Апостол Павелы фыццаг фыстӕг Тимофеймӕ

1

1 Павелӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй – уыцы куысты мӕ сӕвӕрдтой нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау ӕмӕ нӕ зӕрдӕдарӕн Йесо Чырысти.

2 Ӕз фыссын Тимофеймӕ, уырнындзинады руаджы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд-Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.1:2 Ап. хъ. 16:1; Ӕрг. 1:4.

Мӕнгахуырӕдты тыххӕй

3 Ӕз Македонимӕ куы цыдтӕн, уӕд дӕм ӕрхатыдтӕн, Эфесы куыд баззайай ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕн куыд бафӕдзӕхсай, цӕмӕй мауал амоной ӕндӕр ахуырӕдтӕ,

4 Ӕмӕ ныууадзой аргъӕуттӕ ӕмӕ рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты тыххӕй ранымай-банымайтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕн фӕуӕн нӕй, расайынц ӕнӕпайда быцӕутӕ, ӕмӕ ахъаз не сты Хуыцауы хъуыддагӕн – уырнындзинады руаджы адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн.1:4 1 Тим. 4:7; Тит. 1:14.

5 Уыцы фӕдзӕхстӕн йӕ нысан у, сыгъдӕг зӕрдӕ, сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ зӕрдиаг уырнынад кӕй бындур сты, ахӕм уарзондзинад.1:5 Ром. 13:8.

6 Иуӕй-иутӕ фӕиппӕрд сты уыцы фӕндагӕй ӕмӕ схӕцыдысты ӕнӕпайда дзӕнгӕдайыл.

7 Динамонджытӕ суой, уый сӕ фӕнды, фӕлӕ цы дзурынц, уый дӕр не ’мбарынц, стӕй цӕуыл баууӕндын кӕныныл архайынц, уый дӕр.

8 Мах та зонӕм: Моисейы Ӕгъдау хорз у, йӕхӕдӕг куыд домы, афтӕ дзы куы пайда кӕнай, уӕд.1:8 Ром. 7:12.

9 Ома, Ӕгъдау лӕвӕрд у рӕстгӕнӕгӕн нӕ, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны, уыдонӕн, ӕмӕ хивӕндтӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕн, тӕригъӕдджынтӕн, сыгъдӕг цы у, уый ницӕмӕдарджытӕн ӕмӕ фауджытӕн, фыд ӕмӕ мады ӕфхӕрджытӕн, лӕгмартӕн,1:9 Гал. 5:23.

10 Хӕлд адӕмӕн, нӕлмойтӕн, лӕгдавджытӕн, мӕнгардтӕн, мӕнгӕвдисӕнтӕн, стӕй ма, раст ахуырады ныхмӕ цы у, уыдӕттыл чи хӕцы, уыдонӕн.

11 Уыцы ахуырад цӕуы тӕхудиаг Хуыцауы намысыл дзурӕг фарны уацӕй – мӕнӕн кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уымӕй.1:11 1 Фес. 2:4.

Павел – Чырыстийы кусӕг

12 Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Хицау Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй.1:12 Ап. хъ. 9:15.

13 Ӕз Ӕй раздӕр фаудтон, зылдтӕн Йӕ фӕдыл ӕмӕ Йӕ ӕфхӕрдтон, фӕлӕ мын ныббарстӕуыд, уымӕн ӕмӕ цы кодтон, уый не ’мбӕрстон – уыдтӕн ӕнӕуырнӕг.1:13 Гал. 1:13.

14 Нӕ Хицау мын рӕдауӕй бахай кодта Йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нӕхи чи свӕййы, уыцы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй.1:14 1 Кор. 15:10.

15 Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн: Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ, ӕмӕ уыдонӕн ӕз сӕ фыццаг дӕн.1:15 Мф. 9:13; Мк. 2:17; Лк. 5:32.

16 Ӕмӕ мын хатыргонд дӕр уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Йесо Чырысти фыццаг мӕныл равдиса, куыд бирӕбыхсаг у, уый, ӕмӕ мӕ хабар зондыхос уа, чи Йыл баууӕнда ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи райса, уыдонӕн.

17 Мыггагмӕйы Паддзахӕн – цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы ӕнӕмӕлгӕ иунӕг Хуыцауӕн – кад ӕмӕ намыс уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.

18 Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау.1:18 1 Тим. 6:13.

19 Уӕд дӕм уырнындзинад ӕмӕ у хӕдӕфсарм. Иуӕй-иутӕ нӕ бакастысты се ’фсармы коммӕ ӕмӕ уый аххосӕй адзӕгъӕл сты уырнындзинадӕй.1:19 1 Тим. 3:9.

20 Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Александр. Ӕз сӕ бакодтон хӕйрӕджы бар, Хуыцауы нӕ фауыныл куыд сахуыр уой, афтӕ.1:20 1 Кор. 5:5.

2

Амындтӕ уырнджыты ӕмбырды тыххӕй

1 Фыццаджыдӕр курын, цӕмӕй куват, курат, лӕгъстӕ ӕмӕ арфӕ кӕнат Хуыцауӕн ӕппӕт адӕмы,

2 Паддзӕхты ӕмӕ ӕппӕт хицӕутты тыххӕй, ӕнцад-ӕнцойӕ ӕмӕ ӕнӕмастӕй, Хуыцауыл ӕнувыдӕй, кад ӕмӕ радимӕ куыд цӕрӕм, афтӕ.

3 Афтӕ кувын хорз ӕмӕ фӕндон у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕн –

4 Фӕнды Йӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой ӕмӕ базоной ӕцӕгад.2:4 2 Пет. 3:9.

5 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ӕхсӕн дӕр иу Ӕхсӕнылӕг ис – Адӕймаг Йесо Чырысти.

6 Ӕппӕт адӕмы ссӕрибары тыххӕй Уый Йӕхи ӕрхаста нывондӕн – уымӕй Хуыцауы фӕндон равдыстӕуыд Йӕхи нысангонд ӕмгъуыдыл.2:6 Мф. 20:28; Гал. 4:4.

7 [Чырыстийы раз] раст зӕгъын, нӕ сайын: мӕн сӕвӕрдӕуыд уыцы хабар хъусынгӕнӕгӕй ӕмӕ апостолӕй, муртаттӕн уырнындзинады ӕмӕ ӕцӕгады ахуыргӕнӕгӕй.2:7 Ап. хъ. 22:21; 2 Тим. 1:11.

8 Мӕн фӕнды, цӕмӕй алы ран дӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ сыгъдӕг къухтӕ дарой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йӕм кувой, сӕ зӕрдӕты фыдӕх ӕмӕ гуырысхо куыд нӕ уа, афтӕмӕй.2:8 Мф. 6:14; Иак. 1:6.

9 Мӕн ма уыимӕ фӕнды, цӕмӕй сылгоймӕгтӕ дарой ӕмбӕлгӕ дарӕс, уой хӕдӕфсарм ӕмӕ хӕрзӕгъдау. Сӕ фидауц уӕд дзыккуты аив быд, кӕнӕ сызгъӕрин фӕлындӕнтӕ, кӕнӕ налхъуыт, кӕнӕ зынаргъ дарӕс нӕ,2:9 1 Пет. 3:3.

10 Фӕлӕ хорз хъуыддӕгтӕ – афтӕ ӕмбӕлы, йӕхи Хуыцауыл ӕууӕндӕг чи хоны, уыцы сылгоймӕгтӕн.

11 Сылгоймаг ахуыр кӕнӕд ӕдзӕмӕй, иудадзыг коммӕгӕсӕй;

12 Нӕлгоймагӕн зонд амоныны ӕмӕ йыл ӕлдариуӕг кӕныны бар та йын нӕ дӕттын – уӕд ӕдзӕм.2:12 1 Кор. 14:34.

13 Уымӕн ӕмӕ раздӕр Адамы сфӕлдыстӕуыд, уый фӕстӕ та – Евӕйы.

14 Сайд дӕр Адамыл не ’рцыд – сылгоймагыл ӕрцыд сайд, ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын.

15 Уӕвгӕ зӕнӕг уадзыны фӕрцы фервӕздзӕн, уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй хайджын, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, уӕд.

3

Кӕй бон у аргъуаны хистӕр уӕвын

1 Ацы ныхас ӕцӕг у: аргъуаны хистӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы.3:1 Ап. хъ. 20:28.

2 Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг,3:2 Тит. 1:7.

3 Ма уа расыггӕнаг, хылмондаг, загъдгӕнаг, ӕхцауарзаг, фӕлӕ уа ӕвӕлмас,3:3 1 Пет. 5:2.

4 Аккаг уынаффӕгӕнӕг йӕ хӕдзарӕн, аргъ ын кӕной йӕ цот ӕмӕ уой коммӕгӕс.

5 Уымӕн ӕмӕ хи хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ чи нӕ арӕхсы, уый Хуыцауы аргъуаныл куыд мӕт кӕндзӕн?

6 Аргъуаны хистӕр, ӕрӕджы чи баууӕндыд, уыдонӕй ма уӕд, цӕмӕй йӕхиуыл ма фервӕсса ӕмӕ, хӕйрӕгӕн цы тӕрхон рахастӕуыд, ахӕм тӕрхон ын ма рахастӕуа.

7 Хъуамӕ йӕ нымайой ӕнӕуырнджытӕ дӕр, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй мацы райхъуыса ӕмӕ хӕйрӕджы хызы ма бахауа.

8 Диакъонтӕ дӕр хъуамӕ уой аккаг лӕгтӕ, ма уой дывзагон, нозтуарзаг ӕмӕ кӕрӕф.

9 Хъуамӕ фидар хӕцой уырнынады арфӕвӕрд мидисыл ӕмӕ сӕ цӕсгом уа сыгъдӕг.3:9 1 Тим. 1:19.

10 Ахӕмты фыццаг хъӕуы бафӕлварын, ӕмӕ ӕнӕфау куы разыной, уӕд-иу диакъоны лӕггад кӕнӕнт.

11 Афтӕ сӕ устытӕ дӕр хъуамӕ уой аккаг, ма уой хахуыргӕнджытӕ, уой уӕззау зонды хицау ӕмӕ ӕууӕнкджын алы хъуыддаджы дӕр.

12 Диакъон хъуамӕ уа иу усы мой, хорз арӕхса йӕ цотӕн ӕмӕ йӕ хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ.

13 Хорз чи бакусы, уыцы диакъонтӕ схизынц сӕ куысты уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ, ӕмӕ Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы Хуыцауы раз свӕййынц тынг ныфсджын.

Ӕцӕгады цӕджындз

14 Ацы фыстӕг дӕм фыссын, рӕхджы дӕм кӕй ӕрцӕудзынӕн, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ.

15 Фӕлӕ куы афӕстиат уон, уӕд зон, Хуыцауы хӕдзары хи куыд дарын хъӕуы, уый. Уыцы хӕдзар цардӕгас Хуыцауы Аргъуан у – ӕцӕгадӕн йӕ цӕджындз ӕмӕ йе ’нӕфӕцудгӕ бындур.

16 Гуырысхойаг нӕу – нӕ уырнынады сусӕгдзинад егъау у: Хуыцау- 3:16 Иуӕй-иу рагондӕр къухфыстыты дзырд |iХуыцау|r-ы бӕсты фыст у |iУый|r. фӕзынд адӕймаджы буары, Чи у, уый равдыста Сыгъдӕг Уд, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном Ын фехъуыстой адӕмтӕ, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд намысджынӕй.3:16 Ин. 1:14; 1 Пет. 1:12; Ром. 1:4; 10:18; Эф. 3:10.

4

Мӕнгахуыргӕнджыты тыххӕй

1 Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой удтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл.4:1 2 Пет. 3:3; 2 Тим. 3:1.

2 Ахӕм ахуырӕдтӕ хӕлиу кӕнынц, йе ’фсарм чи бахордта, уыцы мӕнгард цӕстмӕхъустӕ.

3 Уыдон нӕ уадзынц ус курын, нӕ дӕттынц бӕлвырд хойрӕгтӕ хӕрыны бар; афтӕмӕй та сӕ Хуыцау уымӕн сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бузныгӕй хӕрой, чи Йыл баууӕндыд ӕмӕ ӕцӕгад чи базыдта, уыдон.

4 Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый у хорз ӕмӕ аппаринаг нӕу, бузныгӕй йӕ куы хӕрай, уӕд,

5 Уымӕн ӕмӕ ссыгъдӕг вӕййы Хуыцауы ныхасӕй ӕмӕ кувынӕй.

Хуыцауы хорз кусӕг

6 Уыдӕттӕ амон ӕфсымӕртӕн, ӕмӕ уыдзынӕ, уырнындзинады ныхӕстӕй, стӕй цы арфӕйаг ахуырадыл ныххӕцыдтӕ, уый ныхӕстӕй йӕхи чи хӕссы, Йесо Чырыстийы уыцы хорз кусӕг.

7 Ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕзонд аргъӕутты ӕмгӕрон та ма цу, фӕлӕ фӕлвар Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл.

8 Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у – зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.

9 Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн.

10 Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, Ирвӕзынгӕнӕг у.

11 Амон афтӕ ӕмӕ ууыл ахуыр кӕн иннӕты.

12 Ӕвзонг кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕрвӕссон мачи уӕд. Уырнджытӕн у фӕзминаг дӕ ныхасӕй, дӕ цардӕй, дӕ уарзтӕй, дӕ уырнындзинадӕй, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уымӕй.

13 Ме ’рцыдмӕ кӕс Сыгъдӕг Фыст, амон ӕмӕ ахуыр кӕн иннӕты дӕр.

14 Аргъуаны хистӕртӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы курдиат радта, уымӕ уазал цӕстӕй ма кӕс.

15 Де ’ргом аздах ӕппӕт уыдӕттӕм, дӕхи сын снывонд кӕн, цӕмӕй алчидӕр уына де ’нтыст.

16 Кӕс лӕмбынӕг дӕ цардыуагмӕ ӕмӕ цӕуыл ахуыр кӕныс, уымӕ; афтӕ кӕн иудадзыг. Уӕд дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр.

5

Зӕрӕдтӕ ӕмӕ идӕдзтӕ

1 Зӕронд лӕгмӕ тызмӕгӕй ма дзур, фӕлӕ йын амон, цыма дӕ фыдӕн; ӕрыгӕттӕн амон, цыма де ’фсымӕртӕн;

2 Зӕронд устытӕн – цыма дӕ мадӕн; ӕрыгӕттӕн – цыма дӕ хотӕн, дӕ зӕрдӕ сыгъдӕг куыд уа, афтӕмӕй.

3 Ӕххуыс кӕн, иунӕгӕй чи баззад, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕн.

4 Фӕлӕ кӕд идӕдзӕн ис сывӕллӕттӕ кӕнӕ цоты цот, уӕд уыдон фыццаг сахуыр уӕнт хи хӕдзары сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисыныл ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ хорз хорзӕй фидыныл – уый Хуыцауӕн фӕндон у.

5 Иунӕгӕй чи баззади, уыцы идӕдз ус йӕ зӕрдӕ дары ӕрмӕст Хуыцауыл, ӕхсӕвӕй-бонӕй кувы ӕмӕ куры.5:5 Лк. 2:37.

6 Ирхӕфсӕнтӕ уарзаг идӕдз ус та цӕрдудӕй мард у.

7 Амон сын ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй сӕ цард уа ӕнӕфау.

8 Хионтыл, уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у.5:8 Гал. 6:10.

9 Идӕдзты номхыгъдмӕ бахӕссӕн ис, ӕппынкъаддӕр ӕртиссӕдз азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ иу мой кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймӕгты.

10 Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты – алы хорз хъуыддагмӕ дӕр ӕмхиц.

11 Ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгты та номхыгъдмӕ ма хӕсс, уымӕн ӕмӕ сӕ монцтӕ Чырыстийӕ уӕлдӕр куы сӕвӕрынц, уӕд сӕ бафӕнды моймӕ фӕцӕуын.

12 Афтӕмӕй свӕййынц азымджын, уымӕн ӕмӕ фӕсайынц, раздӕр кӕй радтой, сӕ уыцы дзырд.

13 Уыимӕ ма фӕцалх вӕййынц ӕвдӕлон цардыл ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар зилыныл; свӕййынц канд ӕвдӕлон нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлдзых, сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты, фӕдзурынц, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ.

14 Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз устытӕ цӕуой моймӕ, арой сывӕллӕттӕ, уынаффӕ кӕной сӕ хӕдзӕрттӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕгӕн мацы фадат дӕттой фауынӕн.

15 Уымӕн ӕмӕ иуӕй-иутӕ ныридӕгӕн адзӕгъӕл сты хӕйрӕджы фӕдыл.

16 Кӕд уырнӕг сылгоймагӕн ис хӕстӕг идӕдз устытӕ, уӕд сӕ хӕссӕд йӕхӕдӕг ӕмӕ аргъуаны ма тыхсын кӕнӕд, цӕмӕй аргъуан ӕххуыс кӕна иунӕгӕй баззайӕг идӕдз устытӕн.

Аргъуаны хистӕрты тыххӕй

17 Нывыл разамынд цы аргъуаны хистӕртӕ дӕттынц, уыдонӕн фылдӕр аргъ кӕнын хъӕуы, Хуыцауы ныхас амоныныл ӕмӕ ахуыр кӕныныл чи кусы, уӕлдайдӕр уыдонӕн.

18 Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых бастӕй ма дар», ӕмӕ: «Алы фӕллойгӕнӕг дӕр хъуамӕ райса йӕ мызд».5:18 Мф. 10:10; Лк. 10:7; 1 Кор. 9:9.

19 Аргъуаны хистӕрыл цы хъаст ӕрбацӕуа, уымӕ ма байхъус, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны куы нӕ уа, уӕд.

20 Тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдонӕн уайдзӕф кӕн ӕппӕт аргъуаны раз, цӕмӕй тӕрсой иннӕтӕ дӕр.

21 Хуыцауы, Йесо Чырыстийы ӕмӕ ӕвзӕрст зӕдты раз дӕуӕн фидарӕй фӕдзӕхсын уыцы амындтӕ ӕххӕст кӕнын; уыимӕ макӕй хъулон кӕн, алкӕмӕ дӕр кӕс иухуызон цӕстӕй.5:21 1 Тим. 6:13.

22 Искӕуыл къух ӕрӕвӕрынмӕ ма батагъд кӕн, цӕмӕй ма схайджын уай кӕйдӕр тӕригъӕдӕй; дӕхи бахиз счъизийӕ.

23 Нырӕй фӕстӕмӕ нуаз ӕрмӕст дон нӕ, фӕлӕ иучысыл сӕн дӕр, дӕ ахсӕн кӕй риссы ӕмӕ арӕх рынчын кӕй вӕййыс, уый тыххӕй.

24 Иуӕй-иутӕн сӕ тӕригъӕдтӕ тӕрхоны агъоммӕ дӕр бӕлвырд сты, иннӕтӕн та фӕстӕдӕр раргом вӕййынц.

25 Афтӕ бӕлвырд сты хорз хъуыддӕгтӕ дӕр, фӕлӕ кӕд бӕлвырд не сты, уӕд дӕр нӕ басусӕг уыдзысты.

6

Амындтӕ цагъартӕн

1 Цагъарады ӕфсондзы бын чи ис, уыцы цагъартӕ хъуамӕ алы ӕгъдауӕй дӕр нымайой сӕ хицӕутты, Хуыцауы номмӕ ӕмӕ нӕ ахуырадмӕ фау ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа, афтӕ.6:1 Тит. 2:9.

2 Уырнӕг хицӕуттӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕм ницӕмӕ дарыны цӕстӕй ма кӕсӕнт, се ’фсымӕртӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ сын хъуамӕ кусой ноджы ӕнувыддӕрӕй, уымӕн ӕмӕ кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдон уырнджытӕ ӕмӕ уарзон ӕфсымӕртӕ сты. Ууыл ахуыр кӕн уырнджыты, араз сӕ ахӕм зондыл.

Мӕнгахуырад ӕмӕ ӕцӕг хӕзна

3 Ӕндӕр ахуырад чи амоны, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы раст ныхӕстыл ӕмӕ ӕцӕг уырнындзинадӕй рацӕугӕ ахуырадыл чи нӕ хӕцы,6:3 1 Кор. 2:2.

4 Уый у сӕрыстыр, ницы зоны, сӕйы ӕнӕхъуаджы дзӕнгӕда ӕмӕ быцӕуныхӕсты низӕй. Ахӕм быцӕутӕ расайынц хӕлӕг, хъаугъатӕ, фыдгой, гуырысхойы ӕфтауӕг хъуыдытӕ,

5 Ӕнӕбанцайгӕ хъӕлӕбатӕ. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдонӕн сӕ зонд ныззыгъуыммӕ, ныууагътой ӕцӕгад, сты ахӕм хъуыдыйыл хӕст, цыма уырнындзинад ӕфтиаг райсынӕн у. [Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.]

6 Уырнындзинад та хъӕздыг кӕны, цы йӕм ис, уый фагыл чи нымайы, уыцы адӕймаджы.

7 Уымӕн ӕмӕ мах дунемӕ ницы ӕрхастам, ӕмӕ дзы нӕ бон ницы ахӕссын бауыдзӕн.

8 Фӕлӕ нын хойраг ӕмӕ дарӕс куы уа, уӕд уый фагыл хъуамӕ нымайӕм.

9 Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕддаг.6:9 Мк. 4:19; Лк. 12:15.

10 Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг ӕхцайы бӕллиц у. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхи бафтыдтой бирӕ хъизӕмӕртты.

Павел фӕдзӕхсы Тимофейӕн

11 Ды та, Хуыцауы адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ ӕвӕлмас уӕвынмӕ.

12 Ӕнувыдӕй тох кӕн уырнындзинадыл, фидар хӕц мыггагмӕйы цардыл. Уыцы цардмӕ дӕ ӕрхуындӕуыд, ӕмӕ йӕ сӕраппонд дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргомӕй загътай бирӕ ӕвдисӕнты раз.

13 Алкӕмӕн дӕр цард Чи дӕтты, уыцы Хуыцауы раз, стӕй Понтий Пилатӕн ӕцӕгады тыххӕй ӕргомӕй Чи загъта, уыцы Йесо Чырыстийы раз дын фӕдзӕхсын:6:13 Мф. 27:11; Мк. 15:2; Лк. 23:3; Ин. 18:37; 1 Тим. 5:21.

14 Ӕппӕт амындтӕ ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕнӕфауӕй ӕххӕст кӕн суанг нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ.

15 Уыцы ӕрцыд уыдзӕн йӕ рӕстӕджы, тӕхудиаг ӕмӕ иунӕг Дунедарӕджы, паддзӕхты Паддзахы ӕмӕ хицӕутты Хицауы фӕндонмӕ гӕсгӕ.6:15 1 Тим. 1:11; Ӕрг. 17:14.

16 Уый у, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы Чи цӕры, адӕмӕй Кӕй ничи федта ӕмӕ фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Ӕнӕмӕлгӕ цард ӕрмӕст Уымӕ ис. Намыс ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагмӕ! Амен.6:16 Ин. 1:18; 1 Ин. 4:12.

Амындтӕ бонджынтӕн

17 Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ӕппӕт дӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы [цардӕгас] Хуыцауӕй.6:17 Мк. 4:19; Лк. 12:15.

18 Уыдон аразӕнт хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыцы хорз хъуыддӕгтӕ уӕнт сӕ хъӕздыгдзинад; уадз ӕмӕ уой рӕдау ӕмӕ зӕрдӕхӕлар;

19 Ӕмбырд кӕной, фидӕнӕн ӕнӕфӕцудгӕ бындур чи у, уыцы хӕзна, цӕмӕй райсой ӕцӕг цард.6:19 Мф. 6:20; Лк. 12:33.

20 О Тимофей, цы дын баргонд ӕрцыди, уый бахъахъхъӕн. «Зонынад» кӕй хонынц, ӕцӕгӕй та зонынадимӕ иумӕйагӕй кӕмӕн ницы ис, уый фӕдыл ӕлгъаг дзӕгъӕлы ныхӕсты ӕмӕ ӕнӕзонд быцӕуты ӕмгӕрон ма цу.6:20 1 Тим. 1:4; 4:1.

21 Иуӕй-иутӕ дзурынц, цыма сӕм ис уыцы «зонынад», афтӕмӕй та уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд.