Апостол Павелы фыстӕг колоссӕгтӕм

1

Павел бузныг у Хуыцауӕй

1 Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ не ’фсымӕр Тимофейӕ –

2 Чырыстиимӕ иу чи у, Колоссты уыцы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕм.

3 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй [ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ]. Мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй ӕмӕ арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн – нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Фыдӕн,1:3 Флп. 1:3.

4 Уымӕн ӕмӕ мах фехъуыстам: сымах ӕууӕндут Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзут ӕппӕт сыгъдӕджыты.1:4 Дзут. 6:10.

5 Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕн сӕ бындур у, уӕлӕрвты уын ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдоныл уӕ зӕрдӕ кӕй дарут, уый. Уыцы зӕрдӕдарӕны тыххӕй сымах фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы – фарны уацы.

6 Уыцы фарны уац ӕрхӕццӕ сымахмӕ, ӕмӕ ӕппӕт дунейы куыд ӕнтыстджын у ӕмӕ парахат кӕны, афтӕ йын ӕнтысы сымахмӕ дӕр, Хуыцауы хорзӕх ӕцӕг цавӕр у, ахӕмӕй йӕ куы фехъуыстат ӕмӕ базыдтат, уӕдӕй фӕстӕмӕ.1:6 Мф. 13:8; Ин. 15:16.

7 Фарны уац сымах базыдтат нӕ уарзон ӕмкусӕг Эпафрасӕй – уый уӕ сӕраппонд ӕнувыдӕй кусы Чырыстийӕн.

8 Эпафрас нын радзырдта, Хуыцауы Уд уӕм цы уарзт райхъал кодта, уый тыххӕй.

Хорзӕх – Чырыстийы фӕрцы

9 Уый цы бон фехъуыстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ мах дӕр иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй ӕмӕ курӕм, цӕмӕй уын Хуыцау Йӕ Уды фӕрцы ратта ӕппӕт зонд ӕмӕ ӕмбарынад, ӕмӕ Йын ӕххӕстӕй базонат Йӕ фӕндон.1:9 Ром. 12:2.

10 Уӕд уӕ цард Хицауӕн уыдзӕн фӕндиаг, ӕппӕт алцӕмӕй дӕр Ын ӕлхӕндзыстут Йӕ зӕрдӕ, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр хӕсдзӕн пайда, Хуыцауы зондзыстут фылдӕрӕй-фылдӕр.1:10 Эф. 4:1; Флп. 1:27; 1 Фес. 2:12.

11 Йе стыр хъомыс ӕфтауӕд уӕ тыхыл, скӕнӕд уӕ фидар ӕмӕ фӕразон,1:11 Ап. хъ. 5:41.

12 Ӕмӕ цингӕнгӕ арфӕ кӕнат, рухсмӕ уӕ Чи ӕрхуыдта, сыгъдӕджытӕн ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдонӕй уӕ хай райсыны аккаг Чи скодта, уыцы Фыдӕн.1:12 Ап. хъ. 26:18.

13 Уый мах фервӕзын кодта талынджы уацарӕй ӕмӕ нӕ бакодта Йӕ уарзон Фырты Паддзахадмӕ –1:13 Мф. 3:17; Дзут. 2:15.

14 Фырт не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыр сты нӕ тӕригъӕдтӕ.1:14 Ром. 3:25.

15 Уый райгуырд ӕппӕт сфӕлдисыны размӕ, Уый у, цӕстӕй Кӕй нӕ уынӕм, уыцы Хуыцауы Халдих.1:15 Дзут. 1:3.

16 Уымӕн ӕмӕ арвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ цы нӕ уынӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд: уӕларвон уӕлдӕр бынӕттӕ, хицӕуттӕ, ӕлдӕрттӕ, барджынтӕ – ӕппӕт дӕр Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн сфӕлдыстӕуыд.1:16 Ин. 1:3; Эф. 3:9; Дзут. 1:2.

17 Ӕппӕт сфӕлдысты размӕ дӕр Уый ис, ӕмӕ ӕппӕтыл дӕр Уый хӕцы.1:17 Ин. 1:1.

18 Уый у Йӕ буары, Аргъуаны, Сӕр. Уый у сӕрӕвӕрӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа Йӕ дӕлбар.1:18 Ром. 8:29; 1 Кор. 15:20; Эф. 1:22.

19 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй Йеппӕт миниуджытӕ уой Чырыстимӕ,1:19 Кол. 2:9.

20 Ӕмӕ Чырыстийы фӕрцы ӕппӕт дӕр бафидауын кӕна Йемӕ. Чырысти дзуарыл цы Туг ныккалдта, уымӕй Хуыцау бафидауын кодта уӕларвонты ӕмӕ зӕххонты.1:20 Лк. 2:14.

21 Кӕддӕр сымах дӕр Хуыцауӕн уыдыстут ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ Йе знӕгтӕ, ӕмӕ уый ӕвдыстат уе ’взӕр хъуыддӕгтӕй.

22 Ныр та уӕ бафидауын кодта Йемӕ, Чырысти адӕймаджы буары кӕй амард, уый фӕрцы, цӕмӕй Хуыцауы раз уат сыгъдӕг, ӕнаипп ӕмӕ ӕнӕфау.1:22 Лк. 1:75; Ром. 5:10; 1 Кор. 1:2; Эф. 1:4; Тит. 2:14.

23 Ныр уӕ уырнындзинад иудадзыг хъуамӕ уа фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, сымах цы фарны уац фехъуыстат, уый уын цы зӕрдӕдарӕн дӕтты, ууыл ма фӕгуырысхо уат. Уыцы фарны уац хъуыстгонд ӕрцыди дунейы ӕппӕт адӕмӕн, ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн йӕ кусӕг.

Павелы лӕггад Аргъуанӕн

24 Ныртӕккӕ амондджын дӕн, уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, уыцы хъизӕмӕрттӕй. Мӕ буары хъизӕмӕрттӕй ӕз архайын Чырыстийы тухӕнтӕ баххӕст кӕныныл Йӕ Буары, Аргъуаны, сӕраппонд.1:24 Ром. 5:3.

25 Ӕз сдӕн Йӕ уыцы Аргъуаны кусӕг, цӕмӕй саразон, уӕ пайдайӕн мын Хуыцау цы бафӕдзӕхста, уый – Хуыцауы ныхас ӕххӕстӕй фехъусын кӕнын.1:25 1 Кор. 4:1; 9:17.

26 Ӕз хъуамӕ адӕммӕ фӕхӕссон, рагзаманӕй ӕппӕт фӕлтӕртӕ кӕй нӕ зыдтой, ныр та Хуыцау сыгъдӕджытӕн кӕй раргом кодта, Йӕ уыцы сусӕгдзинад.1:26 Ром. 14:24; Эф. 3:9.

27 Хуыцауы бафӕндыд, уыцы сусӕгдзинады ӕппӕт адӕмтӕн цы намысы хӕзна ис, уый Йӕ сыгъдӕджытӕн равдисын. Уыцы сусӕгдзинад у, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры ӕмӕ Йӕ фӕрцы Хуыцауы намысӕй хай райсыныл уӕ зӕрдӕ кӕй дарут, уый.1:27 Ром. 9:23; Эф. 3:17.

28 Мах хъусын кӕнӕм Чырыстийы тыххӕй; ӕппӕт зонынадӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ, зонд амонӕм ӕмӕ ахуыр кӕнӕм алы адӕймаджы дӕр, цӕмӕй алы адӕймаджы дӕр Хуыцауы раз ӕрлӕууын кӕнӕм, Чырыстиимӕ кӕй ис, уый руаджы ӕнаиппӕй.1:28 2 Кор. 11:2.

29 Ӕз уый сӕраппонд кусын ӕмӕ мӕхи хъарын, Чырысти мын кӕмӕй хай кӕны, Йӕ уыцы домбай хъаруйӕ.1:29 1 Кор. 15:10; Флп. 2:13.

2

1 Фӕнды мӕ, цӕмӕй зонат, уӕ сӕраппонд, стӕй лаодикиӕгты ӕмӕ мӕ лӕгӕй-лӕгмӕ чи нӕ зоны, уыдоны сӕраппонд дӕр куыд бирӕ кусын, уый.

2 Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзийыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад – Чырыстийы.2:2 Флп. 3:8.

3 Зонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты.2:3 1 Кор. 1:30.

4 Ӕз уын уыдӕтты тыххӕй уымӕн зӕгъын, цӕмӕй уӕ мачи асайа къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй.

5 Уымӕн ӕмӕ мӕхӕдӕг уемӕ нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ уд уемӕ ис, ӕмӕ цин кӕнын, уӕ цард нывыл кӕй у ӕмӕ Чырыстийыл фидарӕй кӕй ӕууӕндут, ууыл.2:5 1 Кор. 5:3.

Чырыстон цард

6 Уӕдӕ Хицау Йесо Чырыстийыл зӕрдиагӕй куыд баууӕндыдыстут, афтӕ ут Йемӕ ӕмӕ Йын уӕ цард уӕд фӕндон.

7 Куыд уын бацамындӕуыд, афтӕ Йӕ скӕнут уӕ царды бындур, рӕзӕд уӕ уырнындзинад, ӕмӕ кӕддӕриддӕр ут бузныг.2:7 1 Кор. 1:5; Эф. 3:7.

8 Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.2:8 Эф. 5:6; Дзут. 13:9.

9 Адӕймаджы буар Йӕ уӕлӕ Чи скодта, уыцы Чырыстимӕ сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ.2:9 Ин. 1:14; Кол. 1:19.

10 Чырыстиимӕ иугондӕй сымах ӕххӕст стут ӕппӕтӕй дӕр. Уый лӕууы ӕппӕт уӕларвон ӕлдӕртты ӕмӕ барджынты сӕргъы.2:10 Эф. 1:22.

11 Сымах баиу стут Чырыстиимӕ, ӕмӕ ӕрцыдыстут сунӕтгонд. Уыцы сунӕт уын скодта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Чырысти, ӕмӕ афтӕмӕй фервӕзтыстут тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй –2:11 Ром. 2:29; Гал. 3:27.

12 Аргъуыды рӕстӕг Чырыстиимӕ ӕрцыдыстут ныгӕд ӕмӕ, Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Хуыцауы тыхыл ӕууӕндгӕйӕ, райгас стут Йемӕ.2:12 Ром. 6:4; Эф. 1:19.

13 Сымах уӕ тӕригъӕдты ӕмӕ уӕ ӕнӕсунӕт ӕрдзыхъӕды аххосӕй уыдыстут мард, фӕлӕ уӕ Хуыцау райгас кодта Чырыстиимӕ. Хуыцау нын ныббарста неппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр,2:13 Эф. 2:1.

14 Аивта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ ныхмӕ чи уыди, нӕ хӕсты уыцы номхыгъд, скодта йын кӕрон – байтыгъта йӕ дзуарыл.2:14 Эф. 2:15.

15 Ӕнӕбуар ӕлдӕрттӕн ӕмӕ барджынтӕн байста сӕ хотыхтӕ, фӕуӕлахиз сыл дзуарӕй ӕмӕ дунейӕн равдыста, уыдоны ӕгадмӕ кӕй ӕртардта, уый.2:15 Эф. 4:8; Дзут. 2:14.

16 Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй иставӕр бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй.2:16 Ром. 14:6.

17 Уыдӕттӕ сты, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕн йӕ аууон. Цы ӕрцыд, уый та Чырысти у.2:17 Дзут. 10:1.

18 Се ’нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ исчи уӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕд. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй.2:18 2 Кор. 11:14.

19 Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕрыл, хӕст не сты. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти – буар кӕрӕдзийыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы, ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй.2:19 Эф. 4:15.

Ног цард

20 Кӕд сымах Чырыстиимӕ амардыстут ӕмӕ а дунейы ӕгъдӕуттӕй ссӕрибар стут, уӕд ма, цыма дунейы цӕрут, уыйау цӕмӕн кӕсут уыдоны коммӕ:2:20 Ром. 7:4.

21 «Дӕ къухмӕ йӕ ма райс!», «Ма дзы бахӕр!», «Ма йыл бандзӕв!»?

22 Уыцы ӕгъдӕуттӕ цӕуыл дзурынц, ӕппӕт уыдӕттӕ нал фӕбӕззынц се спайда кӕныны фӕстӕ. Уыдон иууылдӕр сты адӕмы ӕрхъуыдыгонд фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ.2:22 Мф. 15:9.

23 Ахӕм уагӕвӕрдтӕ ӕрхъуыдыгонд динимӕ, ӕгӕр сӕрныллӕгимӕ ӕмӕ буар ӕнӕхъуаджы домынимӕ ӕддаг бакастӕй зондджын зынынц, ӕцӕгӕй та тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдыл сӕ бон нӕ цӕуы.

3

1 Уӕдӕ кӕд сымах Чырыстиимӕ райгас стут, уӕд тырнут уӕлӕрвтӕм, Чырысти Хуыцауы рахиз фарс кӕм бады, уырдӕм.3:1 Мк. 16:19; Ром. 8:34.

2 Уӕ хъуыдытӕ уӕнт зӕххон цардыл нӕ, фӕлӕ уӕларвон цардыл,3:2 Флп. 3:20.

3 Уымӕн ӕмӕ сымах амардыстут, ӕмӕ уӕ цард Чырыстиимӕ Хуыцаумӕ ис ӕмӕ ӕргом нӕма у.3:3 Ром. 8:24; Гал. 2:20.

4 Уӕ цард, Чырысти, куы раргом уа, уӕд Йемӕ раргом уыдзӕн уӕ намыс дӕр.3:4 1 Ин. 3:2; Флп. 3:21.

5 Уӕдӕ амарут уӕ зӕххон уӕнгтӕ: хӕтын, чъизи митӕ, ӕлгъаг мондӕгтӕ, кӕрӕф, уымӕн ӕмӕ кӕрӕф мӕнгхуыцаумӕ кувын у.3:5 Эф. 5:3.

6 Уыдӕтты тыххӕй Хуыцау Йӕ фыдӕх ныккалдзӕн Йӕ ныхмӕлӕуджытыл.3:6 1 Кор. 6:9.

7 Се ’хсӕн ма куы цардыстут, уӕд сымах дӕр ахӕм ӕвзӕр митӕ кодтат.

8 Ныр ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ: мӕсты, фыдӕх, фыдгой, ӕнӕуаг ныхӕстӕ.3:8 Ром. 6:4; Эф. 4:22; Дзут. 12:1.

9 Кӕрӕдзийӕн мӕнгтӕ ма дзурут, уымӕн ӕмӕ сымах фервӕзтыстут, раздӕр цы уыдыстут, уыцы адӕймагӕй йӕ хъуыддӕгтимӕ,3:9 Эф. 4:25.

10 Ӕмӕ систут ног адӕймӕгтӕ. Хуыцау уӕ кӕны ногӕй-ногдӕр, цӕмӕй Йӕ базонат ӕмӕ суат уе Сфӕлдисӕджы хуызӕн.3:10 Эф. 4:24.

11 Ныр бердзенаг уай, иудей уай, сунӕтгонд уай, ӕнӕсунӕтгонд уай, талынг адӕмтӕй уай, скиф уай, цагъар уай, сӕрибар уай – уӕлдай нал у. Ӕппӕтдӕр у Чырысти, алкӕй зӕрдӕйы дӕр Уый цӕры.3:11 Гал. 6:15.

12 Сымах Хуыцау сӕвзӕрста, стут Йӕ сыгъдӕг ӕмӕ уарзон адӕм. Уӕдӕ ут тӕригъӕдгӕнаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг, ӕвӕлмас ӕмӕ фӕразон.3:12 Эф. 4:32.

13 Быхсут кӕрӕдзийӕн. Иу уӕ иннӕмӕй хъӕстаг куы уа, уӕд-иу ын ныббарӕд. Чырысти уын куыд ныббарста, афтӕ ут барон.3:13 Мф. 6:14; Ром. 13:8; 15:1.

14 Уыдӕттӕм бафтаут уарзондзинад – уый у ӕппӕт дӕр кӕрӕдзийыл бӕттӕг ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕстгӕнӕг.

15 Чырыстийы фарн разамынд дӕттӕд уӕ зӕрдӕтӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы фарны сӕраппонд ӕрхуындӕуыд сымах ӕмӕ систут иу буар. Ӕмӕ уый тыххӕй ут бузныг.3:15 Эф. 4:3; Флп. 4:7.

16 Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй, Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.3:16 Эф. 5:19.

17 Ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй цыдӕриддӕр аразут, уый уын уӕд Хицау Йесойы номыл, ӕмӕ Йӕ фӕрцы арфӕ кӕнут Фыд-Хуыцауӕн.3:17 Дзут. 13:15.

Чырыстон бинонтӕ

18 Устытӕ, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс.3:18 Эф. 5:22.

19 Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут.3:19 1 Пет. 3:7.

20 Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр ут уӕ ныййарджытӕн коммӕгӕс, уымӕн ӕмӕ уый Хицауӕн фӕндон у.3:20 Эф. 6:1.

21 Ныййарджытӕ, ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, цӕмӕй зӕрдӕсаст ма фӕуой.

Цагъартӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ

22 Цагъартӕ, алы хъуыддаджы дӕр ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн коммӕгӕс. Зӕрдӕ балхӕнынӕн сын цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут зӕрдиагӕй ӕмӕ Хицауӕй тӕрсгӕйӕ.3:22 1 Пет. 2:18; Эф. 6:5; Тит. 2:9.

23 Цыдӕриддӕр кӕнут, уый кӕнут ӕнувыдӕй, адӕмӕн кусӕгау нӕ, фӕлӕ Хицауӕн цыма лӕггад кӕнут, афтӕ.

24 Уӕ зӕрдыл дарут: уӕ фӕллойы тыххӕй уын Хицау ратдзӕн хӕрзиуӕг. Уымӕн ӕмӕ Хицау Чырыстийӕн кусут.

25 Хӕрам хъуыддӕгтӕ чи аразы, уымӕн сӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй – Хуыцау никӕй хъулон кӕны.3:25 Ап. хъ. 10:34; Эф. 6:9.

4

1 Хицӕуттӕ, уӕ цагъартимӕ ут рӕстзӕрдӕ, кӕсут сӕм хорз цӕстӕй. Сымахӕн дӕр уӕларвы Хицау кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.

Зондамонӕн ныхӕстӕ

2 Кувут ӕнувыдӕй, зӕрдиагӕй ӕмӕ Хуыцауӕй бузныгӕй.4:2 Лк. 18:1; Эф. 6:18.

3 Кувут мах тыххӕй дӕр, цӕмӕй нын Хуыцау ратта фадат, ӕз ахӕстоны кӕй сӕраппонд дӕн, Чырыстийы уыцы сусӕгдзинадыл дзурынӕн.4:3 1 Кор. 16:9.

4 Кувут, цӕмӕй уыцы сусӕгдзинад ӕз раргом кӕнон, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ.

5 Ӕнӕуырнджытимӕ уӕхи дарут зондджынӕй, алы фадатӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ.4:5 Эф. 5:15.

6 Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл, ӕмӕ зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.

Саламтӕ

7 Мӕн тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн нӕ уарзон ӕфсымӕр Тихик, Хицауӕн мемӕ чи кусы, мӕ уыцы иузӕрдион ӕххуысгӕнӕг.

8 Ӕз уӕм ӕй уымӕн ӕрвитын, цӕмӕй уын радзура нӕ уавӕрты тыххӕй ӕмӕ уын барӕвдауа уӕ зӕрдӕтӕ.

9 Ӕрвитын уӕм ӕй, сымахӕрдыгон чи у, нӕ уыцы иузӕрдион ӕмӕ уарзон ӕфсымӕр Онисимимӕ. Уыдон уын радзурдзысты амы ӕппӕт хабӕрттӕ.

10 Салам уын дӕттынц, мемӕ ахст чи у, уыцы Аристарх, Марк – Варнавӕйы хӕстӕг (куы уӕм ӕрцӕуа, уӕд ыл баузӕлут, зӕгъгӕ, уын кӕй тыххӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уый),

11 Ӕмӕ Иуст кӕй хонынц, уыцы Йесо. Сунӕтгӕндтӕй ӕрмӕст уыдон кусынц мемӕ Хуыцауы Паддзахадӕн; стыр ныфс мын сты.

12 Салам уын дӕтты уӕхи Эпафрас, Йесо Чырыстийы цагъар. Уый иудадзыг сымах тыххӕй кувы ӕнувыдӕй, цӕмӕй уат ӕнӕфӕцудгӕ, ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндат Хуыцауыл ӕмӕ Йын уат алцӕмӕй дӕр коммӕгӕс.

13 Ӕз ӕвдисӕн дӕн, уӕ сӕраппонд, стӕй Лаодикийы ӕмӕ Иераполы чи ис, уыдоны сӕраппонд Эпафрас куыд бирӕ кусы, уымӕн.

14 Салам уын дӕттынц нӕ уарзон дохтыр Лука ӕмӕ Димас.

15 Салам раттут лаодикиаг ӕфсымӕртӕн, стӕй Нимфасӕн ӕмӕ, йӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕн.

16 Ацы фыстӕг уӕ аргъуаны куы бакӕсат, уӕд бакӕнут афтӕ, цӕмӕй йӕ бакӕсой Лаодикийы аргъуаны дӕр; Лаодикийӕ цы фыстӕг райсат, уый та сымах бакӕсут.

17 Зӕгъут Архиппӕн: «Хицау дын дӕ бӕрны цы куыст бакодта, ууыл у ӕнувыд – кӕронмӕ йӕ ахӕццӕ кӕн».

18 Ӕз, Павел, мӕ салам ныффыстон мӕхи къухӕй. Ӕз рӕхыстӕй баст кӕй дӕн, уый уӕ рох ма уӕд. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд.