Апостол Павелы дыккаг фыстӕг Тимофеймӕ
11 Павелӕй – Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостол чи у, уымӕй. Ӕз ӕрвыст дӕн, Хуыцау зӕрдӕ цы цардӕй бавӕрдта, уый тыххӕй фехъусын кӕнынмӕ – уыцы цард лӕвӕрд цӕуы Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы.
2 Ӕз фыссын мӕ уарзон хъӕбул Тимофеймӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд-Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.
Фарны уацыл – иузӕрдион
3 Мӕ рагфыдӕлтау сыгъдӕг цӕсгомимӕ Кӕмӕн кусын, уыцы Хуыцауӕй ӕз бузныг дӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй куы фӕкувын, уӕд ӕдзух дӕу кӕй ӕрымысын, уый тыххӕй.1:3 Флп. 3:3.
4 Дӕ цӕссыгтӕ куы ӕрымысын, уӕд фӕбӕллын дӕ фенынмӕ, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ байдзаг уа цинӕй.
5 Мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы, раздӕр дӕ мадымад Лоидӕмӕ ӕмӕ дӕ мад Эвникӕмӕ чи уыди, дӕ уыцы зӕрдиаг уырнындзинад. Дӕумӕ дӕр ахӕм уырнындзинад кӕй ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндын.
6 Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын: мӕ къухтӕ дыл ӕрӕвӕрыны руаджы Хуыцау дӕуӕн кӕй радта, уыцы курдиаты арт ахуыссын ма бауадз.1:6 Ап. хъ. 6:6.
7 Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд.1:7 Ром. 8:15; Дзут. 2:15.
8 Уӕдӕ нӕ Хицауы [Йесо Чырыстийы] тыххӕй ӕргомӕй кӕй дзурыс, уый худинагыл ма нымай, стӕй ӕз Йӕ сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый дӕр. Фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ ныфсджынӕй мӕнимӕ тухӕн кӕн фарны уацы сӕраппонд.1:8 Мф. 10:33.
9 Хуыцау мах фервӕзын кодта ӕмӕ нӕ ӕрхуыдта сыгъдӕг цардмӕ – нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Йӕ фӕнд ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Йӕ хорзӕх нын Йесо Чырыстийы руаджы суанг дуне сфӕлдисыны агъоммӕ рардӕуыд,1:9 Эф. 1:4; Тит. 3:5.
10 Ӕргом та абон раци – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы ӕрцыд, уӕд; Уый фӕтых мӕлӕтыл ӕмӕ фарны уацы руаджы ӕрхаста ӕнӕмӕлгӕ цард.1:10 1 Пет. 1:20; Ром. 14:25; Эф. 3:9; Кол. 1:26; Тит. 1:2.
11 Ӕмӕ мӕн [муртаттӕн] сӕвӕрдӕуыд уыцы фарны уацы фидиуӕгӕй, апостол ӕмӕ ахуыргӕнӕгӕй.1:11 1 Тим. 2:7.
12 Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.
13 Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зондыхос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ.1:13 1 Ин. 2:24; Ром. 6:17.
14 Нӕ зӕрдӕты цӕрӕг Сыгъдӕг Уды фӕрцы бахъахъхъӕн, дӕ бӕрны дын цы хӕзна бачындӕуыд, уый.1:14 1 Тим. 6:20; Ӕрг. 3:11.
15 Ды зоныс: асиӕгтӕ иууылдӕр, уыдонимӕ Фигел ӕмӕ Ермоген дӕр, ныууагътой мӕн.
16 Хицау Йӕ арфӕ бафтауӕд Онисифоры хӕдзарыл. Бирӕ хӕттыты мӕ барӕвдыдта, мӕ рӕхыстӕ дӕр ӕй нӕ урӕдтой – къӕмдзӕстыгы хос ын нӕ уыдысты.1:16 2 Тим. 4:19.
17 Уый нӕ, фӕлӕ Роммӕ куы ӕрцыд, уӕд мӕ агуырдта зӕрдиагӕй ӕмӕ мӕ ссардта.
18 Хицау ын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй йын тӕрхоны бон Хицау уа хатыргӕнӕг. Эфесы дӕр мын цас балӕггад кодта, уый ды хуыздӕр зоныс.1:18 Мф. 25:34.
2Хъизӕмӕрттӕ фарны уацы сӕраппонд
1 Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй.2:1 2 Кор. 10:4; Эф. 6:10.
2 Ӕмӕ бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уый ды та бабар кӕн, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис, иннӕты дӕр сахуыр кӕнынмӕ чи сарӕхсдзӕн, ахӕмтӕн.2:2 1 Тим. 6:20.
3 Йесо Чырыстийы иузӕрдион хӕстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ тухӕн кӕн мемӕ.
4 Йӕхи никӕцы хӕстон лӕг сбӕтдзӕн царды ӕрвылбоны сагъӕстӕй – уый ӕрмӕстдӕр тырны ӕфсӕддон хицауы зӕрдӕ балхӕнынмӕ.2:4 2 Кор. 9:25.
5 Ерысты архайӕг хӕрзиуӕг нӕ райсдзӕн, ерысты уаг куы хала, уӕд.
6 Цы хор ӕрзад, уымӕй йӕ хай фыццаг хъуамӕ райса, чи йыл фыдӕбон кодта, уыцы зӕхкусӕг.
7 Ахъуыды кӕн, ӕз дын цы зӕгъын, ууыл. Хицау дын раттӕд ӕппӕт дӕр ӕмбарыны зонд.
8 Дӕ зӕрдыл дар Йесо Чырыстийы. Уый у Давиды байзӕддаг, мӕрдтӕй рабадӕг – ууыл дзурӕг у, ӕз цы фарны уац хъусын кӕнын, уый.2:8 1 Кор. 15:4.
9 Уыцы фарны уацы сӕраппонд хъизӕмар кӕнын ӕз, фыдгӕнӕгау мӕ суанг рӕхыстӕй дӕр сбастой. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасӕн рӕхыстӕй сбӕттӕн нӕй.2:9 Ап. хъ. 21:11; 1 Кор. 4:9.
10 Уымӕ гӕсгӕ ӕз алцӕмӕн дӕр фӕразын ӕвзӕрстыты сӕраппонд, цӕмӕй уыдон дӕр фервӕзой Йесо Чырыстийы руаджы ӕмӕ схайджын уой мыггагмӕйы намысӕй.
11 Ацы ныхас ӕцӕг у: «Кӕд Йемӕ амардыстӕм, уӕд цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм.2:11 Ром. 6:4.
12 Кӕд тухӕнтӕн фӕразӕм, уӕд Йемӕ паддзахиуӕг дӕр кӕндзыстӕм. Нӕхи Йыл куы атигъ кӕнӕм, уӕд ныл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.2:12 Мф. 10:33; Мк. 8:38; Лк. 9:26.
13 Мах Ыл гадзрахатӕй куы рацӕуӕм, уӕддӕр Уый иузӕрдион у, уымӕн ӕмӕ Йӕ ӕрдзыхъӕд аивын Йӕ бон нӕу».2:13 Ром. 3:3.
Фӕндиаг кусӕг Хуыцауӕн
14 Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл лӕууын кӕн ӕмӕ Хуыцауы раз фидарӕй фӕдзӕхс, цӕмӕй ӕнӕпайда быцӕуныхас ма кӕной – уыцы быцӕутӕ ӕрмӕст зиан ӕрхӕссынц, чи сӕм хъусы, уыдонӕн.
15 Бацархай, цӕмӕй Хуыцауы раз разынай, йӕ куысты тыххӕй къӕмдзӕстыг чи нӕу, ӕцӕгады ныхас раст чи амоны, ахӕм фӕлтӕрд кусӕг.
16 Ӕлгъаг дзӕгъӕлы ныхӕстӕм ӕмгӕрон ма цу. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдон дардӕй-дарддӕр кӕнынц Хуыцауӕй.
17 Рак буарыл куыд ахӕлиу вӕййы, афтӕ анхъӕвздзӕн сӕ ахуырад. Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Филит.2:17 1 Тим. 1:20.
18 Уыдон фӕиппӕрд сты ӕцӕгадӕй, дзурынц, мӕрдтӕ ныридӕгӕн райгас сты, зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй халынц иуӕй-иуты уырнындзинад.
19 Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хицау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Хицауы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕды мауал ӕфтӕд».2:19 Ин. 10:14.
20 Стыр хӕдзары та ис ӕрмӕст сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ нӕ, фӕлӕ хъӕд ӕмӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтӕ дӕр. Сӕ иутӕ кадджын мигӕнӕнтӕ сты, иннӕтӕ та – хуымӕтӕг.
21 Уӕдӕ тӕригъӕдӕй йӕхи чи ссыгъдӕг кӕна, уый уыдзӕн кадджын нывонд мигӕнӕн – пайда дзы кӕны Хӕдзары Хицау, бӕззы алы хорз хъуыддагӕн дӕр.
22 Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Хицаумӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ.
23 Ӕдзӕлгъӕд ӕмӕ ӕнӕфенд быцӕуты ӕмгӕрон ма цу; уыдон хъаугъатӕ кӕй расайынц, уый дын зындгонд у.
24 Хицауы цагъарӕн та хъаугъа кӕнын не ’мбӕлы, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр хъуамӕ уа зӕрдӕхӕлар, уа хорз зондамонӕг, фыдӕх йӕ зӕрдӕмӕ ма хӕсса,
25 Ныхмӕлӕуджыты ахуыр кӕна ӕвӕлмасӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сын Хуыцау баххуыс кӕна, ӕрцӕуа сӕм фӕсмон ӕмӕ базоной ӕцӕгад,
26 Ӕрӕмбарой сӕхи ӕмӕ раирвӕзой, йӕхицӕн сӕ цагъартӕ скӕнынӕн цы хӕйрӕг ӕрцахста, уый къӕппӕгӕй.
3Фӕстаг рӕстӕджы адӕм
1 Зындгонд дын уӕд: рӕстӕджы кӕрон уыдзӕн уӕззау заман.3:1 2 Пет. 3:3; Иуд. 18; 1 Тим. 4:1.
2 Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарз, хиппӕлой, сӕрыстыр, маргӕвзаг, ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс, ӕбузныг, ӕнӕхуыцау, саузӕрдӕ,
3 Нӕбарон, хахуыргӕнӕг, ӕгъатыр; хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, хорзӕй цы ис, уый сын уыдзӕн ӕнӕуынон,
4 Уыдзысты гадзрахат, сӕнтдзӕф, хъал, Хуыцауы уарзыны бӕсты фылдӕр уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ.
5 Сӕхи ӕвдисдзысты афтӕ, цыма Хуыцауы нымайынц, Йӕ хъаруйыл та Йын сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.
6 Уыдоны хуызӕттӕ ӕрбаирвӕзынц хӕдзӕрттӕм, ӕмӕ сӕ уацары бахауынц, тӕригъӕдты чи аныгъуылди, сӕ алы мондӕгты коммӕ чи кӕсы, ахӕм ӕнӕзонд сылгоймӕгтӕ –
7 Иудадзыг ахуыр чи кӕны, фӕлӕ ӕцӕгад базонын кӕй бон нӕу, ахӕмтӕ.
8 Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис.
9 Фӕлӕ сын бирӕ нӕ бантысдзӕн. Алкӕмӕн дӕр раргом уыдзӕн, уыдон ӕнӕзонд кӕй сты, уый – уыцы дыууӕйы хабар куыд уыди, афтӕ.
Павел фӕдзӕхсы Тимофейӕн
10 Ды та дӕ цард сарӕзтай мӕ ахуырадмӕ гӕсгӕ; бафӕзмыдтай мӕ цардыуаг, мӕ бӕллицтӕ, мӕ уырнынад, мӕ уарзт, куыд фӕразон ӕмӕ хъӕддых дӕн, уый.
11 Ды мӕнимӕ бавзӕрстай, Антиохийы, Икони ӕмӕ Листрӕйы мӕ сӕр кӕй баййӕфта, уыцы ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Цы фыдӕфхӕрд нӕ баййӕфтон! Ӕмӕ мӕ ӕппӕт уыдӕттӕй фервӕзын кодта Хицау.
12 Ӕниу, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иумӕ уӕвын кӕй фӕнды, уыдон сеппӕт дӕр ӕййафдзысты ӕфхӕрд.
13 Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты.3:13 Мф. 7:16.
14 Ды та цӕуыл сахуыр дӕ ӕмӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндыдтӕ, уый хӕццӕ кӕн дарддӕр. Чи дӕ сахуыр кодта, уыдоны хорз зоныс;
15 Уыимӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ ды зоныс Сыгъдӕг Фыст – уымӕ ис дӕуӕн зонд раттыны тых, цӕмӕй Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы фервӕзай.3:15 Ин. 5:39; 1 Тим. 4:8.
16 Ӕппӕт Сыгъдӕг Фыст Хуыцауӕй разӕнгардгондӕй ныффыстӕуыд, ӕмӕ ахъаз у ахуырӕн, багӕды кӕнынӕн, раст фӕндагмӕ раздахынӕн, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл хъомыл кӕнынӕн,3:16 2 Пет. 1:21.
17 Хуыцауы адӕймаг алы хуызы ифтонг ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ куыд уа, афтӕ.
41 Хуыцауы раз, стӕй Йӕ паддзахы бартимӕ Чи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон Чи кӕндзӕн, нӕ уыцы Хицау Йесо Чырыстийы раз дын фидарӕй фӕдзӕхсын:4:1 Ин. 5:22; Ап. хъ. 10:42.
2 Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куы нӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау – амон фӕразонӕй.4:2 2 Тим. 2:24; 3:16.
3 Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ адӕм раст ахуырадыл сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕ монцтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхас уа, ахӕм бирӕ ахуыргӕнджытӕ;
4 Ӕцӕгадмӕ нал хъусдзысты ӕмӕ баууӕнддзысты аргъӕуттыл.
5 Фӕлӕ дӕумӕ кӕддӕриддӕр уӕд уӕззау зонд, зынтӕн у фӕразон, адӕммӕ хӕсс фарны уац, кӕронмӕ бакӕн дӕ куыст.
6 Мӕн та рӕхджы ӕрхастӕуыдзӕн нывондӕн, ӕмӕ ацы дунейӕ мӕ ацӕуыны афон ралӕууыд.4:6 Флп. 2:17.
7 Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон.4:7 Флп. 3:14; 1 Тим. 6:12.
8 Ныридӕгӕн мын цӕттӕ у рӕстгӕнӕджы хӕрзиуӕг, ӕмӕ мын ӕй уыцы бон ратдзӕн Хицау, ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын Йе ’рцыдмӕ чидӕриддӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дӕр.4:8 1 Кор. 9:25; Ӕрг. 2:10.
Кӕронбӕттӕн
9 Бацархай рӕхджы мӕм ӕрцӕуыныл.
10 Уымӕн ӕмӕ Димас ацы дуне фылдӕр бауарзта, ныууагъта мӕ ӕмӕ ацыди Фессалоникӕмӕ, Крискент та ацыд Галатимӕ, Тит – Далматимӕ. Иунӕг Лука ма ис мемӕ.4:10 Кол. 4:14.
11 Маркы ракӕн демӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ уый Хуыцауы куысты хъӕугӕ кӕны.
12 Тихикы арвыстон Эфесмӕ.4:12 Ап. хъ. 20:4.
13 Куы цӕуай, уӕд рахӕсс, Карпмӕ Троадӕйы кӕй ныууагътон, уыцы пӕлӕз, стӕй чингуытӕ, уӕлдайдӕр сӕракыл фыст чингуытӕ.
14 Бирӕ фыдбылызтӕ мын сарӕзта ӕрхуыгуырд Александр. Хицау ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.4:14 1 Тим. 1:20.
15 Ды дӕр дзы дӕхи бахиз, уымӕн ӕмӕ тынг лӕууыди, цы дзырдтам, уый ныхмӕ.
16 Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны сӕраппонд куы дзырдтон, уӕд мемӕ ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд!
17 Фӕлӕ мӕм Хицау ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй фарны уац мӕ руаджы хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕ сеппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй ӕз раирвӕзтӕн домбайы дзыхӕй.4:17 Ап. хъ. 23:11; 1 Тим. 1:12.
18 Хицау мӕ бахиздзӕн алы ӕвзӕр хъуыддагӕй ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн Йӕ Уӕларвон Паддзахадӕн. Кад Ын уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.4:18 Ром. 14:26; 1 Тим. 6:16.
19 Саламтӕ ратт Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн, стӕй Онисифоры хӕдзаронтӕн.4:19 2 Тим. 1:16.
20 Эраст баззади Коринфы, Трофимы рынчынӕй ныууагътон Милеты.
21 Бацархай зымӕджы агъоммӕ ӕрцӕуыныл. Саламтӕ дын дӕттынц Эввул, Пуд, Лин ӕмӕ Клавдиа, стӕй ӕфсымӕртӕ иууылдӕр.
22 Хицау [Йесо Чырысти] уӕд демӕ. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд.4:22 Флм. 25.