӕ.
19 Мӕ хъӕбултӕ, арӕг усау ногӕй хъизӕмӕрттӕ сымах тыххӕй ӕвзарын, цалынмӕ Чырыстийы ӕрдзыхъӕдӕй не схайджын уат, уӕдмӕ.
20 Куыд мӕ фӕнды ныртӕккӕ сымахмӕ фестын ӕмӕ уемӕ ӕндӕр хъӕлӕсы уагӕй ныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ уын цы бакӕнон, уый нал зонын.
Агар ӕмӕ Саррӕ
21 Зӕгъут-ма мын, Ӕгъдауы дӕлбар уӕвын кӕй фӕнды, уыдон – Ӕгъдау цы зӕгъы, уый нӕ хъусут?
22 Фыст у: «Авраамӕн уыди дыууӕ фырты – сӕ иу райгуырди цагъар сылгоймагӕй, иннӕ та – сӕрибар сылгоймагӕй».
23 Фӕлӕ цагъар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырди, сӕрибар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый та – Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
24 Ам фӕсномыг хъуыды ис. Уыцы сылгоймӕгтӕ дыууӕ фидыды амонынц: сӕ иу ӕрцыди Синайы хохӕй, ӕмӕ дзы гуыры цагъартӕ – уый у Агар.4:24 Ром. 8:15.
25 Агар амоны Синайы хох Аравийы – фӕсномыгӕй уый у абоны Иерусалим, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултимӕ цагъарады ис.
26 Уӕларвон Иерусалим та сӕрибар у – неппӕты мад.4:26 Дзут. 12:22; Ӕрг. 21:2.
27 Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Сцин кӕн, чи нӕ ары, уыцы ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг. Ныхъхъӕр кӕн фырцинӕй, арыны хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, уыцы сылгоймаг. Уымӕн ӕмӕ мойджынӕй уагъдӕн дзӕвгар фылдӕр хъӕбултӕ ис».
28 Ӕфсымӕртӕ, Исаакау сымах Хуыцауы зӕрдӕвӕрды хъӕбултӕ стут.4:28 Ром. 9:8.
29 Фӕлӕ ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырӕг уды ӕгъдауӕй райгуырӕджы уӕд куыд ӕфхӕрдта, афтӕ у ныр дӕр.
30 Цы зӕгъы Сыгъдӕг Фыст? «Фӕсур цагъар сылгоймаджы ӕмӕ йӕ лӕппуйы, уымӕн ӕмӕ цагъар сылгоймаджы лӕппуйӕн фыды бынтӕй хай нӕ уыдзӕн – сӕрибар сылгоймаджы лӕппуйы бауыдзысты».
31 Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах стӕм цагъар сылгоймаджы нӕ, фӕлӕ сӕрибар сылгоймаджы хъӕбултӕ.
5Чырысти – нӕ сӕрибаргӕнӕг
1 Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, ӕмӕ сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут, ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут.5:1 Ап. хъ. 15:10; 1 Пет. 2:16.
2 Ӕз, Павел, зӕгъын сымахӕн: кӕд сунӕт кӕнут, уӕд уын Чырыстийӕ ницы пайда уыдзӕни.5:2 Гал. 2:21.
3 Сунӕт чидӕриддӕр кӕны, уыдонӕн ма ноджы иу хатт зӕгъын: Ӕгъдау уын ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕстгӕнинаг у.
4 Сымахӕй Ӕгъдауы фӕрцы йӕхи чи раст кӕны, уыдон баззадысты ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕнӕхай фесты Хуыцауы хорзӕхӕй.
5 Мах та разӕнгард кӕны Сыгъдӕг Уд, ӕмӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау мах кӕй сраст кӕндзӕн, уымӕ.5:5 Ром. 5:5.
6 Уымӕн ӕмӕ мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд сунӕт скӕнай, ма скӕнай – уӕлдай нӕу; ахсджиаг у, йӕ тых уарзты мидӕг кӕмӕн ис, ӕрмӕст ахӕм уырнындзинад.5:6 Ром. 2:29.
7 Хорз куы цыдыстут, уӕд уӕ чи бахъыгдардта, ӕмӕ ӕцӕгады коммӕ мауал кӕсат?
8 Ахӕм зондыл уӕ уе ’рхонӕг Хуыцау нӕ сардыдта.
9 Чысыл ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр сӕнхъизын кӕны.5:9 1 Кор. 5:6.
10 Сымахмӕ дӕр ӕндӕр зонд кӕй нӕ уыдзӕн, ууыл ӕз Хицауы фӕрцы фидарӕй дарын мӕ зӕрдӕ. Уӕ зонд уын чи змӕнты, чидӕриддӕр уӕд, баййафдзӕн ӕфхӕрд.
11 Кӕд ма ӕз ныртӕккӕ дӕр, ӕфсымӕртӕ, сунӕты фарс дӕн, уӕд мӕ цӕй тыххӕй ӕфхӕрынц? Уӕд дзуары тыххӕй цы фӕдзурын, уый цӕлхдур нӕ уаид.5:11 1 Кор. 1:23.
12 О, уӕ зонд уын чи змӕнты, уыдон сӕхи куы бардузиккой!
13 Сӕрибармӕ хуынд стут, ӕфсымӕртӕ; ӕрмӕст уӕ сӕрибар ма асайӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ ӕфсадынмӕ, фӕлӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, уӕ иу иннӕмӕн лӕггад кӕнӕд.5:13 1 Пет. 2:16; 1 Кор. 8:9.
14 Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдауы ӕппӕт мидис иу ныхасы ис: «Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ».5:14 Мк. 12:31; Иак. 2:8; Ром. 13:8.
15 Фӕлӕ кӕд кӕрӕдзи ӕхсынут ӕмӕ хӕрут, уӕд уӕхи хизут кӕрӕдзи фӕцӕгъдынӕй.
Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд ӕмӕ Сыгъдӕг Уд
16 Зӕгъын уын, цӕрут Удӕн коммӕгӕсӕй, ӕмӕ уӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты фӕдыл нӕ цӕудзыстут.
17 Уымӕн ӕмӕ Уды цы фӕнды, уый тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды нӕ фӕнды, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уый та Уды нӕ фӕнды. Уыдон кӕрӕдзи ныхмӕ сты, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый нӕ кӕнут.5:17 1 Пет. 2:11; Ром. 7:23.
18 Фӕлӕ кӕд сымах Уды коммӕ кӕсут, уӕд Ӕгъдауы дӕлбар не стут.5:18 Ром. 6:14.
19 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хъуыддӕгтӕ зындгонд сты: хӕтын, чъизи ӕмӕ ӕлгъаг митӕ,5:19 1 Кор. 6:9.
20 Мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзи не ’мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын,
21 Хӕлӕгцӕст, марын, фыднозт, ӕнӕуаг митӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Дзырдтон уын ӕмӕ уын ныр дӕр зӕгъын: ахӕм митӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты.
22 Уд та дӕтты уарзт, цин, фарн, фӕразондзинад, адӕймаджы кӕны зӕрдӕхӕлар, рӕдау, иузӕрдион,5:22 Кол. 3:12.
23 Ӕвӕлмас, хиуылхӕцгӕ. Ахӕмтӕм Ӕгъдау бар нӕ дары.
24 Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд байтыгътой йӕ чъизи бӕллицтимӕ ӕмӕ мондӕгтимӕ.5:24 Гал. 2:20.
25 Кӕд Уд махӕн царддӕттӕг у, уӕд Уымӕн коммӕгӕсӕй хъуамӕ цӕрӕм.
26 Ма уӕм цытуарз, кӕрӕдзи ма мӕсты кӕнӕм, кӕрӕдзимӕ ма хӕлӕг кӕнӕм.5:26 Флп. 2:3.
6Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн
1 Ӕфсымӕртӕ, исчи тӕригъӕды куы бафта, уӕд ӕй сымах, Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕстӕ, ӕвӕлмасӕй раздахут раст фӕндагмӕ; уыимӕ кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уын тӕригъӕд уӕхи дӕр ма сцыбӕл кӕна.6:1 1 Кор. 10:12.
2 Иу иннӕйы царды уаргъӕй бахай кӕнӕд йӕхицӕн, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзыстут Чырыстийы ӕгъдау.6:2 Ин. 13:34; 1 Фес. 5:14.
3 Ницы уӕвгӕйӕ йӕхицӕн цыдӕр ӕнхъӕл чи у, уый йӕхи сайы.6:3 1 Кор. 8:2.
4 Алчидӕр кӕсӕд йӕхи хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ кӕйдӕр хъуыддӕгтимӕ ма барӕд. Уӕд йӕхи хъуыддӕгтӕ цавӕр сты, ӕрмӕст уымӕй раппӕлдзӕн йӕхицӕй.
5 Уымӕн ӕмӕ алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн.6:5 Ром. 14:12; 1 Кор. 3:8.
6 Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ алы исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн.6:6 Ром. 15:27; 1 Кор. 9:7.
7 Уӕхиуыл сайд ма ӕруадзут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн.6:7 Ром. 2:6.
8 Йӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд ӕфсадынӕн чи тауы, уый ӕркӕрддзӕни мӕлӕт; Уд ӕфсадынӕн чи тауы, уый та ӕркӕрддзӕни мыггагмӕйы цард.
9 Уӕдӕ ӕвӕллайгӕйӕ аразӕм хорз хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ кӕд нӕ хъару нӕ асӕтта, уӕд йӕ заманы ӕркӕрддзыстӕм, цы байтауӕм, уый.6:9 Мф. 24:13; 2 Фес. 3:13.
10 Ӕмӕ цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.
Кӕронбӕттӕн
11 Уынут, мӕхи къухӕй уӕм цы стыр дамгъӕтӕй ныффыстон!
12 Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уыдӕтты фӕрцы йӕхи равдисыныл чи архайы, уыдон уӕ сунӕтыл уымӕн ардауынц, цӕмӕй Чырыстийы дзуары тыххӕй ӕфхӕрд ма баййафой.
13 Уымӕн ӕмӕ сунӕт чи кӕны, уыдон суанг сӕхӕдӕг дӕр не ’ххӕст кӕнынц Ӕгъдау, фӕлӕ архайынц, сымах сунӕт куыд скӕнат, ӕмӕ уымӕй сӕхицӕй куыд раппӕлой, ууыл.
14 Мӕн та мӕхицӕй раппӕлынӕй Хуыцау бахизӕд – раппӕлдзынӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы дзуары тыххӕй кӕй хъусын кӕнын, ӕрмӕст уымӕй. Уыцы дзуары фӕрцы мӕнӕн байтыгъдӕуыд дуне, мӕн та – дунейӕн.
15 Уымӕн ӕмӕ сунӕт скӕнай, ма скӕнай – уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ногӕй райгуырын.6:15 Гал. 5:6; Кол. 3:11.
16 Ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон ӕмӕ Хуыцауы Израил хайджын уӕнт хорзӕх ӕмӕ фарнӕй.6:16 Флп. 3:16.
17 Нырӕй фӕстӕмӕ мыл уаргъ мачиуал ӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ мӕ буарыл Йесойы хъӕдгӕмттӕ хӕссын.6:17 2 Кор. 4:10.
18 Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд, ӕфсымӕртӕ. Амен.