Апостол Павелы дыккаг фыстӕг фессалоникӕгтӕм
11 Павелӕй, Силуанӕй ӕмӕ Тимофейӕ – нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийы аргъуанмӕ Фессалоникӕйы.
2 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.
Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ
3 Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, ӕмӕ уый раст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уеппӕт дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр уарзут уӕ кӕрӕдзийы.1:3 1 Фес. 1:2.
4 Сымах цы ӕфхӕрд ӕмӕ зынтӕ ӕвзарут, уыдонӕн фӕразон кӕй стут ӕмӕ уӕм фидар уырнындзинад кӕй ис, уыдӕттӕ махӕн сты Хуыцауы ӕппӕт аргъуанты нӕхицӕй ӕппӕлыны бындур.
5 Уӕ уавӕр ӕвдисӕн у, Хуыцауы ӕнӕхӕрам тӕрхон кӕй ралӕудзӕн, уымӕн – сымах нымад ӕрцӕудзыстут, кӕй сӕраппонд хъизӕмар кӕнут, Хуыцауы уыцы Паддзахадӕн аккагыл.1:5 Ром. 8:17.
6 Хуыцау ӕнӕхӕрам у: сымах чи ӕфхӕры, уыдонӕн ӕй бафыстӕуыдзӕн ӕфхӕрдӕй,1:6 Ром. 2:8.
7 Сымахӕн та, ӕфхӕрдтытӕн, – удӕнцойӕ немӕ, Хицау Йесо уӕларвӕй Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд.
8 Ӕмӕ пиллон арты Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы фарны уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.1:8 Дзут. 12:29.
9 Уыдонӕн рахастӕуыдзӕн мыггагмӕ амӕлыны тӕрхон, ӕнӕхай фӕуыдзысты Хицауӕй ӕмӕ Йе стыр намысӕй,
10 Куы ӕрцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон сеппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл.
11 Ӕмӕ мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй, цӕмӕй уӕ нӕ Хуыцау скӕна, цы цардмӕ уӕ ӕрхуыдта, уый аккаг, сӕххӕст уын кӕна уӕ хорз бӕллицтӕ, ӕмӕ Йӕ хъаруйӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕна, уӕ уырнындзинадӕй разӕнгард кӕмӕ стут, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ.
12 Цӕмӕй сымах скадджын кӕнат нӕ Хицау Йесойы ном, ӕмӕ нӕ Хуыцау ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕхмӕ гӕсгӕ уӕхӕдӕг дӕр скадджын уат Йӕ кадӕй.
2Хуыцауы ныхмӕлӕууӕг ӕмӕ Йесойы ӕрцыд
1 Ӕфсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы дыккаг ӕрцыдыл ӕмӕ Йемӕ нӕ иумӕйаг фембӕлдыл дзургӕйӕ та зӕрдиагӕй курын сымахӕй,
2 Цӕмӕй ӕваст ма фӕцудат зондӕй ӕмӕ уӕ тасы ма бафтауой нӕдӕр мӕнгпехуымпарад, нӕдӕр ныхӕстӕ, нӕдӕр фыстӕг, цыма уыдон махӕй рацыдысты, ныридӕгӕн Хицауы ӕрцыды бон ралӕууыд, зӕгъгӕ.
3 Мачи уӕ макуыд асайӕд. Уымӕн ӕмӕ уыцы бон нӕ ралӕудзӕни, цалынмӕ уырнындзинад ныууагъдӕуа ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕлӕууӕг, мӕлинаг, раргом уа, уӕдмӕ.2:3 Мф. 24:4; Мк. 13:5; Лк. 21:8; Эф. 5:6.
4 Уый йӕхи сӕвӕрдзӕни, хуыцау кӕй хуындӕуы ӕмӕ табу кӕмӕн кӕнынц, уыдонӕй уӕлдӕр ӕмӕ сеппӕтӕн дӕр уыдзӕни знаг; рабаддзӕни Хуыцауы кувӕндоны ӕмӕ йӕхи расиддзӕн Хуыцауӕй.2:4 Ӕрг. 13:1.
5 Ӕз ма сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд уын уый тыххӕй кӕй дзырдтон, уый уӕ зӕрдыл нал лӕууы, ӕви?
6 Ӕмӕ уын ныр зындгонд у, цы йӕ уромы, уый. Фӕлӕ йӕ рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд йӕхи раргом кӕндзӕн.
7 Уымӕн ӕмӕ фыдӕхы сусӕг тыхтӕ скуыстой ныридӕгӕн, фӕлӕ цы хъуамӕ уа, уый нӕма уыдзӕни, Хуыцауы ныхмӕлӕууӕджы ныртӕккӕ чи уромы, уый цалынмӕ ист ӕрцӕуа, уӕдмӕ.2:7 Ап. хъ. 20:29.
8 Уӕд ныхмӕлӕууӕг раргом уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Хицау Йесо амардзӕн Йӕ комытӕфӕй, бынсӕфт ӕй фӕкӕндзӕн Йӕ намысджын ӕрцыдӕй.2:8 1 Ин. 2:18; Ӕрг. 19:15.
9 Ныхмӕлӕууӕг куы ӕрцӕуа, уӕд хӕйрӕджы ӕппӕт хъаруйӕ равдисдзӕн мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгтӕ.
10 Алы фӕливӕн митӕй сайдзӕн сӕфтыкъахыл лӕуджыты – уыдон сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ бауарзтой, сӕ фервӕзыны тых кӕмӕ ис, уыцы ӕцӕгад.
11 Уый тыххӕй сӕ Хуыцау ныууагъта фӕлывды ӕвджид, мӕнг цы у, ууыл куыд баууӕндой.2:11 Мф. 24:24.
12 Ӕмӕ ӕцӕгадыл чи нӕ баууӕндыди, фӕлӕ тӕригъӕд чи бауарзта, уыдон сеппӕт дӕр уыдзысты тӕрхонгонд.
Йесо – уырнджыты зӕрдӕдарӕн
13 Мах та сымах тыххӕй, Хицау кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн – Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.
14 Уымӕ гӕсгӕ уӕ ӕрхуыдта Хуыцау, махӕй цы фарны уац фехъуыстат, уый руаджы – нӕ Хицау Йесо Чырыстийы намысӕй хай райсынмӕ.
15 Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, ут ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ фидар хӕцут, мах уӕм ныхасӕй кӕнӕ фыстӕй кӕй ӕрхастам, уыцы ӕцӕгадыл.
16 Нӕ Хицау Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг, ӕмӕ мах Чи бауарзта, Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын ӕнӕихсигӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕгуырысхо зӕрдӕдарӕн Чи радта, нӕ уыцы Фыд-Хуыцау
17 Барӕвдауӕд сымах зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ сфидар кӕнӕд, цӕмӕй кӕддӕриддӕр аразат ӕмӕ дзурат, хорз цы у, уый.
3«Кувут мах тыххӕй»
1 Ӕппынфӕстаг, кувут мах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй Хицауы фарны уац ӕнхъӕвза дарддӕр ӕмӕ йын кад кӕной, сымах ын куыд кад кӕнут, афтӕ.3:1 Эф. 6:19.
2 Кувут, цӕмӕй мах фервӕзӕм ӕвзӕр ӕмӕ фыдадӕмӕй; уымӕн ӕмӕ уырнындзинад алкӕмӕ нӕй.
3 Фӕлӕ Хицау иузӕрдион у, Уый уӕ сфидар кӕндзӕн ӕмӕ уӕ бахиздзӕни хӕйрӕгӕй.3:3 Ин. 17:15.
4 Мах уын цы фӕдзӕхсӕм, уый кӕй аразут ӕмӕ йӕ кӕй араздзыстут, ууыл мах, Хицауы фӕрцы, фидарӕй ӕууӕндӕм.
5 Хицау уын уӕ зӕрдӕтӕ саразӕд Хуыцауы уарзтмӕ ӕмӕ Чырыстийау фӕразонмӕ.
Кусын – адӕймагӕн йӕ хӕс у
6 Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд.
7 Мах уын цӕмӕй фӕзминаг стӕм, уый уӕхӕдӕг зонут – магусатау уӕм нӕ цардыстӕм.3:7 1 Кор. 11:1; 1 Фес. 4:12.
8 Хойраг лӕвар никӕмӕ хордтам, фӕлӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кодтам уӕззау куыст, цӕмӕй уӕ макӕмӕн уӕм тыхстыхос.3:8 Ап. хъ. 20:34; 1 Кор. 4:12; 1 Фес. 2:9.
9 Ахӕм бар нын нӕ уыди, зӕгъгӕ, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ цӕмӕй нӕхи равдисӕм, бафӕзмыны аккаг уын куыд уӕм, ахӕмтӕй.3:9 1 Кор. 4:16.
10 Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уын афтӕ фӕдзӕхстам: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд».
11 Фӕлӕ мах куыд хъусӕм, афтӕмӕй сымахӕй иуӕй-иутӕ сты магусатӕ, ницы аразынц, фӕлӕ сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты.
12 Ахӕмтӕн Хицау Йесо Чырыстийы номӕй фӕдзӕхсӕм ӕмӕ курӕм, цӕмӕй ныггуыбыр кӕной ӕмӕ кусой, цӕрой сӕхи къухты фӕллойӕ.
13 Сымах та, ӕфсымӕртӕ, ӕвӕллайгӕйӕ аразут хорз хъуыддӕгтӕ.3:13 Гал. 6:9.
14 Нӕ фыстӕджы цы амындтӕ ис, уыдонмӕ чи нӕ байхъуса, ахӕмы хъуамӕ зонат ӕмӕ уын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа, йӕхиуыл куыд ӕрхуда, афтӕ.3:14 Мф. 18:17.
15 Ӕрмӕст ӕй уе знагыл ма нымайут, фӕлӕ уе ’фсымӕрыл, ӕмӕ йын амонут зонд.
Саламтӕ ӕппӕт уырнджытӕн
16 Фарндӕттӕг Хицау уын раттӕд фарн кӕддӕриддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр. Хицау уӕд уеппӕтимӕ дӕр!3:16 Флп. 4:9; 1 Фес. 5:23.
17 Ӕз, Павел, саламтӕ ныффыстон мӕхи къухӕй – уый у нысан мӕ алы фыстӕгыл дӕр. Мӕнӕ афтӕ фӕфыссын:
18 «Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕх уеппӕты дӕр уӕд».