Апостол Павелы дыккаг фыстӕг коринфӕгтӕм
11 Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ не ’фсымӕр Тимофейӕ – Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, стӕй ӕгас Ахайы ӕппӕт сыгъдӕджытӕм.
2 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.1:2 1 Кор. 1:3.
Хуыцау – нӕ рӕвдауӕг
3 Арфӕгонд уӕд нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд, фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд ӕмӕ ныфсдӕттӕг Хуыцау.1:3 1 Пет. 1:3.
4 Уымӕй стӕм ныфсджын неппӕт зынты, цӕмӕй цавӕрфӕнды зынтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн та мах ӕвӕрӕм ныфс, Хуыцау нӕхицӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕй.
5 Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийы хъизӕмӕрттӕй цас фылдӕр хайджын разынӕм, уыйас нын Чырысти дӕр дӕтты фылдӕр ныфс.1:5 Кол. 1:24.
6 Кӕд мах хъизӕмар кӕнӕм, уӕд нӕ хъизӕмар у ныфс уӕ бауадзыны ӕмӕ уӕ фервӕзыны сӕраппонд. Кӕд мах бауагъдӕуы ныфс, уӕд сымахӕн ныфс раттыны сӕраппонд. Уыцы ныфсы руаджы сымах фӕразонӕй фӕбыхсут, мах кӕй ӕвзарӕм, ахӕм хъизӕмӕрттӕн.
7 Нӕ зӕрдӕ уыл фидарӕй дарӕм. Уымӕн ӕмӕ зонӕм: кӕд хайджын стут нӕ хъизӕмӕрттӕй, уӕд хайджын стут, мах ныфс цӕмӕй ис, уымӕй дӕр.
8 Фӕнды нӕ, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, мах Асийы цы зынтӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй. Мах ахӕм стыр хъизӕмары хай фестӕм, ӕмӕ удӕгасӕй баззайыны ӕнхъӕл нал уыдыстӕм.
9 Нӕхи ӕнкъардтам афтӕ, цыма нын мӕлӕты тӕрхон рахастӕуыд. Уыцы фыдӕвзарӕны хай баистӕм уымӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ дарӕм нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ мӕрдты ӕгасгӕнӕг Хуыцауыл.
10 Мах кастыстӕм мӕлӕты цӕстытӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау бахызта. Уый фервӕзын кӕндзӕн мах, ӕмӕ Йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм: фервӕзын нӕ кӕндзӕни ноджыдӕр,
11 Сымах дӕр мах тыххӕй куы куват, уӕд. Ӕмӕ бирӕтӕ бузныг зӕгъдзысты Хуыцауӕн, бирӕты куывдмӕ гӕсгӕ ныл хӕрзаудӕн кӕй кӕны, уый тыххӕй.1:11 Ром. 15:30; 2 Кор. 4:15.
Цӕмӕн ныффӕстиат Павел
12 Уымӕн ӕмӕ нӕхицӕй мӕнӕ уымӕй ӕппӕлӕм: дунейы, уӕлдайдӕр та сымахмӕ, мах фӕцардыстӕм хӕдӕфсармӕй, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн не ’фсарм – ӕвдисӕн.1:12 Ап. хъ. 23:1; 2 Кор. 2:17; 4:2; 7:14.
13 Цы бакӕсат ӕмӕ бамбарат, уымӕй уӕлдай уӕм ницы фыссӕм, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, мах кӕй бамбардзыстут кӕронмӕ,
14 Иуцасдӕр нӕ ныридӕгӕн дӕр куыд бамбӕрстат, афтӕ: нӕ Хицау Йесойы ӕрцӕуыны бон сымах буц уыдзыстут махӕй, мах та – сымахӕй.
15 Ӕз ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндын, уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕндыди сымахмӕ раздӕр ӕрцӕуын, цӕмӕй уыл дыууӕ хатты сӕмбӕла хорзӕх.1:15 1 Кор. 4:19.
16 Мӕ зӕрды уыди Македонимӕ цӕугӕйӕ сымахмӕ фездӕхын, стӕй уӕм Македонийӕ ногӕй ӕрцӕуын, цӕмӕй мӕ сымах Иудейӕмӕ срӕвдз кӕнат.
17 Ахӕм фӕнд мӕм кӕй уыди, уый мӕ рӕузондӕй у? Ӕви мӕм цы фӕндтӕ вӕййы, уыдон адӕймаджы зондӕй ӕвзӕрынц, ӕмӕ уыциу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» фӕзӕгъын, мыййаг?1:17 Мф. 5:37.
18 Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ ӕвдисӕн у, мах уын цы фӕзӕгъӕм, уый уыциу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» кӕй нӕу.
19 Ӕз, Силуан ӕмӕ Тимофей сымахӕн Кӕй тыххӕй дзырдтам, Хуыцауы уыцы Фырт Йесо Чырысти уыциу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» нӕ уыди, фӕлӕ ӕрмӕст «о» у.
20 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдон иууылдӕр Чырыстийы фӕрцы сты «о» – сӕххӕст вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауӕн кад куы фӕкӕнӕм, уӕд Чырыстийы руаджы фӕзӕгъӕм «амен».
21 Чырыстиимӕ иугондӕй махӕн сымахимӕ хъару Чи дӕтты, уыцы Хуыцау нӕ рахицӕн кодта Йӕхицӕн.1:21 1 Ин. 2:20.
22 Ӕмӕ Йӕ адӕм кӕй стӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ кӕй райсдзыстӕм, уый равдисынӕн уал нын Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Уды.1:22 Ром. 8:15; 2 Кор. 5:5; Ӕрг. 2:17.
23 Хуыцау уыны мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мын у ӕвдисӕн: ӕз Коринфмӕ ныронг не ’рцыдтӕн, кӕй уыл ауӕрдын, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.
24 Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах уӕ уырнындзинадӕн ӕлдариуӕг кӕнӕм. Мах уе ’мкусджытӕ стӕм уӕ цины сӕраппонд, уымӕн ӕмӕ фидар у уӕ уырнындзинад.
21 Уымӕ гӕсгӕ хуыздӕрыл банымадтон сымахмӕ не ’рцӕуын, ногӕй та уын зӕрдӕхъыджы хос куыд нӕ разынон, афтӕ.
2 Хъыджы уӕ куы бафтауон, уӕддӕр мын мӕ зӕрдӕ чи барухс кӕндзӕн, хъыджы кӕй бафтыдтон, уыдоны йеддӕмӕ?
3 Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уеппӕты цин у.2:3 2 Кор. 1:14.
4 Ӕз уӕм мӕстджынӕй ӕмӕ зӕрдӕрыстӕй, бирӕ цӕссыг калгӕйӕ, масты уӕ бафтауыны тыххӕй нӕ ныффыстон, фӕлӕ цӕмӕй сымах базонат, ӕз уӕ куыд бирӕ уарзын, уый.2:4 1 Кор. 5:1.
Маст чи бауагъта, уымӕн ныббар
5 Ӕмӕ кӕд исчи искӕйы маст бауагъта, уӕд уымӕй мӕн не смӕстджын кодта, фӕлӕ – ныхас ӕгӕр карз куыд нӕ рауайа, афтӕ – иуцасдӕр уеппӕты дӕр.
6 Уыцы адӕймагӕн ӕгъгъӕд фӕуӕд, уӕ фылдӕрӕй цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый.2:6 1 Кор. 5:4.
7 Ныр та уын хуыздӕр у уымӕн ныббарын ӕмӕ йӕ барӕвдауын, цӕмӕй йӕ хъыг ма фегӕр уа.
8 Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын уӕ уарзт ӕм хъуыддагӕй равдисын.
9 Фысгӕ дӕр уӕм, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс стут ӕви нӕ, уый бафӕлварыны тыххӕй ныккодтон.
10 Кӕмӕн хатыр кӕнут, уымӕн ӕз дӕр хатыр кӕнын. Ӕз цы ныббарстон (кӕд уӕвгӕ исты ныббарстон), уӕд ӕй Чырыстийы раз уӕ сӕраппонд ныббарстон,
11 Цӕмӕй нын хӕйрӕг зиан ма ӕрхӕсса – йӕ фыдвӕндтӕ нын зындгонд сты.2:11 Лк. 22:31; 1 Пет. 5:8.
Павел – Троадӕ ӕмӕ Македонийы
12 Троадӕмӕ Чырыстийы тыххӕй фарны уац хъусын кӕнынмӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд мын уыцы куыстӕн кӕд Хицауӕй дуар гом уыди,
13 Уӕддӕр мӕ уд ӕнцой нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ ме ’фсымӕр Тит уым нӕ разынди. Уымӕ гӕсгӕ сын хӕрзбон загътон ӕмӕ ацыдтӕн Македонимӕ.
14 Бузныг Хуыцауӕй – Уый мах, уӕлахиздзаутау, кӕддӕриддӕр хоны Чырыстийы фӕдыл. Чырыстийы уац, ӕхсызгон хӕрздӕфау, Хуыцау мах руаджы хӕлиу кӕны алы ран дӕр.
15 Уымӕн ӕмӕ махӕй цӕуы Чырыстийы уацы хӕрздӕф, ӕмӕ уый Хуыцауы кадӕн у. Уыцы хӕрздӕф ӕнхъӕвзы фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытыл дӕр ӕмӕ сӕфты фӕндагыл цӕуджытыл дӕр.2:15 1 Кор. 1:18; 2 Кор. 4:3.
16 Иутӕн уый у мӕлӕты тӕф мӕлынӕн, иннӕтӕн та – царды хӕрздӕф цӕрынӕн. Адӕмӕй исчи разындзӕн, мыййаг, ахӕм куысты аккаг?2:16 Лк. 2:34; 2 Кор. 3:5.
17 Бирӕтӕ, цӕстфӕлдахӕг уӕйгӕнджытау, зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм – Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.2:17 2 Кор. 1:12; 4:2; 11:15; 1 Тим. 6:5; Тит. 1:11.
31 Ау, ногӕй та уын нӕхи амонӕм? Кӕйдӕрты ӕппӕлӕн фыстӕджыты сӕр куыд хъӕуы, афтӕ, мыййаг, махмӕ дӕр сымахӕн равдисынӕн ахӕм фыстӕджытӕ хъуамӕ уа, кӕнӕ уын сӕ уӕхицӕй хъуамӕ райсӕм?3:1 2 Кор. 1:12.
2 Сымах уӕхӕдӕг стут, нӕ зӕрдӕты кӕй ныффыстӕуыд, ӕппӕт адӕм кӕй зонынц ӕмӕ кӕсынц, нӕ уыцы фыстӕг.3:2 1 Кор. 9:2.
3 Нӕ фӕллойы руаджы Чырыстийы фыстӕг кӕй стут, уый уыны алчидӕр. Уыцы фыстӕг милдонӕй фыст нӕу – цардӕгас Хуыцауы Уд ӕй ныффыста; къӕйдуртыл фыст нӕу, фӕлӕ зӕрдӕйы къултыл.3:3 Дзут. 8:10.
Рагон ӕмӕ ног фидыд
4 Уый ӕнӕмӕнг афтӕ кӕй у, ууыл Хуыцауы раз фидарӕй ӕууӕндӕм Чырыстийы руаджы.
5 Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕхӕдӕг истӕмӕн бӕззӕм. Мах афтӕ нӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕм нӕхи цавӕрдӕр курдиат ис. Нӕ! Цы нӕм ис, уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.3:5 Ин. 15:5; 1 Кор. 15:10.
6 Хуыцау махӕн радта Йӕ ног фидыды кусджыты арӕхстдзинад. Уыцы ног фидыдмӕ гӕсгӕ Хуыцау ныр фыст ӕгъдау нал дӕтты, фӕлӕ хай кӕны Йӕ Удӕй. Уымӕн ӕмӕ фыст ӕгъдау маргӕ кӕны, Уд та цард дӕтты.3:6 Ин. 6:63.
7 Йӕ бындур къӕйдуртыл фыст дамгъӕтӕ кӕмӕн уыдысты, кӕд уыцы мӕлӕтхӕссӕг куыст афтӕ намысджын уыд, ӕмӕ рӕстӕгмӕ тӕмӕнтӕ чи калдта, Моисейы уыцы цӕсгоммӕ кӕсын Израилы адӕм нӕ фӕрӕзтой,
8 Уӕд Уды фӕрцы кусын та бирӕ намысджындӕр нӕу, ӕви?
9 Тӕрхон баййафынмӕ цы куыст тардта, кӕд уый намысджын уыди, уӕд цас намысджындӕр у, адӕймаджы цы куыст раст кӕны, уый!
10 Кӕддӕр намысджын цы уыди, уый ныр намысджын нал у, уымӕн ӕмӕ фӕци ноджы намысджындӕры аууон.
11 Кӕрон кӕмӕн хъуамӕ ӕрцыдаид, кӕд уый намысджын уыд, уӕд кӕрон кӕмӕн не ’рцӕудзӕн, уый та цас ӕмӕ цас намысджындӕр у!
12 Махӕн ис ахӕм зӕрдӕдарӕн ӕмӕ архайӕм иттӕг ныфсджынӕй,
13 Ӕмӕ нӕ фӕзмӕм Моисейы – уый ӕмбӕрзта йӕ цӕсгом, рӕстӕгмӕ цы у, уымӕн йӕ кӕрон Израилы адӕм куыд нӕ уыной, афтӕ.3:13 Ром. 10:4.
14 Нырма дӕр сӕ зонд куырм у. Рагон Фӕдзӕхст куы фӕкӕсынц, уӕд ыл уыцы ӕмбӕрзӕн тыгъд у, уымӕн ӕмӕ йӕ Чырысти хъуамӕ сиса.3:14 1 Кор. 2:8.
15 Абон дӕр ма, Моисейы Ӕгъдау кӕсгӕйӕ, ӕмбӕрзӕн тыгъд у сӕ зӕрдӕтыл.
16 Фӕлӕ Хицаумӕ куы ӕрцӕуынц, уӕд уыцы ӕмбӕрзӕн айстӕуы.
17 Хицау уд у, ӕмӕ Хицауы Уд кӕм ис, сӕрибар дӕр уым ис.3:17 Ин. 4:24.
18 Мах неппӕт дӕр гом цӕсгомимӕ кӕсӕм Хицауы намысмӕ, уыцы намыс зыны махыл ӕмӕ кӕнӕм Хицауы хуызӕн – уый Хицау аразы Йӕ Уды руаджы.3:18 1 Кор. 15:49; 2 Кор. 4:6.
4Хӕзна – ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты
1 Ахӕм куыст нын Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы лӕвӕрд у, ӕмӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты.
2 Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, худинаджы тыххӕй кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас нӕ зыгъуыммӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр.4:2 Ап. хъ. 23:9; 2 Кор. 2:17.
3 Мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы фарны уац кӕд искӕмӕн нӕу ӕргом, уӕд ӕргом нӕу сӕфтыкъахыл лӕуджытӕн.4:3 1 Кор. 1:18.
4 А дунейы хуыцау- 4:4 |iА дунейы хуыцау|r – хӕйрӕг. уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, намысыл дзурӕг фарны уацы тӕмӕнкалгӕ рухс.4:4 Ин. 14:9; Кол. 1:15; Дзут. 1:3.
5 Мах нӕхи тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, фӕлӕ Йесо Чырысти Хицау кӕй у, уый тыххӕй; мах та Йесойы сӕраппонд уӕ цагъартӕ стӕм.4:5 1 Кор. 2:2; 3:5.
6 Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс – уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.4:6 1 Пет. 2:9.
7 Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты – нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.4:7 1 Кор. 2:5; 2 Кор. 3:5.
8 Мах ссӕндынц алырдыгӕй, фӕлӕ нӕ басӕттын нӕ фӕразынц; цы гӕнгӕ нын у, уый нал фӕзонӕм, фӕлӕ нӕ ныфс нӕ асӕтты;
9 Ӕфхӕрынц нӕ, фӕлӕ нӕ Хуыцау нӕ ныууагъта; ӕрыссӕндынц нӕ, фӕлӕ нӕ мӕлӕм.
10 Мах нӕ буары кӕддӕриддӕр хӕссӕм Йесойы мӕлӕт, цӕмӕй нӕ буары разына Йесойы цард дӕр.4:10 Гал. 6:17.
11 Уымӕн ӕмӕ мах, удӕгӕстӕ, Йесойы сӕраппонд иудадзыг кӕсӕм мӕлӕты цӕстытӕм, цӕмӕй нӕ мӕлинаг буары разына Йесойы цард дӕр.4:11 Ром. 8:17.
12 Мӕлӕт нӕ цух нӕ уадзы, цӕмӕй сымах цӕрат.
13 Сыгъдӕг Фыст афтӕ цы уырнындзинады тыххӕй зӕгъы: «Ӕз ӕууӕндыдтӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дзырдтон», нӕ удмӕ дӕр уыцы уырнындзинад ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах дӕр ӕууӕндӕм ӕмӕ дзурӕм.
14 Мах зонӕм: Хицау Йесойы Райгасгӕнӕг Йесоимӕ райгас кӕндзӕни мах дӕр, ӕмӕ нӕ уемӕ ӕрлӕууын кӕндзӕн Йӕ разы.4:14 1 Кор. 6:14; 1 Фес. 1:10.
15 Ӕппӕт уыдӕттӕ сты уӕ сӕраппонд, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх анхъӕвза бирӕ адӕмыл ӕмӕ расайа бирӕ арфӕтӕ Хуыцауы кадӕн.
Царды бындур – уырнындзинад
16 Уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты. Кӕд нӕ буар хӕррӕгъмӕ цӕуы, уӕд нӕ уд та бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕны.4:16 1 Пет. 3:4; Эф. 3:16.
17 Нӕ уӕлӕнгай хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты – уыдон махӕн ӕрхӕсдзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр мыггагмӕйы намыс.4:17 Ром. 8:18.
18 Уымӕн ӕмӕ мах кӕсӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕ нӕ, фӕлӕ цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ. Цӕстӕй цы уынӕм, уый рӕстӕгмӕ у, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый та у мыггагмӕ.4:18 Дзут. 11:1.
51 Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕндон – адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.5:1 Дзут. 9:11.
2 Ныр та уал хъӕрзӕм – бӕллӕм нӕ уӕларвон буары ӕрцӕрынмӕ.5:2 Ром. 8:23.
3 Уӕдӕ нӕ зӕххон буар куы раласӕм, уӕд дӕр бӕгънӕг нӕ уыдзыстӕм.5:3 Ӕрг. 16:15.
4 Мах цалынмӕ ацы халагъуды цӕрӕм, уӕдмӕ хъӕрзӕм уаргъы бын. Уый тыххӕй нӕ хъӕрзӕм, ӕмӕ мах нӕ зӕххон буарӕй рахизын фӕнды; мах бӕллӕм уӕларвон буары ӕрцӕрынмӕ, цард мӕлинаджы куыд аныхъуыра, афтӕ.5:4 1 Кор. 15:54.
5 Хуыцау нӕ фӕлдисгӕ дӕр уый тыххӕй скодта; ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый равдисынӕн уал нӕ схайджын кодта Йӕ Удӕй.5:5 2 Кор. 1:22.
6 Уымӕ гӕсгӕ мах кӕддӕриддӕр стӕм ныфсджын ӕмӕ зонӕм: цалынмӕ нӕ буары цӕрӕм, уӕдмӕ Хицауӕй дард стӕм.
7 Мах цӕрӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй.5:7 Ром. 8:25.
8 Стӕм ныфсджын, ӕмӕ хуыздӕрыл нымайӕм буарӕй рахизын ӕмӕ Хицаумӕ ӕрцӕрын.5:8 Флп. 1:23.
9 Уӕдӕ буары уӕм ӕви нӕ, нӕхи хъарӕм Хицауы зӕрдӕ балхӕныныл.
10 Уымӕн ӕмӕ неппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алчидӕр райса, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй кӕнӕ ӕвзӕрӕй цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.5:10 Мф. 16:27; 25:32; Ром. 14:10.
Чырысти – фидауынгӕнӕг
11 Мах зонӕм Хицауы тас ӕмӕ ӕууӕндын кӕнӕм адӕмы. Хуыцау уыны нӕ зӕрдӕ; ӕнхъӕл дӕн, сымах дӕр мах тыххӕй зонут ӕппӕт дӕр.
12 Ногӕй та уын нӕхи нӕ амонӕм, фӕлӕ уын дӕттӕм, махӕй буц куыд уат, ахӕм фадат. Уӕд уӕ бон ныхкъуырд раттын уыдзӕни, зӕрдӕйы нӕ, фӕлӕ ӕдде цы ис, уымӕй хъал чи у, уыдонӕн.
13 Кӕд сонт стӕм, уӕд – Хуыцауы сӕраппонд; нӕ зонд кӕд нӕхимӕ ис, уӕд – сымах сӕраппонд.5:13 2 Кор. 11:11.
14 Кӕд иу амарди ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, уӕд иууылдӕр амардысты – мах уый куы бамбӕрстам, Чырыстийы уарзт уӕдӕй фӕстӕмӕ ауды махыл.
15 Чырысти амард ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, цӕмӕй удӕгӕстӕ сӕхицӕн ма цӕрой, фӕлӕ цӕрой, уыдоны сӕрвӕлтау Чи амард ӕмӕ райгас, Уымӕн.5:15 Ром. 14:9; Гал. 2:20.
16 Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм.
17 Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у – йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.5:17 Ром. 6:4; Ӕрг. 21:5.
18 Ӕппӕт уыдӕттӕ сты, Чырыстийы фӕрцы нӕ Йемӕ Чи бафидауын кодта ӕмӕ нын адӕмы Йемӕ бафидауын кӕныны куыст Чи бафӕдзӕхста, уыцы Хуыцауӕй.5:18 Ром. 5:11; Эф. 2:16; Кол. 1:20.
19 Мах хъусын кӕнӕм: Хуыцау дунеимӕ Чырыстийы фӕрцы бафидыдта – адӕмӕн ныббарста сӕ тӕригъӕдтӕ. Ӕмӕ фидыды ныхас нӕ бӕрны бакодта.
20 Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах, ӕмӕ цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ.
21 Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.5:21 Ин. 8:46; 1 Пет. 2:22; 1 Ин. 3:5.
6Цардӕгас Хуыцауы аргъуан
1 Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.
2 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕгъы: «Хӕрзаудӕны афон дӕ фехъуыстон, фервӕзыны бон дын баххуыс кодтон». Ныртӕккӕ у хӕрзаудӕны афон, ныртӕккӕ у фервӕзыны бон.6:2 Лк. 4:19; Дзут. 3:7.
3 Мах къуылымпыйы хос никӕмӕн стӕм, цӕмӕй нын нӕ куыст мачи бафауа.
4 Фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕхи ӕвдисӕм Хуыцауы кусджытӕй – тынг фӕразонӕй нӕ зынты, нӕ хъуӕгты, тыхст уавӕрты,6:4 1 Кор. 4:11; 2 Кор. 12:10.
5 Над ӕййафгӕйӕ, ахӕстӕтты, нӕ ныхмӕ сыстыны рӕстӕг, уӕззау куысты, ӕгъуыссӕгӕй, ӕххормагӕй.
6 Нӕхи ӕвдисӕм нӕ сыгъдӕг цардӕй, зонынадӕй, бирӕбыхсон ӕмӕ зӕрдӕхӕлар кӕй стӕм, уымӕй, Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, ӕнӕцӕстмӕ уарзтӕй,
7 Ӕцӕгады ныхасӕй, Хуыцауы хъаруйӕ. Рӕстдзинад нӕ хотых у, дарӕм ӕй рахиз къухы дӕр ӕмӕ галиуы дӕр.
8 Мах вӕййӕм нымад ӕмӕ ӕгад, фӕдзурынц нӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз. Нымайынц нӕ фӕлитойтыл, мах та стӕм раст;
9 Зындгонд не стӕм, фӕлӕ нӕ зонынц; нымайынц нӕ мардыл, фӕлӕ удӕгас стӕм; ӕфхӕрынц нӕ, фӕлӕ нӕ мӕлӕм;
10 Ӕфтауынц нӕ зӕрдӕхъыджы, мах та иудадзыг цин кӕнӕм; мах стӕм гӕвзыкк, фӕлӕ схъӕздыг кӕнӕм бирӕты; ницы нӕм ис, фӕлӕ нӕм ӕппӕт дӕр ис.
11 Коринфӕгтӕ, мах уын ӕргомӕй дзурӕм, гом уын сты нӕ зӕрдӕтӕ.
12 Бынат уын ис нӕ зӕрдӕты, махӕн та уӕ зӕрдӕты фаг бынат нӕй.
13 Мӕ хъӕбултӕн зӕгъӕгау уын зӕгъын: сымах дӕр нын ӕй бафидут уымӕй – бынат нын раттут уӕ зӕрдӕты.
14 Ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы уӕхи ма сифтындзут. Рӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕдӕн, рухс ӕмӕ талынгӕн иумӕйагӕй исты ис, мыййаг?
15 Чырыстийӕн велиаримӕ бафидауӕн ис, мыййаг? Кӕнӕ уырнӕджы цы бӕтты ӕнӕуырнӕгимӕ?
16 Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та цардӕгас Хуыцауы хӕдзар стӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.6:16 1 Кор. 3:16; 6:19.
17 Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ рахицӕн ут, зӕгъы Хицау, чъизи цы у, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.6:17 Ӕрг. 18:4.
18 Ӕмӕ уын уыдзынӕн Фыд, сымах та Мын уыдзыстут фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ, зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау».
71 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уымӕй, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ, ссыгъдӕг кӕнӕм нӕхи, алцӕмӕй дӕр Йӕ адӕм куыд суӕм, афтӕ.
2 Уӕ зӕрдӕты нын бынат раттут. Мах никӕй хъыджы бацыдыстӕм, никӕмӕн ракодтам знаггад, никӕмӕй ницы райстам.
3 Уӕ базылын кӕныны тыххӕй нӕ зӕгъын афтӕ. Амӕйразмӕ дӕр уын куы загътон: уыйбӕрц уӕ уарзӕм, ӕмӕ цӕттӕ стӕм уемӕ амӕлынмӕ дӕр ӕмӕ цӕрынмӕ дӕр.
4 Ӕз уыл тынг ӕууӕндын, тынг буц уӕ дӕн. Не стыр зынты дӕр ӕз дӕн ныфсджын ӕмӕ кӕрон нӕй мӕ цинӕн.
5 Уымӕн ӕмӕ мах Македонимӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд ӕппындӕр ӕнцой нӕ зыдтам, уынгӕг рӕстӕг ныл скодта: нӕ алыварс – тох, нӕ зӕрдӕты – тас.
6 Фӕлӕ Хуыцау, зӕрдӕсӕстыты рӕвдауӕг, мах барӕвдыдта Титы ӕрцыдӕй,7:6 2 Кор. 1:4.
7 Ӕмӕ ӕрмӕст йе ’рцыдӕй нӕ, фӕлӕ сымахӕй йӕ зӕрдӕ кӕй барухс, уымӕй дӕр. Уый нын радзырдта, мӕ фендмӕ кӕй бӕллут, уӕ хъыг куыд стыр у ӕмӕ разӕнгардӕй мӕ фарс кӕй стут, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд ноджы бафтыди мӕ циныл.
8 Кӕд уӕ мӕ фыстӕгӕй зӕрдӕхъыджы бафтыдтон – фӕсмойнаг мын нӕу. Ӕз федтон: кӕд цыбыр рӕстӕгмӕ, уӕддӕр уын мӕ фыстӕг ӕрхаста зӕрдӕхъыг, ӕмӕ йыл хъынцъыймаг фӕдӕн.
9 Ныр та райын – зӕрдӕхъыджы кӕй бафтыдыстут, ууыл нӕ, фӕлӕ уӕ уыцы хъыг фӕсмон кӕй расайдта, ууыл. Уӕдӕ уын ницы зиан ӕрхастам, уымӕн ӕмӕ уӕ хъыг Хуыцауӕн фӕндон у.
10 Хуыцауӕн фӕндон хъыг расайы, фервӕзынмӕ чи ӕркӕны, ахӕм фӕсмон; ӕмӕ уый хъынцъыймаг нӕу. Дуне цы хъыг дӕтты, уый та мӕлӕт расайы.7:10 1 Пет. 2:19.
11 Кӕсут-ма: Хуыцауӕн фӕндон хъыг уӕ куыд тынг ӕнувыд скодта, куыд зӕрдиагӕй уӕ бафӕндыд уӕ ном бахъахъхъӕнын, куыд тынг смӕсты стут, куыд егъау у уӕ тас, куыд иузӕрдион ныл разындыстут, куыд тынг разӕнгард стут азымджыны бафхӕрынмӕ! Сымах алцӕмӕй дӕр равдыстат, уыцы хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй стут, уый.
12 Уӕдӕ уӕм ӕз иугӕр ныффыстон, уӕд ӕфхӕрӕджы сӕраппонд дӕр ӕмӕ ӕфхӕрд баййафӕджы сӕраппонд дӕр нӕ, фӕлӕ уын цӕмӕй Хуыцауы раз раргом уа, куыд ӕнувыд ныл стут, уый.
13 Ӕмӕ нӕ уымӕй барӕвдыдтат. Мах кӕй барӕвдыдтат, уымӕй фылдӕр та Титы циныл райӕм – сымах ын уеппӕт дӕр фестут удӕнцойы хос.
14 Уӕдӕ Титӕн цӕмӕйдӕрты сымахӕй кӕй раппӕлыдтӕн, уымӕй къӕмдзӕстыгӕй нӕ баззадтӕн. Мах уын цы дзырдтам, уый раст куыд у, афтӕ Титӕн цӕмӕйты раппӕлыдыстӕм, уыдон дӕр раст разындысты.
15 Иууылдӕр коммӕгӕс кӕй разындыстут, ӕмбӕлгӕ кад ын куы нӕ скӕнат, уымӕй тӕрсгӕйӕ йын кӕй фӕлӕууыдыстут фысым, уыдӕттӕ куы ӕрымысы, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн свӕййут ноджы адджындӕр.
16 Ӕз цин кӕнын, алы хъуыддаджы дӕр мӕ сымахӕй ныфс кӕй ис, ууыл.
8Ӕххуыс иерусалимаг уырнджытӕн
1 Хъусын уын кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ, Македонийы аргъуантӕн Хуыцау цы хорзӕх радта, уый тыххӕй.
2 Уыдон фӕлвӕрд ӕрцыдысты стыр зынты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ цинӕн кӕрон нӕй; сты тынг гӕвзыкк, фӕлӕ равдыстой, рӕдаудзинадӕй ӕгӕрон хъӕздыг кӕй сты, уый.8:2 Мк. 12:44; Ром. 12:8.
3 Сӕ къух цас амыдта, уыйбӕрц, стӕй ноджы фылдӕр барвӕндонӕй куыд лӕвӕрдтой, уымӕн ӕз ӕвдисӕн дӕн.
4 Уыдон нӕ тынг куырдтой, цӕмӕй сӕ хай бахӕссой сыгъдӕджытӕн балӕггад кӕныны арфӕйаг хъуыддагмӕ.
5 Мах ӕнхъӕл куыд нӕ уыдыстӕм, уымӕй ноджы фылдӕр бакодтой. Фыццаджыдӕр сӕхи радтой Хицауӕн ӕмӕ, Хуыцауы фӕндӕй, махӕн дӕр.
6 Уымӕ гӕсгӕ мах куырдтам Титӕй, уыцы арфӕйаг хъуыддаг куыд райдыдта, афтӕ йӕ сымахмӕ дӕр кӕронмӕ куыд ахӕццӕ кӕна.
7 Сымах алцӕмӕй дӕр хъӕздыг стут – ис уӕм уырнындзинад, зонынад, арӕхсут дзурынмӕ, иудадзыг стут ӕнувыд, уарзут нӕ. Уӕдӕ ацы арфӕйаг хъуыддаджы дӕр уӕхи равдисут рӕдауӕй.
8 Ӕз афтӕ бардзырд дӕттыны хуызы нӕ зӕгъын, фӕлӕ иннӕтӕ ӕнувыд кӕй сты, уымӕй фӕлварын уӕ уарзт – зӕрдиаг у ӕви нӕ.
9 Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.8:9 Мф. 8:20; Лк. 2:7; Ин. 1:16; Флп. 2:7.
10 Зӕгъын уын мӕ хъуыды: ацы хъуыддаг уӕ пайдайӕн у, уымӕн ӕмӕ йӕ суанг фарон фыццаг сымах райдыдтат, стӕй йӕ саразыны фӕнд дӕр фыццаг уӕхицӕй рацыд.
11 Уӕдӕ уыцы хъуыддаг ныр кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут. Йӕ райдайын уӕ куыд зӕрдиагӕй фӕндыд, афтӕ йӕ кӕронмӕ дӕр ахӕццӕ кӕнут уӕ фадӕттӕм гӕсгӕ.
12 Нӕ къух цас амоны, уыйбӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.
13 Ныхас ууыл нӕ цӕуы, ӕмӕ иннӕтӕн ӕнцондӕр фӕуа, сымахӕн та – зындӕр, фӕлӕ алкӕмӕ дӕр ӕмбӕрц куыд уа.
14 Ныртӕккӕ ӕййафынц хъуаг, ӕмӕ уӕм уӕлдай цы ис, уымӕй сӕм фӕкӕсут. Иннӕ хатт та уӕм уӕ хъуӕгты уыдон фӕкӕсдзысты, уӕлдай сӕм цы уа, уымӕй, уӕ алкӕмӕ дӕр ӕмбӕрц куыд уа, афтӕ.
15 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Бирӕ чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕ уӕлдай нӕ уыди, чысыл чи ӕрӕмбырд кодта, уый та хъуаг не ’ййӕфта».
Тит ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ
16 Бузныг Хуыцауӕй, мах уыл куыд ӕнувыд стӕм, афтӕ Титӕн дӕр сымахыл ӕнувыды зӕрдӕ кӕй радта, уый тыххӕй.
17 Уый уӕм ныридӕгӕн фӕцӕуы, мах ӕм кӕй ӕрхатыдыстӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ фырӕнувыдӕй йӕхи бафӕндыд.
18 Йемӕ ма йын ӕрвитӕм, фарны уац адӕммӕ зӕрдиагӕй кӕй хӕссы, уый тыххӕй ӕппӕт аргъуантӕ дӕр кӕмӕй ӕппӕлынц, уыцы ӕфсымӕры.
19 Уымӕй уӕлдай ма йӕ аргъуантӕ равзӕрстой не ’мбӕлццонӕй дӕр, мах кӕй аразӕм, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы. Уыцы куыст мах кӕнӕм Хицауы кадӕн ӕмӕ йыл ӕнувыдӕй кӕй архайӕм, уый равдисынӕн.
20 Уый тыххӕй сӕ ӕрвитӕм, ӕмӕ нын не ’вджид кӕй бакодтой, уыцы ӕххуыс егъау у, ӕмӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй нӕ мачи базылын кӕна.
21 Мах тырнӕм, цӕмӕй ӕппӕт дӕр нывыл уа ӕрмӕст Хицауы цӕсты нӕ, фӕлӕ адӕмы цӕсты дӕр.8:21 Ром. 12:17; Флп. 4:8.
22 Семӕ ма сын ӕрвитӕм, бирӕ хъуыддӕгты йӕхи ӕнувыдӕй чи равдыста, нӕ уыцы ӕфсымӕры. Ныр та ноджы ӕнувыддӕр у, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ тынг дары сымахыл.
23 Тит у ме ’мбал ӕмӕ ме ’мкусӕг, сымахмӕ цы куыст кӕнӕм, уым. Иннӕ ӕфсымӕртӕ та сты аргъуанты минӕвӕрттӕ, Чырыстийы кадӕн кусджытӕ.
24 Уӕдӕ йӕ аргъуантӕ куыд феной, афтӕ сын хъуыддагӕй равдисут уӕ уарзт, стӕй сымахӕй дзӕгъӕлы кӕй нӕ ныббуц стӕм, уый.
91 Ӕниу, сыгъдӕджытӕн ӕххуысы тыххӕй сымахмӕ мӕн фыссын дӕр нӕ хъӕуы.
2 Уымӕн ӕмӕ уӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уый мӕнӕн зындгонд у ӕмӕ мӕхицӕй ӕппӕлын македониӕгтӕн, Ахайы уырнджытӕ суанг ивгъуыд азӕй ӕххуысмӕ цӕттӕ сты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сымах ӕнувыд кӕй стут, уый бирӕты сразӕнгард кодта.
3 Ӕфсымӕрты та ӕз уый тыххӕй ӕрвитын, цӕмӕй уӕ кӕй раппӕлыдтӕн, уый дзӕгъӕлы ма фӕуа – ӕз сымахӕй куыд дзырдтон, афтӕ цӕттӕ уат.
4 Мемӕ македониӕгтӕ куы ӕрцӕуой, уӕд уӕ ӕдзӕттӕйӕ ма ӕрӕййафой; тынг ныфсджын уӕ кӕй уыдыстӕм, – ам уӕ кой кӕнын уӕвгӕ дӕр нал хъӕуы, – уый махӕн худинаг куыд нӕ расайа.
5 Уымӕ гӕсгӕ ӕз бакӕнинагыл банымадтон ӕфсымӕртӕм ӕрхатын, цӕмӕй уӕм ацӕуой нӕ разӕй ӕмӕ рагацау ӕрцӕттӕ кӕной, раздӕр ныфс кӕмӕй бавӕрдтат, уӕ уыцы зӕрдиаг ӕххуыс. Ӕмӕ уӕд уыдзӕн ӕнӕбары раттынау нӕ, фӕлӕ ӕцӕг зӕрдиаг ӕххуыс.
6 Уӕ зӕрдыл дарут: чъынды тауӕгӕн йӕ хор дӕр мӕгуырау уыдзӕни, рӕдауӕй чи тауы, уымӕн та йӕ хор тугыл аскъуыйдзӕн.
7 Йӕ цӕст цас уарзы, алчидӕр уыйбӕрц хъуамӕ ратта ӕнӕбустӕйӕ ӕмӕ барвӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй чи дӕтты, Хуыцау уыцы адӕймаджы уарзы.9:7 2 Кор. 8:2.
8 Хуыцауӕн та Йӕ бон у сымах алы хорзӕхӕй дӕр схъӕздыг кӕнын; уӕд уӕм ӕдзух алцыдӕр уыдзӕни, цас уӕ хъӕуы, уыйбӕрц, ӕмӕ ма уӕлдайджынтӕй фаг уыдзӕн алы хорз хъуыддагӕн дӕр.9:8 1 Тим. 6:6.
9 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕдауӕй радта, байуӕрста мӕгуыртӕн; йӕ рӕстад цӕрдзӕн мыггагмӕ».
10 Тауӕгӕн мыггаг Чи дӕтты, хӕрынӕн та – хойраг, Уый уын ратдзӕн мыггаг, ӕрзайын ӕмӕ сбирӕ кӕндзӕн уӕ рӕстады тыллӕг.
11 Алцӕмӕй дӕр афтӕ схъӕздыг уыдзыстут, ӕмӕ уӕ бон уыдзӕни кӕддӕриддӕр рӕдауӕй баххуыс кӕнын. Уӕд бирӕтӕ арфӕ кӕндзысты Хуыцауӕн, нӕ къухӕй кӕй айсой, уӕ уыцы ӕххуысы тыххӕй.
12 Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕджытӕн сӕ хъуӕгты баххуыс кӕнынӕй уӕлдай уӕ уыцы лӕггад расайдзӕн бирӕ арфӕтӕ Хуыцауӕн.
13 Уӕ лӕггадӕй уӕхи куы равдисат, уӕд сыгъдӕджытӕ стаудзысты Хуыцауы, уымӕн ӕмӕ сымах коммӕгӕс стут, уӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстат, Чырыстийы уыцы фарны уацӕн, ӕмӕ рӕдауӕй ӕххуыс кӕнут уыдонӕн дӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр.
14 Куы-иу кувой, уӕд сӕ зӕрдӕтӕ тырндзысты сымахмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау схайджын кодта Йӕ ӕгӕрон хорзӕхӕй.
15 Бузныг Хуыцауӕй, ныхӕстӕй зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, Йӕ уыцы хорзӕхы тыххӕй!
10Павел раст кӕны йӕхи
1 Лӕгӕй-лӕгмӕ уемӕ «тӕппуд» чи у, уӕ фӕсаууонмӕ та – хъӕбатыр, ӕз уыцы Павел дӕн. Чырысти куыд ӕвӕлмас ӕмӕ уарзӕгой уыд, афтӕ ӕвӕлмас ӕмӕ уарзӕгойӕ
2 Уӕ курын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд мӕ куыд нӕ бахъӕуа мӕхи хъӕбатыр ӕмӕ ныфсхастӕй равдисын. Фидарӕй ӕууӕндын: мӕхи ахӕмӕй равдисын мӕ бон у, мӕнӕй ӕнхъӕл чи у, ацы дунейы адӕм куыд цӕрынц, афтӕ цӕры, зӕгъгӕ, уыдоны ныхмӕ.
3 Уымӕн ӕмӕ кӕд адӕймаджы буары цӕрӕм, уӕддӕр адӕймаджы фӕрӕзтӕй нӕ тох кӕнӕм.10:3 1 Тим. 1:18.
4 Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты – мах хӕцӕм, Хуыцауы тых кӕй мидӕг ис, фидӕрттӕ ныддӕрӕн кӕнын кӕй бон у, уыцы хотыхтӕй. Уыдонӕй дӕрӕн кӕнӕм рӕдыд хъуыдытӕ –10:4 2 Кор. 6:7; Эф. 6:13.
5 Хуыцауы базоныны фӕндагыл цы систӕ самадӕуыд, уыдоны. Уымӕй исӕм уацары алы хъуыды ӕмӕ йӕ кӕнӕм Чырыстийӕн коммӕгӕс.10:5 1 Кор. 1:19; 3:19.
6 Ӕмӕ ӕххӕст коммӕгӕс куы суат, уӕд цӕттӕ уыдзыстӕм цавӕрфӕнды хивӕнд дӕр бафхӕрынмӕ.
7 Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уымӕ кӕсут? Чырыстийы кӕй у, ууыл фидарӕй чи ӕууӕнды, уый ноджыдӕр ахъуыды кӕнӕд, мах дӕр, уыйау, Чырыстийы кӕй стӕм, ууыл.10:7 Ин. 7:24.
8 Уӕ аргъуан фехалынӕн нӕ, фӕлӕ йӕ саразынӕн Хицау махӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй ӕгӕр куы раппӕлон, уӕд дӕр нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн.
9 Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ уӕ тӕрсын кӕнын мӕ фыстӕджытӕй.
10 Уымӕн ӕмӕ чидӕртӕ зӕгъынц: «Йӕ фыстӕджыты домаг ӕмӕ тыхджын у, лӕгӕй-лӕгмӕ та – лӕмӕгъ, йӕ ныхас нӕ ахады».10:10 2 Кор. 11:6.
11 Афтӕ чи зӕгъы, уый зонӕд: нӕ фыстӕджыты фӕсаууонмӕ цавӕртӕ стӕм, хъуыддагӕй дӕр ахӕмтӕй равдисдзыстӕм нӕхи, куы уӕм ӕрцӕуӕм, уӕд.
12 Уымӕн ӕмӕ йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уыдонимӕ нӕхи ӕрӕмных кӕнынмӕ, кӕнӕ уыдоныл нӕхи абарынмӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм. Уыдон сӕхицӕн аргъ кӕнынц сӕхи барӕнтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ сӕхи барынц сӕхиуыл – уый ӕнӕзонд ми у.
13 Мах та нӕхицӕй куы ӕппӕлӕм, уӕд нын нысангонд цы арӕнтӕ ис, уыдоны сӕрты нӕ ахиздзыстӕм, фӕлӕ баззайдзыстӕм, Хуыцау нын бакусынӕн цы хуымы хай бабар кодта, уым; сымах дӕр уыцы хуымы стут.10:13 2 Кор. 12:5.
14 Мах уыцы арӕнты сӕрты ахизыныл нӕхи нӕ хъарӕм. Куы нӕ уӕм ӕрцыдаиккам, уӕд афтӕ уыдаид. Фӕлӕ сымахмӕ дӕр бахӕццӕ стӕм Чырыстийы фарны уацимӕ.
15 Нӕхицӕй куы феппӕлӕм, уӕд нӕ арӕнты сӕрты нӕ ахизӕм, кӕйдӕр фӕллӕйттӕ нӕхи нӕ бакӕнӕм. Ӕппындӕр нӕ! Мах нӕ зӕрдӕ дарӕм: уӕ уырнындзинад рӕздзӕн, ӕмӕ сымахмӕ бакусдзыстӕм ноджы фылдӕр, махӕн нысангонд арӕнты сӕрты нӕ ахизгӕйӕ.10:15 Ром. 15:20.
16 Ӕмӕ уӕд нӕ бон бауыдзӕн канд сымахмӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр рӕтты дӕр фарны уац хъусын кӕнын. Мах нӕхицӕй нӕ раппӕлдзыстӕм, кӕйдӕр хуымы цӕттӕ хор мах фӕллой у, зӕгъгӕ.
17 «Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд Хицауӕй».10:17 1 Кор. 1:31.
18 Аккагыл нымад у, йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый нӕ, фӕлӕ Хицау кӕмӕй ӕппӕлы, уый.10:18 1 Кор. 4:5.
11Павел ӕмӕ мӕнгапостолтӕ
1 О, куы мын бабыхсиккат, иуцасдӕр ӕнӕзонд куы уон, уӕд! Цӕй ӕмӕ мын бабыхсут.
2 Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иу Лӕгӕн – Чырыстийӕн – ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы.
3 Фӕлӕ уын ӕз тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд, афтӕ сымахӕн дӕр уӕ зонд куы сзыгъуыммӕ уа, ӕмӕ Чырыстийы куы нал уарзат сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион уарзтӕй.11:3 Ин. 8:44; 2 Пет. 3:17; 1 Тим. 6:3.
4 Уымӕн ӕмӕ уӕм исчи куы ӕрцӕуы, уӕд ын фӕдӕттут, мах уын кӕй тыххӕй нӕ дзырдтам, ахӕм ӕндӕр Йесойы тыххӕй дзурыны бар; ӕнӕзивӕгӕй райсут, раздӕр кӕй нӕ райстат, ахӕм уд, ӕмӕ фӕхъусут, раздӕр кӕй нӕ фехъуыстат, ахӕм фарны уацмӕ.
5 Мӕнмӕ та афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕз уыцы «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн.11:5 1 Кор. 15:10.
6 Рӕсугъд дзурынмӕ нӕ арӕхсын, зонгӕ та кӕнын – уый уын мах равдыстам алцӕмӕй дӕр.11:6 1 Кор. 2:1; 2 Кор. 10:10.
7 Цӕмӕй сымах сбӕрзонд уат, уый тыххӕй мӕхи кӕй ӕрныллӕг кодтон, ӕмӕ уын Хуыцауы фарны уац лӕвар кӕй амыдтон, уымӕй ӕз тӕригъӕды, мыййаг, бафтыдтӕн?
8 Зӕгъӕн ис, ӕз стыгътон иннӕ аргъуантӕ – сымахӕн балӕггад кӕныны тыххӕй ӕхца уыдонӕй истон. Сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд хъуаг кӕд ӕййӕфтон, уӕддӕр никӕй батыхсын кодтон.11:8 Ап. хъ. 20:33; 2 Фес. 3:8.
9 Хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтон, уымӕй мын баххуыс кодтой Македонийӕ ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕ. Ӕз уӕ никуы батыхсын кодтон ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ батыхсын кӕндзынӕн.
10 Афтӕ кӕй у, уымӕй мын ӕппӕт Ахайы дӕр мӕхицӕй ӕппӕлыны бар ничи байсдзӕн – ӕз уый зӕгъын, Чырыстийы ӕцӕгадӕй хайджын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ.
11 Цӕмӕн афтӕ дарын мӕхи? Кӕй уӕ нӕ уарзын, уый тыххӕй? Хуыцау ӕвдисӕн: ӕз уӕ бирӕ уарзын. Фӕлӕ мӕхи куыд дардтон, афтӕ дардзынӕн нырӕй фӕстӕмӕ дӕр,
12 Цӕмӕй ӕфсон агурджытӕн ӕфсон ма уа сӕхицӕй раппӕлынӕн, цыма не ’мсӕр сты, уыйау.
13 Уымӕн ӕмӕ ахӕмтӕ сты мӕнгапостолтӕ, фӕлитой кусджытӕ, сӕхи ӕвдисынц афтӕ, цыма Чырыстийы апостолтӕ сты.11:13 Ап. хъ. 15:24.
14 Уым диссагӕй ницы ис: хӕйрӕг дӕр йӕхи равдисы рухсы зӕдӕй.
15 Ӕмӕ йӕ кусджытӕ дӕр рӕстады кусджытӕй сӕхи куы февдисынц, уӕд уый ӕнӕрцӕугӕ хабар нӕу. Фӕлӕ сӕ кӕрон уыдзӕни сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.11:15 Мф. 7:15.
Павел бирӕ зынтӕ бавзӕрста
16 Зӕгъын ма уын: ӕнӕзондыл мӕ мачи нымайӕд. Фӕлӕ мӕ кӕд ӕнӕзондыл нымайут, уӕддӕр мыл барвӕссут ахӕмӕй дӕр, цӕмӕй уын иуцасдӕр раппӕлон мӕхицӕй.
17 Ӕз ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уый Хицауӕн фӕндон нӕу – райдайдзынӕн мӕхицӕй ӕппӕлын ӕнӕзондау.
18 Сӕ зӕххон хъуыддӕгтӕй бирӕтӕ сӕхицӕй куыд ӕппӕлынц, афтӕ ӕз дӕр ӕппӕлдзынӕн мӕхицӕй.11:18 Флп. 3:4.
19 Уымӕн ӕмӕ сымах, зондджынтӕ, ӕнӕзӕндтыл зӕрдиагӕй ӕууӕндут.
20 Сымах ӕууӕндут, цагъартӕ уӕ чи кӕны, уӕ мулк уын чи хӕры, йӕ дӕлбар уӕ чи кӕны, сымахӕй уӕлдӕр йӕхи чи ӕвӕры, уӕ цӕсгом уын чи цӕвы, уыдоныл.
21 Ӕфсӕрмы кӕнын йӕ зӕгъынӕй дӕр: уыдӕттӕ бакӕнынӕн нӕм фаг хъару нӕ разынди. Кӕд исчи истӕмӕй раппӕлынмӕ йӕ ныфс хӕссы, уӕд ӕз дӕр – ме ’нӕзондӕй йӕ зӕгъын – мӕ ныфс хӕссын.
22 Уыдон дзуттӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Израилӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Авраамы цот сты? Ӕз дӕр.11:22 Ап. хъ. 22:3; Флп. 3:5.
23 Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты цӕстытӕм.
24 Иудейты къухӕй фондз хатты бавзӕрстон фӕйнӕ нудӕс ӕмӕ ссӕдз цӕфы;
25 Ӕртӕ хатты мӕ фӕнадтой лӕдзджытӕй; иу хатт мӕ дуртӕй мардтой; ӕртӕ хатты наусӕфты бахаудтӕн; ӕхсӕв ӕмӕ бон денджызы, доны уӕлӕ, арвыстон;11:25 Ап. хъ. 14:19; 16:22; 27:41.
26 Арӕх цыдтӕн балцыты; тӕссаг мын уыди цӕугӕдӕттыл; тӕссаг мын уыди абырджытӕй; тӕссаг мын уыди хи адӕмӕй; тӕссаг мын уыди муртаттӕй; тӕссаг мын уыди сахары; тӕссаг мын уыди ӕдзӕрӕг быдыры; тӕссаг мын уыди денджызы; тӕссаг мын уыди мӕнгӕфсымӕртӕй;
27 Мӕ куыст уыди уӕззау; арӕх хуыссӕгӕй не ’фсӕстӕн; ӕййӕфтон стонг ӕмӕ дойны; арӕх мӕ гуыбын дӕр не ’фсӕстон; фӕрӕзтон уазал ӕмӕ бӕгънӕгӕн.11:27 1 Кор. 4:11.
28 Уыдӕттӕй уӕлдай мыл ӕвӕрд ис ӕппӕт аргъуантыл сагъӕсты ӕрвылбоны уаргъ дӕр.
29 Чи слӕмӕгъ, ӕмӕ ӕз йемӕ ма слӕмӕгъ уон? Чи фӕкалд, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ ма судза?11:29 1 Кор. 9:22.
30 Кӕд мӕн мӕхицӕй раппӕлын хъӕуы, уӕд мӕ бон раппӕлын у, лӕмӕгъ кӕй дӕн, уымӕй.
31 Ӕз мӕнг кӕй нӕ зӕгъын, уый зоны Хицау Йесойы Хуыцау ӕмӕ Фыд – арфӕгонд уӕд мыггагмӕ!11:31 Ром. 9:1; Гал. 1:20.
32 Паддзах Аретайы ӕлдар мӕн ӕрцахсыны тыххӕй Дамаскы сахары рацӕуӕнтӕ хъахъхъӕдта. Фӕлӕ мӕ рудзынгӕй тӕсчъы ӕруагътой сисыл, ӕмӕ йӕ къухмӕ нӕ бахаудтӕн.11:32 Ап. хъ. 9:24.
12Цы раргом Павелӕн
1 Кӕд ницы пайда у, уӕддӕр хъуамӕ раппӕлон мӕхицӕй. Райдайдзынӕн дзурын, Хицау мын цы фенын ӕмӕ раргом кодта, уыдӕтты тыххӕй.12:1 Гал. 1:12; 2:2.
2 Ӕз зонын иу чырыстон адӕймаджы. Цыппӕрдӕс азы размӕ йӕ, – нӕ зонын, йӕ буары уыд ӕви нӕ, Хуыцау ӕй зоны, – систӕуыд ӕртыккаг уӕларвмӕ.
3 Йӕ буары уыд ӕви нӕ, уый нӕ зонын, Хуыцау ӕй зоны, фӕлӕ зонын, уыцы адӕймаджы
4 Систӕуыди дзӕнӕтмӕ ӕмӕ фехъуыста, ӕвзагыл чи нӕ бады ӕмӕ адӕймаг кӕй хъуамӕ басусӕг кӕна, ахӕм ныхӕстӕ.
5 Ахӕм адӕймагӕй раппӕлдзынӕн, мӕхицӕй та нӕ раппӕлдзынӕн. Мӕхицӕй куы ӕппӕлон, уӕд ӕрмӕстдӕр мӕ лӕмӕгъдзинадӕй.
6 Ӕниу мӕ мӕхицӕй раппӕлын куы бафӕнда, уӕд ӕнӕзонд нӕ уыдзынӕн – раст цы у, уый зӕгъдзынӕн. Фӕлӕ мӕхиуыл хӕцын, цӕмӕй мӕм цы уыны, кӕнӕ мӕнӕй цы хъусы, уымӕй мын хуыздӕр ӕнхъӕл мачи уа.
7 Ӕмӕ мын Хуыцау цы раргом кодта, ӕппӕт уыдӕттӕй мӕхиуыл куыд нӕ фервӕссон, уый тыххӕй мӕ буары фӕцавдӕуыд фат – хӕйрӕджы зӕд; уый мӕ мары тухӕнӕй, цӕмӕй мӕхиуыл ма фервӕссон.
8 Уымӕй фервӕзыны тыххӕй ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон Хицауӕн,
9 Фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ.12:9 Ром. 5:3; 2 Кор. 4:8; 11:30.
10 Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы сӕраппонд ӕз райгонд дӕн мӕ лӕмӕгъдзинадӕй, ме ’фхӕрдӕй, мӕ хъуӕгтӕй, мӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕй, мӕ тыхст уавӕртӕй. Уымӕн ӕмӕ тыхджын вӕййын лӕмӕгъӕй.
Павелы мӕт Коринфы аргъуаныл
11 Ӕз сдӕн ӕнӕзондау – уымӕ мӕ уӕхӕдӕг ӕртардтат. Уӕвгӕ та мӕ сымах хъуамӕ ӕппӕликкат. Кӕд ӕз ницы дӕн, уӕддӕр «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн.
12 Апостол кӕй дӕн, уый уын равдыстон мӕ фӕразонӕй, ӕвдисӕйнӕгтӕй, диссӕгтӕй ӕмӕ стыр хъуыддӕгтӕй.
13 Иннӕ аргъуантӕй уӕлдай уӕ хъыджы цӕмӕй бацыдтӕн? Кӕй уӕ нӕ батыхсын кодтон, уымӕй? Ныббарут мын мӕ ацы азым!12:13 1 Кор. 1:5.
14 Ныр цӕттӕ дӕн ӕртыккаг хатт сымахмӕ цӕуынмӕ, ӕмӕ уӕ нӕ батыхсын кӕндзынӕн. Мӕн уӕ мулк нӕ хъӕуы – уӕхӕдӕг мӕ хъӕут. Хъуамӕ ныййарджытӕн бынтӕ сӕ хъӕбултӕ ма кӕной, фӕлӕ хъӕбултӕн – сӕ ныййарджытӕ.12:14 Ап. хъ. 20:33.
15 Цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ суанг мӕхи дӕр цингӕнгӕ ратдзынӕн уӕ удты сӕраппонд. Ӕз уӕ бирӕ куы уарзын, уӕд мӕ сымах къаддӕр цӕмӕн уарзут?12:15 Кол. 1:24; 1 Фес. 2:8; 2 Тим. 2:10.
16 Зӕгъӕм, ӕз уӕ мӕхӕдӕг нӕ батыхсын кодтон. Фӕлӕ кӕд, мыййаг, хин адӕймаг дӕн, сайдӕй уыл рацыдтӕн ӕмӕ уӕ афтӕмӕй мӕхи бакодтон?
17 Кӕнӕ уӕм кӕй арвыстон, кӕд уӕ, мыййаг, уыдонӕй кӕйдӕр фӕрцы исты райстон?12:17 2 Кор. 7:2.
18 Ӕз ӕрхатыдтӕн Титмӕ сымахмӕ ацӕуыны тыххӕй, ӕмӕ ма йын ӕфсымӕртӕй иуы арвыстон йемӕ. Тит уӕ исты райста? Мах Титимӕ ӕмзӕрдӕ нӕ уыдыстӕм, иу фӕндагыл нӕ цыдыстӕм, мыййаг?
19 Цыма алцӕмӕй дӕр уӕ разы нӕхи раст кӕнӕм, афтӕ уӕм кӕсы? Мах цы дзурӕм, уый, Чырыстиимӕ иугондӕй, Хуыцауы раз дзурӕм. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ мах кӕнӕм уе сфидар кӕныны тыххӕй.12:19 1 Кор. 10:33.
20 Ӕз тӕрсын: куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд нын куы сбӕлвырд уа, нӕдӕр ӕз, нӕдӕр сымах кӕй не стӕм, кӕрӕдзийы нӕ цавӕрӕй фенын фӕндыд, ахӕмтӕ; куы уӕм ӕрӕййафон хъаугъатӕ, хӕлӕг, маст, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, хахуыртӕ, фыдгой, сӕрыстырдзинад ӕмӕ змӕст;
21 Мӕ Хуыцау та мӕ ногӕй куы ӕрныллӕг кӕна сымахмӕ, ӕмӕ куы кӕуон, раздӕр тӕригъӕд чи ракодта, сӕ чъизи хъуыддӕгтыл, хъахбай ӕмӕ ӕлгъаг митыл фӕсмон чи нӕ фӕкодта, бирӕ ахӕмтыл.
13Зондамонӕн ныхӕстӕ
1 Ныр уӕм ӕртыккаг хатт цӕуын. «Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны цы ныхасӕн уа, уый банымадӕуы растыл».13:1 Мф. 18:16; Ин. 8:16; Дзут. 10:28.
2 Ӕз уӕм дыккаг хатт куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн сеппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн.13:2 2 Кор. 10:2.
3 Уымӕн ӕмӕ сымах агурут ӕвдисӕйнаг, мӕ дзыхӕй Чырысти дзуры ӕви нӕ. Чырысти уын ӕдых нӕу, фӕлӕ Йӕ хъару равдисы уе ’хсӕн.
4 Кӕд Ӕй ӕдыхӕй байтыгъдӕуыд, уӕддӕр цӕры Хуыцауы хъаруйӕ. Чырысти куыд ӕдых уыди, мах дӕр афтӕ ӕдых стӕм, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ Йемӕ цӕрдзыстӕм сымахӕн.13:4 Ром. 6:4.
5 Уӕхи бафӕлварут, уырнындзинад уӕм ис ӕви нӕ; уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут. Ӕви Йесо Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй ис, уый нӕ зонут? Кӕд ӕй нӕ зонут, уӕд, цавӕр хъуамӕ уат, ахӕмтӕ не стут.13:5 1 Кор. 11:28; Эф. 3:17.
6 Уыцы ныфс мӕ ис, ӕмӕ сымах базондзыстут, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕм кӕй стӕм, уый.
7 Ӕмӕ кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй ӕвзӕрӕй мацы саразат. Нӕ куывд уый охыл нӕу, ӕмӕ цавӕр хъуамӕ уӕм, нӕхи ахӕмӕй равдисӕм – фӕнды нӕ, цӕмӕй сымах аразат хорз хъуыддӕгтӕ, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕмӕй куы нӕ зынӕм, уӕд дӕр.
8 Уымӕн ӕмӕ ӕцӕгады ныхмӕ ӕнӕбон стӕм, ӕцӕгады сӕраппонд та – тыхджын.
9 Мах лӕмӕгъ куы вӕййӕм, сымах та – тыхджын, уӕд цины бафтӕм. Сымах ӕнаипп цӕмӕй уат, кувгӕ дӕр уый сӕраппонд кӕнӕм.
10 Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Хицау цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.13:10 2 Кор. 10:8.
11 Ӕппынфӕстаг, ӕфсымӕртӕ, цин кӕнут, тырнут ӕнаипп уӕвынмӕ, кӕрӕдзийӕн ныфс ӕвӕрут, ут ӕмзонд, цӕрут фидыдӕй, ӕмӕ гъеуӕд уарзт ӕмӕ фарн дӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ.13:11 1 Пет. 3:8; Ром. 15:5; Флп. 2:2.
12 Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. Салам уын дӕттынц сыгъдӕджытӕ иууылдӕр.13:12 1 Пет. 5:14; Ром. 16:16; 1 Кор. 16:20.
13 Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй, Хуыцауы уарзтӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Удимӕ иудзинадӕй уеппӕт дӕр ут хайджын.