Апостол Петры фыццаг фыстӕг
11 Петрӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй, – Понты, Галатийы, Каппадокийы, Асийы ӕмӕ Вифинийы чи ныххӕлиу, ӕцӕгӕлонау дзы чи цӕры, Хуыцауы уыцы ӕвзӕрстытӕм.1:1 1 Пет. 2:9.
2 Кӕй уӕ сӕвзардзӕн, уый Фыд-Хуыцау зыдта рагацау, ӕмӕ Йӕ Уд ссыгъдӕг кодта сымах, цӕмӕй Йесо Чырыстийӕн уат коммӕгӕс ӕмӕ уӕ цӕхсадӕуа Йӕ Тугӕй. Хуыцау уын ноджы фылдӕр бахай кӕнӕд Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ фарнӕй.1:2 Эф. 1:4, 7; Дзут. 12:24.
Уырнджыты зӕрдӕдарӕн
3 Арфӕгонд уӕд нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн –1:3 Ром. 6:4; Эф. 1:3.
4 Фесӕфӕн кӕмӕн нӕй, рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм хорзӕхтӕ уӕлӕрвты ӕфснайдӕй лӕууынц сымахӕн.1:4 2 Тим. 4:8.
5 Уырнынад уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау сымах Йӕ хъаруйӕ хъахъхъӕны, цалынмӕ уӕ фервӕзын кӕна, уӕдмӕ. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, ӕмӕ йӕ Хуыцау раргом кӕндзӕни рӕстӕджы кӕроны.1:5 Ин. 10:28.
6 Ӕмӕ цин кӕнут уыдӕтты тыххӕй, ныртӕккӕ уӕ алыхуызон фӕлварӕнты исдуг хъыг бавзарын куы бахъӕуы, уӕд дӕр.1:6 Мф. 5:12; 2 Кор. 4:17.
7 Сызгъӕрин бафӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр фесӕфы; сызгъӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд.
8 Сымах цӕстӕй нӕ федтат Чырыстийы, фӕлӕ Йӕ уарзут, ӕмӕ Йӕ кӕд ныртӕккӕ нӕ уынут, уӕддӕр Ыл ӕууӕндут ӕмӕ уӕ цин у, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм.1:8 Ин. 20:29; 2 Кор. 5:7.
9 Уымӕн ӕмӕ уӕ къухы ӕфты, уырнындзинад сымах цӕмӕ хъуамӕ ӕркӕна, уый – уӕ удты фервӕзын кӕнын.1:9 Ром. 6:23.
10 Уыцы ирвӕзындзинад иртӕстой пехуымпартӕ ӕмӕ рагагъоммӕ загътой, сымахӕн нысангонд цы хорзӕх уыди, уый тыххӕй.1:10 Мф. 13:17; 2 Пет. 1:21.
11 Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы тухӕнты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры намысы тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы афонмӕ ӕмӕ ӕууӕлтӕм амыдта, уый базоныныл.
12 Хуыцау сын раргом кодта, цы раиртӕстой, уый сӕхи хорзӕхӕн нӕ, фӕлӕ уӕ хорзӕхӕн кӕй уыди. Цы раиртӕстой, уый тыххӕй ныр сымахӕн загътой, фарны уац уын уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй чи фехъусын кодта, уыдон. Уыцы сусӕгдзинад базонынмӕ бӕллынц зӕдтӕ дӕр.1:12 Эф. 3:10; 1 Тим. 3:16.
Ут сыгъдӕг
13 Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд уӕд архайынмӕ цӕттӕ ӕмӕ цырд лӕуут; уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.1:13 Лк. 12:35.
14 Ут коммӕгӕс хъӕбултау – Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уӕм цы мондӕгтӕ уыди, уыдоны фӕдыл ма цӕут,1:14 Ап. хъ. 17:30.
15 Фӕлӕ уӕ Ӕрхонӕг куыд сыгъдӕг у, афтӕ уӕхӕдӕг дӕр алы хъуыддаджы ут сыгъдӕг.1:15 Лк. 1:75.
16 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз сыгъдӕг дӕн».
17 Чи никӕй хъулон кӕны, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ Чи хӕссы тӕрхон, кӕд Уый уӕ Фыд хонут, уӕд ӕцӕгӕлон бӕстӕйы уӕ цард ӕрвитут афтӕ, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас куыд уа.
18 Уымӕн ӕмӕ сымах зонут: уӕ фыдӕлтӕй уын цы ницӕйаг цард баззад, уымӕй уӕ балхӕдӕуыди, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм ӕвзист кӕнӕ сызгъӕринӕй нӕ,
19 Фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы – Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.1:19 1 Ин. 1:17; 1 Кор. 6:20; Эф. 1:7; Дзут. 9:14; Ӕрг. 1:5, 20.
20 Уый сӕвзӕрстӕуыд дуне сфӕлдисыны размӕ, ӕмӕ сымах сӕраппонд раргом рӕстӕджы кӕрон.
21 Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта намыс, Хуыцауыл куыд ӕууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ куыд дарат.
22 Ӕцӕгадӕн коммӕ бакӕсыны руаджы сымах уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтат ӕнӕцӕстмӕуарзтӕй ӕфсымӕрты уарзынӕн. Уӕдӕ кӕрӕдзи бауарзут зӕрдиагӕй.1:22 1 Пет. 2:17.
23 Уымӕн ӕмӕ сымах ногӕй райгуырдыстут, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймаджы мыггагӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цардӕгас ӕмӕ ӕнусон ныхасы руаджы.1:23 Иак. 1:18.
24 Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Алы адӕймаг дӕр у кӕрдӕгау, йӕ намыс – быдираг дидинӕгау: кӕрдӕг бахус ӕмӕ дидинӕг ӕрызгъӕлди;
25 Хицауы ныхас та мыггагмӕ цӕры». Уыцы ныхас у, сымах цы фарны уац фехъуыстат, уый.
21 Уӕдӕ ныууадзут алы хӕрам, хин, цӕстмӕми, хӕлӕг ӕмӕ фыдгой.2:1 Кол. 3:8; Дзут. 12:1.
2 Ноггуырд сабитау кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдӕ агурӕд удӕн царддӕттӕг сыгъдӕг ӕхсыр – рӕзты хос уын куыд уа уӕ фервӕзынӕн, афтӕ.2:2 Мф. 11:3; Мк. 10:14.
3 Уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Хицауы хорзӕхы ад.
Хуыцауы адӕм
4 Адӕм Кӕуыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ Хуыцау Кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ Йын зынаргъ Чи у, ӕрцӕут уыцы Чырыстимӕ – удӕгас дурмӕ.2:4 Мф. 16:18; 21:42.
5 Ӕмӕ сымах дӕр, удӕгас дуртау, уӕхи раттут Хуыцауӕн уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн, уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывондтӕ – лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.2:5 Ӕрг. 1:6.
6 Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн – ӕвзӕрст зынаргъ дур, ӕмӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн».2:6 Ром. 9:33.
7 Уӕдӕ Уый сымахӕн, уырнджытӕн, хӕзна у, ӕнӕуырнджытӕн та у, «аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ сӕрӕвӕрӕн чи сси», «кӕуыл фӕкӕлынц ӕмӕ ахауынц, уыцы дур».2:7 Мф. 21:42.
8 Хуыцауы ныхасӕн коммӕгӕс кӕй не сты, уый тыххӕй Йыл фӕкӕлынц. Афтӕ сын снысан кодта Хуыцау.
9 Сымах та стут «ӕвзӕрст мыггаг, лӕггадгӕнджытӕ Паддзахӕн, Хуыцау Йӕхи кӕй бакодта, уыцы сыгъдӕг адӕм», талынгӕй уӕ Йӕ диссаджы рухсмӕ Ӕрхонӕджы алӕмӕты хъуыддӕгты тыххӕй куыд хъусын кӕнат.2:9 Ап. хъ. 26:18.
10 Кӕддӕр Хуыцауы адӕм нӕ уыдыстут, ныр та Йӕ адӕм стут. Кӕддӕр Ын Йӕ хорзӕх нӕ зыдтат, ныр та дзы хайджын стут.2:10 Ром. 9:25.
Цӕрут Хуыцауы цагъартау
11 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕстӕйы рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты коммӕ ма кӕсут – уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.2:11 Ром. 13:13; Гал. 5:16.
12 Муртатты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ цыма стут, уыйау уыл кӕд уыдон цъыф калынц, уӕддӕр уындзысты уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ӕрцӕуа, уӕд.2:12 Мф. 5:16.
13 Хицауы сӕраппонд коммӕгӕс ут, кӕй бар уыл цӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр: паддзахӕн – уӕлдӕр хицауиуӕггӕнӕгӕн,2:13 Ром. 13:1; Тит. 3:1.
14 Фыдгӕнджыты бафхӕрыны ӕмӕ хӕрзгӕнджыты барӕвдауыны тыххӕй паддзах кӕй сӕвӕры, уыцы хицӕуттӕн.
15 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон сӕвӕрат ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн.
16 Цӕрут сӕрибар адӕмау – Хуыцауы цагъартау. Фӕлӕ уӕ сӕрибар ӕвзӕр митӕ ма расайӕд.2:16 Гал. 5:13.
17 Аргъ кӕнут алкӕмӕн дӕр, уарзут ӕфсымӕрты, тӕрсут Хуыцауӕй, нымайут паддзахы.2:17 1 Пет. 1:22; Ром. 12:10.
18 Цагъартӕ, нымайут уӕ хицӕутты ӕмӕ сын ут коммӕгӕс, стӕй зӕрдӕхӕлар ӕмӕ ӕвӕлмас чи у, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ тызмӕгтӕн дӕр.
19 Уымӕн ӕмӕ исчи ӕназымӕй ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзара, ӕмӕ Хуыцауимӕ йӕ зӕрдӕ кӕй ис, уый сӕраппонд куы быхса, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у.2:19 Мф. 5:10.
20 Уе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафат ӕмӕ куы быхсат, уӕд дзы раппӕлинагӕй цы ис? Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразут, афтӕмӕй хъизӕмар ӕвзарут ӕмӕ стут фӕразон, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у –2:20 1 Пет. 3:14; 4:14.
21 Хуыцау уӕ уый тыххӕй сӕвзӕрста. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд, ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл.2:21 Мф. 16:24; Флп. 2:5.
22 Чырысти тӕригъӕды никуы бафтыд, ӕмӕ Йӕ дзыхӕй мӕнгныхас никуы рацыди.2:22 1 Ин. 3:5.
23 Дзырдтой Йын ӕвзӕртӕ, фӕлӕ ӕвзӕр ныхасӕй дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ ӕртхъирӕн кодта – ӕппӕт дӕр бакодта Ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы ӕвджид.
24 Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстдзинадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.2:24 Мф. 8:17; Ром. 6:2.
25 Уымӕн ӕмӕ сымах уыдыстут дзӕгъӕл фыстау, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут уӕ удты Фыййаумӕ ӕмӕ Цӕстдарӕгмӕ.
3Ус ӕмӕ лӕг
1 Афтӕ сымах дӕр, устытӕ, кӕсут уӕ лӕгты коммӕ, Хуыцауы ныхасӕн дзы чи нӕ сӕтты, цӕмӕй уыдонӕн зӕгъын дӕр ма бахъӕуа, фӕлӕ сӕ Хуыцаумӕ ӕрхона сӕ устыты цард,3:1 Эф. 5:22; Кол. 3:18.
2 Уымӕн ӕмӕ фендзысты, сымах кӕй цӕрут сыгъдӕгӕй ӕмӕ уӕм кӕй ис Хуыцауы тас.
3 Ӕддаг бакастӕй чи зыны, дзыккуты уыцы аив быд, сызгъӕрин фӕлындӕнтӕ кӕнӕ аив дарӕс ма уӕнт уӕ фидауц,3:3 1 Тим. 2:9.
4 Фӕлӕ уӕ зӕрдӕйы уаг, Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у, уыцы ӕвӕлмас ӕмӕ сабыр удыхъӕды ӕнӕмӕлгӕ рӕсугъддзинад.3:4 Ром. 7:22; 2 Кор. 4:16.
5 Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи дардта, уыцы сыгъдӕг устытӕ дӕр рагзаманы фидауцджын уыдысты, сӕ лӕгты коммӕ кӕй кастысты, уымӕй.
6 Афтӕ Саррӕ уыд Авраамӕн коммӕгӕс, ӕмӕ йӕ хуыдта йе ’лдар. Кӕд сымах хорз хъуыддӕгтӕ аразут ӕмӕ уыл фӕстӕмӕ ницавӕр тас хӕцы, уӕд Саррӕйы хъӕбултӕ стут.
7 Сымах дӕр, лӕгтӕ, цӕрут уӕ устытимӕ, уыдон лӕмӕгъдӕр кӕй сты, уый ӕмбаргӕйӕ. Аргъ сын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уемӕ райсдзысты Хуыцауы хорзӕх – мыггагмӕйы цард. Афтӕмӕй уӕ куывд нӕ фӕкъуылымпы уыдзӕн.3:7 1 Кор. 7:3; Гал. 3:28.
Фыдӕхӕн фыдӕхӕй ма фидут
8 Уӕдӕ уеппӕт дӕр ут ӕмзонд, иннӕйы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарз, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг.3:8 Ром. 15:5.
9 Фыдӕхӕн ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхасӕн – ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн – Хуыцау сымах уый тыххӕй ӕрхуыдта. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.3:9 Мф. 5:39; Ром. 12:14, 17.
10 Уымӕн ӕмӕ «тӕхудиаг цардӕй цӕрын ӕмӕ хорз рӕстӕг фенын кӕй фӕнды, уый ма уӕд маргӕвзаг ӕмӕ йӕ дзыхӕй ма рацӕуӕд мӕнгныхас,
11 Ныууадзӕд фыдӕх ӕмӕ аразӕд хорз хъуыддӕгтӕ, зӕрдиагӕй тырнӕд фидыдмӕ.
12 Хицау Йӕ цӕст дары рӕстгӕнджытӕм ӕмӕ сын хъусы сӕ куывдмӕ; фыдгӕнджытӕн та Хицау сӕ ныхмӕ у».
13 Ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм куы тырнат, уӕд уын фыдбылыз чи хъуамӕ сараза?
14 Фӕлӕ кӕд Хуыцауӕн фӕндон хъуыддӕгты тыххӕй тухӕн ӕвзарут, уӕд тӕхудиаг стут; уе ’фхӕрджытӕ уӕ цӕмӕй тӕрсын кӕнынц, уымӕй та ма тӕрсут ӕмӕ ма тыхсут.3:14 Мф. 5:10.
15 Зӕрдӕбынӕй кад кӕнут Чырыстийӕн – уӕ Хицауӕн. Уӕ зӕрдӕдарӕны бындурӕй уӕ чи фӕрса, уымӕн кӕддӕриддӕр цӕттӕ ут ӕвӕлмасӕй ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ дзуапп раттынмӕ.3:15 Кол. 4:6.
16 Уӕ цӕсгомыл къӕм абадын ма бауадзут, ӕмӕ фӕхудинаг уой, уӕ дзӕбӕх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.3:16 1 Пет. 2:12.
17 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй иугӕр хъизӕмар бавзаргӕ куы уа, уӕд ӕй ӕвзӕр хъуыддӕгты бӕсты фӕлтау хорз хъуыддӕгты тыххӕй бавзар.3:17 1 Пет. 4:15.
18 Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыциу хъизӕмар бавзӕрста – Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ уды ӕгъдауӕй райгас,3:18 Ром. 5:6; Дзут. 9:28.
19 Ӕмӕ афтӕмӕй ацыд ӕмӕ хъусын кодта уац ахст удтӕн –3:19 Кол. 2:15.
20 Кӕддӕр Хуыцауӕн чи нӕ басаст, уыдонӕн. Хуыцау сын быхста ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, цалынмӕ Ной нау арӕзта, уӕдмӕ. Уыцы науы ӕрмӕст цалдӕрӕй – аст адӕймаджы – фервӕзтысты доны фӕрцы.3:20 Мф. 24:37; Лк. 17:26.
21 Уыцы дон фӕсномыгӕй амыдта донаргъуыдмӕ; донаргъуыд та у буары чъизи ӕрӕхсын нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыны тыххӕй зӕрдӕ бавӕрын- 3:21 Ацы бынат тӕлмац кӕнынц афтӕ дӕр: |iУыцы дон фӕсномыгӕй амыдта донаргъуыдмӕ; донаргъуыд та буары чъизи ӕрӕхсын нӕу, фӕлӕ у Хуыцаумӕ сыгъдӕг цӕсгомы тыххӕй кувын|r. . Донаргъуыд абон сымах ирвӕзын кӕны Йесо Чырыстийы райгасы фӕрцы3:21 Ром. 6:4; Эф. 1:20. –
22 Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахиз фарс, Йӕ дӕлбар сты зӕдтӕ, уӕларвон барджынтӕ ӕмӕ тыхджынтӕ.3:22 Мф. 28:18; Эф. 1:20.
4Дӕ цард снывонд кӕн Хуыцауӕн
1 Чырысти буарӕй хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр Йӕ цӕстӕй кӕсут хъизӕмӕрттӕм ӕмӕ уымӕй ифтонг кӕнут уӕхи, уымӕн ӕмӕ буарӕй тухӕнгӕнӕг тӕригъӕды нал ӕфты –4:1 1 Пет. 2:21.
2 Буары цӕрынӕн ма йын цы рӕстӕг баззади, уый ӕрвиты адӕймаджы тӕригъӕдджын мондӕгтӕ ӕфсадгӕйӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй.4:2 2 Кор. 5:15; Гал. 2:20.
3 Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртатты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цас фӕцардыстут, уый – уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцты, фыднозты ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.4:3 Эф. 4:17.
4 Ныр муртаттимӕ иумӕ уыдонӕн сӕ хӕлд хъуыддӕгты цъымарайы кӕй нал ныгъуылут, уый сӕ ӕфтауы дисы ӕмӕ уыл цъыф калынц.4:4 1 Пет. 2:12.
5 Уыдон дзуапп ратдзысты, удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон рахӕссынмӕ цӕттӕ Чи у, Уымӕн.4:5 2 Тим. 4:1.
6 Уымӕ гӕсгӕ фарны уац мӕрдтӕ дӕр уый тыххӕй фехъуыстой, ӕмӕ адӕмӕн тӕрхон куыд рахастӕуы, кӕд уыдоны буарӕн тӕрхон афтӕ рахастӕуыд, уӕддӕр уды ӕгъдауӕй цӕрой Хуыцауимӕ.
7 Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр цӕттӕ ӕмӕ кувут.4:7 Лк. 21:34; Иак. 5:8.
8 Фыццаджыдӕр кӕрӕдзи уарзут зӕрдиагӕй, уымӕн ӕмӕ уарзондзинады фӕрцы бирӕ тӕригъӕдтӕ ныббарстӕуы.
9 Кӕрӕдзийы-иу суазӕг кӕнут зӕрдиагӕй, ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй.4:9 Ром. 12:13; Флп. 2:14; Дзут. 13:2.
10 Сымахӕй алкӕмӕн дӕр рардӕуыд йӕхи курдиат, ӕмӕ уӕ алчидӕр Хуыцауы лӕвӕрд уыцы алыхуызон хорзӕхтӕй раст пайда кӕнӕд кӕрӕдзийӕн лӕггады охыл.
11 Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй – уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен.
12 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй фыдӕвзарӕнты кӕй ӕфтут, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хъуыддаг ӕрцыди, уыйау,
13 Фӕлӕ цин кӕнут, Чырыстийы тухӕнтӕй хайджын кӕй стут, ууыл, ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕрухс уыдзыстут, Йӕ намыс куы раргом уа, уӕд.
14 Кӕд уыл Чырыстийы номы тыххӕй цъыф калынц, уӕд тӕхудиаг стут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы намысджын Уд уӕ зӕрдӕты ис. [Уыдон Ӕй фауынц, сымах та Йӕ кадджын кӕнут.]4:14 Дзут. 13:2.
15 Ӕрмӕст марыны, кӕнӕ давыны, кӕнӕ ӕндӕр фыдракӕнды, кӕнӕ искӕй хъуыддӕгты хи нытъыссыны тыххӕй уӕ ӕфхӕрд макӕмӕ ӕрхауӕд.4:15 1 Пет. 2:19; 3:17.
16 Фӕлӕ чырыстон кӕй у, кӕд уый тыххӕй исчи тухӕны ӕфты, уӕд ӕм худинаг ма кӕсӕд, фӕлӕ стауӕд Хуыцауы, цы ном хӕссы, уый тыххӕй.
17 Уымӕн ӕмӕ ралӕууыд тӕрхонӕн Хуыцауы хӕдзарӕй райдайыны рӕстӕг. Ӕмӕ кӕд тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд Хуыцауы фарны уацӕн чи нӕ сӕтты, уыдонӕн та цӕуыл ахицӕн уыдзӕн?4:17 Лк. 23:31.
18 «Кӕд рӕстгӕнӕг зынтӕй ирвӕзы, уӕд ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын цы фӕуыдзӕн?»
19 Уӕдӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ чи ӕвзары тухӕн, уыдон сӕхи бафӕдзӕхсӕнт иузӕрдион Сфӕлдисӕгыл ӕмӕ дарддӕр дӕр аразӕнт хорз хъуыддӕгтӕ.
5Хуыцау сфидар кӕндзӕн уырнджыты
1 Фыссын уӕ аргъуаны хистӕртӕм. Ӕз дӕр дӕн аргъуаны хистӕр, Чырыстийы тухӕнтӕн ӕвдисӕн, ӕмӕ, цы намыс хъуамӕ раргом уа, уымӕй чи схайджын уыдзӕн, уыдонӕй иу. Курын уӕ:5:1 Ап. хъ. 1:8; Ром. 8:17.
2 Сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг ӕнӕбары, ӕфтиаджы тыххӕй ма хизут, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй – Хуыцауӕн фӕндонӕй.5:2 Ап. хъ. 20:28.
3 Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг.5:3 Мк. 10:44.
4 Ӕмӕ Хистӕр Фыййау куы ӕрцӕуа, уӕд райсдзыстут ӕнӕмӕлгӕ намысы хӕрзиуӕг.
5 Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уеппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».5:5 Иак. 4:6; Эф. 5:21; Флп. 2:3.
6 Уӕдӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнут хъомысджын Хуыцауы раз ӕмӕ, афон куы ралӕууа, уӕд уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.5:6 Иак. 4:10.
7 Уеппӕт сагъӕстӕ бакӕнут Йӕ бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ мӕт сымахыл у.5:7 Мф. 6:32; Лк. 12:30.
8 Ут къӕрцхъус ӕмӕ цырд лӕуут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул хӕйрӕг цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.5:8 Лк. 22:31.
9 Фидар уырнындзинадимӕ ӕрлӕуут йӕ ныхмӕ – уе ’фсымӕртӕ дӕр ӕппӕт дунейы ахӕм тухӕнтӕ кӕй ӕвзарынц, уый сымах зонут.5:9 Ап. хъ. 14:22.
10 Исдуг ӕвзардзыстут тухӕнтӕ, фӕлӕ алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ сӕвзӕрста Чырыстиимӕ иугондӕй Йӕ мыггагмӕйы намысӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ хъаруджын.5:10 2 Кор. 4:17.
11 Паддзахиуӕг кӕнӕд мыггагмӕ! Амен.
12 Ацы цыбыр фыстӕг уӕм ныффыстон, иузӕрдионыл кӕй нымайын, уыцы ӕфсымӕр Силуаны ӕххуысӕй. Фӕнды мӕ сымах фӕныфсджын кӕнын, цы хорзӕхы фӕдыл фыссын, уый Хуыцауы ӕцӕг хорзӕх кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн ныллӕууын. Фидар хӕцут уыцы хорзӕхыл.
13 Саламтӕ уын дӕттынц, сымахау Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, Вавилоны- 5:13 Апостол Петр, ӕвӕццӕгӕн, |iВавилон|r хоны Ромы сахары – уымӕн дӕр йӕ цӕрджытӕ, кӕддӕры вавилойнӕгтау, ӕфтыд уыдысты алы тӕригъӕдты. уыцы аргъуан, стӕй мӕ хъӕбул Марк.
14 Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон уарзты байӕ. Фарн уеппӕтӕн дӕр – Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн.