Апостол Петры дыккаг фыстӕг
11 Симон Петрӕй, Йесо Чырыстийы цагъар ӕмӕ апостолӕй, – нӕ Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы рӕстады руаджы нӕ зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын, уыдонмӕ.
2 Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы зоныны руаджы уӕм фылдӕр кӕнӕнт хорзӕх ӕмӕ фарн.
Уырнӕджы цард дунейы
3 Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нын радта Хуыцау, уымӕн ӕмӕ базыдтам Йӕ намыс ӕмӕ нӕ Йӕ хорзӕхмӕ Ӕрхонӕджы.1:3 Ром. 8:30.
4 Афтӕмӕй мах райстам, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр зӕрдӕвӕрдтӕ, уыдоны фӕрцы Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй куыд схайджын уат, ӕмӕ фервӕзат тӕригъӕдджын мондӕгты аххосӕй дуне хурхгӕнӕг мӕлӕтӕй.
5 Уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй архайут уӕ уырнындзинадмӕ хорз хъуыддӕгтӕ бафтауыныл, уӕ хорз хъуыддӕгтӕм та – зонынад,
6 Зонынджынӕй уӕлдай ут хиуылхӕцон, хиуылхӕцонӕй уӕлдай – фӕразон, фӕразонӕй уӕлдай ӕнувыд ут Хуыцауыл,
7 Хуыцауыл ӕнувыдӕй уӕлдай узӕлут ӕфсымӕртыл, ӕфсымӕртыл узӕлынӕй уӕлдай уарзут алкӕй дӕр.1:7 1 Ин. 3:16.
8 Кӕд сымах уыцы миниуджытӕй хайджын стут ӕмӕ уӕм фылдӕр кӕнынц, уӕд уыдоны фӕрцы уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ базондзыстут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы.1:8 Тит. 3:14.
9 Уыцы миниуджытӕ кӕмӕ не сты, уый та у куырм ӕмӕ ницы уыны, йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг, уый дзы ферох.1:9 1 Ин. 2:9.
10 Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагдӕрӕй архайут, Хуыцау уӕ кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ ӕрхуыдта, ууыл фидарӕй хӕцыныл. Афтӕмӕй никуы фӕкӕлдзыстут.
11 Уымӕн ӕмӕ уын афтӕмӕй уыдзӕн нӕ Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы мыггагмӕйы Паддзахадмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ бацӕуыны фадат.
12 Уымӕ гӕсгӕ сымахӕн уыдӕтты тыххӕй дзурдзынӕн ӕдзух, кӕд сӕ зонут ӕмӕ уӕм цы ӕцӕгад фӕхӕццӕ, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр.
13 Уӕдӕ растыл нымайын, цалынмӕ ма мӕ ацы буары цӕрын, уӕдмӕ уын уыдӕттӕ ногӕй уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.
14 Уымӕн ӕмӕ мын нӕ Хицау Йесо Чырысти раргом кодта ӕмӕ зонын, рӕхджы мӕ ацы буар кӕй хъуамӕ ныууадзон, уый.1:14 Ин. 21:18.
15 Уӕдӕ архайдзынӕн, ацы дунейӕ куы ацӕуон, уӕд мӕ ныхӕстӕ кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдыл куыд лӕууой.
Пехуымпар ныхас
16 Мах уын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы тыхы ӕмӕ ӕрцыды тыххӕй куы дзырдтам, уӕд кӕйдӕр къӕбӕлдзыг фӕливӕн аргъӕуттӕ нӕ фӕзмыдтам – нӕхи цӕстӕй Йын федтам Йе стыр намыс.1:16 Лк. 9:32; Ин. 1:14; 1 Кор. 2:13.
17 Тӕккӕ уӕлдӕр Намысджынӕй Йӕм куы ӕрыхъуыст: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у», уӕд райста Фыд-Хуыцауӕй кад ӕмӕ намыс.1:17 Мф. 17:5; Мк. 9:7.
18 Уыцы уӕларвон хъӕлӕс мах фехъуыстам нӕхӕдӕг, сыгъдӕг хохыл Йемӕ куы уыдыстӕм, уӕд.
19 Пехуымпар ныхас раст кӕй у, уый нын афтӕмӕй раргом ноджы тынгдӕр. Ӕмӕ цалынмӕ бон кӕнын райдайа ӕмӕ Бонвӕрнон уӕ зӕрдӕты ссудза, уӕдмӕ уыцы пехуымпар ныхасмӕ, талынджы рухстауӕг цырагъмӕ здахӕгау, уе ’ргом кӕй здахут, уымӕй раст кӕнут.
20 Фыццаджыдӕр зонут уый, ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты пехуымпар ныхӕстӕй иуӕн дӕр адӕймаджы хъаруйӕ райхалӕн нӕй,
21 Уымӕн ӕмӕ пехуымпар ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ никуы уыд, фӕлӕ адӕм, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардгондӕй, дзырдтой, Хуыцауӕй цы уыдис, уый.1:21 1 Пет. 1:10.
2Мӕнгахуыргӕнджытӕ
1 Израилаг адӕмы ӕхсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон ӕрхӕсдзысты семӕ мӕлӕтмӕ тӕрӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты сӕрибар сын ӕрхӕссӕг Хицауыл, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи ӕвиппайды бакӕндзысты мӕлӕты амӕддаг.2:1 Мф. 24:11; 1 Тим. 4:1.
2 Бирӕтӕ сын бафӕзмдзысты сӕ чъизи митӕ; уыдоны аххосӕй ӕгад уыдзӕни раст фӕндаг.2:2 2 Тим. 4:3.
3 Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ мӕнгард ныхӕсты руаджы тона кӕндзысты сымахӕй. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм сӕ мӕлӕт къӕрцхъусӕй лӕууы.2:3 Ром. 16:18.
4 Кӕд тӕригъӕды чи бафтыд, Хуыцау уыцы зӕдтыл нӕ бацауӕрста, ныппӕрста сӕ зындонмӕ ӕмӕ сӕ тӕрхоны бонмӕ талынджы дары рӕхыстӕй бастӕй;2:4 1 Ин. 3:8; Иуд. 6.
5 Кӕд рагон дунейыл нӕ бацауӕрста, бахызта ӕрмӕстдӕр рӕстдзинады фидиуӕг Нойы йӕ бинонтимӕ – аст адӕймаджы, ӕнӕхуыцӕутты дуне та доны хъаймӕтӕй фесӕфта;
6 Кӕд Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахарты фестын кодта ӕртхутӕг, ӕмӕ сын уымӕй рахаста сӕ сыскъуыныны тӕрхон, фидӕны ӕнӕхуыцӕуттӕн уый зондыхос куыд уа, афтӕ;
7 Хӕлд адӕмы ӕлгъаг цардӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты та фервӕзын кодта –
8 Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстгӕнӕг царди се ’хсӕн, ӕмӕ алы бон дӕр йӕ зӕрдӕ рысти, се ’нӕуаг хъуыддӕгтӕ сын кӕй уыдта ӕмӕ хъуыста, уымӕй, –
9 Уӕд Хицау зоны, рӕстгӕнджытӕ фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзынгӕнгӕ сты, ӕнӕхуыцӕуттӕ та сӕ бафхӕрыны тыххӕй тӕрхоны бонмӕ куыд ныууадзгӕ сты, уый –2:9 1 Кор. 10:13.
10 Чъизи мондӕгты фӕдыл чи цӕуы, Хуыцауы бартӕ чи ницӕмӕ дары, налат, хивӕнд чи у ӕмӕ намысджынты фауынӕй чи нӕ тӕрсы, уӕлдайдӕр уыдон.2:10 Иуд. 8.
11 Афтӕмӕй зӕдтӕ уыдонӕй домбайдӕр сты хъомыс ӕмӕ тыхӕй, фӕлӕ Хицауы раз намысджынтӕн нӕ фӕзӕгъынц фауӕн ныхас.2:11 Иуд. 9.
12 Уыдон та фауынц, цы не ’мбарынц, уый. Ӕрцахсынӕн ӕмӕ ӕргӕвдынӕн чи райгуырд, ахӕм ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕй уӕлдай не сты, кӕсынц се ’рдзыхъӕды коммӕ, ӕмӕ кӕй фехӕлдысты, уый сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ.
13 Уыдонӕн сӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй. Ӕхсызгон сын сты се ’рвылбоны хиирхӕфсӕнтӕ; ӕлгъаг ӕмӕ ӕгадгӕнджытӕ, райгонд вӕййынц сӕ фӕливӕн митӕй, уемӕ куы фӕцӕл кӕнынц, уӕд.2:13 Ром. 16:18; Флп. 3:19.
14 Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты,2:14 1 Тим. 6:10.
15 Ныууагътой раст фӕндаг, фӕдзӕгъӕл сты ӕмӕ ацыдысты Восоры фырт Валаамы фӕндагыл – уый бабӕллыд йӕ тӕригъӕды тыххӕй мызд райсынмӕ,2:15 Иуд. 11.
16 Фӕлӕ йын йӕ цӕстмӕ бадардӕуыди, зылын кӕй у, уый: ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй ӕмӕ пехуымпары бахызта сӕрхъӕн мийӕ.
17 Ахӕмтӕ сты хуыскъ суадӕттӕ, уад кӕй ахӕссы, ахӕм мигътӕ. Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы саудалынг.2:17 Иуд. 12.
18 Уыдон кӕнынц хиппӕлой ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи мондӕгты къӕппӕгӕй ахсынц, зылын фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ныр чи фӕхицӕн, ахӕмты.
19 Зӕрдӕ сын ӕвӕрынц сӕрибарӕй, афтӕмӕй сӕхӕдӕг та мӕлӕты цагъартӕ сты, уымӕн ӕмӕ чи кӕмӕн басасти, уый уымӕн цагъар у.2:19 Ин. 8:34; Ром. 6:16.
20 Кӕд нӕ Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы базоныны фӕрцы фервӕзтысты дунейы чъизитӕй, фӕлӕ та дзы ногӕй суйтӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ амӕддаг баисты, уӕд сӕ фӕстаг уавӕр фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн.2:20 Мф. 12:45; Лк. 11:26.
21 Уыдон базыдтой раст фӕндаг, фӕлӕ ныууагътой, цы сыгъдӕг фӕдзӕхст сын лӕвӕрд ӕрцыд, уый. Уыцы раст фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой, уӕд сын хуыздӕр уыдаид.2:21 Ин. 15:22.
22 Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди раст ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ», «ӕхсад хуы ацӕуы цъыфы йӕхи сӕвдулынмӕ».
3Йесойы ӕрцыды бон
1 Ӕз сымахмӕ цы фыстӕг фыссын, уый дыккаг у, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ. Дыууӕ фыстӕджы дӕр уын уӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕнын, уымӕй архайын уӕ сыгъдӕг хъуыдытӕ райхъал кӕныныл.3:1 2 Пет. 1:13.
2 Рох уӕ ма уӕнт, сыгъдӕг пехуымпартӕ рагагъоммӕ кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, стӕй уын уӕ апостолты дзыхӕй Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй фехъусын кодта, Йӕ уыцы фӕдзӕхст.
3 Фыццаджыдӕр зонут, рӕстӕджы кӕрон кӕй фӕзындзысты, сӕ чъизи монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. Уыдон уыл худдзысты:3:3 Иуд. 18; 1 Тим. 4:1; 2 Тим. 3:1.
4 «Кӕм ис, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, Йӕ уыцы дыккаг ӕрцыд? Уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр амардысты, фӕлӕ дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ ӕппӕт дӕр баззад, цы уыд, уымӕй».3:4 1 Кор. 15:12.
5 Афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон нӕ зонынц: Хуыцауы ныхасӕй рагзаманы арв ӕмӕ зӕхх скондӕуыд донӕй ӕмӕ доны фӕрцы.
6 Уымӕ гӕсгӕ уӕдыккон дуне фӕдӕлдон ӕмӕ бабын.
7 Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх та уыцы ныхасӕй ауӕрст сты басудзынмӕ – тӕрхоны бон бабын уыдзысты уыдон дӕр ӕмӕ ӕппӕт ӕнӕхуыцӕуттӕ дӕр.3:7 Мф. 13:40.
8 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, иу хъуыддаг сымахӕн хъуамӕ сусӕг ма уа: Хицауӕн иу бон мин азы хуызӕн у, мин азы та – иу боны хуызӕн.
9 Иуӕй-иутӕм куыд кӕсы, афтӕ Хицау фӕстиат нӕ кӕны Йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕныныл, фӕлӕ уын бирӕ быхсы – фӕнды Йӕ, иу адӕймаг дӕр куыд нӕ фесӕфа, фӕлӕ иууылдӕр куыд ӕрфӕсмон кӕной.3:9 1 Тим. 2:4.
10 Хуыснӕг куыд ӕрцӕуы, афтӕ уыдзӕн Хицауы ӕрцыд дӕр. Арв гӕрӕхтӕгӕнгӕ цыдӕр ӕрбауыдзӕн, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдон цӕхӕр фестдзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, зӕхх йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон иууылдӕр басудздзысты.3:10 Мф. 24:43; 1 Фес. 5:2.
11 Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд сымах та цавӕр хъуамӕ уат? Сымах уӕ сыгъдӕг царды хъуамӕ ӕнувыд уат Хуыцауыл,
12 Ӕнхъӕлмӕ кӕсат ӕмӕ бӕллат Хуыцауы боны ӕрцыдмӕ. Уыцы бон арвыл сирвӕздзӕн арт ӕмӕ ныппырх уыдзӕн, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон фестдзысты цӕхӕр ӕмӕ батайдзысты.
13 Фӕлӕ махӕн Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстад кӕм ӕрцӕрдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ.3:13 Ӕрг. 21:1.
14 Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, бацархайут, Йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй ӕмӕ Йемӕ фидыдӕй ӕрлӕууыныл.3:14 1 Кор. 1:8.
15 Ӕмӕ нӕ Хицау бирӕ кӕй быхсы, уый нымайут фервӕзыны фадатыл; Хуыцауӕй йын лӕвӕрд зондӕй сымахмӕ уый тыххӕй фыста нӕ уарзон ӕфсымӕр Павел дӕр.3:15 Ром. 2:4.
16 Афтӕ Павел фыссы йеппӕт фыстӕджыты, уыдӕттыл куы фӕдзуры, уӕд. Йӕ фыстыты ис зынӕмбарӕн бынӕттӕ, ӕмӕ сӕ ӕнӕфенд ӕмӕ, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, уыдон зыгъуыммӕ кӕнынц иннӕ Фыстытау, ӕмӕ уымӕй сӕхи кӕнынц мӕлӕты амӕддаг.3:16 Ром. 8:21; 1 Кор. 15:24; 1 Фес. 4:15.
17 Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уыдӕтты тыххӕй сымах зонут ныридӕгӕн ӕмӕ уӕхи хъахъхъӕнут, хӕлд адӕмы рӕдыд фӕндагыл куыд нӕ ацӕуат ӕмӕ, фидар цӕуыл лӕуут, уымӕй куыд нӕ фӕиппӕрд уат, афтӕ.
18 Рӕзут нӕ Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй хайджынӕй, тырнут ноджы Йӕ хуыздӕр базонынмӕ. Кад Ын уӕд абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр! Амен.