Апостол Павелы фыццаг фыстӕг фессалоникӕгтӕм

1

1 Павелӕй, Силуанӕй ӕмӕ Тимофейӕ – Фыд-Хуыцауы ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийы аргъуанмӕ Фессалоникӕйы. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.1:1 Ап. хъ. 16:1; Гал. 1:3.

2 Мах уеппӕты тыххӕй дӕр кӕддӕриддӕр арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, ӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ рох нӕ вӕййут.1:2 Флп. 1:3; 2 Фес. 1:3.

3 Нӕ Фыд Хуыцауы раз мах иудадзыг нӕ зӕрдыл дарӕм, уырнындзинад кӕмӕ разӕнгард кӕны, уӕ уыцы хъуыддӕгтӕ, уарзт кӕмӕ аразы, уӕ уыцы фӕллой, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ныфсӕй фӕразон кӕй стут, уый.1:3 Ап. хъ. 17:4.

4 Хуыцау сымах кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ уӕ кӕй уарзы, уый махӕн зындгонд у, не ’фсымӕртӕ.

5 Уымӕн ӕмӕ уын нӕ фарны уац мах хъусын кодтам ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ бирӕ ӕвдисӕйнӕгтимӕ. Уӕхӕдӕг зонут, сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уӕ сӕраппонд нӕхи куыд дардтам, уый.1:5 Ром. 15:19.

6 Ӕмӕ сымах фӕзмын райдыдтат мах ӕмӕ Хицауы. Фарны уацыл баууӕндыдыстут бирӕ зынтӕ ӕвзаргӕйӕ, фӕлӕ уын Сыгъдӕг Уд кӕй радта, уыцы цинимӕ.1:6 Флп. 3:17.

7 Ӕмӕ афтӕмӕй фӕзминаг систут Македонийы ӕмӕ Ахайы ӕппӕт уырнджытӕн.

8 Хицауы фарны уац сымахӕй анхъӕвзта канд Македонийыл ӕмӕ Ахайыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауыл куыд тынг ӕууӕндут, уыцы хабар бахӕццӕ алы ранмӕ дӕр, ӕмӕ ныр мах уый тыххӕй дзурын ницӕмӕнуал хъӕуы.

9 Сӕхӕдӕг дзурынц, куыд ныл сӕмбӕлдыстут, мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, ууыл – сымах систут цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ,

10 Ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут уӕлӕрвтӕй Йӕ Фырт Йесойы ӕрцыдмӕ. Уый Хуыцау райгас кодта мӕрдтӕй, ӕмӕ мах ирвӕзын кӕны ӕрцӕуинаг фыдӕхӕй.

2

Павелы фӕллой Фессалоникӕйы

1 Сымах уӕхӕдӕг зонут, ӕфсымӕртӕ, не ’рцыд уӕм дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕци, уый.

2 Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ фарны уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр.2:2 Ап. хъ. 16:22.

3 Мах адӕмы цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕн йӕ бындур уый нӕу, ӕмӕ дзӕгъӕл фестӕм, йе нӕ бӕллицтӕ чъизи сты, йе искӕй асайыныл архайӕм.2:3 2 Кор. 2:17.

4 Хуыцау мах бафӕлвӕрдта ӕмӕ нын бабар кодта фарны уац, ӕмӕ нӕ ныхас дӕр ахӕм у – архайӕм адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ, фӕлӕ нӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл.

5 Сымах куыд зонут, афтӕмӕй козбау ныхас махӕй никуы рацыд; хи пайдамӕ бӕллыны зӕрдӕ нӕм нӕ уыди – Хуыцау ӕвдисӕн.

6 Адӕм нын кад кӕной – сымах уат ӕви ӕндӕр исчи – уымӕ дӕр нӕ бӕллӕм.

7 Мах Чырыстийы апостолтӕ стӕм, ӕмӕ нӕ бон уыди нӕхи бӕрзонд сӕвӕрын, фӕлӕ уе ’хсӕн уыдыстӕм ӕвӕлмас, дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбултыл куыд узӕла, уыйау.2:7 2 Тим. 2:24.

8 Мах уыл афтӕ ӕнувыд стӕм, афтӕ уӕ бауарзтам, ӕмӕ нӕ бафӕндыди сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы фарны уац фехъусын кӕнын нӕ, фӕлӕ уын нӕ уд дӕр раттын.

9 Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхстыхос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй, ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы фарны уац.2:9 Ап. хъ. 18:3; 1 Кор. 4:12; 2 Фес. 3:8.

10 Ӕвдисӕнтӕ уӕхӕдӕг ӕмӕ Хуыцау: сымахмӕ, уырнджытӕм, цардыстӕм сыгъдӕгӕй, рӕстзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕнӕфауӕй.

11 Сымах зонут: мах уӕ алкӕй дӕр хъомыл кодтам, фыд йӕ хъӕбулты куыд хъомыл кӕны, афтӕ –

12 Лӕвӕрдтам уын ныфс, рӕвдыдтам ӕмӕ уӕ ахуыр кодтам, цӕмӕй уӕ цард уа, Йӕ Паддзахадмӕ ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ Чи хоны, уыцы Хуыцауӕн фӕндон.2:12 Эф. 4:1; Флп. 1:27; Кол. 1:10.

13 Ӕмӕ уый тыххӕй мах иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ махӕй цы Хуыцауы ныхас фехъуыстат, уый банымадтат адӕймагӕй рацӕугӕ ныхасыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ – Хуыцауы ныхасыл, ӕмӕ сымах, уырнджытӕ, уӕ цард аразут уыцы ныхасмӕ гӕсгӕ.

14 Ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр систут, Йесо Чырыстийӕн Иудейӕйы чи ис, Хуыцауы уыцы аргъуантау – ӕфхӕрд уӕхи адӕмӕй баййӕфтат, уыдон дӕр иудейтӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфтой, афтӕ.2:14 Дзут. 10:34.

15 Хицау Йесойы ӕмӕ пехуымпарты дӕр иудейтӕ амардтой, мах дӕр фӕсырдтой; Хуыцау дӕр сӕ ныхмӕ у, ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр знӕгтӕ сты.2:15 Мф. 23:34.

16 Мах муртаттӕн хъусын кӕнӕм фарны уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл – афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.

Павел бӕллы фессалоникӕгты фендмӕ

17 Мах, ӕфсымӕртӕ, цыбыр ӕмгъуыдмӕ фӕхицӕн стӕм сымахӕй, ӕмӕ нӕ кӕд цӕстӕй нӕ уынут, уӕддӕр зӕрдӕйӕ уемӕ стӕм. Зӕрдиагӕй архайдтам уӕ феныныл.

18 Ӕз, Павел, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъавыдтӕн сымахмӕ ӕрцӕуынмӕ, фӕлӕ нын хӕйрӕг ӕвӕрдта цӕлхдуртӕ.

19 Сымах стут нӕ ныфс, нӕ цин, стӕй нӕ Хицау Йесо куы ӕрцӕуа, уӕд Ын нӕхицӕй цӕмӕй ӕппӕлдзыстӕм, нӕ уыцы хӕрзиуӕг.2:19 2 Кор. 1:14.

20 О, нӕ намыс ӕмӕ нӕ цин сымах стут.2:20 Флп. 4:1.

3

1 Ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бон кӕй нал уыди, уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам, цӕмӕй нӕхӕдӕг баззайӕм Афинты,

2 Чырыстийы тыххӕй фарны уац хъусын кӕныны хъуыддаджы Хуыцауӕн немӕ чи кусы, нӕ уыцы ӕфсымӕр Тимофейы та арвыстам уӕ барӕвдауынмӕ ӕмӕ уӕ уырнындзинад сфидар кӕнынмӕ,3:2 Ап. хъ. 16:1.

3 Цӕмӕй уыцы зынты сымахӕй мачи фӕцуда. Зынтӕ бавзарын нын нысангонд кӕй у, уый уӕхӕдӕг хорз зонут –3:3 2 Тим. 3:12.

4 Куы уӕм уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам, кӕй нӕ ӕфхӕрдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый ныр уӕхӕдӕг уынут.

5 Уымӕ гӕсгӕ мӕнӕн дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын мӕ бон нал уыд, ӕмӕ арвыстон уӕ уырнындзинады тыххӕй базонынмӕ, цӕмӕй хӕйрӕг сымах ма смондаг кӕна тӕригъӕдмӕ ӕмӕ нӕ куыст дзӕгъӕлы ма фӕуа.

6 Ныр Тимофей ӕрцыд сымахӕй ӕмӕ нӕм ӕрхаста хорз хабар уӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕ уарзты тыххӕй; загъта нын, ӕдзух уӕ зӕрдыл кӕй лӕууӕм, ӕмӕ мах сымах фендмӕ куыд бӕллӕм, сымах дӕр мах фендмӕ афтӕ кӕй бӕллут.

7 Ӕмӕ кӕд зынты ӕфтӕм ӕмӕ нӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр, ӕфсымӕртӕ, уӕ уырнындзинад мах бауагъта ныфс.

8 Кӕд сымах фидарӕй ӕууӕндут Хицауыл, уӕд мах удӕгас стӕм.

9 Сымах тыххӕй, стӕй нын нӕ Хуыцауы раз цы стыр цин ӕрхастат, уый тыххӕй Хуыцауӕн аккаг арфӕ кӕм ссарӕм?

10 Ӕхсӕвӕй-бонӕй кувӕм ӕвӕллайгӕйӕ, цӕмӕй уӕ фенӕм лӕгӕй-лӕгмӕ ӕмӕ баххӕст кӕнӕм, уӕ уырнындзинад цы хъуаг у, уый.3:10 Ром. 1:10.

11 Уӕдӕ нын нӕ Фыд Хуыцау Йӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ Хицау Йесо нӕ фӕндаг саразӕнт сымахмӕ.

12 Хицау уын раттӕд, мах уӕ цы уарзтӕй уарзӕм, ахӕм уарзондзинад, уӕ кӕрӕдзи ӕмӕ иннӕты дӕр зӕрдиагӕй куыд уарзат, афтӕ,

13 Цӕмӕй уын Хицау сфидар ӕмӕ ссыгъдӕг кӕна уӕ зӕрдӕтӕ, ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцауы раз уат ӕнаипп, нӕ Хицау Йесо Йеппӕт сыгъдӕджытимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд. Амен.3:13 1 Кор. 1:8; Флп. 1:10; 1 Фес. 5:23.

4

Хуыцауӕн фӕндон цард

1 Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: куыд цӕрын хъӕуы ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын хъӕуы, ууыл уӕ мах куыд сахуыр кодтам, кӕд цӕргӕ дӕр афтӕ кӕнут, уӕддӕр ут ноджы ӕнувыддӕр.4:1 Флп. 1:27.

2 Сымах хорз зонут, Хицау Йесойы номӕй уын цы бафӕдзӕхстам, уыдӕттӕ.

3 Хуыцауӕн фӕндон у уӕ сыгъдӕг цард: уӕхи бахизут хӕтынӕй.4:3 Ром. 6:22; 12:2.

4 Алчидӕр уӕ сахуыр уӕд йӕ буар Хуыцауы фӕндиаг ӕнӕкъӕмӕй дарыныл,4:4 1 Кор. 6:18.

5 Ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы муртаттау чъизи мондӕгты коммӕ ма кӕсут.

6 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сымахӕй уыцы хъуыддаджы йе ’фсымӕры тӕригъӕды мачи бацӕуа ӕмӕ йӕ ма асайа йӕхи пайдайӕн. Уымӕн ӕмӕ уын мах раздӕр куыд дзырдтам ӕмӕ уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй мастисӕг Хицау у.4:6 1 Тим. 6:10.

7 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мах сӕвзӕрста чъизи цардӕй цӕрынмӕ нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг цардӕй цӕрынмӕ.4:7 1 Кор. 1:2; Эф. 1:4.

8 Уӕдӕ хивӕнд чи у, уый адӕймаджы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта, уыцы Хуыцауы коммӕ нӕ кӕсы.4:8 Лк. 10:16; 1 Кор. 2:10.

9 Ӕфсымӕрты уарзыны тыххӕй уӕм фыссын уӕвгӕ дӕр нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзын сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у.4:9 Ин. 13:34; 15:12; 1 Ин. 3:11.

10 Ӕмӕ ныр сымах ахӕм цӕстӕй кӕсут ӕгас Македонийы ӕппӕт ӕфсымӕртӕм. Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: ут ноджы ӕнувыддӕр,

11 Зӕрдиагӕй тырнут сабыр цардӕй цӕрынмӕ; алчидӕр аразӕд йӕ хъуыддаг ӕмӕ кусӕд йӕхи къухтӕй, мах уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ.4:11 Эф. 4:28; 2 Фес. 3:10.

12 Уӕд ӕнӕуырнджыты раз уӕ цард уыдзӕн нывыл, ӕмӕ хъуаг ницӕмӕй ӕййафдзыстут. 4:12 Ром. 13:13. Чырыстийы дыккаг ӕрцыд

13 Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, чи амарди, уыдоны тыххӕй, ӕмӕ зӕрдӕдарӕн кӕмӕн нӕй, уыдонау хъынцъымы ма ӕфтат.

14 Мах ӕууӕндӕм, Йесо кӕй амард ӕмӕ райгас, ууыл. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд Йесойыл ӕууӕндгӕйӕ чи амарди, уыдоны дӕр Хуыцау Чырыстиимӕ ӕркӕндзӕн Йӕхимӕ.4:14 1 Кор. 15:20.

15 Мах уын ныртӕккӕ цы зӕгъӕм, уый Хицауы ныхас у: Хицауы ӕрцыдмӕ махӕй удӕгасӕй чи баззайа, уыдон мӕрдты разӕй нӕ фӕуыдзысты.4:15 1 Кор. 15:51.

16 Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Хицау Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон.4:16 Мф. 24:31; 2 Фес. 1:7.

17 Уый фӕстӕ мах, удӕгасӕй баззайджытӕ, уыдонимӕ ист ӕрцӕудзыстӕм ӕврӕгътыл, уӕлдӕфы фембӕлдзыстӕм Хицауимӕ, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕдзух дӕр уыдзыстӕм Йемӕ.4:17 Ин. 14:3; 17:24.

18 Уыцы дзырдтӕй рӕвдаут уӕ кӕрӕдзийы.

5

1 Сымахмӕ, ӕфсымӕртӕ, афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдты тыххӕй фыссын ницӕмӕн хъӕуы.5:1 Ап. хъ. 1:7.

2 Хуыснӕг ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд ӕрцӕуы, Хицауы ӕрцыд дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕхӕдӕг дӕр бӕлвырдӕй зонут.5:2 Мф. 24:43; 2 Пет. 3:10; Ӕрг. 3:3; 16:15.

3 Уымӕн ӕмӕ адӕм куы дзурой: «сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст ӕрцӕудзӕн сӕ адзал – аирвӕзыны амал сын нӕ уыдзӕн.5:3 Лк. 21:35.

4 Сымах та, ӕфсымӕртӕ, талынджы нӕ цӕрут, ӕмӕ уӕ уыцы бон хуыснӕгау ӕдзӕллагӕй ӕрӕййафа.

5 Уымӕн ӕмӕ уеппӕт дӕр рухсы хъӕбултӕ ӕмӕ боны хъӕбултӕ стут. Мах ӕхсӕвы хъӕбултӕ дӕр не стӕм ӕмӕ талынджы хъӕбултӕ дӕр.5:5 Ром. 13:12.

6 Уӕдӕ иннӕтау фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус.5:6 Мф. 24:42.

7 Уымӕн ӕмӕ фынӕйгӕнджытӕ ӕхсӕв фӕфынӕй кӕнынц, ӕмӕ расыггӕнджытӕ ӕхсӕвы барасыг вӕййынц.

8 Мах та боны хъӕбултӕ стӕм, ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та – не згъӕрхуд.5:8 Эф. 6:14.

9 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мах сӕвзӕрста Йӕ фыдӕх ныл бафтауынмӕ нӕ, фӕлӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы фервӕзынмӕ.5:9 2 Фес. 2:14.

10 Йесо амарди мах тыххӕй, цӕмӕй мах, удӕгас уӕм ӕви мард, цӕрӕм Йемӕ.5:10 Ром. 14:9.

11 Уымӕ гӕсгӕ рӕвдаут кӕрӕдзийы, иу иннӕмӕн уӕд фидаргӕнӕг – ӕнӕуи дӕр куыд кӕнут, афтӕ.

Фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ саламтӕ

12 Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: нымайут, чи уӕм фӕллой кӕны ӕмӕ уын зонд чи амоны, уӕ аргъуаны уыцы хистӕрты.

13 Уарзут сӕ ӕмӕ сын уӕлдай аргъ кӕнут сӕ куысты тыххӕй. Кӕрӕдзиимӕ цӕрут фидыдӕй.

14 Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.5:14 Гал. 6:2.

15 Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕхӕн мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ.5:15 Мф. 5:39; 1 Пет. 3:9; Ром. 12:17.

16 Цин кӕнут кӕддӕриддӕр.

17 Кувут иудадзыг.5:17 Лк. 18:1; Кол. 4:2.

18 Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг ут Хуыцауӕй. Сымахмӕ, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕм, Хуыцау уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

19 Сыгъдӕг Уды ма къуылымпы кӕнут.

20 Пехуымпарадмӕ уазал цӕстӕй ма кӕсут.5:20 1 Кор. 14:1.

21 Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.5:21 1 Ин. 4:1.

22 Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.

23 Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд бынтондӕр – уӕ уд, уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ буар – ӕппӕт дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ.5:23 1 Фес. 3:13.

24 Уӕ Хонӕг иузӕрдион у, ӕмӕ Уый сараздзӕн ӕппӕт уыдӕттӕ.5:24 1 Кор. 1:9.

25 Ӕфсымӕртӕ, кувут мах тыххӕй.5:25 Кол. 4:3.

26 Ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ.

27 Хицауы номӕй уын фӕдзӕхсын ацы фыстӕг ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр бакӕсын.

28 Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд.