1

Иаковы бинонтӕ – Мысыры

1 Иаковимӕ Мысырмӕ йӕ бинонтимӕ чи ӕрцыди, мӕнӕ Израилы уыцы фыртты нӕмттӕ: 2 Рувим, Симеон, Левий, Иуда, 3 Иссахар, Завулон, Вениамин, 4 Дан, Неффалим, Гад ӕмӕ Асир.

5 Иаковы байзӕддӕгтӕ, йӕ тугйе стӕг, ӕдӕппӕт уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймаджы; Иосиф та Мысырмӕ раздӕр ӕрбафтыди. 6 Амард Иосиф, амардысты йеппӕт ӕфсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ сӕ уыцы фӕлтӕрӕй ничиуал баззад. 7 Фӕлӕ Израилы байзӕддӕгтӕ цот уагътой дзӕвгар, сбирӕ ӕмӕ стыхджын сты тынг, ӕмӕ анхъӕвзтой ӕппӕт бӕстӕйыл.

Израилӕгты хъизӕмӕрттӕ

8 Уӕд Мысыры сӕргъы ӕрлӕууыди ног паддзах; уый Иосифы тыххӕй ницы зыдта. 9 Паддзах загъта йӕ адӕмӕн: «Акӕсутма израилаг адӕммӕ, сты бирӕ ӕмӕ махӕй тыхджындӕр. 10 Мах зондджындӕр хъуамӕ разынӕм уыдонӕй, науӕд ӕгӕр сбирӕ уыдзысты, ӕмӕ хӕст куы уа, уӕд не знӕгты фарс фӕуыдзысты, схӕцдзысты немӕ ӕмӕ ацӕудзысты нӕ бӕстӕйӕ». 11 Ӕмӕ израилӕгтӕн сӕргъы сӕвӕрдтой хицӕуттӕ; уыдон сӕ ӕфтыдтой тӕккӕ уӕззаудӕр куыстытыл, хъизӕмарӕй сӕ мардтой. Ӕмӕ хор ӕфснайынӕн израилӕгтӕ фараонӕн+ 1:11 Фараон – Мысыры паддзах. сарӕзтой Пифомы ӕмӕ Раамсесы сахартӕ.

12 Фӕлӕ сӕ цас тынгдӕр ӕфхӕрдтой, уыйас фылдӕр ӕфтыд сӕ нымӕцыл, уыйас парахатдӕр хӕлиу кодтой зӕххыл, ӕмӕ израилаг адӕм мысырӕгтӕн фестадысты уӕнгӕл. 13 Ӕмӕ мысырӕгтӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдтой израилаг адӕмы – ӕфтыдтой сӕ уӕззаудӕр куыстытыл. 14 Сӕ цард сын ад нал кодта тыхкуыстӕй – ӕлыгӕй самандур аразынӕй, быдыры кусынӕй; ӕгъатырӕй сӕ ӕфтыдтой ӕппӕт уыцы куыстытыл.

Ӕвгъӕдгӕс устытӕ

15 Дзуттаг сылгоймӕгтӕм арыны рӕстӕг сӕ цӕст дардтой ӕвгъӕдгӕс устытӕ Шифрӕ ӕмӕ Фуа. Мысыры паддзах сын бафӕдзӕхста: 16 «Дзуттаг сылгоймӕгтӕм арыны рӕстӕг уӕ цӕст дарут: лӕппу куы райгуыра, уӕд ӕй амарут; чызг куы уа, уӕд ӕй ныууадзут удӕгасӕй». 17 Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕс устытӕ тарстысты Хуыцауӕй, ӕмӕ мысыраг паддзахы ныхасмӕ нӕ хъуыстой; сывӕллӕттыиу ныууагътой удӕгасӕй.

18 Уӕд паддзах басидт ӕвгъӕдгӕс устытӕм ӕмӕ сӕ бафарста: «Уый цы хабар у? Сывӕллӕтты удӕгасӕй цӕмӕн ныууадзут?» 19 Устытӕ дзуапп радтой фараонӕн: «Дзуттаг сылгоймӕгты мысыраг сылгоймӕгтимӕ ма бар; уыдон фидар сты, ӕмӕ сӕм цалынмӕ ӕвгъӕдгӕс бахӕццӕ вӕййы, уӕдмӕ ныййарынц».

20 Уый тыххӕй ӕвгъӕдгӕс устытыл Хуыцау ӕфтыдта Йӕ хорзӕх, ӕмӕ израилаг адӕм кодтой фылдӕрӕйфылдӕр ӕмӕ тыхджынӕйтыхджындӕр. 21 Ӕвгъӕдгӕс устытӕ Хуыцауӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй сын Хуыцау Йӕ арфӕ ӕфтыдта сӕ хӕдзӕрттыл. 22 Уӕд фараон йеппӕт адӕмӕн радта бардзырд: «Дзуттӕгты алы ноггуырд лӕппуйы дӕр ӕппарут Нилы цӕугӕдонмӕ, чызджыты та уадзут удӕгасӕй».

2

Моисейы райгуырд

1 Левийы байзӕддагӕй иучидӕр бавдӕлд ӕмӕ ус ракуырдта сӕхи мыггагӕй. 2 Ус банхъӕлцау ӕмӕ ныййардта лӕппу; лӕппу зӕрдӕмӕдзӕугӕ кӕй у, уый федта мад ӕмӕ йӕ фембӕхста ӕртӕ мӕйы. 3 Фӕлӕ йын дарддӕр ӕмбӕхсӕн куы нал уыд, уӕд райста хъӕзӕй чыргъӕд, байсӕрста йӕ писийӕ, нывӕрдта дзы ноггуырды, ӕмӕ чыргъӕд сӕвӕрдта цӕугӕдоны былыл, хъӕзы. 4 Сывӕллонмӕ йӕ хо дӕрддзӕфӕй йӕ цӕст дардта, цы фӕуыдзӕни, зӕгъгӕ.

5 Уыцы рӕстӕг цӕугӕдонмӕ, йӕхи найынмӕ, рацыди фараоны чызг; йемӕ цы лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ уыди, уыдон тезгъо кодтой цӕугӕдоны былыл. Фараоны чызг хъӕзы ауыдта чыргъӕд, ӕмӕ йӕм ӕрбахӕссынмӕ арвыста йӕ цагъар сылгоймаджы. 6 Чыргъӕды сӕр систа, ӕмӕ дзы разынди лӕппу; сывӕллон куыдта; фараоны чызг ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ загъта: «Дзуттӕгты сывӕллӕттӕй у». 7 Сывӕллоны хо фараоны чызджы бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ дын дзуттаг устытӕй дзидзидарӕг ӕрбахонон, ацы сывӕллоны дын куыд схӕсса, афтӕ?» 8 Фараоны чызг ын загъта: «Ацу». Чызг ацыд ӕмӕ ӕрбахуыдта сывӕллоны мады. 9 Фараоны чызг ын загъта: «Айс ацы сывӕллоны, ӕмӕ йӕ схӕсс мӕнӕн; ӕз дын хӕссӕггаг бафиддзынӕн». Сылгоймаг айста сывӕллоны ӕмӕ йӕ хаста. 10 Сывӕллон куы рахъомыл, уӕд ӕй ӕрбахуыдта фараоны чызгмӕ; фараоны чызг дзы йӕхицӕн загъта фырт, ӕмӕ йӕ схуыдта Моисей+ 2:10 Моисей (Моше) – «маша» дзуттагау амоны «сисын», кӕнӕ «сласын»., уымӕн ӕмӕ загъта: «Ӕз ӕй цӕугӕдонӕй систон».

Моисейы мӕт йӕ адӕмыл

11 Моисей ралӕг. Иуахӕмы рацыд йе ’фсымӕртӕм, ӕмӕ сын федта сӕ уӕззау куыстытӕ. Моисей акаст ӕмӕ уыны: иу мысыраг ын нӕмы йе ’фсымӕры, дзуттӕгтӕй иуы. 12 Моисей алырдӕм афӕлгӕсыд, ӕмӕ йӕ уынӕг куы нӕ фӕци, уӕд амардта мысыраджы, ӕмӕ йӕ змисы аныгӕдта. 13 Моисей рацыд дыккаг бон дӕр; кӕсы, ӕмӕ хыл кӕнынц дыууӕ дзуттаджы. Моисей аххосджыны бафарста: «Цӕмӕн цӕвыс хионы?» 14 Уый йын дзуапп радта: «Махӕн дӕ ӕлдарӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Ӕви мысыраджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс?» Моисей старст ӕмӕ хинымӕр загъта: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй мӕ хъуыддаг нӕ басусӕг».

Моисейы цард ӕцӕгӕлон бӕстӕйы

15 Фараон фехъуыста уыцы хабар, ӕмӕ хъавыди Моисейы амарынмӕ. Фӕлӕ Моисей фӕлыгъд фараонӕй, бахӕццӕ мадиамаг зӕхмӕ, ӕмӕ ӕрбадти цъайы цур.

16 Мадиамаг дины лӕгӕн уыдис авд чызджы. Уыдон ӕрцыдысты сӕ фыды фыстӕн дон бадарынмӕ. Сӕвгӕдтой дон ӕмӕ байдзаг кодтой тӕгӕнатӕ. 17 Уӕдмӕ ӕрцыдысты фыййӕуттӕ, ӕмӕ чызджыты атардтой. Фӕлӕ Моисей сыстади, рахӕцыди сӕ сӕрыл, ӕмӕ сын дон бадардта сӕ фосӕн.

18 Чызджытӕ ӕрцыдысты сӕ фыд Рагуилмӕ. Уый сӕ бафарста: «Абон куыд тагъд фездӕхтыстут?» 19 Уыдон ын дзуапп радтой: «Фыййӕуттӕ нӕ хъыгдардтой, ӕмӕ цавӕрдӕр мысыраг рахӕцыд нӕ сӕрыл; суанг дон сӕвгӕдта ӕмӕ бадардта фосӕн». 20 Фыд йӕ чызджытӕн загъта: «Кӕм ис уыцы лӕг? Цӕмӕн ӕй ныууагътат? Фӕдзурут ӕм, ӕмӕ нӕ хойрагӕй фӕхъӕстӕ уа».

21 Моисейы бафӕндыд уыцы адӕймагмӕ ӕрцӕрын; ӕмӕ уый Моисейӕн радта йӕ чызг Сепфорӕйы. 22 Сепфорӕ ныййардта лӕппу, ӕмӕ йӕ Моисей схуыдта Гирсам+ 2:22 Гирсам – «гер» дзуттагау амоны «ӕцӕгӕлон».; уымӕн ӕмӕ загъта: «Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл».

23 Дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ мысыраг паддзах амард. Фӕлӕ уӕддӕр израилаг адӕм нӕтыдысты тыхкуыстӕй, Хуыцаумӕ дзынӕзтой ӕххуысагур, ӕмӕ Хуыцаумӕ сӕ куывд сыхъуысти. 24 Хуыцау сын куы фехъуыста сӕ хъӕрзын, уӕд Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Авраамимӕ, Исаакимӕ ӕмӕ Иаковимӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыд. 25 Хуыцау федта израилаг адӕмы хъизӕмар, ӕмӕ сӕм Йе ’ргом раздӕхта.

3

Судзгӕ къутӕр

1 Моисей хызта йӕ каисы мадиамаг дины лӕг Иофоры, фыстӕ. Иухатт дзуг аскъӕрдта ӕдзӕрӕг ранмӕ дард, ӕмӕ бахӕццӕ Хоривмӕ, Хуыцауы хохмӕ. 2 Уым ӕм какон сындзы судзгӕ къутӕры артӕй йӕхи равдыста Хуыцауы зӕд. Моисей федта: какон сындзы къутӕр судзы, фӕлӕ йын басудзыны амал нӕй. 3 Моисей хинымӕр загъта: «Цӕуон ӕмӕ бакӕсон, къутӕр куыннӕ басудзы, уыцы стыр диссагмӕ».

4 Моисей фенынмӕ ӕрбацӕуы, уый федта Дунедарӕг, ӕмӕ йӕм фӕдзырдта къутӕрӕй: «Моисей, Моисей!» Моисей дзуапп радта: «Хъусын дӕм».

5 Дунедарӕг загъта: «Ма ӕрбацу ардӕм; дӕ дзабыртӕ дӕ къӕхтӕй ралас, уымӕн ӕмӕ цы ран лӕууыс, уый сыгъдӕг зӕхх у».

6 Дунедарӕг ын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, уымӕн ӕмӕ тарсти Хуыцаумӕ комкоммӕ бакӕсынӕй.

7 Хуыцау загъта: «Ӕз федтон Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ хъӕрзын – се ’фхӕрджытӕ сӕ тухӕнӕй марынц. Ӕз сын зонын сӕ удхар. 8 Ӕз ӕрхызтӕн мысырӕгты къухӕй сӕ байсынмӕ; Ӕз сӕ уыцы бӕстӕйӕ ракӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы бӕркадджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ. 9 Сыхъуыст Мӕм израилаг адӕмы дзыназын; мысырӕгтӕ сӕ куыд ӕфхӕрынц, уый дӕр федтон. 10 Уӕдӕ ацу: Ӕз дӕ ӕрвитын фараонмӕ; Мысырӕй ракӕн Мӕ адӕмы, Израилы байзӕддӕгты».

11 Моисей Хуыцауӕн загъта: «Чи дӕн ӕз, цӕмӕй фараонмӕ ацӕуон ӕмӕ израилаг адӕмы Мысырӕй ракӕнон?» 12 Хуыцау ын загъта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн; Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый тыххӕй дын мӕнӕ ӕвдисӕйнаг: адӕмы Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ацы хохыл Хуыцауӕн ӕрхӕсдзынӕ нывонд».

13 Моисей загъта Хуыцауӕн: «Ӕз куы ацӕуон израилаг адӕммӕ ӕмӕ сын куы зӕгъон: „Уӕ фыдӕлты Хуыцау мӕ рарвыста сымахмӕ“, уӕд мӕ куы бафӕрсой: „Йӕ ном куыд у?“, уӕд сын цы дзуапп ратдзынӕн?» 14 Хуыцау загъта: «Чи ис, Ӕз Уый дӕн». Хуыцау ма Йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Израилаг адӕмӕн зӕгъ афтӕ: „Чи уыди, Чи ис ӕмӕ Чи уыдзӕн, Уый мӕ рарвыста сымахмӕ“».

15 Моисейӕн Хуыцау ноджыдӕр загъта: «Афтӕ зӕгъ израилаг адӕмӕн: „Дунедарӕг (Йахве)+ 3:15 Йахве – Хуыцауы ном. Израилаг адӕмӕн нӕ фӕтчы уыцы ном хъӕрӕй зӕгъын. Хъӕрӕй йӕ дзырдтой ӕрмӕстдӕр сӕрмагонд ӕууӕлты. Сыгъдӕг Фыстиу куы кастысты, уӕдиу «Йахве» баивтой «Адонай»йӕ («Дунедарӕг»). Рацыди «Ӕз дӕн»ӕй., уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау, рарвыста мӕн сымахмӕ“. Мӕ уыцы номӕй Мӕ зондзысты мыггагмӕ, ӕмӕ сӕ зӕрдыл лӕудзынӕн фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ.

16 Ацу, ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ: „Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, фӕзынди мӕнмӕ ӕмӕ загъта: ‘Мӕ мӕт сымахыл уыд, ӕмӕ федтон, Мысыры уын цы митӕ кӕнынц, уый, 17 Ӕмӕ загътон: Ӕз уӕ фервӕзын кӕндзынӕн мысыраг ӕфсондзӕй ӕмӕ уӕ ракӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы зӕхмӕ’“.

18 Адӕмы хистӕртӕ дӕ коммӕ бакӕсдзысты, уыдонимӕ бацӕудзынӕ мысыраг паддзахмӕ ӕмӕ йын зӕгъдзыстут: „Фӕзынди нӕм Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау; уӕдӕ нӕ ауадз, ӕмӕ ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг ранмӕ, ӕмӕ уым нывондтӕ ӕрхӕсдзыстӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“. 19 Фӕлӕ Ӕз зонын: мысыраг паддзах уын нӕ ратдзӕн ацӕуыны бар, стыр хъару йӕ куы нӕ ӕртасын кӕна, уӕд. 20 Ӕз радардзынӕн Мӕ къух, ӕмӕ ӕрцӕвдзынӕн Мысыр, кӕй дзы саразон, Мӕ уыцы диссӕгты фӕрцы; фараон уӕ уый фӕстӕ ауадздзӕн.

21 Ӕз сараздзынӕн афтӕ, ӕмӕ уыл мысырӕгтӕ ауддзысты: уырдыгӕй афтидармӕй нӕ рацӕудзыстут. 22 Алы дзуттаг сылгоймаг дӕр йӕ сыхаг ӕмӕ йӕ хӕдзары цӕрӕг сылгоймагӕй ракурдзӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзаумӕттӕ ӕмӕ дарӕс; ӕмӕ сымах афтӕмӕй бастигъдзыстут мысырӕгты».

4

Хуыцау Моисейӕн дӕтты хъару

1 Уӕд Моисей дзуапп радта: «Хистӕртӕ мыл куы нӕ баууӕндой, мӕ ныхасмӕ куы нӕ байхъусой ӕмӕ куы зӕгъой: „Дунедарӕг дӕм нӕ раргом“, уӕд та?» 2 Уӕд ӕй Хуыцау бафарста: «Цы ис дӕ къухы?» Моисей дзуапп радта: «Лӕдзӕг». 3 Хуыцау ын загъта: «Аппар ӕй зӕхмӕ». Моисей йӕ аппӕрста зӕхмӕ, лӕдзӕг фестад калм, ӕмӕ Моисей лидзынмӕ фӕци. 4 Фӕлӕ Хуыцау загъта Моисейӕн: «Радар дӕ къух, ӕмӕ калмы сис йӕ къӕдзилӕй». Моисей радардта йӕ къух, ӕмӕ калммӕ куы фӕлӕбурдта, уӕд калм йӕ къухы фестади лӕдзӕг. 5 Хуыцау ын загъта: «Афтӕ бакӕнын уый тыххӕй хъӕуы, цӕмӕй баууӕндой, Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау дӕумӕ кӕй фӕзынд, ууыл». 6 Хуыцау ма йын ноджы загъта: «Дӕ къух нывӕр дӕ роны». Моисей йӕ къух нывӕрдта йӕ роны. Куы йӕ райста, уӕд къух хӕлмагнизӕй адардта. 7 Хуыцау та йын загъта: «Дӕ къух ногӕй нывӕр дӕ роны». Моисей йӕ къух нывӕрдта йӕ роны. Куы йӕ райста, уӕд къух ссыгъдӕг, раздӕр куыд уыди, афтӕ.

8 Моисейӕн Хуыцау загъта: «Кӕд дыл нӕ баууӕндой, ӕмӕ сӕм фыццаг диссаг нӕ бахъара, уӕд баууӕнддзысты дыккаг диссагыл. 9 Кӕд ӕмӕ ацы дыууӕ диссагыл нӕ баууӕндой ӕмӕ дӕ ныхасмӕ нӕ байхъусой, уӕд Нилы цӕугӕдонӕй сис дон ӕмӕ йӕ акал зӕхмӕ; ӕмӕ цы дон сисай, уый зӕххыл фестдзӕни туг».

10 Моисей загъта Дунедарӕгӕн: «Ме ’лдар, дзырдарӕхст адӕймаг нӕ дӕн, никӕд дӕр уыдтӕн ӕмӕ не сдӕн, мемӕ, Дӕ цагъаримӕ, дзурын куы райдыдтай, уый фӕстӕ дӕр. Ӕз къӕзгӕйӕ ӕмӕ зынтӕй дзурын». 11 Хуыцау загъта: «Адӕймагӕн ӕвзаг чи радта? Адӕймаджы ӕгомыг кӕнӕ къуырма, цӕстджын кӕнӕ куырм чи скӕны? Ӕз, Дунедарӕг! Афтӕ нӕу, ӕви? 12 Уӕдӕ ацу; дзурын дӕ куы бахъӕуа, уӕд уыдзынӕн демӕ, цы зӕгъын дӕ хъӕудзӕн, уый дын амондзынӕн».

13 Моисей загъта: «Ме ’лдар, кӕй Дӕ фӕнды, ахӕм ӕндӕр искӕй арвит». 14 Хуыцау смӕсты Моисеймӕ, ӕмӕ загъта: «Дӕ левит ӕфсымӕр Аарон та? Ӕз зонын: уый арӕхсы дзурынмӕ; рацӕудзӕни дӕ размӕ, ӕмӕ дӕ куы фена, уӕд барухс уыдзӕн йӕ зӕрдӕ. 15 Ды йын дзурдзынӕ, цы зӕгъын ӕй хъӕудзӕн, уыцы ныхӕстӕ. Ӕз та дӕуӕн дӕр ӕмӕ уымӕн дӕр дӕтдзынӕн ӕвзаг, ӕмӕ уын цы гӕнгӕ у, уый амондзынӕн. 16 Аарон дӕ бӕсты ныхас кӕндзӕн адӕмимӕ. Афтӕмӕй уый уыдзӕни дӕ фидиуӕг; ды та йын уыдзынӕ Хуыцауы бӕсты. 17 Ацы лӕдзӕг дӕр ахӕсс дӕ къухы – диссӕгтӕ ӕвдисынӕн дын уыдзӕни».

Моисей ӕрбаздӕхт Мысырмӕ

18 Моисей ӕрбаздӕхт йӕ каис Иоформӕ ӕмӕ йын загъта: «Ауадз мӕ ӕмӕ ацӕуон, Мысыры мын цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдонмӕ; фенон сӕ, удӕгас ма сты ӕви нӕ?» Иофор ын загъта: «Цӕугӕ фарнимӕ». 19 Хуыцау мадиамаг зӕххыл Моисейӕн загъта: «Ацу, аздӕх Мысырмӕ; уым дӕ амарынмӕ чи хъавыд, уыдонӕй иу дӕр ӕгас нал у». 20 Моисей йемӕ ахуыдта йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты, сӕвӕрдта сӕ хӕрӕгыл, ӕмӕ араст Мысырмӕ. Диссӕгтӕ ӕвдисӕн лӕдзӕг дӕр Моисей айста йемӕ.

21 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Мысырмӕ куы ӕрыздӕхай, уӕд ма ферох кӕн, Ӕз дын кӕй бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ фараоны раз равдисын. Ӕз та йын ратдзынӕн хивӕнд зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ рауадздзӕн Мӕ адӕмы. 22 Уӕд фараонӕн зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ‘Израил Мӕ фырт у, Мӕ хистӕр фырт. 23 Ӕмӕ дын Ӕз зӕгъын: Мӕ фырты ауадз нывонд Мын ӕрхӕссынмӕ; куы нӕ йӕ ауадзай, уӕд дын амардзынӕн дӕ хистӕр фырты’“».

Моисейы фырты сунӕт

24 Фӕндагыл, ӕхсӕвиуатгӕнӕн бынаты, Хуыцау фембӕлди Моисейыл ӕмӕ йӕ хъавыд амарынмӕ. 25 Уӕд Сепфорӕ райста дурын кард, йӕ лӕппуйӕн скодта сунӕт, царм андзӕвын кодта Моисейы къӕхтыл, ӕмӕ загъта: «Ды туджы фӕрцы дӕ мӕ мойаг». 26 Ӕмӕ Хуыцау ныууагъта Моисейы. «Туджы фӕрцы дӕ мӕ мойаг», – Сепфорӕ афтӕ сунӕты тыххӕй загъта.

Моисей ӕмӕ Аароны фембӕлд

27 Ааронӕн Хуыцау загъта: «Ӕдзӕрӕг ранмӕ ацу Моисейы размӕ». Аарон ацыд, Хуыцауы хохыл фембӕлд Моисейимӕ, ӕмӕ йын аба кодта. 28 Моисей Ааронӕн радзырдта, йӕ рарвитӕг Дунедарӕг цы загъта, ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ, стӕй цы диссӕгтӕ равдисын бафӕдзӕхста, уыдоны тыххӕй. 29 Моисей ацыд Ааронимӕ, ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой израилаг адӕмы ӕппӕт хистӕрты; 30 Аарон сын радзырдта бӕлвырд, Моисейӕн Хуыцау кӕй загъта, ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ. Уый фӕстӕ Моисей адӕмы раз равдыста диссӕгтӕ. 31 Ӕмӕ йыл адӕм баууӕндыдысты. Уыдон бамбӕрстой, Дунедарӕджы мӕт израилаг адӕмыл кӕй уыд ӕмӕ сын сӕ хъизӕмар кӕй федта, уый; ныллӕг Ын акуывтой ӕмӕ ӕрдӕлгом сты зӕххыл.

5

Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ

1 Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, израилӕгты Хуыцау: „Ауадз Мӕ адӕмы ӕдзӕрӕг ранмӕ, Мӕ номыл бӕрӕгбон скӕнынмӕ“». 2 Фӕлӕ фараон загъта: «Чи мын у Дунедарӕг, ӕмӕ Йӕм ӕз байхъусон? Цӕмӕн хъуамӕ ауадзон израилӕгты? Ӕз Дунедарӕджы дӕр нӕ зонын, ӕмӕ израилаг адӕмы дӕр нӕ ауадздзынӕн». 3 Уӕд Моисей ӕмӕ Аарон загътой: «Дзуттӕгты Хуыцау нӕм раргом кодта Йӕхи; ауадз нӕ ӕртӕ бонцауы ӕдзӕрӕг ранмӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывондтӕ ӕрхӕссынмӕ; науӕд нӕ фӕцӕгъддзӕни рынӕй кӕнӕ кардӕй!» 4 Мысыры паддзах сын загъта: «Моисей ӕмӕ Аарон, адӕмы ӕгуыст цӕмӕн кӕнут? Ацӕут уӕ куыстмӕ». 5 Фараон ма ноджыдӕр загъта: «Ацы адӕм бирӕ сты; сымах та сӕ ӕгуыст кӕнут».

Фараон хъизӕмарӕй мары израилӕгты

6 Адӕммӕ цӕстдарджытӕн ӕмӕ хицӕуттӕн фараон уыцы бон радта бардзырд: «7 Нырӕй фӕстӕмӕ самандуртӕ аразынӕн адӕмӕн хъӕмп мауал дӕттут. Уадз сӕхӕдӕг цӕуой ӕмӕ хъӕмп ӕмбырд кӕной сӕхицӕн. 8 Самандуртӕ та хъуамӕ аразой, раздӕр цас арӕзтой, уый бӕрц; сӕ уыцы хӕслӕвӕрдӕй сын ма аппарут. Ӕвдӕлон сты, ӕмӕ хъӕр самадтой: „Фӕцӕуӕм нӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ!“ 9 Фылдӕр куыст сын раттын хъӕуы; уӕд кусдзысты ӕмӕ сӕ мӕнг ныхӕстӕм хъусынмӕ нал ӕвдӕлдзӕн».

10 Ӕмӕ рацыдысты адӕммӕ цӕстдарджытӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ загътой адӕмӕн: «Афтӕ зӕгъы фараон: „Хъӕмп уын нал дӕттын. 11 Ацӕут уӕхӕдӕг, кӕм ссарат, уым самал кӕнут уӕхицӕн хъӕмп. Самандуртӕ та араздзыстут, цас арӕзтат, уый бӕрц“». 12 Ӕмӕ адӕм ахӕлиу сты ӕппӕт мысыраг зӕххыл, ӕмӕ хъӕмпы бӕсты ӕмбырд кодтой хос, ӕмӕ ма зӕххы цы хӕтӕлтӕ баззад, уыдон. 13 Цӕстдарджытӕ та сӕ сулӕфын дӕр нӕ уагътой, дзырдтой сын: «Алы бон дӕр самандуртӕ аразут, кусут, хъӕмп уӕм куы уыдис, уӕд цас арӕзтат, уый бӕрц».

14 Мысыраг цӕстдарджытӕ надтой, израилаг адӕмӕй хицӕуттӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдоны, ӕмӕ сын дзырдтой: «Самандуртӕ нырмӕ цас арӕзтат, абон уый бӕрц цӕуылнӕ сарӕзтат?» 15 Израилаг адӕмӕй хицӕуттӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдон ӕрцыдысты фараонмӕ ӕмӕ дзынӕзтой йӕ разы: «Цӕмӕн афтӕ кӕнынц махӕн, дӕ цагъартӕн? 16 Дӕ цагъартӕн хъӕмп нӕ дӕттынц, афтӕмӕй, дам, самандуртӕ аразут. Нӕмынц дӕ цагъарты, ӕмӕ уымӕй дӕ адӕм ӕфтынц тӕригъӕды». 17 Фӕлӕ сын фараон загъта: «Магусатӕ стут, магусатӕ! Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дзурут: „Фӕцӕуӕм Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ“. 18 Ацӕут кусынмӕ. Хъӕмп уын ничи ратдзӕн. Самандуртӕ та аразут, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц». 19 Израилӕгтӕй цӕстдарӕг чи уыд, уыдоны хъизӕмарӕй мардтой ацы ныхӕстӕ: «Цас ӕмбӕлы, уал самандуры аразут алы бон дӕр».

20 Уыдон фараонӕй куы рацӕйцыдысты, уӕд фембӕлдысты Моисей ӕмӕ Аароныл – дуармӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты. 21 Хицӕуттӕ сын загътой: «Хуыцау уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын тӕрхон рахӕссӕд, фараонӕн ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн уӕнгӕл кӕй фестын кодтат, нӕ амарынӕн сын сӕ къухты кард кӕй фӕсагътат, уый тыххӕй».

22 Моисей скуывта Хуыцаумӕ: «Цӕмӕн мӕ рарвыстай ардӕм, Хуыцау? Ацы адӕмыл фыдбылыз цӕмӕн ӕруагътай? 23 Ӕз фараонмӕ Дӕ номӕй ныхас кӕнынмӕ куы бацыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджы карздӕрӕй ӕфхӕры Дӕ адӕмы; Ды та Дӕ адӕмы фервӕзын кӕнынӕн ницы сарӕзтай».

6

Хуыцау ныфсытӕ ӕвӕры Моисейӕн

1 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ныр фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ сараздзынӕн, уый; Мӕ стыр тых куы бавзара, уӕд уӕ ауадздзӕн; йӕхӕдӕг уӕ фӕтӕрдзӕн йӕ бӕстӕйӕ». 2 Хуыцау ноджыдӕр загъта Моисейӕн: «Ӕз Дунедарӕг дӕн! 3 Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Иаковӕн «Ӕппӕтхъомыс+ 6:3 Ӕппӕтхъомыс – дзуттагау у «ЭлШаддай». Хуыцау»ӕй раргом кодтон Мӕхи. Мӕ ном «Дунедарӕг» та сын нӕ раргом кодтон. 4 Ӕз семӕ сарӕзтон фидыд, ӕцӕгӕлӕттӕй кӕм цардысты, ханаанаг уыцы зӕхх сын раттыны тыххӕй. 5 Ӕз фехъуыстон Израилаг адӕмы хъӕрзын дӕр, мысырӕгтӕ сӕ цагъарады кӕй дарынц, уый. Ӕмӕ Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди Мӕ фидыд. 6 Уӕдӕ израилаг адӕмӕн зӕгъ: „Ӕз Дунедарӕг дӕн! Мӕ стыр хъаруйӕ ӕгъатырӕй бафхӕрдзынӕн мысырӕгты, ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕндзынӕн – уӕ бӕрзӕйӕ уын сисдзынӕн мысырӕгты ӕфсондз. 7 Сымахӕй Мӕхицӕн зӕгъдзынӕн адӕм, ӕмӕ уын уыдзынӕн Хуыцау; уӕд базондзыстут, Ӕз кӕй дӕн Дунедарӕг, мысыраг ӕфсондз уын уе рагъӕй Чи рафтаудзӕн, уӕ уыцы Хуыцау. 8 Ӕз уӕ бакӕндзынӕн ӕмӕ уын мыггагмӕ ратдзынӕн, сӕ заманы Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Иаковӕн сомы кӕй тыххӕй ракодтон, уыцы зӕхх. Ӕз Дунедарӕг дӕн!“»

9 Моисей уыцы ныхӕстӕ радзырдта бӕлвырд израилӕгтӕн, фӕлӕ йӕм нӕ хъуыстой – уӕззау куыстӕй сӕ уд удыл нал хӕцыд. 10 Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: 11 «Бацу ӕмӕ зӕгъ фараонӕн, мысыраг паддзахӕн, ӕмӕ Израилы адӕмы ауадздзӕн йӕ бӕстӕйӕ». 12 Моисей загъта Хуыцауӕн: «Ӕз дзырдарӕхст кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй мӕм израилаг адӕм куы нӕ хъусынц, уӕд мӕм фараон куыд байхъусдзӕн?» 13 Фӕлӕ Хуыцау ныхас кодта Моисей ӕмӕ Ааронимӕ, ӕмӕ сӕ арвыста израилаг адӕммӕ ӕмӕ фараонмӕ, мысыраг паддзахмӕ. Хуыцау сын бафӕдзӕхста израилаг адӕмы Мысыры зӕххӕй ракӕнын.

Израилы байзӕддӕгтӕ

14 Мӕнӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ: Израилы хистӕр фырт Рувимы фырттӕ: Ханох, Фаллу, Хецрон ӕмӕ Харми; уыдон, алчидӕр йӕхи байзӕддагимӕ, сты Рувимы мыггаг. 15 Симеоны фырттӕ: Иемуил, Иамин, Огад, Иахин, Цохар ӕмӕ Саул – ханаанаг сылгоймаджы лӕппу; уыдон, алчидӕр йӕхи байзӕддагимӕ, сты Симеоны мыггаг.

16 Мӕнӕ Левийы фыртты нӕмттӕ хистӕрӕйкӕстӕрмӕ: Гирсон, Кааф, Мерари. Левий ӕдӕппӕт фӕцард сӕдӕ ӕртын авд азы. 17 Гирсоны байзӕддаг: йӕ фырттӕ Ливни ӕмӕ Шимеи, алчидӕр йӕхи байзӕддагимӕ. 18 Каафы фырттӕ: Амрам, Ицгар, Хеврон, Узиил. Кааф ӕдӕппӕт фӕцарди сӕдӕ ӕртын ӕртӕ азы. 19 Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши. Уыдон сеппӕт дӕр сты, алчидӕр йӕхи байзӕддагимӕ, Левийы мыггаг, хистӕрӕйкӕстӕрмӕ. 20 Амрам ракуырдта Иохаведӕйы, йӕ фыдыхойы; ӕмӕ йын уый ныййардта Аарон ӕмӕ Моисейы. Амрам ӕдӕппӕт фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы. 21 Ицгары фырттӕ: Корей, Нефег ӕмӕ Зихри. 22 Узиилы фырттӕ: Мисаил, Елцафан ӕмӕ Сифри. 23 Аарон ракуырдта Елисаветӕйы – Аминадавы чызджы, Наассоны хойы, ӕмӕ йын Елисаветӕ ныййардта Надавы, Авиуды, Елеазары ӕмӕ Ифамары. 24 Корейы фырттӕ: Асир, Елкана ӕмӕ Авиасаф. Уыдон, алчидӕр йӕхи байзӕддагимӕ, сты Корейы мыггаг. 25 Аароны фырт Елеазар ракуырдта Футиилы чызджытӕй иуы, ӕмӕ йын ныййардта Финеесы.

Адон сты Левийы мыггаджы хистӕртӕ. 26 Аарон ӕмӕ Моисей уыцы мыггагӕй сты. Хуыцау сын загъта: «Мысыры зӕххӕй Израилы адӕмы ракӕнут – ӕфсады иу къорд иннӕйы фӕдыл цӕуӕгау». 27 Моисей ӕмӕ Аарон сты, Мысырӕй израилаг адӕмы ракӕныны тыххӕй фараонимӕ, мысыраг паддзахимӕ, чи дзырдта, уыцы лӕгтӕ.

Моисей ӕвдисы диссӕгтӕ

28 Хуыцау Моисейимӕ Мысыры куы ныхас кодта, 29 Уӕд загъта Моисейӕн: «Ӕз Дунедарӕг дӕн! Цыдӕриддӕр дын зӕгъын, уый радзур фараонӕн, мысыраг паддзахӕн». 30 Моисей дзуапп радта Хуыцауӕн: «Ӕз дзырдарӕхст куы нӕ дӕн, уӕд мӕм фараон куыд байхъусдзӕн?»

7

1 Фӕлӕ Хуыцау дзуапп радта Моисейӕн: «Ӕз дӕ фараонӕн Хуыцауы бынаты сӕвӕрдтон, де ’фсымӕр Аарон та дын пехуымпар уыдзӕни. 2 Ды дзурдзынӕ, Ӕз дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уый; де ’фсымӕр Аарон та фараонимӕ ныхас кӕндзӕни, йӕ зӕххӕй Израилы адӕмы рауадзыныл. 3 Фӕлӕ Ӕз фараонӕн ратдзынӕн хивӕнд зӕрдӕ, мысыраг зӕххыл равдисдзынӕн Мӕ бирӕ ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. 4 Фараон уӕм нӕ байхъусдзӕн; ӕмӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн Мысыр; ӕмӕ Мӕ израилаг адӕмы, Израилы байзӕддӕгты, ракӕндзынӕн Мысыр карзӕй бафхӕрыны фӕстӕ. 5 Ӕз Мысырӕн Мӕ хъомыс куы равдисон ӕмӕ се ’хсӕнӕй израилаг адӕмы куы ракӕнон, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».

6 Моисей ӕмӕ Аарон бакодтой, Хуыцау сын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.

7 Фараонимӕ ныхас куы райдыдтой, уӕд Моисейыл цыди цыппарыссӕдз азы, Аароныл та – ӕртӕ ӕмӕ цыппарыссӕдзы.

Моисейы лӕдзӕг фестад калм

8 Моисей ӕмӕ Ааронӕн Хуыцау загъта: 9 «Фараон куы ӕрдома: „Уӕ хъару равдисут диссаджы фӕрцы“, уӕд ды Ааронӕн зӕгъ: „Райс дӕ лӕдзӕг ӕмӕ йӕ аппар фараоны размӕ“, ӕмӕ лӕдзӕг фестдзӕни калм». 10 Моисей ӕмӕ Аарон ӕрцыдысты фараонмӕ ӕмӕ бакодтой, Хуыцау сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ: Аарон аппӕрста йӕ лӕдзӕг фараоны ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты размӕ, ӕмӕ лӕдзӕг фестади калм. 11 Уӕд фараон басидт йӕ дӕснытӕм ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕм; ӕмӕ Мысыры дӕснытӕ дӕр сӕ кӕлӕнтӕй бакодтой афтӕ: 12 Алчидӕр сӕ йӕ лӕдзӕг аппӕрста зӕхмӕ, ӕмӕ сын фестадысты кӕлмытӕ; фӕлӕ Аароны лӕдзӕг аныхъуырдта уыдоны лӕдзджытӕ. 13 Хуыцау развӕлгъау куыд загъта, афтӕ фараон разынди хивӕнд – Моисеймӕ ӕмӕ Ааронмӕ нӕ байхъуыста.

Дон фестади туг

14 Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: «Хивӕнд у фараон; нӕ йӕ фӕнды адӕмы ауадзын. 15 Фараон райсом Нилмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм бацу; цӕугӕдоны былыл ӕрлӕуу йӕ фӕндагыл; калм цы лӕдзӕг фестад, уый райс дӕ къухмӕ, 16 Ӕмӕ фараонӕн зӕгъ: „Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау, рарвыста мӕн дӕуӕн зӕгъынмӕ: ‘Ауадз Мӕ адӕмы ӕдзӕрӕг ранмӕ нывонд Мын ӕрхӕссынмӕ, фӕлӕ ныронг нӕма байхъуыстай’. 17 Афтӕ дын зӕгъы Дунедарӕг: ‘Ныртӕккӕ базондзынӕ, Ӕз Хуыцау кӕй дӕн, уый’. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз ӕрцӕвдзынӕн цӕугӕдон, ӕмӕ туг фестдзӕни. 18 Нилы цӕугӕдоны амӕлдзысты кӕсӕгтӕ; цӕугӕдон сысмаг уыдзӕн, ӕмӕ мысырӕгтӕн нуазынмӕ нал бӕздзӕн“».

19 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ааронӕн зӕгъ: „Райс дӕ лӕдзӕг, ӕмӕ дӕ къух радар мысырӕгты дӕттӕм: сӕ цӕугӕдӕттӕм, сӕ донуадзӕнтӕм, сӕ цадтӕм, сеппӕт донмарӕнтӕм – ӕмӕ дон фестдзӕни туг. Туг уыдзӕн ӕппӕт мысыраг зӕххыл – хъӕдын ӕмӕ дурын мигӕнӕнты“». 20 Моисей ӕмӕ Аарон бакодтой, Хуыцау сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Аарон уӕлӕмӕ сдардта йӕ лӕдзӕг, фараоны ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты цӕстыты раз ӕрцавта Нилы цӕугӕдон, ӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр фестади туг; 21 Кӕсӕгтӕ амардысты цӕугӕдоны, дон сысмаг, ӕмӕ мысырӕгтӕн сӕ бон нал уыди цӕугӕдонӕй нуазын; ӕппӕт Мысыры бӕстӕйы дӕр уыди туг. 22 Мысыраг дӕснытӕ дӕр сӕ кӕлӕнтӕй бакодтой афтӕ. Ӕмӕ та фараон ацы хатт дӕр разынди хивӕнд – Дунедарӕг Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн развӕлгъау куыд загъта, афтӕ сӕм нӕ байхъуыста. 23 Фӕзылд ӕмӕ араст йӕ хӕдзармӕ: ӕппӕт уыдӕттӕ йӕм нӕ бахъардтой. 24 Ӕмӕ мысырӕгтӕ Нилы фӕйнӕ фарс къахтой цъайтӕ нуазыны донӕн, уымӕн ӕмӕ Нилӕй нуазын сӕ бон нӕ уыди.

25 Нилы цӕугӕдон Дунедарӕг куы ӕрцавта, уымӕй рацыд авд боны.

8

Галхӕфсытӕ

1 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ацу фараонмӕ ӕмӕ йын зӕгъ: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ‘Ауадз Мӕ адӕмы нывонд Мын ӕрхӕссынмӕ. 2 Куы нӕ сӕ ауадзай, уӕд дын деппӕт бӕстӕйыл бафтаудзынӕн галхӕфсытӕ. 3 Нилы цӕугӕдон ӕмызмӕлд кӕндзӕни галхӕфсытӕй; уырдыгӕй рацӕудзысты дӕ галуанмӕ, дӕ фӕлладуадзӕн уатмӕ ӕмӕ дӕ хуыссӕнмӕ, дӕ фӕсдзӕуинты ӕмӕ дӕ адӕмы хӕдзӕрттӕм, дӕ пецтӕм ӕмӕ дӕ арынгтӕм. 4 Галхӕфсытӕ бырдзысты дӕуыл, дӕ адӕмыл ӕмӕ деппӕт фӕсдзӕуинтыл’“».

5 Моисейӕн Хуыцау загъта: «Ааронӕн зӕгъ: „Дӕ лӕдзӕгимӕ дӕ къух радар цӕугӕдӕттӕм, донуадзӕнтӕм, цадтӕм, ӕмӕ галхӕфсыты бафтау Мысыры бӕстӕйыл“». 6 Аарон йӕ къух радардта мысыраг дӕттӕм; рацыдысты галхӕфсытӕ ӕмӕ бамбӕрзтой Мысыры зӕхх. 7 Афтӕ бакодтой дӕснытӕ дӕр сӕ кӕлӕнтӕй – галхӕфсыты рахуыдтой Мысыры зӕхмӕ.

8 Фараон басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Бакувут Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй мӕн ӕмӕ мӕ адӕмы фервӕзын кӕна галхӕфсытӕй. Ӕмӕ дӕ адӕмы ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ». 9 Моисей фараонӕн загъта: «Дӕу тыххӕй, дӕ фӕсдзӕуинты ӕмӕ дӕ адӕмы тыххӕй кӕд бакувон, уый мын дӕхӕдӕг зӕгъ. Ӕмӕ галхӕфсытӕ ныууадздзысты дӕу ӕмӕ дӕ хӕдзар; баззайдзысты ма ӕрмӕстдӕр Нилы цӕугӕдоны». 10 Фараон загъта: «Райсом». Моисей дзуапп радта: «Ды куыд зӕгъыс, афтӕ уыдзӕни; ӕмӕ базондзынӕ, Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕй нӕй, уый. 11 Галхӕфсытӕ ныууадздзысты дӕу, дӕ хӕдзӕрттӕ, дӕ фӕсдзӕуинты ӕмӕ дӕ адӕмы; ӕрмӕст ма баззайдзысты Нилы цӕугӕдоны».

12 Моисей ӕмӕ Аарон рацыдысты фараонӕй; Моисей бакуывта Хуыцаумӕ, фараоныл кӕй бафтыдта, уыцы галхӕфсыты фесафыны тыххӕй. 13 Ӕмӕ Хуыцау байхъуыста Моисеймӕ: галхӕфсытӕ амардысты хӕдзӕртты, кӕртыты ӕмӕ быдырты. 14 Мард галхӕфсыты срӕдзӕгъдтӕ кодтой, ӕмӕ мысыраг зӕхх ӕгасӕй дӕр сысмаг. 15 Кӕй сын фенцондӕр, уый фараон федта, фӕлӕ та ацы хатт дӕр разынди хивӕнд; Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн Дунедарӕг развӕлгъау куыд загъта, афтӕ сӕм нӕ байхъуыста.

Къогъотӕ

16 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ааронӕн зӕгъ: „Радар дӕ лӕдзӕг, ӕрцӕв дзы зӕххы рыг, ӕмӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл цы рыг ис, уый фестдзӕни къогъотӕ“». 17 Ӕмӕ бакодтой афтӕ: Аарон радардта йӕ къух, лӕдзӕгӕй ӕрцавта рыг, ӕмӕ мысыраг зӕххы рыг ӕнӕхъӕнӕй дӕр фестади къогъотӕ. Ӕмӕ къогъотӕ хъизӕмарӕй мардтой адӕмы ӕмӕ фосы.

18 Дӕснытӕ дӕр архайдтой сӕ кӕлӕнтӕй къогъотӕ рауадзыныл, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци. Къогъотӕ бадтысты адӕмыл ӕмӕ фосыл. 19 Дӕснытӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцауы ӕрмдзӕф у». Фӕлӕ та фараон разынди дурзӕрдӕ ӕмӕ сӕм нӕ байхъуыста, Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн Хуыцау развӕлгъау куыд загъта, афтӕ.

Дзынгатӕ

20 Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: «Райсом сыст сӕумӕйӕ, ӕмӕ бацу фараонмӕ. Уый рацӕудзӕни цӕугӕдонмӕ, ӕмӕ йын зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ‘Ауадз Мӕ адӕмы нывонд Мын ӕрхӕссынмӕ. 21 Уымӕн ӕмӕ Мӕ адӕмы куы нӕ ауадзай, уӕд дӕуыл, дӕ фӕсдзӕуинтыл, дӕ адӕмыл ӕмӕ дӕ хӕдзӕрттыл Ӕз бафтаудзынӕн дзынгатӕ; дзынгатӕй байдзаг уыдзысты мысырӕгты хӕдзӕрттӕ; мысырӕгтӕ цы зӕххыл цӕрынц, суанг уый дӕр нал зындзӕни дзынгатӕй. 22 Гесемы зӕххӕн та уыцы бон афтӕ нӕ бакӕндзынӕн: уым сты Мӕ адӕм ӕмӕ дзы дзынгатӕ нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз, Дунедарӕг, уыцы зӕххыл кӕй дӕн, уый. 23 Мӕ адӕмы ӕмӕ дӕ адӕмы ӕхсӕн ӕрӕвӕрдзынӕн арӕн. Уыцы диссаг равдисдзынӕн тӕккӕ райсом’“».

24 Ӕмӕ Дунедарӕг бакодта, куыд загъта, афтӕ: дзынгаты ӕрдонгтӕ дзыгуырӕй ӕрбатахти фараоны хӕдзармӕ, йӕ фӕсдзӕуинты хӕдзӕрттӕм, ӕппӕт мысыраг зӕхмӕ. Бӕстӕ дзынгатӕй сӕфтмӕ цыди. 25 Уӕд фараон басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссут ацы зӕххыл». 26 Фӕлӕ йын Моисей дзуапп радта: «Афтӕ бакӕнын не ’мбӕлы. Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывонд ӕрхӕссын мысырӕгты цӕсты ӕлгъаг у; ӕмӕ сын ӕлгъаг цы у, мах мысырӕгты раз уыцы нывонд куы ӕрхӕссӕм, уӕд нӕ дуртӕй нӕ амардзысты, мыййаг? 27 Мах ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг ранмӕ, ӕмӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕрхӕсдзыстӕм, Йӕхӕдӕг нын цавӕр зӕгъа, ахӕм нывондтӕ».

28 Фараон загъта: «Ӕз уӕ ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕдзӕрӕг ран нывонд ӕрхӕссынмӕ. Ӕрмӕст дард ма ацӕут. Ныр та уал бакувут мӕн тыххӕй». 29 Моисей йын загъта: «Ӕз дӕуӕй куы ацӕуон, уӕд бакувдзынӕн ӕмӕ дзынгатӕ райсом ныууадздзысты фараоны, йӕ фӕсдзӕуинты ӕмӕ йӕ адӕмы. Ӕрмӕст нӕ фараон мауал расайбасай кӕнӕд, ӕмӕ адӕмы ауадзӕд Дунедарӕгӕн нывондтӕ ӕрхӕссынмӕ». 30 Моисей рацыд фараонӕй, ӕмӕ бакуывта Хуыцаумӕ. 31 Хуыцау байхъуыста Моисеймӕ, ӕмӕ дзынгатӕ ныууагътой фараоны, йӕ фӕсдзӕуинты ӕмӕ йӕ адӕмы – иу дзынга дӕр сӕм нал баззади. 32 Фӕлӕ та ацы хатт дӕр фараон разынди дурзӕрдӕ, ӕмӕ нӕ ауагъта израилаг адӕмы.

9

Фосы емынӕ

1 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ацу фараонмӕ ӕмӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: ‘Ауадз Мӕ адӕмы нывонд Мын ӕрхӕссынмӕ’. 2 Ацы хатт дӕр та сӕ куы нӕ ауадзай, ӕмӕ сӕ тыхӕй куы уромай, 3 Уӕд Дунедарӕг Йӕ тых равдисдзӕн, быдыры чи ис, уыцы фосыл, емынӕ бафтаудзӕн бӕхтыл, хӕрджытыл, теуатыл, галтыл ӕмӕ фыстыл. 4 Дунедарӕг израилӕгты фос рахицӕн кӕндзӕни мысырӕгты фосӕй, ӕмӕ израилаг адӕмы ӕппӕт фосӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн“». 5 Дунедарӕг сӕмгъуыд кодта: «Тӕккӕ райсом афтӕ бакӕндзӕн Дунедарӕг ацы зӕххыл». 6 Ӕмӕ Дунедарӕг сарӕзта, цы загъта, уый: дыккаг бон мысырӕгтӕн ӕппӕт фос дӕр фӕцагъды; израилаг адӕмы фосӕй та иу дӕр нӕ фӕхъуыди. 7 Фараон арвыста базонынмӕ, ӕмӕ куыд сбӕлвырд, афтӕмӕй израилӕгты фосӕй иу дӕр нӕ фӕхъуыди. Фӕлӕ та фараон ацы хатт дӕр йӕ фӕнд нӕ аивта, ӕмӕ израилаг адӕмы нӕ ауагъта.

Адӕмыл ӕмӕ фосыл – сынчъытӕ

8 Уӕд Моисей ӕмӕ Ааронӕн Хуыцау загъта: «Пецӕй фӕйнӕ армыдзаг райсут фӕнык, ӕмӕ йӕ фараоны раз Моисей скалӕд хӕрдмӕ. 9 Уыцы фӕнык ӕппӕт мысыраг зӕххыл фестдзӕни рыг, ахӕлиу уыдзӕн ӕгас Мысыры бӕстӕйыл, бахӕрдзӕн адӕмы ӕмӕ фосы буар, ӕмӕ сыл фӕзындзӕни хӕфкалгӕ сынчъытӕ». 10 Моисей ӕмӕ Аарон пецӕй райстой фӕнык ӕмӕ бацыдысты фараонмӕ. Моисей фӕнык скалдта хӕрдмӕ, ӕмӕ адӕм ӕмӕ фосыл фӕзынди дудаг сынчъытӕ. 11 Дӕснытӕн Моисейы ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕ баци – ӕппӕт мысырӕгтау сӕхӕдӕг дӕр фесты сынчъыты бын. 12 Фӕлӕ та Хуыцау ацы хатт дӕр фараоны скодта хивӕнд, ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Хуыцау Моисейӕн развӕлгъау куыд загъта, афтӕ.

Ихуард

13 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Райсом сыст раджы, бацу фараонмӕ ӕмӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: ‘Ауадз Мӕ адӕмы нывонд Мын ӕрхӕссынмӕ. 14 Уымӕн ӕмӕ ацы хатт Мӕ тыхМӕ бонӕй цӕвдзынӕн дӕу, дӕ фӕсдзӕуинты ӕмӕ дӕ адӕмы, ӕмӕ базондзынӕ, Мӕнӕн ӕппӕт зӕххыл ӕмбал кӕй нӕй, уый. 15 Мӕ бон уыди Мӕ хъаруйӕ дӕуыл ӕмӕ дӕ адӕмыл рын бафтауын ӕмӕ уӕ фӕцӕгъдын, зӕххыл уӕ кой дӕр куыд нал уыдаид, афтӕ. 16 Фӕлӕ дӕ Ӕз уымӕн ныууагътон, цӕмӕй дыл равдисон Мӕ тых, ӕмӕ Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххыл. 17 Ды нырма дӕр ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсыс Мӕ адӕммӕ, ӕмӕ сӕ нӕ уадзыс ацӕуын. 18 Тӕккӕ райсом, ацафон, Ӕз рауадздзынӕн, Мысыр куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма уыд, ахӕм фыдих’“. 19 Ныр та арвит, ӕмӕ дын быдыры цыдӕриддӕр фос ис, уый ӕрӕмбырд кӕн ӕдас бынатмӕ; быдыры чидӕриддӕр баззайа ӕмӕ хӕдзӕртты нӕ уа, уыцы адӕм ӕмӕ фос бауыдзысты ихы амӕттаг».

20 Дунедарӕджы ныхасӕй чи фӕтарсти, фараоны уыцы фӕсдзӕуинтӕ сӕ цагъарты ӕмӕ сӕ дзугты уайтагъд ӕрбамбырд кодтой хӕдзӕрттӕм; 21 Дунедарӕджы ныхас чи ницӕмӕ ӕрдардта, уыдон та сӕ цагъарты ӕмӕ сӕ дзугты ныууагътой быдыры.

22 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух сдар арвмӕ, ӕмӕ их ӕруардзӕн ӕппӕт мысыраг зӕххыл, адӕмыл, фосыл ӕмӕ ӕппӕт зайӕгойтыл». 23 Моисей йӕ лӕдзӕг сдардта арвмӕ; Дунедарӕджы хъаруйӕ арв ныннӕрыд ӕмӕ ихуард фемӕхст, арв цӕхӕртӕ акалдта; Дунедарӕг афтӕ ныххоста Мысыры зӕхх ихӕй. 24 Их уарыд, арв цӕхӕртӕ калдта. Мысыраг адӕм ам куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ ахӕм фыдих никӕд ныууарыд. 25 Ӕппӕт Мысыры зӕххыл быдыры цыдӕриддӕр уыди – адӕймагӕй фосы онг, – их ӕй ныццагъта; их ныццагъта ӕппӕт зайӕгойты, быдыры бӕлас нал ныууагъта. 26 Ӕрмӕст Израилы адӕм кӕм цардысты, Гесемы уыцы зӕххыл их не ’руарыд.

27 Фараон арвыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, басидти сӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕз ацы хатт тӕригъӕд ракодтон; Дунедарӕг раст у, ӕз ӕмӕ мӕ адӕм та азымджын стӕм. 28 Бакувут Дунедарӕгмӕ; Йӕ ӕрвнӕрдӕн ӕмӕ Йӕ ихуардӕн кӕрон скӕнӕд! Ӕмӕ уӕ ӕз ауадздзынӕн, ам нал баззайдзыстут». 29 Моисей йын загъта: «Ӕз куыддӕр сахарӕй ацӕуон, афтӕ мӕ къухтӕ сдардзынӕн Дунедарӕгмӕ: ӕрвнӕрд банцайдзӕн ӕмӕ их нал уардзӕн; ӕмӕ ды базондзынӕ, зӕхх Дунедарӕджы кӕй у, уый. 30 Фӕлӕ ӕз зонын, ды ӕмӕ дӕ фӕсдзӕуинтӕ нырма дӕр нӕ тӕрсут Дунедарӕг Хуыцауӕй».

31 Гӕн ӕмӕ хъӕбӕрхор фесӕфтысты, уымӕн ӕмӕ хъӕбӕрхорыл ӕфсир фӕзынди, гӕн та дидинӕг рафтыдта. 32 Мӕнӕу ӕмӕ касаг та ӕрӕджиау кӕй сцӕттӕ вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ аирвӕзтысты.

33 Моисей ныууагъта фараоны, рацыди сахарӕй ӕмӕ бакуывта Хуыцаумӕ; их нал уарыд, арв йӕ нӕрынӕй банцади, къӕвда нал уарыд. 34 Къӕвда, их ӕмӕ ӕрвнӕрд кӕй банцадысты, уый фараон куы федта, уӕд та ногӕй бафтыди тӕригъӕды: йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕ дӕр баззадысты хивӕндӕй: 35 Фараон ацы хатт дӕр та баззади дурзӕрдӕйӕ, ӕмӕ израилаг адӕмы нӕ ауагъта, Моисейы дзыхӕй Хуыцау развӕлгъау куыд загъта, афтӕ.

10

Мӕтыхтӕ

1 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Бацу фараонмӕ; Ӕз ыл бафтыдтон хивӕнд йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтыл дӕр, цӕмӕй сыл равдисон Мӕ диссӕгтӕ. 2 Ӕмӕ сымах дӕр уӕ фырттӕн, уӕ фыртты фырттӕн дзурат, Ӕз мысырӕгты куыд бафхӕрдтон, цы диссӕгтӕ сын фенын кодтон, уый тыххӕй; ӕмӕ зондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». 3 Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: „Бирӕ ма нӕ кӕсдзынӕ Мӕ коммӕ? Ауадз Мӕ адӕмы нывонд Мын ӕрхӕссынмӕ. 4 Куы нӕ сӕ ауадзай, уӕд та дын тӕккӕ райсом деппӕт зӕххыл бафтаудзынӕн мӕтыхты. 5 Уыдон афтӕ бирӕ уыдзысты, ӕмӕ зӕхх нал зындзӕн; бахӕрдзысты, ихӕй ма цы аирвӕзт, уый; бахӕрдзысты алы бӕлас дӕр уӕ быдырты. 6 Мӕтыхтӕй байдзаг уыдзысты дӕ хӕдзӕрттӕ, дӕ фӕсдзӕуинты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ, дӕ фыдӕлтӕ, дӕ фыдӕлты фыдӕлтӕ зӕххыл куы фӕзындысты, уӕдӕй нырмӕ ахӕм диссаг нӕ федтой“». Уый зӕгъыны фӕстӕ Моисей фӕзылд ӕмӕ рацыди фараонӕй. 7 Фараонӕн йӕ фӕсдзӕуинтӕ загътой: «Ацы адӕмы тыххӕй кӕдмӕ удхарӕй мӕлдзыстӕм? Ауадз сӕ, уадз Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, ӕрхӕссой нывонд. Мысыр кӕй сӕфы, уый нӕма уыныс, ӕви?» 8 Уӕд Моисей ӕмӕ Аароны раздӕхтой фараонмӕ, ӕмӕ сын фараон загъта: «Ацӕут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, нывонд ӕрхӕссынмӕ. Чи ӕмӕ чи ацӕудзӕн?» 9 Моисей дзуапп радта: «Ацӕудзыстӕм нӕ ӕнахъом лӕппутимӕ ӕмӕ нӕ зӕрӕдтимӕ, нӕ фырттимӕ ӕмӕ нӕ чызджытимӕ; ацӕудзыстӕм нӕ фысвос ӕмӕ стуртимӕ. Нӕ Дунедарӕгӕн бӕрӕгбон хъуамӕ саразӕм». 10 Фараон сын загъта: «Уӕдӕ уӕ ӕз уӕ сывӕллӕттимӕ куыд ауадздзынӕн, афтӕ Дунедарӕг дӕр уӕд уемӕ. Фыдбылыз саразын кӕй ӕрӕфтыд уӕ зӕрды, уый не ’мбарут? 11 Нӕ, ацӕуӕнт ӕрмӕст уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ нывонд ӕрхӕссӕнт Дунедарӕгӕн; уӕхӕдӕгиу мӕм куы ӕрхатыдыстут уый тыххӕй». Уыйадыл сӕ ратардтой фараонӕй. 12 Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух радар мысыраг зӕхмӕ, ӕмӕ мӕтыхтӕ ӕрбабырсдзысты мысыраг бӕстӕмӕ, бахӕрдзысты ӕппӕт зайӕгойтӕ, ихы фӕстӕ ма цы аирвӕзт, уый». 13 Моисей йӕ лӕдзӕг радардта мысыраг зӕхмӕ, ӕмӕ Хуыцау Мысырмӕ рауагъта, уыцы бон ӕмӕ ӕхсӕвы дӕргъы чи нӕ банцад, ахӕм скӕсӕйнаг дымгӕ. Куы ӕрбабон, уӕд скӕсӕйнаг дымгӕ йемӕ ӕрхаста мӕтыхты. 14 Мӕтыхтӕ сӕхи ныццавтой ӕппӕт мысыраг зӕххыл; афтӕ бирӕ уыдысты, ӕмӕ зӕхх ӕппындӕр нал зынди. Уӕды онг сӕм никуы уыди уыйбӕрц мӕтыхтӕ, ӕмӕ сӕм уый фӕстӕ дӕр нӕ уыдзӕни. 15 Зӕхх фӕци мӕтыхты бын ӕмӕ сау адардта – мӕтыхтӕ бахордтой, ихы фӕстӕ ма зӕххыл цы баззад, ӕппӕт уыцы кӕрдӕг ӕмӕ бӕлӕсты дыргътӕ. Ӕппӕт мысыраг зӕххыл нӕдӕр цъӕх сыфтӕр баззади бӕлӕстыл, нӕдӕр быдираг кӕрдӕджы хал. 16 Фараон фӕдисӕй басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕ Дунедарӕг, Хуыцауы раз ӕмӕ уӕ разы; 17 Ацы хаттма мын ныббарут мӕ тӕригъӕд, бакувут Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕна ацы бӕллӕхӕй». 18 Моисей рацыди фараонӕй ӕмӕ бакуывта Хуыцаумӕ. 19 Хуыцау иннӕрдыгӕй рауагъта тыхджын ныгуылӕйнаг дымгӕ; уыцы дымгӕ ахаста мӕтыхты ӕмӕ сӕ ныккалдта Сырх денджызы. Ӕппӕт Мысыры зӕххыл иу мӕтых дӕр нал баззад. 20 Фӕлӕ Хуыцау хивӕнд бафтыдта фараоныл, ӕмӕ та нӕ ауагъта израилаг адӕмы.

Саудалынг

21 Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух сдар арвмӕ, ӕмӕ мысыраг зӕххыл анхъӕвздзӕн, ӕрмӕст куырмӕджы цӕуӕн кӕм уа, ахӕм саудалынг». 22 Моисей йӕ къух сдардта арвмӕ, ӕмӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл ӕртӕ боны дӕргъы уыди саудалынг. 23 Адӕм кӕрӕдзи нал уыдтой, ӕмӕ ӕртӕ боны йӕ бынатӕй ничи фезмӕлыд; ӕппӕт израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым та рухс уыди. 24 Фараон басидти Моисеймӕ ӕмӕ загъта: «Ацӕут уӕ Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ; ӕрмӕст уӕ фысвос ӕмӕ стуртӕ баззайӕнт ам, уӕ сывӕллӕттӕ та ацӕуӕнт уемӕ». 25 Фӕлӕ Моисей загъта: «Ратт нын нӕ фос, ӕмӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕрхӕсдзыстӕм иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывондтӕ. 26 Нӕ дзугтӕ ацӕудзысты немӕ, иу сӕфтӕг дӕр нӕ баззайдзӕн ам. Уымӕн ӕмӕ уыдонӕй ӕрхӕсдзыстӕм нывондтӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн. Бынатмӕ куы бахӕццӕ уӕм, ӕрмӕст уӕд сбӕлвырд уыдзӕни, Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынӕн мах цы бахъӕудзӕн, уый». 27 Фӕлӕ та Дунедарӕг хивӕнд бафтыдта фараоныл, ӕмӕ йӕ сӕ ауадзын нӕ бафӕндыд.

28 Фараон Моисейӕн загъта: «Ахъуыдты у мӕ цурӕй! Дӕхи мӕм мауал равдис! Куыма дӕ фенон, уӕд мӕлӕт ссардзынӕ». 29 Моисей йын дзуапп радта: «Раст загътай: кӕрӕдзи никуал фендзыстӕм».

11

Фӕстаг ӕртхъирӕн

1 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ноджыма иу хатт бафхӕрдзынӕн фараоны ӕмӕ мысырӕгты; уыйадыл фараон ауадздзӕн уеппӕты дӕр. Йӕхӕдӕг уӕ тӕрдзӕн ардыгӕй, рӕвдздӕр куыд ацӕуат, афтӕ. 2 Адӕмӕн зӕгъ, ӕмӕ алы нӕлгоймаг дӕр йӕ зонгӕ нӕлгоймагӕй, ӕмӕ алы сылгоймаг дӕр йӕ зонгӕ сылгоймагӕй ракура ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзаумӕттӕ». 3 Хуыцауы фӕндӕй мысырӕгтӕ Йӕ адӕммӕ ракастысты хорз цӕстӕй; стӕй Моисейы ном дӕр Мысыры бӕстӕйы хъуыстгонд уыди, нымад лӕг уыд фараоны фӕсдзӕуинтӕм ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ.

4 Моисей адӕмӕн загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Ӕмбисӕхсӕв Ӕз ӕрзилдзынӕн Мысырыл, 5 Ӕмӕ мысыраг зӕххыл амӕлдзӕн алы хистӕр фырт дӕр – паддзахы къӕлӕтджыны бадӕг фараоны хистӕр фыртӕй ӕрмгуыройыл ссаг цагъар сылгоймаджы хистӕр фырты онг; амӕлдзысты, фыццаг чи райгуырд, уыцы фос дӕр. 6 Ӕмӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл анхъӕвздзӕни, чи никуыма уыд ӕмӕ никуал уыдзӕн, ахӕм хъарӕг. 7 Израилы ӕппӕт адӕмыл та ӕгӕрмӕгуыр куыдз дӕр не срӕйдзӕн: нӕдӕр адӕймагыл, нӕдӕр фосыл. Ӕмӕ афтӕмӕй базондзысты, мысыраг адӕммӕ ӕмӕ израилаг адӕммӕ Дунедарӕг ӕмхуызон цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы“». 8 Моисей дзырдта: «Ӕмӕ уӕд дӕ фӕсдзӕуинтӕ сеппӕт дӕр ӕрцӕудзысты мӕнмӕ, сӕрӕй мын ӕркувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: „Ацу дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, раздзӕуӕг кӕмӕн дӕ, уыцы адӕм ӕгасӕй дӕр“. Уый фӕстӕ ӕз ацӕудзынӕн». Моисей фараонӕй рацыди мӕстӕлгъӕдӕй.

9 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Фараон уӕм уымӕн нӕ байхъуыста, цӕмӕй Мысыры зӕххыл Ӕз равдисон ноджы фылдӕр диссӕгтӕ».

10 Моисей ӕмӕ Аарон ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ равдыстой фараоны раз. Фӕлӕ Дунедарӕг фараоныл бафтыдта хивӕнд, ӕмӕ фараон Израилы адӕмы нӕ ауагъта йӕ зӕххӕй.

12

Куадзӕны уӕрыкк

1 Моисей ӕмӕ Аарон ма Мысыры куы уыдысты, уӕд сын Дунедарӕг загъта: «2 Ацы мӕй сымахӕн уӕд мӕйты райдайӕн; афӕдзы мӕйтӕй уын уӕд фыццаг – азы райдайӕн. 3 Ӕппӕт израилаг адӕмӕн зӕгъут: ацы мӕйы дӕсӕм бон алчидӕр йӕ бинонтӕн дзугӕй хъуамӕ ӕрбакӕна иу уӕрыкк, алы хӕдзарӕн дӕр – уӕрыкк. 4 Кӕд бинонтӕ бирӕ не сты ӕмӕ иу уӕрыкк нӕ бахӕрдзысты, уӕд ӕй райсӕд сӕ хӕстӕгдӕр сыхагимӕ. Банымайын хъӕуы, цал лӕджы фаг суыдзӕн, уый. 5 Уӕрыкк хъуамӕ уа ӕнаипп, нӕл ӕмӕ аздзыд; уӕрыччы бӕсты ис сӕныкк райсӕн. 6 Уӕрыкк уӕхимӕ уӕд ацы мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ. Ӕппӕт израилаг адӕм изӕрдалынгты аргӕвдӕнт сӕ кусӕрттӕгтӕ. 7 Райсӕнт уӕрыччы тугӕй ӕмӕ дзы сахорӕнт, кӕм ӕй хӕрдзысты, уыцы хӕдзӕртты дуӕртты тарвӕзтӕ ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ. 8 Йӕ дзидза йын уыцы ӕхсӕв бахӕрӕнт физонӕгӕй донгонд дзул ӕмӕ судзагхалимӕ. 9 Ма дзы бахӕрут нӕдӕр хомӕй, нӕдӕр къуыдырвыхӕй, фӕлӕ йӕ бахӕрут физонӕгӕй ӕд сӕр, ӕд къӕхтӕ ӕмӕ ӕд хуылфыдзаумӕттӕ. 10 Райсоммӕ дзы ма ныууадзут; куы ма дзы баззайа, уӕд ӕй ӕрбабонмӕ басудзут артыл. 11 Куы йӕ хӕрат, уӕд уӕ дарӕс уӕ уӕлӕ, уӕ дзабыртӕ уӕ къӕхтыл, уӕ лӕдзджытӕ уӕ къухты хъуамӕ уой. Архайут рӕвдздӕр ӕй бахӕрыныл – уый Куадзӕны нывонд у Дунедарӕгӕн. 12 Ӕз уыцы ӕхсӕв ӕрзилдзынӕн Мысыры зӕххыл. Адӕймагӕй фосы онг амардзынӕн алы фыццаг гуырды дӕр. Ӕмӕ тӕрхон рахӕсдзынӕн ӕппӕт мысыраг хуыцӕуттӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн! 13 Цы хӕдзӕртты цӕрут, уыдоныл туг уыдзӕн нысанӕн. Ӕз фендзынӕн уыцы туг ӕмӕ ацӕудзынӕн уӕ рӕзты; Ӕз бафхӕрдзынӕн мысыраг зӕхх, сымахыл та зиан не ’рцӕудзӕн. 14 Уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдыл лӕууӕд уыцы бон. Уеппӕт фӕлтӕртӕ ацы бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнӕнт Дунедарӕджы номыл. Бӕрӕг ӕй кӕнут – уый уын мыггагмӕ лӕвӕрд ӕгъдау у. 15 Авд боны хӕрут донгонд дзултӕ; тӕккӕ фыццаг бон фесафут, уӕ хӕдзӕртты ӕнхъызтӕй цыдӕриддӕр ис, уый. Уымӕн ӕмӕ фыццаг бонӕй ӕвдӕм боны онг ӕнхъызт чи бахӕра, уыцы адӕймаг фӕхъӕудзӕн Израилӕй. 16 Фыццаг бон ӕмӕ ӕвдӕм бон уын уӕд ӕмбырд Хуыцаумӕ бакувынӕн. Хӕринаг саразынӕй уӕлдай уыцы бонты мацы кусут. 17 Ма рох кӕнут донгонд дзулты бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ уӕ Ӕз уыцы бонты ракодтон Мысыры зӕххӕй – ӕфсады иу къорд иннӕйы фӕдыл цӕуӕгау. Уӕ фидӕны фӕлтӕртӕ бӕрӕг кӕнӕнт уыцы бон – уый уын мыггагмӕ лӕвӕрд ӕгъдау у. 18 Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм боны изӕрӕй иу ӕмӕ ссӕдзӕм боны изӕрмӕ хӕрут донгонд дзултӕ. 19 Уӕ хӕдзӕртты авд боны ма уӕд ӕнхъизӕн; уымӕн ӕмӕ ӕнхъызт хойраг цы адӕймаг хӕра, уый фӕхъӕудзӕн Израилы адӕмӕй – ӕрцӕуӕггаг уа ӕви бынӕттон цӕрӕг. 20 Ӕнхъызт цы у, ахӕмӕй мацы хӕрут; кӕмдӕриддӕр ма ӕрбынӕттон ут, – хӕрут донгонд дзул». 21 Моисей ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт израилаг хистӕрты ӕмӕ сын загъта: «Уӕ бинонтӕн равзарут уӕрыкк ӕмӕ йӕ аргӕвдут Куадзӕны нывондӕн. 22 Райсут иссопы+ 12:22 Иссоп – кӕрдӕджы мыггаг. гуцъула, сӕвдулут ӕй, къусы цы туг ис, уым, ӕмӕ дзы байсӕрдут хӕдзары дуары тарвӕзтӕ ӕмӕ уӕлкъӕсӕр; ӕмӕ уӕ райсоммӕ йӕ хӕдзары дуарӕй мачи рахизӕд. 23 Уӕд Дунедарӕг рацӕудзӕн Мысыр бафхӕрынмӕ, фендзӕн туг дуары тарвӕзтыл ӕмӕ уӕлкъӕсӕрыл ӕмӕ ацӕудзӕни дуӕртты рӕзты; удхӕссӕджы уӕ фесафынмӕ нӕ бауадздзӕн уӕ хӕдзӕрттӕм. 24 Уадз уый сымахӕн ӕмӕ уӕ байзӕддагӕн уӕд мыггагмӕ ӕххӕстгӕнинаг ӕгъдау. 25 Ацы бон бӕрӕг кӕнут, Дунедарӕг уын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уымӕ куы бацӕуат, уӕд. 26 Уӕ байзӕддӕгтӕ уӕ куы бафӕрсой: „Уый цавӕр ӕгъдау у?“, 27 Уӕд зӕгъут: „Мысырӕгты куы цагъта, уӕд израилаг адӕмы хӕдзӕртты рӕзты чи ацыд ӕмӕ нын нӕ хӕдзӕрттӕ чи бахызта, ай уыцы Дунедарӕгӕн Куадзӕны нывонд у“». Адӕм ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ ныллӕг ӕркуывтой Дунедарӕгӕн. 28 Израилӕгтӕ ацыдысты сӕ хӕдзӕрттӕм ӕмӕ бакодтой, Моисей ӕмӕ Ааронӕн Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 29 Ӕмбисӕхсӕв ӕгас мысыраг зӕххыл Дунедарӕг фӕцагъта ӕппӕт хистӕр фыртты – паддзахы къӕлӕтджыны бадӕг фараоны хистӕр фыртӕй ахӕст уацайраджы хистӕр фыртмӕ; амардта ӕппӕт фыццагзад фос дӕр. 30 Ӕхсӕвы сӕ хуыссӕнӕй сыстадысты фараон, йеппӕт фӕсдзӕуинтӕ ӕмӕ ӕгас Мысыр. Ӕмӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл анхъӕвзта хъарӕг – мард кӕуыл не ’рцыд, ахӕм хӕдзар дзы нӕ разынди.

Израил рацыд Мысырӕй

31 Фараон ӕхсӕвы басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут махӕй уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ израилаг адӕм дӕр; ацӕут, ӕмӕ куыд дзырдтат, афтӕ нывонд ӕрхӕссут Дунедарӕгӕн. 32 Куыд дзырдтат, афтӕ атӕрут уӕ фысвос ӕмӕ уе стуртӕ. Ацӕут ӕмӕ арфӕ ракурут мӕнӕн дӕр».

33 Израилӕгтӕй домдтой сӕ зӕххӕй куыдтагъддӕр ацӕуын. Мысырӕгтӕ дзырдтой: «Науӕд неппӕт дӕр фӕцагъды уыдзыстӕм». 34 Израилаг адӕм сӕ хыссӕ семӕ ахастой ӕнӕнхъызтӕй – се ’нхъизӕндӕттӕ, сӕ дарӕсы тыхтӕй, уыдысты се уӕхсчытыл. 35 Израилаг адӕм бакодтой, Моисей сын куыд загъта, афтӕ: мысырӕгтӕй куырдтой ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзаума ӕмӕ дарӕс. 36 Дунедарӕджы фӕндӕй мысырӕгтӕ Йӕ адӕммӕ ракастысты хорз цӕстӕй: лӕвӕрдтой сын, цы сӕ куырдтой, уый, ӕмӕ афтӕмӕй израилӕгтӕ бастыгътой мысырӕгты.

37 Израилаг адӕм фистӕгӕй, ӕхсӕзсӕдӕ мин нӕлгоймаджы бӕрц, сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, Раамсесӕй араст сты Сокхофмӕ. 38 Семӕ ма рацыд бирӕ адӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, стӕй раскъӕрдтой фысвосы ӕмӕ стурты тынг бирӕ рӕгъӕуттӕ. 39 Мысырӕй кӕй рахастой, уыцы хыссӕйӕ сфыхтой донгонд лауаситӕ; хыссӕйыл ӕнхъизӕн нӕ ныккодтой, уымӕн ӕмӕ сын фӕстиаты амал нӕ уыд – мысырӕгтӕ сӕ ратардтой, ӕмӕ сын фӕндагмӕ сӕхицӕн суанг хӕринаг скӕнын дӕр нӕ бантыст. 40 Израилаг адӕм Мысыры ӕдӕппӕт фӕцардысты цыппарсӕдӕ ӕртын азы.

41 Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куыддӕр ахицӕн сты, тӕккӕ уыцы бон, ӕхсӕвы, Дунедарӕджы ӕппӕт адӕм рацыдысты Мысыры зӕххӕй. 42 Уыцы ӕхсӕв Хуыцау хъахъхъӕдта Йӕ адӕмы, цӕмӕй сӕ ракӕна Мысыры зӕххӕй. Уымӕ гӕсгӕ израилаг адӕмы ӕппӕт фӕлтӕртӕн уыцы ӕхсӕв уыдзӕни мысӕн ӕхсӕв. 43 Моисей ӕмӕ Ааронӕн Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ уын Куадзӕны уагӕвӕрд: ӕндӕр адӕмыхаттӕй дзы ӕппындӕр хъуамӕ мачи бахӕра. 44 Фӕлӕ ӕхцайӕ кӕй балхӕдтат, уыцы цагъары сунӕт куы скӕнат, уӕд ын Куадзӕн хӕрын фӕтчы. 45 Хъуамӕ йӕ ма хӕрой ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ ӕххуырст. 46 Хӕргӕ йӕ у иу хӕдзары мидӕг; дзидза хӕдзарӕй ӕддӕмӕ ма хӕссут, ӕмӕ йын йе стджытӕ ма сӕттут. 47 Уыцы ӕгъдау ӕххӕстгӕнинаг у ӕппӕт израилаг адӕмӕн дӕр. 48 Ӕрцӕуӕггаг уӕм куы цӕра ӕмӕ йӕ куы бафӕнда уемӕ Дунедарӕджы Куадзӕн саразын, уӕд ын сунӕт скӕнут йеппӕт нӕлгоймӕгтӕн; афтӕмӕй уемӕ хӕрдзӕни Куадзӕн ӕмӕ нымад уыдзӕни бындурон цӕрӕгыл. Сунӕт чи нӕу, уымӕн Куадзӕн хӕрын нӕ фӕтчы. 49 Иу ӕгъдауыл хӕст уӕд израилӕгтӕ дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн ӕрцӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕ дӕр». 50 Ӕмӕ ӕппӕт израилаг адӕм бакодтой, Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 51 Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилаг адӕмы ракодта мысыраг зӕххӕй – ӕфсады иу къорд иннӕйы фӕдыл цӕуӕгау».

13

Хистӕр фырттӕ – Хуыцауӕн

1 Хуыцау загъта Моисейӕн: 2 «Израилаг сылгоймӕгтӕй райгуырӕг хистӕр лӕппутӕй алкӕй дӕр снывонд кӕн Мӕнӕн; алы фыццаг гуырд дӕр – адӕймаг уа ӕви фос – Мӕн у». 3 Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут ацы бон – Мысырӕй, цагъарады хӕдзарӕй, уӕ рацыды бон. Хуыцау уӕ Йе стыр хъаруйӕ ракодта уырдыгӕй, ӕмӕ ӕнхъызт хойраг хӕргӕ нӕу. 4 Абон, Авивы+ 13:4 Авив – уалдзыгон мӕй. мӕйы, цӕут Мысырӕй. 5 Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлынц, уӕ фыдӕлтӕн ӕй раттынӕй Хуыцау кӕй тыххӕй сомы кодта, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы зӕхмӕ уӕ куы бакӕна, уӕд афӕдзы фыццаг мӕйы хъуамӕ ӕххӕст кӕнат ацы ӕгъдау: 6 Авд боны хӕрут донгонд дзултӕ, ӕвдӕм бон та – бӕрӕгбон Дунедарӕгӕн. 7 Донгонд дзултӕ хӕргӕ уын у уыцы авд боны; ӕмӕ уӕм ӕнхъизӕнӕй конд мацы разынӕд, уеппӕт зӕххыл уӕ цӕст ӕнхъизӕн ма фенӕд. 8 Уыцы бон радзурут уӕ фырттӕн: „Мысырӕй нӕ кӕй ракодта, уымӕй Дунедарӕг махӕн цы хорз сарӕзта, уый номыл у ацы бӕрӕгбон“. 9 Уыцы цау мысынӕн уый нысанау хъуамӕ ӕвӕрд уа уӕ къухтыл ӕмӕ уӕ тӕрныхтыл, Дунедарӕджы ацы ӕгъдауы тыххӕй дзургӕ у иудадзыг; уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг сымах Йӕ стыр хъаруйӕ ракодта Мысырӕй. 10 Ӕмӕ ацы уагӕвӕрд ӕрвылаз ӕххӕст кӕнут йӕ афоныл. 11 Сымахӕн ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн Хуыцау кӕй тыххӕй сомы кодта, ханаанӕгты уыцы зӕхмӕ уӕ куы бакӕна ӕмӕ уын ӕй куы ратта, 12 Уӕд Хуыцауӕн дӕттут алы хистӕр лӕппуйы дӕр; фосы алы фыццагзад дӕр Хуыцауы хъуамӕ уа. 13 Алы фыццагзад хӕрӕджы къӕлӕуы дӕр баивут уӕрыккӕй. Куы нӕ йӕ баиват, уӕд ын асӕттут йӕ бӕрзӕй. Алы хистӕр лӕппуйы дӕр балхӕнут Хуыцауӕй. 14 Ӕмӕ уӕ райсом уӕ фырттӕ куы бафӕрсой: „Ай цы у?“, уӕд сын зӕгъут: „Хуыцау нӕ Йӕ стыр хъаруйӕ ракодта Мысырӕй, цагъарады хӕдзарӕй. 15 Фараон куы ныффӕрск ӕмӕ нӕ куы нӕ уагъта, уӕд мысыраг зӕххыл Хуыцау фӕцагъта ӕппӕт фыццаг гуырдты – адӕймагӕй фосмӕ. Уымӕ гӕсгӕ мах Хуыцауӕн нӕ фосӕй нывонд хӕссӕм алы фыццаг нӕлы дӕр, ӕмӕ нӕ алы хистӕр фырты та ӕлхӕнӕм Хуыцауӕй“. 16 Уый нысанау уӕд уӕ къухтыл ӕмӕ уӕ ныхтыл уаццаджы бӕсты; уымӕн ӕмӕ Хуыцау мах Йӕ стыр хъаруйӕ ракодта Мысырӕй».

Хуыцау – Йӕ адӕмы разӕй

17 Фараон израилаг адӕмы куы ауагъта, уӕд сӕ Хуыцау цыбырдӕр фӕндагыл – филистимаг зӕххыл – нӕ ахуыдта. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау загъта: «Хӕцын сӕ кӕй хъӕуы, уый адӕм куы феной, уӕд сӕм фӕсмон куы ӕрцӕуа ӕмӕ Мысырмӕ куы аздӕхой». 18 Ӕмӕ Хуыцау Йӕ адӕмы адзӕрӕг быдырыл дӕрдты акодта Сырх денджызмӕ. Израилаг адӕм Мысыры зӕххӕй рацыдысты гӕрзифтонгӕй, хӕстӕввонгӕй.

19 Моисей йемӕ раласта Иосифы стджытӕ; уымӕн ӕмӕ Иосиф куы марди, уӕд Израилы фырттӕн бафӕдзӕхста: «Хуыцау уӕм ӕркӕсдзӕн ӕнӕмӕнг, ӕмӕ мын ме стджытӕ ахӕсдзыстут ардыгӕй». Ӕмӕ сын ард бахӕрын кодта.

20 Израилаг адӕм араст сты Сокхофӕй, ӕмӕ асадӕны ӕрлӕууыдысты Ефамы, ӕдзӕрӕг быдыры кӕрон. 21 Фӕндаг сын амоныны тыххӕй Хуыцау бонӕй цыди сӕ разӕй ӕврагъы хуызӕн цӕджындзау, ӕхсӕвы та – судзгӕ цӕджындзау, цӕмӕй сын рухс кӕна, ӕмӕ цӕуой бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр. 22 Ӕврагъ бонӕй ӕмӕ судзгӕ цӕджындз ӕхсӕвы никуы ныууагътой адӕмы.

14

Мысыраг ӕфсады сӕфт

1 Хуыцау загъта Моисейӕн: «2 Израилаг адӕмӕн зӕгъ: раздӕхӕнт ӕмӕ ӕрлӕууӕнт ПиГахирофы раз, Мигдолӕй денджызы ӕхсӕн – ВаалЦефонмӕ хӕстӕг; йӕ акомкоммӕ йын денджызы былыл ӕрӕвӕрут уӕ цатыртӕ. 3 Ӕмӕ фараон израилаг адӕмӕй зӕгъдзӕни: „Ныдздзӕгъӕл сты уыцы бӕстӕйы – ӕдзӕрӕг быдырӕн йӕ уацары бахаудтой“. 4 Ӕз фараоныл бафтаудзынӕн хивӕнд, ӕмӕ уӕ фӕсте расурдзӕн; уӕд Ӕз бафхӕрдзынӕн фараоны ӕмӕ йеппӕт ӕфсады. Ӕмӕ мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕмӕ скадджын уыдзынӕн». Адӕм бакодтой, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

5 Мысыры паддзахӕн фехъусын кодтой, адӕм кӕй алыгъдысты, уый тыххӕй. Уӕд фараон ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕ загътой: «Ай цы сарӕзтам? Израилӕгты куы ауагътам, уӕд ма нын чи кусдзӕн?» 6 Фараон сифтыгъта йӕ хӕстон бӕхуӕрдон, йӕ адӕмы дӕр ракодта йемӕ. 7 Фараонимӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ хуыздӕр бӕхуӕрдоны, ӕмӕ ӕппӕт мысыраг уӕрдонджын ӕфсад сӕ хицӕуттимӕ. 8 Дунедарӕг хивӕнд бафтыдта фараоныл, Мысыры паддзахыл, ӕмӕ уый фӕсте асырдта израилаг адӕмы. Израилаг адӕм та ӕдӕрсгӕ лӕгӕрстой размӕ. 9 Мысырӕгтӕ сӕ асырдтой фӕсте фараоны ӕппӕт хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ, барджытимӕ, ӕппӕт ӕфсадимӕ; баййӕфтой сӕ ПиГахирофы фарсмӕ, ВаалЦефоны бакомкоммӕ денджызы былыл сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уым.

10 Фараон сӕм куы баввахс, уӕд израилаг адӕм акастысты фӕстӕмӕ ӕмӕ федтой: мысырӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл; израилаг адӕм стыр тасы бафтыдысты, сдзынӕзтой Хуыцаумӕ, 11 Ӕмӕ Моисейӕн загътой: «Мысыры нын ингӕнтӕ нӕ разындаид, ӕви? Мӕлынмӕ нӕ ӕдзӕрӕг ранмӕ цӕмӕн рахуыдтай? Уый нын цы бакуыстай, цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй? 12 Мысыры ма куы уыдыстӕм, уӕд дын дзӕгъӕлы куы нӕ дзырдтам: „Ныууадз нӕ, кусдзыстӕм мысырӕгтӕн!“ Ӕдзӕрӕг быдыры амӕлынӕй мысырӕгтӕн цагъарӕй цӕрын хуыздӕр у». 13 Уӕд Моисей адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут, ӕнцад ут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау уӕ абон куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Ныртӕккӕ кӕй уынут, уыцы мысырӕгты мыггагмӕ дӕр никуал фендзыстут. 14 Хуыцау тох кӕндзӕн уӕ бӕсты, сымах та ӕнцад ут».

15 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Цы Мӕм дзыназыс? Зӕгъ израилаг адӕмӕн, ӕмӕ цӕуой дарддӕр. 16 Ды та сис дӕ лӕдзӕг ӕмӕ йӕ денджызырдӕм адар, денджыз фӕдих уыдзӕн, ӕмӕ израилаг адӕм йӕ астӕуты ацӕудзысты сурзӕххыл. 17 Ӕз та хивӕнд бафтаудзынӕн мысырӕгтыл, ӕмӕ фӕсте асурдзысты израилӕгты. Уӕд мӕ тых равдисдзынӕн фараоныл ӕмӕ йеппӕт ӕфсадыл, йӕ хӕстон уӕрдӕттыл ӕмӕ йӕ барджытыл. Ӕмӕ Ӕз скадджын уыдзынӕн. 18 Фараоныл, йӕ уӕрдӕттыл ӕмӕ йӕ барджытыл Мӕ хъару куы равдисон ӕмӕ уымӕй куы скадджын уон, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».

19 Израилӕгтӕн сӕ разӕй чи цыди, Хуыцауы уыцы зӕд ныууагъта йӕ бынат ӕмӕ слӕууыди сӕ фӕстӕ; ӕврагъы хуызӕн цӕджындз дӕр слӕууыди сӕ фӕстӕ. 20 Ӕмӕ бацыд мысырӕгты ӕмӕ израилӕгты ӕхсӕн. Ӕврагъ уыди саудары хӕдастӕу, ӕмӕ рухс кодта ӕхсӕвы. Уыцы ӕхсӕв мысырӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ кӕрӕдзимӕ нӕ баввахс сты.

21 Моисей йӕ къух адардта денджызмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Дунедарӕг тардта денджыз тыхджын скӕсӕйнаг дымгӕйӕ – денджыз фӕцыди дыууӕрдӕм ӕмӕ разынд йӕ бын. 22 Израилаг адӕм денджызы мидӕг ацыдысты сурзӕххыл. Денджызы дон та сӕ рахиз ӕмӕ сӕ галиу фарс слӕууыд къултау. 23 Мысырӕгтӕ сӕ асырдтой, ӕмӕ сӕ фӕдыл денджызмӕ бахызтысты фараоны ӕппӕт бӕхтӕ, йӕ хӕстон уӕрдӕттӕ ӕмӕ барджытӕ.

24 Боныцъӕхтыл судзгӕ цӕджындзӕй ӕмӕ ӕврагъӕй Хуыцау ракаст мысырӕгтӕм, ӕмӕ сӕ ӕддӕгмидӕг ауайын кодта. 25 Хӕстон уӕрдӕтты цӕлхытӕ ныссӕдзын кодта зӕххы, мысырӕгтӕ сӕ хъуырдухӕнӕй тардтой. Уӕд мысырӕгтӕ загътой: «Фӕлидзӕм израилӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕсты Дунедарӕг хӕцы немӕ».

26 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух адар денджызмӕ, ӕмӕ йӕ дон раивылдзӕн мысырӕгтыл, сӕ хӕстон уӕрдӕттыл ӕмӕ сӕ барджытыл». 27 Моисей йӕ къух адардта денджызмӕ, ӕмӕ бонмӕ денджызы дон сӕумӕйӕ бацахста йӕ раздӕры бынат; мысырӕгтӕ сӕхи къахӕй згъордтой денджызы хъӕбысмӕ. Афтӕ Хуыцау мысырӕгты фӕдӕлдон кодта денджызы. 28 Денджызы дон раздӕхт йӕ бынатмӕ, ӕмӕ Израилы фӕдыл денджызмӕ чи бахызти, уыцы хӕстон уӕрдӕттӕ ӕмӕ фараоны ӕппӕт ӕфсад йӕ быны фесты, иу дӕр сӕ нал аирвӕзт. 29 Израилаг адӕм та денджызы хӕдастӕуты цыдысты сурзӕххыл: сӕ рахиз фарс ӕмӕ сӕ галиу фарс денджызы дон лӕууыд къулау.

30 Уыцы бон Хуыцау израилӕгты бахызта мысырӕгты къухӕй. Израилӕгтӕ фӕстӕдӕр денджызы былыл федтой мысырӕгты мӕрдтӕ. 31 Хуыцау куы фӕцагъта мысырӕгты, уӕд Ын израилӕгтӕ федтой Йе стыр хъару; адӕмы бацыди Хуыцауы тас, ӕмӕ уӕд баууӕндыдысты Дунедарӕгыл ӕмӕ Йӕ цагъар Моисейыл. Уӕд Моисей ӕмӕ Израилы адӕм ныззарыдысты зарӕг Хуыцауӕн:

15

Моисейы зарӕг

«1 Мӕ зарӕгӕй стауын Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ скадджын кодта Йӕхи: бӕхты ӕмӕ барджыты нывзылдта денджызмӕ.

2 Дунедарӕг мӕ тых ӕмӕ мӕ хъахъӕнӕг у; Уый у мӕ ирвӕзынгӕнӕг. Уый мӕ Хуыцау у, ӕмӕ Йӕ ӕз скадджын кӕндзынӕн, Уый мӕ фыды Хуыцау у, ӕмӕ Йӕ ӕз стаудзынӕн. 3 Хуыцау – стыр хӕстон, йӕ ном – Дунедарӕг.

4 Фараоны хӕстон уӕрдӕттӕ ӕмӕ ӕфсад Уый нывзылдта денджызмӕ, фараоны хуыздӕр хӕстон разамонджытӕ фӕдӕлдон сты Сырх денджызы. 5 Ӕнӕбын хуыдымтӕ сӕ аныхъуырдтой – дурау ацыдысты денджызы бынмӕ.

6 Дӕ цонг, Хуыцау, йӕ хъаруйӕ скадджын; Дӕ цонг, Хуыцау, фӕцагъта знӕгты. 7 Де стыр хъаруйӕ уӕлахиз кӕныс Де знӕгтыл. Ды сыл бафтыдтай Дӕ азар, ӕмӕ сӕ хъӕмпау басыгъта. 8 Дӕ мӕстӕй цы дымгӕ рауагътай, уый сфӕйлыдта денджыз, ӕмӕ дон слӕууыди къулау, денджызы хуыдымтӕ сурзӕхх фестадысты. 9 Знаг загъта: „Асурон сӕ ӕмӕ сӕ баййафон, амӕттаг байуарон; мӕ фӕндиаг фӕуыдзысты, сласдзынӕн мӕ цирхъ, уацары сӕ райсдзынӕн“. 10 Фӕлӕ Ды рауагътай Дӕ комытӕф, ӕмӕ сӕ денджыз аныхъуырдта: здыйау аныгъуылдысты денджызы ӕнӕбын хуыдымты.

11 Дунедарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис хуыцӕутты ӕхсӕн? Ды сыгъдӕг кӕй дӕ, уымӕй намысджын дӕ. Ды цытджын дӕ де стыр хъуыддӕгтӕй. 12 Ды радардтай Дӕ къух, ӕмӕ зӕхх аныхъуырдта мысырӕгты. 13 Ды уарзыс, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы, ӕмӕ сӕ Дӕ хъаруйӕ хоныс Дӕ сыгъдӕг цӕрӕн бынатмӕ.

14 Уый фехъуыстой иннӕ адӕмтӕ ӕмӕ тасы бафтыдысты; стыр тас бацыди филистимаг адӕмы. 15 Старстысты Едомы ӕлдӕрттӕ, ризӕг бахӕцыди Моавы ӕлдӕрттыл, сӕ хъару асаст Ханааны ӕппӕт цӕрджытӕн.

16 Уадз тӕрсой ӕмӕ ӕмризӕджы ризой; Дӕ цонджы хъаруйӕ дурау бауадзыг уыдзысты, Дӕхицӕн кӕй сӕвзӕрстай, Дунедарӕг, уыцы адӕм цалынмӕ бахӕццӕ уой, уӕдмӕ. 17 Дунедарӕг, бахондзынӕ сӕ ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕ Дӕ хохыл, Дӕхицӕн цӕрӕн кӕм равзӕрстай, уыцы ран, Ды цы кувӕндон сарӕзтай, уым.

18 Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕни мыггагӕймыггагмӕ.

19 Фараоны бӕхтӕ хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ йӕ барджытимӕ денджызмӕ куы бахызтысты, уӕд Хуыцау уыдоныл рауагъта денджызы дон, Израилы адӕм та денджызы хӕдастӕуты сурзӕххыл ахызтысты иннӕ фарсмӕ».

20 Аароны пехуымпар хо Мариам райста дала, ӕппӕт сылгоймӕгтӕ далатыл цӕгъдгӕ ӕмӕ кафгӕ рацыдысты йӕ фӕдыл. 21 Мариам зарыди: «Зарут Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ Уый скадджын кодта Йӕхи: бӕхты ӕд барджытӕ нывзылдта денджызмӕ».

Маст дон

22 Моисей израилӕгты акодта Сырх денджызӕй, ӕмӕ бахӕццӕ сты Суры ӕдзӕрӕг быдырмӕ; ӕртӕ боны цыдысты ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ дон ссарын сӕ бон нӕ уыд. 23 Ӕрцыдысты Меррӕмӕ, Меррӕйы дон та уыди маст, ӕмӕ сын нуазынмӕ нӕ бӕззыд. Уымӕ гӕсгӕ уыцы бынат схуыдтой «Меррӕ»+ 15:23 Меррӕ – дзуттагау «мара» амоны «маст».. 24 Адӕм уайдзӕфтӕ байдыдтой Моисейӕн: «Ныр цы баназӕм?» 25 Моисей бакуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ йын Уый бацамыдта иу бӕласмӕ; Моисей бӕласы къалиу ныппӕрста доны, ӕмӕ дон сси хӕрзад.

Хуыцау уыцы ран Йӕ адӕмӕн радта уагӕвӕрд, ӕгъдау ӕмӕ сӕ бафӕлвӕрдта. 26 Хуыцау сын загъта: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕдзух куы хъусат, уӕ цард ын фӕндон куы уа, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йын йеппӕт уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд Мысырыл цы бӕллӕхтӕ бафтыдтон Ӕз, уыдонӕй уыл иу дӕр нӕ бафтаудзынӕн; уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ дзӕбӕхгӕнӕг Хуыцау дӕн».

27 Ӕрцыдысты Елиммӕ. Уым уыди дыууадӕс суадоны ӕмӕ финикы дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз бӕласы; ӕмӕ уым, суадӕтты цур, ӕрӕвӕрдтой сӕ цатыртӕ.

16

Уӕларвон хойраг

1 Уый фӕстӕ израилаг адӕм араст сты Елимӕй, ӕмӕ Мысыры зӕххӕй рацӕуыны фӕстӕ дыккаг мӕйы фынддӕсӕм бон ӕрбахӕццӕ сты Елим ӕмӕ Синайы ӕхсӕн Сины ӕдзӕрӕг быдырмӕ. 2 Ӕппӕт израилаг адӕм ӕдзӕрӕг быдыры хъуырхъуыр байдыдтой Моисей ӕмӕ Аароныл. 3 Израилаг адӕм сын загътой: «Дзидзайӕ дзаг цуайнӕгты уӕлхъус кӕм бадтыстӕм, дзул нӕ фаг кӕм хордтам, фӕлтау уыцы мысыраг зӕххыл Хуыцауы къухӕй неппӕт дӕр куы амардаиккам! Сымах нӕ ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ стонгӕй мӕлынмӕ рахуыдтат».

4 Хуыцау Моисейӕн загъта: «Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ, ӕмӕ уын арвӕй ӕруардзӕни хойраг; адӕмиу рацӕуӕнт ӕмӕ ӕрвылбон ӕмбырд кӕнӕнт бонваг. Ӕз сӕ бафӕлвардзынӕн, Ме ’гъдаумӕ гӕсгӕ цӕрдзысты ӕви нӕ. 5 Ӕхсӕзӕм бон дзы цас ӕрбахӕссой, уый нывӕрӕнт, ӕмӕ сын уыдзӕн дыууӕ бонваг». 6 Моисей ӕмӕ Аарон ӕппӕт израилаг адӕмӕн загътой: «Изӕры базондзыстут, мысыраг зӕххӕй уӕ Хуыцау кӕй рахуыдта, уый. 7 Райсом та фендзыстут Хуыцауы кад, уымӕн ӕмӕ фехъуыста, кӕй йыл хъуырхъуыр кодтат, уый. Мах та чи стӕм, ӕмӕ ныл хъуырхъуыр кӕнат?» 8 Моисей ма сын ноджыдӕр загъта: «Кӕй Йыл хъуырхъуыр кодтат, уый Хуыцау фехъуыста, ӕмӕ уын изӕры ратдзӕни дзидза, райсом та уӕ бафсаддзӕни кӕрдзынӕй. Ӕмӕ Йӕ уӕд базондзыстут. Мах та чи стӕм? Махыл куы фӕхъуырхъуыр кӕнут, уӕд Хуыцауыл вӕййы уӕ хъуырхъуыр». 9 Моисей Ааронӕн загъта: «Ӕппӕт израилаг адӕмӕн зӕгъ: „Ӕрлӕуут Хуыцауы раз, уымӕн ӕмӕ уын фехъуыста уӕ хъуырхъуыр“».

10 Аарон ӕппӕт израилаг адӕмӕн куы дзырдта, уӕд кӕсынц ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры федтой: Хуыцауы кады рухс фӕзынди ӕврагъы. 11 Хуыцау загъта Моисейӕн: 12 «Ӕз фехъуыстон израилаг адӕмы хъуырхъуыр. Зӕгъ сын: „Изӕрдалынгты хӕрдзыстут дзидза, райсом та бафсӕддзыстут кӕрдзынӕй; ӕмӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй дӕн, уый“».

13 Изӕры ӕртахтысты уӕрццытӕ, ӕмӕ израилӕгты асадӕн сӕ быны фӕци; райсомӕй та сӕ асадӕны алыварс зӕххыл ӕрбадт ӕртӕх. 14 Ӕртӕх хурмӕ куы сыстади, уӕд ӕдзӕрӕг быдыры, зӕххыл, халасы мурты ӕрбадӕгау, цыдӕр баззад. 15 Израилаг адӕм ӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзи фарстой: «Уый цы у?» Уымӕн ӕмӕ цы у, уый нӕ зыдтой. Уӕд сын Моисей загъта: «Хуыцауӕй уын хӕрынӕн лӕвӕрд хойраг у. 16 Хуыцау афтӕ бафӕдзӕхста: „Алы бон дӕр дзы ӕмбырд кӕнут, чи цас бахӕрдзӕн, уыйбӕрц. Алчидӕр уӕ ӕмбырд кӕнӕд, йӕ цатыры алы адӕймагмӕ дӕр дзы фӕйнӕ гомеры+ 16:16 Гомер – 2,2 литры. куыд ӕрхауа“».

17 Израилӕгтӕ бакодтой, куыд сын загъдӕуыд, афтӕ – чи фылдӕр ӕрӕмбырд кодта, чи та – къаддӕр. 18 Барстой йӕ гомерӕй; бирӕ чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕ дзы уӕлдай нӕ баззади, гыццыл чи ӕрӕмбырд кодта, уый та хъуаг нӕ баййӕфта: алчидӕр ӕрӕмбырд кодта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ цас бахӕрдзысты, уыйбӕрц. 19 Моисей сын загъта: «Райсоммӕ дзы мачи ныууадзӕд». 20 Фӕлӕ Моисеймӕ сеппӕт нӕ байхъуыстой – чидӕртӕ дзы ныууагътой райсоммӕ, ӕмӕ сын скӕлм ӕмӕ сысмаг. Ӕмӕ сӕм Моисей смӕсты.

21 Ӕрвылрайсом дзы ӕмбырд кодтой, чи цас бахӕрдзӕн, уыйбӕрц. Хуриу куы ӕрӕндӕвта, уӕд таиу батад. 22 Ӕхсӕзӕм бон ӕмбырд кодтой дыууӕ хатты фылдӕр – фӕйнӕ дыууӕ гомеры алы адӕймагӕн дӕр. Ӕрцыдысты адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ хабар радзырдтой Моисейӕн. 23 Моисей сын дзуапп радта: «Уый Хуыцауӕн фӕндон у. Уымӕн ӕмӕ райсом ӕнцойбон у – Хуыцауы сыгъдӕг сабат. Абон скӕнут кӕрдзынтӕ ӕмӕ сфыцут уӕ фыцинаг. Цы уын дзы баззайа, уый та ныууадзут райсоммӕ». 24 Цы ма сӕм дзы баззад, уый ныууагътой бонмӕ, Моисей куыд загъта, афтӕ. Не сӕвзӕр ӕмӕ не скӕлм. 25 Моисей загъта: «Бахӕрут ӕй абон; быдыры та йӕ не ссардзыстут, уымӕн ӕмӕ абон Хуыцауы сабат у. 26 Ӕмбырд ӕй кӕндзыстут ӕхсӕз боны, ӕвдӕм бон та йӕ, сабаты, не ссардзыстут».

27 Фӕлӕ израилӕгтӕй чидӕртӕ ӕвдӕм бон рацыдысты ӕмбырд кӕнынмӕ, ӕмӕ дзы не ссардтой. 28 Моисейӕн Хуыцау загъта: «Кӕдмӕ не ’ххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Мӕ амындтӕ? 29 Байхъусутма: Хуыцау уын радта сабат, уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕзӕм бон хойраг дӕтты дыууӕ бонваг. Ӕмӕ ӕвдӕм бон мачи макӕдӕм рацӕуӕд». 30 Ӕмӕ ӕвдӕм бон адӕм уагътой сӕ фӕллад.

31 Израилаг адӕм уыцы хойраг схуыдтой маннӕ+ 16:31 Маннӕ – дзуттагау амоны «Уый цы у?». Уыди, кориандры мыггагау, урс нӕмгуытӕй, йӕ ад та – мыдамӕсты ад. 32 Моисей загъта: «Дунедарӕг афтӕ бафӕдзӕхста: „Маннӕйӕ байдзаг кӕнут гомер фидӕны фӕлтӕртӕн ӕй нывӕрынӕн – Ӕз уӕ Мысыры зӕххӕй куы ракодтон, уӕд уӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы хойрагӕй хастон, уый куыд феной, афтӕ“». 33 Уӕд Моисей Ааронӕн загъта: «Райс иу дурын, ныккӕн дзы маннӕйы гомер, ӕмӕ йӕ сӕвӕр Дунедарӕджы раз, нӕ фидӕны фӕлтӕртӕн ӕвдисӕйнагӕн». 34 Ӕмӕ маннӕйы дурын Аарон сӕвӕрдта фидыды къӕйдурты раз, Моисейӕн Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 35 Израилаг адӕм маннӕ хордтой дыууиссӕдз азы, адӕм кӕм цӕрынц, цалынмӕ уыцы зӕхмӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ. Маннӕ хордтой, цалынмӕ Ханааны зӕххы арӕнтӕм нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ. 36 Гомер та у ефайы+ 16:36 Ефа – 22 литры. дӕсӕймаг хай.

17

Дон ракалди къӕдзӕхӕй

1 Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕппӕт израилаг адӕм, иу бынатӕй иннӕмӕ цӕугӕйӕ, араст сты Сины ӕдзӕрӕг быдырӕй. Сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Рефидимы, фӕлӕ дзы нуазыны дон нӕ разынди. 2 Адӕм сбыцӕу сты Моисейимӕ, ӕмӕ йын дзырдтой: «Раттут нын дон нуазынӕн». Уӕд сын Моисей загъта: «Цы сбыцӕу стут мемӕ? Цӕмӕн къахут Хуыцауы?» 3 Фӕлӕ дойны адӕм хъуырхъуыр кодтой Моисейыл: «Нӕхи дӕр, нӕ сывӕллӕтты дӕр ӕмӕ нӕ фосы дӕр нын дойныйӕ фӕцӕгъдынмӕ ракодтай Мысырӕй?»

4 Моисей бакуывта Хуыцаумӕ: «Цы кӕнон ацы адӕмӕн? Дуртӕй амарынӕввонг мӕ систы». 5 Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ацу адӕмы рӕзты, ӕмӕ израилаг адӕмы хистӕртӕй искӕйты акӕн демӕ. Нилы цӕугӕдон цы лӕдзӕгӕй ӕрцавтай, уый айс дӕ къухы ӕмӕ ацу. 6 Хоривы Ӕз къӕдзӕхыл ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды ӕрцӕвдзынӕ къӕдзӕх, ракӕлдзӕн дзы дон, ӕмӕ адӕм нуаздзысты». Ӕмӕ Моисей Израилы хистӕрты раз бакодта афтӕ. 7 Израилаг адӕм йемӕ кӕй сбыцӕу сты ӕмӕ Хуыцауы кӕй къахтой: «Хуыцау немӕ ис, ӕви нӕ?», уымӕ гӕсгӕ Моисей уыцы бынат схуыдта «Масса ӕмӕ Мерива»+ 17:7 Масса ӕмӕ Мерива – дзуттагау амоны «фӕлварӕн ӕмӕ быцӕу»..

Тох амаликӕгтимӕ

8 Ӕрцыдысты амаликӕгтӕ ӕмӕ Рефидимы схӕцыдысты израилӕгтимӕ. 9 Моисей Нуны фырт Йесойӕн загъта: «Равзар лӕгтӕ, ацу ӕмӕ схӕц амаликӕгтимӕ. Райсом ӕз слӕудзынӕн обауы сӕрыл ӕмӕ диссӕгтӕ ӕвдисӕн лӕдзӕг уыдзӕни мӕ къухы». 10 Йесо бакодта, Моисей йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ: ацыд амаликӕгтимӕ схӕцынмӕ; Моисей, Аарон ӕмӕ Ор та обауы сӕрмӕ схызтысты. 11 Моисейиу йӕ къухтӕ арвмӕ куы сдардта, уӕд Израил уӕлахиз кодта, йӕ къухтӕиу дӕлӕмӕ куы ӕруагъта, уӕд та – Амалик. 12 Фӕлӕ Моисейы къухтӕ бафӕлладысты. Уӕд ӕрбахастой дур, ӕмӕ йыл Моисей сбадт. Аарон ӕмӕ йын Ор та йӕ къухтыл хӕцыдысты – Аарон иуӕрдыгӕй, Ор та – иннӕрдыгӕй. Ӕмӕ хуры аныгуылдмӕ Моисейы къухтыл хӕцыдысты хӕрдмӕ. 13 Уӕдмӕ Йесо Амаликы ӕмӕ йӕ адӕмы фӕкодта цирхъы комы амӕттаг.

14 Уӕд Моисейӕн Хуыцау загъта: «Ацы хабар зӕрдыл дарынӕн ныффысс чиныджы, ӕмӕ зӕгъ Йесойӕн: Ӕз амаликӕгтӕй зӕххыл мыггаг кӕй нал ныууадздзынӕн». 15 Моисей Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн, ӕмӕ йӕ схуыдта «Йахве Нисси»+ 17:15 Йахве Нисси – дзуттагау амоны «Дунедарӕг – мӕ тырыса».. 16 Моисей загъта: «Дунедарӕджы бадӕнмӕ дарын мӕ къухтӕ; Дунедарӕг фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ хӕцдзӕн Амаликимӕ».

18

Моисей ӕмӕ Иофор

1 Хуыцау Израилы Мысырӕй куы ракодта, уӕд Моисейӕн ӕмӕ Йӕ израилаг адӕмӕн Йӕ ӕххуысы тыххӕй фехъуыста мадиамаг дины лӕг Иофор, Моисейы каис. 2 Моисейы каис Иофор йемӕ ракодта Моисейы ус Сепфорӕйы, – Моисей йӕ уыйразмӕ арвыста йӕ цӕгатмӕ, – 3 Ӕмӕ Сепфорӕйы дыууӕ лӕппуйы; сӕ иуы ном уыди Гирсам, уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: «Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн ӕцӕгӕлон бӕстӕйы». 4 Иннӕйы ном та уыди Елиезер+ 18:4 Елиезер – дзуттагау амоны «мӕ Хуыцау – ме ’ххуысгӕнӕг»., уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: «Мӕ фыды Хуыцау мын уыд ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ мӕ бахызта фараоны цирхъӕй». 5 Иофор Моисейы фырттимӕ ӕмӕ усимӕ ӕрцыди Моисеймӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Хуыцауы хохы рӕбын израилӕгтӕ асадӕны кӕм ӕрлӕууыдысты, уырдӕм. 6 Иофор арвыста Моисеймӕ: «Ӕз, Иофор, дӕ каис, фӕцӕуын дӕумӕ; мемӕ сты дӕ ус ӕмӕ уӕ дыууӕ фырты».

7 Моисей рацыд йӕ каисы размӕ, сӕрӕй йын акуывта ӕмӕ йын аба кодта. Кӕрӕдзи афӕрсыны фӕстӕ бацыдысты цатырмӕ. 8 Израилы тыххӕй фараонӕн ӕмӕ ӕппӕт мысырӕгтӕн Хуыцау цытӕ бакуыста, израилӕгтӕ фӕндагыл цы зынтӕ бавзӕрстой, фӕлӕ сӕ Хуыцау куыд бахызта, ӕппӕт уыдӕттӕ Моисей радзырдта йӕ каисӕн.

9 Иофор цин кодта, мысырӕгты къухӕй сӕ бахизынӕн Хуыцау израилаг адӕмӕн цы бирӕ хӕрзтӕ сарӕзта, ууыл. 10 Иофор загъта: «Табу Дунедарӕгӕн – ратыдта уӕ мысырӕгты ӕмӕ фараоны къухтӕй, Йӕ адӕмы рагъӕй рафтыдта мысырӕгты ӕфсондз. 11 Ныр ӕз зонын, Дунедарӕг иннӕ хуыцӕуттӕй уӕлдӕр кӕй у, уый: мысырӕгтӕ уын цы фыдбылыз саразынмӕ хъавыдысты, уый сын сӕхи сӕрыл ӕруагъта». 12 Моисейы каис Иофор Хуыцауӕн ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ ӕндӕр нывондтӕ. Аарон ӕмӕ ӕппӕт израилаг хицӕуттӕ ӕрцыдысты Моисейы каисимӕ Хуыцауы раз фынгыл ӕрбадынмӕ.

13 Дыккаг бон Моисей ӕрбадт адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ, ӕмӕ адӕм Моисейы раз лӕууыдысты райсомӕй изӕрмӕ. 14 Моисей цы кусы, уый федта йӕ каис ӕмӕ йын загъта: «Уый цы кусыс адӕмӕн? Ды иунӕгӕй аразыс хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕм райсомӕй изӕрмӕ лӕууынц дӕ алыварс?» 15 Моисей йӕ каисӕн дзуапп радта: «Адӕм мӕм цӕуынц Хуыцауы фӕндон базонынмӕ. 16 Исты быцӕу сӕм куы рауайы, уӕд ӕрцӕуынц мӕнмӕ, ӕз тӕрхонгӕнӕг фӕлӕууын дыууӕйы ӕхсӕн, бацамонын сын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ амындтӕ». 17 Уӕд Моисейӕн йӕ каис загъта: «Раст нӕ кӕныс. 18 Тухӕнӕй амардзынӕ дӕхи дӕр ӕмӕ, демӕ цы адӕм ис, уыдоны дӕр. Уыцы хъуыддаг дӕуӕн ӕгӕр уӕззау уаргъ у: иунӕгӕй хӕссын ӕй нӕ бафӕраздзынӕ. 19 Ныр байхъус мӕнмӕ; ӕз дын бацамондзынӕн зонд, ӕмӕ Хуыцау уыдзӕни демӕ: ды адӕмӕн Хуыцауы раз у ӕхсӕнылӕг, ӕмӕ сын Хуыцаумӕ хӕсс сӕ хъуыддӕгтӕ. 20 Сӕхи та сын ахуыр кӕн Хуыцауы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ амындтыл, амон сын раст фӕндаг, цавӕр хъуыддӕгтӕ аразын сын ӕмбӕлы, уый. 21 Ӕппӕт адӕмӕн сӕхицӕй та равзар хӕрзарӕхст, Хуыцауӕй чи тӕрсы, ӕнувыд чи у, кӕрӕф чи нӕу, ахӕм лӕгтӕ, ӕмӕ сӕ сӕвӕр адӕмы сӕргъы – мингай, сӕдӕгай, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгай ӕмӕ дӕсгай адӕймӕгтӕн хицӕуттӕй. 22 Бахъуыды рӕстӕг уыдон тӕрхон кӕндзысты адӕмӕн. Ахсджиаг хъуыддаг хӕсдзысты дӕумӕ, лыстӕг быцӕутӕ та сӕхӕдӕг лыг кӕндзысты. Дӕ уаргъы иу хай айсдзысты сӕхимӕ, ӕмӕ дын фенцондӕр уыдзӕн. 23 Афтӕ куы бакӕнай, ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндон куы уа, уӕд ӕнтыстджынӕй араздзынӕ дӕ хъуыддаг, ӕмӕ ӕппӕт адӕм сӕхимӕ здӕхдзысты райгондӕй».

24 Моисей байхъуыста йӕ каисмӕ, ӕмӕ бакодта, куыддӕриддӕр ын бацамыдта, афтӕ. 25 Моисей ӕппӕт израилаг адӕмӕй сӕвзӕрста хӕрзарӕхст лӕгтӕ ӕмӕ сӕ сӕвӕрдта адӕмы сӕргъы – мингай, сӕдӕгай, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгай ӕмӕ дӕсгай адӕймӕгты хицӕуттӕй. 26 Ӕмӕ уыдон иудадзыг тӕрхон кодтой адӕмӕн; вазыгджын хъуыддӕгтӕ хастой Моисеймӕ, лыстӕг быцӕутӕ та сӕхӕдӕг ӕвзӕрстой.

27 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Моисей йӕ каисы афӕндараст кодта йӕ бӕстӕмӕ.

19

Хуыцауы фидыдмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ Израилимӕ

1 Израилаг адӕм мысыраг зӕххӕй куы рацыдысты, уымӕй дыууӕ мӕйы фӕстӕ, сӕ рацыды тӕккӕ бон, бахӕццӕ сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ. 2 Рефидимӕй рараст сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕмӕ уым, ӕдзӕрӕг быдыры, ӕрлӕууыдысты асадӕны; Израил рӕстӕгмӕ ӕрбынат кодта хохмӕ хӕстӕг.

3 Моисей Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ схызти хохмӕ, ӕмӕ йӕм Хуыцау хохӕй ӕрдзырдта: «Иаковы хӕдзарӕн зӕгъ ӕмӕ израилаг адӕмӕн фехъусын кӕн: „4 Ӕз мысырӕгтӕн цы бакуыстон, уый федтат. Сымах та цӕргӕсау систон Мӕ базыртыл ӕмӕ уӕ хастон Мӕхимӕ. 5 Ныр Мӕ коммӕ куы кӕсат ӕмӕ Мӕ фидыдмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй ӕрмӕст сымах уыдзыстут Мӕ адӕм. Уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр Мӕн у, 6 Сымах та Мын уыдзыстут лӕггадгӕнджыты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм“. Уыцы ныхӕстӕ радзур бӕлвырд израилаг адӕмӕн».

7 Моисей ӕрцыди, басидт адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ сын радзырдта, Дунедарӕг ын кӕй бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ. 8 Адӕм ӕмдзыхӕй дзуапп радтой: «Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый сараздзыстӕм». Ӕмӕ адӕмы уыцы ныхӕстӕ Моисей радзырдта Дунедарӕгӕн. 9 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн бӕзджын ӕврагъы, цӕмӕй адӕм фехъусой Мӕ ныхас демӕ ӕмӕ дыл ӕууӕндой кӕддӕриддӕр». Моисей Дунедарӕджы уыцы ныхӕстӕ радзырдта адӕмӕн.

10 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ацу адӕммӕ, ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кӕн абон ӕмӕ райсом; уадз ныхсой сӕ дарӕс. 11 Сӕхи ӕрцӕттӕ кӕнӕнт иннӕбонмӕ: уыцы бон ӕппӕт адӕмы раз Хуыцау ӕрхиздзӕни Синайы хохмӕ. 12 Адӕмӕн ӕрхахх кӕн хохы алыварс ӕмӕ сын зӕгъ: „Уӕхи бахизут хохмӕ схизынӕй ӕмӕ йын суанг йӕ рӕбыныл дӕр андзӕвынӕй. Чидӕриддӕр хохыл андзӕва, уый хъуамӕ амардӕуа“. 13 Ӕрмӕст ӕм къухӕй мачи бавналӕд, фӕлӕ йӕ амарӕнт дуртӕй кӕнӕ фатӕй; фос уа ӕви адӕймаг – удӕгасӕй ныууадзӕн ын нӕй. Адӕмӕн хохмӕ схизыны бар уыдзӕни, сыкъауадындзы уаст куы айхъуыса, уӕд+ 19:13 Ацы бынатӕн ма ис афтӕ ӕмбарӕн дӕр: «...удӕгасӕй ныууадзӕн ын нӕй, сыкъауадындзы уасты рӕстӕг хохмӕ схизыныл кӕй фӕлвӕрдтой, уый тыххӕй».». 14 Моисей хохӕй ӕрцыд адӕммӕ, ссыгъдӕг сӕ кодта, ныхсадтой сӕ дарӕс.

15 Моисей адӕмӕн загъта: «Цӕттӕ ут иннӕбонмӕ; сылгоймагимӕ уӕ мачи ӕриу уӕд».

16 Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв ныннӕрыд, цӕхӕртӕ акалдта, хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ, ӕмӕ райхъуыст сыкъауадындзы тыхджын уаст. Асадӕны цы адӕм уыд, уыдон сеппӕт дӕр фыртӕссӕй барызтысты. 17 Асадӕнӕй Моисей адӕмы рахуыдта Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ; адӕм ӕрлӕууыдысты хохы рӕбын. 18 Синайы хохӕй та калди фӕздӕг, уымӕн ӕмӕ йӕм Дунедарӕг ӕрхызт арты; йӕ фӕздӕг къуыбылӕйттӕй, пецӕй кӕлӕгау, цыди хӕрдмӕ, ӕмӕ хох ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕнкъуысти. 19 Сыкъауадындз уасыди тынгӕйтынгдӕр. Моисей дзырдта, ӕмӕ йын Хуыцау дзуапп лӕвӕрдта, – Моисей йын хъуыста Йӕ хъӕлӕс.

20 Хуыцау ӕрхызти Синайы хохы сӕрмӕ, басидти Моисеймӕ, ӕмӕ Моисей ссыди хохы сӕрмӕ. 21 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ныххиз ӕмӕ адӕмӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Дунедарӕджы феныны охыл ма фӕлтӕрой хохы сӕрты ӕрбахизыныл, науӕд дзы бирӕтӕ амӕлдзысты. 22 Дунедарӕгӕн иудадзыг цы сауджынтӕ лӕггад кӕнынц, суанг уыдон дӕр ссыгъдӕг кӕнӕнт сӕхи, Дунедарӕг сӕ куыд нӕ фӕцӕгъда, афтӕ». 23 Моисей Хуыцауӕн загъта: «Адӕмӕн Синайы хохмӕ ссӕуын сӕ бон нӕу. Уымӕн ӕмӕ нын Ды бафӕдзӕхстай: „Ӕрхахх кӕн хохы алыварс, сыгъдӕг ранмӕ йӕ сӕрты куыд мачи ахиза, афтӕ“». 24 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ацу, ныххиз дӕлӕмӕ, стӕй ссӕудзынӕ Ааронимӕ; сауджынтӕ ӕмӕ адӕм та ма архайӕнт Хуыцаумӕ схизыныл, науӕд сӕ фӕцӕгъддзынӕн». 25 Моисей хохӕй ӕрцыди адӕммӕ, ӕмӕ сын радзырдта Хуыцауы уыцы ныхӕстӕ.

20

Дӕс фӕдзӕхсты

1 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта:

«2 Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мысыры зӕххӕй, цагъарады хӕдзарӕй, сымах Чи ракодта, уӕ уыцы Хуыцау. 3 Ӕз уӕ Хуыцау дӕн, ӕмӕ уын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд.

4 Уӕле арвыл цы ис, дӕле зӕххыл цы ис, зӕххӕй бындӕр доны цы ис, уыдонӕй уӕхицӕн мӕнгхуыцӕуттӕ ма аразут, сӕ нывтӕ дӕр сын ма дарут, 5 Ӕмӕ сын ма табу кӕнут ӕмӕ сӕм ма кувут; уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, ӕмӕ уын ӕндӕр хуыцӕуттӕ уа, уымӕн нӕ бабыхсдзынӕн. Ӕз ӕнӕуынон цы фыдӕлтӕн дӕн, уыдонӕн сӕ байзӕддаг ӕфхӕрын ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕрмӕ; 6 Мӕн чи уарзы ӕмӕ Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдоныл та мин фӕлтӕрмӕ аудын.

7 Ӕнӕхъуаджы ма дзурут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ном; Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уыцы адӕймаг Дунедарӕгӕй ӕнӕбафхӕргӕ нӕ аирвӕздзӕн.

8 Уӕ зӕрдыл дарут сабат, ӕмӕ уын уӕд Хуыцауӕн нывонд бон. 9 Ӕхсӕз боны кусут ӕмӕ аразут уеппӕт хъуыддӕгтӕ. 10 Ӕвдӕм бон та, сабат, раттут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн. Уыцы бон мацы хъуыддаг аразут нӕдӕр уӕхӕдӕг, нӕдӕр уӕ фырттӕ, нӕдӕр уӕ чызджытӕ, нӕдӕр уӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, нӕдӕр уӕ фос, нӕдӕр уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг. 11 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх, денджыз, ӕмӕ денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ; ӕвдӕм бон та Йӕ фӕллад уагъта. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау арфӕ бафтыдта сабатыл ӕмӕ йӕ скодта бӕрӕг бон.

12 Нымай дӕ фыды ӕмӕ дӕ мады, ӕмӕ уӕд бирӕ фӕцӕрдзынӕ, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл.

13 Ма амар.

14 Ма хӕт.

15 Ма адав.

16 Мӕнг ӕвдисӕн макӕй ныхмӕ ныллӕуу.

17 Ма дӕ ӕрхъӕуӕд кӕйдӕр хӕдзар; ма дӕ ӕрхъӕуӕд кӕйдӕр ус, нӕдӕр йӕ цагъар, нӕдӕр йӕ цагъар сылгоймаг, нӕдӕр йӕ гал, нӕдӕр йӕ хӕрӕг – иннӕмӕ цы ис, уымӕй дӕ зӕрдӕ мацӕмӕ бабӕллӕд».

Ӕндӕр ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ

18 Адӕм ӕппӕт дӕр федтой ӕмӕ фехъуыстой арвы нӕрын, арвӕрттывд, сыкъауадындзы уаст ӕмӕ фӕздӕгкалгӕ хох. Адӕм уыдӕттӕ куы федтой, уӕд фыртӕссӕй барызтысты ӕмӕ ӕрлӕууыдысты дӕрддзӕф. 19 Моисейӕн загътой: «Ды дӕхӕдӕг дзур немӕ, ӕмӕ дӕм хъусдзыстӕм, ӕрмӕст Хуыцау ма дзурӕд немӕ, науӕд амӕлдзыстӕм». 20 Моисей адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут, Хуыцау уӕ бафӕлварынмӕ ӕрцыди, цӕмӕй уӕм уа Хуыцауы тас ӕмӕ тӕригъӕды ма ӕфтат».

21 Адӕм лӕууыдысты дӕрддзӕф. Моисей та бацыди, Хуыцау кӕм уыд, уыцы бӕзджын ӕврагъмӕ. 22 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Израилаг адӕмӕн зӕгъ афтӕ: „Сымах федтат, Ӕз арвӕй уемӕ куыд дзырдтон, уый. 23 Ма уын уӕд ӕвзистӕй кӕнӕ сыгъзӕринӕй конд хуыцӕуттӕ. 24 Нывондхӕссӕн мын саразут сыджытӕй, ӕмӕ йыл ӕрхӕссут уӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ уӕ фарны нывондтӕ: уӕ фыстӕ ӕмӕ уӕ галтӕ. Мӕ ном мысынӕн уын кӕмдӕриддӕр бынат бацамонон, уырдӕм уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уыл Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн. 25 Нывондхӕссӕн мын дуртӕй куы аразат, уӕд ӕй лӕгъзгонд дуртӕй ма саразут. Уымӕн ӕмӕ сӕм сартӕй куыддӕр бавналат, афтӕ сӕ фӕчъизи кӕндзыстут. 26 Ӕмӕ Мӕ нывондхӕссӕнмӕ асинтыл ма схизут, уӕ худинаг куыд нӕ разына, афтӕ.

21

1 Адӕмӕн бацамон мӕнӕ ацы ӕгъдӕуттӕ:

2 Цагъарӕн дзуттаджы куы балхӕнай, уӕд дын кусӕд ӕхсӕз азы; ӕвдӕм аз та йӕ ссӕрибар кӕн лӕвар. 3 Кӕд дӕм иунӕгӕй ӕрбафтыд, уӕд иунӕгӕй ацӕуӕд; фӕлӕ кӕд ын ус уыди, уӕд йӕ ус дӕр ацӕуӕд йемӕ. 4 Кӕд ын ус йӕ хицау радта, ӕмӕ йын уыцы ус ныййардта фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ, уӕд ус ӕмӕ сывӕллӕттӕ баззайӕнт хицаумӕ, йӕхӕдӕг та ацӕуӕд иунӕгӕй. 5 Фӕлӕ цагъар фидарӕй куы зӕгъа: «Уарзын мӕ хицауы, мӕ усы ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты, ӕмӕ мӕн цагъайрагӕй фӕнды», 6 Уӕд ӕй йӕ хицау бахонӕд Хуыцауы размӕ, ӕрлӕууын ӕй кӕнӕд дуары кӕнӕ дуары тарвазы цур, йӕ хъус ын фӕхуынкъ кӕнӕд туасӕй, ӕмӕ уӕд йӕ хицауӕн цӕрӕнбонты баззайдзӕни цагъарӕй.

7 Исчи йӕ чызджы цагъарады куы радта, уӕд чызгӕн йӕ бон йӕ хицауӕй ацӕуын нӕу, нӕлгоймаг цагъартӕ куыд ацӕуынц, афтӕ. 8 Кӕд ӕй йӕ хицау ракурынмӕ хъавыди, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, уӕд ын раттӕд йӕхи балхӕныны бар; кӕд ыл хицау йӕхӕдӕг нӕ барвӕссыд, уӕд ӕй ӕцӕгӕлонӕн дӕр ма ауӕй кӕнӕд. 9 Йӕ фыртӕн ӕй ракурынмӕ куы хъава, уӕд та йӕм хъуамӕ хи чызджы цӕстӕй кӕса. 10 Фӕлӕ ӕндӕры куы ракура, уӕддӕр ын хъуамӕ дӕтта хӕлц, дарӕс, ӕмӕ йын цӕуа йӕ хуыссӕнмӕ. 11 Йӕ хицау ӕй уыдӕттӕй ӕнӕхай куы фӕкӕна, уӕд сылгоймагӕн йӕ бон у лӕвар ацӕуын.

12 Иу адӕймаг иннӕйы цӕфӕй куы амӕла, уӕд ын йӕхи дӕр амарут. 13 Фӕлӕ иу адӕймаг иннӕйы ӕнӕбары куы амара, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон уыд, ӕмӕ Ӕз снысан кӕндзынӕн, марӕг кӕдӕм хъуамӕ алидза, ахӕм сӕрӕфснайӕн бынат. 14 Фӕлӕ исчи иннӕмӕ фыдӕх куы хӕсса ӕмӕ йӕ барӕй куы амара, уӕд ӕй ракӕнут суанг Мӕ нывондхӕссӕнӕй дӕр ӕмӕ йӕ амарут.

15 Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады чи ныццӕва, уый амарут.

16 Исчи адӕймаджы куы адава ӕмӕ йӕ куы ауӕй кӕна, кӕнӕ йын ӕй йӕхимӕ куы ссардӕуа, уӕд давӕг у маргӕ.

17 Йӕ фыдӕн кӕнӕ йӕ мадӕн ӕвзӕртӕ цы адӕймаг дзура, уый амарут.

18 Дыууӕ адӕймаджы куы фӕбыцӕу уой, ӕмӕ сӕ иу иннӕйы дурӕй кӕнӕ тымбылкъухӕй куы ныццӕва ӕмӕ йын куы нӕ амӕла, фӕлӕ сӕйгӕ куы фӕуа, 19 Стӕй куы сыста ӕмӕ лӕдзӕг ӕнцӕйтты цӕуынхъом куы фӕуа, уӕд йӕ ныццӕвӕг бафхӕргӕ нӕу; ӕрмӕст ын бафидӕд, нӕфӕразӕны тыххӕй йыл цы зиан ӕрцыд, уый, ӕмӕ йын самал кӕнӕд, йе сдзӕбӕхӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕ. 20 Исчи йӕ нӕлгоймаг цагъары кӕнӕ йӕ сылгоймаг цагъары лӕдзӕгӕй куы фӕнӕма, ӕмӕ цагъар куы амӕла, уӕд йӕ хицау у бафхӕринаг. 21 Фӕлӕ ма цагъар иудыууӕ боны куы ацӕра, уӕд ын йӕ хицауы ӕфхӕрын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ цагъарыл ӕхца бафыста.

22 Адӕм куы хыл кӕной, ӕмӕ сӕ исчи сывӕрджын сылгоймаджы куы ныццӕва, ӕмӕ сылгоймаг куы фефтауа, фӕлӕ йыл ӕндӕр зиан куы нӕ ӕрцӕуа, уӕд азымджын баййафӕд ӕфхӕрд: бафидӕд, сылгоймаджы лӕг цас ӕрдома ӕмӕ тӕрхон цас снысан кӕна, уыйбӕрц ӕхца. 23 Фӕлӕ лӕджы зиан куы ӕрцӕуа, уӕд марӕджы хъӕуы амарын. 24 Цӕст скъахӕгӕй – йӕ цӕст, дӕндаг асӕттӕгӕй – йӕ дӕндаг, къух асӕттӕгӕй – йӕ къух, къах асӕттӕгӕй – йӕ къах. 25 Иннӕйы буар басудзӕгӕн – йӕ буар басудзын, иннӕйыл хъӕдгом ныууадзӕгыл – хъӕдгом ныууадзын, иннӕйы сцъӕхтӕгӕнӕгыл – цъӕхтӕ скӕнын. 26 Исчи йӕ цагъар нӕлгоймаджы кӕнӕ йӕ цагъар сылгоймаджы цӕст куы ныццӕва, ӕмӕ уыцы цӕстӕй куы бакуырм уа, уӕд ӕй ауадзӕд йӕ цӕсты тыххӕй. 27 Хицау йӕ нӕлгоймаг кӕнӕ йӕ сылгоймаг цагъары дӕндаг куы асӕтта, уӕд ӕй ауадзӕд йӕ дӕндаджы тыххӕй.

28 Нӕлгоймаджы кӕнӕ сылгоймаджы гал сыкъатӕй куы амара, уӕд галы амарут дуртӕй, йӕ дзидза йын ма бахӕрут; галы хицау та азымджын нӕу. 29 Фӕлӕ гал цӕваг кӕй у, кӕд уый йӕ хицау зыдта, фӕлӕ йӕ нӕ хъахъӕдта, гал та нӕлгоймаджы кӕнӕ сылгоймаджы амардта, уӕд галы амарут дуртӕй, йӕ хицауы дӕр ын удӕгасӕй ма ныууадзут. 30 Фӕлӕ галы хицауӕй ӕхца куы ӕрдомдӕуа, уӕд йӕ ӕгасӕй баззайыны тыххӕй бафидӕд, тӕрхон цас зӕгъа, уыйбӕрц. 31 Гал искӕмӕн йӕ лӕппуйы кӕнӕ йӕ чызджы куы ныццӕва, уӕд дӕр галы хицау бафхӕринаг у ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. 32 Нӕлгоймаг цагъары кӕнӕ сылгоймаг цагъары гал куы амара, уӕд сӕ хицауӕн бафидын хъӕуы дӕс ӕмӕ ссӕдз сиклы+ 21:32 Сикл у 11,5 граммы бӕрц. ӕвзист, галы та амарут дуртӕй.

33 Исчи уӕрмы сӕр куы байгом кӕна, кӕнӕ уӕрм куы скъаха ӕмӕ йӕ куы нӕ бамбӕрза, ӕмӕ дзы гал кӕнӕ хӕрӕг куы ныххауа, 34 Уӕд уӕрмы хицау фосы аргъ бафидӕд ӕхцайӕ сӕ хицауӕн, фосы мард та ныууадзӕд йӕхицӕн.

35 Искӕй гал кӕйдӕр галы куы амара, уӕд удӕгас галы ауӕй кӕнӕнт, ӕмӕ йын йӕ аргъ ӕмбисыл адих кӕнӕнт; мард галы аргъ дӕр адих кӕнӕнт ӕмбисыл. 36 Фӕлӕ гал цӕваг кӕй у, кӕд йӕ хицау уый зыдта ӕмӕ йӕ нӕ хъахъӕдта, уӕд хъуамӕ ӕнӕхъӕнӕй бафида галы аргъ, галы мард та уыдзӕн йӕхи.

22

1 Исчи гал кӕнӕ фыс куы адава, ӕмӕ йӕ куы аргӕвда, кӕнӕ йӕ куы ауӕй кӕна, уӕд иу галы ныхмӕ бафиддзӕни фондз галы, иу фысы ныхмӕ – цыппар фысы. 2 Исчи хӕдзар къахгӕ куы баййафа хуыснӕджы, куы йӕ ныццӕва ӕмӕ йын куы амӕла, уӕд йӕ марӕг азымджын нӕу. 3 Кӕд хабар боныгон ӕрцыд, уӕд йӕ марӕг азымджын у. Кӕд хуыснӕг удӕгасӕй баззайа, уӕд бафидӕд, цы адавта, уымӕн йӕ аргъ. Фӕлӕ йӕ цӕмӕй бафида, уый йӕм куы нӕ уа, уӕд, цы адавта, уый бафидыны тыххӕй йын ауӕй кӕнӕнт йӕхи. 4 Цы адавта, уый йӕхимӕ удӕгасӕй куы разына, – гал уа, хӕрӕг уа, фыс уа, – дывӕрӕй йын бафидӕд йӕ аргъ.

5 Исчи йӕ фосы иннӕйы хуыммӕ кӕнӕ сӕнӕфсирдонмӕ куы бауадза, ӕмӕ фос хуымӕн знаггад куы ракӕна, уӕд ын ӕй бафидӕд йӕхи хуымы хуыздӕр хорӕй ӕмӕ йӕ хуыздӕр сӕнӕфсирӕй.

6 Исчи арт куы скӕна, ӕмӕ йын какон сындзмӕ куы баирвӕза, ӕмӕ искӕй мӕкъуылтӕ, кӕнӕ хуымы иу хай, кӕнӕ хуым ӕнӕхъӕнӕй куы басудза, уӕд сӕ бафидӕд арт скӕнӕг.

7 Исчи иннӕмӕ ӕхца кӕнӕ исты дзаумӕттӕ нывӕрынмӕ куы ратта, ӕмӕ сӕ уымӕн йӕ хӕдзарӕй куы адавдӕуа, ӕмӕ хуыснӕджы куы ссардӕуа, уӕд сын хуыснӕг сӕ аргъ бафидӕд дывӕрӕй. 8 Фӕлӕ хуыснӕг куы нӕ рабӕрӕг уа, уӕд хӕдзары хицау ӕрлӕууӕд Хуыцауы раз ӕмӕ ард бахӕрӕд, кӕйдӕр мулк йӕхӕдӕг кӕй нӕ адавта, уый тыххӕй. 9 Галы, хӕрӕджы, фысы, дарӕсы, кӕнӕ исты дзаумайы фӕдыл быцӕу куы рауайа, ӕмӕ «мӕн у» исчи куы зӕгъа, уӕд дыууӕ быцӕугӕнӕджы хъуыддаг лӕвӕрд ӕрцӕуӕд Хуыцаумӕ. Хуыцау кӕй базылын кӕна, уый иннӕмӕн бафидӕд дывӕрӕй.

10 Исчи йӕ хӕрӕджы, кӕнӕ йӕ галы, кӕнӕ йӕ фысы, кӕнӕ ӕндӕр искӕцы фос кӕйдӕр ӕвджид куы ныууадза цӕст сӕм фӕдарынмӕ, ӕмӕ фос куы амӕла, кӕнӕ куы фӕсахъат уа, кӕнӕ йӕ куыд ничи фена, афтӕмӕй йӕ куы атардӕуа, 11 Уӕд сӕ дыууӕйы быцӕу лыггонд ӕрцӕуӕд Хуыцауы раз ард бахӕргӕйӕ; фос цӕст фӕдарынмӕ чи райста, уый хъуамӕ ард бахӕра, иннӕйы мулкмӕ кӕй нӕ фӕныхылдта, уый тыххӕй. Фосы хицау ын хъуамӕ баууӕнда йӕ ныхасыл, ӕмӕ йын уӕд иннӕ нӕ бафиддзӕни. 12 Фӕлӕ йын ӕй исчи лӕгдыхӕй куы атӕра, уӕд бафидӕд фосы хицауӕн. 13 Кӕд сырды амӕттаг баци фос, уӕд равдисӕд, цы ма дзы баззад, уый, ӕмӕ йын фидинаг нӕ уыдзӕн.

14 Иу иннӕмӕй фос ӕфстау куы райса, ӕмӕ фосы хицау йемӕ куы нӕ уа, афтӕмӕй фос куы фӕсахъат уа, кӕнӕ куы амӕла, уӕд ын йӕ аргъ бафидӕд. 15 Фӕлӕ фосы хицау кӕд йемӕ уыди, уӕд ын ӕфстаурайсӕг хъуамӕ ма бафида. Кӕд ын йӕ фос ӕхцайӕ баххуырста, уӕд ын, цы бафыста, уымӕй уӕлӕмӕ фидын нал хъӕуы.

16 Куырдуаты чи нӕ бадт, ахӕм чызджы искӕцы нӕлгоймаг куы афӕлива ӕмӕ йемӕ куы ӕриу уа, уӕд бафидӕд ирӕд ӕмӕ йӕ ракурӕд. 17 Фӕлӕ фыд йӕ чызджы уыцы лӕгӕн раттыныл куы нӕ сразы уа, уӕд чызджы афӕливӕг ӕхцайӕ бафидӕд, чызджы тыххӕй цас ӕмбӕлы, уыйбӕрц ирӕд.

18 Кӕлӕнгӕнӕджы удӕгасӕй ма ныууадзут.

19 Фосымой чидӕриддӕр уа, уый амарут.

20 Ӕндӕр хуыцӕуттӕн, иунӕг Хуыцауӕй фӕстӕмӕ, нывонд чи хӕссы, уыдоны фӕцӕгъдут.

21 Ӕрцӕуӕггаджы ма хъыгдарут ӕмӕ ма ӕфхӕрут; уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр мысыраг зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут. 22 Ма хъыгдарут нӕдӕр идӕдз усы, нӕдӕр сидзӕры. 23 Куы сӕ бахъыгдарат, ӕмӕ Мӕм уыдон ӕххуысмӕ куы сдзыназой, уӕд сын Ӕз фехъусдзынӕн сӕ дзыназын, 24 Ӕмӕ смӕсты уыдзынӕн, фӕцӕгъддзынӕн уӕ цирхъӕй, ӕмӕ уӕ устытӕ уыдзысты идӕдзтӕ, уӕ сывӕллӕттӕ – сидзӕртӕ. 25 Мӕ адӕмӕй искӕцы мӕгуырӕн ӕхца ӕфстау куы раттай, уӕд ӕй ма схъуырмӕ кӕн, стӕй дзы фылдӕр ма бадом. 26 Искӕй дарӕс цъынды куы райсай, уӕд ын ӕй фӕстӕмӕ ратт, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ. 27 Уымӕн ӕмӕ йын йӕ буар бамбӕрзынӕн ӕмӕ йӕ уӕлӕ скӕнынӕн ӕндӕр ницы ис. Ӕмӕ куы схуысса, уӕд йӕхи цӕмӕй бамбӕрздзӕн? Уый Мӕм ӕххуысмӕ куы сдзыназа, уӕд ӕй фехъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз фӕлмӕнзӕрдӕ дӕн.

28 Хуыцауы ма ӕлгъит, адӕмы хицӕутты ма ӕфхӕр.

29 Уӕ мусӕй фыццаг хор ӕмӕ уӕ сӕндуцӕнӕй фыццаг сӕн ӕвӕстиатӕй хӕссут Мӕнӕн; уӕ хистӕр фыртты дӕттут Мӕнӕн. 30 Афтӕ бакӕнут уӕ родӕн дӕр ӕмӕ уӕ уӕрыккӕн дӕр. Авд боны уӕд йӕ мадимӕ, ӕстӕм бон ӕй раттут Мӕнӕн. 31 Сымах Мӕнӕн нывонд адӕм стут. Сырд быдыры цы цӕрӕгойы ныттона, уымӕн йӕ фыдӕй ма хӕрут – куыйтӕн ӕй раттут.

23

1 Мӕнг дамтӕ ма хӕлиу кӕн. Галиу лӕджы сӕрыл ма рахӕц, науӕд мӕнг ӕвдисӕн суыдзынӕ. 2 Адӕмӕн сӕ фылдӕр фыдӕхы фарс куы ралӕууа, уӕд сӕ ды ма бафӕзм. Быцӕу раст чи нӕ лыг кӕны, кӕд уыдон бирӕ сты, уӕддӕр семӕ ма баиу у, ӕгъдау ма зыгъуыммӕ кӕн. 3 Мӕгуыр куы лӕууа тӕрхоны раз, уӕд айдагъ йӕ мӕгуыры тыххӕй йӕ фарс ма у.

4 Де знагӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг куы адзӕгъӕл уа, ӕмӕ йӕ ды куы ссарай, уӕд ӕй ӕрбатӕр йӕ хицаумӕ. 5 Де знаджы хӕрӕг уаргъы бын куы ӕрхауа, уӕд ӕй ӕнӕ де ’ххуысӕй ма ныууадз: иумӕ йын сисут йӕ уаргъ.

6 Мӕгуыр йӕ хъаст куы бадӕтта, уӕд ын хӕрам тӕрхон ма рахӕсс. 7 Адӕймаджы мӕнгӕй цӕмӕй зылын кӕной, уый фарс ма ралӕуу: ӕназым ӕмӕ раст адӕймагӕн марыны тӕрхон ма рахӕсс; уымӕн ӕмӕ Ӕз азымджыны не сраст кӕндзынӕн. 8 Гӕртам ма ис – гӕртам бакуырм кӕны цӕстджыны ӕмӕ раст адӕмы ныхӕстӕ зыгъуыммӕ фӕфӕлдахы.

9 Ӕрцӕуӕггаджы ма хъыгдарут; сымах ӕрцӕуӕггаджы зӕрдӕ хорз куы зонут, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг мысыраг зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут.

Ӕгъдау ӕвдӕм боны ӕмӕ ӕвдӕм азы тыххӕй

10 Ӕхсӕз азы таут уӕ хуым ӕмӕ ӕфснайут, цы йыл ӕрзайа, уый; 11 Ӕвдӕм аз та баулӕфӕд – ма йӕ байтаут, цӕмӕй йыл цы ӕрзайа, уый хӕрой уӕ адӕмы мӕгуыртӕ; сӕ фӕстӕ ма дзы хъӕддаг сырдтӕн дӕр куыд баззайа. Афтӕ бакӕнут уӕ сӕнӕфсирдӕттӕн дӕр ӕмӕ уӕ зетибӕлӕстӕн дӕр.

12 Ӕхсӕз боны кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ӕвдӕм бон та мацы кусут; дӕ гал дӕр ӕмӕ дӕ хӕрӕг дӕр уадз сӕ фӕллад суадзой, ӕрӕнцайой дӕ цагъар сылгоймаджы лӕппу дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг дӕр.

13 Ӕз уын цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уый сӕххӕст кӕнут; иннӕ хуыцӕуттӕм ма кувут, сӕ ном уӕ дзыхӕй ма суадзут.

Ӕртӕ бӕрӕгбоны тыххӕй

14 Афӕдзы дӕргъы Мӕ номыл аразут ӕртӕ бӕрӕгбоны. 15 Ӕз уын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон: Авивӕйы мӕйы авд боны хӕрут донгонд дзултӕ – уӕд рацыдыстут Мысырӕй. Ӕмӕ Мӕ размӕ афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд. 16 Бӕрӕг кӕнут уӕ хуымы Тыллӕджысӕры бӕрӕгбон. Дыргътӕ тоныны бӕрӕгбон та бӕрӕг кӕнут афӕдзы кӕрон, уӕ зӕххыл цы ӕрзад, уый бафснайыны фӕстӕ.

17 Уеппӕт нӕлгоймӕгтӕ дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой уӕ Паддзахы, Дунедарӕджы, раз.

18 Мӕнӕн нывонд фос куы аргӕвдат, уӕд ын йемӕ ӕнхъизӕнджын кӕрдзын ма ӕрхӕссут; ӕмӕ Мын бӕрӕгбоны нывонды нардӕй райсоммӕ ма ныууадзут. 19 Уӕ хорысӕр ӕрхӕссут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕныччы ма фыцут йӕ мады ӕхсыры.

Зӕрдӕвӕрд Ханааны зӕхх раттынӕй

20 Мӕнӕ уын уӕ разӕй ӕрвитын Мӕ зӕды; уый уӕ хъахъӕндзӕн фӕндагыл ӕмӕ уӕ бакӕндзӕн, Ӕз уын цы бынат ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм. 21 Нымайут ӕй ӕмӕ кӕсут йӕ коммӕ, уӕ хивӕндӕй йӕ ныхмӕ ма сыстут. Хивӕнд куы разынат, уӕд уын ӕй нӕ ныббардзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕм Мӕ бартӕ ис. 22 Куы йӕм хъусат, ӕмӕ уын цыдӕриддӕр зӕгъон, уый куы кӕнат, уӕд Ӕз уыдзынӕн уе знӕгты знаг ӕмӕ уе ’фхӕрджыты ӕфхӕрӕг.

23 Мӕ зӕд уӕ разӕй куы ацӕуа, аморрӕгтӕм, хеттӕм, ферезӕгтӕм, ханаанӕгтӕм, хиввӕгтӕм ӕмӕ уӕ иевусӕгтӕм куы бакӕна, ӕмӕ сӕ Ӕз куы фесафон, 24 Уӕд сын сӕ хуыцӕуттӕм ма кувут ӕмӕ сын ма табу кӕнут, уыдонмӕ кувджытӕн сӕ хъуыддӕгтӕ ма фӕзмут, фӕлӕ сын ныддӕрӕн кӕнут сӕ мӕнгхуыцӕуттӕ ӕмӕ сын ныссӕттут, нывондтӕ кӕй цур хӕссынц, сӕ уыцы дуртӕ.

25 Кусут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Ӕз Мӕ арфӕ ӕфтаудзынӕн уӕ хорыл ӕмӕ уӕ доныл, низтӕй уӕ бахиздзынӕн. 26 Уӕ сылгоймӕгтӕн аргӕарын сӕ сывӕллӕттӕ нӕ мӕлдзысты, ӕмӕ уӕ зӕххыл ӕнӕзӕнӕг сылгоймӕгтӕ нӕ уыдзӕн; Ӕз уын ратдзынӕн бирӕ цӕргӕбонтӕ. Уеппӕт знӕгты фӕкӕндзынӕн лидзӕг, уӕ разӕй арвитдзынӕн цӕваг бындзытӕ, ӕмӕ уыдон сымахӕй лидзӕг фӕкӕндзысты хиввӕгты, ханаанӕгты ӕмӕ хетты. 27 Уӕ фӕндагыл цы адӕмтӕ ис, уыдоны бафтаудзынӕн стыр тасы, цы адӕммӕ цӕут, уыдонӕн сӕ ныфс асӕтдзынӕн; лидзӕг фӕкӕндзынӕн уеппӕт знӕгты. 28 Уӕ разӕй уын арвитдзынӕн дыдынтӕ, ӕмӕ хиввӕгты, ханаанӕгты ӕмӕ хеттӕгты фӕсурдзысты сымахӕй. 29 Иу азмӕ сӕ нӕ фӕтӕрдзынӕн сымахӕй, науӕд зӕхх раууатмӕ ӕрцӕудзӕн, сбирӕ уыдзысты хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ уын знаггад кӕндзысты. 30 Уыциу тард сӕ нӕ фӕкӕндзынӕн, фӕлӕ куыдфӕстӕмӕ – фыццаг иуты, стӕй иннӕты, цалынмӕ сбирӕ уат ӕмӕ зӕхх сымах бауа, уӕдмӕ. 31 Уӕ арӕнтӕ уыдзысты Сырх денджызӕй Зӕххастӕу денджызмӕ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Ефратмӕ; Мӕ руаджы фӕуӕлахиз уыдзыстут ацы зӕххыл цӕрджытыл, ӕмӕ сӕ фӕтӕрдзыстут. 32 Бадзырд ма саразут нӕдӕр уыдонимӕ, нӕдӕр сӕ хуыцӕуттимӕ. 33 Уыдон уӕ зӕххыл хъуамӕ ма цӕрой, науӕд уӕ ӕфтаудзысты тӕригъӕды, ӕмӕ уымӕй цӕудзыстут Мӕ хъыджы. Сӕ хуыцӕуттӕм куы куват, уӕд бахаудзыстут къӕппӕджы“».

24

Хуыцау саразы фидыд Йӕ адӕмимӕ

1 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ды, Аарон, Надав, Авиуд ӕмӕ израилаг хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы ссӕут Хуыцаумӕ, ӕмӕ Йын бакувут дӕрддзӕфӕй. 2 Ӕрмӕстдӕр Моисей бацӕуӕд Хуыцаумӕ ӕввахс, уыдон та Йӕм хӕстӕг ма бацӕуӕнт, ӕмӕ сӕм иннӕ адӕм дӕр хохмӕ ма ссӕуӕнт». 3 Моисей ӕрцыд адӕммӕ ӕмӕ сын радзырдта Хуыцауы ӕппӕт ныхӕстӕ ӕмӕ ӕппӕт ӕгъдӕуттӕ. Адӕм ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый бакӕндзыстӕм».

4 Моисей ныффыста Дунедарӕджы ӕппӕт дзырдтӕ, сыстад сӕумӕйӕ, хохрӕбын сӕвӕрдта нывондхӕссӕн ӕмӕ дыууадӕс дуры – израилаг адӕмӕн сӕ мыггӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ. 5 Уый фӕстӕ арвыста израилаг ӕрыгон лӕппуты, ӕмӕ уыдон ӕрхастой иууылсудзинаг нывондтӕ, Хуыцауӕн фарны нывондӕн аргӕвстой галтӕ. 6 Моисей туджы ӕмбис ныккодта кӕхцыты, иннӕ ӕмбис та бапырх кодта нывондхӕссӕныл. 7 Стӕй райста Фидыды Чиныг ӕмӕ дзы адӕмӕн бакаст хъӕрӕй. Адӕм загътой: «Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый бакӕндзыстӕм, кӕсдзыстӕм Йӕ коммӕ». 8 Моисей райста тугӕй, бапырх дзы кодта адӕмыл ӕмӕ загъта: «Ацы тугӕй фидаргонд цӕуы, Йеппӕт ӕгъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, уый тыххӕй Дунедарӕг цы фидыд сарӕзта, уый».

9 Уый фӕстӕ хохмӕ ссыдысты Моисей, Аарон, Надав, Авиуд ӕмӕ израилаг хицӕуттӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы; 10 Ӕмӕ федтой Израилы Хуыцауы; Хуыцау кӕм лӕууыд, уыцы бынат цыма астӕрд уыди сапфирӕй – райдзаст арвы хуызӕн. 11 Хуыцау нӕ фӕцагъта израилаг адӕмы уӕздан лӕгты. Уыдон федтой Хуыцауы, фӕлӕ хордтой ӕмӕ нуӕзтой.

Моисей – хохыл

12 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Схиз Мӕм хохмӕ, ӕмӕ банхъӕлмӕ кӕс; Ӕз дын ратдзынӕн къӕйдуртӕ. Адӕмы ахуыр кӕнынӕн сыл Ӕз ныффыстон Ӕгъдау ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ». 13 Моисей йӕ ӕххуысгӕнӕг Нуны фырт Йесоимӕ ссыди Хуыцауы хохмӕ. 14 Адӕмы хистӕртӕн та загъта: «Цалынмӕ уӕм ӕрцӕуон, уӕдмӕ ам ут. Аарон ӕмӕ Ор уемӕ уыдзысты; искӕмӕ уӕ исты хъаст куы уа, уӕд цӕут уыдонмӕ».

15 Моисей ссыди хохмӕ, ӕмӕ хох аныгъуылд ӕврагъы. 16 Дунедарӕджы кады рухс ӕрцыди Синайы хохмӕ; ӕврагъӕй хох нӕ зынди ӕхсӕз боны; ӕвдӕм бон Моисеймӕ Хуыцау фӕдзырдта ӕврагъӕй. 17 Израилаг адӕм хохы сӕрыл федтой Хуыцауы кады рухс – уыди пиллон арты хуызӕн. 18 Моисей бахызт ӕврагъы, ссыди хохмӕ, ӕмӕ хохыл арвыста дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.

25

Ӕрмӕг Цатыр аразынӕн

1 Хуыцау дзырдта Моисейӕн: «2 Израилаг адӕмӕн зӕгъ, ӕмӕ Мын ӕрхӕссой лӕвӕрттӕ; лӕвар ӕрхӕссын кӕйдӕриддӕр бафӕнда, уымӕй йӕ райсут Мӕнӕн. 3 Исут сӕ ахӕм лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, 4 Ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕ, виссон+ 25:4 Виссон – гӕнӕй уафт тӕнӕг ӕндӕхтӕ кӕнӕ хъуымац. ӕмӕ тинтычъи. 5 Фысдзӕрмттӕ сырх ахуырстӕй, тӕнӕг сӕрӕхътӕ, хъӕдӕрмӕг акъацийӕ, 6 Зети рухсгӕнӕнтӕн, хӕрздӕфтӕ сӕрдӕн зетийӕн ӕмӕ хӕрздӕф буд судзынӕн. 7 Оникс ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕ ефодӕн+ 25:7 Ефод – сӕрмагонд уӕлӕфтау сауджынӕн. ӕмӕ риуылдарӕн хызынӕн. 8 Адӕм Мын сараздзысты кувӕндон, ӕмӕ Ӕз цӕрдзынӕн се ’хсӕн. 9 Мӕнӕ дын Ӕз ӕвдисын Цатыр, стӕй йӕ мигӕнӕнтӕ цавӕр хъуамӕ уой, уый; ӕмӕ ӕппӕт дӕр сараз афтӕ.

Фидыды Чырын

10 Акъацийӕ сараз Чырын; йӕ дӕргъ уӕд дыууӕ ӕлмӕрины+ 25:10 Ӕлмӕрин – рӕмбыныкъӕдзы дӕргъ, 45 см бӕрц. ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ бӕрзӕнд – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 11 Мидӕгӕй ӕмӕ ӕдде йӕ сӕвдул сыгъдӕг сыгъзӕриндоны; уӕле йын йӕ кӕрӕттыл сӕвӕр сыгъзӕрин тӕлмытӕ. 12 Джиппы йын рауадз цыппар сыгъзӕрин цӕджы, ӕмӕ сӕ бафидар кӕн йӕ цыппар тигъмӕ: дыууӕ цӕджы – иуӕрдыгӕй, дыууӕ цӕджы – иннӕрдыгӕй. 13 Акъацийӕ сараз хъилтӕ, ӕмӕ сӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны. 14 Чырыны тигътыл цӕгты атъысс хъилтӕ Чырын хӕссынӕн. 15 Уыцы хъилтӕ кӕддӕриддӕр хъуамӕ уой цӕгты, уырдыгӕй сын райсӕн нӕй. 16 Ӕз дын ратдзынӕн фидыды тыххӕй ӕвдисӕйнаг, ӕмӕ йӕ нывӕр Чырыны. 17 Чырыны сӕр сараз сыгъдӕг сыгъзӕринӕй+ 25:17 Чырыны сӕр дзуттагау хуыйны «каппорет». Уыцы дзырд амоны «тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат». Хистӕр сауджыниу афӕдз иу хатт нывонды тугӕй бапырх кодта Чырыны сӕрыл.; йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 18 Сараз дыууӕ херувимы+ 25:18 Херувим – Хуыцауӕн лӕггадгӕнӕг зӕд. сыгъзӕринӕй; зӕрингуырд куыд аразы, афтӕ сӕ сараз Чырыны сӕры дыууӕ кӕроныл. 19 Херувимтӕй иу хъуамӕ уа Чырыны сӕры иу кӕрон, аннӕ та – йӕ иннӕ кӕрон. Херувимтӕ хъуамӕ къуыпп дарой Чырыны сӕры дыууӕ кӕроныл. 20 Херувимтӕ схӕцӕнт сӕ базыртыл. Чырыны сӕр хъуамӕ бамбӕрзой сӕ базыртӕй; херувимтӕ кӕрӕдзимӕ кӕсдзысты Чырыны сӕрты. 21 Чырыныл ӕрӕвӕр йӕ сӕр, ӕмӕ дзы бафснай, Ӕз дын кӕй ратдзынӕн, уыцы ӕвдисӕйнаг нӕ фидыды тыххӕй. 22 Уым, фидыды Чырыны сӕрмӕ, цы дыууӕ херувимы ис, уыдоны ӕхсӕниу фембӕлдзынӕн демӕ ӕмӕиу дын зӕгъдзынӕн Мӕ амындтӕ израилаг адӕмӕн.

Фынг

23 Акъацийӕ сараз фынг; йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 24 Сӕвдул ӕй сыгъдӕг сыгъзӕриндоны, йӕ кӕрӕттӕ йын ӕгасӕй дӕр сараз сыгъзӕринӕй. 25 Йӕ алыварс ын сӕвӕр армы фӕтӕнӕн фӕлгӕт – йӕ кӕрӕттыл сыгъзӕрин тӕлмимӕ. 26 Сараз цыппар сыгъзӕрин цӕджы, ӕмӕ йын сӕ йӕ цыппар къахы цур бафидар кӕн йӕ цыппар тигъмӕ, 27 Хъилтӕ сӕ атъыссынӕн ӕмӕ фынг хӕссынӕн цӕгтӕ хъуамӕ уой фӕлгӕтыл. 28 Фынг цы хъилтыл хӕсдзысты, уыдон сараз акъацийӕ ӕмӕ сӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны. 29 Сараз ын тӕбӕгътӕ, чысыл къустӕ, дурынтӕ ӕмӕ кӕхцытӕ сӕнӕн; сараз сӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. 30 Фынгыл ӕвӕр сӕрмагондӕй Мӕнӕн конд дзултӕ; уый иудадзыг хъуамӕ уа Мӕ разы.

Сыгъзӕрин рухсгӕнӕны тыххӕй

31 Зӕрингуырд куыд аразы, афтӕ сараз рухсгӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. Рухсгӕнӕн йӕ зӕнг, йӕ къалиутӕ, йӕ дидинхуыз фӕлындӕнтӕ – дидинӕджы къуырфтӕ ӕмӕ дидинсыфтӕ – хъуамӕ уой ӕмхӕст. 32 Йӕ фӕрстыл уӕнт ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы – иуӕрдыгӕй, ӕртӕ къалиуы – иннӕрдыгӕй. 33 Алы къалиуыл дӕр хъуамӕ уа ӕртӕ дидинӕджы; уыдон хъуамӕ уой миндалы хуызӕн фӕлындӕнтимӕ – дидинӕджы къуырфтимӕ ӕмӕ дидинсыфтимӕ. Ахӕм дидинджытӕ хъуамӕ уой рухсгӕнӕны ӕппӕт ӕхсӕз къалиуыл дӕр. 34 Рухсгӕнӕны зӕнгыл ноджыдӕр сараз, миндалы дидинджыты хуызӕн фӕлындӕнтӕ – цыппар дидинӕджы сӕ къуырфтимӕ ӕмӕ сӕ дидинсыфтимӕ. 35 Рухсгӕнӕныл цы ӕхсӕз къалиуы ис, уыдонӕй дыууӕйы бынмӕ – дидинӕджы къуырф, иннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуырф, аннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуырф. Афтӕ фӕлыст хъуамӕ уой рухсгӕнӕны ӕхсӕз къалиуы дӕр. 36 Ӕппӕт фӕлындӕнтӕ ӕмӕ къалиутӕ хъуамӕ ӕмхӕст уой рухсгӕнӕнимӕ. Рухсгӕнӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ уа сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, ӕмӕ зӕрингуырдтӕ куыд аразынц, афтӕ арӕзт. 37 Рухсгӕнӕныл сараз авд цырагъы, сӕ рухс рухсгӕнӕны размӕ куыд кӕла, афтӕ. 38 Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй йын сараз ӕртыскӕн ӕмӕ ӕртхутӕгдонтӕ. 39 Рухсгӕнӕныл йеппӕт мигӕнӕнтимӕ бахардз кӕн сыгъдӕг сыгъзӕрины киккар+ 25:39 Киккар – 33–36 кг бӕрц.. 40 Ма дӕ ферох уӕд: ӕппӕт дӕр сараз, хохыл дын сӕ куыд равдыстон, афтӕ.

26

Ӕмбӕрзӕнтӕ Цатырӕн

1 Цатыр сараз дӕс ӕмбӕрзӕнӕй – уыдон хъуамӕ уой уӕздан виссонӕй ӕмӕ ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй. Ӕмбӕрзӕнтыл бауафут херувимтӕ. 2 Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ уӕд аст ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнтӕ иууылдӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ. 3 Фондз ӕмбӕрзӕны хъуамӕ бахуыдӕуа иу иннӕимӕ, иннӕ фондз ӕмбӕрзӕны дӕр бахуыдӕуӕд иу иннӕимӕ. 4 Фондз ӕмбӕрзӕнӕй цы ӕмбӕрзӕн бахуыдӕуа, уымӕн йӕ кӕроныл сараз ӕрвхуыз сӕхтӕджытӕ. Ахӕм сӕхтӕджытӕ сараз ӕмбӕрзӕны иннӕ кӕроныл дӕр. 5 Ӕмбӕрзӕнтӕй иуӕн йӕ кӕроныл сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы сараз иннӕ ӕмбӕрзӕны кӕроныл дӕр. Иу ӕмбӕрзӕны сӕхтӕджытӕ хъуамӕ бадой иннӕ ӕмбӕрзӕны сӕхтӕджытимӕ. 6 Сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз къӕпсыры сыгъзӕринӕй, ӕмӕ уыцы къӕпсыртӕй иу ӕмбӕрзӕн баиу кӕн иннӕимӕ, ӕмӕ афтӕмӕй Цатыр уыдзӕн ӕмхӕст. 7 Цатыры сӕр бамбӕрзынӕн тинтычъийӕ бауаф ӕмбӕрзӕнтӕ; ахӕм ӕмбӕрзӕнтӕ бауаф иуӕндӕс. 8 Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ хъуамӕ уа дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – цыппар ӕлмӕрины. Иуӕндӕс ӕмбӕрзӕны дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ. 9 Ӕмбӕрзӕнтӕ бахуый иу иннӕйыл – фондз ӕмбӕрзӕны иумӕ, иннӕ ӕхсӕз ӕмбӕрзӕны та – иумӕ. Ӕхсӕзӕм ӕмбӕрзӕн сараз дывӕлдӕхтӕй, ӕвӕрд уӕд Цатыры раззаг фарсыл. 10 Иу ӕмбӕрзӕны кӕроныл сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы сараз иннӕ ӕмбӕрзӕны кӕроныл дӕр. 11 Уый фӕстӕ сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрхуы къӕпсыры, сӕхтӕджыты сӕ бафтау Цатыры сӕры ӕмбӕрзӕнтӕ баиу кӕнынӕн. Афтӕмӕй Цатыры ӕмбӕрзӕн ӕнӕхъӕнӕй уыдзӕн ӕмхӕст. 12 Цатыры сӕр ӕмбӕрзӕны дӕргъӕй уӕлдай цы разына (иу ӕмбӕрзӕны ӕмбис), уый хъуамӕ ӕрзӕбул уа Цатыры фӕстаг фарсыл. 13 Цатыры ӕмбӕрзӕнты дӕргъӕн йӕ уӕлдай – ӕлмӕрин иуӕрдыгӕй ӕмӕ ӕлмӕрин иннӕрдыгӕй – ӕрзӕбул уӕд Цатырӕн йӕ дыууӕ фарсыл ӕнӕхъӕнӕй йӕ бамбӕрзыны тыххӕй. 14 Цатыры сӕрӕн иу ӕддаг цъар сӕвӕр сырх фысдзӕрмттӕй; уыцы цъары уӕлӕ тӕнӕг сӕракӕй сӕвӕр ӕддаг цъар.

Цӕджындзтӕ

15 Цатырӕн акъацибӕласӕй сараз цыппӕрдигъон цӕджындзтӕ. 16 Цӕджындзты дыгӕйттӕй бафидар кӕн кӕрӕдзимӕ; сӕ бӕрзӕнд хъуамӕ уа фӕйнӕ дӕс ӕлмӕрины, се ’хсӕн – фӕйнӕ ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 17 Алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр хъуамӕ уа дыууӕ къӕпсыры – иу иннӕйы акомкоммӕ; афтӕ Цатыры ӕппӕт цӕджындзтӕн сараз къӕпсыртӕ. 18 Цатырӕн сараз цӕджындзтӕ: ссӕдз цӕджындзы – йӕ хуссар фарсӕн. 19 Cсӕдз цӕджындзӕн сараз дыууиссӕдз бынӕвӕрӕны ӕвзистӕй: дыууӕ бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзы дыууӕ къӕпсырӕн дӕр. 20 Cсӕдз цӕджындзы та сараз Цатыры иннӕ фарсӕн – цӕгат фарсӕн. 21 Сараз сын дыууиссӕдз ӕвзист бынӕвӕрӕны: алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр – дыууӕ бынӕвӕрӕны. 22 Цатыры фӕстаг фарсӕн, ныгуылӕн фарсӕн, сараз дыууадӕс цӕджындзы. 23 Цыппар цӕджындзы та сараз Цатыры фӕстаг фарсы тигътӕн. 24 Уыцы цӕджындзтӕ бынӕй хъуамӕ уой саджил, уӕлейӕ та, фыццаг цӕг кӕм ис, уым та – ӕмхӕст. Ахӕмтӕ хъуамӕ уой, тигъты ӕвӕрд чи уыдзӕн, уыцы цыппар цӕджындзы. 25 Афтӕмӕй цӕджындзтӕ уыдзысты ӕхсӕрдӕс, сӕ ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ дӕр – ӕхсӕрдӕс: фӕйнӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр. 26 Акъацибӕласӕй сараз фондз хъилы Цатыры иу фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн. 27 Фондз хъилы та сараз Цатыры иннӕ фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн, фондз хъилы – Цатыры фӕстаг, ныгуылӕн, фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн. 28 Мидӕггаг хъил хъуамӕ ацӕуа ӕппӕт цӕджындзты хӕдастӕуты – иу кӕронӕй иннӕмӕ. 29 Цӕджындзтӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны, хъилтӕ цы цӕгты тъыст уыдзысты, уыдоны дӕр сараз сыгъзӕринӕй; хъилтӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны. 30 Цатыр ӕрӕвӕр, хохыл дын ӕй куыд фенын кодтон, афтӕ.

Ӕмбӕрзӕн фидыды Чырыны раз

31 Ӕмбӕрзӕн бауаф ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй; ӕмбӕрзӕныл херувимтӕ хъуамӕ уой нывӕфтыдӕй. 32 Ӕмӕ йӕ ӕрцауындз сыгъзӕриндоны тылд цыппар акъаци цӕджындзыл. Цӕджындзтыл хъуамӕ уа сыгъзӕрин къӕпсыртӕ, сӕ быны – ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ. 33 Ӕмбӕрзӕн ӕрцауындз къӕпсыртыл, ӕмӕ фӕсӕмбӕрзӕнмӕ бахӕсс фидыды Чырын. Ӕмбӕрзӕн сыгъдӕг бынат фӕхицӕн кӕндзӕн Иууылсыгъдӕг бынатӕй. 34 Иууылсыгъдӕг бынаты фидыды Чырыныл ӕрӕвӕр йӕ сӕр. 35 Фынг ӕрӕвӕр ӕддӕрдыгӕй, ӕмбӕрзӕны раз; фынджы акомкоммӕ та, Цатыры хуссарварс, ӕрӕвӕр рухсгӕнӕн. Фынг та сӕвӕр Цатырӕн йӕ цӕгатварс. 36 Цатырмӕ бацӕуӕны ӕмбӕрзӕн бауаф ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй нывӕфтыдтимӕ. 37 Ӕмбӕрзӕнӕн сараз фондз цӕджындзы акъацийӕ, ӕмӕ сӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны; сӕ къӕпсыртӕ хъуамӕ уой сыгъзӕринӕй; уыцы цӕджындзтӕн джиппы рауадз фондз бынӕвӕрӕны ӕрхуыйӕ.

27

Нывондхӕссӕн

1 Нывондхӕссӕн сараз акъацийӕ; йӕ дӕргъ – фондз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – фондз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд – ӕртӕ ӕлмӕрины; нывондхӕссӕн хъуамӕ уа цыппӕрдигъон. 2 Йӕ цыппар тигъыл ын сараз сыкъатӕ йемӕ ӕмхӕстӕй, ӕмӕ йӕ сӕвдул ӕрхуыдоны. 3 Сараз хъуыраутӕ ӕртхутӕгӕн, чысыл белтӕ, куыситӕ, фыдисӕнтӕ ӕмӕ чысыл къоппытӕ ӕвзалыйӕн; ӕппӕт уыцы мигӕнӕнтӕ сараз ӕрхуыйӕ. 4 Сараз ын хыз ӕрхуыйӕ; згъӕрхызы цыппар къуымы сараз цыппар ӕрхуы цӕджы. 5 Хыз сӕвӕр нывондхӕссӕны кӕрӕттыл бынӕй, хыз нывондхӕссӕны хӕдастӕу куыд уа, афтӕ. 6 Нывондхӕссӕнӕн акъацийӕ сараз хъилтӕ, ӕмӕ сӕ сӕвдул ӕрхуыдоны. 7 Хъилтӕ нывондхӕссӕнӕн йӕ дыууӕ фарсыл атъысс цӕгты; ӕмӕ йӕ хӕсдзысты уыцы хъилтыл. 8 Нывондхӕссӕн сараз фӕйнӕгӕй, ӕмӕ уӕд афтид; саразӕнт ӕй, дӕуӕн хохыл куыд равдыстӕуыд, афтӕ.

Цатыры кӕрт

9 Цатырӕн йӕ алыварс сараз кӕрт; кӕрты хуссар фарсыл хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕн уӕздан виссонӕй, йӕ уӕрх – фондзыссӕдз ӕлмӕрины. 10 Кӕртӕн сараз ссӕдз цӕджындзы ссӕдз ӕрхуы бынӕвӕрӕнимӕ; цӕджындзтыл хъуамӕ уа ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ. 11 Кӕрты цӕгатварсыл кӕрӕйкӕронмӕ хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕнтӕ; сӕ уӕрх – фондзыссӕдз ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнтӕн сараз ссӕдз цӕджындзы ӕмӕ ссӕдз ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзыл хъуамӕ уа ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ. 12 Кӕрты ныгуылӕнварс уӕрхмӕ, кӕрӕйкӕронмӕ, хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕнтӕ; сӕ уӕрх – дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнтӕн сараз дӕс цӕджындзы ӕмӕ дӕс бынӕвӕрӕны. 13 Скӕсӕнырдыгӕй кӕртӕн йӕ уӕрх хъуамӕ уа дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. 14 Кӕртмӕ бацӕуӕнӕй иу къуыммӕ хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕн; йӕ дӕргъ – фынддӕс ӕлмӕрины. Сараз ын ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны. 15 Бацӕуӕнӕй иннӕ къуыммӕ дӕр хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕн; йӕ дӕргъ – фынддӕс ӕлмӕрины. Сараз ын ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны.

16 Кӕрты дуарӕн ӕмбӕрзӕн бауаф ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй нывӕфтыдтимӕ; йӕ уӕрх – ссӕдз ӕлмӕрины; сараз ын цыппар цӕджындзы ӕмӕ цыппар бынӕвӕрӕны. 17 Ӕппӕт цӕджындзтӕ кӕрты алыварс кӕрӕдзиимӕ хъуамӕ баст уой ӕвзист ӕлвасӕнтӕй; сӕ къӕпсыртӕ сын сараз ӕвзистӕй, сӕ бынӕвӕрӕнтӕ – ӕрхуыйӕ. 18 Кӕртӕн йӕ дӕргъ хъуамӕ уа фондзыссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕн хъуамӕ уа уӕздан виссонӕй; йӕ бӕрзӕнд – фондз ӕлмӕрины. Цӕджындзтӕн сӕ бынӕвӕрӕнтӕ хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ. 19 Цатыр ӕрӕмбырд кӕнынӕн ӕмӕ райхалынӕн цы алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ хъӕуы, уыдон иууылдӕр, стӕй йӕ хъилтӕ ӕмӕ кӕрты ӕппӕт михтӕ хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ.

Зети рухсгӕнӕнӕн

20 Израилаг адӕмӕн бафӕдзӕхс зетибӕласӕй дын хуыздӕр зети, гагатӕй лӕмӕрст зети, рухсгӕнӕнӕн дӕттын, рухсгӕнӕн иудадзыг куыд судза, афтӕ. 21 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ хъуамӕ сӕ цӕст дарой, цӕмӕй фидыды Чырыны раз ӕмбӕрзӕны ӕддӕрдыгӕй, Фембӕлды Цатыры, Дунедарӕджы раз рухсгӕнӕн судза изӕрӕй райсоммӕ. Израилы адӕм ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ уыцы ӕгъдау хъуамӕ ӕххӕст кӕной мыггагмӕ.

28

Сауджыны дарӕс

1 Израилаг адӕмӕй дӕхимӕ ракӕн де ’фсымӕр Аароны йӕ фырттимӕ; Аарон, Надав, Авиуд, Елеазар ӕмӕ Ифамар Мӕнӕн сауджынтӕ куыд уой, афтӕ. 2 Де ’фсымӕр Ааронӕн бахуый сауджыны сӕрмагонд дарӕс, цӕмӕй йӕ нымайой ӕмӕ цӕсты ахада. 3 Ӕз дарӕс хуыйынӕн зонд ӕмӕ арӕхстдзинад кӕмӕн радтон, уыдонӕн сеппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхс Ааронӕн дарӕс бахуыйын, цӕмӕй Аарон йӕхи снывонд кӕна Мӕнӕн ӕмӕ уа Мӕ сауджын.

4 Саразӕнт ын мӕнӕ ахӕм дарӕс: риуылдарӕн хызын, ефод, уӕлгуыр+ 28:4 Уӕлгуыр – хистӕр сауджыниу ӕй йӕ уӕлӕ скодта ефод скӕныны размӕ., нывӕфтыд даргъ хӕдон, сарыхъ ӕмӕ рон. Сауджыны ахӕм сӕрмагонд дарӕс бахуыйӕнт де ’фсымӕр Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ уыцы дарӕсы Мӕнӕн уыдзысты лӕггадгӕнджытӕ. 5 Дарӕс чи хуыйа, уыдон райсӕнт сыгъзӕрин хӕрдгӕбыд, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕ, виссон. 6 Сыгъзӕрин хӕрдгӕбыдӕй, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй уафт нывӕфтыд хъуымацӕй бахуыйӕд ефод. 7 Ефодӕн йӕ дыууӕ кӕроны дӕр хъуамӕ уа дыууӕ уӕхскбосы. 8 Ефодыл ӕддейӕ цы рон хуыд ис, уый дӕр ефодау хъуамӕ уа сыгъзӕрин хӕрдгӕбыдӕй, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй. 9 Райс ониксы дыууӕ дуры, ӕмӕ сыл ныффысс Израилы фыртты нӕмттӕ. 10 Ӕхсӕз номы ныффысс иу дурыл, иннӕ ӕхсӕз номы – дыккаг дурыл; сӕ нӕмттӕ сын ныффысс хистӕрӕй кӕстӕрмӕ. 11 Дуртыл ныффысс Израилы фыртты нӕмттӕ, дурыл сартӕй куыд фӕкъахынц, афтӕ. Уыцы дуртӕ бавӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты. 12 Дыууӕ дуры дӕр бафидар кӕн ефоды уӕхскбӕттӕнтӕм уӕхсчытыл; уыцы дуртӕ сты Израилы фыртты ном арынӕн. Хуыцауы раз сӕ Аарон фӕлгӕтты хӕссӕд ефоды дыууӕ уӕхскбосыл, Хуыцауӕн Йӕ адӕм Йӕ зӕрдыл куыд лӕууой, афтӕ. 13 Сыгъзӕринӕй сараз фӕлгӕттӕ. 14 Сараз дыууӕ хӕрдгӕбыды сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, ӕмӕ сӕ бабӕтт фӕлгӕттӕм. 15 Тӕрхоны риуылдарӕн хызын бахуый нывӕфтыд хъуымацӕй; сараз ӕй ефоды хъуымацау – ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй. 16 Риуылдарӕн хызын хъуамӕ уа дывӕлдах ӕмӕ цыппӕрдигъон, уылынг – йӕ дӕргъ, уылынг – йӕ уӕрх. 17 Цыппар рӕнхъӕй дзы бавӕр фӕлгӕтты ӕвӕрд дуртӕ. Фыццаг рӕнхъы фӕрсӕйфӕрстӕм хъуамӕ уой рубин, топаз ӕмӕ изумруд. 18 Дыккаг рӕнхъы – карбункул, сапфир ӕмӕ алмаз. 19 Ӕртыккаг рӕнхъы – гиацинт, агат ӕмӕ аметист. 20 Цыппӕрӕм рӕнхъы – хризолит, оникс ӕмӕ яшма. Бавӕргӕ сты сыгъзӕрин фӕлгӕтты. 21 Дуртӕн сӕ нымӕц хъуамӕ уа дыууадӕс – Израилы фыртты нымӕцмӕ гӕсгӕ. Алы дурыл дӕр ныффысгӕ у Израилы фырттӕй иуы ном. 22 Риуылдарӕн хызынӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сараз цӕгӕвӕрд бӕттӕнтӕ. 23 Риуылдарӕн хызынӕн сараз дыууӕ цӕджы сыгъзӕринӕй, ӕмӕ сӕ бафидар кӕн риуылдарӕн хызыны дыууӕ кӕронмӕ. 24 Сыгъзӕринӕй цӕгӕвӕрд дыууӕ бӕттӕны дӕр атъысс дыууӕ цӕджы, риуылдарӕн хызынӕн йӕ дыууӕ кӕроны. 25 Дыууӕ бӕттӕнӕн сӕ иннӕ дыууӕ кӕроны та бафидар кӕн дыууӕ фӕлгӕтмӕ; дыууӕ фӕлгӕты та – ефоды бӕттӕнтӕм разӕй. 26 Ноджы ма сараз дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ мидӕгӕй бафидар кӕн риуылдарӕн хызынмӕ, ефодмӕ хӕстӕгдӕр кӕм у, йӕ уыцы дыууӕ кӕронмӕ. 27 Сараз ноджыдӕр дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ разӕй бафидар кӕн ефоды дыууӕ бӕттӕнмӕ бынӕй, ефодмӕ хуыд кӕм сты, уым – ефоды роны сӕрмӕ. 28 Ӕмӕ риуылдарӕн хызын уыцы цӕгтӕй бабӕттӕнт ефоды цӕгтӕм ӕрвхуыз бӕттӕнӕй, ефоды роны сӕрмӕ куыд уа ӕмӕ риуылдарӕн хызын ефодыл ӕнгом куыд бада, афтӕ. 29 Аарон кувӕндонмӕ мидӕмӕ куы цӕуа, уӕд йӕ тӕрхоны риуылдарӕн хызыныл, йӕ зӕрдӕйы цур, уыдзысты Израилы фыртты нӕмттӕ, ӕмӕ уыцы нӕмттӕм гӕсгӕ Дунедарӕджы зӕрдыл иудадзыг лӕудзысты Йӕ адӕм.

Урим ӕмӕ туммим

30 Тӕрхоны риуылдарӕн хызыны бавӕр урим ӕмӕ туммим+ 28:30 Урим ӕмӕ туммим – хистӕр сауджыниу уыцы дурты фӕрцы Хуыцауӕй райста дзуапп – «о» кӕнӕ «нӕ».; уыдон уыдзысты Аароны зӕрдӕйы цур, Дунедарӕджы размӕиу куы бацӕуа, уӕд; ӕмӕ Ааронӕн йӕ зӕрдӕйы цур Дунедарӕджы раз кӕддӕриддӕр уыдзӕн Хуыцауы тӕрхон израилаг адӕмӕн.

Уӕлгуыр ӕмӕ сыгъзӕрин уаццаг

31 Ефодӕн сараз уӕлгуыр – ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ уа ӕрвхуыз. 32 Сӕрыл ӕй ӕркӕнынӕн йӕ астӕу хъуамӕ уа хуынкъ. Хуынкъӕн йӕ кӕрӕттӕ, згъӕрхӕдоны кӕрӕттау, хъуамӕ уой уафт, куыд нӕ скъуыйа, афтӕ. 33 Йӕ фӕдджийы алыварс ын ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй сараз гранаты дыргъты хуызӕн чысыл къоритӕ; се ’хсӕн сын, фӕдджийы алыварс, ӕрцауындз сыгъзӕрин дзӕнгӕрджытӕ. 34 Уӕлгуыры фӕдджийы алыварс иу иннӕйы ивгӕ хъуамӕ уой сыгъзӕрин дзӕнгӕрджытӕ ӕмӕ къоритӕ. 35 Уӕлгуыр Аароныл уыдзӕни, кувӕндоны куы лӕггад кӕна, уӕд. Хуыцауы размӕ кувӕндонмӕ куы цӕуа ӕмӕ фӕстӕмӕ куы здӕха, уӕд хъуысдзӕн йӕ дзӕнгӕрӕджы зыланг, ӕмӕ Аарон нӕ амӕлдзӕн. 36 Сараз уаццаг сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, ӕмӕ дурыл куыд фӕфыссынц, афтӕ йыл скъах дзырдтӕ: «Ай Хуыцауы у». 37 Ӕмӕ йӕ ӕрвхуыз алдымбыдӕй бабӕтт сарыхъмӕ, сыгъзӕрин уаццаг сарыхъӕн разӕй куыд уа, афтӕ. 38 Уый уыдзӕн Аароны тӕрныхыл, ӕмӕ израилаг адӕм Хуыцауӕн цы лӕвӕрттӕ хӕссой, уыдонмӕ исты аипп куы разына, уӕд Аарон йӕхимӕ райсдзӕн израилӕгты уыцы азым. Уаццаг иудадзыг хъуамӕ уа Аароны тӕрныхыл, цӕмӕй Хуыцау барвӕсса израилӕгты лӕвӕрттыл. 39 Бауаф даргъ хӕдон, сарыхъ виссонӕй ӕмӕ нывӕфтыд рон. 40 Аароны фырттӕн дӕр сараз хӕдӕттӕ, рӕттӕ ӕмӕ худтӕ, цӕмӕй сӕ дарӕс уа аив, сӕхӕдӕг та адӕмы цӕсты ахадой. 41 Сфӕлынд уыцы дарӕсӕй де ’фсымӕр Аароны ӕмӕ йӕ фыртты, байсӕрд сӕ – ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕ снывонд кӕн Мӕнӕн, ӕмӕ Мын уыдзысты сауджынтӕ. 42 Виссонӕй сын бахуый хӕлӕфтӕ – ронбастӕй зӕнгтӕм бӕгънӕг буар куыд ӕмбӕрзой, афтӕ. 43 Уыцы дарӕстӕ Аароныл ӕмӕ йӕ фырттыл уыдзысты, Фембӕлды Цатырмӕ мидӕмӕ кӕнӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ нывондхӕссӕнмӕ куы цӕуой, уӕд, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтой ӕмӕ ма амӕлой. Уыцы ӕгъдау Ааронӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн ӕххӕстгӕнинаг у мыггагмӕ.

29

Сауджынтӕ сӕвӕрыны тыххӕй

1 Цӕмӕй сӕ Мӕнӕн снывонд кӕнай ӕмӕ Мын уой сауджынтӕ, уый тыххӕй сын бакӕн афтӕ: райс иу уӕныг ӕмӕ дыууӕ ӕнӕсахъат фыры, 2 Донгонд дзул, донгонд сойыфых гуылтӕ ӕмӕ зетийӕ сӕрст донгонд лауаситӕ; сфыц сӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй. 3 Нывӕр сӕ чыргъӕды ӕмӕ сӕ ӕрбахӕсс; семӕ сын ӕрбатӕр уӕныг ӕмӕ дыууӕ фыры. 4 Аароны ӕмӕ йӕ фыртты та ӕрбахон Фембӕлды Цатыры бацӕуӕнмӕ, ӕмӕ сӕ ӕрнай донӕй. 5 Райс дарӕстӕ, ӕмӕ Аароныл скӕн даргъ хӕдон, уӕлгуыр, ефод, риуылдарӕн хызын, ӕмӕ йын йӕ ефодыл ӕрбабӕтт рон. 6 Йӕ сӕрыл ын ӕркӕн сарыхъ, ӕмӕ сарыхъмӕ бафидар кӕн уаццаг – сыгъдӕг кадыхуд. 7 Райс сӕрдӕн зети ӕмӕ дзы байсӕрд Аароны – ауадз ын ӕй йӕ сӕрыл. 8 Ӕрбахон ын йӕ фыртты дӕр ӕмӕ сыл скӕн даргъ хӕдӕттӕ. 9 Аарон ӕмӕ йӕ фыртты астӕутыл ӕрбабӕтт рӕттӕ, ӕркӕн сыл худтӕ, ӕмӕ сӕхӕдӕг ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты сауджынтӕ, мыггагмӕ аивӕн цы ӕгъдауӕн нӕ уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ. Аароны ӕмӕ йӕ фыртты Хуыцауӕн кусджытӕй сӕвӕрыны ӕгъдау бакӕн афтӕ. 10 Фембӕлды Цатыры размӕ ӕрбатӕр уӕныг, Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ йын сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрӕнт йӕ сӕрыл. 11 Стӕй уӕныг аргӕвд Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны, Хуыцауы раз. 12 Райс уӕныджы тугӕй, де ’нгуылдзӕй дзы байсӕрд нывондхӕссӕны сыкъатӕ, тугӕй мацы баззайа, уый та акал нывондхӕссӕны рӕбын. 13 Райс уӕныджы хуылфыдзаумӕтты фиу, игӕры нард, дыууӕ уырджы сӕ фиуимӕ, ӕмӕ сӕ басудз нывондхӕссӕныл. 14 Уӕныгӕн йӕ дзидза, йӕ царм ӕмӕ йӕ чъизитӕ фӕсасадӕн басудз артыл. Уый у тӕригъӕдӕй сыгъдӕггӕнӕг нывонд. 15 Ӕрбакӕн фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдзысты йӕ сӕрыл. 16 Фыры аргӕвд, райс ын йӕ туг, ӕмӕ дзы бапырх кӕн нывондхӕссӕнӕн йӕ алы фарсыл дӕр. 17 Уый фӕстӕ йӕ бауӕнгтӕ кӕн, ныхс ын йӕ хуылфыдзаумӕттӕ, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йын сӕ ӕрӕвӕр йӕ уӕлӕ ӕмӕ йӕ сӕрыл. 18 Фыры ӕнӕхъӕнӕй басудз нывондхӕссӕныл. Уый у иууылсудзинаг нывонд, Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф. 19 Ӕрбакӕн дыккаг фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрӕнт йӕ сӕрыл. 20 Уыцы фыр аргӕвд, райс ын йӕ тугӕй, ӕмӕ дзы ацахор Аароны рахиз хъусы кӕрон ӕмӕ йӕ фыртты рахиз хъусты кӕрӕттӕ, стӕй сӕ рахиз къухты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты хистӕр ӕнгуылдзтӕ; тугӕй бапырх кӕн нывондхӕссӕнӕн йӕ алы фарсыл дӕр. 21 Уый фӕстӕ нывондхӕссӕнӕй райс туг, сӕрдӕн зети ӕмӕ дзы бапырх кӕн Аароныл ӕмӕ йӕ дарӕсыл, йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл; афтӕмӕй Аарон ӕмӕ йӕ дарӕс, йӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ дарӕс нывонд уыдзысты Хуыцауӕн. 22 Райс фыры фиу ӕмӕ фӕхсын, хуылфыдзаумӕтты фиу, игӕры фиу, дыууӕ уырджы сӕ фиуимӕ, рахиз агъд – уымӕн ӕмӕ уыцы нывонд ӕрхастӕуы сауджыны бынат райсыны фӕдыл. 23 Хуыцауы раз донгонд дзултимӕ цы чыргъӕд ис, уырдыгӕй райс иу дзул, иу сойыфых гуыл ӕмӕ иу лауаси. 24 Аароны ӕмӕ йӕ фыртты къухтӕм ратт ӕппӕт уыдӕттӕ ӕмӕ, Хуыцауӕн нывонд кӕй сты, уый равдисынӕн, сыл схӕцӕд уӕлӕмӕ. 25 Уый фӕстӕ сӕ райс уыдоны къухтӕй, ӕмӕ сӕ иууылсудзинаг нывондимӕ ӕхцон хӕрздӕфӕн басудз Хуыцауы раз нывондхӕссӕныл. Уый у басудзинаг нывонд Дунедарӕгӕн. 26 Аароны сауджынӕй сӕвӕрыны фӕдыл нывондгонд фырӕн райс йӕ риугуыдыр ӕмӕ йыл схӕц уӕлӕмӕ, Хуыцауӕн нывонд кӕй у, уый равдисынӕн; уый уыдзӕни дӕ хай. 27 Аароны ӕмӕ йӕ фыртты сауджынтӕй сӕвӕрыны фӕдыл нывондгонд фырӕй Хуыцауӕн снывонд кӕн, уӕлӕмӕ кӕуыл схӕцыдтӕ, йӕ уыцы риугуыдыр ӕмӕ агъд. 28 Уый уыдзӕни мыггагмӕ ӕххӕстгӕнинаг ӕгъдау: израилаг адӕм Ааронӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕтдзысты, Хуыцауӕн цы фарны нывондтӕ хӕссой, уыдонӕн сӕ риугуыдыр ӕмӕ агъд. 29 Аароны сӕрмагонд дарӕстӕ йӕ амӕлӕты фӕстӕ уыдзысты йӕ байзӕддӕгты, уыцы дарӕсы сӕ зетийӕ куыд сӕрдой ӕмӕ сауджынтӕй куыд ӕвӕрой, афтӕ. 30 Аароны байзӕддӕгтӕй сауджын чи суа, уыйиу Фембӕлды Цатыры сыгъдӕг бынаты лӕггад кӕнынмӕ куы цӕуа, уӕд ыл фыццаг авд боны уыцы дарӕс хъуамӕ уой. 31 Аароны хистӕр сауджынӕй сӕвӕрыны фӕдыл нывонд фыры дзидза райс ӕмӕ йӕ сфыц сыгъдӕг бынаты. 32 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ уыцы фыры фыд бахӕрӕнт, Фембӕлды Цатыры дуары цур чыргъӕды цы дзултӕ ис, уыдонимӕ. 33 Сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй, сауджынтӕй сӕ сӕвӕрыны ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн снывонд кӕныны охыл кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы нывондтӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ бахӕрой; ӕцӕгӕлон дзы хъуамӕ ма фӕхъӕстӕ уа, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн нывонд сты. 34 Сауджынтӕй сӕвӕрыны фӕдыл нывондӕн цы фыр ӕрхастӕуыд, уымӕн йӕ дзидзайӕ, стӕй дзулӕй бонмӕ куы баззайа, уӕд уыцы уӕлдӕйттӕ басудз артыл; хӕрын сӕ нӕ фӕтчы, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн нывонд у. 35 Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн ӕппӕт дӕр бакӕн, Ӕз дын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ; сауджынӕй сӕ сӕвӕрыны ӕгъдау хъуамӕ ахӕсса авд боны. 36 Сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй ӕрвылбон нывондӕн хӕсс уӕныг; уыцы нывондтӕй ссыгъдӕг кӕн нывондхӕссӕн, ӕмӕ цӕмӕй ссыгъдӕг уа, уый тыххӕй йӕ байсӕрд зетийӕ. 37 Нывондхӕссӕн сыгъдӕг кӕн авд боны дӕргъы; снывонд ӕй кӕн Хуыцауӕн, ӕмӕ суыдзӕн иууылсыгъдӕг нывондхӕссӕн. Нывондхӕссӕныл цыдӕриддӕр андзӕва, уый уыдзӕни Хуыцауӕн лӕвӕрд.

Ӕрвылбоны нывонды тыххӕй

38 Нывондхӕссӕныл нывондӕн хӕсдзынӕ: дыууӕ далысы ӕрвылбон ӕмӕ иудадзыг. 39 Иу далыс нывондӕн ӕрхӕсс райсомӕй, иннӕ далысы та – изӕргӕрӕтты, 40 Фыццаг далысимӕ нывондӕн ӕрхӕсс ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефайы дӕсӕймаг хай лӕмӕрст зетийы гины цыппӕрӕймаг хайимӕ хӕццӕйӕ ӕмӕ сӕны гины цыппӕрӕймаг хай. 41 Дыккаг далысы та нывондӕн ӕрхӕсс изӕргӕрӕтты, райсомӕй цы ссады ӕмӕ сӕны лӕвӕрттӕ ӕрхастӕуыд, уыдонимӕ – Дунедарӕгӕн ӕхцон ӕмӕ хӕрздӕф нывондтӕн. 42 Уыцы нывондтӕ хъуамӕ судзай ӕрвылбон ӕмӕ иудадзыг Фембӕлды Цатыры дуары цур, Хуыцауы раз. Уым Ӕз ӕмбӕлдзынӕн сымахимӕ, ӕмӕ дзурдзынӕн демӕ. 43 Уымиу Ӕз фембӕлдзынӕн израилаг адӕмимӕ, ӕмӕ уыцы бынат ссыгъдӕг уыдзӕн Мӕ кадӕй. 44 Афтӕмӕй ссыгъдӕг кӕндзынӕн Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн, стӕй Аароны ӕмӕ йӕ фыртты, ӕмӕ Мын уыдзысты сауджынтӕ. 45 Ӕз цӕрдзынӕн израилаг адӕмы ӕхсӕн, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау. 46 Ӕмӕ базондзысты: цӕмӕй се ’хсӕн цӕрон, уый тыххӕй сӕ мысыраг зӕххӕй Чи ракодта, Ӕз сӕ уыцы Дунедарӕг Хуыцау дӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, сӕ Хуыцау!

30

Будсудзӕн нывондхӕссӕн

1 Сараз будсудзӕн нывондхӕссӕн; сараз ӕй акъацийӕ; 2 Йӕ дӕргъ – ӕлмӕрин, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин; хъуамӕ уа цыппӕрдигъон, йӕ бӕрзӕнд – дыууӕ ӕлмӕрины; йӕхицӕй йыл хъуамӕ уа сыкъатӕ. 3 Сӕвдул ӕй сыгъдӕг сыгъзӕриндоны – сӕвдул ын йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ ӕмӕ йӕ сыкъатӕ; сӕвӕр ыл сыгъзӕрин тӕлм. 4 Йӕ тӕлмы бын, йӕ дыууӕ фарсыл, сараз дыууӕ цӕджы сыгъзӕринӕй; уыдон хъуамӕ уой йӕ дыууӕ фарсыл хъилтӕ сӕ атъыссынӕн, уыдоныл ӕй куыд хӕссой, афтӕ. 5 Хъилтӕ сараз акъацийӕ ӕмӕ сӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны. 6 Нывондхӕссӕн сӕвӕр, фидыды Чырын кӕй фӕстӕ ис, уыцы ӕмбӕрзӕны раз, йӕ акомкоммӕ. Уымиу фембӕлдзынӕн демӕ. 7 Аарон алы райсом дӕр цырӕгътӕ куы цӕттӕ кӕна, уӕд хъуамӕ уыцы нывондхӕссӕныл судза хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. 8 Аарон изӕры цырӕгътӕ куы судза, уӕд уыцы нывондхӕссӕны артыл хъуамӕ ӕрӕвӕра хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; уыцы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ Дунедарӕджы раз судзын ӕнусон фӕдзӕхст у уеппӕт фӕлтӕртӕн дӕр. 9 Нывондхӕссӕныл ӕндӕр исты ма судзут, нӕдӕр иууылсудзинаг нывондтӕ, нӕдӕр хойраджы хуынтӕ; нывонд сӕнӕй дӕр ыл ма пырх кӕнут. 10 Аарон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ афӕдз иу хатт адӕмы сыгъдӕг кӕндзӕн тӕригъӕдӕй. Аарон тӕригъӕдтӕ сыгъдӕг кӕндзӕн нывонды тугӕй нывондхӕссӕны сыкъаты сӕрмӕ. Уыцы ӕгъдау ӕххӕстгӕнинаг у фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ. Уый уыдзӕн иууылсыгъдӕг нывондхӕссӕн Дунедарӕгӕн».

Фиддон кувӕндонӕн

11 Хуыцау загъта Моисейӕн: «12 Сӕ нымӕц сын сбӕлвырд кӕныны тыххӕй израилаг адӕмы куы нымайай, уӕд сӕ алчидӕр, нымайыны рӕстӕг, Хуыцауӕн раттӕд йӕ уды аргъ, ӕмӕ сыл сӕ нымайыны рӕстӕг бӕллӕх нӕ сӕмбӕлдзӕн. 13 Нымадмӕ чидӕриддӕр хауы, уый хъуамӕ ратта сиклы ӕрдӕг – кувӕндоны сиклтӕй; сиклы ис ссӕдз герайы+ 30:13 Гера – 0,5 граммы бӕрц.. Уыцы сиклы ӕрдӕг у лӕвар Хуыцауӕн. 14 Нымадмӕ чидӕриддӕр хауы, уыдонӕй ссӕдз азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уый хъуамӕ Дунедарӕгӕн ӕрхӕсса лӕвар. 15 Йӕхи балхӕныны тыххӕй хъӕздыг лӕг сиклы ӕрдӕгӕй фылдӕр нӕ ратдзӕн ӕмӕ мӕгуыр дӕр сиклы ӕрдӕгӕй къаддӕр нӕ ратдзӕни Дунедарӕгӕн лӕварӕн. 16 Уыцы ӕхца, тӕригъӕд ныххатыр кӕнынӕн, райс израилаг адӕмӕй, ӕмӕ йӕ ратт Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнынӕн. Ӕхцайы фӕрцы Хуыцауы зӕрдыл лӕудзысты Йӕ адӕм – уӕ царды аргъ кӕй бафыстат, уый».

Хихсӕн

17 Хуыцау загъта Моисейӕн: «18 Сараз ӕрхуы хихсӕн хи цӕхсынӕн; йӕ бынӕвӕрӕн дӕр хъуамӕ уа ӕрхуыйӕ. Сӕвӕр ӕй Фембӕлды Цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕхсӕн, ӕмӕ дзы ныккӕн дон. 19 Аарон ӕмӕ дзы йӕ фырттӕ ӕхсӕнт сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ. 20 Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуыны размӕ, кӕнӕ Хуыцауӕн басудзинаг нывонд ӕрхӕссыны тыххӕй нывондхӕссӕнмӕ бацӕуыны размӕ сӕхи ӕрнайӕнт донӕй, науӕд амӕлдзысты. 21 Цӕмӕй ма амӕлой, уый тыххӕй сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ цӕхсӕнт донӕй. Уый Ааронӕн ӕмӕ йӕ байзӕддаджы ӕппӕт фӕлтӕртӕн уыдзӕн мыггагмӕ ӕххӕстгӕнинаг ӕгъдау».

Сӕрдӕн зети

22 Хуыцау загъта Моисейӕн: «23 Райс тӕккӕ хуыздӕр хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: фондзсӕдӕ сиклы тӕнгъӕд миррӕ+ 30:23 Миррӕ – хӕрздӕф писийы мыггаг., хӕрздӕф корицӕ та дыууӕ хатты къаддӕр – дыууӕсӕдӕ фӕндзай сиклы, дыууӕсӕдӕ фӕндзай сиклы хӕрздӕф хъӕз, 24 Касси+ 30:24 Касси – тропикон бӕлӕсты цъӕрттӕй конд хӕрздӕфгӕнӕн. фондзсӕдӕ сиклы (ӕппӕт дӕр – кувӕндоны сиклтӕй) ӕмӕ иу гин зети. 25 Сызмӕнт сӕ иумӕ ӕмӕ, хӕрзарӕхст адӕймаг хӕрздӕфгӕнӕнтӕ куыд сараза, афтӕ дзы сараз сыгъдӕг сӕрдӕн зети. 26 Байсӕрд дзы Фембӕлды Цатыр ӕмӕ фидыды Чырын, 27 Фынг йеппӕт дзаумӕттимӕ, рухсгӕнӕн йеппӕт дзаумӕттимӕ, будсудзӕн нывондхӕссӕн, 28 Нывондхӕссӕн иууылсудзинаг нывондтӕн йеппӕт мигӕнӕнтимӕ, хихсӕн ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн. 29 Снывонд сӕ кӕн Дунедарӕгӕн, ӕмӕ уыдзысты иууылсыгъдӕг дзаумӕттӕ. Цыдӕриддӕр сыл андзӕва, уый лӕвӕрд уыдзӕни Хуыцауӕн. 30 Аароны йӕ фырттимӕ байсӕрд зетийӕ ӕмӕ сӕ снывонд кӕн Мӕнӕн кусынӕн. 31 Израилаг адӕмӕн та зӕгъ: „Уыцы зети фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ уыдзӕни сыгъдӕг сӕрдӕн. Уый сымахӕн хъуамӕ уа Мӕ сыгъдӕг сӕрдӕн. 32 Ӕцӕгӕлон адӕймӕгты дзы ма сӕрдут, стӕй цӕмӕйты арӕзт у, уыдонӕй ӕндӕр сӕрдӕн ма аразут. 33 Ахӕм сӕрдӕн чи сараза, кӕнӕ дзы ӕцӕгӕлоны чи байсӕрда, уый фӕхъӕудзӕн йӕ адӕмӕй“».

Хӕрздӕфгӕнӕнтӕ буд судзынӕн

34 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: натаф, шехелет, хӕрздӕф халван+ 30:34 Натаф – хӕрздӕф писийы мыггаг. Шехелет – хӕрздӕф буаргъӕд, исынц ӕй Сырх денджызы бӕлвырд цӕрӕгойтӕй. Халван – зайӕгойы хӕрздӕф дон. ӕмӕ сыгъдӕг буд – сеппӕтӕй дӕр ӕмбӕрц. 35 Сызмӕнт сӕ бӕстон, ӕмӕ Мын дзы сараз буд нывондхӕссӕныл судзынӕн. Сараз ӕй, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ куыд аразынц, афтӕ – хъуамӕ уа фӕхты хост ӕмӕ сыгъдӕг. 36 Фӕхты йӕ ныххой лыстӕг ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры ӕрӕвӕр фидыды Чырыны раз – уымиу фембӕлдзынӕн демӕ. Уый сымахӕн уӕд стыр нывондаг. 37 Цӕмӕйты йӕ саразай, уыдонӕй уӕхицӕн буд ма саразут: нымайут ӕй Дунедарӕгӕн нывондагыл. 38 Йӕхицӕн ахӕм хӕрздӕф буд чи сараза, уый фӕхъӕудзӕн йӕ адӕмӕй».

31

Хуыцауы ӕвӕрд аразджытӕ

1 Хуыцау загъта Моисейӕн: «2 Сӕрмагонд куыстӕн Иудайы хӕдзарвӕндагӕй Ӕз сӕвзӕрстон Уриайы фырт Веселиилы – Оры фыртыфырты. 3 Ӕз ӕй схайджын кодтон Хуыцауы Удӕй, зондӕй, ӕмбарынадӕй, зонынадӕй ӕмӕ курдиатӕй 4 Нывӕфтыд хъуымӕцтӕ уафынмӕ, сыгъзӕринӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ ӕрхуыйӕ алы дзаумӕттӕ аразынмӕ, 5 Фӕлгӕты бавӕрынӕн дуртыл фыссынмӕ ӕмӕ хъӕдыл нывӕфтауынмӕ – алы куыстмӕ дӕр куыд арӕхса, афтӕ. 6 Ӕххуысгӕнӕгӕй йын Даны хӕдзарвӕндагӕй дӕттын Ахисамахы фырт Аголиавы. Зӕрдӕргъӕвд чи у, уыдонӕн радтон зонд, ӕмӕ араздзысты, Ӕз дӕуӕн цы саразын бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ: 7 Фембӕлды Цатыр, фидыды Чырын ӕмӕ йӕ сӕр, Цатыры ӕппӕт мигӕнӕнтӕ, 8 Фынг ӕмӕ йӕ дзаумӕттӕ, рухсгӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ йеппӕт дзаумӕттӕ, нывондхӕссӕн буд судзынӕн, 9 Нывондхӕссӕн иууылсудзинаг нывондтӕ судзынӕн ӕмӕ йеппӕт мигӕнӕнтӕ, хихсӕн ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн, 10 Иударон ӕмӕ сӕрмагонд дарӕс сауджын Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн Цатыры лӕггад кӕнынӕн, 11 Сӕрдӕн зети ӕмӕ хӕрздӕф буд кувӕндонӕн. Ӕппӕт уыдӕттӕ саразӕнт, Ӕз дӕуӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ».

Сабат

12 Хуыцау загъта Моисейӕн: «13 Израилаг адӕмӕн зӕгъ: „Фӕлӕ Мӕ сабат ма халут; уымӕн ӕмӕ сабат Мӕн ӕмӕ уе ’хсӕн фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ ӕвдисӕйнаг у, цӕмӕй сымах зонат, Йӕхицӕн уӕ Чи сӕвзӕрста, Ӕз уыцы Хуыцау кӕй дӕн, уый. 14 Ма халут Мӕ сабат, уымӕн ӕмӕ Мӕ бӕрӕг бон у. Чи йӕ фӕчъизи кӕна, уый амарут. Уыцы бон чи куса, уыцы адӕймаг фӕхъӕудзӕн йӕ адӕмӕй“. 15 Кусынӕн ис ӕхсӕз боны; ӕвдӕм бон – ӕнцойбон, сабат, Дунедарӕджы бӕрӕг бон. Сабаты чидӕриддӕр куса, уый амарут. 16 Уымӕ гӕсгӕ израилаг адӕм ма халӕнт сабат – хъуамӕ сын бӕрӕг бон уа фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ. Мӕн ӕмӕ уыдоны ӕхсӕн уыцы фидыд ӕнусмӕ дӕр уыдзӕн йӕ тыхы. 17 Мӕн ӕмӕ Израилы фыртты ӕхсӕн сабат мыггагмӕйы ӕвдисӕйнаг у; уымӕн ӕмӕ Хуыцау арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдыста ӕхсӕз бонмӕ, ӕвдӕм бон та фӕци Йӕ куыстытӕ ӕмӕ ӕрӕнцад». 18 Дунедарӕг Синайы хохыл Моисейимӕ Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд ӕм радта фидыды дыууӕ къӕйдуры, Хуыцауы къухӕй фыст кӕуыл уыдис, уыцы дыууӕ къӕйдуры.

32

Сыгъзӕрин уӕныг

1 Моисей хохыл дзӕвгар кӕй ныффӕстиат, адӕм уый куы федтой, уӕд ӕрӕмбырд сты Аароныл ӕмӕ йын загътой: «Сараз нын, нӕ разӕй чи ацӕудзӕн, ахӕм хуыцау. Уымӕн ӕмӕ мах, Мысыры зӕххӕй ракӕнӕг Моисейыл цы ӕрцыд, уый нӕ зонӕм». 2 Аарон сын загъта: «Уӕ устыты, уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты хъустӕй рафтаут хъусцӕджытӕ, ӕмӕ сӕ ӕрхӕссут мӕнмӕ». 3 Ӕппӕт адӕм сӕ хъустӕй рафтыдтой сӕ сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ, ӕмӕ сӕ ӕрхастой Ааронмӕ. 4 Аарон райста уыцы сыгъзӕрин, сарӕзта дзы джиппыуагъд уӕныг, ӕмӕ йӕ саив кодта сартӕй. Адӕм загътой: «Мысыры зӕххӕй дӕ чи ракодта, мӕнӕ дӕ уыцы хуыцау, Израил!» 5 Аарон уый куы федта, уӕд уӕныджы раз сӕвӕрдта нывондхӕссӕн, ӕмӕ расидти: «Райсом Дунедарӕджы бӕрӕгбон у». 6 Дыккаг бон адӕм сыстадысты раджы, ӕрхастой иууылсудзинаг ӕмӕ фарны нывондтӕ; уый фӕстӕ бавнӕлдтой хӕрын ӕмӕ нуазынмӕ, стӕй сыстадысты ӕмӕ сарӕзтой хъазт.

Хуыцау смӕсты

7 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ӕвӕстиатӕй ныххиз дӕлӕмӕ. Мысыры зӕххӕй кӕй ракодтай, уыцы адӕм фехӕлдысты. 8 Ӕз сын цы фӕндагыл цӕуын бафӕдзӕхстон, уымӕй адзӕгъӕл сты уайтӕккӕ: сӕхицӕн сарӕзтой джиппыуагъд уӕныг, бакуывтой йӕм, ӕрхастой йын нывондтӕ ӕмӕ загътой: „Мысыры зӕххӕй дӕ чи ракодта, мӕнӕ дӕ уыцы хуыцау, Израил!“» 9 Хуыцау Моисейӕн загъта: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй ацы адӕм бынтон хивӕнд сты; 10 Уӕдӕ Мӕ ныууадз, цӕмӕй сӕм Мӕ маст рафыца, фесафон сӕ ӕмӕ дӕуӕй рауадзон ног стыр адӕм».

Моисей хаты Хуыцаумӕ

11 Фӕлӕ Моисей байдыдта хатын Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ: «Дунедарӕг, Де стыр хъаруйӕ ӕмӕ Дӕ хъомысджын цонгӕй Мысыры зӕххӕй цы адӕмы ракодтай, уыдонмӕ Дӕ маст цӕмӕн рафыхт? 12 Мысырӕгтӕ цӕмӕн хъуамӕ дзурой: „Мӕлынмӕ сӕ акодта Хуыцау, хӕхты сӕ куыд фӕцӕгъда, ӕмӕ зӕххыл сӕ кой дӕр куыд нал уа, афтӕ“. Де стыр маст бауром, батӕригъӕд кӕн Дӕ адӕмӕн! 13 Ӕрымыс Дӕ цагъартӕ Авраамы, Исаакы ӕмӕ Израилы. Ды расомы кодтай Дӕхицӕй, ӕмӕ сын загътай: „Ратдзынӕн уын ӕрвон стъалытау ӕнӕнымӕц байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ цы зӕххӕй загътон, уый сын мыггагмӕйы исбонӕн ратдзынӕн“». 14 Хуыцау аивта Йӕ фӕндон, ӕмӕ Йӕ адӕммӕ цы бӕллӕхӕй бартхъирӕн кодта, уый сыл нал ӕруагъта.

Хуыцауы тӕрхон

15 Моисей фӕзылд ӕмӕ ӕрхызти хохӕй; йӕ къухы уыдысты, фидыды ныхӕстӕ дыууӕрдыгӕй цы дыууӕ къӕйдурыл ныффыстӕуыд, уыдон; фыст сыл уыдис иуӕрдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр. 16 Къӕйдуртӕ Хуыцауӕй уыдысты, ӕмӕ сӕ фыстытӕ дӕр Хуыцауӕй лӕвӕрд уыдысты. 17 Нуны фырт Йесо фехъуыста адӕмы хъӕлӕба, ӕмӕ Моисейӕн загъта: «Асадӕнӕй хӕсты уынӕр хъуысы». 18 Фӕлӕ йын Моисей дзуапп радта: «Уый уӕлахизгӕнджыты хъӕр дӕр нӕу ӕмӕ удисӕг адӕмы хъӕрзын дӕр нӕу; мӕнмӕ хъӕлдзӕг зарӕг хъуысы». 19 Моисей асадӕнмӕ куы ӕрбаввахс, джиппыуагъд уӕныг, стӕй адӕмы кафгӕ куы федта, уӕд къӕйдуртӕ фырмӕстӕй зӕххыл ныццавта хохрӕбын ӕмӕ ныппырх сты. 20 Моисей райста, кӕй сарӕзтой, уыцы уӕныг, басыгъта йӕ арты, ӕрыссадта йӕ, ныккалдта йӕ доны ӕмӕ йӕ баназын кодта израилаг адӕмӕн. 21 Моисей Ааронӕн загъта: «Ацы адӕм дын ӕвзӕрӕй цы сарӕзтой, ӕмӕ сӕ ахӕм ӕвирхъау тӕригъӕды бафтауай?» 22 Аарон дзуапп радта: «Ме ’лдары маст ма рафыцӕд; зоныс ӕй: ацы адӕм ӕвзӕр митӕм ӕмхиц сты. 23 Загътой мын: „Сараз нын, нӕ разӕй чи ацӕудзӕн, ахӕм хуыцау. Уымӕн ӕмӕ, мах Мысыры зӕххӕй ракӕнӕг Моисейыл цы ӕрцыд, уый нӕ зонӕм“. 24 Уӕд сын ӕз загътон: „Сыгъзӕрин фӕлындӕнӕй уӕ кӕмӕ цы ис, уый йӕ рафтауӕд“. Сыгъзӕрин радтой мӕнмӕ, ӕз ӕй баппӕрстон арты, ӕмӕ дзы рауад ацы уӕныг». 25 Моисей федта: адӕм фехӕлдысты, Аарон сын сӕ рохыл не ’рхӕцыд, ӕмӕ сӕ се знӕгты раз ӕртардта худинагмӕ. 26 Моисей ӕрлӕууыд асадӕны дуары цур ӕмӕ загъта: «Дунедарӕджы чи у, уыдон рацӕуӕнт мӕнмӕ!» Ӕмӕ йӕм ӕрӕмбырд сты Левийы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр. 27 Моисей сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Алчидӕр йӕ цирхъ ӕрцауындзӕд йӕ фарсыл, ацӕут асадӕны иу дуарӕй иннӕ дуармӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр амарӕд йе ’фсымӕры, йӕ хӕлары, хионы“». 28 Левийы байзӕддаг бакодтой, Моисей сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ; ӕмӕ уыцы бон адӕмӕй фӕцагътой ӕртӕ мины бӕрц. 29 Уӕд Моисей загъта: «Алчидӕр уӕ йӕ фырты, йе ’фсымӕры ныхмӕ рацӕуынӕй йӕхицӕй скӕнӕд Хуыцауӕн кусӕг, ӕмӕ уыл абон бафтаудзӕн Йӕ арфӕтӕ».

30 Дыккаг бон Моисей адӕмӕн загъта: «Сымах бафтыдыстут стыр тӕригъӕды; уӕдӕ ӕз ссӕуон Хуыцаумӕ, кӕд мын сразы уаид уӕ тӕригъӕд уын ныббарыныл». 31 Моисей ӕрбаздӕхти Хуыцаумӕ, ӕмӕ Йын загъта: «О, ацы адӕм бӕгуыдӕр стыр тӕригъӕды бафтыдысты – сӕхицӕн сарӕзтой сыгъзӕрин хуыцау! 32 Бӕргӕ сын куы ныббарис сӕ тӕригъӕд! Кӕд нӕ, уӕд мӕ ном дӕр сис, кӕм ӕй ныффыстай, Дӕ уыцы чиныгӕй». 33 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Йӕ тӕригъӕдӕй Мӕ хъыджы чи бацыд, уыдоны нӕмттӕ сисдзынӕн Мӕ чиныгӕй. 34 Ныр та ацу, ӕмӕ уыцы адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд ацӕудзӕни дӕ разӕй. Ӕфхӕрыны рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд сӕ бафхӕрдзынӕн сӕ тӕригъӕды тыххӕй».

35 Афтӕ Дунедарӕг бафхӕрдта адӕмы, Аарон сын сӕ домӕнмӕ гӕсгӕ цы сыгъзӕрин уӕныг сарӕзта, уый тыххӕй.

33

1 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Мысырӕй цы адӕмы ракодтай, уыдонимӕ ацу ардыгӕй, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕххы тыххӕй сомы кодтон, „дӕ байзӕддагӕн дын ӕй ратдзынӕн“, зӕгъгӕ, уырдӕм. 2 Дӕ разӕй арвитдзынӕн зӕды ӕмӕ фӕтӕрдзынӕн ханаанӕгты, аморрӕгты, хеттӕгты, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты. 3 Ацӕут, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, уыцы зӕхмӕ; Мӕхӕдӕг та нӕ ацӕудзынӕн уемӕ; хивӕнд адӕм стут, ӕмӕ тӕрсын, фӕндагыл уӕ куы фӕцӕгъдон, уымӕй». 4 Адӕм уыцы карз ныхас куы фехъуыстой, уӕд тынг ӕрӕнкъард сты, ӕмӕ сӕ йӕ фӕлындӕнтӕй йӕхи ничи сфӕлыста. 5 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау загъта Моисейӕн: «Израилаг адӕмӕн зӕгъ: „Сымах хивӕнд адӕм стут. Ӕз уемӕ куы ацӕуин, уӕд уӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ фӕцӕгъдин. Ныр та рафтаут уӕ фӕлындӕнтӕ, ӕмӕ ӕркӕсон, цы уын бакӕнгӕ у, уымӕ“». 6 Ӕмӕ уым, Хоривы хохмӕ хӕстӕг, израилӕгтӕ рафтыдтой сӕ фӕлындӕнтӕ.

Фембӕлды Цатыр

7 Моисейиу Цатыр ӕрӕвӕрдта израилӕгты асадӕнӕй дӕрддзӕф, ӕмӕ йӕ хуыдта «Фембӕлды Цатыр». Хуыцауы бафӕрсыниу кӕйдӕриддӕр бафӕндыд, уыйиу рацыди фӕсцӕрӕнмӕ, Цатырмӕ. 8 Моисейиу Цатырмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕдиу адӕм сеппӕт дӕр сыстадысты; алчидӕр сӕ лӕууыд йӕ Цатырмӕ бацӕуӕны ӕмӕ, Моисей цалынмӕ Фембӕлды Цатырмӕ бахызтаид, уӕдмӕиу каст йӕ фӕдыл. 9 Моисейиу Фембӕлды Цатырмӕ куы бахызт, уӕдиу уӕлейӕ ӕрцыд ӕврагъцӕджындз, ӕрлӕууыдиу Цатырмӕ бацӕуӕны, ӕмӕиу Хуыцау дзырдта Моисейимӕ. 10 Адӕмиу ӕврагъцӕджындз куы федтой, уӕдиу сеппӕт дӕр ӕрдӕлгом сты сӕ цатырты бацӕуӕны. 11 Моисейимӕ Хуыцау дзырдта лӕгӕйлӕгмӕ, дӕ хӕларимӕ куыд ныхас кӕнай, афтӕ; Моисейиу Цатырӕй ӕрбаздӕхт асадӕнмӕ. Нуны фырт Йесо та, йе ’ххуысгӕнӕг ӕрыгон лӕппу, Цатыр никуы ныууагъта.

Моисей федта Хуыцауы намыс

12 Моисей загъта Хуыцауӕн: «Ды мын зӕгъыс: „Акӕн ацы адӕмы“; фӕлӕ мын кӕд амӕй размӕ загътай: „Ӕз зонын дӕу, ӕмӕ сдӕ Мӕ аудыны аккаг“, уӕддӕр мемӕ кӕй арвитдзынӕ, уый мын нӕ раргом кодтай. 13 Уӕдӕ кӕд ӕз Дӕ аудыны аккаг сдӕн, уӕд мын раргом кӕн Дӕ фӕнд, цӕмӕй Дӕ базонон, ӕмӕ кӕддӕриддӕр уон Дӕ хӕрзаудӕны аккаг; ӕмӕ ацы адӕм Дӕ адӕм кӕй сты, уый Дӕ рох ма уӕд». 14 Хуыцау загъта: «Мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн демӕ, ӕмӕ дын ратдзынӕн удӕнцой». 15 Моисей Йын загъта: «Кӕд Дӕхӕдӕг нӕ ацӕудзынӕ немӕ, уӕд нӕ ардыгӕй ма акӕн. 16 Ӕз ӕмӕ Дӕ адӕм Дӕ аудыны аккаг кӕй систӕм, уый цӕмӕй базындӕуа? Ды Дӕхӕдӕг немӕ куы ацӕуай, уӕд уымӕй! Ӕз ӕмӕ Дӕ адӕм ӕрмӕст афтӕмӕй хицӕн кӕндзыстӕм, зӕххыл цы адӕмтӕ цӕры, уыдонӕн сеппӕтӕй дӕр». 17 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ды цӕй тыххӕй дзырдтай, Ӕз уый дӕр сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды сдӕ Мӕ аудыны аккаг, ӕмӕ дӕ хорз зонын». 18 Моисей загъта: «Фенын мын кӕн Дӕ кад». 19 Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ, ӕмӕ дӕ рӕзты ацӕудзӕни Ме ’ппӕт кад; Мӕ ном – Дунедарӕг – Ӕз расиддзынӕн дӕ разы. Мӕн Мӕ уарзт равдисын кӕмӕ бафӕнда, уымӕ йӕ равдисдзынӕн; кӕмӕн батӕригъӕд кӕнын Мӕ бафӕнда, уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн». 20 Хуыцау ноджыдӕр загъта: «Мӕ цӕсгом фенын дӕ бон нӕу; уымӕн ӕмӕ адӕймаг Мӕн куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн». 21 Хуыцау загъта: «Ӕз дын амонын бынат: слӕуу ацы къӕдзӕхыл, 22 Ӕмӕ Мӕ кад куы рацӕуа, уӕд дӕ нывӕрдзынӕн къӕдзӕхы скъуыды, ӕмӕ дӕ Мӕ къухӕй бамбӕрздзынӕн, цалынмӕ дӕ рӕзты цӕуон, уӕдмӕ. 23 Мӕ къух куы айсон, уӕд Мӕ фендзынӕ чъылдымырдыгӕй, Мӕ цӕсгом та нӕ фендзынӕ».

34

Ног къӕйдуртӕ

1 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ныллӕгъз кӕн дӕхицӕн дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты хуызӕн куыд уой, афтӕ. Ӕмӕ сыл Ӕз ныффысдзынӕн, ды цы къӕйдуртӕ асастай, уыдоныл цы фыст уыди, уый. 2 Ӕрбабонмӕ у цӕттӕ; сӕумӕйӕ схиз Синайы хохмӕ, ӕмӕ хохы сӕрыл ӕрлӕуу Мӕ разы. 3 Демӕ мачи ссӕуӕд, ӕппӕт хохыл цъиузмӕлӕг дӕр ма уӕд; суанг фысвос ӕмӕ стуртӕ дӕр хохмӕ хӕстӕг ма хизӕнт». 4 Моисей ныллӕгъз кодта дыууӕ къӕйдуры – фыццаг къӕйдурты хуызӕттӕ; сыстад сӕумӕйӕ ӕмӕ ссыди Синайы хохмӕ, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Йемӕ схаста йӕ дыууӕ къӕйдуры.

Хуыцау фӕдзӕхсы Йӕ адӕмӕн

5 Хуыцау ӕрцыд ӕврагъы, ӕрлӕууыд Моисеймӕ хӕстӕг ӕмӕ расидт Йӕ ном – Дунедарӕджы ном. 6 Хуыцау ацыди Моисейы рӕзты ӕмӕ расидт: «Дунедарӕг, Дунедарӕг, тӕригъӕдгӕнаг, рӕдаузӕрдӕ ӕмӕ бирӕбыхсон Хуыцау; Йӕ уарзт ӕмӕ Йӕ рӕстадӕн кӕрон нӕй. 7 Хӕрзаудӕн кӕны мингай фӕлтӕртыл, хатыр кӕны азым, фыдракӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕд. Фӕлӕ азымджыны растыл нӕ нымайы, фыдӕлты тӕригъӕды тыххӕй ӕфхӕры цоты ӕмӕ сӕ байзӕддаджы ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕрмӕ». 8 Моисей уайтӕккӕ ныллӕг акуывта, ӕрдӕлгом зӕххыл, 9 Ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг, кӕд Дӕ аудыны аккаг сдӕн, уӕд Дунедарӕг Йӕхӕдӕг рацӕуӕд немӕ; ацы адӕм хивӕнд сты, фӕлӕ нын ныххатыр кӕн нӕ азым, нӕ тӕригъӕд, ӕмӕ нӕ скӕн Дӕ адӕм». 10 Хуыцау загъта: «Мӕнӕ Ӕз уемӕ аразын фидыд: ӕппӕт адӕмы раз Ӕз сараздзынӕн, ӕппӕт зӕххыл иу адӕмӕн дӕр кӕй нӕ сарӕзтӕуыд, ахӕм диссӕгтӕ. Ӕмӕ демӕ цы адӕм ис, уыдон иууылдӕр фендзысты Хуыцауы хъуыддаг; Ӕз дӕ фӕрцы цы саразон, уый сыл бафтаудзӕни Хуыцауы тас. 11 Ӕз уын абон цы фӕдзӕхсын, уый сӕххӕст кӕнут: Ӕз уӕ цурӕй лидзӕг кӕндзынӕн аморрӕгты, ханаанӕгты, хеттӕгы, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты. 12 Уӕхи бахизут, кӕдӕм бацӕудзыстут, уыцы зӕххы цӕрджытимӕ цӕдис саразынӕй, науӕд сӕ къӕппӕджы бахаудзыстут. 13 Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын ныппырх кӕнут, кӕм фӕкувынц, сӕ уыцы дуртӕ ӕмӕ цӕджындзтӕ сын афӕлдахут. 14 Кувут Дунедарӕгмӕ – ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кувут; ӕндӕр хуыцӕуттӕм куват, уый Дунедарӕг нӕ уарзы; нӕ бабыхсдзӕн. Йӕ ӕрдзыхъӕд ахӕм у. 15 Уыцы зӕххы цӕрджытимӕ цӕдис ма саразут; уымӕн ӕмӕ сӕ хуыцӕутты сӕраппонд сӕхи куы ӕлгъаг кӕной ӕмӕ сӕ хуыцӕуттӕн нывондтӕ куы хӕссой, уӕд уӕ ма фӕхоной ӕмӕ сӕ нывондтӕй ма фӕхъӕстӕ уат. 16 Уӕ лӕппутӕн сӕ чызджыты ма курут, науӕд сӕ чызджытӕ сӕ хуыцӕутты сӕраппонд сӕхи куы ӕлгъаг кӕной, уӕд уын уӕ лӕппуты дӕр фехалдзысты. 17 Джиппыуагъд хуыцӕуттӕ ма аразут уӕхицӕн.

Бӕрӕгбонты ӕмӕ сабаты тыххӕй

18 Бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бон. Ӕз уын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ Авивы мӕйы бӕлвырд рӕстӕг авд боны хӕрут донгонд дзул. Уымӕн ӕмӕ Мысырӕй Авивы мӕйы рацыдыстут. 19 Мадӕй райгуырӕг алы фыццаг фырт дӕр Мӕн у; афтӕ фыццагзад фос дӕр – родӕй уӕрыччы онг – Мӕн сты. 20 Хӕрӕджы фыццаг къӕлӕуы баив уӕрыккӕй. Кӕд ӕй нӕ баивай, уӕд ын йӕ бӕрзӕй асӕтт. Уӕ алы фыццаг лӕппуйы дӕр балхӕнут Мӕнӕй. Мӕ размӕ афтидармӕй мачи цӕуӕд. 21 Ӕхсӕз боны кусут, ӕвдӕм бон та уӕ фӕллад уадзут. Хуым кӕныны ӕмӕ хуымгӕрдӕнты афон куы уа, уӕд дӕр сабаты мацы кусут. 22 Мӕнӕу кӕрдын куы райдайат, уӕд бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон+ 34:22 Къуыриты бӕрӕгбон – фӕндзайӕм бон Куадзӕны фӕстӕ (авд къуырийы фӕстӕ).. Аз зымӕджырдӕм куы акъул уа, уӕд та бӕрӕг кӕнут Дыргътӕ тоныны бӕрӕгбон. 23 Уеппӕт нӕлгоймӕгтӕ афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, раз. 24 Уымӕн ӕмӕ Ӕз фӕтӕрдзынӕн адӕмты, фӕуӕрӕхдӕр уын кӕндзынӕн уӕ арӕнтӕ, ӕмӕ уын уӕ зӕхмӕ йӕ ныфс ничи бахӕсдзӕн, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, размӕ афӕдз ӕртӕ хатты куы цӕуат, уӕд. 25 Нывонд Мын куы хӕссат, уӕд ӕй ӕнхъызт хойрагимӕ ма ӕрхӕссут. Куадзӕны нывонды дзидзайӕ ӕрбабонмӕ хъуамӕ ма баззайа. 26 Уӕ зӕххы фыццаг тыллӕгӕн йӕ тӕккӕ хуыздӕр ӕрхӕссут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕныччы ма фыц йӕ мады ӕхсыры».

27 Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ӕз дын цыдӕриддӕр загътон, уый ныффысс, уымӕн ӕмӕ Мӕ фидыд демӕ ӕмӕ Израилимӕ уыцы ныхӕстӕй у».

28 Моисей Хуыцаумӕ фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы, хӕргӕ дӕр нӕ бакодта ӕмӕ дон дӕр нӕ банызта. Ӕмӕ къӕйдуртыл ныффыста фидыды (дӕс фӕдзӕхсты) дзырдтӕ.

Моисейы цӕсгомы рухс

29 Моисей Синайы хохӕй фидыды дыууӕ къӕйдуримӕ куы ӕрцӕйцыд, уӕд нӕ зыдта, Хуыцау йемӕ кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ цӕсгом тӕмӕнтӕ кӕй калы, уый. 30 Моисейы цӕсгом тӕмӕнтӕ кӕй калы, уый Аарон ӕмӕ израилаг адӕм куы федтой, уӕд ӕм бацӕуын нал уӕндыдысты. 31 Фӕлӕ сӕм Моисей куы басидт, уӕд ӕм ӕрбацыдысты Аарон ӕмӕ адӕмы ӕппӕт хистӕртӕ; ӕмӕ Моисей ныхас кодта семӕ. 32 Уый фӕстӕ ӕппӕт израилаг адӕм ӕрбацыдысты Моисеймӕ, ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, Синайы хохыл ын Хуыцау цы дзырдта, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. 33 Моисей семӕ йӕ ныхас куы фӕци, уӕд йӕ цӕсгомыл ӕруагъта ӕмбӕрзӕн. 34 Моисейиу Хуыцауимӕ дзурынмӕ куы цыд, уӕдиу йӕ цӕсгомӕй ӕмбӕрзӕн систа, цалынмӕиу рацыд, уӕдмӕ. Куыиу рацыд, уӕдиу израилаг адӕмӕн радзырдта, Хуыцау ын цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ. 35 Моисейы цӕсгом тӕмӕн кӕй калы, уый израилаг адӕм иууылдӕр уыдтой, ӕмӕиу Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, цалынмӕиу Дунедарӕгимӕ дзурынмӕ цыди, уӕдмӕ.

35

Ноджыдӕр сабаты тыххӕй

1 Моисей ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт израилаг адӕмы, ӕмӕ сын загъта: «Хуыцау уын мӕнӕ афтӕ бафӕдзӕхста: „2 Ӕхсӕз боны аразут уӕ хъуыддӕгтӕ, ӕвдӕм бон та уын сыгъдӕг хъуамӕ уа – Дунедарӕгӕн нывонд ӕнцойбон. Уыцы бон чидӕриддӕр куса, уый амарут. 3 Сабаты уӕ цӕрӕнуӕтты арт ма скӕнут“».

Адӕмы лӕвӕрттӕ Дунедарӕгӕн

4 Моисей ӕппӕт израилаг адӕмӕн загъта: «Хуыцау уын мӕнӕ афтӕ бафӕдзӕхста: „5 Уӕ номыл ӕрхӕссут лӕвӕрттӕ Хуыцауӕн; рӕдаузӕрдӕ чи у, уыдонӕй алчидӕр уӕ Хуыцауӕн лӕвар ӕрхӕссӕд: сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, 6 Ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕ, виссон, тинтычъи, 7 Сырх фысдзӕрмттӕ, тӕнӕг сӕрӕктӕ ӕмӕ акъаци, 8 Зети рухсгӕнӕнӕн, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ сӕрдӕн зетийӕн ӕмӕ будӕн, 9 Оникс дуртӕ, дуртӕ ефодӕн ӕмӕ риуылдарӕн хызынӕн йӕ фӕлгӕтты бавӕрынӕн. 10 Хӕрзарӕхст чидӕриддӕр у, уый ӕрцӕуӕд ӕмӕ саразӕд, Дунедарӕг цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ: 11 Цатыр ӕмӕ йӕ сӕр ӕддаг ӕмбӕрзӕнимӕ, йӕ къӕпсыртӕ, цыппӕрдигъон цӕджындзтӕ, хъилтӕ, тымбыл цӕджындзтӕ ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ; 12 Фидыды Чырын, йӕ хъилтӕ, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ бацӕуӕны ӕмбӕрзӕн, 13 Фынг, йӕ хъилтӕ ӕмӕ йеппӕт дзаумӕттӕ, нывондаг дзултӕ; 14 Рухсгӕнӕн йеппӕт дзаумӕттимӕ, цырӕгътӕ ӕмӕ зети рухсгӕнӕнӕн; 15 Будсудзӕн нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ хъилтӕ, сӕрдӕн зети, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ будӕн, ӕмбӕрзӕн Цатырмӕ бацӕуӕнӕн; 16 Иууылсудзинаг нывондты нывондхӕссӕн ӕмӕ йын ӕрхуы хыз, йӕ хъилтӕ, йеппӕт дзаумӕттӕ, хихсӕн ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн; 17 Ӕмбӕрзӕнтӕ кӕртӕн, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ сӕ бынӕвӕрӕнтӕ, ӕмбӕрзӕн кӕртмӕ бацӕуӕнӕн; 18 Цатырӕн ӕмӕ кӕртӕн михтӕ ӕмӕ сӕ бӕттӕнтӕ; 19 Иударон ӕмӕ сӕрмагонд дарӕс кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн, ӕмӕ сыгъдӕг дарӕс сауджын Ааронӕн, ӕмӕ дарӕс йӕ фырттӕн Цатыры лӕггад кӕнынӕн“».

20 Израилаг ӕппӕт адӕм ацыдысты Моисейы цурӕй. 21 Кӕй зӕрдӕ загъта, уыдон цыдысты ӕмӕ Хуыцауӕн хастой лӕвӕрттӕ Фембӕлды Цатыры арӕзтадӕн, Хуыцауӕн дзы балӕггад кӕнынӕн ӕмӕ сӕрмагонд дарӕсӕн. 22 Цыдысты лӕгтӕ сӕ устытимӕ; кӕй зӕрдӕ загъта, уыдон хастой хъуырӕгънӕгтӕ, хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ, фӕрдгуытӕ, алыхуызон сыгъзӕрин дзаумӕттӕ; Дунедарӕгӕн лӕвар ӕрхӕссын кӕйдӕриддӕр фӕндыд, уыдон хастой сыгъзӕрин дзаумӕттӕ. 23 Ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕ, виссон, тинтычъи, сырх фысдзӕрмттӕ ӕмӕ тӕнӕг сӕрӕктӕ хастой Дунедарӕгӕн лӕварӕн. 24 Кӕй фӕндыд, уыдон Дунедарӕгӕн лӕварӕн хастой ӕвзист кӕнӕ ӕрхуы. Акъацийӕ хъӕдӕрмӕг кӕмӕдӕриддӕр уыди, уый йӕ хаста, цӕмӕн сбӕзза, уымӕн. 25 Ӕлвисынмӕ чи арӕхст, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕлвыстой ӕмӕ хастой ӕрвхуыз, сырх, сӕнтсырх ӕндӕхтӕ ӕмӕ виссон. 26 Кӕй зӕрдӕ загъта ӕмӕ ӕлвисынмӕ чи арӕхст, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕлвыстой тинтычъи. 27 Ӕлдӕрттӕ та хастой оникс дуртӕ ӕмӕ дуртӕ ефоды ӕмӕ риуылдарӕн хызыны фӕлгӕтты бавӕрынӕн, 28 Зети рухсгӕнӕнӕн, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ сӕрдӕн зетийӕн ӕмӕ будӕн. 29 Кӕй зӕрдӕ загъта, уыцы израилаг адӕм – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ – Дунедарӕгӕн барвӕндонӕй хастой лӕвӕрттӕ, Хуыцау Моисейы разамындӕй цы куыстытӕ бакӕнын бафӕдзӕхста, уыдонӕн.

30 Моисей израилаг адӕмӕн загъта: «Дунедарӕг Иудайы мыггагӕй сӕвзӕрста Уриайы фырты Веселиилы – Оры фыртыфырты, 31 Ӕмӕ йӕ схайджын кодта Хуыцауы Удӕй, зондӕй, ӕмбарынадӕй, зонынадӕй ӕмӕ курдиатӕй 32 Нывӕфтыд хъуымӕцтӕ уафынмӕ, сыгъзӕринӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ ӕрхуыйӕ алы дзаумӕттӕ аразынмӕ, 33 Дуртӕ фӕлгӕтты бавӕрынмӕ, дуртыл фыссынмӕ, хъӕдыл нывӕфтауынмӕ – алы куыстмӕ дӕр дӕсны куыд уа, афтӕ. 34 Хуыцау уымӕн, стӕйма Даны мыггагӕй Ахисамахы фырт Аголиавӕн дӕр радта иннӕты ахуыр кӕныны зонд. 35 Радта сын арӕхстдзинад дурыл фыссынмӕ, нывӕфтыд ӕмӕ хуымӕтӕг хъуымӕцтӕ уафынмӕ, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссоныл нывӕфтыдтӕ бийынмӕ – радта сын зонд алы куыстмӕ дӕр, стыр курдиат чи домы, ахӕм дзаумӕттӕ аразынмӕ».

36

Арӕзтад райдыдта

1 Моисей дарддӕр загъта: «Веселиил, Аголиав, стӕй ма Хуыцау зонд ӕмӕ арӕхстдзинад кӕмӕн радта, уыцы хӕрзарӕхст адӕймӕгтӕ алы куыст дӕр кӕндзысты кувӕндоны, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».

2 Моисей басидти Веселиилмӕ, Аголиавмӕ, Дунедарӕг арӕхстдзинад кӕмӕн радта, Фембӕлды Цатыр аразыны куыстмӕ райгонд ӕппӕт уыцы адӕймӕгтӕм. 3 Ӕмӕ уыдон Моисейӕ райстой, израилаг адӕм кувӕндон аразынӕн цыдӕриддӕр ӕрхастой, уыдӕттӕ. Уымӕй уӕлдай ма адӕм ӕрвылрайсом Моисеймӕ барвӕндонӕй хастой ӕмӕ хастой лӕвӕрттӕ.

4 Кувӕндоны ӕппӕт куыстытӕ цы зӕрдӕргъӕвд адӕймӕгтӕ кодтой, уыдонӕй алчидӕр ныууагъта йӕ куыст, ӕрцыдысты Моисеймӕ 5 Ӕмӕ йын загътой: «Дунедарӕг цы куыстытӕ бафӕдзӕхста, уыдонӕн цас хъӕуы, адӕм уымӕй фылдӕр хӕссынц». 6 Уӕд Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ сӕ асадӕны фехъусын кодтой, цӕмӕй нӕдӕр нӕлгоймӕгтӕ, нӕдӕр сылгоймӕгтӕ кувӕндон аразынӕн мацыуал хӕссой. Ӕмӕ адӕм ницыуал хастой. 7 Адӕм цы ӕрмӕджытӕ ӕрхастой, уыдон фаг уыдысты ӕппӕт куыстытӕн, суанг ма дзы уӕлдай дӕр баззад.

8 Куыстытӕ цы дӕсны адӕймӕгтӕ кодтой, уыдон Цатырӕн сарӕзтой дӕс ӕмбӕрзӕны уӕздан виссонӕй ӕмӕ ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй; ӕмбӕрзӕнтыл бауафтой херувимтӕ. 9 Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ уыд аст ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – цыппар ӕлмӕрины. Афтӕмӕй ӕмбӕрзӕнтӕ иууылдӕр уыдысты ӕмиас. 10 Фондз ӕмбӕрзӕны бахуыдтой, иннӕ фондз ӕмбӕрзӕны дӕр бахуыдтой иу иннӕимӕ. 11 Ӕмбӕрзӕнтӕй иуӕн йӕ кӕроныл, иннӕ ӕмбӕрзӕнимӕ кӕм иу кӕны, уым, сарӕзтой ӕрвхуыз сӕхтӕджытӕ; ахӕм сӕхтӕджытӕ сарӕзтой иннӕ ӕмбӕрзӕны кӕроныл дӕр, фыццаг ӕмбӕрзӕнимӕ йӕ куыд баиу кӕной, афтӕ. 12 Ӕмбӕрзӕнтӕй иуӕн йӕ кӕроныл сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы, иннӕ ӕмбӕрзӕны кӕроныл дӕр сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы, сӕхтӕджытӕ уыдысты кӕрӕдзи акомкоммӕ. 13 Сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сыгъзӕрин къӕпсыры, иу ӕмбӕрзӕн иннӕимӕ баиу кодтой къӕпсыртӕй, ӕмӕ Цатыр сси ӕмхӕст.

14 Цатыры сӕр бамбӕрзынӕн тинтычъийӕ бауафтой ӕмбӕрзӕнтӕ. Ӕдӕппӕт бауафтой иуӕндӕс ӕмбӕрзӕны. 15 Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ уыди дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – цыппар ӕлмӕрины. Иуӕндӕс ӕмбӕрзӕны дӕр уыдысты ӕмиас. 16 Фондз ӕмбӕрзӕны бахуыдтой иу иннӕимӕ, иннӕ ӕхсӕз ӕмбӕрзӕны дӕр бахуыдтой иу иннӕимӕ. 17 Кӕройнаг ӕмбӕрзӕн иннӕимӕ кӕм иу кӕны, йӕ уыцы фарсыл ын сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы. Иннӕ ӕмбӕрзӕнимӕ цы ӕмбӕрзӕн иу кодта, уымӕн дӕр йӕ кӕроныл сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы. 18 Цатыры сӕр баиу кӕнынӕн сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссдз ӕрхуы къӕпсыры, ӕппӕт ӕмбӕрзӕнтӕй иу ӕмхӕст ӕмбӕрзӕн куыд рауайа, афтӕ. 19 Цатыры сӕрӕн йӕ ӕддаг цъар сарӕзтой сырх фысдзӕрмттӕй, уый ӕддӕты та – ӕндӕр цъар тӕнӕг сӕрӕктӕй.

20 Цатырӕн фидар акъацийӕ сарӕзтой цыппӕрдигъон цӕджындзтӕ. 21 Цӕджындзтӕ дыгӕйттӕй бафидар кодтой кӕрӕдзимӕ, сӕ бӕрзӕнд уыди дӕс ӕлмӕрины, се ’хсӕн – фӕйнӕ ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 22 Алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр сарӕзтой фӕйнӕ дыууӕ къӕпсыры – иу иннӕйы акомкоммӕ. 23 Цатыры хуссар фарсӕн ахӕм цӕджындзтӕ сарӕзтой дыууиссӕдз. 24 Дыууиссӕдз цӕджындзӕн сарӕзтой дыууиссӕдз ӕвзист бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр фӕйнӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны. 25 Цатыры иннӕ фарсӕн, цӕгат фарсӕн, сарӕзтой дыууиссӕдз цӕджындзы 26 Дыууиссӕдз ӕвзист бынӕвӕрӕнимӕ: алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр дыууӕ бынӕвӕрӕны. 27 Цатыры фӕстаг фарсӕн, ныгуылӕн фарсӕн, сарӕзтой дыууадӕс цӕджындзы. 28 Цыппар цӕджындзы та сарӕзтой Цатыры фӕстаг фарсы къуымтӕн. 29 Уыцы цӕджындзтӕ уыдысты саджил, уӕлейӕ, цӕг кӕм ис, уым та – ӕмхӕст. Афтӕ бакодтой къуымты ӕвӕрд дыууӕ цӕджындзӕн дӕр. 30 Цӕджындзтӕ ӕдӕппӕт уыдысты аст, се ’взист бынӕвӕрӕнтӕ дӕр – ӕхсӕрдӕс: алы цӕджындзӕн дӕр дыууӕ бынӕвӕрӕны.

31 Цатыры иу фарсы цӕджындзтӕ кӕрӕдзийыл сбӕттынӕн акъацийӕ сарӕзтой фондз рагъыхъӕды, 32 Цатыры иннӕ фарсы цӕджындзтӕ кӕрӕдзийыл сбӕттынӕн дӕр – фондз рагъыхъӕды, ӕмӕ фондз рагъыхъӕды – Цатыры хуссар фарсы цӕджындзтӕн. 33 Сарӕзтой мидӕггаг рагъыхъӕд; уый хъуамӕ ацыдаид цӕджындзты хӕдастӕуты – иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ. 34 Цӕджындзтӕ стылдтой сыгъзӕриндоны; хъилтӕ кӕм хъуамӕ атъыстаиккой, уыцы цӕгтӕ дӕр сарӕзтой сыгъзӕринӕй, хъилтӕ та стылдтой сыгъзӕриндоны.

35 Ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй сарӕзтой ӕмбӕрзӕн, ӕмӕ йыл бауафтой херувимтӕ. 36 Ӕмбӕрзӕнӕн акъацийӕ сарӕзтой цыппар цӕджындзы сыгъзӕрин къӕпсыртимӕ, цӕджындзтӕ та стылдтой сыгъзӕриндоны, ӕмӕ сын джиппы рауагътой цыппар ӕвзист бынӕвӕрӕны. 37 Цатырмӕ бацӕуӕныл ӕрцауындзынӕн нывӕфтыдтимӕ ӕмбӕрзӕн бауафтой ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй. 38 Ӕмбӕрзӕнӕн ма сарӕзтой фондз цӕджындзы къӕпсыртимӕ; сӕ сӕртӕ ӕмӕ сын сӕ тӕлытӕ стылдтой сыгъзӕриндоны, ӕмӕ сын сарӕзтой фондз бынӕвӕрӕны ӕвзистӕй.

37

Фидыды Чырын сарӕзтӕуыд

1 Веселиил акъацийӕ сарӕзта фидыды Чырын; йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ бӕрзӕнд – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 2 Мидӕгӕй ӕмӕ йӕ ӕддейӕ стылдта сыгъдӕг сыгъзӕриндоны, йӕ кӕрӕттӕ йын сарӕзта сыгъзӕринӕй. 3 Чырыны бинаг цыппар къуымӕн джиппы рауагъта цыппар сыгъзӕрин цӕджы: дыууӕ цӕджы йӕ иу фарсӕн ӕмӕ дыууӕ цӕджы йӕ иннӕ фарсӕн. 4 Акъацийӕ сарӕзта хъилтӕ ӕмӕ сӕ стылдта сыгъзӕриндоны. 5 Чырыны дыууӕ фарсыл цӕгты атъыста хъилтӕ, уыдоныл ӕй куыд хастаиккой, афтӕ. 6 Сарӕзта йын сӕр сыгъдӕг сыгъзӕринӕй; йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 7 Сарӕзта ма дыууӕ херувимы сыгъзӕринӕй; зӕрингуырд куыд аразы, афтӕ сӕ сарӕзта фидыды Чырыны сӕры дыууӕ кӕроныл. 8 Иу херувим – иуӕрдыгӕй, иннӕ херувим – иннӕрдыгӕй; дыууӕ кӕроныл дӕр херувимты сарӕзта ӕддӕмӕ къуыппӕй. 9 Херувимтӕ стӕхынӕввонг айтыгътой сӕ базыртӕ, ӕмӕ Чырыны ӕмбӕрзӕн фӕци сӕ базырты аууон. Херувимты цӕсгӕмттӕ здӕхт уыдысты сӕ кӕрӕдзимӕ ӕмӕ Чырыны сӕрмӕ.

Фынг дзултӕн

10 Веселиил акъацийӕ сарӕзта фынг; йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 11 Стылдта йӕ сыгъдӕг сыгъзӕриндоны, йӕ кӕрӕттӕ йын ӕгасӕй дӕр сарӕзта сыгъзӕринӕй. 12 Ноджы ма йын йӕ алыварс сарӕзта армы фӕтӕнӕн фӕлгӕт, йӕ кӕрӕттӕ – сыгъзӕринӕй. 13 Фынгӕн джиппы рауагъта цыппар сыгъзӕрин цӕджы, ӕмӕ уыцы цӕгтӕ бафидар кодта цыппар къуымы – фынджы цыппар къахы сӕрмӕ. 14 Фынг хӕссынӕн фӕлгӕтыл уыди цӕгтӕ хъилтӕ сӕ атъыссынӕн. 15 Фынг хӕссынӕн акъацийӕ сарӕзта хъилтӕ, ӕмӕ сӕ стылдта сыгъзӕриндоны. 16 Уый фӕстӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сарӕзта фынджы ӕппӕт дзаумӕттӕ: тӕбӕгътӕ, чысыл къустӕ, дурынтӕ ӕмӕ кӕхцытӕ сӕнӕн.

Сыгъзӕрин рухсгӕнӕн срӕвдз

17 Зӕрингуырд куыд аразы, афтӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сарӕзта рухсгӕнӕн; йӕ зӕнг, йӕ къалиутӕ, дидинхуыз фӕлындӕнтӕ, дидинӕджы къуырфытӕ ӕмӕ дидинсыфтӕ уыдысты ӕмхӕст. 18 Йӕ фӕрстыл уыди ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы – йӕ иу фарсыл, ӕртӕ къалиуы – йӕ иннӕ фарсыл. 19 Иу къалиуыл уыди ӕртӕ фӕлындӕны – миндалы дидинджыты хуызӕттӕ, дидинӕджы къуырф ӕмӕ дидинсыфтӕ; миндалы дидинджыты хуызӕн ӕртӕ фӕлындӕны – иннӕ къалиуыл. Афтӕ фӕлыст уыдысты рухсгӕнӕнимӕ ӕмхӕст ӕхсӕз къалиуы дӕр. 20 Рухсгӕнӕны зӕнгыл уыди миндалы дидинджыты хуызӕн цыппар фӕлындӕны дидинӕджы къуырфытимӕ ӕмӕ дидинсыфтимӕ. 21 Рухсгӕнӕныл цы ӕхсӕз къалиуы уыди, уыдонӕй фыццаг дыууӕ къалиуы бынмӕ – дидинӕджы къуырф, дидинӕджы къуырф – иннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ, дидинӕджы хъӕбыс – аннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ. Афтӕ фӕлыст уыдысты рухсгӕнӕны ӕхсӕз къалиуы дӕр. 22 Дидинджытӕ ӕмӕ къалиутӕ рухсгӕнӕнимӕ уыдысты ӕмхӕст; рухсгӕнӕн дӕр арӕзт уыди сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, ӕмхӕстӕй. 23 Веселиил ын сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сарӕзта авд цырагъы, ӕртыскӕнтӕ ӕмӕ ӕртхутӕгдонтӕ. 24 Рухсгӕнӕныл ӕмӕ йеппӕт мигӕнӕнтыл Веселиил бахардз кодта сыгъдӕг сыгъзӕрины киккар.

Будсудзӕн

25 Веселиил акъацийӕ сарӕзта цыппӕрдигъон будсудзӕн; йӕ дӕргъ – иу ӕлмӕрин, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд – дыууӕ ӕлмӕрины; йӕ сыкъатӕ йемӕ уыдысты ӕмхӕст. 26 Ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр стылдта сыгъзӕриндоны: йӕ сӕр, йеппӕт къултӕ ӕмӕ йӕ сыкъатӕ; йӕ алыварс ын сарӕзта сыгъзӕрин фӕлгӕт. 27 Фӕлгӕты бын ын дыууӕ къуымы сарӕзта дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы; уыдон уыдысты будсудзӕнӕн дыууӕрдыгӕй хъилтӕ сӕ атъыссынӕн ӕмӕ йӕ хӕссынӕн. 28 Хъилтӕ сарӕзта акъацийӕ ӕмӕ сӕ стылдта сыгъзӕриндоны. 29 Уый фӕстӕ сарӕзта сыгъдӕг зети сӕрдынӕн ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ буд судзынӕн; сарӕзта сӕ, хӕрздӕфгӕнӕнты дӕсны куыд аразы, афтӕ.

38

Нывондхӕссӕн нывондтӕ судзынӕн

1 Веселиил акъацийӕ сарӕзта цыппӕрдигъон нывондхӕссӕн иууылсудзинаг нывондтӕ судзынӕн; йӕ дӕргъ – фондз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – фондз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд – ӕртӕ ӕлмӕрины. 2 Йӕ цыппар тигъыл ын сарӕзта йемӕ ӕмхӕст сыкъатӕ, ӕмӕ йӕ стылдта ӕрхуыдоны. 3 Нывондхӕссӕнӕн сарӕзта ӕппӕт мигӕнӕнтӕ: хъуыраутӕ, белтӕ, куыситӕ, фыдисӕнтӕ ӕмӕ чысыл къоппытӕ ӕвзалыйӕн. Мигӕнӕнтӕ иууылдӕр сарӕзта ӕрхуыйӕ. 4 Нывондхӕссӕнӕн сарӕзта хыз ӕрхуыйӕ – фӕлгӕты бынмӕ; хыз уыди нывондхӕссӕны хӕдастӕу. 5 Ӕрхуы хызы цыппар тигъыл сарӕзта цыппар цӕджы хъилтӕ сӕ атъыссынӕн. 6 Сарӕзта хъилтӕ акъацийӕ ӕмӕ сӕ стылдта ӕрхуыдоны. 7 Нывондхӕссӕны фӕрстыл цӕгты атъыста хъилтӕ, уыдоныл ӕй куыд хӕссой, афтӕ. Сарӕзта йӕ фӕйнӕгӕй, мидӕгӕй уыди афтид.

8 Веселиил сарӕзта хихсӕн; йӕ бынӕвӕрӕн та йын сарӕзта Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгты ӕрхуы айдӕнтӕй.

Кӕрт срӕвдз

9 Уый фӕстӕ сарӕзта кӕрт. Йӕ хуссарварсы ӕмбӕрзӕнтӕ уыдысты виссонӕй, сӕ уӕрх – фондзыссӕдз ӕлмӕрины. 10 Сарӕзта сын ссӕдз цӕджындзы ссӕдз ӕрхуы бынӕвӕрӕнимӕ. Цӕджындзты къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ уыдысты ӕвзистӕй. 11 Цӕгатварсы ӕмбӕрзӕнтӕн дӕр сӕ уӕрх уыди фондзыссӕдз ӕлмӕрины. Сарӕзта сын ссӕдз цӕджындзы ссӕдз ӕрхуы бынӕвӕрӕнимӕ. Цӕджындзты къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ уыдысты ӕвзистӕй. 12 Ныгуылӕнырдыгӕй ӕмбӕрзӕнтӕн сӕ уӕрх уыди дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. Сарӕзта сын дӕс цӕджындзы дӕс бынӕвӕрӕнимӕ. Цӕджындзты къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ уыдысты ӕвзистӕй. 13 Цатыры скӕсӕнварсы ӕмбӕрзӕнтӕн сӕ уӕрх уыди дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. 14 Кӕртмӕ бацӕуӕнӕй иу къуыммӕ ӕмбӕрзӕнты уӕрх уыди фынддӕс ӕлмӕрины. Сарӕзта сын ӕртӕ цӕджындзы ӕртӕ бынӕвӕрӕнимӕ. 15 Кӕртмӕ бацӕуӕнӕй иннӕ къуыммӕ ӕмбӕрзӕнты уӕрх уыди фынддӕс ӕлмӕрины; сарӕзта сын ӕртӕ цӕджындзы ӕртӕ бынӕвӕрӕнимӕ. 16 Кӕрты алыварс ӕппӕт ӕмбӕрзӕнтӕ дӕр уыдысты виссонӕй. 17 Цӕджындзты бынӕвӕрӕнтӕ уыдысты ӕрхуыйӕ, сӕ къӕпсыртӕ ӕмӕ сӕ тӕлытӕ – ӕвзистӕй; цӕджындзты сӕртӕ – ӕвзистдоны тылд. Кӕрты ӕппӕт цӕджындзтӕ ӕлвӕст уыдысты ӕвзист тӕлытӕй.

Кӕрты кулдуар

18 Кӕрты кулдуар арӕзт ӕрцыди нывӕфтыдтимӕ ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй. Ӕмбӕрзӕнӕн йӕ уӕрх уыди ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд – фондз ӕлмӕрины, кӕрты ӕмбӕрзӕнты бӕрзӕндӕн. 19 Ӕмбӕрзӕнӕн сарӕзтой цыппар цӕджындзы ӕмӕ цыппар ӕрхуы бынӕвӕрӕны; сӕ къӕпсыртӕ – ӕвзистӕй. Сӕ сӕртӕ уыдысты ӕвзистдоны тылд, сӕ тӕлытӕ дӕр – ӕвзистӕй. 20 Цатыры ӕмӕ йӕ кӕрты ӕппӕт михтӕ дӕр уыдысты ӕрхуыйӕ.

Цас ӕрмӕг бахардз

21 Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Цатырыл хӕрдзтӕн сауджын Аароны фырт Ифамары разамындӕй левиттӕ сарӕзтой мӕнӕ уыцы номхыгъд. 22 Моисейӕн Хуыцау цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ Иудайы мыггагӕй сарӕзта Уриайы фырт, Оры фыртыфырт. 23 Веселиилимӕ Даны мыггагӕй уыдысты Ахисамахы фырт Аголиав – дурыл сартӕй фыссӕг ӕмӕ дӕсны хъуымацуафӕг, ӕрвхуыз, сырх, сӕнтсырх ӕндӕхтӕй виссоныл нывтӕ бийӕг. 24 Цатыр саразыныл бахардз, адӕм Хуыцауӕн нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы сыгъзӕрин – фараст ӕмӕ ссӕдз киккары ӕмӕ авдсӕдӕ ӕртын сиклы (кувӕндоны сиклтӕй). 25 Адӕмы сфысты номхыгъдмӕ чи бахауд, уыдон ӕвзист ӕрхастой фондзыссӕдз киккары ӕмӕ мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз сиклы (кувӕндоны сиклтӕй). 26 Нымады рӕстӕг ссӕдз азы ӕмӕ фылдӕр кӕуыл цыди, уыцы ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай нӕлгоймагӕй ӕвзист райстой фӕйнӕ сиклы ӕмбис (кувӕндоны сиклтӕй). 27 Ӕвзисты фондзыссӕдз киккары ацыди кувӕндоны цӕджындзтӕн бынӕвӕрӕнтыл ӕмӕ, йӕ ӕмбӕрзӕн кӕуыл ауыгъд уыд, уыцы цӕджындзтӕн бынӕвӕрӕнтӕ джиппы рауадзыныл. Фондзыссӕдз бынӕвӕрӕныл ацыд фондзыссӕдз киккары – алы бынӕвӕрӕныл дӕр иу киккар. 28 Мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз сиклӕй та цӕджындзтӕн сарӕзтой къӕпсыртӕ, ӕмӕ цӕджындзты сӕртӕ стылдтой ӕвзистдоны, сеппӕтӕн дӕр сарӕзта тӕлытӕ. 29 Адӕм лӕварӕн цы ӕрхуы ӕрбахастой, уый рауад дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз киккары ӕмӕ дыууӕ мин цыппарсӕдӕ сиклы. 30 Уыцы ӕрхуыйӕ Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны цӕджындзтӕн сарӕзтой бынӕвӕрӕнтӕ, ӕрхуы нывондхӕссӕн йӕ ӕрхуы хызимӕ, ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕппӕт мигӕнӕнтӕ, 31 Бынӕвӕрӕнтӕ кӕрты ӕппӕт цӕджындзтӕн, бынӕвӕрӕнтӕ кӕрты дуары цӕджындзтӕн, ӕппӕт михтӕ Цатырӕн ӕмӕ ӕппӕт михтӕ кӕртӕн.

39

Бахуыдтой сауджынтӕн дарӕс

1 Ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй бахуыдтой, сауджынтӕ кувӕндоны кӕй хъуамӕ дардтаиккой, ахӕм фӕлыст; сӕрмагонд фӕлыст та бахуыдтой Ааронӕн, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

2 Веселиил бахуыдта ефод сыгъзӕрин хӕрдгӕбыдӕй, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй уафт хъуымацӕй. 3 Сыгъзӕринӕй сарӕзтой тӕнӕг сыфтӕ ӕмӕ дзы рауагътой ӕндӕхтӕ, цӕмӕй сӕ сбийой ӕрвхуыз, сырх, сӕнтсырх ӕндӕхтимӕ ӕмӕ виссонимӕ, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 4 Ефодӕн сарӕзтой уӕхскбостӕ, ӕмӕ йын сӕ бабастой йӕ дыууӕ кӕронмӕ. 5 Ефод цавӕр ӕндӕхтӕй ӕмӕ куыд уафт уыд, афтӕ йын йемӕ ӕмхӕстӕй бауафтой рон дӕр сыгъзӕрин хӕрдгӕбыдӕй, ӕрвхуыз, сырх, сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 6 Дурыл куыд фӕфыссынц, афтӕ оникс дуртыл ныффыстой Израилы фыртты нӕмттӕ ӕмӕ сӕ бавӕрдтой сыгъзӕрин фӕлгӕтты. 7 Уый фӕстӕ дурты бафидар кодтой ефоды уӕхскбостӕм – Израилы фыртты ном арынӕн, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

8 Ефод куыд бахуыдтой, афтӕ бахуыдтой риуылдарӕн хызын дӕр сыгъзӕрин хӕрдгӕбыдӕй, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй нывӕфтыдтимӕ. 9 Риуылдарӕн хызын уыди цыппӕрдигъон ӕмӕ дывӕлдӕхт; йӕ дӕргъ – уылынг, йӕ уӕрх – уылынг. 10 Йӕ фӕлгӕтты йын бавӕрдтой дуртӕ цыппар рӕнхъӕй: рубин, топаз ӕмӕ изумруд – фыццаг рӕнхъ; 11 Карбункул, сапфир ӕмӕ алмаз – дыккаг рӕнхъ; 12 Гиацинт, агат ӕмӕ аметист – ӕртыккаг рӕнхъ; 13 Хризолит, оникс ӕмӕ яшма – цыппӕрӕм рӕнхъ. Дурты бавӕрдӕуыди сыгъзӕрин фӕлгӕтты. 14 Дуртӕ уыдысты Израилы фыртты нымӕцмӕ гӕсгӕ; дурыл куыд фӕфыссынц, афтӕ сыл фыст уыди дыууадӕс номы, фӕйнӕ номы алы дурыл дӕр – дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕй иуы ном.

15 Риуылдарӕн хызынӕн сарӕзтой сыгъдӕг сыгъзӕрин хӕрдгӕбыд бӕттӕнтӕ. 16 Сарӕзтой дыууӕ сыгъзӕрин фӕлгӕты ӕмӕ дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы, ӕмӕ цӕгтӕ бафидар кодтой риуылдарӕн хызыны дыууӕ кӕронмӕ. 17 Дыууӕ сыгъзӕрин хӕрдгӕбыды риуылдарӕн хызыны дыууӕ кӕроны атъыстой цӕгты. 18 Бӕттӕнты кӕрӕттӕ та бафидар кодтой дыууӕ фӕлгӕтмӕ, ӕмӕ сӕ ефоды уӕхскбостӕм бабастой разӕрдыгӕй. 19 Сарӕзтой ма дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы, ӕмӕ сӕ мидӕгӕй бафидар кодтой риуылдарӕн хызыны иннӕ дыууӕ кӕронмӕ – ефодырдыгӕй цы фарс ис, уымӕ. 20 Ноджыдӕр сарӕзтой дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы, ӕмӕ сӕ бафидар кодтой ефоды бӕттӕнтӕм бынӕй, ефодӕн разӕрдыгӕй, бӕттӕнтӕ роны сӕрмӕ ефодимӕ кӕм иу кӕнынц, уым. 21 Уый фӕстӕ риуылдарӕн хызынӕн йӕ цӕгтӕ бабастой ефоды цӕгтӕм ӕрвхуыз бӕттӕнтӕй, риуылдарӕн хызын ефоды роны сӕрмӕ куыд уа ӕмӕ ефодыл ӕнгом куыд бада, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

22 Ӕрвхуыз хъуымацӕй ефодӕн сарӕзтой уӕлгуыр. 23 Уӕлгуыры ӕфцӕгготӕн йӕ кӕрӕттӕ сарӕзтой згъӕрхӕдоны кӕрӕттау фидар, цӕмӕй ма скъуыйа. 24 Уый фӕстӕ уӕлгуыры фӕдджийыл тӕнӕг кӕддагӕй, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй бауафтой гранаты дыргъты хуызӕн къоритӕ. 25 Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сарӕзтой дзӕнгӕрӕгтӕ ӕмӕ сӕ ӕрцауыгътой къориты ӕхсӕн – уӕлгуыры фӕдджийы кӕрӕттыл. 26 Кувӕндоны лӕггад кӕныны тыххӕй уӕлгуыры фӕдджийыл кӕрӕйкӕронмӕ кӕрӕдзи ивтой дзӕнгӕрӕг ӕмӕ къори, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

27 Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн бахуыдтой даргъ хӕдӕттӕ виссонӕй, 28 Сарыхъ виссонӕй, худтӕ виссонӕй, хӕлӕфтӕ виссонӕй, 29 Рон уӕздан виссонӕй, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй нывӕфтыдтимӕ, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 30 Уый фӕстӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сарӕзтой уаццаг, сыгъдӕг кадыхуд, ӕмӕ йыл ныффыстой: «Ай Хуыцауы у». 31 Бабастой йыл сарыхъмӕ уӕлейӕ фидаргӕнгӕ ӕрвхуыз бӕттӕн, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

32 Ууыл ахицӕн сты Фембӕлды Цатыры ӕппӕт куыстытӕ. Израилаг адӕм алцыдӕр сарӕзтой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

Цатырӕн ӕппӕт дӕр цӕттӕ у

33 Моисеймӕ ӕрбахастой Цатыр йеппӕт мигӕнӕнтимӕ, къӕпсыртимӕ, хъилтимӕ, цӕджындзтимӕ ӕмӕ цӕджындзтӕн бынӕвӕрӕнтимӕ, 34 Цатыры сӕры мидӕггаг цъар сырх фысдзӕрмттӕй, ӕддаг цъар тӕнӕг сӕрӕктӕй ӕмӕ Иууылсыгъдӕг бынаты дуары ӕмбӕрзӕн, 35 Фидыды Чырын йӕ хъилтимӕ ӕмӕ йӕ сӕримӕ; 36 Фынг йеппӕт мигӕнӕнтимӕ, ӕмӕ нывонд дзултӕ, 37 Рухсгӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй йеппӕт цырӕгътимӕ, йеппӕт дзаумӕттимӕ ӕмӕ зетиимӕ цырӕгътӕн; 38 Сыгъзӕрин нывондхӕссӕн ӕмӕ сӕрдӕн зети, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ будӕн, ӕмбӕрзӕн Цатыры дуарӕн; 39 Ӕрхуы нывондхӕссӕн йӕ ӕрхуы хызимӕ, йӕ хъилтимӕ ӕмӕ ӕппӕт мигӕнӕнтимӕ, хихсӕн йӕ бынӕвӕрӕнтимӕ; 40 Кӕртӕн ӕмбӕрзӕнтӕ, кӕрты цӕджындзтӕ ӕмӕ сӕ бынӕвӕрӕнтӕ, ӕмбӕрзӕн Цатырмӕ бацӕуӕнӕн ӕмӕ бӕттӕнтӕ, михтӕ ӕмӕ, Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнынӕн цы хъуыди, ӕппӕт уыцы мигӕнӕнтӕ; 41 Иударон фӕлыст кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн, сӕрмагонд дарӕс Аароны сауджынӕн, ӕмӕ йӕ фырттӕн дарӕс Цатыры лӕггад кӕнынӕн. 42 Израилаг адӕм ӕппӕт уыцы куыстытӕ бакодтой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 43 Моисей ӕркаст, цы сарӕзтой, ӕппӕт уыдӕттӕм – ӕппӕт куыстытӕ дӕр бакодтой, Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Ӕмӕ сыл Моисей арфӕ бафтыдта.

40

Ӕрӕвӕрдтой Цатыр

1 Хуыцау Моисейӕн загъта: «2 Фыццаг мӕйы фыццаг бон Фембӕлды Цатыр ӕрӕвӕр йӕ бынаты. 3 Йӕ мидӕг ын нывӕр фидыды Чырын, ӕмӕ Чырын бамбӕрз йӕ ӕмбӕрзӕнӕй. 4 Бахӕсс фынг ӕмӕ йыл ӕрӕвӕр йеппӕт дзаумӕттӕ; бахӕсс рухсгӕнӕн ӕмӕ йыл сӕвӕр йӕ цырӕгътӕ. 5 Фидыды Чырыны раз ӕрӕвӕр сыгъзӕрин нывондхӕссӕн буд судзынӕн, ӕмӕ Цатырмӕ бацӕуӕныл ӕрцауындз ӕмбӕрзӕн. 6 Иууылсудзинаг нывонды нывондхӕссӕн ӕрӕвӕр Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны. 7 Фембӕлды Цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕхсӕн ӕрӕвӕр хихсӕн, ӕмӕ дзы ныккӕн дон. 8 Цатыры алыварс сараз кӕрт, ӕмӕ кӕрты дуарыл ӕрцауындз ӕмбӕрзӕн. 9 Уый фӕстӕ райс сӕрдӕн зети ӕмӕ дзы байсӕрд Цатыр, ӕмӕ Цатыры цыдӕриддӕр ис, ӕппӕт уыдӕттӕ. Ӕмӕ йӕ йеппӕт дзаумӕттимӕ снывонд кӕн Дунедарӕгӕн, ӕмӕ Йын уыдзӕни иууылсыгъдӕг нывондхӕссӕн. 10 Байсӕрд иууылсудзинаг нывонды нывондхӕссӕн йеппӕт мигӕнӕнтимӕ, ӕмӕ нывондхӕссӕн снывонд кӕн Дунедарӕгӕн, ӕмӕ афтӕмӕй уыдзӕни иууылсыгъдӕг нывондхӕссӕн. 11 Хихсӕн йӕ бынӕвӕрӕнимӕ байсӕрд зетийӕ, ӕмӕ йӕ снывонд кӕн Дунедарӕгӕн. 12 Аароны ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбахон Фембӕлды Цатыры бацӕуӕнмӕ, ӕмӕ сӕ ӕрнай донӕй. 13 Аароныл скӕн сӕрмагонд дарӕс, байсӕрд ӕй зетийӕ ӕмӕ Мын ӕй снывонд кӕн сауджынӕн. 14 Ӕрбахон ын йӕ фыртты дӕр, ӕмӕ сыл скӕн даргъ хӕдӕттӕ. 15 Ӕмӕ сын сӕ фыды зетийӕ куыд байсӕрстай, афтӕ байсӕрд уыдоны дӕр, ӕмӕ Мын уыдзысты сауджынтӕ. Куы сӕ байсӕрдай, уӕд сӕ хӕдзарвӕндаджы ӕппӕт фӕлтӕртӕ мыггагмӕ уыдзысты сауджынтӕ». 16 Ӕмӕ Моисей ӕппӕт дӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

17 Ӕмӕ дыккаг азы фыццаг мӕйы фыццаг бон ӕрӕвӕрдтой Цатыр. 18 Моисей ӕрӕвӕрдта Цатыр, ӕрӕвӕрдта йын йӕ бынӕвӕрӕнтӕ, сӕвӕрдта цыппӕрдигъон цӕджындзтӕ, баиу сӕ кодта хъилтӕй, сӕвӕрдта тымбыл цӕджындзтӕ; 19 Цатырӕн сӕвӕрдта йӕ сӕр ӕмӕ йӕ бамбӕрзта, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 20 Моисей райста фидыды къӕйдуртӕ ӕмӕ сӕ нывӕрдта фидыды Чырыны, хъилтӕ атъыста Чырыны цӕгты, ӕмӕ Чырынӕн ӕрӕвӕрдта йӕ сӕр. 21 Фидыды Чырын бахаста Цатырмӕ, ӕрцауыгъта ӕмбӕрзӕн, ӕмӕ Чырын нал зынди ӕмбӕрзӕнӕй, Моисейӕн Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 22 Моисей фынг сӕвӕрдта Фембӕлды Цатыры цӕгат фарс, ӕмбӕрзӕны ӕдде. 23 Хуыцауы раз фынгыл дзултӕ равӕрдта рӕнхъӕй, Моисейӕн Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 24 Фембӕлды Цатыры хуссар фарс, фынджы акомкоммӕ, сӕвӕрдта рухсгӕнӕн. 25 Цырӕгътӕ сӕвӕрдта рухсгӕнӕныл Дунедарӕджы раз, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 26 Стӕй Фембӕлды Цатыры, ӕмбӕрзӕны раз, сӕвӕрдта сыгъзӕрин нывондхӕссӕн, 27 Ӕмӕ йыл ссыгъта хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 28 Уый фӕстӕ Моисей Цатырмӕ бацӕуӕны ӕрцауыгъта ӕмбӕрзӕн. 29 Иууылсудзинаг нывондты нывондхӕссӕн сӕвӕрдта Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны, ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ хойраджы нывонд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 30 Хихсӕн ӕрӕвӕрдта Фембӕлды Цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕхсӕн, ӕмӕ дзы ныккодта дон хи цӕхсынӕн. 31 Ӕмӕиу дзы Моисей, Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ цӕхсадтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ. 32 Уыдониу Фембӕлды Цатырмӕ куы бацыдысты ӕмӕиу нывондхӕссӕнмӕ куы баввахс сты, уӕдиу ӕрнадтой сӕхи, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 33 Моисей Цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны алыварс сӕвӕрдта кӕрт, ӕмӕ кӕрты дуарыл ӕрцауыгъта ӕмбӕрзӕн. Моисей ууыл ахицӕн кодта, Хуыцау ын цы хъуыддаг бафӕдзӕхста, уый.

34 Ӕврагъ бамбӕрзта Фембӕлды Цатыр, ӕмӕ Цатыр байдзаг Хуыцауы кады рухсӕй. 35 Ӕмӕ Моисейӕн Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуын йӕ бон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ ӕврагъ ӕрлӕууыд йӕ сӕрмӕ, ӕмӕ Цатыр байдзаг Хуыцауы кады рухсӕй. 36 Ӕврагъиу Цатыры сӕрмӕ куы ссыд, уӕдиу израилаг адӕм араст сты сӕ фӕндагыл. 37 Ӕврагъиу хӕрдмӕ куы нӕ ссыд, уӕд израилӕгтӕ дӕр дарддӕр нӕ цыдысты сӕ фӕндагыл, цалынмӕ ӕврагъ хӕрдмӕ ссыдаид, уӕдмӕ. 38 Дунедарӕджы ӕврагъ бонӕй лӕууыд Цатыры сӕрмӕ, ӕхсӕвы та уыцы ӕврагъы сыгъди арт – ӕмӕ уый ӕппӕт израилаг адӕм уыдтой, сӕ фӕндагыл куы цыдысты, уӕд.