Апостол Павелы фыстӕг эфесӕгтӕм
11 Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй – Йесо Чырыстиимӕ иу ӕмӕ Йыл иузӕрдион чи у, Эфесы уыцы сыгъдӕджытӕм.1:1 1 Кор. 1:1; 2 Кор. 1:1.
2 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.
Чырыстийы фӕрцы – арфӕгонд
3 Арфӕгонд уӕд нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд, уды ӕгъдауӕй ныл Чырыстийы фӕрцы уӕлӕрвты алы хуызы арфӕ бафтауӕг.1:3 1 Пет. 1:3; 2 Кор. 1:3.
4 Уый Чырыстийы руаджы мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп куыд уӕм.1:4 Ром. 8:29; 2 Тим. 1:9.
5 Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ рагацау снысан кодта Йесо Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн хъӕбултӕ саразын,
6 Цӕмӕй раппӕлдӕуа Йе стыр хорзӕхӕй – уымӕй нын бахай кодта Йӕ уарзон Фырты руаджы.1:6 Мф. 3:17; Ром. 5:15.
7 Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыр сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ равдыста Хуыцау Йӕ ӕгӕрон хорзӕх,1:7 Ром. 3:25.
8 Ӕмӕ дзы махӕн радта рӕдауӕй, цӕмӕй уӕм уӕлзонд ӕмӕ ӕмбарӕм Йӕ уынаффӕтӕ.
9 Хуыцаумӕ рагагъоммӕ уыди, Чырыстийы руаджы кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, ахӕм нысан. Ӕмӕ ныр махӕн раргом кодта Йӕ уыцы сусӕг фӕнд –1:9 Эф. 3:9.
10 Афон куы ралӕууа, уӕд уӕларвон ӕмӕ зӕххон цы у, ӕппӕт уыдон, Чырысти сӕ сӕргъы, афтӕмӕй баиу кӕнын.1:10 Мк. 1:15; Гал. 4:4; Кол. 1:20.
11 Ӕппӕт дӕр Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ Чи кӕны, уыцы Хуыцау рагацау куыд снысан кодта, афтӕ Чырыстийы фӕрцы мах сӕвзӕрста Йӕхицӕн адӕмӕн,1:11 Лк. 7:30; Ап. хъ. 20:27.
12 Цӕмӕй мах ӕппӕлӕм Йӕ намысӕй, уымӕн ӕмӕ Чырысти зӕрдӕдарӕн фыццаг махӕн сси.
13 Ӕмӕ сымах дӕр куы фехъуыстат ӕцӕгады ныхас, фарны уац уӕ фервӕзыны тыххӕй, ӕмӕ Чырыстийыл куы баууӕндыдыстут, уӕд баиу стут Йемӕ. Хуыцауы адӕм кӕй стут, уый равдисынӕн Хуыцау сымах схайджын кодта, зӕрдӕ Кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Сыгъдӕг Удӕй.1:13 Эф. 4:30.
14 Сыгъдӕг Уд у, Хуыцаумӕ нын ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый ӕвдисӕн. Райсдзыстӕм сӕ, Хуыцау Йӕ адӕмы куы ссӕрибар кӕна, уӕд. Ӕмӕ афтӕмӕй Йӕ кадыл ноджыдӕр бафтдзӕн.1:14 2 Кор. 5:5.
Павел кувы
15 Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр, Хицау Йесойыл кӕй баууӕндыдыстут ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты кӕй уарзут, уый куы фехъуыстон,
16 Уӕдӕй фӕстӕмӕ сымах тыххӕй иудадзыг арфӕ кӕнын Хуыцауӕн ӕмӕ кувын,1:16 Флп. 1:3.
17 Цӕмӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау, намысджын Фыд, сымах схайджын кӕна Йӕ Удӕй. Уыцы Уд уын ратдзӕн уӕлзонд ӕмӕ уын раргом кӕндзӕн Хуыцауы.1:17 1 Кор. 12:8.
18 Ӕз кувын, цӕмӕй байгом уой уӕ зӕрдӕйы цӕстытӕ ӕмӕ базонат, Хуыцау кӕй ӕрхуыдта, уыдонӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Сымах бамбарат, куыд намысджын сты, Йӕ сыгъдӕджытӕн хай кӕмӕй уыдзӕн, Йӕ уыцы хорзӕхтӕ,1:18 Ап. хъ. 26:18.
19 Куыд ӕгӕрон ӕмӕ егъау у, махыл, уырнджытыл, кӕмӕй хӕцы, Йӕ уыцы домбай тых.
20 Уыцы тых Хуыцау равдыста Чырыстийыл – мӕрдтӕй Йӕ райгас кодта ӕмӕ Йӕ уӕлӕрвты сбадын кодта Йӕ рахиз фарс,1:20 Мк. 16:19.
21 Ӕппӕт уӕларвон ӕлдӕрттӕй ӕмӕ барджынтӕй, тыхджынтӕй ӕмӕ хицӕуттӕй уӕлдӕр; ӕмӕ Йын радта ӕрмӕст абоны нӕ, фӕлӕ фидӕны дунейы ӕппӕт нӕмттӕй дӕр уӕлдӕр ном.1:21 Кол. 2:10.
22 Хуыцау ӕппӕт дӕр фӕкодта Чырыстийы къӕхты бын, сӕвӕрдта Йӕ тӕккӕ уӕлдӕр бынаты – Аргъуаны сӕргъы.1:22 Мф. 28:18; 1 Кор. 15:27; Эф. 5:23; Кол. 1:18; 2:10.
23 Аргъуан у Йӕ Буар, ӕмӕ уыцы Буары ӕххӕстӕй цӕры, ӕппӕт дӕр алцӕмӕй Чи ӕххӕст кӕны, Уый.
2Райгас стӕм Чырыстиимӕ
1 Уӕ ӕнӕуаг миты ӕмӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах раздӕр мард уыдыстут.2:1 Кол. 2:13.
2 Уыцы тӕригъӕдты ӕфтыдӕй цардыстут ацы дунейы уагыл, уӕлдӕфы ӕлдариуӕг чи кӕны, Хуыцауы ныхмӕлӕуджыты фӕрцы ныртӕккӕ чи архайы, уыцы удӕн коммӕгӕсӕй.2:2 Ин. 12:31; 1 Кор. 6:11; Кол. 3:7.
3 Мах дӕр кӕддӕр цардыстӕм уыдонау, ӕфсӕстам нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ, нӕ чъизи хъуыдытӕн ӕмӕ бӕллицтӕн уыдыстӕм коммӕгӕс. Иннӕтау нӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ уыдыстӕм, Хуыцауы фыдӕх кӕй хъуамӕ баййӕфтаид, ахӕмтӕ.
4 Фӕлӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау мах афтӕ бирӕ бауарзта,2:4 Ром. 2:4.
5 Ӕмӕ мах, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй мард адӕмы, райгас кодта Чырыстиимӕ – сымах фервӕзтыстут Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы.2:5 Ром. 8:11.
6 Хуыцау нӕ райгас кодта Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ нӕ уӕлӕрвты сбадын кодта Йемӕ,
7 Цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт.2:7 Эф. 3:8.
8 Хуыцауы хорзӕх сымах фервӕзын кодта уӕ уырнындзинады фӕрцы. Уӕхӕдӕг ницӕмӕй фесгуыхтыстут – уый уын Хуыцауы лӕвар у;2:8 Ап. хъ. 15:11.
9 Уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ фервӕзтыстут, ӕмӕ йӕхицӕй мачи раппӕлӕд.2:9 Ром. 3:20.
10 Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыди, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ.2:10 Тит. 2:14; Дзут. 13:21.
Йесо – фидауынгӕнӕг
11 Раздӕр чи уыдыстут, уый уӕ зӕрдыл дарут. Туг ӕмӕ стӕгӕй кӕддӕр муртаттӕ уыдыстут. Сымах ӕнӕсунӕт хуыдтой, сунӕтгонд кӕй хуындӕуы, уыдон (афтӕмӕй та сӕ сунӕт ӕрмӕстдӕр у, адӕймаг буарӕн цы саразы, уый).
12 Уӕды заман уыдыстут ӕнӕ Чырысти, израилаг адӕмӕн ӕцӕгӕлӕттӕ, Хуыцауы бадзырдтӕ ӕмӕ зӕрдӕвӕрдӕй – ӕнӕхай, уӕ зӕрдӕ ницӕуыл дардтат, ацы дунейы цардыстут ӕнӕ Хуыцауӕй.2:12 Ром. 9:4; Кол. 1:21.
13 Сымах кӕддӕр дард уыдыстут, ныр та баиу стут Йесо Чырыстиимӕ, ӕмӕ уӕ Йӕ Туг ӕрбахӕстӕг кодта.2:13 Ап. хъ. 2:39.
14 Чырысти у нӕ фидауынгӕнӕг. Дзуттӕгтӕй ӕмӕ муртаттӕй скодта иу адӕм – фехӕлдта, се ’хсӕн цы сис уыди, уый,2:14 Ин. 16:33.
15 Ӕмӕ фыдӕх фесӕфта Йӕ мӕлӕтӕй. Чырысти аивта Ӕгъдау йеппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтимӕ, цӕмӕй бафидауын кӕна дыууӕты дӕр ӕмӕ сӕ, Йемӕ иугондӕй, сараза ног адӕймаг,2:15 2 Кор. 5:17.
16 Иу буары иугондӕй сӕ дзуары фӕрцы бафидауын кӕна Хуыцауимӕ, дзуарыл фыдӕх фесафгӕйӕ.
17 Ӕмӕ куы ӕрцыд, уӕд ӕрхаста фидыды фарны уац сымахӕн – Хуыцауӕй дард адӕмӕн, стӕй Йӕм хӕстӕг чи уыди, уыдонӕн дӕр.
18 Уымӕн ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр, иу Удӕй хайджынтӕн, Фыдмӕ фӕндаг байгом Чырыстийы фӕрцы.2:18 Ин. 14:6; Ром. 5:2; Дзут. 10:19.
19 Уӕдӕ сымах ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ нал стут, фӕлӕ сыгъдӕджыты ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауы хӕдзаронтӕ.
20 Сымах амад ӕрцыдыстут апостолты ӕмӕ пехуымпарты бындурыл, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг у,2:20 1 Пет. 2:4.
21 Ӕппӕт бӕстыхайыл Уый хӕцы, ӕмӕ бӕстыхай рӕзы, Хицауы сыгъдӕг кувӕндон куыд суа, афтӕ.2:21 Кол. 2:19.
22 Чырыстиимӕ иугондӕй, сымахӕй дӕр Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ амадӕуы цӕрӕн хӕдзар Хуыцауӕн.2:22 2 Кор. 6:16.
3Павел – муртатты ахуыргӕнӕг
1 Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, Йесо Чырыстийӕн кӕй кусын, уый тыххӕй дӕн ахӕстоны сымах, муртатты, сӕраппонд.3:1 Ап. хъ. 21:33.
2 Сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ мӕ бӕрны бакодта уӕ сӕраппонд кусын.
3 Хуыцау Йӕ сусӕгдзинад раргом кодта мӕнӕн, ӕз уӕм уӕлдӕр цыбырӕй куыд ныффыстон, афтӕ.3:3 Эф. 1:9.
4 Ӕмӕ йӕ куы бакӕсат, уӕд уӕ бон бауыдзӕн, ӕз Чырыстийы сусӕгдзинад куыд ӕмбарын, уый базонын.
5 Уыцы сусӕгдзинад адӕмы раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом нӕ уыд, ныр та Сыгъдӕг Уды руаджы раргом Чырыстийы сыгъдӕг апостолтӕн ӕмӕ пехуымпартӕн:3:5 1 Пет. 1:12.
6 Фарны уацы фӕрцы муртаттӕ дӕр, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, иудейтимӕ уыдзысты иу буар ӕмӕ уыдонимӕ хай райсдзысты, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй.3:6 Ром. 15:12.
7 Хуыцау Йӕ хъаруйы руаджы мӕнӕн кӕй ралӕвар кодта, Йӕ уыцы хорзӕхмӕ гӕсгӕ ӕз сдӕн лӕггадгӕнӕг – фарны уац хъусынгӕнӕг.3:7 Ап. хъ. 9:15.
8 Мӕнӕн, сыгъдӕджытӕй тӕккӕ къаддӕрӕн, рардӕуыд ацы хорзӕх – фарны уац Чырыстийы ӕгӕрон намысы тыххӕй муртаттӕм ӕрхӕссын,3:8 Ром. 15:19; 1 Кор. 15:9; Гал. 1:16.
9 Хуыцауы сусӕг фӕнд алкӕмӕн дӕр раргом кӕнын. [Йесо Чырыстийы фӕрцы] ӕппӕт дӕр цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый рӕстӕджы райдианӕй басусӕг кодта Йӕ уыцы фӕнд,3:9 1 Пет. 1:20; Ром. 14:24; 1 Кор. 2:7; Кол. 1:26.
10 Цӕмӕй уӕларвон ӕлдӕрттӕ ӕмӕ барджынтӕ Аргъуаны руаджы абон базоной, алы хуызы йӕхи чи ӕвдисы, Хуыцауы уыцы уӕлзонд.3:10 1 Пет. 1:12.
11 Хуыцау афтӕ бакодта, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ цы снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ Йӕ уыцы фӕндон сӕххӕст кодта нӕ Хицау Йесо Чырыстийы руаджы.
12 Чырыстиимӕ кӕй баиу стӕм ӕмӕ Йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нӕ бон у зӕрдӕ даргӕйӕ ӕмӕ ныфсджынӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууын.3:12 Эф. 2:18.
13 Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт – уыдоны фӕрцы схайджын уыдзыстут намысӕй.3:13 2 Тим. 2:10.
Чырыстийы ӕгӕрон уарзт
14 Уый тыххӕй ӕз лӕууын мӕ зонгуытыл [нӕ Хицау Йесо Чырыстийы] Фыды раз –
15 Арв ӕмӕ зӕххыл алы мыггагӕн дӕр ном Дӕттӕджы раз –3:15 Эф. 1:10.
16 Йӕ намысджын хӕзнадонӕй уын тых куыд ратта, Йӕ Уды руаджы уын уӕ уд куыд сфидар кӕна,3:16 Эф. 1:7.
17 Уӕ уырнындзинады фӕрцы Чырысти уӕ зӕрдӕты куыд ӕрцӕра.3:17 Ин. 14:23.
18 Уарзондзинад уӕд уӕ царды бындур. Ӕз кувын, цӕмӕй ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ уӕ бон базонын уа, куыд уӕрӕх, парахат, ӕгӕрон ӕмӕ ӕнӕбын у Чырыстийы уарзт –
19 Зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы уарзт; ӕмӕ ӕххӕстӕй хайджын уат Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй.3:19 Ин. 1:16; Кол. 2:9.
20 Хуыцауӕн Йӕ бон у, цы курӕм кӕнӕ нӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр цы нӕй, уымӕй дзӕвгар фылдӕр саразын. Ахӕм домбай у, нӕ фӕрцы йӕхи чи ӕвдисы, Йӕ уыцы тых.3:20 Ром. 14:24.
21 Йесо Чырыстийы руаджы Хуыцауӕн кад уӕд Аргъуаны – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ӕмӕ мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.
4Иудзинад
1 Уӕдӕ ӕз, Хицауы сӕраппонд ахст, курын сымахӕй, цӕмӕй уӕ цард уа, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта, уый аккаг.4:1 Флп. 1:27; Кол. 1:10; 1 Фес. 2:12.
2 Иудадзыг ут сӕрныллӕг, ӕвӕлмас, фӕразон, иу иннӕйы уарзӕд, йӕ хъуагдзинӕдтӕм ын нӕ кӕсгӕйӕ.
3 Уӕхи хъарут, Хуыцауы Уд уын цы иудзинад дӕтты, уый бахъахъхъӕныныл; ут фидыд ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ баст.
4 Сымах иумӕ иу буар стут, хайджын стут иу Удӕй, ис уын иумӕйаг зӕрдӕдарӕн – Хуыцау уын ӕй радта, куы уӕ ӕрхуыдта, уӕд.4:4 Ром. 12:5; 1 Кор. 12:12.
5 Ис уын иу Хицау, иу уырнындзинад, иу аргъуыд,
6 Иу Хуыцау – неппӕты Фыд. Ӕппӕтыл дӕр цӕуы Йӕ бар, Йӕхи ӕвдисы алкӕй фӕрцы дӕр ӕмӕ цӕры алкӕй зӕрдӕйы дӕр.4:6 Мк. 12:29.
7 Махӕй алкӕмӕн дӕр хорзӕх лӕвӕрд у, Чырыстийы кӕмӕн цас бафӕндыд, уыйас.4:7 Ром. 12:3; 1 Кор. 12:11; 2 Кор. 10:13.
8 Сыгъдӕг Фыст уымӕ гӕсгӕ зӕгъы: «Ссыд уӕлӕмӕ, райста уацары, адӕмӕн радта хорзӕх».4:8 Ин. 3:13.
9 «Ссыд уӕлӕмӕ» та уӕд цы амоны, кӕд раздӕр дӕлдзӕхмӕ кӕй ныццыд, уый нӕ амоны, уӕд?
10 Чи ныццыд, ӕппӕт уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр дӕр Уый ссыди, цӕмӕй паддзахиуӕг кӕна дун-дунейӕн.
11 Уый иуты сӕвӕрдта апостолтӕй, иннӕты – пехуымпартӕй, аннӕты – фарны уац хъусынгӕнджытӕй, кӕй та – фыййӕуттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй,4:11 1 Кор. 12:28.
12 Цӕмӕй цӕттӕ кӕной сыгъдӕджыты, кусой Хуыцауӕн, ӕмӕ рӕза Чырыстийы Буар,
13 Цалынмӕ неппӕт дӕр ӕрцӕуӕм уымӕ, ӕмӕ уӕм ӕмуд нӕ уырнындзинады, базонӕм Хуыцауы Фырты, алцӕмӕй дӕр Чырыстийау ӕххӕст куыд уӕм, афтӕ.4:13 1 Кор. 14:20.
14 Ӕмӕ мауал уӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй хӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайын ма бакомӕм афӕливынмӕ дӕсны хинӕйдзӕгтӕн.
15 Фӕлӕ зӕрдиаг уӕм ӕцӕгад ӕмӕ уарзтыл, алцӕмӕй дӕр суӕм Чырыстийы хуызӕн ӕмӕ баиу уӕм Йемӕ – буары Сӕримӕ.4:15 Эф. 1:22; Кол. 1:18.
16 Буарӕн ӕппӕт дӕр Уый дӕтты – буар кӕрӕдзийыл ӕнгом хӕцы йеппӕт нуӕртты фӕрцы, йӕ алы уӕнг дӕр кӕны йӕхи куыст, ӕмӕ афтӕмӕй буар ӕгасӕй дӕр рӕзы, арӕзт цӕуы уарзондзинады фӕрцы.
Ног цард
17 Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын ӕмӕ уын Хицауы номӕй фӕдзӕхсын, цӕмӕй мауал цӕрат, муртаттӕ сӕ рӕузонды аххосӕй куыд цӕрынц, афтӕ.
18 Уыдонӕн сӕ зонд аныгъуылд талынджы, ӕнӕфенд ӕмӕ дурзӕрдӕ кӕй сты, уый аххосӕй ӕнӕхай фесты, Хуыцау цы цард дӕтты, уымӕй.
19 Ныййих сты сӕ зӕрдӕтӕ, уымӕ гӕсгӕ бафтыдысты ӕлгъаг хъуыддӕгты, ӕмӕ сын чъизи митӕй ӕфсис нал и.4:19 Ром. 1:24.
20 Сымах та Чырыстийы афтӕ нӕ базыдтат, ӕмӕ ахӕм цардӕй цӕрат.
21 Уымӕн ӕмӕ сымах фехъуыстат Йесойы тыххӕй, цы ӕцӕгад Ӕм ис, ууыл сахуыр стут,
22 Цӕмӕй мауал цӕрат, уӕ чъизи мондӕгтӕ уӕ куы сайдтой ӕмӕ уӕ раууатмӕ куы тардтой, раздӕры уыцы цардӕй,4:22 Кол. 3:9; Дзут. 12:1.
23 Сног уат уд ӕмӕ зондӕй,4:23 1 Пет. 4:2; Ром. 6:4; Кол. 3:10.
24 Ӕмӕ суат, Хуыцауы хуызӕн кӕй сфӕлдыстӕуыд, ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ рӕстӕй ӕмӕ сыгъдӕгӕй чи цӕры, ахӕм ног адӕймӕгтӕ.
25 Уӕдӕ мауал дзурут мӕнгтӕ – алчидӕр хионӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах иу буары уӕнгтӕ стӕм.
26 Куы смӕсты вӕййут, уӕд-иу тӕригъӕды ма бафтут: дӕ мастӕй фервӕз, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ,
27 Ӕмӕ хӕйрӕджы ӕмгӕрон ма уадзут.4:27 Иак. 4:7.
28 Чи давта, уый мауал давӕд, фӕлтау кусӕд, кӕнӕд пайдайаг хъуыддӕгтӕ йӕхи къухтӕй, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр.
29 Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ адӕймагӕн йӕ хъуаджы чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи сфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи сӕ фехъуса, уыдонӕн хорзӕхӕн куыд уой, афтӕ.4:29 Мф. 12:36; Эф. 5:4.
30 Хуыцау уӕ кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, уый равдисынӕн уал уын бахай кодта Йӕ Сыгъдӕг Удӕй, ӕмӕ уыцы Уды хъыджы ма цӕут.4:30 Эф. 1:13.
31 Бынтондӕр ныууадзут мӕсты ӕмӕ знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, фыдгой, алы ӕндӕр фыдӕх.
32 Цӕрут хӕларӕй, кӕрӕдзийы зын уӕм хъарӕд, Хуыцау уын Чырыстийы фӕрцы куыд ныббарста, афтӕ хатыр кӕнут кӕрӕдзийӕн.4:32 Мф. 6:14; Мк. 11:25.
51 Уӕдӕ, уарзон хъӕбултау, фӕзмут Хуыцауы,5:1 Мф. 5:18.
2 Ӕмӕ цӕрут кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхсызгон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.5:2 Ин. 13:34; 1 Ин. 3:11.
3 Хӕтынӕн, цавӕрфӕнды чъизи мийӕн ӕмӕ кӕрӕфӕн сымахмӕ хъуамӕ сӕ кой дӕр ма уа, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ.5:3 1 Кор. 6:15.
4 Стӕй уыл фыддзых, дзӕгъӕлдзырд ӕмӕ ӕнӕуаг хъазӕн ныхӕстӕ дӕр нӕ фидауынц, уый бӕсты арфӕ кӕнут Хуыцауӕн.5:4 Мф. 12:36; Эф. 4:29.
5 Зындгонд уын хъуамӕ уа: нӕдӕр хӕтагӕн, нӕдӕр чъизи адӕймагӕн, нӕдӕр кӕрӕфӕн, – уымӕн ӕмӕ кӕрӕф мӕнгхуыцауӕн кувӕг у, – Чырыстийы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хай нӕ уыдзӕн.5:5 1 Кор. 6:10.
6 Дзӕгъӕлдзырдӕй уӕ мачи асайӕд. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау Йӕ азар ныккалдзӕн, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл.5:6 Мф. 24:4; Мк. 13:5; Лк. 21:8; 2 Фес. 2:3.
7 Уӕдӕ уын уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд.
Рухсы хъӕбултӕ
8 Сымах кӕддӕр талынджы уыдыстут, ныр та рухсы стут Хицауимӕ. Уӕдӕ цӕрут рухсы хъӕбулты цардӕй,5:8 Ин. 8:12; 12:36.
9 Уымӕн ӕмӕ рухс кӕм ис, уым сты алы хорздзинад, рӕстад ӕмӕ ӕцӕгад.5:9 Гал. 5:22.
10 Архайут, Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый базоныныл,
11 Ӕмӕ уын талынджы хъӕбулты ӕнӕпайда хъуыддӕгтимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.5:11 2 Кор. 6:14; 1 Тим. 5:20.
12 Уымӕн ӕмӕ уыдон сусӕгӕй цы кӕнынц, уыдӕттӕн суанг сӕ кой дӕр худинаг у.
13 Рухсмӕ цыдӕриддӕр рахастӕуы, уый раргом вӕййы, ӕмӕ цы раргом уа, уый та рухс фесты.5:13 Ин. 3:20.
14 Уый тыххӕй у загъд: «Райхъал у, фынӕй, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».5:14 Ром. 6:4.
15 Уӕдӕ кӕсут уӕ цардмӕ; уӕхи дарут ӕнӕзӕндтау нӕ, фӕлӕ зондджынтау.5:15 Кол. 4:5.
16 Пайда кӕнут алы фадатӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕвзӕр у.
17 Ӕнӕмбаргӕ ма ут, фӕлӕ базонут, Хицауӕн фӕндон цы у, уый.5:17 Ром. 12:2; 1 Фес. 4:3.
18 Фыднозт ма кӕнут сӕн, уымӕн ӕмӕ уый расайы хӕлд митӕ. Фӕлтау хайджын кӕнут Сыгъдӕг Удӕй.5:18 Лк. 21:34.
19 Куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ; зӕрдиагӕй заргӕйӕ стаут Хицауы.5:19 Кол. 3:16.
20 Иудадзыг ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй бузныг ут Фыд-Хуыцауӕй.5:20 Кол. 3:17; 1 Фес. 5:18.
21 Чырыстийы тас уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийӕн ут коммӕгӕс.
Чырыстон бинонтӕ
22 Сылгоймӕгтӕ, цыма Хицауы коммӕ кӕсут, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс.5:22 Кол. 3:18; Тит. 2:5.
23 Уымӕн ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймаджы хицау у, Чырысти Аргъуаны хицау куыд у, афтӕ. Чырысти у Йӕ буары, Аргъуаны, Ирвӕзынгӕнӕг дӕр.5:23 1 Кор. 11:3; Эф. 1:22.
24 Фӕлӕ Аргъуан Чырыстийӕн куыд коммӕгӕс у, афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр кӕддӕриддӕр хъуамӕ кӕсой сӕ лӕгты коммӕ.
25 Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти Аргъуан куыд бауарзта, афтӕ – йӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн,5:25 Гал. 1:4; Кол. 3:19.
26 Цӕмӕй йӕ цӕхса дон ӕмӕ ныхасӕй, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй снывонд кӕна Хуыцауӕн,5:26 1 Пет. 3:21; Тит. 3:5; Дзут. 9:14.
27 Ӕрлӕууын ӕй кӕна Йӕ разы намысджын Аргъуанӕй, ӕнӕ сау стъӕлфӕй, ӕнӕ къӕмӕй, ӕнӕ ӕндӕр исты аиппӕй, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау куыд уа, афтӕ.5:27 2 Кор. 11:2; Эф. 1:4.
28 Лӕгтӕ сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый йӕхи уарзы.
29 Йӕ буар ӕнӕуынон никуы никӕмӕн уыди, фӕлӕ йӕ алчидӕр ӕфсады ӕмӕ йыл мӕт кӕны. Афтӕ Чырыстийӕн дӕр Йӕ мӕт Аргъуаныл у,
30 Уымӕн ӕмӕ мах Йӕ Буары уӕнгтӕ стӕм.
31 «Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕ уыдзысты иу буар».5:31 Мф. 19:5; Мк. 10:7; 1 Кор. 6:16.
32 Уыцы ныхӕсты стыр сусӕгдзинад ӕвӕрд ис, ӕмӕ ӕз зӕгъын: уый хауы Чырысти ӕмӕ Аргъуанмӕ.
33 Уыимӕ хауы сымахмӕ дӕр: алчидӕр йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы, ус та стъӕлфӕд йӕ лӕгӕй.
6Сывӕллӕттӕ ӕмӕ ныййарджытӕ
1 Сывӕллӕттӕ, ут уӕ ныййарджытӕн коммӕгӕс, уымӕн ӕмӕ афтӕ раст у.6:1 Мф. 15:4; Мк. 7:10; Кол. 3:20.
2 «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» – ахӕм у фыццаг фӕдзӕхст зӕрдӕвӕрдимӕ:
3 «Уӕд уыдзынӕ фӕрнджын ӕмӕ дзӕвгар фӕцӕрдзынӕ зӕххыл».
4 Сымах дӕр, ныййарджытӕ, ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, фӕлӕ сӕ хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕнут Хицауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ.
Цагъартӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ
5 Цагъартӕ, цыма Чырыстийы коммӕ кӕсут, афтӕ зӕрдиагӕй коммӕгӕс ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн, тӕрсут сӕ хъыджы бацӕуынӕй.6:5 1 Пет. 2:18; Кол. 3:22; Тит. 2:9.
6 Сӕ зӕрдӕ сын балхӕнынӕн цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут, Хуыцауы фӕндон ӕнувыдӕй чи ӕххӕст кӕны, Чырыстийы уыцы цагъартау.
7 Кусут сын зӕрдӕрайгӕйӕ, адӕмӕн кусӕгау нӕ, фӕлӕ Хицауӕн цыма лӕггад кӕнут, афтӕ.
8 Уӕ зӕрдыл дарут: алчидӕр, цагъар уа ӕви сӕрибар, Хицауӕй райсдзӕни хорзӕх йӕ алы хорз хъуыддаджы тыххӕй дӕр.6:8 2 Кор. 5:10.
9 Сымах дӕр, хицӕуттӕ, уӕ цагъартӕм кӕсут ахӕм цӕстӕй, ныууадзут уе ’ртхъирӕнтӕ. Хъулон Чи никӕй кӕны, сымахӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр уӕлӕрвты ахӕм Хицау кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.6:9 Гал. 2:6.
Хуыцауы хотыхтӕ
10 Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут, Хицауимӕ кӕй стут, уымӕй, ӕмӕ Йӕ домбай хъаруйӕ.
11 Уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, уӕ бон хӕйрӕджы мӕнгард миты ныхмӕ лӕууын куыд уа, афтӕ.6:11 Ром. 13:12; 1 Фес. 5:8.
12 Уымӕн ӕмӕ нӕ тох адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ ӕнӕбуар ӕлдӕртты ӕмӕ барджынты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕлдӕфы чи ис, уыцы фыдӕххӕссӕг удты ныхмӕ.6:12 Ин. 12:31; 14:30; Эф. 2:2.
13 Уый тыххӕй уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, цӕмӕй фыдбылызы бон куы ралӕууа, уӕд уӕм разына ныхмӕ ӕрлӕууыны хъару, фӕуӕлахиз уат ӕппӕтыл дӕр, ӕмӕ ма фӕцудат.
14 Уӕдӕ фидар лӕуут, уӕ астӕутӕ ӕрбалвасут ӕцӕгадӕй, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстады згъӕрхӕдон.6:14 Лк. 12:35; 1 Пет. 1:13.
15 Фидыды уац хъусын кӕнынмӕ цӕттӕдзинад уӕд уӕ къахыдарӕс.
16 Кӕддӕриддӕр уӕм уӕд, хӕйрӕджы ӕппӕт судзгӕ фӕттӕ кӕмӕй ахуыссын кӕндзыстут, уый – уырнынады уарт.
17 Ирвӕзындзинад уӕд уе згъӕрхуд, ӕмӕ райсут Уды лӕвӕрд цирхъ – Хуыцауы ныхас.6:17 1 Фес. 5:8; Дзут. 4:12.
18 Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.6:18 Лк. 18:1; Кол. 4:2.
19 Кувут мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд мын Хуыцау ратта ӕвзаг, ӕмӕ ӕз ныфсджынӕй раргом кӕнон фарны уацы сусӕгдзинад.6:19 2 Фес. 3:1.
20 Рӕхыстӕй бастӕй дӕр ӕз уыцы фарны уацы минӕвар дӕн. Кувут, цӕмӕй йӕ фехъусын кӕнон ныфсджынӕй, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ.6:20 Ап. хъ. 21:11.
Саламтӕ
21 Цӕмӕй сымахӕн дӕр мӕ уавӕртӕ ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕ зындгонд уой, уый тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн Тихик, нӕ уарзон ӕфсымӕр ӕмӕ Хицауӕн иузӕрдион кусӕг.6:21 Ап. хъ. 20:4; Кол. 4:7.
22 Ӕз ӕй сымахмӕ ӕрвитын, цӕмӕй базонат мах тыххӕй ӕмӕ уӕ бауадза ныфс.
23 Ӕфсымӕртӕн фарн ӕмӕ уарзт уырнындзинадимӕ Фыд-Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.
24 Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы чи уарзы, уыдон сеппӕт дӕр хайджын уӕнт Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ цардӕй.