Апостол Иоанны фыццаг фыстӕг
1Йесо Чырысти – Царды Дзырд
1 Райдианӕй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нӕхи цӕстӕй цы федтам, цӕмӕ кастыстӕм ӕмӕ нӕ уырзтӕ цы сгӕрстой, Царды уыцы Дзырды тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн.1:1 Лк. 1:2; 24:39; Ин. 1:1, 14.
2 Уымӕн ӕмӕ нӕм цард раргом кодта йӕхи, федтам ӕй ӕмӕ йын стӕм ӕвдисӕн. Ӕмӕ уын хъусын кӕнӕм, Фыдмӕ чи уыд ӕмӕ махӕн йӕхи чи раргом кодта, уыцы мыггагмӕйы царды тыххӕй.1:2 Ин. 1:1, 4.
3 Мах цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый уын хъусын кӕнӕм, сымахӕн немӕ иудзинад куыд уа, афтӕ. Махӕн та иудзинад Фыдимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ ис.1:3 Ин. 15:10; 1 Кор. 1:9.
4 Ацы ныхӕстӕ мах фыссӕм, цӕмӕй нӕ цинӕн кӕрон ма уа.
Хуыцау у рухс
5 Ӕмӕ уын мӕнӕ мах хъусын кӕнӕм, Уымӕй цы уац фехъуыстам, уый: Хуыцау у рухс ӕмӕ Йӕм мисхалы бӕрц дӕр талынг нӕй.1:5 Ин. 8:12.
6 Кӕд иугӕр мах дзурӕм, Йемӕ нын иудзинад ис, зӕгъгӕ, уӕвгӕ та талынджы цӕрӕм, уӕд сайгӕ кӕнӕм ӕмӕ нӕ цард ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ нӕу.1:6 2 Кор. 6:14; Эф. 5:11.
7 Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.1:7 1 Пет. 1:19; Дзут. 9:14; Ӕрг. 1:5.
8 Кӕд мах афтӕ дзурӕм, тӕригъӕд нӕм нӕй, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм ӕмӕ ӕцӕгад нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.
9 Мах нӕ тӕригъӕдтыл ӕргомӕй куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Уый, иузӕрдион ӕмӕ раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныббардзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн алы галиу хъуыддагӕй дӕр.
10 Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕды не ’фтӕм, зӕгъгӕ, уӕд Ӕй мах ӕвдисӕм сайӕгойӕ ӕмӕ Йӕ ныхас нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.
2Ног фӕдзӕхст – уарзондзинад
1 Мӕ хъӕбултӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти.2:1 Ром. 8:34; 1 Тим. 2:5.
2 Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.2:2 Ап. хъ. 5:31; 1 Ин. 1:9; 4:10; Дзут. 2:10.
3 Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы феххӕст кӕнӕм, уӕд нын раргом вӕййы, кӕй Йӕ базыдтам, уый.
4 Афтӕ чи зӕгъы: «Ӕз Ӕй базыдтон», фӕлӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ та не ’ххӕст кӕны, уый у фӕлитой ӕмӕ ӕцӕгад йӕ зӕрдӕйы нӕ цӕры.
5 Фӕлӕ Йын Йӕ дзырд чи ӕххӕст кӕны, уымӕн йӕ зӕрдӕйы ӕцӕг ӕрцарди Хуыцауы уарзт. Уымӕй нын раргом вӕййы, мах Йемӕ кӕй баиу стӕм, уый.
6 «Ӕз баиу дӕн Йемӕ» чи зӕгъы, уый хъуамӕ цӕра, Йесо куыд цардис, афтӕ.2:6 Ин. 13:15.
7 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕз уӕм цавӕрдӕр ног фӕдзӕхсты тыххӕй нӕ фыссын. Ӕз уӕм цы фӕдзӕхсты тыххӕй фыссын, уый рагон у – сымах ӕй зонут тӕккӕ райдианӕй. Ацы рагон фӕдзӕхст у, сымах кӕй фехъуыстат, уыцы ныхас.2:7 Ин. 13:34.
8 Ӕниу уӕм цы фыссын, уый ног фӕдзӕхст дӕр у – йӕ ӕцӕгад ӕвдыст ӕрцыд Чырыстийы цардӕй дӕр ӕмӕ уӕ цардӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ талынг фӕивгъуыйы ӕмӕ ӕцӕг рухс ныридӕгӕн рухс кӕны.2:8 Ин. 1:9; Ром. 13:12.
9 Афтӕ чи зӕгъы, рухсы цӕрын, зӕгъгӕ, афтӕмӕй йе ’фсымӕрӕй та йе сӕфт чи уыны, уый нырма талынджы цӕры.2:9 1 Кор. 13:2.
10 Йе ’фсымӕры чи уарзы, уый рухсы цӕры, ӕмӕ тӕригъӕдмӕ цы аразы, ахӕмӕй йӕм ницы ис.
11 Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый та талынджы ис, йӕ фӕндаг талынг у ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый нӕ зоны, уымӕн ӕмӕ йӕ талынг бакуырм кодта.2:11 Ин. 12:35.
12 Фыссын уӕм, мӕ хъӕбултӕ, уымӕн ӕмӕ уын хатыр сты уӕ тӕригъӕдтӕ Йесойы руаджы.2:12 Ап. хъ. 4:12; 10:43.
13 Фыссын уӕм, фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Фыссын уӕм, ӕрыгон лӕппутӕ, уымӕн ӕмӕ сымах басастат хӕйрӕджы. Ныффыстон уӕм, мӕ сывӕллӕттӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Фыды.2:13 Лк. 10:18-19.
14 Ныффыстон уӕм, фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Ныффыстон уӕм, ӕрыгон лӕппутӕ, уымӕн ӕмӕ сымах тыхджын стут, Хуыцауы ныхас цӕры уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ басастат хӕйрӕджы.2:14 Эф. 6:10.
15 Ма уарзут дуне, стӕй дунейы цы ис, уый дӕр. Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы.2:15 Мф. 6:24.
16 Уымӕн ӕмӕ дунейы цыдӕриддӕр ис – тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын – уыдон Фыдӕй не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ.
17 Дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ аивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг та мыггагмӕ цӕрдзӕни.2:17 1 Кор. 7:31.
Чырыстийы ныхмӕлӕуджытӕ
18 Мӕ сывӕллӕттӕ, рӕстӕджы кӕрон у. Сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныр дӕр Чырыстийӕн фӕзынд бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый.2:18 Лк. 21:8.
19 Уыдон мах ӕхсӕнӕй рацыдысты, фӕлӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ уаиккой. Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ уымӕй раргом, сеппӕт дӕр махӕй кӕй нӕ уыдысты, уый.2:19 Ап. хъ. 20:30.
20 Сымах та Сыгъдӕг схайджын кодта Йӕ Удӕй, ӕмӕ уеппӕт дӕр зонут ӕцӕгад.2:20 Мф. 11:25; 2 Кор. 1:21.
21 Ӕцӕгад цыма нӕ зонут, уый тыххӕй уӕм, мыййаг, нӕ ныффыстон, фӕлӕ йӕ кӕй зонут, стӕй кӕцыфӕнды мӕнгдзинад ӕцӕгадӕй кӕй нӕ рацӕуы, уый дӕр уын зындгонд кӕй у, уый тыххӕй.
22 Йесо, дам, Чырысти нӕу чи зӕгъы, уый кӕд нӕу сайӕгой, уӕд ма сайӕгой та чи у? Уыцы сайӕгой Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг у. Уый йӕхи тигъ кӕны Фыдыл дӕр ӕмӕ Фыртыл дӕр.
23 Фыртыл чидӕриддӕр йӕхи тигъ кӕны, уымӕн хай нӕй Фыдӕй дӕр, фӕлӕ Фыртыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уымӕн хай ис Фыдӕй дӕр.2:23 Мк. 8:38; Ин. 8:19.
24 Райдианӕй цы фехъуыстат, уый цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Райдианӕй цы фехъуыстат, уый уӕ зӕрдӕты куы цӕра, уӕд сымахӕн дӕр уыдзӕн иудзинад Фыртимӕ дӕр ӕмӕ Фыдимӕ дӕр.
25 Ӕмӕ нын Йӕхӕдӕг зӕрдӕ бавӕрдта мӕнӕ уымӕй – мыггагмӕйы цардӕй.
26 Ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз ныффыстон, уӕ асайыныл чи архайы, уыдоны тыххӕй.
27 Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцыдӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.2:27 Ин. 14:26; 1 Ин. 2:20.
Хуыцауы хъӕбултӕ
28 Уӕдӕ, мӕ хъӕбултӕ, уӕд уын иудзинад Чырыстиимӕ, куы ӕрцӕуа, уӕд ныфсджын куыд уӕм ӕмӕ Йӕ разы къӕмдзӕстыг куыд нӕ разынӕм, афтӕ.
29 Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат.
31 Кӕсут-ма, Фыд нӕ куыд бирӕ уарзы, Йӕ хъӕбулты ном куыд хӕссӕм, афтӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр Йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, мах дӕр уый тыххӕй нӕ зоны.3:1 Ин. 1:12.
2 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕртӕ уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.3:2 Мф. 5:8; 1 Кор. 13:12.
3 Ӕмӕ Йыл уыцы хъуыддаджы йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уый сыгъдӕг кӕны йӕхи, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг у.3:3 2 Кор. 7:1.
4 Тӕригъӕды ӕфтыд чидӕриддӕр у, уый халы Хуыцауы ӕгъдау дӕр. Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд ракӕнынӕй хӕлд цӕуы Хуыцауы ӕгъдау.3:4 1 Ин. 5:17.
5 Йесо тӕригъӕдтӕ ахӕссыны тыххӕй кӕй фӕзынд, уый сымах зонут. Йӕхӕдӕг та тӕригъӕдджын ницӕмӕй у.3:5 1 Пет. 2:22.
6 Чидӕриддӕр Йемӕ баиу, уый тӕригъӕды не ’фты. Тӕригъӕд чидӕриддӕр ракӕны, уый Йӕ нӕ федта ӕмӕ Йӕ нӕ базыдта.
7 Мӕ хъӕбултӕ, мачи уӕ асайӕд. Рӕстӕй чи цӕры, уый рӕстгӕнӕг у, Чырысти рӕстгӕнӕг куыд у, афтӕ.
8 Тӕригъӕды чи ӕфты, уый хӕйрӕгӕй у, уымӕн ӕмӕ райдианӕй хӕйрӕг у тӕригъӕды ӕфтыд. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй фӕзынди, цӕмӕй хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала.3:8 Ин. 8:44.
9 Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нал ӕфты, уымӕн ӕмӕ схайджын Хуыцауы цардӕй. Ӕмӕ тӕригъӕды ӕфтын йӕ бон нал у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй райгуырд.3:9 1 Пет. 1:23; 1 Ин. 5:18.
10 Хуыцауы хъӕбултӕй ӕмӕ хӕйрӕджы хъӕбултӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе ’фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу.
11 Райдианӕй мӕнӕ уыцы уац фехъуыстат: мах хъуамӕ уарзӕм кӕрӕдзи.3:11 Ин. 13:34; 15:12; 1 Ин. 4:21.
12 Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та – раст.3:12 Мф. 23:35; Дзут. 11:4.
13 Ӕфсымӕртӕ, дуне уӕ йе сӕфт кӕй уыны, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд.3:13 Ин. 15:18.
14 Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, мӕлӕтӕй цардмӕ кӕй рахызтыстӕм, уый. Йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уый мӕлӕты къухы ис.3:14 Эф. 2:5.
15 Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чидӕриддӕр уыны, уый лӕгмар у. Сымах та зонут: лӕгмартӕй иуӕн дӕр мыггагмӕйы цард нӕй.
16 Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нӕ сӕраппонд Йӕ цард кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ не ’фсымӕрты сӕраппонд дӕттӕм нӕ цард.3:16 Ин. 15:13; Ром. 5:8; Эф. 5:2.
17 Зӕххон цардӕн алцыдӕр фаг кӕмӕ ис, уый йе ’фсымӕры хъуӕгтӕ куы уына, фӕлӕ йӕхи нӕуынӕг куы скӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цӕрдзӕн?3:17 Лк. 3:11; Иак. 2:15.
18 Мӕ хъӕбултӕ, уӕдӕ кӕрӕдзи уарзӕм дзыхы ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ нӕ уарзт зӕрдиаг кӕй у, уый равдисӕм хъуыддагӕй.
19 Уымӕй базондзыстӕм, мах ӕцӕгады хъӕбултӕ кӕй стӕм, уый. Ӕмӕ Хуыцауы раз ӕнцой ссардзыстӕм нӕ зӕрдӕйӕн,3:19 Ин. 18:37.
20 Истӕй тыххӕй нын тӕрхон куы кӕна, уӕд дӕр; уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ зоны ӕппӕт дӕр.
21 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд нын нӕ зӕрдӕ нӕ тӕрхон кӕны, уӕд ныфсджын стӕм Хуыцауы раз.3:21 1 Ин. 2:28; Дзут. 10:22.
22 Ӕмӕ цыдӕриддӕр фӕкурӕм, уый Дзы райсӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йын нӕ хъуыддӕгтӕ сты фӕндон.3:22 Мф. 21:22; Ин. 15:7; 1 Ин. 5:14.
23 Йӕ фӕдзӕхст та ахӕм у: мах хъуамӕ ӕууӕндӕм Йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзӕм кӕрӕдзи, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ.3:23 Ин. 6:29; 13:34; 17:3.
24 Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры, уый Хуыцауимӕ ис, ӕмӕ Хуыцау йемӕ ис. Хуыцау немӕ кӕй ис, уый нын ӕргом кӕны, Йӕхӕдӕг нын Кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд.3:24 Ин. 14:23.
4Чи кӕй дӕлбар у
1 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы удӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.4:1 Мф. 7:15; Ӕрг. 2:2.
2 Хуыцауы Уд кӕмӕ ис, уый афтӕмӕй базондзыстут: Йесо Чырысти адӕймаджы буары ӕрцыд, зӕгъгӕ, ӕргомӕй чидӕриддӕр зӕгъы, уый Хуыцауы Удӕй у хайджын.
3 Фӕлӕ афтӕ чидӕриддӕр зӕгъы, Йесо адӕймаджы буары не ’рцыд, зӕгъгӕ, уымӕ та Хуыцауы Уд нӕй – Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы уд ӕм ис. Сымах фехъуыстат, Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы уд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы уд ныридӕгӕн дунейы ис.4:3 1 Ин. 2:22; 1 Кор. 12:3.
4 Мӕ хъӕбултӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнгпехуымпарты, уымӕн ӕмӕ уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй.
5 Уыдон дунейӕ сты, ӕмӕ дзургӕ дӕр дунейы ӕвзагыл кӕнынц, ӕмӕ сӕм дуне хъусы.4:5 Ин. 15:19.
6 Мах та Хуыцауӕй стӕм, ӕмӕ Хуыцауы чи зоны, уый нӕм хъусы. Хуыцауӕй чи нӕу, уый та нӕм нӕ хъусы. Уымӕй базонӕм ӕцӕгады Уды ӕмӕ фӕливӕг уды.4:6 Ин. 8:47.
Хуыцау уарзондзинад у
7 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕдӕ уарзӕм кӕрӕдзи, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй у. Чидӕриддӕр уарзы, уый Хуыцауӕй райгуырд ӕмӕ зоны Хуыцауы.
8 Чи нӕ уарзы, уый нӕ базыдта Хуыцауы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уарзондзинад у.
9 Хуыцау мах кӕй уарзы, уый нын уымӕй раргом, ӕмӕ Йӕ иунӕг Фырты рарвыста дунемӕ, махӕн Йӕ фӕрцы цард куыд уа, афтӕ.4:9 Ин. 3:16; 2 Кор. 5:19.
10 Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы. Хуыцау нӕ Йӕхӕдӕг бауарзта ӕмӕ Йӕ Фырты нӕ тӕригъӕдты тыххӕй рарвыста фидауынгӕнӕг нывондӕн.4:10 1 Ин. 2:2; Ром. 5:8.
11 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд Хуыцау мах афтӕ бауарзта, уӕд мах дӕр хъуамӕ уарзӕм кӕрӕдзи.4:11 Мф. 18:33; Ин. 15:12.
12 Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ кӕрӕдзи куы уарзӕм, уӕд Хуыцау ис немӕ ӕмӕ Йӕ уарзт та ӕххӕстӕй цӕры нӕ зӕрдӕты.4:12 Ин. 1:18; 1 Тим. 6:16.
13 Мах Хуыцауимӕ кӕй баиу стӕм, ӕмӕ Уый та немӕ кӕй баиу, уый мах зонӕм, Йӕ Удӕй нын кӕй бахай кодта, уымӕй.4:13 1 Ин. 3:24.
14 Мах федтам ӕмӕ ӕвдисӕн стӕм, Фыд Йӕ Фырты дунейӕн Ирвӕзынгӕнӕгӕй кӕй рарвыста, уымӕн.
15 Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уый баиу Хуыцауимӕ ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ.4:15 1 Ин. 5:5; Ром. 10:9.
16 Хуыцау мах кӕй уарзы, уый базыдтам ӕмӕ баууӕндыдыстӕм уыцы уарзтыл. Хуыцау у уарзондзинад, ӕмӕ чи уарзы, уый баиу Хуыцауимӕ ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ.4:16 1 Ин. 3:24.
17 Уарзондзинад нӕ зӕрдӕты цӕры афтӕ ӕххӕстӕй, ӕмӕ ныфсджын уыдзыстӕм тӕрхоны бон, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕм, Чырысти куыд царди, афтӕ.
18 Уарзондзинадӕн тасимӕ иумӕйагӕй ницы ис, ӕцӕг уарзондзинад кӕм уа, уым тасӕн бынат нӕй. Уымӕн ӕмӕ тӕрсгӕ чи кӕны, уый ныридӕгӕн ӕфхӕрд ӕййафы. Чи тӕрсы, уымӕн йӕ уарзт алцӕмӕй ӕххӕст нӕу.
19 Мах уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг раздӕр бауарзта.
20 Афтӕ чи зӕгъы: «Ӕз Хуыцауы уарзын», афтӕмӕй та йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у фӕлитой. Уымӕн ӕмӕ цӕстӕй кӕй уыны, йӕ уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, цӕстӕй Кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын.4:20 1 Ин. 2:4; 3:17.
21 Ӕмӕ нын Уый бафӕдзӕхста, Хуыцауы чи уарзы, уый йе ’фсымӕры дӕр куыд уарза, афтӕ.4:21 Мф. 22:37, 39; Ин. 13:34; 1 Ин. 3:11.
5Ӕууӕнд Хуыцауы Фыртыл
1 Йесо Чырысти кӕй у, ууыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый Хуыцауӕй райгуырд, ӕмӕ Фыды чидӕриддӕр уарзы, уый Йын уарзы Йӕ хъӕбулты дӕр.5:1 1 Ин. 4:15.
2 Хуыцауы куы уарзӕм ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд уымӕй зонӕм, Йӕ хъӕбулты Йын кӕй уарзӕм, уый.
3 Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты.5:3 Мф. 11:30.
4 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый уӕлахиз кӕны дунейыл. Дуне саст цӕмӕй ӕрцыд, уый нӕ уырнындзинад у.5:4 Ин. 16:33; 1 Кор. 15:57.
5 Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕууӕндӕг куы нӕ фӕуӕлахиз уа дунейыл, уӕд ыл уӕвгӕ та чи фӕуӕлахиз уыдзӕн?5:5 1 Ин. 4:4.
6 Уый у, дон ӕмӕ тугимӕ Чи ӕрцыд, уыцы Йесо Чырысти. Ӕрцыд ӕрмӕст донимӕ нӕ, фӕлӕ дон ӕмӕ тугимӕ. Ӕмӕ Сыгъдӕг Уд ӕвдисӕн лӕууы Уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Уд ӕцӕгад у.5:6 Ин. 19:34.
7 Ис ӕртӕ ӕвдисӕны [уӕларвы: Фыд, Дзырд ӕмӕ Сыгъдӕг Уд; ӕмӕ се ’ртӕ дӕр иу сты.5:7 Мф. 3:16-17; 28:19.
8 Ӕртӕ ӕвдисӕны та зӕххыл ис]: Уд, дон ӕмӕ туг. Ӕмӕ се ’ртӕйӕн дӕр сӕ ныхас иу у.5:8 Ин. 1:33.
9 Кӕд мах адӕймаджы ныхасыл ӕууӕндӕм, уӕд Хуыцауы ныхас та уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ уыцы ныхас Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта Йӕ Фырты тыххӕй.5:9 Мф. 3:17; Ин. 8:18.
10 Хуыцауы Фыртыл чи ӕууӕнды, уымӕн Хуыцауы уыцы ныхас йӕ зӕрдӕйы ис. Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уый Йӕ ӕвдисы сайӕгойӕ, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕнды, Хуыцау Йӕ Фырты тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхасыл.5:10 Ин. 3:33.
11 Уыцы ныхас ууыл у, ӕмӕ нын Хуыцау ралӕвар кодта мыггагмӕйы цард ӕмӕ уыцы цард Йӕ Фырты руаджы лӕвӕрд цӕуы.
12 Хуыцауы Фыртӕй хай кӕмӕн ис, уымӕн ис мыггагмӕйы цард. Хуыцауы Фыртӕй хай кӕмӕн нӕй, уымӕн та нӕй мыггагмӕйы цард.5:12 Ин. 3:36.
Кувут тӕригъӕдджынты тыххӕй
13 Ацы ныхӕстӕ ныффыстон сымахмӕ, Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндджытӕм, мыггагмӕйы цард уын кӕй ис, уый куыд зонат, афтӕ.5:13 Ин. 20:31.
14 Мах афтӕ ныфсджын стӕм Хуыцауы раз, ӕмӕ Йын фӕндон цы у, уый Дзы куы фӕкурӕм, уӕд нӕ фехъусы.5:14 1 Ин. 3:22.
15 Хуыцауӕй цыдӕриддӕр куы фӕкурӕм, уӕд нӕм кӕй хъусы, кӕд уый зонӕм, уӕд ма уыимӕ зонӕм, цы Дзы ракуырдтам, уый ныридӕгӕн нӕхи кӕй баци, уый дӕр.
16 Кӕд исчи йе ’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын.5:16 Мф. 12:31; Лк. 12:10.
17 Алы галиу хъуыддаг дӕр тӕригъӕды бафтын у, фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕд дӕр.5:17 1 Ин. 3:4.
Кӕронбӕттӕн ныхас
18 Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды не ’фты, фӕлӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не ’ххӕссы- 5:18 Фӕстӕдӕры къухфыстыты ацы бынат у афтӕ: |iМах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды не ’фты, фӕлӕ Хуыцауӕй райгуырӕг хъахъхъӕны йӕхи, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не ’ххӕссы|r. .5:18 1 Ин. 3:9.
19 Зонӕм ӕй: мах Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, дуне ӕнӕхъӕнӕй та хӕйрӕджы уацары ис.
20 Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ – Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.
21 Мӕ хъӕбултӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕй.