Апостолты хъуыддӕгтӕ
1Зӕрдӕвӕрд Сыгъдӕг Уд рарвитынӕй
1 Фыццаг чиныг, Феофил, ӕз ныффыстон, Йесо тӕккӕ райдианӕй, уӕлӕрвтӕм Ӕй куы систӕуыд, уӕды онг цы куыста ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй.+ 1:1 Лк. 1:3.
2 Кӕй сӕвзӕрста, уыцы апостолтӕн Йӕ ацыды размӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы загъта, цы гӕнгӕ сын у, уый тыххӕй.+ 1:2 Мк. 16:15; Ин. 20:21.
3 Йӕ тухӕнты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты ӕрцыд апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.+ 1:3 Мф. 28:7; Мк. 16:14.
4 Иухатт сӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Иерусалимӕй макӕдӕм ацӕут, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уын Ӕз цӕй тыххӕй дзырдтон, уымӕ.+ 1:4 Лк. 24:49; Ин. 14:26.
5 Уымӕн ӕмӕ Иоанн аргъуыдта донӕй, сымах та цалдӕр боны фӕстӕ аргъуыд уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй».+ 1:5 Мф. 3:11; Мк. 1:8.
Йесо ацыд уӕлӕрвтӕм
6 Апостолтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Ӕй бафарстой: «Хицау, Израилы паддзахад йӕ къӕхтыл ныртӕккӕ слӕууын кӕндзынӕ?»
7 Йесо сын загъта: «Сымахӕн не ’мбӕлы, Мӕ Фыд Йӕ бартӕм гӕсгӕ цы рӕстӕджытӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ сӕвӕрдта, уыдон зонын.
8 Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд райсдзыстут тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Иерусалимы, ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ».+ 1:8 Лк. 24:49; Ап. хъ. 2:32.
9 Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ сӕ цӕстыты раз Йесойы систӕуыд, ӕврагъ Ӕй ӕрбатыхта ӕмӕ Йӕ апостолтӕ нал федтой.+ 1:9 Мк. 16:19; Лк. 24:51.
10 Йесо уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр куы цыд ӕмӕ сӕ цӕстытӕ арвӕй куы нал истой, уӕд ӕваст сӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы урс-урсид дарӕсы,
11 Ӕмӕ загътой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, уыцы Йесо ӕрыздӕхдзӕн, ныртӕккӕ Йӕ уӕлӕрвтӕм ацӕугӕ куыд федтат, афтӕ».+ 1:11 Мф. 25:31; 26:64; 1 Фес. 1:10; Ӕрг. 1:7.
Матфийы сӕвзӕрстой апостолӕй
12 Уӕд апостолтӕ раздӕхтысты Иерусалиммӕ, Елеон цы хох хуындӕуы, уымӕй. Уыцы хох Иерусалиммӕ хӕстӕг у – сабаты бонцауы+ 1:12 |iСабаты бонцау|r – иу километры бӕрц. Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уыйбӕрц ацӕуыны бар уыди дзуттӕгтӕн сабаты. дӕрддзӕфӕн.
13 Куы ӕрцыдысты, уӕд схызтысты уӕллаг уатмӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уыдысты уым – Петр, Иоанн, Иаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Иаков, Симон Зилот ӕмӕ Иаковы ӕфсымӕр Иудӕ.+ 1:13 Мф. 10:2.
14 Сеппӕт дӕр иудадзыг куывтой ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕмзӕрдӕйӕ; семӕ ма уыдысты сылгоймӕгтӕ, стӕй Йесойы Мад Мариа ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ.
15 Иухатт Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз
16 (Уыди дзы сӕдӕ дыууын адӕймаджы бӕрц) ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Сыгъдӕг Уд развӕлгъау Сыгъдӕг Фысты Давиды дзыхӕй Иудӕйы тыххӕй цы загъта, уый – Иудӕ сси, Йесойы чи ӕрцахста, уыдоны ӕрбакӕнӕг,+ 1:16 Ин. 13:18; 18:3.
17 Кӕд махӕй уыди ӕмӕ йӕм немӕ кусыны хал ӕрхауди, уӕддӕр.
18 Йӕ фыдракӕнды тыххӕй цы мызд райста, уымӕй балхӕдта зӕхх; уым ӕрхауд, йӕ гуыбын аскъуыд ӕмӕ йӕ хуылфыдзаумӕттӕ иууылдӕр ракалдысты.+ 1:18 Мф. 27:5.
19 Уый базыдтой Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕ, ӕмӕ уыцы зӕхх сӕ мадӕлон ӕвзагыл схуындӕуыд Акелдамӕ (ома, Туджы зӕхх).
20 Псаломты чиныджы та фыст у: „Йӕ кӕрт баззайӕд афтидӕй, цӕрӕг дзы ма уӕд", ӕмӕ: „Йӕ бынат ӕрхауӕд ӕндӕрмӕ".
21 Уӕдӕ нӕ сӕвзарын хъӕуы, Хицау Йесо не ’хсӕн куы царди, уӕд –
22 Иоанн куы аргъуыдта, уыцы заманӕй, Йесойы махӕй уӕларвмӕ куы систӕуыд, уӕды онг – иудадзыг немӕ цы лӕгтӕ уыд, уыдонӕй иуы. Уый, махау, хъуамӕ суа ӕвдисӕн Йесойы райгасӕн».
23 Ӕмӕ бахастой фӕндон дыууӕйы тыххӕй: фӕсномыгӕй Варсава кӕнӕ Иуст кӕй хуыдтой, уыцы Иосифы, ӕмӕ Матфийы тыххӕй.
24 Уӕд бакуывтой: «Хицау, Ды алкӕй зӕрдӕ дӕр зоныс. Равдис нын, ацы дыууӕйӕ кӕй сӕвзӕрстай, уый,
25 Цӕмӕй кӕна апостолы куыст, уымӕн ӕмӕ Иудӕ ныууагъта уыцы куыст ӕмӕ ацыд, кӕм хъуамӕ уа, уырдӕм».
26 Сӕппӕрстой хӕлттӕ, схауд Матфийы хал, ӕмӕ иуӕндӕсимӕ сси апостол.
2Сыгъдӕг Уды ӕрцыд
1 Хорысӕры бӕрӕгбон куы ралӕууыд, уӕд сеппӕт дӕр уыдысты иумӕ.
2 Ӕмӕ ӕвиппайды, цыма тыхджын дымгӕ сыстад, уыйау арвӕй ӕрцыд уынӕр, ӕмӕ уынӕрӕй байдзаг, кӕм уыдысты, уыцы хӕдзар.+ 2:2 Мф. 3:11; Ап. хъ. 1:5; 11:15; 19:6.
3 Ӕмӕ сӕм фӕзынди арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ; уыцы ӕвзӕгтӕ фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ, ӕмӕ дзы алкӕуыл дӕр ӕрӕнцад иу.
4 Уӕд сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой дзурын ӕндӕр ӕвзӕгтыл, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.+ 2:4 Мк. 16:17; 1 Кор. 12:10, 28.
5 Уыцы рӕстӕг Иерусалимы уыдысты, дунейы алы адӕмты ӕхсӕн чи цард, уыцы дингӕнӕг иудейтӕ.
6 Уынӕр куы райхъуыст, уӕд бирӕтӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ хорзау нал фесты: дзурджыты алчидӕр хъуыста йӕхи ӕвзагыл дзургӕ.
7 Уый сӕ бафтыдта дисы ӕмӕ дзырдтой: «Чи дзуры, уыдон иууылдӕр галилейӕгтӕ не сты, ӕви?
8 Махӕй сӕ алчидӕр йӕ мадӕлон ӕвзагыл дзургӕ куыд хъусы?
9 Мах – парфиӕгтӕ, мидиӕгтӕ ӕмӕ эламӕгтӕ, Месопотамийы, Иудейӕйы ӕмӕ Каппадокийы, Понт ӕмӕ Асийы,
10 Фриги ӕмӕ Памфилийы, Мысыры ӕмӕ, Киринимӕ хӕстӕг чи у, Ливийы уыцы бынӕтты цӕрджытӕ, Ромӕй ӕрцӕуджытӕ, иудейтӕ ӕмӕ Хуыцауыл баууӕндӕг муртаттӕ,
11 Критӕгтӕ ӕмӕ аравиӕгтӕ – неппӕт дӕр сӕ хъусӕм Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй нӕхи ӕвзӕгтыл дзургӕ».
12 Цытӕ цӕуы, уый не ’мбаргӕйӕ сеппӕт дӕр кӕрӕдзийӕн дисгӕнгӕ дзырдтой: «Ай цы уа?»
13 Иннӕтӕ та сыл худтысты: «Адджын сӕнӕй сӕхимӕ ӕгӕр фӕкастысты».
Петры ныхас
14 Уӕд Петр слӕууыд иуӕндӕс апостолимӕ ӕмӕ райдыдта адӕмӕн хъӕрӕй дзурын: «Иудейаг лӕгтӕ ӕмӕ Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕ! Лӕмбынӕг байхъусут мӕ ныхӕстӕм ӕмӕ уын зындгонд уӕд:
15 Сымах куыд ӕнхъӕл стут, хъуыддаг афтӕ нӕу: адон расыг не сты – ныр боны ӕртыккӕгӕм сахат+ 2:15 Сахӕттӕ амынд сты рагон нымадӕй (кӕс дзырдуаты). у.
16 Фӕлӕ сӕххӕст, Иоил-пехуымпар рагагъоммӕ цы загъта, уый:
17 „Ӕмӕ рӕстӕджы кӕрон, зӕгъы Хуыцау, Мӕ Удӕй бахай кӕндзынӕн алы адӕймагӕн дӕр. Пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ; уӕ лӕппутӕ уындзысты, цы сын раргом кӕнон, уыдӕттӕ; уӕ зӕрӕдтӕ та уындзысты Мӕнӕй лӕвӕрд фынтӕ.+ 2:17 Ин. 7:39; Ап. хъ. 11:28; 16:9; 21:9.
18 Уыцы бонты Мӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕн бахай кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, ӕмӕ кӕндзысты пехуымпариуӕг.
19 Равдисдзынӕн диссӕгтӕ уӕлейӕ, арвыл, ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ бынӕй, зӕххыл: туг, арт ӕмӕ фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ.
20 Хур баталынг уыдзӕн, ӕмӕ мӕй фестдзӕн туджы хуызӕн, цалынмӕ Хицауы стыр ӕмӕ намысджын бон ралӕууа, уӕдмӕ.
21 Ӕмӕ уыдзӕн афтӕ: Хицауы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн".+ 2:21 Ром. 10:13.
22 Израилӕгтӕ, байхъусут ацы ныхӕстӕм: Назаретаг Йесойы уын Хуыцау равдыста стыр хъуыддӕгтӕй, диссӕгтӕй ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕ уыцы Лӕджы фӕрцы Хуыцау скодта уе ’хсӕн, уӕхӕдӕг куыд зонут, афтӕ.
23 Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йесо лӕвӕрд ӕрцыд сымахмӕ, ӕмӕ Йӕ муртатты къухтӕй бахуыдтат дзуармӕ ӕмӕ Йӕ амардтат.
24 Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыс ӕмӕ Йӕ райгас кодта, уымӕн ӕмӕ адзалы бон Йӕ бауромын нӕ уыд.+ 2:24 Ин. 10:18; Ап. хъ. 3:15, 4:10.
25 Давид Йесойы тыххӕй афтӕ зӕгъы: „Хицау кӕддӕриддӕр мӕ цӕстыты раз уыд; мӕ рахиз фарс ис, цӕмӕй ӕз ма фӕцудон.
26 Уымӕ гӕсгӕ райы мӕ зӕрдӕ, ме ’взагыл бадынц цины ныхӕстӕ; суанг мӕ буар дӕр зӕрдӕдаргӕйӕ ӕрӕнцайдзӕн,
27 Уымӕн ӕмӕ мын Ды мӕ уды нӕ ныууадздзынӕ мӕрдтыбӕстӕйы, Дӕ сыгъдӕджы нӕ бамбийын кӕндзынӕ ингӕны.
28 Ды мын бацамыдтай фӕндаг цардмӕ; уыдзынӕн Демӕ, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ бафсаддзынӕ цинӕй".
29 Ме ’фсымӕртӕ, мӕ ныфс хӕссын сымахӕн нӕ рагфыдӕл Давиды тыххӕй зӕгъынмӕ: уый амард, ӕрцыди ныгӕд ӕмӕ йӕ зӕппадз абон дӕр махмӕ ис.+ 2:29 Ап. хъ. 13:36.
30 Давид пехуымпар уыд ӕмӕ зыдта: Хуыцау ын расомы кодта, йӕ паддзахад ын йӕ байзӕддӕгтӕй иуӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй.+ 2:30 Лк. 1:69.
31 Давид уыдта фидӕн, ӕмӕ загъта Чырыстийы райгасы тыххӕй, зӕгъгӕ, Йӕ нӕ ныууагъдӕуыд мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ Йӕ буар нӕ бамбыд.+ 2:31 Ап. хъ. 13:37.
32 Уыцы Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах неппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ.+ 2:32 Ин. 15:27; Ап. хъ. 3:15.
33 Йесойы систӕуыд Хуыцауы рахиз фарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды, ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ.+ 2:33 Ин. 14:16.
34 Уымӕн ӕмӕ Давид уӕларвмӕ не ссыди, фӕлӕ зӕгъы: „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс,+ 2:34 Мф. 22:44.
35 Цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ".
36 Уӕдӕ ӕппӕт израилаг адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах Кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Хицау ӕмӕ Чырысти».+ 2:36 Мф. 28:18.
Фыццаг аргъуан
37 Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не ’фсымӕртӕ?»
38 Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут, ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл райсӕд аргъуыд, цӕмӕй уын хатыргонд уой уӕ тӕригъӕдтӕ; ӕмӕ райсдзыстут лӕвар – схайджын уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй.
39 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕн, стӕй дард чи у, уыдонӕн – нӕ Хицау Хуыцау кӕй ӕрхондзӕн, ӕппӕт уыцы адӕмӕн».+ 2:39 Ап. хъ. 3:25.
40 Петр сын дзырдта бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм сидти: «Уӕхи бахизут ацы хӕлд фӕлтӕримӕ фесӕфынӕй».
41 Ӕмӕ йын йӕ ныхасыл чи баууӕндыд, уыдоныл саргъуыдӕуыд, ӕмӕ уыцы бон уырнджытыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц.
Уырнджыты цард
42 Уыдон ӕнувыдӕй хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, ӕмуд-ӕмвӕндӕй арӕзтой дзулсаст ӕмӕ куывтой.
43 Апостолты фӕрцы-иу сарӕзтӕуыд бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ, ӕмӕ алы адӕймаг дӕр тарсти Хуыцауӕй.
44 Уырнджытӕ сеппӕт дӕр уыдысты ӕмуд-ӕмвӕнд, сӕ исбон дӕр иумӕйаг уыд.+ 2:44 Ап. хъ. 4:32.
45 Уӕй кодтой сӕ мулк ӕмӕ ӕхца уӕрстой ӕппӕтыл дӕр, чи цас хъуаг ӕййӕфта, уымӕ гӕсгӕ.
46 Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; хӕдзари-хӕдзар та арӕзтой дзулсаст ӕмӕ сӕ хойраг хордтой хъӕлдзӕгӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ.+ 2:46 Лк. 24:53; Ап. хъ. 20:11.
47 Кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн уыдысты уарзон; Хицау та сын сӕ нымӕцыл ӕрвылбон ӕфтыдта, кӕй ирвӕзын кодта, уыдоны.+ 2:47 Ап. хъ. 5:14; 11:21.
3Петр сдзӕбӕх кодта цӕнкуылы
1 Кувыны афон, фарӕстӕм сахатыл, Петр ӕмӕ Иоанн фӕцӕйцыдысты Кувӕндонмӕ.
2 Рӕсугъд кӕй хуыдтой, Кувӕндоны уыцы кулдуары раз бадти, мады гуыбынӕй цӕнкуыл чи рахаста, ахӕм лӕг. Алы бон дӕр-иу ӕй ӕрхастой уырдӕм, ныууагътой-иу ӕй уым, ӕмӕ ӕхца куырдта Кувӕндонмӕ цӕуджытӕй.
3 Уый Петр ӕмӕ Иоанны Кувӕндонмӕ бацӕуӕны цур куы федта, уӕд сӕ куырдта ӕхца.
4 Петр ӕмӕ йӕм Иоанн ныккастысты ӕдзынӕг, ӕмӕ йын Петр загъта: «Ӕрбакӕс-ма нӕм».
5 Ӕмӕ сӕ уый дӕр, исты мын кӕд раттикой, зӕгъгӕ, йӕ цӕстытӕ ныссагъта.
6 Фӕлӕ йын Петр загъта: «Ӕвзист ӕмӕ мӕм сызгъӕрин нӕй, фӕлӕ дын дӕттын, цы мӕм ис, уый: Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл сыст ӕмӕ райдай цӕуын».
7 Петр ын рахӕцыд йӕ рахиз къухыл ӕмӕ йӕ слӕууын кодта. Уайтӕккӕ сфидар сты йӕ дыууӕ фады ӕмӕ йӕ фадхъултӕ,
8 Фӕгӕпп ласта ӕмӕ райдыдта цӕуын. Семӕ бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, рацу-бацу кодта гӕппытӕгӕнгӕ.
9 Куыд цыди ӕмӕ Хуыцауӕн куыд кад кодта, уый уыдтой ӕппӕт адӕм,
10 Ӕмӕ йӕ базыдтой – Кувӕндоны Рӕсугъд дуары цур мӕгуыргурӕй чи бадти, уыцы лӕг у. Цы йыл ӕрцыд, уый куы федтой, уӕд джихтӕ кодтой ӕмӕ дисы ӕфтыдысты.
11 Чи сдзӕбӕх, уыцы цӕнкуыл Петр ӕмӕ Иоанны фӕхибар куы нал уагъта, уӕд сӕм ӕппӕт адӕм дисгӕнгӕ ӕрбазгъордтой, Соломоны тыргъ кӕй хуыдтой, уырдӕм.
Петр ныхас кӕны Соломоны тыргъы
12 Петр уый куы федта, уӕд загъта адӕмӕн: «Израилӕгтӕ, цы йыл дис кӕнут, ӕмӕ нӕм цы ныккастыстут, цыма йӕ къӕхтыл кӕй цӕуы, уый нӕхи хъаруйӕ кӕнӕ, дингӕнджытӕ кӕй стӕм, уый руаджы бакодтам?
13 Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, снамысджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы – Йесо Чырыстийы. Сымах Ӕй радтат амарынмӕ, ӕмӕ Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд Ыл йӕ разы уӕхи атигъ кодтат.+ 3:13 Ап. хъ. 5:31; Флп. 2:9.
14 Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат, ӕмӕ уӕхицӕн ракуырдтат лӕгмары,+ 3:14 Мф. 27:20; Мк. 15:11; Лк. 23:18; Ин. 18:40.
15 Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта, ӕмӕ мах уымӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм.+ 3:15 Ап. хъ. 2:24, 32; 5:32; 13:30; 17:31.
16 Ӕмӕ Йесойыл ӕууӕндыны фӕрцы Йӕ ном сфидар кодта, сымах кӕй уынут ӕмӕ зонут, уыцы лӕджы. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ разы бынтондӕр сӕнӕниз кодта.
17 Ӕниу, ме ’фсымӕртӕ, ӕз зонын, сымах дӕр, уӕ хицӕуттау, Йесойӕн афтӕ бакодтат, цы гӕнӕг стут, уый не ’мбаргӕйӕ.+ 3:17 Лк. 23:34; Ин. 16:3; Ап. хъ. 13:27.
18 Хуыцау Йеппӕт пехуымпарты дзыхӕй Йӕ Чырыстийы тухӕнты тыххӕй рагагъоммӕ куыд загъта, афтӕ Йӕ дзырд сӕххӕст кодта.+ 3:18 Лк. 24:27; Ап. хъ. 26:22.
19 Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын ныббарстӕуа уӕ тӕригъӕдтӕ.
20 Уӕд уын Хицау ратдзӕн рӕвдауыны рӕстӕг ӕмӕ уӕм рарвитдзӕн рагагъоммӕ уын ӕвзӕрст Чырыстийы – Йесойы.
21 Уый хъуамӕ уӕларвы уа, Хуыцау незаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ цалынмӕ ӕппӕт дӕр сног кӕныны афон ралӕууа, уӕдмӕ.+ 3:21 Ин. 10:16.
22 Моисей загъта нӕ фыдӕлтӕн: „Уӕ Хицау Хуыцау мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни Пехуымпар; ӕмӕ уын Уый цыдӕриддӕр зӕгъа, уымӕ-иу хъусут.+ 3:22 Мф. 17:5; Ап. хъ. 7:37.
23 Уыцы Пехуымпармӕ чи нӕ байхъуса, уый фӕхъӕудзӕн Хуыцауы адӕмӕй".
24 Самуил ӕмӕ йӕ фӕстӕ иннӕ пехуымпартӕ дӕр иууылдӕр абоны тыххӕй дзырдтой.
25 Сымах стут пехуымпарты байзӕддаг ӕмӕ фидыды бындартӕ. Уыцы фидыд Хуыцау сарӕзта уӕ фыдӕлтимӕ, Авраамӕн мӕнӕ афтӕ куы загъта, уӕд: „Дӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр".+ 3:25 Ап. хъ. 2:39; Ром. 9:4; Гал. 3:8.
26 Хуыцау Йӕ Лӕггадгӕнӕджы куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста Йӕ хорзӕх уын раттынмӕ ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕнынмӕ».+ 3:26 Мф. 10:6; Ап. хъ. 13:46.
4Петр, Иоанн ӕмӕ иудейаг хицӕуттӕ
1 Петр ӕмӕ Иоанн адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд сӕм ӕрбацыдысты сауджынтӕ, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ саддукейтӕ.
2 Мӕстӕй мардысты апостолтӕм, уымӕн ӕмӕ адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой, Йесо куыд райгас, мӕрдтӕ дӕр афтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ.+ 4:2 Ап. хъ. 23:6.
3 Ӕмӕ сӕ ӕрцахстой ӕмӕ сӕ райсомы онг бакодтой ахӕстоны, уымӕн ӕмӕ баизӕр.
4 Апостолтӕм чи хъуыста, уыдонӕй та бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ныр уырнджыты нымӕц уыди фондз мины бӕрц.
5 Дыккаг бон Иерусалимы ӕрӕмбырд сты иудейаг хицӕуттӕ, хистӕртӕ, динамонджытӕ,
6 Алчер Анна, Каиафӕ, Иоанн, Александр ӕмӕ алчеры иннӕ къабӕзтӕ.+ 4:6 Лк. 3:2.
7 Апостолты ӕрлӕууын кодтой сӕ разы ӕмӕ сӕ фарстой: «Уый цавӕр хъаруйӕ кӕнӕ кӕй номӕй бакодтат?»
8 Уӕд Петр схайджын Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ сын загъта: «Адӕмы хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕртӕ!+ 4:8 Лк. 12:12.
9 Кӕд нӕ абон рынчын адӕймагӕн хорз ракӕныны ӕмӕ йе сдзӕбӕхы тыххӕй дзуапп домут,
10 Уӕд уеппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл лӕууы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй.
11 „Сымах, аразджытӕ, кӕуыл нӕ барвӕссыдыстут, фӕлӕ сӕрӕвӕрӕн чи сси", Йесо уыцы дур у, ӕмӕ ӕндӕр ирвӕзынгӕнӕг нӕй.+ 4:11 Мф. 21:42; Мк. 12:10; Лк. 20:17; 1 Пет. 2:6; Ром. 9:33.
12 Уымӕн ӕмӕ нӕ бон кӕй фӕрцы фервӕзын у, адӕмӕн ӕппӕт дунейы ӕндӕр ахӕм ном рард нӕу».+ 4:12 Ап. хъ. 10:43; Кол. 1:14, 20; 1 Фес. 5:9; 1 Тим. 2:5-6.
13 Петр ӕмӕ Иоанны иудейаг хицӕуттӕ ныфсджынӕй куы федтой, стӕй кӕй никуы ахуыр кодтой ӕмӕ хуымӕтӕг лӕгтӕ кӕй сты, уый куы бамбӕрстой, уӕд сеппӕт дӕр дисы бафтыдысты; уалынмӕ базыдтой, Йесоимӕ кӕй уыдысты, уый.
14 Фӕлӕ чи сдзӕбӕх, уыцы адӕймаджы уыдтой апостолтимӕ лӕугӕ, ӕмӕ сӕ ныхмӕ ницы зӕгъын уыд сӕ бон.
15 Радтой сын синедрионӕй ӕддӕмӕ рацӕуыны бардзырд ӕмӕ бавнӕлдтой уынаффӕ кӕнынмӕ:
16 «Цы бакӕнӕм ацы адӕмӕн? Ӕцӕг диссаг кӕй равдыстой, уый Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕн зындгонд у, ӕмӕ йыл нӕ басӕттын нӕ бон нӕу.
17 Фӕлӕ уый адӕмыл тынгдӕр куыд нӕ айхъуыса, афтӕ сӕм бартхъирӕн кӕнӕм, цӕмӕй Йесойы номыл макӕмӕн дзурой».
18 Фӕдзырдтой сӕм ӕмӕ сын радтой уыцы номыл ӕппындӕр нӕ дзурыны ӕмӕ никӕй ахуыр кӕныны бардзырд.+ 4:18 Ап. хъ. 5:40.
19 Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн дзуапп радтой: «Ахъуыды-ма кӕнут, Хуыцауы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ коммӕ кӕсын Хуыцаумӕ раст фӕкӕсдзӕн?+ 4:19 Ап. хъ. 5:29.
20 Цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый тыххӕй нӕ дзурын нӕ бон нӕу».
21 Уыдон та сӕм бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой. Апостолты бафхӕрыны амал сын нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ, цы ӕрцыди, уый тыххӕй адӕм иууылдӕр кад кодтой Хуыцауӕн –
22 Йӕ низӕй ӕнахуыр ӕгъдауӕй цы адӕймаг сдзӕбӕх, ууыл дыууиссӕдз азӕй фылдӕр цыди.
Уырнджытӕ кувынц
23 Петр ӕмӕ Иоанны куы рауагътой, уӕд уыдон ӕрцыдысты сӕхионтӕм ӕмӕ радзырдтой, алчертӕ ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ цы загътой, уый.
24 Уырнджытӕ сӕм куы байхъуыстой, уӕд ӕмзӕрдӕйӕ бакуывтой Хуыцаумӕ: «Дунедарӕг – арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕг!
25 Нӕ фыдӕл Давиды, Дӕ лӕггадгӕнӕджы, дзыхӕй Ды Сыгъдӕг Уды фӕрцы загътай: „Цӕмӕн змӕнтынц муртаттӕ, ӕмӕ адӕмтӕ цӕмӕн кӕнынц, кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм фӕнд?
26 Ӕрлӕууыдысты хӕстӕввонгӕй зӕххон паддзӕхтӕ, ӕмӕ ӕлдӕрттӕ ӕрӕмбырд сты иумӕ Хуыцауы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы ныхмӕ".
27 Ӕмӕ ӕцӕгӕй Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттимӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ ӕрӕмбырд сты ацы сахары, Кӕй байсӕрстай, Дӕ уыцы сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,+ 4:27 Мк. 26:3-4; Лк. 1:35; 4:18; Ин. 10:36.
28 Цӕмӕй сӕххӕст кӕной, Дӕ хъомысмӕ ӕмӕ Дӕ фӕндмӕ гӕсгӕ рагагъоммӕ цы снысан кодтай, уый.+ 4:28 Мф. 26:24.
29 Ӕмӕ сын ныр, Хицау, ӕркӕс се ’ртхъирӕнтӕм ӕмӕ ратт ӕхсар Дӕ цагъартӕн, Дӕ ныхас тынг ныфсджынӕй куыд хъусын кӕной, афтӕ.+ 4:29 Ап. хъ. 13:46.
30 Дӕ къух радар, цӕмӕй Дӕ сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы номӕй дзӕбӕх кӕной рынчынтӕ ӕмӕ ӕвдыстӕуа ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ».
31 Куы бакуывтой, уӕд нынкъуысти, кӕм уыдысты, уыцы бынат, сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас дзырдтой ныфсджынӕй.+ 4:31 Ап. хъ. 16:26.
Уырнджыты цард
32 Цы бирӕ адӕм баууӕндыд, уыдон уыдысты ӕмзӕрдӕ ӕмӕ ӕмуд. Мӕ мулк мӕхи у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды сӕ никӕмӕ уыдис, алцыдӕр сын уыд иумӕйаг.+ 4:32 Ап. хъ. 2:44.
33 Апостолтӕ та стыр тыхимӕ ӕвдисӕн лӕууыдысты Хицау Йесойы райгасӕн, ӕмӕ сеппӕт дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхӕй уыдысты хайджын.
34 Хъуаг чи ӕййӕфта, уырнджыты ӕхсӕн ахӕм нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕмӕ хӕдзӕрттӕ кӕмӕн уыд, уыдон сӕ уӕй кодтой, ӕмӕ-иу ӕхца
35 Радтой апостолтӕм; ӕмӕ ӕхцайӕ лӕвӕрдӕуыд алкӕмӕн дӕр йӕ хъуӕгтӕм гӕсгӕ.
36 Зӕгъӕм, апостолтӕ фӕсномыгӕй Варнавӕ (ома, Ныфсдӕттӕг) кӕй схуыдтой, уыцы кипраг левит Иосифӕн уыди зӕххы хай.
37 Ауӕй йӕ кодта, ӕрхаста ӕхца ӕмӕ йӕ радта апостолтӕм.
5Анани ӕмӕ Сапфирӕ
1 Уӕд иу лӕг, йӕ ном – Анани, йӕ ус Сапфирӕимӕ ауӕй кодтой сӕ мулк.
2 Анани ӕхцатӕй иуцасдӕр ныууагъта йӕхицӕн, иннӕты та ӕрхаста ӕмӕ сӕ радта апостолтӕм. Кӕй дзы басусӕг кодта, уый зыдта йӕ ус дӕр.
3 Петр ын загъта: «Анани, хӕйрӕджы дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн бауагътай – Сыгъдӕг Удӕн мӕнг цӕмӕн загътай ӕмӕ, дӕ зӕххӕй цы ӕхцатӕ райстай, уыдонӕй цӕмӕн басусӕг кодтай?
4 Мыййаг, дӕ мулк дӕхи нӕ уыд, зӕхх ауӕй кӕнынӕй цы райстай, ууыл дӕ бар нӕ цыди? Цӕмӕн дӕм фӕзынд асайыны хъуыды? Ды асайдтай адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы».
5 Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Анани дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ и зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны бацыд стыр тас.
6 Бацыдысты лӕппутӕ, ӕрцӕттӕ йӕ кодтой баныгӕнынмӕ, стӕй йӕ рахастой ӕмӕ баныгӕдтой.
7 Ӕртӕ сахаты фӕстӕ ӕрхӕццӕ йӕ ус дӕр, ныр цы ӕрцыди, уый та нӕ зыдта.
8 Петр ӕй бафарста: «Зӕгъ-ма мын, ахӕм аргъыл ауӕй кодтат уӕ зӕхх?» Уый дзуапп радта: «О, ахӕм аргъыл».
9 Петр ын загъта: «Цӕмӕн сфӕнд кодтат Хицауы Уды ракъахын? Дӕ мойы дын чи баныгӕдта, уыдон мӕнӕ ӕрбахизынц дуарыл ӕмӕ дӕу дӕр ахӕсдзысты».
10 Сапфирӕ ӕваст ӕрхауд Петры къӕхты цурмӕ ӕмӕ йӕ уд систа. Лӕппутӕ куы бацыдысты, уӕд ӕй баййӕфтой мардӕй, рахастой йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ мойы фарсмӕ.
11 Ӕмӕ стыр тас бацыд ӕгас аргъуаны, стӕй уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны дӕр.
Ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ
12 Апостолты фӕрцы адӕмӕн ӕвдыст цыди бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Ӕппӕт уырнджытӕ-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Соломоны тыргъы.+ 5:12 Ап. хъ. 2:43; Ром. 5:19.
13 Семӕ баиумӕ ӕддагӕттӕй йӕ ныфс ничи хаста, фӕлӕ сын адӕм кад кодтой.
14 Ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой Хицауыл ӕууӕндджытӕ – сӕ нымӕцыл ӕфтыд бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ.+ 5:14 Ап. хъ. 2:47; 11:21.
15 Адӕм сӕ рынчынты хастой уынгтӕм, ӕвӕрдтой сӕ хуыссӕнтыл ӕмӕ сынтытыл, искӕуыл дзы сӕ рӕзты цӕуӕг Петры аууон уӕд та куыд андзӕва, афтӕ.
16 Иерусалиммӕ цыди бирӕ адӕм хӕстӕг сахартӕй дӕр. Уыдон-иу ӕркодтой рынчынты, стӕй ӕнӕзӕгъинӕгтӕ кӕй хъыгдардтой, ахӕмты, ӕмӕ-иу сеппӕт дӕр сдзӕбӕх сты.
Ӕфхӕрынц апостолты
17 Алчер ӕмӕ йемӕ чидӕриддӕр уыд, уыдон (ома, саддукейты къорд) хӕлӕджы бын фесты.
18 Ӕрцахстой апостолты ӕмӕ сӕ баппӕрстой сахары ахӕстоны.
19 Фӕлӕ Хицауы зӕд ӕхсӕвы байгом кодта ахӕстоны дуӕрттӕ, ӕддӕмӕ сӕ рахуыдта ӕмӕ загъта:
20 «Ацӕут Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмӕн дзурут ацы ног царды ӕппӕт дзырдтӕ».+ 5:20 Ин. 6:68.
21 Уыдон ӕм байхъуыстой, сӕумӕйӕ бацыдысты Кувӕндонмӕ ӕмӕ ахуыр кодтой адӕмы. Алчер йе ’мбӕлццӕттимӕ куы ӕрбацыдис, уӕд ӕрӕмбырд кодтой синедрион, ома, Израилы адӕмы ӕппӕт хистӕрты, ӕмӕ арвыстой ахӕстонмӕ апостолты ӕрбакӕнынмӕ.
22 Кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ ӕрцыдысты ахӕстонмӕ, фӕлӕ апостолты уым не ссардтой. Уӕд раздӕхтысты ӕмӕ загътой:
23 «Ахӕстон баййӕфтам, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕхгӕдӕй, хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуӕртты цур. Фӕлӕ дуӕрттӕ куы байгом кодтам, уӕд дзы никӕй ссардтам».
24 Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты – цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой.
25 Фӕлӕ ӕрцыд иучидӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах ахӕстоны кӕй бакодтат, уыцы лӕгтӕ ныртӕккӕ сты Кувӕндоны ӕмӕ амонынц адӕмӕн».
26 Уӕд хъахъхъӕнджыты хицау йӕ дӕлбартимӕ ацыд ӕмӕ сӕ ӕрбакодтой ӕнӕ схуыстытӕй, уымӕн ӕмӕ тарстысты, адӕм сыл апостолты тыххӕй дурадзагъдӕй куы ралӕууой, уымӕй.
27 Ӕрбакодтой апостолты ӕмӕ сӕ ӕрлӕууын кодтой синедрионы раз. Алчер сӕ бафарста:
28 «Мах уын фидарӕй нӕ загътам, ӕви, уыцы Адӕймаджы номыл адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та Иерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад, ӕмӕ уыцы Адӕймаджы мӕлӕт махыл сӕвӕринаг стут».+ 5:28 Мф. 27:25; Ап. хъ. 2:22; 3:13; 4:18.
29 Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.+ 5:29 Ап. хъ. 4:19.
30 Нӕ фыдӕлты Хуыцау райгас кодта, хъӕдыл Кӕй ӕрцауыгътат+ 5:30 Петр ам зӕрдыл лӕууын кӕны бынат Рагон Фӕдзӕхстӕй (Дык. Ӕгъд. 21:23): «Хъӕдыл кӕйдӕриддӕр ӕрцауыгътой, уый ӕлгъыст у» (кӕс ноджыдӕр Гал. 3:13). ӕмӕ амардтат, уыцы Йесойы.+ 5:30 Ап. хъ. 3:15.
31 Хуыцау Ӕй сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, скодта Йӕ Фӕтӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилӕн рардӕуа фӕсмон ӕмӕ йын ныббарстӕуа йӕ тӕригъӕдтӕ.+ 5:31 Ап. хъ. 2:33; 4:12; 1 Ин. 2:1-2.
32 Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм мах, стӕй Хуыцау Йӕ коммӕгӕстӕн кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд дӕр».+ 5:32 Ин. 15:26-27; Ап. хъ. 3:15.
33 Синедрионы чи уыди, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ сӕм уыд апостолты амарыны фӕнд.
34 Фӕлӕ фарисейтӕй иу, Гамалиил, динамонӕг, адӕмы ӕхсӕн дзырддзӕугӕ лӕг, сыстад ӕмӕ радта цыбыр рӕстӕгмӕ апостолты ӕддӕмӕ рарвитыны бардзырд.
35 Стӕй синедрионы уӕнгтӕн загъта: «Израилӕгтӕ, хорз ахъуыды кӕнут, ацы адӕмимӕ уын цы гӕнгӕ у, ууыл.
36 Ӕрӕджы фӕзынд Февдӕ, йӕхицӕй цыдӕр арӕзта, ӕмӕ йемӕ баиу цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ йӕ амардӕуыд, ӕмӕ йӕ фӕдыл чи цыди, уыдон иууылдӕр ныххӕлиу сты – ууыл ахицӕн хъуыддаг.+ 5:36 Ап. хъ. 21:38.
37 Уый фӕстӕ, адӕмы сфысты рӕстӕг, фӕзынди галилейаг Иудӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл асайдта дзӕвгар адӕм. Фӕлӕ йӕ амардтой, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдон ныххӕлиу сты.+ 5:37 Лк. 2:2.
38 Ныр дӕр, зӕгъын уын, ма хъыгдарут ацы адӕмы. Кӕд сӕ хъуыддаг адӕймагӕй аразгӕ у, уӕд дзы ницы рауайдзӕн.+ 5:38 Мф. 15:13.
39 Кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та уӕ бон нӕ бауыдзӕн сӕ бауромын. Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй ма суат Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ».+ 5:39 Лк. 21:15.
40 Иууылдӕр бакастысты Гамалиилы коммӕ, фӕдзырдтой апостолтӕм ӕмӕ сӕ фӕнӕмын кодтой. Уый фӕстӕ сын карз бафӕдзӕхстой Йесойы номыл нал дзурын, ӕмӕ сӕ рауагътой.
41 Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.+ 5:41 Мф. 5:10; Иак. 1:2; 1 Пет. 4:13; 2 Кор. 6:10; 12:10; Дзут. 10:34.
42 Алы бон дӕр Кувӕндоны ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар иудадзыг амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы фарны уац.
6Авд лӕггадгӕнӕджы
1 Ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл куы ӕфтыди, уӕд бердзенаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын бынӕттон дзуттӕгтыл, ӕрвылбоны ӕххуыс куы фӕдӕттынц, уӕд сын сӕ идӕдз сылгоймӕгты хъулон кӕнынц, зӕгъгӕ.
2 Уӕд дыууадӕс апостолы ӕрӕмбырд кодтой ӕппӕт ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ загътой: «Махӕн не ’мбӕлы Хуыцауы ныхас амонын ныууадзын ӕмӕ фынгӕвӕрдтыл тыхсын.
3 Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй сӕвзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ зондджын чи у, ахӕм авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл.
4 Нӕхӕдӕг та иудадзыг кувдзыстӕм ӕмӕ кусдзыстӕм Хуыцауы ныхас хӕлиу кӕныныл».
5 Уыцы фӕндон фӕцыд сеппӕты зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ сӕвзӕрстой Стефаны, уырнындзинад ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын лӕджы, Филиппы, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены, стӕй муртаттӕй иудейаг динмӕ ӕрцӕуӕг антиохиаг Николайы.+ 6:5 Ап. хъ. 21:8.
6 Ӕркодтой сӕ апостолтӕм. Апостолтӕ сын бакуывтой ӕмӕ сыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ.+ 6:6 Ап. хъ. 13:3; 1 Тим. 4:14.
7 Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Иерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл; сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл.
Стефаны ӕрцахстой
8 Стефан та, Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ хъаруйӕ хайджынӕй, адӕмы раз кодта стыр диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.
9 Цавӕрдӕр кириниӕгтӕ ӕмӕ александриӕгтӕ – «Сӕрибар райсджыты» синагогӕ кӕй хуыдтой, уырдӕм цӕуджытӕ, стӕй ма Киликийӕ ӕмӕ Асийӕ чидӕртӕ быцӕуы бацыдысты Стефанимӕ.
10 Фӕлӕ йӕ зонды ныхмӕ, стӕй Кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы Сыгъдӕг Уды ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕ уыд.+ 6:10 Лк. 21:15.
11 Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой афтӕ зӕгъыныл: «Мах фехъуыстам, Моисейы ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта, уый».
12 Афтӕмӕй сызмӕстой адӕмы, хистӕрты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ балӕбурдтой, ӕрцахстой Стефаны ӕмӕ йӕ акодтой синедрионмӕ.
13 Цы мӕнгӕвдисӕнты ӕрбахуыдтой, уыдон дзырдтой: «Ацы адӕймаг иудадзыг фауы ацы сыгъдӕг бынат ӕмӕ Моисейы Ӕгъдау.
14 Цы дзырдта, уый мах фехъуыстам: ацы Назаретаг Йесо, дам, ныппырх кӕндзӕн ацы бынат ӕмӕ аивдзӕн, Моисейы фӕрцы кӕй райстам, уыцы ӕгъдӕуттӕ».
15 Синедрионы чи бадти, уыдон сеппӕт дӕр сӕ цӕстытӕ ныссагътой Стефаны ӕмӕ федтой, йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомау куыд ӕрттывта, уый.
7Стефаны ныхас
1 Уӕд ӕй алчер бафарста: «Цы дӕ зӕгъынц, уый раст у?»
2 Фӕлӕ Стефан загъта: «Ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ! Байхъусут мӕм. Нӕ фыдӕл Авраам Харраны нӕма ӕрцард, афтӕ йӕм Месопотамийы фӕзынди намысы Хуыцау
3 Ӕмӕ йын загъта: „Ныууадз дӕ бӕстӕ ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты, ӕмӕ ацу, Ӕз дын кӕй бацамонон, уыцы бӕстӕмӕ".
4 Уӕд Авраам ныууагъта халдейаг зӕхх ӕмӕ ӕрцарди Харраны. Йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ йӕ Хуыцау ӕрцӕрын кодта, ныр сымах кӕм цӕрут, уыцы зӕххыл.
5 Ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн иунӕг фады бӕрц дӕр зӕхх нӕ радта. Фӕлӕ зӕрдӕ бавӕрдта уыцы зӕхх ын йӕхицӕн ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чи уыдзӕн, уыцы байзӕддӕгтӕн раттынӕй, кӕд Авраамӕн зӕнӕг нӕма уыд, уӕддӕр.
6 Хуыцау ын загъта: „Дӕ байзӕддӕгтӕ цыппарсӕдӕ азы кӕйдӕр зӕххыл уыдзысты ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ цагъартӕ, ӕмӕ сӕ ссӕнддзысты".+ 7:6 Гал. 3:17.
7 „Фӕлӕ Ӕз бафхӕрыны тӕрхон рахӕсдзынӕн, цагъары ӕфсондзы сӕ чи сифтындза, уыцы адӕмӕн, – загъта Хуыцау, – уый фӕстӕ рацӕудзысты ӕмӕ Мын кувдзысты ацы ран".
8 Хуыцау Авраамимӕ сарӕзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунӕт кӕнын. Ӕмӕ Авраамӕй Исаак куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон скодта сунӕт; Исаак сунӕт скодта Иаковӕн, Иаков – йӕ дыууадӕс фыртӕн, нӕ рагфыдӕлтӕн.
9 Уыцы рагфыдӕлтӕ сӕ хӕлӕгӕй Иосифы ауӕй кодтой Мысырмӕ. Фӕлӕ Хуыцау йемӕ уыд,
10 Ӕмӕ йын ӕххуыс кодта ӕппӕт зынты. Радта йын зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йеппӕт галуаны сӕргъы йӕ чи сӕвӕрдта, уыцы мысыраг паддзахы хорзӕх.
11 Уый фӕстӕ ӕппӕт Мысыры ӕмӕ Ханааны зӕххыл скодта стонг рӕстӕг, адӕм хъизӕмары бафтыдысты, нӕ фыдӕлтӕн хойраг нал уыди.
12 Мысыры хор кӕй ис, уый фехъусгӕйӕ, Иаков нӕ фыдӕлты уырдӕм арвыста фыццаг хатт.
13 Дыккаг хатт куы ӕрцыдысты, уӕд Иосиф йӕхи раргом кодта йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ фараон базыдта Иосифы хиуӕтты тыххӕй.
14 Иосиф арвыста хонӕг йӕ фыд Иаковмӕ ӕмӕ ӕппӕт хиуӕттӕм – фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймагмӕ.
15 Иаков ӕрцыди Мысырмӕ, ӕмӕ уым амардысты йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр.
16 Сӕ мӕрдтӕ сын рахастой Сихеммӕ ӕмӕ, Авраам Емморы байзӕддӕгтӕй ӕвзистӕй цы зӕппадз балхӕдта, уым сӕ бавӕрдтой.
17 Хуыцау Авраамӕн, сомы йын ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн йе ’рцыд куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ Мысыры фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтыд нӕ адӕмы нымӕцыл.
18 Афтӕ уыди, Иосифы тыххӕй чи нӕ зыдта, ахӕм ӕндӕр паддзах бӕстӕйы сӕргъы цалынмӕ ӕрлӕууыд, уӕдмӕ.
19 Уый нӕ адӕмыл цыди хинӕй, ссӕста нын нӕ фыдӕлты, ӕппарын сын кодта сӕ сывӕллӕтты, цӕмӕй удӕгасӕй ма баззайой.
20 Уыцы рӕстӕг райгуырд Моисей; уыди рӕсугъд ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиаг сывӕллон. Фыццаг ӕртӕ мӕйы йӕ хастой йӕ фыды хӕдзары.+ 7:20 Дзут. 11:23.
21 Куы йӕ аппӕрстой, уӕд ӕй ссардта фараоны чызг, ӕмӕ йӕ схаста йӕхи фыртау.
22 Моисей сахуыр кодта, мысыраг зондджынтӕ цы зыдтой, ӕппӕт уыдӕттӕ, уыди тыхджын ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр.
23 Дыууиссӕдз азы йыл куы цыди, уӕд ӕм фӕзынд йе ’фсымӕрты, Израилы адӕмы, бабӕрӕг кӕныны фӕнд.
24 Моисей федта, иу мысыраг дзуттаджы куыд ӕфхӕрдта, уый. Уӕд ралӕууыд дзуттаджы фарс, амардта мысыраджы ӕмӕ афтӕмӕй райста дзуттаджы маст.
25 Ӕнхъӕл уыд, Хуыцау сӕ йӕ фӕрцы цагъарадӕй кӕй ирвӕзын кӕны, уый бамбардзысты йе ’фсымӕртӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой.
26 Дыккаг бон дзуттӕгты кӕрӕдзийы нӕмгӕ куы федта, уӕд сӕм бацыд ӕмӕ сӕ фидауын кодта: „Хорз лӕгтӕ, ӕфсымӕртӕ куы стут, кӕрӕдзийы хъыджы цӕмӕн цӕут?"
27 Фӕлӕ хионы ӕфхӕрӕг фесхуыста Моисейы ӕмӕ йын загъта: „Махӕн дӕ хицау ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта?
28 Знон мысыраджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс, ӕви?"
29 Моисей уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд алыгъд ӕмӕ ӕрцард ӕцӕгӕлон мадиамаг бӕстӕйы. Ам ын райгуырд дыууӕ фырты.
30 Дыууиссӕдз азы фӕстӕ йӕм Синайы хохмӕ хӕстӕг ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, судзгӕ сындзкъутӕры арты ӕвзӕгты, фӕзынди зӕд.
31 Моисей йӕ куы федта, уӕд дисы бафтыд. Ӕмӕ йӕм хуыздӕр ӕй фенынмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ын Хуыцау загъта:
32 „Ӕз дӕн дӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау". Моисей фыртӕссӕй скӕсын нӕ уӕндыди.
33 Хуыцау ын загъта: „Ралас дӕ къӕхтӕй дӕ дзабыртӕ, уымӕн ӕмӕ ды кӕм лӕууыс, уый сыгъдӕг зӕхх у.
34 Ӕз федтон, Мӕ адӕмы Мын Мысыры куыд ссӕндынц, уый, фехъуыстон сын сӕ хъӕрзын ӕмӕ ӕрцыдтӕн се ссӕрибар кӕнынмӕ. Уӕдӕ ацу, Ӕз дӕ Мысырмӕ ӕрвитын".
35 „Дӕу хицауӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта?" – ахӕм ныхӕстимӕ цы Моисейыл сӕхи атигъ кодтой, уый Хуыцау арвыста хицауӕй ӕмӕ сӕрибаргӕнӕгӕй, сындзкъутӕрӕй йӕм цы зӕд раргом, уый фӕрцы.
36 Уыцы Моисей адӕмы ракодта Мысырӕй; Мысыры, Сырх денджызы ӕмӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы дыууиссӕдз азы дӕргъы арӕзта диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.
37 Уыцы Моисей загъта Израилы адӕмӕн: „Хуыцау мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни Пехуымпар".+ 7:37 Ап. хъ. 3:22.
38 Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста цардӕгас ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ ӕрхӕсса махмӕ.+ 7:38 Гал. 3:19.
39 Фӕлӕ нӕ фыдӕлты нӕ бафӕндыди Моисейы коммӕ кӕсын, сӕхи йыл атигъ кодтой ӕмӕ бӕллыдысты Мысырмӕ аздӕхынмӕ.
40 Ӕмӕ Ааронӕн зӕгътой: „Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцӕуттӕ нын сараз, уымӕн ӕмӕ нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ӕрцыд, уый нӕ зонӕм".
41 Ӕмӕ уӕд сарӕзтой сызгъӕрин род, уыцы гуымирыйӕн ӕрхастой нывонд ӕмӕ, сӕхи къухтӕй кӕй сарӕзтой, уый кадӕн скодтой бӕрӕгбон.
42 Хуыцау сӕ Йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ сӕ ныууагъта, цӕмӕй кувой, арвыл цы ис, уыдонӕн, пехуымпартӕм куыд фыст у, афтӕ: „Израилы адӕм, ӕдзӕрӕг бӕстӕйы дыууиссӕдз азы дӕргъы фос Мӕнӕн ӕргӕвстат ӕмӕ нывондтӕ Мӕнӕн хастат, ӕви?
43 Сымах уемӕ хастат хуыцау Молохы цатыр ӕмӕ уӕ хуыцау Рефаны стъалы – кӕмӕн куват, уый тыххӕй кӕй сарӕзтат, уыцы фӕлгонцтӕ. Уымӕ гӕсгӕ уӕ Ӕз ахӕсдзынӕн Вавилонӕй дӕр дарддӕр".
44 Нӕ фыдӕлтӕм ӕдзӕрӕг бӕстӕйы уыди, Хуыцауы намыс кӕм уыд, уыцы Цатыр. Хуыцау уый саразын бафӕдзӕхста Моисейӕн, куыд саразгӕ у, уый дӕр ын равдыста.+ 7:44 Дзут. 8:5.
45 Нӕ фыдӕлтӕ йӕ райстой ӕмӕ йӕ Нуны фырт Йесоимӕ бахастой, нӕ фыдӕлты цурӕй Хуыцау кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмы бӕстӕмӕ. Ӕмӕ уыди уым Давиды заманы онг.
46 Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Дзы куырдта Иаковы Хуыцауӕн хӕдзар самал кӕныны бар.
47 Хӕдзар та Йын Соломон сарӕзта.
48 Фӕлӕ Дунедарӕг лӕджыкъухӕйконд хӕдзӕртты нӕ цӕры, пехуымпар куыд зӕгъы, афтӕ:+ 7:48 Ап. хъ. 17:24.
49 „Арв у Мӕ бадӕн, зӕхх – Мӕ къӕхты ӕнцой. Сымах Мын цавӕр хӕдзар сараздзыстут, кӕнӕ цавӕр бынат ӕрӕнцойӕн? – зӕгъы Хицау. –
50 Ӕппӕт уыдӕттӕ Мӕхи къухӕй не сфӕлдыстон, ӕви?"
51 Хивӕнд адӕм! Сымахӕн уӕ буар сунӕт у, уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ та сунӕтгонд не сты. Сымах уӕ фыдӕлты хуызӕн стут – кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.
52 Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы лӕгты. Сымах та ныр ацы Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат.+ 7:52 Мф. 23:34; 1 Фес. 2:15.
53 Ӕгъдау райстат зӕдты фӕрцы, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодтат».+ 7:53 Гал. 3:19.
Стефаны мӕлӕт
54 Уыдӕттӕ хъусгӕйӕ, синедрионы уӕнгтӕ мӕстӕй тъӕппытӕ хаудтой ӕмӕ йӕм сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс цыдис.
55 Стефан та, Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, скаст уӕларвмӕ, федта Хуыцауы намыс ӕмӕ Йесойы Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕйӕ,+ 7:55 Ап. хъ. 6:5, 10.
56 Ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ уынын арвы дуар гомӕй ӕмӕ Адӕймаджы Фырты Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ».
57 Уӕд уыдон сӕ хъӕлӕсыдзаг ныхъхъӕр кодтой, ӕхгӕдтой сӕ хъустӕ, стӕй йыл ӕмхуызонӕй сӕхи ныццавтой.
58 Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.+ 7:58 Ап. хъ. 22:20.
59 Стефаныл цавтой дуртӕ, уый та куывта: «Хицау Йесо, айс мын мӕ уд».+ 7:59 Лк. 23:46.
60 Стӕй ӕрхауд йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Хицау, ацы тӕригъӕд сын ныббар». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.+ 7:60 Мф. 5:44; Лк. 23:34; 1 Кор. 4:12.
8Савл ӕфхӕры уырнджыты
1 Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ тынг ӕфхӕрын райдыдтой Иерусалимы аргъуаны уӕнгты. Ӕмӕ апостолтӕй фӕстӕмӕ сеппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудейӕ ӕмӕ Самарийы алы къуымты.+ 8:1 Ап. хъ. 11:19.
2 Стефаны та баныгӕдтой Хуыцауыл ӕнувыд лӕгтӕ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой.
3 Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, цыдис хӕдзари-хӕдзар, ахста уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмӕ-иу сӕ радта ахӕстонмӕ.+ 8:3 Ап. хъ. 9:1; 22:4; 26:10; 1 Кор. 15:9; Гал. 1:13.
4 Чи ныххӕлиу, уыцы уырнджытӕ уӕдмӕ цыдысты ӕмӕ хъусын кодтой фарны уац.
Филипп ӕрцыд Самаримӕ
5 Афтӕ Филипп ӕрцыд самариаг сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзырдта Чырыстийы тыххӕй.
6 Филипп цы диссӕгтӕ кодта, уыдонмӕ касти бирӕ адӕм ӕмӕ йӕм хъуыстой лӕмбынӕг.
7 Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй ӕнӕзӕгъинӕгтӕ рацыдысты хъӕргӕнгӕ, бирӕ уӕнгмӕрдтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ сӕнӕниз сты.+ 8:7 Мк. 16:17.
8 Ӕмӕ сахары цӕрджыты цинӕн кӕрон нал уыд.
9 Сахары царди иу кӕлӕнгӕнӕг адӕймаг, йӕ ном – Симон. Уый рагӕй йӕ кӕлӕнтӕй дисы ӕфтыдта самариӕгты; йӕхицӕй стыр цыдӕр арӕзта.
10 Хъуыстой йӕм стырӕй-чысылмӕ ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймагмӕ ис, Стыр кӕй хуындӕуы, Хуыцауы уыцы тых».
11 Хъусгӕ та йӕм уымӕн кодтой, ӕмӕ сӕ бирӕ рӕстӕджы дӕргъы дисы ӕфтыдта йӕ кӕлӕнтӕй.
12 Фӕлӕ сын Филипп Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Йесо Чырыстийы номы тыххӕй уац куы фехъусын кодта, уӕд ыл баууӕндыдысты, ӕмӕ саргъуыдӕуыд нӕлгоймӕгтыл дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтыл дӕр.+ 8:12 Ап. хъ. 6:5.
13 Баууӕндыд Симон йӕхӕдӕг дӕр, райста аргъуыд ӕмӕ иудадзыг уыд Филиппимӕ; дис кодта, цы стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ федта, уыдоныл.
14 Апостолтӕ Иерусалимы куы фехъуыстой, самариӕгтӕ Хуыцауы ныхасыл баууӕндыдысты, зӕгъгӕ, уӕд сӕм арвыстой Петр ӕмӕ Иоанны.
15 Петр ӕмӕ сӕм Иоанн куы ӕрцыдысты, уӕд бакуывтой, цӕмӕй самариӕгтӕ схайджын уой Сыгъдӕг Удӕй.
16 Уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма схайджын Сыгъдӕг Удӕй – ӕрмӕстдӕр сыл саргъуыдӕуыд Хицау Йесойы номыл.
17 Петр ӕмӕ Иоанн сыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй.+ 8:17 Ап. хъ. 6:6.
18 Апостолты къухты ӕрӕвӕрдӕй адӕм Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый Симон куы федта, уӕд апостолтӕн ӕрбахаста ӕхца,
19 Ӕмӕ загъта: «Раттут мӕнӕн дӕр тых, цӕмӕй-иу ӕз дӕр мӕ къухтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрон, уый схайджын уа Сыгъдӕг Удӕй».
20 Петр ын дзуапп радта: «Де ’хца демӕ фесӕфӕд, уымӕн ӕмӕ афтӕ банхъӕлдтай, Хуыцауы хорзӕхӕн ӕхцайӕ балхӕнӕн ис, зӕгъгӕ.+ 8:20 Мф. 10:8.
21 Ахӕм куысты бацӕуыны аккаг нӕ дӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы раз дӕ зӕрдӕ раст нӕу.
22 Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ ацы тӕригъӕдыл, кув Хицаумӕ ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд, чи зоны, ӕмӕ ныххатыр кӕна.
23 Уымӕн ӕмӕ ӕз уынын: ды маргӕй дзаг дӕ, бахаудтӕ тӕригъӕды уацары».
24 Уӕд Симон дзуапп радта: «Бакувут мӕн тыххӕй Хицаумӕ, ӕмӕ цы загътат, ахӕмӕй мыл мацы ӕрцӕуа».
25 Петр ӕмӕ Иоанн уым Йесойы тыххӕй куы фӕдзырдтой ӕмӕ Хицауы ныхас куы фӕцамыдтой, уӕд фӕстӕмӕ ацыдысты Иерусалиммӕ. Сӕ фӕндагыл бирӕ самариаг хъӕуты хъусын кодтой фарны уац.
Филипп ӕмӕ евнух
26 Филиппӕн та Хуыцауы зӕд загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу хуссармӕ, Иерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг цӕуы, уымӕ». (Уыцы фӕндаг ӕдзӕрӕг у.)
27 Ӕмӕ Филипп араст. Уыцы рӕстӕг сӕхимӕ здӕхти кандакийы, ома, эфиопаг ус-паддзахы, евнух+ 8:27 |iЕвнух|r – ӕрдызт; ахӕм лӕгтӕн рагзаманы иуӕй-иу бӕстӕты лӕвӕрдтой бӕрнон паддзахадон куыст. Моисейы Ӕгъдау дзуттӕгтӕн нӕ лӕвӕрдта адӕймаджы ӕрдузыны бар. , стыр хицау – йӕ хӕзнадар. Хуыцаумӕ бакувыны тыххӕй уыд Иерусалимы.
28 Бадти йӕ къареты ӕмӕ касти Исай-пехуымпары чиныджы.
29 Сыгъдӕг Уд Филиппӕн загъта: «Баййаф уыцы къарет ӕмӕ цу йӕ фарсмӕ».
30 Филипп базгъордта къареты цурмӕ ӕмӕ, Исайы чиныджы эфиопаг куыд касти, уый куы фехъуыста, уӕд ӕй бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?»
31 Уый дзуапп радта: «Исчи мын ӕй куы нӕ бацамона, уӕд ӕй куыд хъуамӕ бамбарон?» Ӕмӕ ӕрхатыди Филиппмӕ, цӕмӕй схиза къаретмӕ ӕмӕ сбада йӕ фарсмӕ.
32 Сыгъдӕг Фысты эфиопаг касти мӕнӕ уыцы бынат: «Фысау Ӕй акодтой ӕргӕвдынмӕ, ӕмӕ уӕрыччы куы фелвынынц, уӕд куыд ныссабыр вӕййы, афтӕ Дзы иу сыбыртт дӕр нӕ райхъуыст.
33 Бафхӕрдтой Йӕ, раст тӕрхон Ын нӕ рахастой. Йӕ байзӕддӕгты тыххӕй Йын ничи ницы зоны, уымӕн ӕмӕ Йӕ цард зӕххыл фӕци».
34 Евнух бафарста Филиппы: «Курын дӕ, ӕмӕ мын зӕгъ: пехуымпар афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы? Йӕхи тыххӕй ӕви ӕндӕр искӕй тыххӕй?»
35 Филипп бавнӕлдта амонынмӕ. Райдыдта Сыгъдӕг Фысты уыцы бынатӕй ӕмӕ йын дзырдта фарны уац Йесойы тыххӕй.
36 Сӕ фӕндаг даргӕйӕ, ӕрбахӕццӕ сты донмӕ. Евнух загъта: «Мӕнӕ дон, саргъауынӕн мӕ цы къуылымпы кӕны?»
37 [Филипп ын дзуапп радта: «Кӕд зӕрдиагӕй ӕууӕндыс, уӕд дыл саргъауӕн ис». Евнух загъта: «Ӕууӕндын, Йесо Чырысти Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл».]+ 8:37 Мк. 16:16.
38 Евнух радта къарет бауромыны бардзырд. Сӕ дыууӕ дӕр, Филипп ӕмӕ евнух, ныххызтысты донмӕ ӕмӕ йыл Филипп саргъуыдта.
39 Донӕй куы рахызтысты, уӕд Филиппы фелвӕста Хуыцауы Уд, ӕмӕ йӕ евнух нал федта. Зӕрдӕрухсӕй дарддӕр цыд йӕ фӕндагыл.
40 Филипп та февзӕрд Азоты. Ацыд дарддӕр, ӕмӕ йӕ фӕндагыл ӕппӕт сахарты хъусын кодта фарны уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.
9Савлы фембӕлд Чырыстиимӕ
1 Савлӕн ныр дӕр ӕнӕуынон уыдысты Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ+ 9:1 Ап. хъ. 8:3; 22:4; Гал. 1:13; 1 Тим. 1:13.
2 Ӕмӕ дзы ракуырдта фыстӕджытӕ Дамаскы синагогӕтӕм, цӕмӕй, Йесойы фӕдыл цӕуджытӕй кӕй ссара, уыдоны, лӕгӕй-усӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ ӕркӕна Иерусалиммӕ.
3 Фӕндагыл ма куы уыд ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс, уӕд ыл уӕларвӕй ӕваст ӕртыхсти рухс.+ 9:3 Ап. хъ. 22:6; 26:13; 1 Кор. 15:8.
4 Савл ӕрхауд зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?»
5 Савл бафарста: «Чи дӕ, Хицау?» Дзуапп ын рардӕуыди: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын».
6 Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Хицау, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Хицау ын загъта:] Сыст ӕмӕ бацу сахармӕ – уым дын загъд уыдзӕни, цы гӕнгӕ дын у, уый».
7 Савлы ӕмбӕлццӕттӕ лӕууыдысты ӕндзыгӕй; хъӕлӕс хъуыстой, фӕлӕ никӕй уыдтой.
8 Савл сыстад зӕххӕй, йӕ цӕстытӕ байгом сты, фӕлӕ ницы уыдта. Уӕд ын ныххӕцыдысты йӕ къухыл ӕмӕ йӕ ӕркодтой Дамаскмӕ.
9 Ӕртӕ боны цӕстӕй нӕ уыдта, хӕрд ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕци.
10 Дамаскы уыдис иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Анани. Хицау ӕм фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Анани!» Анани дзуапп радта: «Хъусын Дӕм, Хицау».
11 Хицау ын загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу, Ӕмраст чи хуыйны, уыцы уынгмӕ, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс иу лӕджы, йӕ ном – Савл, у Тарсы сахарӕй. Ныртӕккӕ кувгӕ кӕны+ 9:11 Ап. хъ. 22:3.
12 Ӕмӕ йӕ цӕстылуайӕны федта иу лӕджы, йӕ ном – Анани; Анани йӕм бацыд ӕмӕ йыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ, цӕмӕй ракӕса йӕ цӕстытӕй».
13 Анани дзуапп радта: «Хицау, ацы адӕймагӕн йӕхи тыххӕй, стӕй Дӕ сыгъдӕджытӕн Иерусалимы цас фыдмитӕ фӕкодта, уый тыххӕй бирӕтӕй фехъуыстон.+ 9:13 Ап. хъ. 8:3.
14 Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса».
15 Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.+ 9:15 Ром. 15:19; Эф. 3:8; 1 Тим. 2:7.
16 Ӕз ын равдисдзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цас тухӕнтӕ хъуамӕ бавзара, уый».
17 Анани араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Йӕхи Чи равдыста, уыцы Хицау Йесо рарвыста мӕн, цӕмӕй ракӕсай дӕ цӕстытӕй ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй».
18 Ӕмӕ йын цыма уайтӕккӕ хӕрв систӕуыд йӕ цӕстытӕй, афтӕ ӕваст ракаст цӕстӕй, сыстад ӕмӕ йыл саргъуыдӕуыд.
Савл амоны Дамаскы
19 Уый фӕстӕ бахордта ӕмӕ йӕ хъару фӕфидар. Савл иукъорд боны фӕци, Дамаскы чи уыд, уыцы ахуыргӕнинӕгтимӕ.
20 Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ.
21 Чи йӕм хъуыста, уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ фарстой: «Ай, Йесойы ном арджыты Иерусалимы чи ӕфхӕрдта, уый нӕу, ӕви? Ардӕм дӕр уыдоны ӕрцахсынмӕ ӕмӕ сӕ алчертӕм акӕнынмӕ не ’рцыд, ӕви?»+ 9:21 Ап. хъ. 8:3; Гал. 1:3, 23.
22 Савлӕн йӕ ныхас кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр, ӕмӕ-иу дамаскаг иудейтӕ фӕуыргъуыйау сты, Йесо Чырысти кӕй у, уый тыххӕй-иу сын куы дзырдта, уӕд.
23 Рацыд дзӕвгар рӕстӕг, ӕмӕ иудейтӕ скодтой Савлы амарыны фӕнд.
24 Фӕлӕ сын Савл базыдта сӕ сусӕгвӕнд. Йӕ амарыны тыххӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй хъалагъур хастой сахары кулдуары цур.+ 9:24 2 Кор. 11:32.
25 Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Савлы ӕхсӕвыгон тӕсчъы ӕруагътой къулыл.
Савл Иерусалимы
26 Савл ӕрцыд Иерусалиммӕ ӕмӕ архайдта, ахуыргӕнинӕгтимӕ цӕмӕй баиу уа, ууыл. Фӕлӕ дзы сеппӕт дӕр тарстысты – ахуыргӕнинаг кӕй у, уый сӕ нӕ уырныдта.
27 Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм, ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл куыд федта Хицауы, Хицау куыд дзырдта йемӕ, Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.
28 Савл иуцасдӕр уыди семӕ, сӕрибарӕй зылдис Иерусалимыл ӕмӕ ныфсджынӕй адӕмы ахуыр кодта Хицауы номыл.
29 Ныхас ӕмӕ быцӕу кодта бердзенагау дзурӕг дзуттӕгтимӕ дӕр, ӕмӕ сӕм фӕзынд йӕ амарыны фӕнд.
30 Ӕфсымӕртӕ уый куы базыдтой, уӕд ӕй акодтой Кесаримӕ ӕмӕ йӕ уырдыгӕй арвыстой Тарсмӕ.
31 Ӕппӕт Иудейӕйы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, уыди сӕ Хуыцауы тас, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыд уырнджыты нымӕцыл.
Эней сдзӕбӕх
32 Петр сахартыл куы зылди, уӕд бабӕрӕг кодта Лиддӕйы сахары цӕрӕг сыгъдӕджыты.
33 Ам фембӕлд иу лӕгыл, йӕ ном – Эней. Уый уыд уӕнгмард – аст азы дӕргъы йӕ хуыссӕнӕй нӕ сыстад.
34 Петр ын загъта: «Эней, Йесо Чырысти дӕ дзӕбӕх кӕны. Рабад ӕмӕ сис дӕ хуыссӕн». Эней уайтӕккӕ рабадт.
35 Лиддӕ ӕмӕ йӕ Сароны цӕрджытӕ сеппӕт дӕр федтой ӕмӕ раздӕхтысты Хицаумӕ.
Тавифӕ райгас
36 Иоппийы уыдис иу уырнӕг сылгоймаг, йӕ ном – Тавифӕ (ома, Сычъи). Ӕмхиц уыди хорз хъуыддӕгтӕм ӕмӕ ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн.
37 Уыцы рӕстӕг Тавифӕ ӕрбарынчын ӕмӕ амард. Цынадтой йӕ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдтой уӕллаг уаты.
38 Лиддӕ Иоппимӕ хӕстӕг уыд. Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы фехъуыстой, Петр уым ис, зӕгъгӕ, уӕд ӕм арвыстой дыууӕ адӕймаджы зӕгъынмӕ: «Ӕрцу нӕм ӕвӕстиатӕй».
39 Петр рараст семӕ. Куы ӕрхӕццӕ, уӕд ӕй бахуыдтой уӕллаг уатмӕ. Ам ыл ӕрӕмбырд сты ӕппӕт идӕдз устытӕ, куыдтой ӕмӕ йӕм ӕвдыстой, Сычъи семӕ куы царди, уӕд кӕй хуыдта, уыцы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ.
40 Петр сеппӕты дӕр рарвыста ӕддӕмӕ, ӕрзоныгыл ӕмӕ бакуывта. Уый фӕстӕ разылди мардмӕ ӕмӕ загъта: «Тавифӕ, рабад». Тавифӕ байгом кодта йӕ цӕстытӕ, федта Петры ӕмӕ рабадт.
41 Петр ӕм бадардта йӕ къух, схӕцыд ыл ӕмӕ Тавифӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд. Стӕй Петр фӕдзырдта сыгъдӕджытӕм, идӕдз сылгоймӕгтӕм ӕмӕ сын ӕй удӕгасӕй ӕрлӕууын кодта сӕ разы.
42 Уый айхъуыст ӕгас Иоппийыл ӕмӕ бирӕтӕ баууӕндыдысты Хицауыл.
43 Ӕмӕ ма Петр бирӕ рӕстӕг фӕци Иоппийы, цӕрмгуыстгӕнӕг Симонмӕ.
10Петр ӕмӕ Корнилий
1 Кесарийы уыдис иу лӕг, йӕ ном – Корнилий, Италиаг кӕй хуыдтой, уыцы ӕфсӕддон хайы сӕдӕйыхицау.
2 Йеппӕт хӕдзаронтимӕ нымадта Хуыцауы ӕмӕ Дзы тарсти, мӕгуыр адӕмӕн бирӕ ӕххуыс кодта ӕмӕ иудадзыг куывта Хуыцаумӕ.
3 Иухатт боны фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг уый бӕлвырд федта Хуыцауы зӕды. Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Корнилий!»
4 Корнилий зӕды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ бафарста: «Цы, Хицау?» Зӕд ын дзуапп радта: «Дӕ куывдтытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн де ’ххуыс Хуыцауӕй нӕ ферох сты.
5 Арвит лӕгтӕ Иоппимӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны.
6 Уый уазӕгуаты ис, йӕ хӕдзар денджызы былыл кӕмӕн ис, уыцы цӕрмгуыстгӕнӕг Симонмӕ. [Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ деппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ.]»+ 10:6 Ап. хъ. 9:43.
7 Йемӕ чи ныхас кодта, уыцы зӕд куы ацыд, уӕд Корнилий фӕдзырдта йӕ фӕсдзӕуинтӕй дыууӕмӕ, стӕй йӕ цумагӕнӕн ӕфсӕддонтӕй иумӕ, Хуыцауыл ӕнувыд лӕгмӕ.
8 Цы ӕрцыд, уый сын радзырдта ӕмӕ сӕ арвыста Иоппимӕ.
Цы раргом Петрӕн
9 Дыккаг бон, уыдон ма фӕндагыл куы уыдысты ӕмӕ сӕ сахармӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд Петр ӕхсӕзӕм сахатмӕ хӕстӕг бакувынмӕ схызти хӕдзары сӕрмӕ.
10 Сыстонг ӕмӕ йӕм хӕрын ӕрцыд. Ӕмӕ цалынмӕ хӕринаг цӕттӕ кодтой, уӕдмӕ йын раргом:
11 Федта арвы дуар гомӕй, ӕмӕ ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд зӕхмӕ.
12 Уыди дзы алыхуызон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ.
13 Петрмӕ ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр».
14 Фӕлӕ Петр загъта: «Уый нӕ уыдзӕн, Хицау! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ӕз ахӕмӕй никуы ницы бахордтон».
15 Уӕд ӕм дыккаг хатт ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ӕлгъагыл ма нымай».+ 10:15 Мф. 15:11; Ром. 14:14; 1 Тим. 4:4; Тит. 1:15.
16 Афтӕ уыд ӕртӕ хатты, стӕй уайтӕккӕ кӕттаджы систӕуыд уӕларвмӕ.
17 Петр ма, цы федта, уымӕн ницы ӕмбаргӕйӕ, уый цы уыдаид, зӕгъгӕ, дисы куы ӕфтыд, афтӕ Корнилийы ӕрвыст лӕгтӕ ӕрлӕууыдысты кулдуары цур. Адӕмӕй базыдтой, Симоны хӕдзар кӕм ис, уый,
18 Бахъӕр кодтой ӕмӕ бафарстой: «Петр кӕй хонынц, уыцы Симон уазӕгуаты ам ис?»
19 Ныр Петры хъуыдытӕ уыдысты, цы федта, ууыл. Сыгъдӕг Уд ын загъта: «Ӕртӕ лӕджы дӕ агурынц дӕлӕ.
20 Сыст, ӕрхиз ӕмӕ ацу семӕ ӕнӕ мисхал гуырысхойӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз рарвыстон».+ 10:20 Ап. хъ. 15:7.
21 Петр ӕрхызти Корнилийы ӕрвыст лӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Сымах кӕй агурут, уый ӕз дӕн. Цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрцыдыстут?»
22 Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнилий рӕстгӕнӕг лӕг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дӕм байхъусын».
Петр бацыд Корнилийы хӕдзармӕ
23 Уӕд сӕ Петр бахуыдта ӕмӕ сӕ суазӕг кодта. Дыккаг бон араст и семӕ; йемӕ ма рацыд иоппиаг ӕфсымӕртӕй цалдӕр.+ 10:23 Ап. хъ. 11:12.
24 Иннӕ бон ӕрхӕццӕ сты Кесаримӕ. Корнилий ӕрбахуыдта йӕ къабӕзты, хӕстӕг хӕлӕртты, ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты.
25 Петр мидӕмӕ куы бахызт, уӕд Корнилий рацыд йӕ размӕ ӕмӕ йӕхи ӕрӕппӕрста Петры къӕхтӕм.
26 Петр ыл схӕцыд ӕмӕ загъта: «Сыст, ӕз дӕр ӕрмӕст адӕймаг дӕн».+ 10:26 Ап. хъ. 14:15; Ӕрг. 19:10; 22:9.
27 Корнилиимӕ ныхӕстӕ кӕнгӕйӕ, Петр бацыд хӕдзармӕ, баййӕфта дзы бирӕ адӕм
28 Ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, иудейӕн кӕй нӕй муртатимӕ ӕмбӕлыны кӕнӕ йӕм хӕдзармӕ бацӕуыны бар. Фӕлӕ мын Хуыцау раргом кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр ӕлгъаг ӕмӕ чъизийыл куыд нӕ нымайон, афтӕ.+ 10:28 Мк. 9:11; Ин. 4:9.
29 Ӕмӕ мӕм куы фӕдзырдтат, уӕд ӕрцыдтӕн ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй. Ныр уӕ фӕрсын: цы хъуыддаджы фӕдыл мӕм арвыстат?»
30 Корнилий загъта: «Ӕртӕ боны размӕ, ацафон, фарӕстӕм сахатыл, ӕз куывтон мӕ хӕдзары. Уӕд мӕ разы февзӕрд иу лӕг ӕрттивгӕ дарӕсы
31 Ӕмӕ загъта: „Корнилий, дӕ куывд дын фехъуыстӕуыд, мӕгуыртӕн де ’ххуыс Хуыцауӕй нӕ ферох.
32 Арвит Иоппимӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уый уазӕгуаты ис цӕрмгуыстгӕнӕг Симоны хӕдзары, денджызы былыл".
33 Уайтӕккӕ дӕм арвыстон, ӕмӕ кӕй ӕрцыдтӕ, уымӕй хорз бакодтай. Ныр мах иууылдӕр лӕууӕм Хуыцауы раз, цӕмӕй байхъусӕм, Хицау дын цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕм».
34 Петр райдыдта дзурын: «Ӕцӕг базыдтон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый.+ 10:34 1 Пет. 1:17; Ром. 2:11; Эф. 6:9.
35 Фӕлӕ Дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй куы уа, уӕддӕр Ын адджын у.
36 Хуыцау Израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас – Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы фарны уац. Чырысти та ӕппӕт адӕмы Хицау у.+ 10:36 Эф. 2:17; Флп. 2:11.
37 Иоанн саргъауынмӕ куы фӕсидтис, уӕд ӕппӕт Иудейӕйы, Галилейӕ райдайгӕйӕ, цы ӕрцыди, уый сымахӕн зындгонд у.+ 10:37 Лк. 4:14.
38 Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджы дӕлбар адӕмы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.
39 Ӕмӕ мах ӕвдисӕн стӕм, Уый иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ Иерусалимы цы бакодта, ӕппӕт уыдӕттӕн. Хъӕдыл Ӕй ӕрцауыгътой+ 10:39 Кӕс Ап. хъ. 5:30. ӕмӕ Йӕ амардтой,+ 10:39 Ап. хъ. 5:32; 13:31.
40 Фӕлӕ Йӕ Хуыцау райгас кодта ӕртыккаг бон ӕмӕ Йын Йӕхи равдисын кодта адӕммӕ,+ 10:40 Ап. хъ. 2:24.
41 Ӕрмӕст ӕппӕт адӕммӕ нӕ, фӕлӕ махмӕ – Хуыцау раздӕр кӕй сӕвзӕрста, Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уый фӕстӕ Йемӕ чи хордта ӕмӕ нуӕзта, уыцы ӕвдисӕнтӕм.+ 10:41 Мф. 28:7; Лк. 24:30; Ап. хъ. 13:31.
42 Ӕмӕ Йесо махӕн бафӕдзӕхста адӕммӕ фарны уац фӕхӕссын, Уый удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн Хуыцауӕй ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын.
43 Йесойӕн ӕвдисӕн сты ӕппӕт пехуымпартӕ, зӕгъгӕ Йыл чидӕриддӕр баууӕнда, уымӕн Йӕ номы хъаруйӕ хатыр уыдзысты тӕригъӕдтӕ».+ 10:43 Ап. хъ. 15:9.
44 Петр уый куы дзырдта, уӕд ӕм чидӕриддӕр хъуыста, уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй.
45 Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта.
46 Уымӕн ӕмӕ хъуыстой, ӕндӕр ӕвзӕгтыл куыд дзырдтой ӕмӕ Хуыцауӕн куыд кад кодтой, уый. Уӕд Петр загъта:+ 10:46 Мк. 16:17.
47 «Уый кӕй бон бауыдзӕн, ӕмӕ махау Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын, уыдоныл донӕй саргъауынӕн цӕлхдур сӕвӕра?»+ 10:47 Ап. хъ. 15:8.
48 Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй аргъуыд райсой Йесо Чырыстийы номыл. Уый фӕстӕ фысымтӕ ӕрхатыдысты Петрмӕ цалдӕр боны сӕм баззайыны тыххӕй.
11Петры дзуапп уырнджытӕн
1 Муртаттӕ дӕр Хуыцауы ныхасыл кӕй баууӕндыдысты, уый фехъуыстой, Иудейӕйы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ.+ 11:1 Ап. хъ. 10:44.
2 Ӕмӕ Петр Иерусалиммӕ куы ӕрцыд, уӕд ын сунӕтгонд уырнджытӕ уайдзӕф кодтой:
3 «Ды ӕнӕсунӕт адӕммӕ уыдтӕ ӕмӕ хордтай семӕ».
4 Уӕд сын Петр райдыдта, хъуыддаг куыд рауад, уый тыххӕй бӕстон дзурын:
5 «Ӕз куывтон Иоппийы сахары ӕмӕ мӕ цӕстыл ауад: ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд уӕларвӕй; ӕмӕ ӕрхӕццӕ мӕнмӕ.
6 Ӕз ӕм ӕдзынӕг ныккастӕн, ӕмӕ дзы федтон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, сырдтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ.
7 Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр".
8 Фӕлӕ ӕз загътон: „Уый нӕ уыдзӕн, Хицау! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ахӕмӕй мӕ дзыхы никуы ницы уыди".
9 Хъӕлӕс мын уӕларвӕй дыккаг хатт дзуапп радта: „Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ӕлгъагыл ма нымай".
10 Афтӕ уыд ӕртӕ хатты, стӕй сӕ иууылдӕр систӕуыд уӕларвмӕ.
11 Ӕмӕ уайтӕккӕ ӕртӕ лӕджы ӕрбалӕууыдысты, ӕз кӕм уыдтӕн, уыцы хӕдзары дуармӕ; уыдон Кесарийӕ мӕнмӕ ӕрвыст уыдысты.
12 Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕ гуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнилийы хӕдзармӕ.+ 11:12 Ап. хъ. 10:20; 15:7.
13 Корнилий нын радзырдта, йӕ хӕдзары зӕды куыд федта, уый тыххӕй. Зӕд ын загъта: „Арвит Иоппимӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны.
14 Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ деппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ".
15 Ӕз дзурын куы райдыдтон, уӕд уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй, раздӕр Дзы мах куыд схайджын стӕм, афтӕ.
16 Уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: „Иоанн донӕй аргъуыдта, сымах та аргъуыд уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй".+ 11:16 Мф. 3:11; Мк. 1:8; Ап. хъ. 1:5; 19:4.
17 Мах Хицау Йесо Чырыстийыл куы баууӕндыдыстӕм, уӕд нын Хуыцау цы радта, кӕд муртаттӕн дӕр ахӕм лӕвар ракодта, уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕрлӕууон?»
18 Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕн дӕр радта фӕсмон мыггагмӕ цӕрынӕн».
Аргъуан Антиохийы
19 Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы ныхас амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейтӕн.+ 11:19 Ап. хъ. 8:1.
20 Фӕлӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты кипрӕгтӕ ӕмӕ кириниӕгтӕ; ӕмӕ Антиохимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд муртаттӕн дӕр хъусын кодтой Хицау Йесойы фарны уац.
21 Хуыцау сын лӕвӕрдта тых, бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ӕрцыдысты Хицаумӕ.+ 11:21 Ап. хъ. 5:14.
22 Уыцы хабар бахӕццӕ Иерусалимы аргъуанмӕ, ӕмӕ Варнавӕйы арвыстой Антиохимӕ.
23 Куы ӕрцыд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ сеппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Хицауыл уой зӕрдиаг ӕмӕ ӕнувыд.+ 11:23 Ап. хъ. 14:22.
24 Варнавӕ хорз лӕг уыд, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Хицаумӕ ӕрцыд бирӕ адӕм.
25 Уый фӕстӕ Варнавӕ ацыд Тарсмӕ Савлы агурӕг, ссардта йӕ ӕмӕ йӕ ӕрхуыдта Антиохимӕ.
26 Ӕнӕхъӕн аз ӕмбӕлдысты аргъуанимӕ ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт Антиохийы схуыдтой чырыстӕттӕ.
27 Уыцы рӕстӕг Иерусалимӕй Антиохимӕ ӕрцыдысты пехуымпартӕ.+ 11:27 Ап. хъ. 13:1; 15:32.
28 Уыдонӕй иу, йӕ ном – Агав, сыстад ӕмӕ радзырдта, Сыгъдӕг Уд ын цы раргом кодта, уый: ӕппӕт дунейы скӕндзӕн тынг стонг рӕстӕг. Ӕмӕ йӕ пехуымпар ныхас ӕрцыди кесӕр Клавдийы заманы.+ 11:28 Ап. хъ. 21:10.
29 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ баныхас кодтой, кӕмӕн куыд йӕ бон у, афтӕ се ’ххуысы хай Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн арвитыны тыххӕй.+ 11:29 Ап. хъ. 24:17.
30 Ӕмӕ сӕ дзырдӕн разындысты хицау: цы ӕрӕмбырд кодтой, уый Варнавӕимӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм+ 11:30 |iХистӕр|r – бердзенагау «пресвитер»..+ 11:30 Ром. 15:25; 2 Кор. 8:4; 9:8.
12Ӕфхӕрынц уырнджыты
1 Уыцы рӕстӕг паддзах Ирод райдыдта аргъуаны уӕнгтӕй иуӕй-иуты ӕфхӕрын.
2 Кардӕй амарын кодта Иоанны ӕфсымӕр Иаковы.+ 12:2 Мф. 20:23.
3 Ацы хъуыддаг иудейтӕн ӕхсызгон кӕй у, уый куы федта, уӕд ӕй бафӕндыд Петры дӕр ӕрцахсын. Уый уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбоны рӕстӕг.
4 Ӕрцахсын кодта Петры, баппӕрста йӕ ахӕстонмӕ ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнын бафӕдзӕхста, фӕйнӕ цыппар ӕфсӕддоны кӕм уыд, ахӕм цыппар къордӕн. Иродмӕ уыд Куадзӕны фӕстӕ йын адӕмы раз тӕрхон кӕныны фӕнд.
Зӕд суӕгъд кодта Петры
5 Петры дардтой ахӕстоны, аргъуан та уыцы рӕстӕг Петры тыххӕй зӕрдиагӕй куывта Хуыцаумӕ.
6 Ирод ӕй тӕрхонмӕ ракӕнынмӕ куы хъавыди, раст уыцы ӕхсӕв Петр, дыууӕ рӕхысӕй бастӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ӕхсӕн; хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуармӕ дӕр ӕмӕ хъахъхъӕдтой ахӕстон.
7 Ӕваст фӕзынди Хуыцауы зӕд ӕмӕ ахӕстоны уат ныррухс. Зӕд басхуыста Петры фарс, райхъал ӕй кодта ӕмӕ загъта: «Сыст рӕвдздӕр». Рӕхыстӕ ӕрхаудтой Петры цӕнгтӕй.
8 Зӕд ын загъта: «Ӕрбабӕтт дӕ рон ӕмӕ скӕн дӕ дзабыртӕ». Петр ӕм байхъуыста. Зӕд та йын загъта: «Скӕн дӕ пӕлӕз ӕмӕ рацу мӕ фӕдыл».+ 12:8 Мк. 6:9.
9 Петр рахызт ӕмӕ цыди зӕды фӕдыл, фӕлӕ не ’мбӕрста, зӕд цы аразы, уый ӕцӕгдзинад кӕй у – ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ цы уыны, уый цӕстылуайӕн у.
10 Хъахъхъӕнджыты фыццаг ӕмӕ дыккаг къордты рӕзты куы аивгъуыдтой, уӕд бахӕццӕ сты, сахармӕ кӕуылты цыдысты, уыцы ӕфсӕн кулдуармӕ. Дуар сын йӕхӕдӕг байгом, рахызтысты ӕддӕмӕ, ӕмӕ иу уынг куы ауадысты, уӕд зӕд ӕваст ӕрбацыдӕр.
11 Петр йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: «Ныр ӕз ӕцӕг зонын: Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта Ироды къухтӕй, иудейаг адӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕппӕт уыдӕттӕй».
12 Петр уый куы бамбӕрста, уӕд араст, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны мад Мариайы хӕдзармӕ. Ам ӕрӕмбырд бирӕ адӕм ӕмӕ куывтой.
13 Петр кулдуар куы бахоста, уӕд кулдуары цурмӕ рацыди лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, йӕ ном – Родӕ.
14 Родӕ Петры йӕ хъӕлӕсӕй базыдта, фӕлӕ фырцинӕй кулдуар нӕ байгом кодта, афтӕмӕй базгъордта ӕмӕ радзырдта, Петр дуармӕ лӕууы, зӕгъгӕ.
15 Уыдон ын загътой: «Уый дӕ зонд куы фӕцыд». Фӕлӕ Родӕ ныллӕууыд, цы загъта, ууыл. Уыдон та дзырдтой: «Уый Петрӕн йӕ зӕд у».+ 12:15 Мф. 18:10.
16 Петр та хоста ӕмӕ хоста кулдуар. Кулдуар ын куы байгом кодтой, уӕд ӕй федтой ӕмӕ стыр дисы бафтыдысты.
17 Петр сын йӕ къухӕй бацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Хицау ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Иаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыд уырдыгӕй ӕмӕ араст ӕндӕр ранмӕ.
18 Куы ӕрбабон, уӕд ӕфсӕддонтӕ фӕдис систой: Петр цы фӕуыдаид?
19 Ирод фӕцагуырдта Петры, ӕмӕ йӕ куы нӕ ссардта, уӕд ӕрфарста хъахъхъӕнджыты ӕмӕ радта сӕ амарыны бардзырд. Уый фӕстӕ Иудейӕйӕ ацыди Кесаримӕ ӕмӕ дзы афӕстиат.
Ироды мӕлӕт
20 Ирод мӕсты уыди Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕм. Уыдон та баныхас кодтой иумӕ ӕмӕ йӕм ӕрцыдысты; балхӕдтой паддзахы галуанӕн уынаффӕгӕнӕг Власты зӕрдӕ, ӕмӕ куырдтой фидыд, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕн хойраг паддзахы бӕстӕйӕ истой.
21 Нысангонд бон Ирод паддзахы дарӕсы сбадти къӕлӕтджыны ӕмӕ дзырдта семӕ.
22 Адӕм та хъӕр систой: «Уый адӕймаг нӕ, фӕлӕ хуыцау дзуры!»
23 Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыркӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.
24 Ныридӕгӕн Хуыцауы ныхас хӕлиу кодта парахатӕй.+ 12:24 Ап. хъ. 6:7; Кол. 1:6.
25 Варнавӕйӕн ӕмӕ Савлӕн фӕдзӕхст цы уыд, уый куы сарӕзтой, уӕд Иерусалимӕй ӕрбаздӕхтысты; семӕ ракодтой, Марк кӕй хуындӕуыд, уыцы Иоанны.+ 12:25 Ап. хъ. 11:30; 13:5.
13Сыгъдӕг Уд сӕвзӕрста Варнавӕ ӕмӕ Савлы
1 Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, кириниаг Луций, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.+ 13:1 Ап. хъ. 11:27.
2 Уыдон иухатт Хуыцаумӕ куы куывтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕйы ӕмӕ Савлы».+ 13:2 Ап. хъ. 9:15; Ром. 1:1; Гал. 1:15; 1 Тим. 2:7.
3 Ком бадарыны ӕмӕ фӕкувыны фӕстӕ Варнавӕйыл ӕмӕ Савлыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ афӕндараст кодтой.+ 13:3 Ап. хъ. 6:6.
Апостолтӕ амонынц Кипры
4 Уыдон, Сыгъдӕг Удӕй ӕрвыстытӕ, ӕрцыдысты Селевкийы сахармӕ, уырдыгӕй та науы араст сты Кипрмӕ.
5 Бахӕццӕ сты Саламинмӕ ӕмӕ иудейаг синагогӕты амыдтой Хуыцауы ныхас. Семӕ ма ӕххуысгӕнӕгӕй уыд Иоанн дӕр.+ 13:5 Ап. хъ. 12:25.
6 Ахызтысты ӕппӕт сакъадахыл ӕмӕ бахӕццӕ сты Пафмӕ. Уым фембӕлдысты цавӕрдӕр иудейаг кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ мӕнгпехуымпарыл, йӕ ном – Вар-Йесо.
7 Вар-Йесо уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы, зондджын лӕджы, ӕввахсдӕртӕй иу. Сергий Павел фӕдзырдта Варнавӕ ӕмӕ Савлмӕ, фӕндыд ӕй Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын.
8 Фӕлӕ Вар-Йесо (хуыдтой ма йӕ Элима дӕр, ома, кӕлӕнгӕнӕг) уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ архайдта, цӕмӕй сакъадахы хицау уырнындзинадмӕ ма ӕрцӕуа.+ 13:8 Ап. хъ. 8:9; 2 Тим. 3:8.
9 Фӕлӕ Савл, хуыдтой ма йӕ Павел дӕр, схайджын Сыгъдӕг Удӕй, ӕдзынӕг ныккаст Элимамӕ
10 Ӕмӕ загъта: «О хӕйрӕджы хъӕбул, фӕлитой ӕмӕ налат, рӕстдзинады знаг! Хицауы раст фӕндӕгтӕй адӕмы галиумӕ здахыны куыст искуы ныууадздзынӕ ӕви нӕ?+ 13:10 Мф. 13:38; Ин. 8:44; 1 Ин. 3:8.
11 Ныр дӕ Хицауы къух ӕрцӕвдзӕн, бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ афон ралӕууа, уӕдмӕ хуры рухс нӕ фендзынӕ». Элимайыл ӕваст боны рухс батар, ӕмӕ алырдӕм рафтбафтгӕнгӕйӕ агуырдта, чи йӕ ахона, ахӕмы.
12 Цы ӕрцыд, уый Сергий Павел куы федта, уӕд Хицауы тыххӕй цы базыдта, уый йӕ бафтыдта стыр дисы, ӕмӕ баууӕндыд.
Апостолтӕ – писидиаг Антиохийы
13 Павел ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ науы ацыдысты Пафӕй, ӕмӕ бахӕццӕ сты Памфилимӕ, Пергийы сахармӕ. Ам Иоанн фӕхицӕн уыдонӕй ӕмӕ ӕрбаздӕхт Иерусалиммӕ.+ 13:13 Ап. хъ. 15:38.
14 Уыдон та Пергийӕ араст сты дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ сты писидиаг сахар Антиохимӕ. Сабаты бацыдысты синагогӕмӕ ӕмӕ дзы ӕрбадтысты.
15 Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой уыдонӕн зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут».
16 Павел сыстад ӕмӕ, къухӕй бацамонгӕйӕ, загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, стӕй Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон дӕр!
17 Ацы адӕмы Хуыцау, Израилы Хуыцау, сӕвзӕрста нӕ фыдӕлты. Израилӕгтӕ-ма Мысыры ӕцӕгӕлӕттӕй куы цардысты, уӕд сӕ скодта стыр адӕм, стӕй сӕ уырдыгӕй рахуыдта Йӕ домбай къухӕй.
18 Дыууиссӕдз азы бӕрц сын фӕлӕвӕрдта хойраг ӕдзӕрӕг бӕстӕйы.
19 Ӕмӕ Ханааны бӕстӕйы авд адӕмыхатты куы фӕцагъта, уӕд сын сӕ зӕхх радта израилӕгтӕн.
20 Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты иу цыппарсӕдӕ фӕндзай азмӕ. Уый фӕстӕ сын, Самуил-пехуымпары заманы онг, Хуыцау лӕвӕрдта тӕрхонгӕнджытӕ.
21 Фӕстӕдӕр уыдон сӕхицӕн куырдтой паддзах, ӕмӕ сын Хуыцау Вениамины хӕдзарвӕндагӕй радта Кисы фырт Саулы. Уый паддзахиуӕг кодта дыууиссӕдз азы.
22 Стӕй йӕ Хуыцау раппӕрста ӕмӕ сын паддзахӕй сӕвӕрдта Давиды. Хуыцау Йӕхӕдӕг Давиды тыххӕй загъта: „Ӕз ссардтон, Мӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, Мӕн цыдӕриддӕр фӕнды, уый чи бакӕндзӕн, ахӕм лӕджы – Иессейы фырт Давиды".
23 Хуыцау зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ Давиды байзӕддагӕй Израилӕн радта Ирвӕзынгӕнӕг Йесойы.
24 Йесойы ӕрцыды хӕдразмӕ Иоанн ӕппӕт израилаг адӕммӕ сидтис тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ аргъуыд райсынмӕ.+ 13:24 Мф. 3:1.
25 Иоанн йӕ куыст куы фӕци, уӕд загъта: „Кӕуыл мӕ нымайут? Нӕ, ӕз уый нӕ дӕн. Фӕлӕ мӕнӕ мӕ фӕстӕ ӕрцӕуы, ӕз Кӕй дзабыры бос райхалыны аккаг нӕ дӕн, Уый".+ 13:25 Ин. 1:20; 3:28.
26 Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, стӕй сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! Фервӕзыныл дзурӕг ацы уац махӕн ӕрвыст у.+ 13:26 Мф. 10:6.
27 Иерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йесойы нӕ базыдтой, ӕмӕ нӕ бамбӕрстой, алы сабат дӕр кӕй фӕкастӕуы, пехуымпарты уыцы ныхӕстӕ. Ӕмӕ сӕ сӕххӕст кодтой мӕлӕты тӕрхон Ын рахӕссынӕй.+ 13:27 Лк. 24:27; 1 Кор. 2:8.
28 Амарыны аккаг азым Ӕм не ссардтой, фӕлӕ уӕддӕр Пилатӕй куырдтой Йӕ амарын.+ 13:28 Мф. 27:20; Лк. 23:23; Ап. хъ. 3:14.
29 Йесойы тыххӕй фыст цы уыд, ӕппӕт уыдӕттӕ куы сӕххӕст кодтой, уӕд Ӕй ӕристой дзуарӕй ӕмӕ Йӕ бавӕрдтой зӕппадзы.
30 Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта.+ 13:30 Мф. 28:6; Мк. 16:6.
31 Бирӕ бонты дӕргъы Йесо Йӕхи ӕвдыста Галилейӕ Иерусалиммӕ Йемӕ ӕрцӕуджытӕн. Ныр уыдон Йесойы тыххӕй ӕвдисӕн лӕууынц нӕ адӕмӕн.+ 13:31 Ин. 20:19.
32 Ӕмӕ уын мах ӕрхастам уыцы фарны уац: Хуыцау фыдӕлтӕн ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уый радта махӕн, сӕ цотӕн, – Йесойы райгас кодта мӕрдтӕй,
33 Дыккаг псаломы куыд фыст у, афтӕ: „Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ".+ 13:33 Дзут. 1:5.
34 Хуыцау Ӕй мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ӕмӕ Йын бамбийӕн кӕй нал уыдзӕн, уый тыххӕй та Хуыцау афтӕ загъта: „Ӕз уыл бафтаудзынӕн, Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтон ӕмӕ кӕй нӕ аивдӕуыдзӕн, уыцы арфӕтӕ".
35 Уымӕ гӕсгӕ иннӕ ран загъд у: „Дӕ сыгъдӕджы нӕ бамбийын кӕндзынӕ ингӕны".+ 13:35 Ап. хъ. 2:31.
36 Фӕлӕ Хуыцау цы снысан кодта, Давид йӕ заманы уый куы сарӕзта, уӕд амард, ныгӕд ӕрцыд йӕ фыдӕлтимӕ ӕмӕ бамбыд.+ 13:36 Ап. хъ. 2:29.
37 Хуыцау Кӕй райгас кодта, Уый та нӕ бамбыд.+ 13:37 Ап. хъ. 2:31.
38 Уӕдӕ зонут, ӕфсымӕртӕ: Йесойы фӕрцы сымахӕн хъуыстгонд цӕуы уац тӕригъӕдтӕ ныббарыны,+ 13:38 Лк. 24:47.
39 Стӕй Моисейы Ӕгъдауы руаджы цӕмӕй не сраст уыдаиккат, ӕппӕт уыдӕттӕ ныххатыр кӕныны тыххӕй. Йесойы руаджы растгонд цӕуы алы уырнӕг дӕр.+ 13:39 Ром. 3:20.
40 Уӕдӕ уӕхи хизут, цӕмӕй уыл ма ӕрцӕуа пехуымпары ныхас:
41 „Кӕсут-ма, ӕнӕрвӕссонтӕ! Бадис кӕнут ӕмӕ фӕтары ут, уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз сараздзынӕн ахӕм хъуыддаг, ӕмӕ уын ӕй исчи куы загътаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид"».
42 Павел ӕмӕ Варнавӕ синагогӕйӕ куы рацӕйцыдысты, уӕд сӕм хатыдысты, цӕмӕй уыдӕтты тыххӕй дзурой иннӕ сабаты дӕр.
43 Ӕмбырд куы рахӕлиу, уӕд дзӕвгар иудейтӕ, муртаттӕй иудейаг диныл чи ныххӕцыд, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ, ацыдысты Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл. Павел ӕмӕ Варнавӕ ныхас кодтой семӕ ӕмӕ сӕм хатыдысты Хуыцауы хорзӕхыл фидар хӕцыны тыххӕй.+ 13:43 Ап. хъ. 11:23.
44 Иннӕ сабаты ӕгас сахар, искуы иуӕй фӕстӕмӕ, ӕрӕмбырд Хуыцауы ныхас хъусынмӕ.
45 Иудейтӕ та уыйбӕрц адӕм куы федтой, уӕд фырхӕлӕгӕй фӕцӕйтыдтой, дзырдтой Павелы ныхӕсты ныхмӕ ӕмӕ йӕ ӕлгъыстой.
46 Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуамӕ загъдӕуыдаид. Фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ цӕуӕм муртаттӕм.+ 13:46 Ап. хъ. 3:26; 4:29; 18:6.
47 Уымӕн ӕмӕ нын Хицау афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз Дӕ радтон муртаттӕн рухсӕн, цӕмӕй ӕгас дуне фервӕза Дӕ фӕрцы"».+ 13:47 Лк. 2:32.
48 Уыцы ныхӕстӕ муртаттӕн ӕрхастой цин, кад кодтой Хицауы ныхасӕн, ӕмӕ Хуыцау мыггагмӕйы цардӕн кӕй сӕвзӕрста, уыдон иууылдӕр баууӕндыдысты.
49 Афтӕ Хицауы ныхас хӕлиу кодта ӕппӕт бӕстӕйыл.
50 Фӕлӕ иудейтӕ сардыдтой дингӕнӕг уӕздан сылгоймӕгты, стӕй сахары хицӕутты; Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл райдыдтой зилын, ӕмӕ сӕ фӕтардтой уырдыгӕй.+ 13:50 2 Тим. 3:11.
51 Павел ӕмӕ Варнавӕ ацагътой сӕ къӕхты рыг ӕмӕ ацыдысты Иконимӕ.+ 13:51 Мф. 10:14; Мк. 6:11; Лк. 9:5.
52 Ахуыргӕнинӕгтӕ та уыдысты зӕрдӕрухс ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын.
14Павел ӕмӕ Варнавӕ – Иконийы
1 Павел ӕмӕ Варнавӕ Иконийы дӕр бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ, амыдтой афтӕ, ӕмӕ иудейтӕй ӕмӕ бердзентӕй тынг бирӕ баууӕндыд Йесойыл.
2 Хуыцауы ныхасӕн чи нӕ басаст, уыцы иудейтӕ та сызмӕстой муртатты ӕмӕ сӕ сардыдтой ӕфсымӕрты ныхмӕ.
3 Павел ӕмӕ Варнавӕ уым фесты бирӕ рӕстӕг; ныфсджынӕй дзырдтой Хицауы тыххӕй, ӕмӕ Йӕ хорзӕхы тыххӕй раст кӕй дзырдӕуыд, уый апостолты фӕрцы Хицау ӕвдыста ӕвдисӕйнӕгтӕй ӕмӕ диссӕгтӕй.+ 14:3 Мк. 16:20.
4 Адӕм сахары фӕдих сты: иутӕ иудейты фарс уыдысты, иннӕтӕ та – апостолты.
5 Муртаттӕ ӕмӕ иудейтӕ сӕ хистӕртимӕ скодтой апостолты бафхӕрыны ӕмӕ сӕ дуртӕй амарыны фӕнд.
6 Павел ӕмӕ Варнавӕ уый куы базыдтой, уӕд ацыдысты ликаониаг сахартӕ Листрӕ ӕмӕ Дервимӕ, стӕй сӕ алфамбылайтӕм.+ 14:6 Мф. 10:23.
7 Ам дӕр хъусын кодтой фарны уац.
Листрӕ ӕмӕ Дервийы
8 Листрӕйы царди, йӕ къӕхтӕ сахъат кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм лӕг; ӕдзух бадти, цӕуынхъом никуы уыд, уымӕн ӕмӕ мады гуыбынӕй афтӕ рахаста.
9 Павел куы дзырдта, уӕд ӕм хъуыста. Павел ӕм ӕдзынӕг ныккаст ӕмӕ федта: уыцы лӕгмӕ ис, кӕй фӕрцы сдзӕбӕх уа, ахӕм уырнындзинад.
10 Уӕд ын Павел хъӕрӕй загъта: «Слӕуу дӕ къӕхтыл». Уый уайтӕккӕ фӕгӕпп ласта ӕмӕ райдыдта цӕуын.
11 Павел цы бакодта, уый адӕм куы федтой, уӕд ликаониагау райдыдтой хъӕр кӕнын: «Адӕймаджы хуызы нӕм хуыцӕуттӕ ӕрцыдысты!»
12 Ӕмӕ Варнавӕйы хуыдтой Зевс, Павелы та – Гермес+ 14:12 |iЗевс|r ӕмӕ |iГермес|r – рагон бердзенты хуыцӕуттӕ. Зевс сӕм нымад уыд уӕлдӕр хуыцауыл, Гермес та – хуыцӕутты фидиуӕгыл., уымӕн ӕмӕ ныхас фылдӕр уый кодта.
13 Сахары кулдуары размӕ Зевсӕн цы кувӕндон уыд, уый дзуарылӕг та кулдуары цурмӕ ӕрбатардта галтӕ, ӕрхаста дидинӕгбыдтӕ, ӕмӕ йӕ зӕрды уыд адӕмимӕ нывонд ӕрхӕссын.
14 Фӕлӕ апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уый куы фехъуыстой, уӕд арӕмыгътой сӕ пӕлӕзтӕ, сӕхи баппӕрстой адӕммӕ ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой:
15 «Адӕм, уый цы ми кӕнут? Мах дӕр сымах хуызӕн адӕймӕгтӕ стӕм. Хъусын уын кӕнӕм фарны уац, цӕмӕй сымах уӕ мӕнгхуыцӕуттӕй раздӕхат цардӕгас Хуыцаумӕ – арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕгмӕ.+ 14:15 Ап. хъ. 10:26; Ӕрг. 14:7.
16 Хуыцау рагзаманы адӕмтӕн лӕвӕрдта, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрыны бар.
17 Уӕддӕр Йӕ хорз хъуыддӕгтӕй иудадзыг ӕвдыста Йӕхи: арвӕй уын ӕрвиты къӕвда ӕмӕ йӕ афоныл дӕтты зӕххы бӕркад; хӕссы уӕ хойрагӕй ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ ӕфсады цинӕй».+ 14:17 Мф. 5:45; Ром. 1:19-20.
18 Уыцы ныхӕсты фӕрцы дӕр зынтӕй баурӕдтой адӕмы уыдонӕн нывонд ӕрхӕссынӕй.
19 Уӕд Антиохи ӕмӕ Иконийӕ ӕрцыдысты иудейтӕ ӕмӕ адӕмы сардыдтой апостолты ныхмӕ. Павелыл ралӕууыдысты дурадзагъдӕй, ӕнхъӕл уыдысты амарди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ сыфцӕй ласӕгау аластой фӕссахармӕ.+ 14:19 2 Кор. 11:25.
20 Фӕлӕ йыл ахуыргӕнинӕгтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Павел сыстад ӕмӕ баздӕхт сахармӕ. Дыккаг бон Варнавӕимӕ араст Дервимӕ.
Ӕрбаздӕхтысты сириаг Антиохимӕ
21 Уыцы сахармӕ ӕрхастой фарны уац ӕмӕ бирӕты скодтой ахуыргӕнинӕгтӕ. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты Листрӕмӕ, уырдыгӕй та – Иконимӕ ӕмӕ Антиохимӕ.
22 Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.+ 14:22 Мф. 7:14; Лк. 13:24; 2 Тим. 3:12.
23 Алы аргъуаны дӕр сӕвӕрдтой хистӕртӕ, сӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕргӕйӕ. Ком даргӕйӕ фӕкуывтой ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхстой, Кӕуыл баууӕндыдысты, уыцы Хицауыл.
24 Апостолтӕ ахызтысты Писидийыл ӕмӕ ӕрцыдысты Памфилимӕ.
25 Пергийы фӕцамыдтой Хуыцауы ныхас, стӕй ӕрцыдысты Атталимӕ.
26 Уырдыгӕй денджызыл сӕ фӕндаг адардтой Антиохимӕ – ныр цы хъуыддаг ахицӕн кодтой, уый аразынмӕ сӕ Хуыцауы хорзӕхыл бафӕдзӕхсгӕйӕ кӕцӕй рарвыстой, уырдӕм.+ 14:26 Ап. хъ. 13:2.
27 Куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрӕмбырд кодтой аргъуаны уӕнгты ӕмӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, муртаттӕн уырнындзинады дуар куыд байгом кодта, уый тыххӕй.
28 Павел ӕмӕ Варнавӕ уым дзӕвгар рӕстӕг арвыстой ахуыргӕнинӕгтимӕ.
15Ӕмбырд Иерусалимы
1 Иудейӕйӕ ӕрцыди чидӕртӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн райдыдтой амонын: «Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сунӕт куы нӕ скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут».+ 15:1 Гал. 2:3-4; 5:2; Флп. 3:3.
2 Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты ӕмӕ сӕм рауад стыр быцӕу. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацы хъуыддаджы фӕдыл ацӕуой апостолтӕм ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕм Иерусалиммӕ.
3 Аргъуан сӕ срӕвдз кодта фӕндагмӕ, ӕмӕ ацыдысты Финикийыл ӕмӕ Самарийыл. Сӕ фӕндагыл дзырдтой, муртаттӕ кӕй цӕуынц Хуыцаумӕ, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр хастой стыр цин.
4 Иерусалиммӕ куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд сыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты аргъуан, апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ. Павел ӕмӕ сын Варнавӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй.
5 Фӕлӕ сыстадысты Йесойыл баууӕндӕг фарисейтӕй чидӕртӕ, ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕ хъуамӕ кӕной сунӕт ӕмӕ сын хъӕуы бафӕдзӕхсын Моисейы Ӕгъдауыл хӕцын.
6 Апостолтӕ ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты уыцы хъуыддаг равзарынмӕ.
7 Дзӕвгар ыл куы фӕбыцӕу кодтой, уӕд сыстад Петр ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, сымах зонут, фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Хуыцау сымахӕй мӕн сӕвзӕрста, цӕмӕй муртаттӕ мӕ дзыхӕй фехъусой фарны уац ӕмӕ баууӕндой.+ 15:7 Ап. хъ. 10:20; 11:12.
8 Ӕмӕ Зӕрдӕзонӕг Хуыцау муртаттыл кӕй ауды, уый равдыста, махӕн Ӕй куыд радта, афтӕ уыдонӕн дӕр Сыгъдӕг Уд раттынӕй.+ 15:8 Ап. хъ. 11:15.
9 Хуыцау махмӕ дӕр ӕмӕ уыдонмӕ дӕр иу цӕстӕй кӕсы, уымӕн ӕмӕ сын уырнындзинадӕй ссыгъдӕг кодта сӕ зӕрдӕтӕ.+ 15:9 Ап. хъ. 10:43; 1 Кор. 1:2.
10 Ныр Хуыцауы цӕмӕн къахут? Нӕдӕр нӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр мах кӕй нӕ бафӕрӕзтам хӕссын, уыцы ӕфсондз ахуыргӕнинӕгты бӕрзӕйыл цӕмӕн ӕвӕрут?+ 15:10 Мф. 23:4; Лк. 11:46; Гал. 5:1.
11 Мах куы ӕууӕндӕм, мах дӕр ӕмӕ уыдон дӕр кӕй фервӕздзыстӕм ӕрмӕст Хицау Йесойы хорзӕхы руаджы».+ 15:11 Гал. 3:22; Эф. 2:8; 2 Тим. 1:9; Тит. 3:4-5.
12 Уӕд сеппӕт дӕр ныхъхъус сты, ӕмӕ хъуыстой Варнавӕ ӕмӕ Павелмӕ. Уыдон дзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы муртаттӕм цы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ сарӕзта, уый тыххӕй.
13 Сӕ ныхас куы фесты, уӕд райдыдта дзурын Иаков: «Ӕфсымӕртӕ, байхъусут мӕм.
14 Симон радзырдта, зӕгъгӕ, Хуыцау фыццаг хатт муртаттӕм ӕркаст, цӕмӕй дзы Йӕхицӕн сӕвзара адӕм.
15 Афтӕ амонынц пехуымпарты ныхӕстӕ дӕр. Фыст у:
16 „Уый фӕстӕ Ӕз раздӕхдзынӕн ӕмӕ сараздзынӕн Давиды хӕлд цатыр, йӕ хӕлддзӕгтӕ йын ӕрӕвӕрдзынӕн сӕ бынӕтты ӕмӕ йӕ сног кӕндзынӕн.
17 Цӕмӕй Хицаумӕ тырной иннӕ адӕм, Мӕ ном чи хӕссы, уыцы адӕмтӕ иууылдӕр. Афтӕ зӕгъы Хицау,
18 Ӕппӕт уыдӕттӕ тӕккӕ райдианӕй Чи ӕргом кӕны, Уый".
19 Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыды у: муртаттӕй Хуыцаумӕ чи здӕхы, уыдоныл уӕлдай уаргъ ма ӕвӕрӕм.
20 Фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, ӕмӕ сӕхи бахизӕнт, мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн ӕрхӕссынӕй цы фелгъаг, уый хӕрынӕй, хӕтынӕй, хӕдмӕл ӕмӕ туг хӕрынӕй [ӕмӕ сӕ сӕхицӕн цы нӕ фӕнды, уый ма кӕнӕнт иннӕтӕн].+ 15:20 Ап. хъ. 21:25; Ром. 1:27; 1 Кор. 6:15.
21 Моисейы Ӕгъдау рагӕй-ӕрӕгмӕ алы сахары дӕр куы амонынц ӕмӕ йӕ синагогӕты алы сабат дӕр куы кӕсынц».
Фыстӕг баууӕндӕг муртаттӕм
22 Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ ӕппӕт аргъуанимӕ сфӕнд кодтой аргъуанӕй цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ сӕ Павелимӕ ӕмӕ Варнавӕимӕ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ сӕвзӕрстой, Варсава дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы, ӕмӕ Силӕйы – ӕфсымӕрты ӕхсӕн дзырддзӕугӕты.
23 Ныффыстой ӕмӕ сын семӕ арвыстой ахӕм фыстӕг: «Апостолтӕй ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕй, уе ’фсымӕртӕй – Антиохийы, Сирийы ӕмӕ Киликийы муртаттӕй Хуыцаумӕ чи ӕрцыд, уыцы ӕфсымӕртӕм. Фӕрнджын ут.
24 Ӕрбайхъуысти нӕм, махӕй чи ацыд, уыдонӕй уӕ чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй фӕкъуыхцы кодтой ӕмӕ уын змӕнтынц уӕ зонд [сымах хъуамӕ кӕнат сунӕт ӕмӕ хӕцат Моисейы Ӕгъдауыл, зӕгъгӕ]. Фӕлӕ сын мах ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхстам.
25 Уымӕ гӕсгӕ ӕмзӕрдӕйӕ бауынаффӕ кодтам цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ уӕм сӕ нӕ уарзон ӕфсымӕртӕ Варнавӕимӕ ӕмӕ Павелимӕ арвитын –
26 Уыцы дыууӕ сӕ цард снывонд кодтой нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номы сӕраппонд.
27 Уӕдӕ уӕм ӕрвитӕм Иудӕ ӕмӕ Силӕйы – уыдон уын лӕгӕй-лӕгмӕ ноджыдӕр радзурдзысты, мах уӕм цы ныффыстам, уый.
28 Сыгъдӕг Уд ӕмӕ мах алыг кодтам сымахыл ӕндӕр уаргъ нал ӕвӕрын, мӕнӕ ацы ахсджиагдӕртӕй фӕстӕмӕ:
29 Мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕ, туг ӕмӕ хӕдмӕл хӕрынӕй, стӕй хӕтынӕй хи бахизын [ӕмӕ уӕ уӕхицӕн цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн нӕ кӕнын]. Уыдӕттӕй уӕхи куы хизат, уӕд раст бакӕндзыстут. Хӕрзбон».
30 Ӕрвыст ӕфсымӕртӕ ӕрцыдысты Антиохимӕ, ӕрӕмбырд кодтой уырнджыты ӕмӕ сӕм радтой фыстӕг.
31 Уыдон фыстӕг куы бакастысты, уӕд бацин кодтой – ацы хабар сӕ барӕвдыдта.
32 Иудӕ ӕмӕ Силӕ сӕхӕдӕг пехуымпартӕ уыдысты, бирӕ фӕныхас кодтой ӕфсымӕртимӕ, бауагътой сӕ ныфс ӕмӕ сын бафтыдтой сӕ уырнындзинадыл.+ 15:32 Ап. хъ. 14:22.
33 Уым фесты иуцасдӕр, стӕй сӕ ӕфсымӕртӕ фарнимӕ афӕндараст кодтой сӕ рарвитджытӕм.
34 [Фӕлӕ Силӕйы бафӕндыд уым баззайын.]
35 Павел ӕмӕ Варнавӕ та баззадысты Антиохийы, бирӕ ӕндӕртимӕ амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Хицауы ныхас.
Павел ӕмӕ Варнавӕ фӕхицӕн сты
36 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Павел загъта Варнавӕйӕн: «Ацӕуӕм ӕмӕ, Хицауы ныхас кӕдӕм ӕрхастам, ӕппӕт уыцы сахарты бабӕрӕг кӕнӕм не ’фсымӕрты, сӕ цард сын фенӕм».
37 Варнавӕйы фӕндыд, Марк дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны йемӕ акӕнын.+ 15:37 Ап. хъ. 12:12; Кол. 4:10.
38 Фӕлӕ Павел разы нӕ уыд, Памфилийы сӕ чи ныууагъта ӕмӕ семӕ кусын кӕй нӕ бафӕндыд, уыцы лӕджы акӕныныл.+ 15:38 Ап. хъ. 13:13.
39 Павелы ӕмӕ Варнавӕйы ӕхсӕн ахӕм быцӕу рауад, ӕмӕ фӕхицӕн сты. Варнавӕ Маркы акодта йемӕ ӕмӕ науыл ацыд Кипрмӕ.
40 Павел та ӕмбӕлццонӕн сӕвзӕрста Силӕйы, ӕфсымӕртӕ йӕ бафӕдзӕхстой Хицауы хорзӕхыл, ӕмӕ араст.
41 Павел цыди Сирийыл ӕмӕ Киликийыл, ӕмӕ йӕ фӕндагыл фидар кодта аргъуантӕ.+ 15:41 Ап. хъ. 14:22.
16Тимофей баиу Павел ӕмӕ Силӕимӕ
1 Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Тимофей. Йӕ мад уыди Йесойыл баууӕндӕг иудей, йӕ фыд та – бердзенаг.+ 16:1 Ром. 16:21; Флп. 2:19; 1 Фес. 1:1.
2 Листрӕйы ӕмӕ Иконийы Тимофейӕ тынг ӕппӕлыдысты ӕфсымӕртӕ.
3 Павелы бафӕндыд Тимофейы йемӕ акӕнын. Уым цы иудейтӕ царди, уыдоны тыххӕй Тимофейӕн скодта сунӕт, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр зыдтой, йӕ фыд бердзенаг кӕй уыд, уый.+ 16:3 1 Кор. 9:20.
4 Уыдон цыдысты иу сахарӕй иннӕмӕ ӕмӕ уырнджытӕн сӕххӕст кӕнынмӕ лӕвӕрдтой, апостолтӕ ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕ Иерусалимы кӕй рахастой, уыцы уынаффӕтӕ.+ 16:4 Ап. хъ. 15:28.
5 Ӕмӕ фидар кодта аргъуанты уырнындзинад, ӕрвылбон ӕфтыд уырнджыты нымӕцыл.
Сыгъдӕг Удмӕ байхъусгӕйӕ
6 Ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстӕйыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Сыгъдӕг Уд нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Асийы амонынмӕ.
7 Мисийы арӕнмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд архайдтой Вифинимӕ ацӕуыныл, фӕлӕ сӕ Йесойы Уд нӕ бауагъта уырдӕм.
8 Уӕд ахызтысты Мисийыл ӕмӕ ӕрцыдысты Троадӕмӕ.
9 Ӕмӕ Павел уыцы ӕхсӕв йӕ цӕстылуайӕны федта: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македониаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн».
10 Павелы цӕстылуайӕны хӕдуӕлвӕд нӕхи ӕрцӕттӕ кодтам Македонимӕ цӕуынмӕ – бамбӕрстам, Хуыцау нӕ уырдӕм фарны уац фӕхӕссынмӕ кӕй ӕрхуыдта, уый.
Лидиа ӕрцыд Хуыцаумӕ
11 Араст стӕм Троадӕйӕ ӕмӕ ӕмраст бацыдыстӕм Самофракимӕ, уырдыгӕй дыккаг бон – Неаполмӕ,
12 Неаполӕй та – ромаг колони+ 16:12 |iКолони|r – ромаг граждӕнтӕ кӕм цардысты, ахӕм сахар. Филипптӕм, Македонийы уыцы хайы сӕйраг сахармӕ. Фестӕм дзы цалдӕр боны,
13 Сабаты та ацыдыстӕм фӕссахармӕ, цӕугӕдоны цурмӕ, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕмӕй кувӕн бынат кӕм уыд, уырдӕм. Ӕрбадтыстӕм ӕмӕ ныхас кодтам, чи ӕрӕмбырд, уыцы сылгоймӕгтимӕ.
14 Ӕмӕ Фиатирӕйы сахарӕй Хуыцауы нымайӕг сылгоймаг, йӕ ном – Лидиа, сӕнтсырх хъуымац уӕйгӕнӕг, хъуыста ныхасмӕ. Хицау ын байгом кодта йӕ зӕрдӕ, Павел цы дзырдта, уыцы ныхӕстӕн.
15 Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йӕ хӕдзаронтыл дӕр куы саргъуыдӕуыд, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Хицауыл мӕ иузӕрдионыл кӕд банымадтат, уӕд рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта.
Павел ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой
16 Иухатт кувӕн бынатмӕ куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд ныл сӕмбӕлди, дӕсныфӕрсыныл ардауӕг ӕнӕзӕгъинаг кӕй ӕрцахста, ахӕм лӕггадгӕнӕг чызг. Дӕсныфӕрсынӕй йӕ хицӕуттӕн хаста стыр ӕфтиаг.
17 Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Дунедарӕг Хуыцауы цагъартӕ сты; фервӕзӕн цы амалӕй ис, уыдон уын уый тыххӕй дзурынц».
18 Афтӕ кодта бирӕ бонты дӕргъы. Павел, ӕппынфӕстаг, смӕсты, акаст фӕстӕмӕ ӕмӕ ӕнӕзӕгъинагӕн загъта: «Йесо Чырыстийы номӕй дын дӕттын бардзырд: рацу дзы». Ӕмӕ дзы уайтӕккӕ рацыд.+ 16:18 Мф. 10:1; Мк. 1:34; 16:17.
19 Се ’фтиагыл зӕрдӕ дарӕн кӕй нал ис, уый чызджы хицӕуттӕ куы федтой, уӕд ӕрцахстой Павел ӕмӕ Силӕйы, ӕмӕ сӕ лӕгдыхӕй акодтой сӕйраг фӕзмӕ сахары сӕргълӕуджытӕм.
20 Бакодтой сӕ сахары хицӕуттӕм ӕмӕ загътой: «Ацы лӕгтӕ иудейтӕ сты ӕмӕ змӕнтынц нӕ сахар.
21 Хӕлиу кӕнынц, махӕн, ромӕгтӕн, барвӕссинаг чи нӕу ӕмӕ нын ӕххӕст кӕнын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ».
22 Павелы ӕмӕ Силӕйы ныхмӕ ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Уӕд сахары хицӕуттӕ радтой бардзырд, цӕмӕй дыууӕйӕн дӕр сӕ дарӕс сӕ уӕлӕйӕ ӕррӕмудзой ӕмӕ сӕ лӕдзджытӕй фӕнӕмой.+ 16:22 2 Кор. 11:25; 1 Фес. 2:2.
23 Дзӕбӕх сӕ куы фӕнадтой, уӕд сӕ баппӕрстой ахӕстоны, ӕмӕ хъахъхъӕнӕгӕн бафӕдзӕхстой къӕрцхъусӕй сӕ хъахъхъӕнын.
24 Ахӕм бардзырд куы райста, уӕд сӕ баппӕрста ахӕстоны рӕбинаг хаймӕ ӕмӕ сын сӕ къӕхтыл бакодта хъадамантӕ.
25 Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой, зарыдысты Хуыцауы кадӕн, ахӕстытӕ та сӕм хъуыстой.
26 Ӕваст зӕхх афтӕ тыхджын нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон нызмӕлыд йӕ бындурмӕ. Уайтӕккӕ байгом сты ахӕстоны ӕппӕт дуӕрттӕ, ӕмӕ ахӕстытӕ иууылдӕр сӕ рӕхыстӕй суӕгъд сты.+ 16:26 Ап. хъ. 4:31.
27 Ахӕстоны хъахъхъӕнӕг куы райхъал ӕмӕ дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд фелвӕста йӕ кард ӕмӕ хъавыд йӕхи амарынмӕ; ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ ахӕстытӕ алыгъдысты.
28 Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах неппӕт дӕр ам стӕм!»
29 Уӕд хъахъхъӕнӕг ӕрбахӕссын кодта цырагъ, базгъордта Павелмӕ ӕмӕ Силӕмӕ, ӕмӕ, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ, йӕхи ӕрӕппӕрста сӕ къӕхтӕм.
30 Стӕй сӕ рахуыдта ӕддӕмӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Ме ’лдӕрттӕ, фервӕзынӕн мын цы гӕнгӕ у?»
31 Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Хицау Йесойыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр».+ 16:31 Мк. 16:16.
32 Хъахъхъӕнӕгӕн ӕмӕ йеппӕт хӕдзаронтӕн Павел ӕмӕ Силӕ фӕцамыдтой Хицауы ныхас.
33 Хъахъхъӕнӕг сӕ ӕхсӕвы тӕккӕ уыцы сахатыл ракодта, цӕхсадта сын сӕ хъӕдгӕмттӕ, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй аргъуыд райста йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йеппӕт хӕдзаронтӕ дӕр.
34 Павел ӕмӕ Силӕйы бахуыдта йӕ хӕдзармӕ, фынг сын ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ цин кодта йеппӕт хӕдзаронтимӕ, Хуыцауыл кӕй баууӕндыдысты, уый тыххӕй.
35 Куы сбон, уӕд сахары хицӕуттӕ се ’ххуысгӕнджыты арвыстой ахӕстонмӕ зӕгъынмӕ: «Рауадз уыцы лӕгты».
36 Хъахъхъӕнӕг уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта Павелмӕ: «Сахары хицӕуттӕ ӕрбарвыстой уӕ рауадзыны бардзырд. Уӕдӕ ныр ацӕут фарнимӕ».
37 Фӕлӕ Павел ӕрвыст лӕгтӕн загъта: «Мах, ромаг граждӕнты, ӕнӕ тӕрхонӕй куы надтой ӕппӕт адӕмы раз, ӕмӕ нӕ ахӕстоны куы баппӕрстой, уӕд нӕ ныр сусӕгӕй уадзынц? Уымӕн уӕвӕн нӕй. Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ нӕ сӕхӕдӕг ракӕнӕнт ардыгӕй».+ 16:37 Ап. хъ. 22:25.
38 Ӕрвыстытӕ уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодтой сахары хицӕуттӕм. Ромаг граждӕнтӕ кӕй сты, уый куы фехъуыстой, уӕд старстысты,
39 Ӕрцыдысты сӕм ӕмӕ сӕ хатыр ракуырдтой. Рахуыдтой сӕ ахӕстонӕй ӕмӕ сӕм хатыдысты, цӕмӕй ацӕуой сахарӕй.
40 Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонӕй ӕрцыдысты Лидиайы хӕдзармӕ. Уым фембӕлдысты ӕфсымӕртимӕ, ныфс сӕ бауагътой ӕмӕ араст сты дарддӕр.
17Фессалоникӕйы
1 Павел ӕмӕ Силӕ ахызтысты Амфиполыл ӕмӕ Аполлонийыл, ӕрцыдысты Фессалоникӕмӕ. Ам уыди иудейаг синагогӕ.
2 Павел ацы хатт дӕр йӕ ахуыр нӕ фехӕлдта, бацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта. Сыгъдӕг Фыстӕй-иу сын ӕрхаста бынӕттӕ,
3 Ӕмбарын сын сӕ кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй уыцы бынӕтты руаджы баууӕндой, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид, ууыл. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ.+ 17:3 Мф. 16:21; Мк. 8:31; Лк. 9:22.
4 Уыдонӕй иуӕй-иутӕ баууӕндыдысты ӕмӕ баиу сты Павел ӕмӕ Силӕимӕ. Уыдонимӕ ма баууӕндыдысты, Хуыцауы чи нымадта, уыцы бердзентӕй тынг бирӕ, стӕй уӕздан сылгоймӕгтӕй дзӕвгар.
5 Уӕд иудейтӕ сӕ фырхӕлӕгӕй сахары уынгтӕй ӕрӕмбырд кодтой бирӕ цъаммар лӕгты ӕмӕ сызмӕстой ӕппӕт сахар. Балӕбурдтой Иасоны хӕдзармӕ ӕмӕ архайдтой Павел ӕмӕ Силӕйы адӕммӕ ракӕныныл.
6 Фӕлӕ сӕ куы нӕ ссардтой, уӕд Иасоны ӕмӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕры лӕгдыхӕй акодтой сахары хицӕуттӕм ӕмӕ хъӕр систой: «Сызмӕстой ӕгас дуне, ныр та ардӕм ӕрцыдысты,+ 17:6 Ап. хъ. 16:20.
7 Ӕмӕ сӕ Иасон суазӕг кодта. Уыдон тох кӕнынц кесӕры уагӕвӕрдты ныхмӕ ӕмӕ паддзахыл нымайынц ӕндӕры – Йесойы».
8 Афтӕмӕй сызнӕт кодтой, чи сӕм хъуыста, уыцы адӕмы ӕмӕ сахары хицӕутты.
9 Хицӕуттӕ Иасонӕй ӕмӕ иннӕтӕй дӕр цъынды райстой ӕхца ӕмӕ сӕ рауагътой.
Верийы
10 Ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ӕхсӕвы ӕвӕстиатӕй арвыстой Веримӕ. Уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ.
11 Вериӕгтӕ фессалоникӕгтӕй уӕздандӕр разындысты: Хуыцауы ныхасмӕ хъуыстой тынг зӕрдиагӕй; Павел ӕмӕ Силӕ раст амонынц ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй ӕрвылбон иртӕстой Сыгъдӕг Фыст.+ 17:11 Ин. 5:39; 1 Пет. 1:10; 1 Тим. 4:16.
12 Уыдонӕй баууӕндыдысты бирӕтӕ, стӕй ма бердзенаг уӕздан сылгоймӕгтӕй ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕй дзӕвгар.
13 Павел Хуыцауы ныхас Верийы дӕр кӕй хъусын кӕны, уый фессалоникаг иудейтӕ куы базыдтой, уӕд ӕрцыдысты уырдӕм дӕр, райдыдтой адӕмы ардауын ӕмӕ сӕ знӕт кӕнын.
14 Уӕд ӕфсымӕртӕ Павелы ӕвӕстиатӕй арвыстой денджызмӕ; Силӕ ӕмӕ Тимофей та уым баззадысты.
Павел – Афинты
15 Павелимӕ чи рацыд, уыдон ӕй бахӕццӕ кодтой Афинтӕм, ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхтысты. Силӕ ӕмӕ Тимофейы тыххӕй сын Павел бафӕдзӕхста, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй мӕм ӕвӕстиатӕй рацӕуӕнт, зӕгъгӕ.
16 Павел сӕм ӕнхъӕлмӕ каст Афинты ӕмӕ ӕнцой нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ уыдта, сахар гуымирытӕй йемыдзаг кӕй уыд, уый.
17 Павел синагогӕйы ныхас кодта иудейтимӕ ӕмӕ Хуыцауы нымайӕг бердзентимӕ, стӕй Павелыл ӕрвылбон сахары фӕзы чи ӕмбӕлд, уыдонимӕ.
18 Эпикурион ӕмӕ стоикон философтӕй+ 17:18 |iЭпикурион ӕмӕ стоикон философтӕ|r – уӕды заманы зындгонддӕр бердзенаг философон скъолаты минӕвӕрттӕ. иуӕй-иутӕ райдыдтой йемӕ быцӕу кӕнын. Сӕ иутӕ дзырдтой: «Цы зӕгъынмӕ хъавы уыцы дзӕгъӕлдзых?» Иннӕтӕ та: «Ӕнхъӕлдӕн, уый ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл ӕууӕндын кӕны». Уымӕн ӕмӕ сын Павел дзырдта фарны уац Йесойы тыххӕй ӕмӕ мӕрдтӕй райгасы тыххӕй.
19 Уыдон Павелы ахуыдтой Ареопагмӕ+ 17:19 |iАреопаг|r – къуылдым Афинты, рагзаманты – сахары хицауады уынаффӕгӕнӕн бынат. ӕмӕ йын дзырдтой: «Ды цы ног ахуырад амоныс, уый базонын нӕ бон нӕу?
20 Дӕуӕй цыдӕр ӕнахуыр диссаг хъусӕм, ӕмӕ цы у, уый базонын нӕ фӕнды».
21 Афинӕгтӕ ӕмӕ уым цӕрӕг фӕсарӕйнӕгтӕ сӕ рӕстӕг хуыздӕрӕн ӕрвыстой исты ног хабӕрттӕ дзурыныл кӕнӕ сӕм хъусыныл.
22 Павел сыстад Ареопагы ӕмӕ загъта: «Афинӕгтӕ, ӕз уынын, сымах динмӕ уӕлдай ӕмхиц кӕй стут, уый.
23 Ӕз зылдтӕн сахарыл ӕмӕ уын федтон уӕ кувӕндӕттӕ. Федтон иу нывондхӕссӕн, фыст ыл уыдис афтӕ: „Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн". Уӕдӕ нӕ Йӕ зонгӕйӕ Кӕмӕ кувут, ӕз уын Уый тыххӕй дзурын.
24 Дуне, стӕй дунейы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый у арв ӕмӕ зӕххы Хицау – лӕджыкъухӕйконд кувӕндӕтты нӕ цӕры.+ 17:24 Ап. хъ. 7:48.
25 Раст цыма хъуаг истӕмӕй ӕййафы, уыйау Ӕй лӕджы къухты фӕллой нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цард, улӕфт ӕмӕ алцыппӕт Йӕхӕдӕг дӕтты.
26 Иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ ӕгас зӕххыл цӕрынӕн, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр снысан кодта цӕрыны рӕстӕг ӕмӕ бынат.
27 Цӕмӕй агурой Хуыцауы, кӕд Ӕй банкъариккой ӕмӕ Йӕ ссариккой, кӕд махӕй алкӕмӕ дӕр дард нӕу, уӕддӕр.
28 Йӕ фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм, уӕ поэттӕй иуӕй-иутӕ куыд загътой, афтӕ: „Мах Йӕ хъӕбултӕ стӕм".
29 Ӕмӕ кӕд Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, уӕд хъуамӕ зонӕм, Хуыцау кӕй нӕу, адӕймаг йӕ арӕхстдзинады ӕмӕ йӕ зонды фӕрцы сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ дурӕй цы фӕлгонцтӕ саразы, уыдоны хуызӕн.
30 Уӕдӕ Хуыцау нал кӕсы, куы нӕ Йӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм; фӕлӕ ныртӕккӕ ӕппӕт адӕмӕй алы ран дӕр домы тӕригъӕдтыл фӕсмон.+ 17:30 Ром. 13:12; Эф. 1:9; 3:5; Кол. 1:26.
31 Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон хӕссыны бон. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».+ 17:31 Ап. хъ. 2:24; 3:15; 4:10; 13:30; Ром. 6:4; 14:9.
32 Мӕрдты райгасы тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд иутӕ худын райдыдтой, иннӕтӕ та дзырдтой: «Уый тыххӕй дӕм ӕндӕр хатт байхъусдзыстӕм».
33 Уӕд сӕ Павел ныууагъта.
34 Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ баиу сты Павелимӕ ӕмӕ баууӕндыдысты; уыдонимӕ Ареопагы уӕнг Дионисий, Дамар чи хуынди, уыцы сылгоймаг, ӕмӕ иннӕтӕ.
18Павел Коринфы
1 Уый фӕстӕ Павел ныууагъта Афинтӕ ӕмӕ араст Коринфмӕ.
2 Уым сӕмбӕлди, йӕ ном Акилӕ кӕмӕн уыд, ахӕм цавӕрдӕр понтаг иудейыл йӕ ус Прискиллӕимӕ. Уыдон ӕрӕджы ӕрцыдысты Италийӕ, уымӕн ӕмӕ кесӕр Клавдий ӕппӕт иудейтӕн радта Ромӕй ацӕуыны бардзырд. Павел ӕрцыд уыдонмӕ,+ 18:2 Ром. 16:3; 2 Тим. 4:19.
3 Баззад сӕм ӕмӕ куыста семӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм Павелимӕ иу дӕсныйад уыди – цатыртӕ аразын.+ 18:3 Ап. хъ. 20:34; 1 Кор. 4:12; 1 Фес. 2:9; 2 Фес. 3:8.
4 Алы сабат та ныхас кодта синагогӕйы, йӕхи хъардта иудейты ӕмӕ бердзенты баууӕндын кӕныныл.
5 Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕхи снывонд кодта Хуыцауы ныхас амонынӕн – иудейты ӕууӕндын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, ууыл.+ 18:5 Ап. хъ. 17:14.
6 Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уый тыххӕй Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уӕ сӕфты тыххӕй уӕхӕдӕг стут азымджын, ӕз сыгъдӕг дӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ муртаттӕм цӕудзынӕн».+ 18:6 Мф. 10:14; Ап. хъ. 13:46, 51; 20:26.
7 Павел араст уырдыгӕй, ӕмӕ ӕрцыди, Хуыцауы чи нымадта, иу ахӕм лӕджы хӕдзармӕ, йӕ ном – Иуст; йӕ хӕдзар уыди синагогӕйы фарсмӕ.
8 Синагогӕйы хицау Крисп йеппӕт хӕдзаронтимӕ баууӕндыд Йесойыл. Коринфӕгтӕй Павелмӕ чи байхъуыста, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ аргъуыд райстой.+ 18:8 1 Кор. 1:14.
9 Иухатт ӕхсӕвы Павелмӕ фӕзынд Хицау ӕмӕ йын загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕн, фӕлӕ дзур ӕнӕбанцайгӕйӕ.+ 18:9 Ап. хъ. 23:11.
10 Ӕз демӕ дӕн, ӕмӕ дӕм фыдбылыз саразынмӕ никӕй къух баххӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ацы сахары бирӕ адӕм ис».+ 18:10 Мф. 28:20.
11 Ӕмӕ дзы Павел баззад афӕдз ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы, ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта Хуыцауы ныхасыл.
12 Фӕлӕ Ахайӕн йӕ хицау Галлион куы уыди, уӕд иудейтӕ ӕмвӕндӕй балӕбурдтой Павелмӕ, ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой тӕрхондонмӕ,
13 Зӕгъгӕ, ацы лӕг Хуыцаумӕ кувыныл куыд ахуыр кӕны, уый Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕу.
14 Павел йӕ дзых нӕма байгом кодта, афтӕ Галлион иудейтӕн загъта: «Иудейтӕ, исты фыдбылыз кӕнӕ фыдракӕнд куы ӕрцыдаид, уӕд мын ӕфсон уыдаид сымахмӕ байхъусынӕн.
15 Фӕлӕ ныхӕстыл, нӕмттыл ӕмӕ уӕ Ӕгъдауыл кӕй у уӕ быцӕу, уымӕ гӕсгӕ уӕ бар уӕхи. Нӕ мӕ фӕнды, ӕмӕ уын уыдӕтты тӕрхонгӕнӕг ӕз уон».+ 18:15 Ап. хъ. 23:29.
16 Уыйадыл сӕ фӕтардта тӕрхондонӕй.
17 Уӕд иууылдӕр сӕхи ныццавтой синагогӕйы хицау Сосфеныл ӕмӕ йӕ надтой тӕрхондоны раз. Фӕлӕ йыл Галлион мисхалы бӕрц дӕр нӕ батыхст.+ 18:17 1 Кор. 1:1.
Павел ӕрбаздӕхт Антиохимӕ
18 Павел Коринфы бафӕстиат дзӕвгар, стӕй хӕрзбон загъта ӕфсымӕртӕн, ӕмӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕимӕ науы ацыд Сиримӕ. Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ балцы размӕ Кенхрейы алвыдта йӕ сӕр.+ 18:18 Ап. хъ. 21:24.
19 Бахӕццӕ сты Эфесмӕ. Уым ныууагъта Акилӕйы ӕмӕ Прискиллӕйы; йӕхӕдӕг та бацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ныхас кодта иудейтимӕ.
20 Уыдон ӕм ӕрхатыдысты, цӕмӕй сӕм афӕстиат уа иуцасдӕр, фӕлӕ Павел не сразы.
21 Хӕрзбонӕн сын загъта: «[Цы бӕрӕгбон ӕрцӕуы, уый ӕз ӕнӕмӕнг Иерусалимы хъуамӕ арвитон.] Хуыцауы фӕндӕй та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн». Ӕмӕ науы ацыд Эфесӕй.+ 18:21 Иак. 4:15; 1 Кор. 4:19.
22 Кесарийы рахызт науӕй ӕмӕ ӕрцыд Иерусалиммӕ. Уым аргъуаны фембӕлд уырнджытимӕ ӕмӕ араст Антиохимӕ.
23 Уым иуцасдӕр куы фӕци, уӕд араст ӕмӕ цыди Галатийы бӕстӕйыл ӕмӕ Фригийыл, йӕ фӕндагыл фидар кодта ӕппӕт ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад.
Аполлос амоны Эфесы
24 Ныр цавӕрдӕр александриаг иудей, йӕ ном – Аполлос, ӕрцыд Эфесмӕ. Аполлос уыди дзырдарӕхст лӕг, хорз зыдта Сыгъдӕг Фыст.+ 18:24 1 Кор. 1:12; 16:12.
25 Хицауы фӕндаг цы у, уый йын бацамындӕуыд, ӕмӕ Йесойы тыххӕй дзырдта ӕмӕ ахуыр кодта зӕрдиагӕй ӕмӕ раст, кӕд ӕрмӕст Иоанны аргъуыд зыдта, уӕддӕр.+ 18:25 Ап. хъ. 19:3; Ром. 12:11.
26 Аполлос ныфсджынӕй дзурын райдыдта синагогӕйы. Акилӕ ӕмӕ йӕм Прискиллӕ куы байхъуыстой, уӕд ӕй ахуыдтой сӕхимӕ ӕмӕ йын бӕлвырддӕр бацамыдтой Хуыцауы фӕндаг.
27 Ахаймӕ цӕуыны фӕнд ӕм куы фӕзынд, уӕд ын ӕфсымӕртӕ баххуыс кодтой, стӕй ныффыстой ахуыргӕнинӕгтӕм, цӕмӕй йыл баузӕлой. Уырдӕм куы ӕрцыд, уӕд тынг ахъаз фӕци, Хуыцауы хорзӕхы руаджы чи баууӕндыд, уыдонӕн.
28 Ӕппӕт адӕмы раз-иу йӕ тыхджын ныхасӕй басаста иудейты – Сыгъдӕг Фысты фӕрцы ӕмбарын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, уый.
19Павел Эфесы
1 Аполлос Коринфы куы уыд, уыцы рӕстӕг Павел ахызт хӕхбӕстӕтыл ӕмӕ ӕрцыд Эфесмӕ. Ам фембӕлд цалдӕр ахуыргӕнинагимӕ+ 19:1 Ап. хъ. 18:21.
2 Ӕмӕ сӕ бафарста: «Куы баууӕндыдыстут, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Сыгъдӕг Уд ис ӕви нӕ, уый тыххӕй мах хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодтам».+ 19:2 Ин. 7:39.
3 Уӕд сӕ бафарста: «Уӕдӕ уыл цавӕр аргъуыдӕй саргъуыдӕуыд?» Уыдон дзуапп радтой: «Иоанны аргъуыдӕй».
4 Павел загъта: «Иоанн аргъуыдта, тӕригъӕдтыл фӕсмон чи кодта, уыдоныл; дзырдта адӕмӕн, цӕмӕй баууӕндой, йӕ фӕстӕ Чи ӕрцӕуы, Ууыл, ома, Йесойыл».+ 19:4 Мф. 3:11; Мк. 1:8; Лк. 3:16; Ин. 1:26; Ап. хъ. 1:5.
5 Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд аргъуыд райстой Хицау Йесойы номыл.
6 Павел сыл йӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдта, уӕд схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй, райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕнын.+ 19:6 Ап. хъ. 8:17.
7 Ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууадӕс лӕджы бӕрц.
8 Павел бацыд синагогӕмӕ; ӕртӕ мӕйы дӕргъы адӕмӕн ныфсджынӕй дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ сӕ ӕууӕндын кодта.
9 Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ уыдысты хивӕнд, не ’ууӕндыдысты, ӕмӕ адӕмы раз фаудтой Хицауы фӕндаг. Уӕд сӕ Павел ныууагъта, рахицӕн кодта ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ ӕрвылбон амыдта цавӕрдӕр Тиранны скъолайы.
10 Афтӕ ахаста дыууӕ азы, ӕмӕ Асийы ӕппӕт цӕрджытӕ – иудейтӕ дӕр ӕмӕ бердзентӕ дӕр – фехъуыстой Хицауы ныхас.+ 19:10 2 Тим. 1:15.
11 Хуыцау Павелы фӕрцы ӕвдыста ӕнахуыр диссӕгтӕ.+ 19:11 Мк. 16:20; Ин. 14:12.
12 Рынчынтыл-иу ӕрӕвӕрдтой Павелы къухмӕрзӕнтӕ ӕмӕ раздарӕнтӕ, ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты сӕ низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕ-иу сӕ рацыдысты.
13 Иудейаг хӕтӕг дӕлимонсурджытӕй иуӕй-иутӕ дӕр бацархайдтой Хицау Йесойы номӕй пайда кӕныныл – хӕйрӕджджынтӕй дӕлимонты куы сырдтой, уӕд дзырдтой: «Бардзырд уын дӕттӕм, Павел Кӕй тыххӕй дзуры, уыцы Йесойы номӕй».
14 Афтӕ кодтой цавӕрдӕр иудейаг алчер Скевайы авд фырты дӕр.
15 Фӕлӕ сын ӕнӕзӕгъинаг загъта: «Йесойы зонын, Павел дӕр мын зындгонд у, сымах та чи стут?»+ 19:15 Мк. 1:24, 34.
16 Уӕд ӕнӕзӕгъинаг кӕй мидӕг уыд, уыцы адӕймаг сыл йӕхи ныццавта, ахӕм над сын скодта, ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй лидзӕг фесты бӕгънӕгӕй ӕмӕ хъӕдгӕмттимӕ.
17 Уыцы хабар айхъуыст Эфесы ӕппӕт цӕрджытыл – иудейтыл дӕр ӕмӕ бердзентыл дӕр, сеппӕты дӕр тас бацыд, ӕмӕ Хицау Йесойы ном кодта кадджынӕй-кадджындӕр.
18 Чи баууӕндыд, уыдонӕй бирӕтӕ цыдысты ӕмӕ ӕргом кодтой се ’взӕр митӕ.+ 19:18 Мф. 3:6.
19 Кӕлӕнгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕрхастой иу ранмӕ сӕ чингуытӕ ӕмӕ сӕ басыгътой ӕппӕт адӕмы раз. Чингуыты аргъ куы банымадтой, уӕд рауад дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мин драхмӕйы.
20 Афтӕ Хицауы ныхас кодта парахат ӕмӕ ахадгӕ.+ 19:20 Ап. хъ. 6:7; 12:24.
Зӕрингуырдты змӕст
21 Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелӕн йӕ зӕрдӕ загъта Македонийыл ӕмӕ Ахайыл Иерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Иерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр».+ 19:21 Ап. хъ. 28:14; Ром. 1:11.
22 Йӕ ӕххуысгӕнджытӕй дыууӕйы, Тимофейы ӕмӕ Эрасты, арвыста Македонимӕ, йӕхӕдӕг та рӕстӕгмӕ баззад Асийы.
23 Уыцы рӕстӕг рауад стыр змӕст Хицауы фӕндаджы ныхмӕ.
24 Иу зӕрингуырд, йӕ ном – Димитри, ӕвзистӕй кодта ус-хуыцау Артемидӕйы кувӕндӕттӕ, ӕмӕ уымӕй ӕрмдӕснытӕн лӕвӕрдта стыр ӕфтиаг райсыны фадат.
25 Димитри ӕрӕмбырд кодта уыдоны, стӕй ӕндӕр ахӕм ӕрмдӕсныты дӕр, ӕмӕ сын загъта: «Хорз адӕм, сымах зонут, нӕ къӕбӕр ацы куыстӕй аразгӕ кӕй у.
26 Сымах та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Асийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы – баууӕндын сӕ кодта, лӕджыкъухӕйконд хуыцӕуттӕ хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ.
27 Махӕн дзы уымӕй тӕссаг у, ӕмӕ сӕгад уыдзӕн канд нӕ дӕсныйад нӕ, фӕлӕ ӕппындӕр цӕсты нал ахаддзӕн стыр ус-хуыцау Артемидӕйы кувӕндон дӕр; ӕмӕ йӕ ном нал нӕрдзӕн, ӕппӕт Аси ӕмӕ ӕппӕт дуне кӕмӕн кувынц, уыцы ус-хуыцауӕн».
28 Уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ хъӕр систой: «Стыр у Эфесаг Артемидӕ!»
29 Ӕгас сахар ӕддӕг-мидӕг сси. Адӕм ӕрцахстой Павелы македониаг ӕмбӕлццӕттӕ Гай ӕмӕ Аристархы, ӕмӕ ӕмудӕй ныггуылф ластой театрмӕ.+ 19:29 Ап. хъ. 16:19; 20:4; Кол. 4:10.
30 Павелы фӕндыд адӕммӕ рацӕуын, фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой.
31 Асиаг хицӕуттӕй иуӕй-иутӕ – йӕ хӕлӕрттӕ – арвыстой Павелмӕ ӕмӕ дзы куырдтой, театрмӕ ма рацу, зӕгъгӕ.
32 Ныр адӕмӕй иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та – ӕндӕр. Кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстой, сӕ фылдӕр нӕ зыдтой, цӕй фӕдыл ӕрӕмбырд сты, уый.
33 Иудейтӕ Александры рацӕуын кодтой размӕ; адӕмӕй йын чидӕртӕ хъуыддаг бамбарын кодтой. Александр йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ хъавыди дзыллӕйы раз йӕхиуӕтты сраст кӕнынмӕ.+ 19:33 1 Тим. 1:20; 2 Тим. 4:14.
34 Фӕлӕ иудей кӕй у, уый куы базыдтой, уӕд дыууӕ сахаты бӕрц ӕмхъӕлӕсӕй хъӕр кодтой: «Стыр у Эфесаг Артемидӕ!»
35 Сахары хицӕуттӕй иу ӕрсабыр кодта адӕмы ӕмӕ загъта: «Эфесӕгтӕ, чи нӕ зоны, Эфесы сахар стыр Артемидӕйы кувӕндонӕн ӕмӕ йӕ уӕларвӕй ӕрхаугӕ фӕлгонцӕн кусӕг кӕй у, уый?
36 Ӕмӕ кӕд уый дызӕрдыггаг нӕу, уӕд хъуамӕ уат сабыр ӕмӕ сӕртӕг митӕй уӕхи бахизат.
37 Сымах та ӕрбакодтат, кувӕндон дӕр чи нӕ фӕкъахта ӕмӕ нын нӕ ус-хуыцауы дӕр чи нӕ фаудта, уыцы лӕгты.
38 Кӕд Димитри ӕмӕ иннӕ ӕрмдӕснытӕ искӕуыл хъаст кӕнынц, уӕд ис тӕрхондӕттӕ, ис хицӕуттӕ – уырдӕм хъаст кӕнӕнт кӕрӕдзийыл.
39 Кӕд уын уый фаг нӕу, уӕд, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, фарстайӕн алыггӕнӕн ис адӕмон ӕмбырды.
40 Махӕн тӕссаг у, абон цы змӕст ӕрцыд, уый тыххӕй нӕ куы фӕзылын кӕной, уымӕй. Ацы змӕстӕн ӕфсон нӕй ӕмӕ нӕхи сраст кӕнын нӕ бон нӕ бауыдзӕн». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ ауагъта адӕмы.
20Павел Македони ӕмӕ Бердзены
1 Змӕст куы ахицӕн, уӕд Павел ӕрӕмбырд кодта ахуыргӕнинӕгты, ныфс сӕ бауагъта, загъта сын хӕрзбон ӕмӕ араст Македонимӕ.
2 Йӕ фӕндагыл йӕ ныхасӕй ныфс лӕвӕрдта уырнджытӕн. Афтӕмӕй бахӕццӕ Бердзенмӕ.
3 Уым фӕци ӕртӕ мӕйы. Уырдыгӕй Сиримӕ науы ацӕуынмӕ куы хъавыд, уӕд иудейтӕ йӕ ныхмӕ скодтой сусӕгвӕнд, ӕмӕ йӕм ӕрцыд Македонийыл аздӕхыны хъуыды.
4 Павелимӕ [Асимӕ] цыдысты вериаг Сосипатр – Пирры фырт, фессалоникӕгтӕ Аристарх ӕмӕ Секунд, дервиаг Гай ӕмӕ Тимофей, стӕй асиӕгтӕ Тихик ӕмӕ Трофим.+ 20:4 Ап. хъ. 19:29; 27:2.
5 Уыдон ацыдысты нӕ разӕй ӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Троадӕйы.
6 Мах та Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фӕстӕ науы ацыдыстӕм Филиппты сахарӕй, фондз боны фӕстӕ семӕ баиу стӕм Троадӕйы, ӕмӕ дзы фестӕм авд боны.
7 Къуырийы фыццаг бон куы ӕрӕмбырд стӕм дзулсастмӕ, уӕд Павел ныхас кодта ахуыргӕнинӕгтимӕ. Дыккаг бон ӕм ацӕуыны фӕнд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхас ӕмбисӕхсӕвмӕ дӕр нӕма фӕци.+ 20:7 Ап. хъ. 2:46; 1 Кор. 10:16.
8 Кӕм ӕрӕмбырд стӕм, уыцы уӕллаг уаты сыгъди бирӕ цырӕгътӕ.
9 Иу лӕппу, йӕ ном – Эвтих, бадти рудзынгыл. Павелы дӕргъвӕтин ныхасы рӕстӕг ыл хуыссӕг фӕтых, аци тарф фынӕй ӕмӕ ахауд ӕртыккаг уӕладзыгӕй. Куы йыл схӕцыдысты, уӕд разынди мард.
10 Павел ӕрхызти дӕлӕмӕ, ныддӕлгом ыл, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ загъта: «Ма тыхсут, йӕ уд йӕ мидӕг ис».
11 Уый фӕстӕ схызт уатмӕ, асаста дзул, бахордта дзы, фӕныхас ма кодта сӕумӕцъӕхтӕм, стӕй ацыд.
12 Ныр лӕппуйы та ӕрбахуыдтой удӕгасӕй, ӕмӕ тынг фӕцин кодтой.
13 Мах ацыдыстӕм разӕй, сбадтыстӕм науы ӕмӕ ацыдыстӕм Ассмӕ, уырдыгӕй Павелы немӕ ракӕнынмӕ. Уымӕн ӕмӕ нын йӕхӕдӕг афтӕ бафӕдзӕхста, йӕ зӕрды фистӕгӕй ацӕуын кӕй уыди, уый тыххӕй.
14 Павел Ассы баиу немӕ, сбадти нӕ науы ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Митилинӕмӕ.
15 Уырдыгӕй араст стӕм, ӕмӕ иннӕ бон фӕцӕйцыдыстӕм Хиосы цурты; дыккаг бон бахӕццӕ стӕм Самосмӕ, [фестӕм Трогиллийы] ӕмӕ иннӕ бон ӕрцыдыстӕм Милетмӕ.
16 Уымӕн ӕмӕ Павелы Эфесмӕ бацӕуын нӕ фӕндыди, цӕмӕй Асийы ма бафӕстиат уа. Тагъд кодта, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, Хорысӕры бӕрӕгбонмӕ Иерусалиммӕ куыд ӕрцӕуа.
Фембӕлд Эфесы аргъуаны хистӕртимӕ
17 Павел Милетӕй Эфесмӕ арвыста аргъуаны хистӕрты ӕрхонынмӕ.
18 Куы йӕм ӕрцыдысты, уӕд сын загъта: «Сымах зонут, ӕз Асимӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ уӕм иудадзыг цы уагӕй цардтӕн, уый.+ 20:18 Ап. хъ. 19:9.
19 Ӕз коммӕгӕсӕй ӕмӕ цӕссыгимӕ куыстон Хицауӕн, иудейты фыдвӕндты аххосӕй тухӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ.
20 Сымах зонут, ӕз кӕй ницы басусӕг кодтон, ахъаз уын цы уыди, уымӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕ уын амыдтон ӕмӕ ахуыр кодтон адӕмы раз ӕмӕ хӕдзаргай.
21 Иудейтӕм дӕр ӕмӕ муртаттӕм дӕр сидтӕн Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ нӕ Хицау Йесойыл ӕууӕндынмӕ.+ 20:21 Лк. 24:47.
22 Ныр та мӕ Сыгъдӕг Уд кӕны Иерусалиммӕ, ӕмӕ мыл уым цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонын.
23 Ӕрмӕст мын Сыгъдӕг Уд алы сахары дӕр фӕзӕгъы, мӕнмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ахӕстон ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ.+ 20:23 Ап. хъ. 9:16; 21:11; 1 Фес. 3:3.
24 Фӕлӕ мӕм мӕ цард ницы кӕсы, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ мын Хицау Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый бакӕнынмӕ – Хуыцауы хорзӕхы уац адӕммӕ фӕхӕссынмӕ.+ 20:24 Ап. хъ. 21:13; Ром. 8:35; Гал. 1:1; Кол. 1:24; Тит. 1:3.
25 Ӕмӕ ныр зонын, сымах иууылдӕр, – кӕй ӕхсӕн цардтӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн дзырдтон, – мӕн кӕй нал фендзыстут, уый.
26 Уымӕ гӕсгӕ уын ӕз абон зӕгъын: исчи уӕ куы бабын уа, уӕд мӕн аххос нӕу.+ 20:26 Ап. хъ. 18:6.
27 Уымӕн ӕмӕ уӕ ӕз ницы басусӕг кодтон – Хуыцауы фӕндон уын фехъусын кодтон ӕххӕстӕй.+ 20:27 Лк. 7:30; Эф. 1:11.
28 Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд фыййӕуттӕй сӕвӕрдта – Хуыцау Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, хизут уыцы Аргъуан.+ 20:28 Ин. 21:15; 1 Пет. 5:2; Ром. 3:25.
29 Ӕз зонын, мӕ ацыды фӕстӕ уӕм кӕй бацӕудзысты, дзугыл чи нӕ ауӕрддзӕн, ахӕм тугдзых бирӕгътӕ.+ 20:29 Мф. 7:15; 2 Пет. 2:1.
30 Уӕхи ӕхсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм лӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты асайой сӕ фӕдыл.
31 Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы, ӕхсӕвӕй-бонӕй, сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый.+ 20:31 Мф. 25:13; Дзут. 13:17.
32 Ныр уӕ фӕдзӕхсын Хуыцауыл ӕмӕ Йӕ хорзӕхыл дзурӕг ныхасыл. Хуыцау уыцы ныхасы фӕрцы сымах скӕндзӕн удвидар ӕмӕ уын ратдзӕн хай ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ.+ 20:32 Эф. 1:18.
33 Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн нӕдӕр искӕй ӕвзистмӕ, нӕдӕр йӕ сызгъӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ.
34 Уӕхӕдӕг зонут, мӕхи ӕмӕ ме ’мбӕлццӕтты хъуӕгтӕн ӕз куыстон мӕнӕ мӕ ацы къухтӕй.+ 20:34 Ап. хъ. 18:3; 1 Кор. 4:12; 1 Фес. 2:9; 2 Фес. 3:8.
35 Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, кӕй хъӕуы афтӕ кусын, лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Хицау Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын тӕхудиагдӕр хъуыддаг у"».+ 20:35 Лк. 6:38; 18:22.
36 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Павел ӕрзоныгыл ӕмӕ бакуывта сеппӕтимӕ дӕр.
37 Иууылдӕр куыдтой, ныттыхстысты-иу ын йе ’фцӕгыл ӕмӕ йын батӕ кодтой.
38 Афтӕ кӕй загъта, нал мӕ фендзыстут, зӕгъгӕ, уӕлдай хъыг та сын уый уыди. Уый фӕстӕ йӕ афӕндараст кодтой наумӕ.
21Балц Иерусалиммӕ
1 Уыдонӕй куы фӕхицӕн стӕм, уӕд ацыдыстӕм науы ӕмӕ ӕмрастӕй бахӕццӕ стӕм Космӕ, дыккаг бон та – Родосмӕ, уырдыгӕй – Патарӕмӕ.
2 Уым ссардтам, Финикимӕ чи цыдис, уыцы нау, сбадтыстӕм дзы ӕмӕ ацыдыстӕм.
3 Баввахс стӕм Кипрмӕ ӕмӕ йӕ фӕуагътам галиуырдыгӕй. Нӕ ных сарӕзтам Сиримӕ, ӕмӕ бацыдыстӕм Тирмӕ. Ам хъуамӕ равдӕлон кодтаиккой нау.
4 Ам ссардтам ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ дзы баззадыстӕм авд боны. Уыдон, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, дзырдтой Павелӕн, цӕмӕй Иерусалиммӕ ма ацӕуа.+ 21:4 Ап. хъ. 20:23.
5 Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд мах араст стӕм дарддӕр. Ахуыргӕнинӕгтӕ сеппӕт дӕр ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ рацыдысты немӕ фӕссахармӕ. Денджызы былгӕрон ӕрзоныг стӕм ӕмӕ бакуывтам.+ 21:5 Ап. хъ. 20:36.
6 Кӕрӕдзийӕн хӕрзбон зӕгъыны фӕстӕ мах сбадтыстӕм науы, уыдон та аздӕхтысты сӕхимӕ.
7 Тирӕй ӕрхӕццӕ стӕм Птолемаидӕмӕ. Уым фембӕлдыстӕм ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ сӕм фестӕм иу бон.
8 Дыккаг бон араст стӕм Кесаримӕ. Уым бацыдыстӕм, аргъуан цы авд лӕджы сӕвзӕрста, уыдонӕй иумӕ – фарны уац хъусынгӕнӕг Филиппы хӕдзармӕ, ӕмӕ уымӕ баззадыстӕм.+ 21:8 Ап. хъ. 6:5.
9 Филиппӕн уыди, пехуымпариуӕг чи кодта, ахӕм цыппар ӕнӕцыд чызджы.+ 21:9 Ап. хъ. 2:17-18.
10 Дзӕвгар сӕм куы фестӕм, уӕд Иудейӕйӕ ӕрцыд иу пехуымпар, йӕ ном – Агав.+ 21:10 Ап. хъ. 11:28.
11 Агав нӕм бацыд, райста Павелы рон, сбаста дзы йӕ къухтӕ, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: ацы рон кӕй у, уыцы лӕджы иудейтӕ Иерусалимы мӕнӕ афтӕ сбӕтдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты муртатты къухтӕм».+ 21:11 Ап. хъ. 20:23; 24:27; 26:29; Эф. 6:20; Флп. 1:13; 2 Тим. 2:9; Дзут. 10:34.
12 Уый куы фехъуыстам, уӕд уым чи уыди, уыдонимӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдтам Павелӕн, Иерусалиммӕ ма ацу, зӕгъгӕ.
13 Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цы марут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Хицау Йесойы номы сӕраппонд Иерусалимы амӕлынмӕ дӕр».+ 21:13 Ап. хъ. 20:24.
14 Куы нӕ йӕ басастам, уӕд банцадыстӕм ӕмӕ загътам: «Хицауы куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд!»+ 21:14 Мф. 6:10.
15 Уый фӕстӕ нӕхи срӕвдз кодтам ӕмӕ араст стӕм Иерусалиммӕ.
16 Немӕ ма рацыдысты кесариаг ахуыргӕнинӕгтӕ цалдӕрӕй. Уыдон нӕ ӕркодтой зӕронддӕр ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ – кипраг Мнасонмӕ, уымӕ ӕрфысым кӕнынмӕ.
Иаковы уынаффӕ Павелӕн
17 Иерусалиммӕ куы бахӕццӕ стӕм, уӕд ныл ӕфсымӕртӕ сӕмбӕлдысты ӕхсызгонӕй.
18 Павел дыккаг бон немӕ ацыд Иаковмӕ; ӕрӕмбырд сты аргъуаны ӕппӕт хистӕртӕ дӕр.
19 Павел сын салам радта ӕмӕ бӕлвырд радзырдта, йӕ куысты руаджы Хуыцау муртатты ӕхсӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй.
20 Уыдон ӕм байхъуыстой, арфӕ ракодтой Хуыцауӕн ӕмӕ Павелӕн загътой: «Ӕфсымӕр, уыныс, цал мин иудейы баууӕндыд! Ӕмӕ сеппӕт дӕр ӕнувыд сты Моисейы Ӕгъдауыл.+ 21:20 Ап. хъ. 22:3; Ром. 10:2.
21 Дӕу тыххӕй сын радзырдтой, зӕгъгӕ, муртатты ӕхсӕн ӕппӕт цӕрӕг иудейты ды ахуыр кӕныс Моисейы Ӕгъдау ныууадзыныл, сӕ сывӕллӕттӕн сунӕт нӕ кӕныныл ӕмӕ не ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ нӕ цӕрыныл.
22 Ныр цы чындӕуа? Адӕм ӕнӕмӕнг [ӕрӕмбырд уыдзысты, уымӕн ӕмӕ] фехъусдзысты де ’рцыды тыххӕй.
23 Уӕдӕ байхъус нӕ зондмӕ. Не ’хсӕн ис, Хуыцауӕн дзырд чи радта, ахӕм цыппар лӕджы.
24 Акӕн сӕ ӕмӕ дӕхи ссыгъдӕг кӕн семӕ, сӕ хӕрдзтӕ сын райс дӕхимӕ. Уыдон адасдзысты сӕ сӕртӕ, ӕмӕ иууылдӕр фендзысты, дӕу тыххӕй цы фехъуыстой, уый раст кӕй нӕу, ды дӕхӕдӕг дӕр Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс.
25 Муртаттӕй Хицауыл чи баууӕндыд, уыдоны тыххӕй та рахастам уынаффӕ ӕмӕ сӕм ныффыстам, мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕ, туг ӕмӕ хӕдмӕл хӕрынӕй, стӕй хӕтынӕй сӕхи куыд бахизой».+ 21:25 Ап. хъ. 15:20.
26 Уӕд Павел ахуыдта уыцы лӕгты ӕмӕ дыккаг бон семӕ ссыгъдӕг кодта йӕхи. Уый фӕстӕ бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ фехъусын кодта, сыгъдӕг кӕныны бонтӕ кӕд фӕуыдзысты ӕмӕ уыдонӕй алкӕйы тыххӕй дӕр нывондтӕ кӕд ӕрхастӕуыдзӕн, уый тыххӕй.
Павелы ӕрцахстой
27 Уыцы авд боны куы фӕуд кодтой, уӕд асиаг иудейтӕ Павелы федтой Кувӕндоны, сардыдтой йыл ӕппӕт адӕмы ӕмӕ йӕ ӕрцахстой.
28 Хъӕр систой: «Израилӕгтӕ, баххуыс кӕнут! Ацы адӕймаг алкӕй дӕр ӕмӕ алы ран дӕр ахуыр кӕны нӕ адӕмы, Ӕгъдауы ӕмӕ ацы бынаты ныхмӕ. Суанг ма муртатты дӕр бахуыдта Кувӕндонмӕ ӕмӕ фӕчъизи кодта ацы сыгъдӕг бынат».+ 21:28 Ап. хъ. 24:6.
29 Уымӕн ӕмӕ уымӕй размӕ Павелимӕ сахары федтой эфесаг Трофимы, ӕмӕ ӕнхъӕлдтой, Павел ӕй Кувӕндонмӕ бахуыдта, зӕгъгӕ.
30 Ӕппӕт сахар дӕр базмӕлыд, ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Ӕрцахстой Павелы, лӕгдыхӕй йӕ ракодтой Кувӕндонӕй ӕмӕ уайтӕккӕ сӕхгӕдтой дуӕрттӕ.+ 21:30 Ап. хъ. 26:21.
31 Хъавыдысты йӕ амарынмӕ, фӕлӕ ӕфсӕддон хицаумӕ бахӕццӕ, ӕппӕт Иерусалим кӕй базмӕлыд, уыцы хабар.
32 Уый ӕфсӕддонтимӕ, сӕдӕйыхицӕуттимӕ ӕвӕстиатӕй атындзыдта адӕммӕ. Уыдон ӕфсӕддонты сӕ хицауимӕ куы федтой, уӕд Павелы нал надтой.
33 Ӕфсӕддон хицау бацыди Павелмӕ, ӕрцахста йӕ, радта дыууӕ рӕхысӕй йӕ сбӕттыны бардзырд ӕмӕ бафарста: «Чи у ӕмӕ цы сарӕзта?»
34 Адӕмӕй иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та – иннӕ. Ӕфсӕддон хицауӕн змӕсты тыххӕй йӕ бон бӕлвырдӕй базонын кӕй ницы уыди, уымӕ гӕсгӕ радта Павелы фидармӕ акӕныны бардзырд.
35 Павел асинмӕ куы бахӕццӕ, уӕд ӕфсӕддонтӕн фӕци хӕссинаг, уымӕн ӕмӕ йӕм адӕм лӕбурдтой.
36 Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм хъӕргӕнгӕ: «Маринаг у!»
37 Фидармӕ бацӕуӕны цур Павел ӕфсӕддон хицауӕн загъта: «Цыдӕр зӕгъыны бар мын дӕттыс?» Уый дзуапп радта: «Ды бердзенагау зоныс?
38 Ӕрӕджы чи сызмӕста ӕмӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ цыппар мин сикарийы+ 21:38 |iСикарийтӕ|r – ромӕгты, стӕй ромӕгтимӕ ӕмдзӕхдон дзуттӕгты ныхмӕ тохгӕнӕг дзуттаг фыркарз националисттӕ. Се знӕгты арӕх мардтой хъамайӕ (латинагау «сика») – сӕ ном дӕр ардыгӕй рацыд. чи акодта, ды уыцы мысыраг нӕ дӕ?»+ 21:38 Ап. хъ. 5:36.
39 Павел дзуапп радта: «Ӕз иудей дӕн, киликиаг зындгонд сахар Тарсы гражданин. Курын дӕ, ратт мын адӕмимӕ ныхас кӕныны бар».+ 21:39 Ап. хъ. 22:3.
40 Бар ын куы радта, уӕд Павел, асиныл лӕугӕйӕ, адӕмӕн йӕ къухӕй бацамыдта, ӕмӕ куы ӕрсабыр сты, уӕд райдыдта дзурын дзуттагау:
221 «Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ, байхъусут, мӕхи сраст кӕныны тыххӕй уын цы зӕгъинаг дӕн, уымӕ».
2 Дзуттагау кӕй дзуры, уый куы фехъуыстой, уӕд бынтон ныхъхъус сты. Павел загъта:
3 «Ӕз дӕн иудей, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиилы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уеппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн.+ 22:3 Ап. хъ. 5:34; 21:20, 39; Гал. 1:14.
4 Ӕз ӕфхӕрдтон ацы фӕндагыл цӕуджыты, сӕ амарыныл дӕр нӕ ауӕрстон, ахстон нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр, ӕмӕ сӕ ӕппӕрстон ахӕстонмӕ.+ 22:4 Ап. хъ. 8:3; 9:1.
5 Уымӕн ӕвдисӕн сты алчер ӕмӕ израилаг адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр. Ӕз уыдонӕй райстон фыстӕджытӕ не ’фсымӕртӕм, дамаскаг иудейтӕм, ӕмӕ ацыдтӕн, цӕмӕй уым дӕр ӕрцахсон уырнджыты ӕмӕ сӕ бафхӕрынмӕ ӕркӕнон Иерусалиммӕ.
6 Фӕндагыл ма куы уыдтӕн ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс дӕн, уӕд мыл, ӕмбисбонмӕ хӕстӕг, ӕваст ӕртыхст тӕмӕнкалгӕ рухс уӕларвӕй.+ 22:6 Ап. хъ. 9:3; 26:13.
7 Ӕз ӕрхаудтӕн зӕххыл ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?"
8 Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Хицау?" Уый мын загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Назаретаг Йесо дӕн".
9 Ме ’мбӕлццӕттӕ федтой рухс [ӕмӕ сӕ тас бацыди], фӕлӕ мемӕ Дзурӕджы хъӕлӕс нӕ фехъуыстой.
10 Уӕд ӕз бафарстон: „Хицау, цы гӕнгӕ мын у?" Хицау мын загъта: „Сыст ӕмӕ цу Дамаскмӕ – уым дын загъд уыдзӕни, Хуыцау дын цы саразын скарста, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй".
11 Ӕз рухсы тӕмӕнмӕ кӕй бакуырм дӕн, уымӕ гӕсгӕ мын ме ’мбӕлццӕттӕ ныххӕцыдысты мӕ къухыл ӕмӕ мӕ ӕркодтой Дамаскмӕ.
12 Иу лӕг, Анани, – Ӕгъдауыл ӕнувыд, ӕппӕт дамаскаг иудейтӕм нымад, –
13 Ӕрбацыди мӕнмӕ, ӕрлӕууыд мӕ фарсмӕ ӕмӕ загъта: „Ме ’фсымӕр Савл, дӕ цӕстӕй ракӕс". Ӕз уыйадыл ракастӕн мӕ цӕстӕй ӕмӕ йӕ федтон.
14 Анани мын загъта: „Нӕ фыдӕлты Хуыцау дӕ сӕвзӕрста, цӕмӕй Йын базонай Йӕ фӕндон, фенай Рӕстгӕнӕджы ӕмӕ Йын фехъусай Йӕ хъӕлӕс.+ 22:14 Ап. хъ. 18:9; 1 Ин. 2:1; Гал. 1:12.
15 Ды Йын ӕппӕт адӕмы раз уыдзынӕ ӕвдисӕн ӕмӕ сын дзурдзынӕ, цы федтай ӕмӕ цы фехъуыстай, уый тыххӕй.
16 Уӕдӕ ма цы фӕстиат кӕныс? Сыст, ссар Ын Йӕ ном, аргъуыд райс ӕмӕ цӕхс дӕ тӕригъӕдтӕ".
17 Иерусалиммӕ куы ӕрбаздӕхтӕн ӕмӕ Кувӕндоны куы куывтон, уӕд мын раргом:
18 Федтон Хицауы, ӕмӕ мын загъта: „Рӕвдздӕр ацу Иерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн тыххӕй ам куы дзурай, уӕд дын дӕ ныхасыл нӕ баууӕнддзысты".+ 22:18 Ап. хъ. 9:15; 1 Кор. 9:1; 15:8.
19 Ӕз загътон: „Хицау, уыдон зонынц, ӕз Дӕуыл ӕууӕндджыты кӕй ахстон ӕмӕ сӕ синагогӕты кӕй надтон, уый.
20 Де ’вдисӕн Стефаны куы мардтой, уӕд уый дӕр ӕз растыл нымадтон; лӕууыдтӕн уым ӕмӕ хъахъхъӕдтон йӕ марджыты пӕлӕзтӕ".+ 22:20 Ап. хъ. 7:58.
21 Хицау мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕм, арвитдзынӕн"».+ 22:21 Ап. хъ. 9:15; Гал. 1:16; 1 Тим. 2:7; 2 Тим. 1:11.
Павел ӕмӕ ӕфсӕддон хицау
22 Хъуыстой йӕм, цалынмӕ ацы ныхӕстӕ нӕ загъта, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ систой хъӕр: «Зӕххыл хъуамӕ ма уа! Удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй!»
23 Адӕм хъӕр кодтой, сӕ пӕлӕзтӕ рӕдывтой ӕмӕ уӕлдӕфмӕ рыг калдтой.
24 Уӕд ӕфсӕддон хицау радта Павелы фидармӕ бакӕныны ӕмӕ ехсӕй нӕмыны бардзырд, цӕмӕй базона, адӕм ӕй хъӕры бын цӕмӕн фӕкодтой, уый.
25 Фӕлӕ йӕ нӕмыны тыххӕй куы сбастой, уӕд Павел йӕ фарсмӕ лӕууӕг сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ау, сымахмӕ ромаг гражданины ехсӕй нӕмыны бар ис, уыимӕ ӕнӕ тӕрхонӕй?»
26 Сӕдӕйыхицау уый куы фехъуыста, уӕд бацыди ӕфсӕддон хицаумӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый цы кусыс? Ацы адӕймаг ромаг гражданин у».
27 Уӕд ӕфсӕддон хицау бацыди Павелмӕ ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъ-ма мын, ды ромаг гражданин дӕ?» Павел дзуапп радта: «О».
28 Ӕфсӕддон хицау загъта: «Цӕмӕй ромаг гражданин суон, уый тыххӕй ӕз бирӕ ӕхца бафыстон». Павел ын загъта: «Ӕз та мӕ райгуырынӕй фӕстӕмӕ дӕн ромаг гражданин».
29 Ехсӕй нӕмынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдон ӕй уайтӕккӕ ныууагътой. Ӕфсӕддон хицау куы базыдта, Павел ромаг гражданин кӕй у, уый, уӕд дзы тас бацыд, рӕхыстӕй йӕ кӕй сбаста, уый тыххӕй.
30 Иудейтӕ йӕ цӕмӕй зылын кӕнынц, уый бӕлвырдӕй базоныны тыххӕй ӕфсӕддон хицау дыккаг бон Павелы суӕгъд кодта йӕ рӕхыстӕй, радта алчерты ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд кӕныны бардзырд, ӕмӕ сӕм ӕй ракодта.
23Павел синедрионы раз
1 Павел афӕлгӕсыд синедрионыл ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, абоны онг цы ацардтӕн, уымӕй Хуыцауы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕг у».+ 23:1 Ап. хъ. 24:16; 1 Кор. 4:4; 2 Кор. 1:12; 4:2; Дзут. 13:18.
2 Уӕд алчер Анани Павелы фарсмӕ лӕуджытӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын цӕвой йӕ былтӕ.
3 Павел ын загъта: «Хуыцау дӕ ныццӕвдзӕн, чъырӕйцагъд къул! Мӕнӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕныны тыххӕй ам бадыс; ды та дӕттыс мӕ нӕмыны бардзырд, ӕмӕ уымӕй халыс Ӕгъдау».+ 23:3 Мф. 23:27.
4 Павелы фарсмӕ чи лӕууыд, уыдон ын загътой: «Хуыцауы алчеры ӕфхӕрыс?»
5 Павел дзуапп радта: «Ӕфсымӕртӕ, алчер кӕй у, уый нӕ зыдтон. Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Дӕ адӕмы хицауӕй ӕвзӕр ма зӕгъ"».
6 Сӕ иутӕ саддукейтӕ, иннӕтӕ та фарисейтӕ кӕй сты, Павел уый куы базыдта, уӕд синедрионӕн хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, ӕз фарисей дӕн, фарисейы фырт. Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй».+ 23:6 Ап. хъ. 24:21; Флп. 3:5.
7 Павел афтӕ куы загъта, уӕд фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ фӕбыцӕу сты, ӕмӕ ӕмбырд фӕдих.
8 (Саддукейтӕ дзурынц, мӕрдтӕ, дам, нӕ райгас уыдзысты; нӕй, дам, зӕдтӕ ӕмӕ удтӕ. Фарисейтӕ та ӕппӕт уыдӕттыл ӕууӕндынц.)+ 23:8 Мф. 22:23; Мк. 12:18; Лк. 20:27.
9 Рауади стыр хъӕлӕба. Фарисей чи уыд, уыцы динамонджытӕй сыстади цалдӕр, ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ уд кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?»+ 23:9 Ап. хъ. 25:25. + 23:9 Фӕстӕдӕры къухфыстыты ацы бынаты кӕрон у афтӕ: |iКӕд ын уыдӕттӕ уд кӕнӕ зӕд загъта, уӕд Хуыцауы ныхмӕ ма лӕууӕм|r.
10 Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы фӕйнӕрдӕм уӕнггай куы фӕхӕссой, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы адӕмӕй байсой ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной.
11 Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынди Хицау ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу, Павел, уымӕн ӕмӕ Мӕн тыххӕй Иерусалимы куыд дзырдтай, афтӕ хъуамӕ дзурай Ромы дӕр».+ 23:11 Ап. хъ. 18:9; 19:21.
Сусӕгвӕнд Павелы ныхмӕ
12 Куы сбон, уӕд иудейтӕй иуӕй-иутӕ сусӕгӕй баныхас кодтой ӕмӕ ард бахордтой, цалынмӕ Павелы амарой, уӕдмӕ нӕдӕр хӕрыны, нӕдӕр нуазыны тыххӕй.
13 Сусӕгвӕнд чи скодта, уыдон уыдысты дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр.
14 Уыдон бацыдысты алчертӕм, адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ загътой: «Мах ард бахордтам, цалынмӕ Павелы амарӕм, уӕдмӕ ком бадарыны тыххӕй.
15 Уӕдӕ ныр сымах ӕмӕ синедрион арвитут ӕфсӕддон хицаумӕ Павелы райсом сымахмӕ ӕрхоныны тыххӕй, цыма йын йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсынмӕ хъавут. Мах та цӕттӕ стӕм, цалынмӕ сымахмӕ не ’рбахӕццӕ уа, уӕдмӕ йӕ амарынмӕ».
16 Уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Бацыди фидармӕ ӕмӕ йӕ радзырдта Павелӕн.
17 Павел фӕдзырдта сӕдӕйыхицӕуттӕй иумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы ахон ӕфсӕддон хицаумӕ, цыдӕр зӕгъынмӕ йын хъавы».
18 Уый лӕппуйы бакодта ӕфсӕддон хицаумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ахст Павел мӕм фӕдзырдта ӕмӕ куырдта, цӕмӕй дӕм ацы лӕппуйы ӕрбахонон; цыдӕр зӕгъинаг дын у».
19 Ӕфсӕддон хицау ныххӕцыд лӕппуйы къухыл, фӕхибар ӕй кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы мын зӕгъинаг дӕ?»
20 Лӕппу дзуапп радта: «Иудейтӕ баныхас кодтой дӕумӕ ӕрхатын, цӕмӕй райсом Павелы ӕркӕнай синедрионмӕ, цыма сӕ йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсын фӕнды.
21 Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бадынц. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ нӕ бахӕрын ӕмӕ нӕ баназыныл. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у».
22 Ӕфсӕддон хицау лӕппуйӕн бафӕдзӕхста: «Мӕнӕн ӕй кӕй загътай, уый макӕмӕн радзур», ӕмӕ йӕ ауагъта.
Павелы арвыстой Кесаримӕ
23 Ӕфсӕддон хицау басидти сӕдӕйыхицӕуттӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл хъуамӕ араст уой Кесаримӕ.
24 Павелӕн ӕрцӕттӕ кӕнут бӕхтӕ, ӕфсӕддонтӕ йӕ бӕстӕйы хицау Феликсмӕ сӕрӕгасӕй куыд бахӕццӕ кӕной, афтӕ».
25 Ныффыста ахӕм фыстӕг дӕр:
26 «Клавдий Лисийӕ – бӕстӕйы хицаумӕ, кадджын Феликсмӕ. Фӕрнджын у.
27 Ацы адӕймаджы ӕрцахстой иудейтӕ ӕмӕ йӕ хъавыдысты амарынмӕ. Фӕлӕ ӕз ӕрцыдтӕн ӕфсӕддонтимӕ, ӕмӕ ромаг гражданин кӕй у, уый куы базыдтон, уӕд ӕй байстон.+ 23:27 Ап. хъ. 21:32.
28 Цӕмӕй йӕ азымджын кӕнынц, уый базоныны тыххӕй йӕ ӕркодтон сӕ синедрионмӕ.+ 23:28 Ап. хъ. 22:30.
29 Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, сӕ Ӕгъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фарстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ хӕссынц.+ 23:29 Ап. хъ. 25:19.
30 Йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодтой, уый мын куы загътой, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй арвыстон дӕумӕ. Йӕ зылынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхстон сӕ хъаст дӕумӕ бахӕссын».
31 Ӕфсӕддонтӕ цы бардзырд райстой, уымӕ гӕсгӕ Павелы ӕхсӕвы бахӕццӕ кодтой Антипатридӕмӕ.
32 Дыккаг бон Павелимӕ дарддӕр цӕуын бакодтой барджыты бар, сӕхӕдӕг та ӕрбаздӕхтысты фидармӕ.
33 Барджытӕ Кесаримӕ куы ӕрцыдысты, уӕд бӕстӕйы хицаумӕ радтой фыстӕг ӕмӕ йӕм Павелы бакодтой.
34 Бӕстӕйы хицау бакасти фыстӕг ӕмӕ бафарста Павелы, кӕцон у, уымӕй. Киликийӕ кӕй у, уый куы базыдта, уӕд загъта:
35 «Дӕ зылынгӕнджытӕ дӕр куы ӕрцӕуой, уӕд дын ӕркӕсдзынӕн дӕ хъуыддагмӕ». Ӕмӕ радта Ироды галуаны йӕ ахстӕй дарыны бардзырд.
24Зылын кӕнынц Павелы
1 Фондз боны фӕстӕ алчер Анани ӕрцыд адӕмы хистӕртимӕ, стӕй тӕрхоны дӕсны Тертуллимӕ. Уыдон бӕстӕйы хицаумӕ бахастой сӕ хъаст Павелыл.
2 Павелы куы бакодтой, уӕд ӕй Тертулл райдыдта зылын кӕнын:
3 «Дӕ фӕрцы нӕ бӕстӕ у ӕнцад; царды ӕппӕт къабӕзты алы ран дӕр дӕ арӕхстджын разамындӕй цы ивддзинӕдтӕ цӕуы, уыдон сты ацы адӕмы хорзӕхӕн. Уыдӕтты тыххӕй бузныг стӕм дӕуӕй, кадджын Феликс.
4 Фӕлӕ дӕ цӕмӕй ма фӕлмӕцын кӕнон, уый тыххӕй дӕ курын: дӕ хорзӕхӕй, иучысыл нӕм байхъус.
5 Мах куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы лӕг у рын, ӕппӕт дунейы иудейты змӕнтӕг ӕмӕ назаретаг мӕнгдины фӕтӕг.+ 24:5 Ап. хъ. 28:22.
6 Суанг архайдта Кувӕндон фӕчъизи кӕныныл, ӕмӕ йӕ мах ӕрцахстам. [Нӕ зӕрды уыди нӕхи Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ йын тӕрхон кӕнын;+ 24:6 Ап. хъ. 21:28.
7 Фӕлӕ ӕрцыд ӕфсӕддон хицау Лисий, лӕгдыхӕй нын ӕй байста нӕ къухтӕй,
8 Ӕмӕ йӕ зылын чи кодта, уыдонӕн бафӕдзӕхста дӕумӕ фӕцӕуын.] Ацы лӕджы хъуыддаг дӕхӕдӕг куы равзарай, уӕд ын йӕхицӕй фехъусдзынӕ, мах ӕй цӕмӕй зылын кӕнӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ».
9 Иудейтӕ разы уыдысты Тертуллы ныхӕстимӕ, ӕмӕ дзырдтой, ӕппӕт дӕр афтӕ уыди, зӕгъгӕ.
Павел раст кӕны йӕхи
10 Бӕстӕйы хицау ӕм куы ацамыдта, уӕд Павел загъта: «Ӕз зонын, ды ацы адӕмӕн бирӕ азты дӕргъы тӕрхонгӕнӕг кӕй дӕ, уый, ӕмӕ райгондӕй раст кӕндзынӕн мӕхи.
11 Дӕ бон у базонын, ӕз Иерусалиммӕ бакувынмӕ куы ӕрцыдтӕн, ууыл кӕй нӕ рацыди дыууадӕс бонӕй фылдӕр.
12 Нӕдӕр Кувӕндоны, нӕдӕр синагогӕты, нӕдӕр сахары ӕндӕр ран мӕн нӕ фендӕуыд искӕимӕ быцӕугӕнгӕ кӕнӕ адӕмы змӕнтгӕйӕ.
13 Ӕмӕ ныр мӕн цӕмӕй зылын кӕнынц, уый тыххӕй дӕумӕ цы бавдисой, уый сӕм нӕй.
14 Фӕлӕ дӕуӕн сӕттын ууыл, ӕмӕ уыдон мӕнгдин кӕй хонынц, уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ кусын нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн; ӕууӕндын, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы у ӕмӕ пехуымпартӕм цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл.
15 Мӕ зылынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, афтӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр.+ 24:15 Ин. 5:28.
16 Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз кӕддӕриддӕр сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыныл.+ 24:16 Ап. хъ. 23:1.
17 Ӕз Иерусалиммӕ ӕрбаздӕхтӕн бирӕ азты фӕстӕ мӕ адӕмы мӕгуыртӕн баххуыс кӕныны ӕмӕ нывондтӕ ӕрхӕссыны сӕраппонд.+ 24:17 Ап. хъ. 11:29; Ром. 15:25.
18 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мӕхи куы ссыгъдӕг кодтон, уӕд мӕ баййӕфтой Кувӕндоны; нӕдӕр дзы бирӕ адӕм уыди, нӕдӕр змӕст.+ 24:18 Ап. хъ. 21:26-27.
19 Фӕлӕ дзы уыдысты цавӕрдӕр асиаг иудейтӕ; мӕ ныхмӕ сӕм исты куы уыдаид, уӕд дӕ разы хъуамӕ лӕууиккой ӕмӕ мӕн зылын кӕниккой.
20 Кӕнӕ ам чи ис, уыдон зӕгъӕнт, синедрионы раз куы лӕууыдтӕн, уӕд мӕм цы азым ссардтой, уый.
21 Ӕрмӕст иу фыдракӕнд сарӕзтон – сӕ разы куы лӕууыдтӕн, уӕд хъӕлӕсыдзагӕй загътон: „Абон мын тӕрхон кӕнут, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй"».+ 24:21 Ап. хъ. 23:6.
22 Феликс бӕстон зыдта Хицауы фӕндаджы тыххӕй, ӕмӕ хъуыддаг аргъӕвта фӕстӕдӕрмӕ: «Ӕфсӕддон хицау Лисий куы ӕрцӕуа, уӕд уын ӕркӕсдзынӕн уӕ хъуыддагмӕ».
23 Феликс сӕдӕйыхицауӕн радта Павелы хъахъхъӕныны бардзырд, фӕлӕ дам ын хъуамӕ иуцасдӕр фезмӕлӕн дӕр уа, йӕ хӕлӕрттӕ йын куы лӕггад кӕной, уӕд сӕ хъыгдарӕг куыд нӕ уа, афтӕ.+ 24:23 Ап. хъ. 27:3.
24 Цалдӕр боны фӕстӕ Феликс ӕрцыд йӕ ус Друзиллӕимӕ (уыди дзуттаг). Феликс арвыста Павелы ӕрбакӕнынмӕ, ӕмӕ хъуыста, Павел Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны тыххӕй цы дзырдта, уымӕ.
25 Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы бацыди тас ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».
26 Уыимӕ ма Феликс йӕ зӕрдӕ дардта, Павел ын ратдзӕн ӕхца, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу арӕх арвыста йе ’рбакӕнынмӕ, ӕмӕ-иу ныхас кодта йемӕ.
27 Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Феликсы раивта Порций Фест. Иудейты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй Феликс Павелы ныууагъта ахӕстоны.+ 24:27 Ап. хъ. 21:11; 25:9.
25Павел ӕмӕ Фест
1 Фест бӕстӕйы хицауы бынат куы бацахста, уӕд ӕртӕ боны фӕстӕ Кесарийӕ ацыд Иерусалиммӕ.
2 Иерусалимы йӕм Павелыл хъаст кодтой алчертӕ ӕмӕ иудейаг хицӕуттӕ.
3 Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Иерусалиммӕ; сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл.
4 Фӕлӕ сын Фест дзуапп радта: «Павел Кесарийы ахӕстоны ис, стӕй рӕхджы мӕхӕдӕг дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн.
5 Ӕмӕ уӕ кӕй бон у, уыдон рацӕуӕнт мемӕ, ӕмӕ кӕд уыцы лӕг ӕвзӕрӕй исты ракодта, уӕд-иу ӕй базылын кӕнӕнт».
6 Фест сӕм баззад аст-дӕс боны, ӕмӕ ӕрбаздӕхт Кесаримӕ. Дыккаг бон ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радта Павелы ӕрбакӕныны бардзырд.
7 Павел куы ӕрбацыди, уӕд Иерусалимӕй ӕрцӕуӕг иудейтӕ ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, йӕ ныхмӕ йын ӕвӕрдтой бирӕ уӕззау фыдракӕндтӕ, фӕлӕ сӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ нӕ уыд.
8 Павел йӕхи раст кӕнынӕн загъта: «Ӕз иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодтон нӕдӕр иудейаг Ӕгъдауы ныхмӕ, нӕдӕр Кувӕндоны ныхмӕ, нӕдӕр кесӕры ныхмӕ».+ 25:8 Ап. хъ. 24:12; 28:17.
9 Фесты фӕндыд иудейты зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ Павелы бафарста: «Фӕнды дӕ Иерусалиммӕ ацӕуын, цӕмӕй дӕ ныхмӕ цы ӕвӕрынц, уыдӕтты тыххӕй дын уым рахӕссон тӕрхон?»
10 Павел загъта: «Ӕз кесӕры тӕрхоны раз лӕууын, ӕмӕ мын ам хъуамӕ тӕрхон кӕной. Ды дӕр хорз зоныс: ӕз иудейты хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн.
11 Кӕд ӕз ахӕмӕй исты ракодтон, ӕмӕ амарыны аккаг дӕн, уӕд цӕттӕ дӕн мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ мӕ ныхмӕ цы ӕвӕрынц, кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрымысгӕ сты, уӕд мӕн сӕ къухмӕ раттын никӕй бон у. Ӕз домын кесӕры тӕрхон».
12 Уӕд Фест аныхас кодта йӕ ӕххуысгӕнджытимӕ ӕмӕ дзуапп радта: «Ды ӕрдомдтай кесӕры тӕрхон, ӕмӕ ацӕудзынӕ кесӕрмӕ».
Павел ӕмӕ Агриппа
13 Цалдӕр боны фӕстӕ паддзах Агриппа ӕмӕ Вереникӕ Фестӕн ӕгасцуай зӕгъынмӕ ӕрцыдысты Кесаримӕ.
14 Уым фесты дзӕвгар рӕстӕг. Фест паддзахӕн радзырдта Павелы хъуыддаджы тыххӕй ӕмӕ йын загъта: «Ам ис, Феликс ахӕстоны кӕй ныууагъта, ахӕм адӕймаг.
15 Ӕз Иерусалимы куы уыдтӕн, уӕд ыл хъаст кодтой алчертӕ ӕмӕ иудейты хистӕртӕ – куырдтой тӕрхон ын рахӕссын.+ 25:15 Ап. хъ. 24:1.
16 Ӕз сын дзуапп радтон, зӕгъгӕ, зылынгонд чи цӕуы, уыцы адӕймаг цалынмӕ йӕ зылынгӕнджытимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕла ӕмӕ йын йӕхи раст кӕныны фадат уа, уӕдмӕ ромаг ӕгъдау бафхӕрынмӕ никӕй дӕтты.
17 Уыдон ӕрцыдысты ардӕм, ӕмӕ ӕз ӕвӕстиатӕй дыккаг бон ӕрбадтӕн тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радтон уыцы лӕджы ӕрбакӕныны бардзырд.
18 Зылынгӕнджытӕ сыстадысты йӕ ныхмӕ, ӕмӕ ӕз ӕнхъӕл цы фыдракӕндтӕй уыдтӕн, уыдонӕй йӕ иуӕй дӕр нӕ базылын кодтой.
19 Фӕлӕ сын йемӕ уыди цӕйдӕр быцӕутӕ сӕ дины ӕмӕ, Чи амард, уыцы цавӕрдӕр Йесойы тыххӕй – Павел дзырдта, удӕгас у, зӕгъгӕ.+ 25:19 Ап. хъ. 18:15.
20 Ахӕм фарстатӕ куыд лыггӕнгӕ сты, уый кӕй не ’мбӕрстон, уымӕ гӕсгӕ Павелы бафарстон, нӕ йӕ фӕнды, мыййаг, Иерусалиммӕ ацӕуын ӕмӕ уым тӕрхоны раз ӕрлӕууын?
21 Фӕлӕ Павел ӕрдомдта, цӕмӕй йӕ ныууадзой ахӕстоны, цалынмӕ кесӕр уынаффӕ рахӕсса, уӕдмӕ. Уӕд ӕз радтон, цалынмӕ йӕ кесӕрмӕ арвитон, уӕдмӕ йӕ ахӕстоны дарыны бардзырд».
22 Агриппа загъта Фестӕн: «Фӕнды мӕ уыцы адӕймагмӕ байхъусын». Фест дзуапп радта: «Тӕккӕ райсом ӕм байхъусдзынӕ».
23 Дыккаг бон, хъӕздыг арӕзтӕй ӕмӕ сӕрбӕрзондӕй, ӕрцыдысты Агриппа ӕмӕ Вереникӕ; ӕфсӕддон хицӕуттимӕ ӕмӕ сахары уӕздӕттимӕ бацыдысты ӕмбырды уатмӕ. Фесты бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕрбакодтой Павелы.
24 Фест загъта: «Паддзах Агриппа ӕмӕ ам немӕ чи ис, уыцы хорз адӕм! Сымах уынут, Иерусалимы дӕр ӕмӕ ам дӕр иудейтӕ иууылдӕр мӕнмӕ сӕ хъаст кӕуыл хастой ӕмӕ йын удӕгасӕй ныууадзӕн нӕй, зӕгъгӕ, кӕй тыххӕй хъӕр кодтой, уыцы лӕджы.+ 25:24 Ап. хъ. 22:22; 24:5.
25 Фӕлӕ куыд федтон, афтӕмӕй йӕ цӕй тыххӕй амардӕуа, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Гъе ӕрмӕст йӕхӕдӕг кесӕры тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сфӕнд кодтон уымӕ арвитын.+ 25:25 Ап. хъ. 23:9.
26 Кесӕрмӕ ацы лӕджы тыххӕй бӕлвырдӕй цы ныффыссон, ахӕмӕй мӕм ницы ис. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрлӕууын кодтон уӕ разы, уӕлдайдӕр та дӕ разы, паддзах Агриппа, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕркӕсыны фӕстӕ зонон, цы ныффыссын хъӕуы, уый.
27 Уымӕн ӕмӕ, ахст адӕймаг зылынгонд цӕмӕй цӕуы, уый ма бавдис, афтӕмӕй йӕ арвит, уый ӕз ӕнӕсӕрфатыл нымайын».
26Павел раст кӕны йӕхи
1 Агриппа загъта Павелӕн: «Ис дын дӕхи тыххӕй дзурыны бар». Уӕд Павел йӕ къух размӕ радардта ӕмӕ райдыдта йӕхи раст кӕнын:
2 «Паддзах Агриппа! Мӕхи нымайын амондджыныл, иудейтӕ мӕ цӕмӕйты зылын кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕй дӕ разы абон мӕхи кӕй раст кӕнын, уымӕй.
3 Уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ды хорз зоныс иудейты ӕппӕт ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дзырддаг фарстатӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын фӕразонӕй мӕм байхъусын.
4 Ме ’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ куыд цӕрын, уый иудейтӕ иууылдӕр зонынц. Тӕккӕ райдианӕй ӕз цардтӕн мӕ адӕмы ӕхсӕн ӕмӕ Иерусалимы.
5 Рагӕй мӕ зонынц, ӕмӕ сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕ бон у ӕвдисӕн ныллӕууын, ӕз кӕй цардтӕн фарисейы цардӕй – нӕ дины тӕккӕ карздӕр къабазы домӕнтӕм гӕсгӕ.+ 26:5 Ап. хъ. 22:3; 23:6.
6 Ӕмӕ абон тӕрхоны раз лӕууын, Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй мӕ ныфс кӕй ис, уый тыххӕй.
7 Уыцы зӕрдӕвӕрд кӕй райсдзысты, уымӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы, ӕмӕ бонӕй-ӕхсӕвӕй зӕрдиагӕй кусынц Хуыцауӕн. Уыцы зӕрдӕдарӕны тыххӕй, паддзах, мӕн аххосджын кӕнынц иудейтӕ.
8 Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, уый, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабарыл цӕмӕн нымайут?
9 Ӕз дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, Назаретаг Йесойы номы ныхмӕ мын мӕ тых, мӕ бонӕй тохгӕнгӕ у.
10 Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Иерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты баппӕрстон ахӕстӕттӕм; мӕлӕты тӕрхон-иу сын куы хастой, уӕд-иу хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл.+ 26:10 Ап. хъ. 8:3; 9:1; 22:4; 1 Кор. 15:9; Гал. 1:13; 1 Тим. 1:13.
11 Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл. Афтӕ уӕнгӕл мын уыдысты, ӕмӕ сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр.
12 Уый тыххӕй алчертӕй райстон бар, ӕмӕ сын сӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ араст дӕн Дамаскмӕ.
13 Ӕмбисбон фӕндагыл, паддзах, ӕз федтон, хуры рухсӕй тыхджындӕр чи уыди, мӕн ӕмӕ ме ’мбӕлццӕттыл чи ӕртыхст, ахӕм рухс уӕларвӕй.+ 26:13 Ап. хъ. 22:6.
14 Неппӕт дӕр ӕрхаудтам зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мын чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын".
15 Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Хицау?" Хицау загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо дӕн.
16 Сыст ӕмӕ слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон Мӕ кусӕг, ӕмӕ ӕвдисӕн уай, цы федтай ӕмӕ ма дын ноджыдӕр цы раргом кӕндзынӕн, ӕппӕт уыдӕттӕн.
17 Ӕз дӕ бахиздзынӕн дӕхи адӕмӕй, стӕй муртаттӕй – Ӕз дӕ ӕрвитын уыдонмӕ,
18 Цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ рацӕуой талынгӕй рухсмӕ, хӕйрӕджы къухтӕй Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы сын барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ райсой сӕ хай".+ 26:18 Лк. 2:32; Ин. 1:9; 1 Пет. 2:9; Эф. 5:8.
19 Уымӕ гӕсгӕ, паддзах Агриппа, уӕларвӕй мын цы раргом, уый коммӕ нӕ бакӕсын мӕ бон нӕ баци.
20 Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Иерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.+ 26:20 Ап. хъ. 9:20.
21 Уый тыххӕй мӕ иудейтӕ ӕрцахстой Кувӕндоны, ӕмӕ мӕ хъавыдысты амарынмӕ.+ 26:21 Ап. хъ. 21:30.
22 Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, ӕнӕфӕцудгӕ лӕууын ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыд адӕмӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый.
23 Ома, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕн».+ 26:23 Лк. 24:27.
24 Павел йӕхи афтӕ куы раст кодта, уӕд Фест хъӕрӕй загъта: «Ды сӕрхъӕн дӕ, Павел! Фырахуырӕй дӕ зонд фӕцыд».+ 26:24 1 Кор. 1:23; 2:14.
25 Павел дзуапп радта: «Нӕ, кадджын Фест, ӕз сӕрхъӕн нӕ дӕн, фӕлӕ зӕгъын, раст зондӕй чи цӕуы, ӕцӕгады уыцы ныхӕстӕ.
26 Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй зоны, ӕз ныфсджынӕй кӕй разы дзурын, уыцы паддзах. Мӕн нӕ уырны, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй исты басусӕг уа паддзахӕй, уымӕн ӕмӕ фӕскъуым не ’рцыдысты.+ 26:26 Ин. 18:20.
27 Паддзах Агриппа, пехуымпартыл ӕууӕндыс ӕви нӕ? Кӕй сыл ӕууӕндыс, уый ӕз зонын».
28 Агриппа загъта Павелӕн: «Ӕгӕр тагъд мӕ нӕ чырыстон кӕныс?»
29 Павел загъта: «Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй тагъд уа ӕви ӕрӕгмӕ уа, ӕрмӕст ды нӕ, фӕлӕ мӕм абон чи хъусы, уыдон сеппӕт дӕр суой мӕ хуызӕттӕ, ӕрмӕст ӕнӕ рӕхыстӕй».+ 26:29 Ап. хъ. 24:27.
30 Павел афтӕ куы загъта, уӕд паддзах, бӕстӕйы хицау, Вереникӕ, стӕй семӕ чи бадт, уыдон иууылдӕр сыстадысты.
31 Фӕхибар сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ацы адӕймаг амарыны кӕнӕ йӕ ахӕстоны дарыны аккагӕй ницы ракодта, зӕгъгӕ.
32 Агриппа загъта Фестӕн: «Кесӕры тӕрхон куы не ’рдомдтаид, уӕд ацы адӕймагӕн уаид суӕгъдгӕнӕн».
27Павел цӕуы Роммӕ
1 Италимӕ кӕй цӕудзыстӕм, уыцы уынаффӕ куы рахастӕуыд, уӕд Павелы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕстыты радтой кесӕры ӕфсӕддон хайы сӕдӕйыхицау Юлийы къухмӕ.
2 Мах сбадтыстӕм адрамитаг науы, ӕмӕ араст стӕм. Нау йӕ фӕндагыл хъуамӕ баздӕхтаид Асийы наулӕууӕнтӕм. Немӕ уыдис македониаг Аристарх, Фессалоникӕйы сахарӕй.+ 27:2 Ап. хъ. 20:4; 2 Кор. 11:23; Кол. 4:10.
3 Дыккаг бон бахӕццӕ стӕм Сидонмӕ. Юлий Павелмӕ ракаст хорз цӕстӕй, радта йын йӕ хӕлӕрттӕм ацӕуыны фадат, цӕмӕй йыл баузӕлой.+ 27:3 Ап. хъ. 24:23.
4 Уырдыгӕй араст стӕм дарддӕр; Кипры чъылдыммӕ бамбӕхстыстӕм дымгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ дымдта нӕ ныхмӕ.
5 Килики ӕмӕ Памфилийы рӕзты ахызтыстӕм денджызыл, ӕмӕ бахӕццӕ стӕм ликиаг сахар Миртӕмӕ.
6 Уым сӕдӕйыхицау ссардта, Италимӕ чи цыд, ахӕм александриаг нау, ӕмӕ нӕ сбадын кодта ууыл.
7 Дзӕвгар рӕстӕг цыдыстӕм сындӕг, ӕмӕ тыххӕйты бахӕццӕ стӕм Книдмӕ. Дымгӕ нӕ размӕ цӕуын кӕй нӕ уагъта, уымӕ гӕсгӕ ахызтыстӕм Салмоны рӕзты ӕмӕ, Криты чъылдыммӕ дымгӕйӕ бамбӕхсгӕйӕ, цыдыстӕм дарддӕр.
8 Зынтӕй цыдыстӕм былмӕ ӕввахс, ӕмӕ бацыдыстӕм, Хорз Наулӕууӕнтӕ чи хуыйны, уырдӕм, Ласейы сахармӕ хӕстӕг.
9 Уӕдмӕ рацыд бирӕ рӕстӕг, ком дарыны афон дӕр аивгъуыдта, ӕмӕ науы цӕуын сси тӕссаг. Уымӕ гӕсгӕ Павел дзырдта:
10 «Хорз адӕм, ӕз уынын, фӕндагыл нӕ баййафдзӕн бӕллӕх, ӕмӕ стыр зиан ӕрцӕудзӕн ӕрмӕст уӕзӕгтыл ӕмӕ науыл нӕ, фӕлӕ нӕхиуыл дӕр».
11 Фӕлӕ сӕдӕйыхицау, Павел цы дзырдта, уымӕй наутӕрӕгыл ӕмӕ науы хицауыл фылдӕр ӕууӕндыд.
12 Наулӕууӕн зымӕгиуатӕн кӕй нӕ бӕззыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ фылдӕр фӕндон хастой, цӕмӕй нау гӕнӕн ӕмӕ амалӕй бацӕуа критаг наулӕууӕн Финикмӕ, ӕмӕ зымӕг арвитӕм уым. Уыцы наулӕууӕн кӕсы хуссар-ныгуылӕнмӕ ӕмӕ цӕгат-ныгуылӕнмӕ.
13 Хуссайраг уадымс куы радымдта, уӕд ӕнхъӕлдтой ӕмӕ сӕ цы фӕндыди, уый сӕ баййӕфта; систой науӕнгуыр ӕмӕ ацыдысты Криты былгӕрӕтты рӕзты.
Уад
14 Фӕлӕ рӕхджы сакъадахырдыгӕй ӕрбадымдта тыхджын уад, «цӕгат-скӕсӕйнаг» чи хуыйны, уый.
15 Уад ӕрцахста науы, ӕмӕ нау йӕ ныхмӕ цӕуын нал фӕрӕзта. Нӕ бон базыдтам, ӕмӕ нӕ дымгӕ хаста, кӕдӕм ӕй фӕндыд, уырдӕм.
16 Мах февзӕрдыстӕм, Кавда кӕй хонынц, уыцы сакъадахы цур. Сакъадах нӕ иуцасдӕр бахызта дымгӕйӕ, ӕмӕ нын тыххӕйты бантыст науы бӕлӕгъ бахъахъхъӕнын.
17 Куы йӕ систой, уӕд бӕндӕнтӕй кӕрӕдзимӕ балвӕстой науы фӕрстӕ. Дымгӕ науы цӕмӕй Сиртмӕ ма ахӕсса ӕмӕ уым тӕнӕджы ма ныссӕдза, уый тыххӕй ӕруагътой наупӕлӕз, ӕмӕ нӕ дымгӕ хаста, кӕдӕм ӕй фӕндыд, уырдӕм.
18 Уад нӕ ӕгъатырӕй кӕй хоста, уымӕ гӕсгӕ дыккаг бон райдыдтой денджызмӕ уӕзӕгтӕ калын.
19 Ӕртыккаг бон та сӕхи къухтӕй науы кусӕнгӕрзтӕ ракалдтой.
20 Бирӕ бонты дӕргъы нӕдӕр хур, нӕдӕр стъалытӕ кӕй нӕ зындысты, уад дӕр кӕй нал ӕнцад, уымӕ гӕсгӕ фервӕзыныл нӕ зӕрдӕ нал дардтам.
21 Адӕм хойраджы хъӕстӕ рагӕй нӕ уыдысты. Павел рацыд сӕ размӕ ӕмӕ загъта: «Хорз адӕм, хъуыди мӕ коммӕ бакӕсын ӕмӕ Криты баззайын. Уӕд ацы бӕллӕх нӕ бавзӕрстаиккам ӕмӕ ныл зиан не ’рцыдаид.
22 Ныр та уӕм сидын, цӕмӕй уӕ ныфс ма асӕтта. Сымахӕй иу адӕймаг дӕр нӕ фесӕфдзӕн; ӕрмӕстдӕр нау фесӕфдзӕн.
23 Ӕз Кӕй дӕн ӕмӕ Кӕмӕн кусын, уыцы Хуыцауы зӕд мӕм фӕзынд дысон
24 Ӕмӕ мын загъта: „Ма тӕрс, Павел! Ды хъуамӕ ӕрлӕууай кесӕры раз, ӕмӕ дын Хуыцау балӕвар кодта, демӕ чи цӕуы, уыдоны иууылдӕр".
25 Уӕдӕ ма тӕрсут, хорз адӕм, ӕз Хуыцауыл ӕууӕндын: куыд мын загъдӕуыд, афтӕ уыдзӕн.
26 Уад нӕ хъуамӕ раппара цавӕрдӕр сакъадахмӕ».+ 27:26 Ап. хъ. 28:1.
27 Цыппӕрдӕсӕм ӕхсӕв нӕ уылӕнтӕ Адриатикӕйы денджызы куы хастой, уӕд ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг наудзаутӕ банкъардтой, зӕхмӕ кӕй ӕввахс кӕнӕм, уый.
28 Куы сбарстой, уӕд денджыз разынд ссӕдз ивазны ӕрфӕн; стӕй та йӕ чысыл дарддӕр сбарстой, ӕмӕ уыди фынддӕс ивазны+ 27:28 |i20 ивазны|r – 40 метры бӕрц; |i15 ивазны|r – 30 метры бӕрц. ӕрфӕн.
29 Науы къӕдзӕхтӕм куы бахӕсса, уымӕй тӕссаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ фӕстӕрдыгӕй ӕруагътой цыппар науӕнгуыры, ӕмӕ куывтой боны ӕрцыды тыххӕй.
30 Наудзаутӕ хъавыдысты науӕй алидзынмӕ, ӕмӕ разырдыгӕй науӕнгуыр ӕрӕппарыны ӕфсонӕй бӕлӕгъ ӕруагътой денджызмӕ.
31 Уӕд Павел сӕдӕйыхицауӕн ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн загъта: «Уыдон науыл куы нӕ баззайой, уӕд уын фервӕзӕн нӕй».
32 Уӕд ӕфсӕддонтӕ акъуырдтой бӕлӕгъы бӕттӕнтӕ, ӕмӕ бӕлӕгъ ныххаудта денджызмӕ.
33 Боныцъӕхты размӕ Павел сеппӕтмӕ дӕр хатыд бахӕрыны тыххӕй: «Цыппӕрдӕсӕм бон сымах стут ахӕм зын уавӕрты, ӕмӕ хойраджы хъӕстӕ нӕ фестут.
34 Уымӕ гӕсгӕ уӕм хатын, цӕмӕй бахӕрат – уый ахъаз уыдзӕн уӕ фервӕзынӕн. Иу ӕрду дӕр уӕ никӕй сӕрӕй фӕхъӕудзӕн».+ 27:34 Мф. 10:30.
35 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Павел райста дзул, сеппӕты раз арфӕ ракодта Хуыцауӕн, асаста йӕ ӕмӕ райдыдта хӕрын.
36 Уӕд сеппӕт дӕр фӕныфсджын сты ӕмӕ бахордтой.
37 Науыл ӕдӕппӕтӕй уыдыстӕм дыууӕсӕдӕ ӕвдай ӕхсӕз адӕймаджы.
38 Куы бафсӕстысты, уӕд нау фӕрогдӕр кӕныны тыххӕй мӕнӕу ракалдтой денджызмӕ.
39 Куы сбон, уӕд цы зӕхх у, уый нӕ базыдтой, фӕлӕ федтой змисбыл донбакӕлӕн. Бауынаффӕ кодтой гӕнӕн ӕмӕ амалӕй нау уырдӕм батӕрын ӕмӕ йӕ змисы ныссадзын.
40 Акъуырдтой науӕнгуыртӕ ӕмӕ сӕ ныууагътой денджызы, суӕгъд кодтой науыздахӕнтӕ, систой раззаг наупӕлӕз дымгӕмӕ ӕмӕ сӕ ных сарӕзтой былмӕ.
41 Фӕлӕ бахаудтой донбылмӕ, ӕмӕ нау ныссагъди тӕнӕджы. Йӕ фындз аныгъуылд зӕххы ӕмӕ нал змӕлыд, йӕ гуыр та йын уылӕнтӕ дӕрӕн кодтой.+ 27:41 2 Кор. 11:25.
42 Ӕфсӕддонтӕм фӕзынд ахӕстыты амарыны фӕнд, куыд мачи сӕ аленк кӕна ӕмӕ алидза, афтӕ.
43 Фӕлӕ сӕдӕйыхицауы фӕндыди Павелы фервӕзын кӕнын, ӕмӕ сӕ нӕ бауагъта. Бардзырд радта, цӕмӕй ленк кӕнын чи зыдта, уыдон ӕппӕты разӕй ныггӕпп ласой денджызмӕ ӕмӕ былмӕ рахизой;
44 Иннӕтӕ та исты амӕлттӕ кӕной – чи фӕйнӕгыл, чи науы гӕбазыл. Афтӕмӕй неппӕт дӕр раирвӕзтыстӕм зӕхмӕ.
28Мелиты сакъадахыл
1 Зӕхмӕ куы раирвӕзтыстӕм, уӕд базыдтам, сакъадах Мелит кӕй хуыйны, уый.
2 Сакъадахы цӕрджытӕ разындысты тынг адӕмуарзон. Уарыд ӕмӕ уыд уазал; уымӕ гӕсгӕ арт бандзӕрстой ӕмӕ неппӕты дӕр бахуыдтой.
3 Павел ӕрбахаста пыхсытӕ, ӕмӕ сӕ артыл куы ӕвӕрдта, уӕд калм тӕвдмӕ рабырыд пыхсытӕй ӕмӕ йын ацауындзӕг йӕ цонгыл.+ 28:3 Мк. 16:18.
4 Сакъадахы цӕрджытӕ йын йӕ цонгыл калмы ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг, ӕнӕгуырысхойӕ, лӕгмар у. Денджызӕй фервӕзт, фӕлӕ йын рӕстдзинады ус-хуыцау удӕгасӕй баззайыны бар нӕ дӕтты».
5 Фӕлӕ Павел калмы йӕ цонгӕй ӕрцагъта артмӕ, ӕмӕ йын нӕ разиан кодта.
6 Адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, Павел ныррӕсидзӕн, кӕнӕ дзыхъмард фӕуыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ бирӕ куы фенхъӕлмӕ кастысты ӕмӕ йын калм кӕй ницы разиан кодта, уый куы федтой, уӕд ӕм ракастысты ӕндӕр цӕстӕй ӕмӕ дзырдтой, уый хуыцау у, зӕгъгӕ.
7 Уырдӕм хӕстӕг уыдысты сакъадахы хицау Публийы хӕдзар ӕмӕ зӕххытӕ. Публий нӕ суазӕг кодта, ӕмӕ нын ӕртӕ боны уыди рӕдау фысым.
8 Публийы фыд сади тӕвдниз ӕмӕ гуыбыннизӕй. Павел ӕм бацыд, бакуывта, ӕрӕвӕрдта йыл йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта.
9 Уыцы цауы фӕстӕ сакъадахы иннӕ рынчынтӕ дӕр цыдысты Павелмӕ ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты.
10 Тынг нӕ сбуц кодтой, ӕмӕ куы цыдыстӕм, уӕд нын немӕ нывӕрдтой, цы нӕ хъуыди, уыдӕттӕ.
Фӕндаг Роммӕ
11 Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ ацыдыстӕм, «Диоскуртӕ» кӕй хуыдтой, уыцы александриаг науы. Уый зымӕгиуат кодта сакъадахыл.
12 Бацыдыстӕм Сиракузтӕм, ӕмӕ дзы баззадыстӕм ӕртӕ боны.
13 Уырдыгӕй ацыдыстӕм, ӕмӕ бахӕццӕ стӕм Ригимӕ. Иннӕ бон радымдта хуссайраг дымгӕ, ӕмӕ дыккаг бон уыдыстӕм Путеолы.
14 Уым ссардтам ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕм сӕ курдиатмӕ гӕсгӕ баззадыстӕм авд боны, стӕй араст стӕм Роммӕ.+ 28:14 Ап. хъ. 19:21.
15 Ромаг ӕфсымӕртӕ фехъуыстой мах тыххӕй ӕмӕ нӕ размӕ рацыдысты Аппийы Фӕз ӕмӕ Ӕртӕ Фысымуаты цурмӕ. Павел сӕ куы федта, уӕд арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс.
Павел – Ромы
16 Роммӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд Павелӕн радтой йӕ хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонимӕ хицӕнӕй ӕрцӕрыны бар.
17 Ӕртӕ боны фӕстӕ Павел ӕрхуыдта дзырддзӕугӕ иудейты. Куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын загъта: «Ӕфсымӕртӕ, нӕ адӕмы ныхмӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты ныхмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон, фӕлӕ мӕ ӕрцахстой Иерусалимы ӕмӕ мӕ радтой ромӕгты къухтӕм.+ 28:17 Ап. хъ. 25:8.
18 Уыдон ӕркастысты мӕ хъуыддагмӕ ӕмӕ мӕ хъавыдысты рауадзынмӕ, уымӕн ӕмӕ мӕлӕты тӕрхон рахӕссыны аккаг цы уа, ахӕмӕй ницы ракодтон.+ 28:18 Ап. хъ. 25:8.
19 Фӕлӕ иудейтӕ ныхмӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ ӕрдомдтон кесӕры тӕрхон – ӕндӕр гӕнӕн мын нӕ уыд. Мӕ адӕммӕ исты азым ӕрхӕссыны охыл, мыййаг, нӕ бакодтон афтӕ.
20 Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ӕрбахуыдтон сымах – фенон уӕ ӕмӕ аныхас кӕнон уемӕ, уымӕн ӕмӕ ацы рӕхысӕй Израилы зӕрдӕдарӕны сӕраппонд баст дӕн».+ 28:20 Лк. 2:38.
21 Уыдон ын загътой: «Мах дӕу тыххӕй Иудейӕйӕ фыстӕджытӕ дӕр нӕ райстам, ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕй дӕр нын дӕу тыххӕй ӕвзӕрӕй ничи ницы фехъусын кодта ӕмӕ загъта.
22 Фӕлӕ мах фӕнды дӕ зондахасты тыххӕй дӕхицӕй фехъусын. Уымӕн ӕмӕ алы ран дӕр уыцы ахуырады ныхмӕ кӕй дзурынц, уый нын зындгонд у».+ 28:22 Лк. 2:34; Ап. хъ. 24:5; Дзут. 12:3.
23 Иудейтӕ баныхас кодтой Павелимӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ кӕм ӕрбынатон, уырдӕм ӕрцыдысты ноджы фылдӕрӕй. Павел сын райсомӕй изӕрмӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Моисейы Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй сын хаста ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы тыххӕй, ӕмӕ афтӕмӕй архайдта сӕ баууӕндын кӕныныл.
24 Иуты баууӕндын кодта йӕ ныхасӕй, иннӕты та нӕ уырныдта.
25 Иу хъуыды сӕм нӕ уыд, ӕмӕ ацыдысты, Павел афтӕ куы загъта, уӕд: «Исай-пехуымпары дзыхӕй Сыгъдӕг Уд хорз загъта уӕ фыдӕлтӕн:
26 „Ацу ацы адӕммӕ ӕмӕ зӕгъ: фехъусдзыстут, ӕмӕ нӕ бамбардзыстут, кӕсдзыстут, ӕмӕ нӕ фендзыстут.+ 28:26 Мф. 13:14; Мк. 4:12; Лк. 8:10; Ин. 12:40; Ром. 11:8.
27 Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕ ныддур, хъусӕй зынтӕй хъусынц, сӕхгӕдтой сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, хъусӕй ма фехъусой, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон".
28 Уӕдӕ уын зындгонд уӕд: Хуыцау адӕймаджы кӕй ирвӕзын кӕны, уыцы уац муртаттӕн ӕрвыст у; хъусгӕ дӕр ӕй уыдон фӕкӕндзысты».+ 28:28 Лк. 24:47; Ап. хъ. 13:46.
29 [Павел афтӕ куы загъта, уӕд иудейтӕ ацыдысты, кӕрӕдзиимӕ тынг быцӕу кӕнгӕйӕ.]
30 Павел дыууӕ азы фӕцард, йӕхӕдӕг цы цӕрӕнуат баххуырста, уым. Чидӕриддӕр ӕм цыдис, уыдоныл-иу сӕмбӕлди зӕрдиагӕй.
31 Ныфсджынӕй ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй.