Апостол Павелы фыццаг фыстӕг коринфӕгтӕм

1

1 Павелӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, уымӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Сосфенӕй1:1 Ап. хъ. 18:17; Ром. 1:1.

2 Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы – Хуыцау кӕй ӕрхуыдта ӕмӕ Йесо Чырыстийы руаджы кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдонмӕ; стӕй алы ран дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы, нӕ иумӕйаг Хицауы, ном чи ары, уыдонмӕ сеппӕтмӕ дӕр.1:2 Ин. 17:19; Ап. хъ. 15:9; 2 Тим. 2:19.

3 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.1:3 1 Пет. 1:2.

Павел бузныг у Хуыцауӕй

4 Ӕз сымах тыххӕй иудадзыг арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн, Йесо Чырыстийы руаджы уӕ Йӕ хорзӕхӕй кӕй схайджын кодта, уый фӕдыл.1:4 2 Фес. 1:3.

5 Уымӕн ӕмӕ Йесоимӕ баиуы руаджы сымах схъӕздыг стут алцӕмӕй дӕр: алы ныхасӕй ӕмӕ алы зонынадӕй.1:5 Кол. 1:9.

6 Чырыстийы тыххӕй уын цы загъдӕуыд, уый цӕры уӕ зӕрдӕты.1:6 1 Кор. 2:2.

7 Уымӕ гӕсгӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ, иу курдиатӕй дӕр ӕнӕхай не стут.1:7 1 Кор. 12:11; Флп. 3:20; Тит. 2:13.

8 Ӕмӕ уӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти сфидар кӕндзӕни кӕронмӕ, цӕмӕй Йӕ ӕрцыды бон уат ӕнӕфау.1:8 1 Фес. 3:13.

9 Йӕ Фыртимӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ, сымах цӕрынмӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцау Йӕ дзырд никуы сайы.1:9 1 Фес. 5:24.

Быцӕутӕ аргъуаны

10 Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уеппӕт дӕр ӕмбарат кӕрӕдзи ӕмӕ дихтӕ ма кӕнат, фӕлӕ уат ӕнгом – ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.1:10 Ром. 15:5; Флп. 2:2.

11 Уымӕн ӕмӕ ӕз Хлойӕйы хӕдзаронтӕй фехъуыстон, ме ’фсымӕртӕ, хъаугъатӕ уӕм кӕй ис, уый тыххӕй.

12 Ӕз уый зӕгъынмӕ хъавын, ӕмӕ сымахӕй алчидӕр дзуры: «Ӕз Павелы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Аполлосы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Кифӕйы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Чырыстийы ахуыргӕнинаг дӕн».1:12 Ап. хъ. 18:24.

13 Ау, Чырысти ныддихтӕ? Ау, Павелы байтыгъдӕуыд уӕ сӕраппонд? Кӕнӕ уыл Павелы номыл саргъуыдӕуыд?1:13 Эф. 4:5.

14 Бузныг дӕн Хуыцауӕй, Крисп ӕмӕ Гайы йеддӕмӕ сымахӕй кӕй никӕуыл саргъуыдтон, уый тыххӕй.1:14 Ап. хъ. 18:8.

15 Афтӕ никӕй бон у зӕгъын, ӕмӕ уыл мӕ номыл саргъуыдӕуыд.

16 Саргъуыдтон ма Стефаны хӕдзаронтыл дӕр. Ӕндӕр ма искӕуыл саргъуыдтон, уый нӕ хъуыды кӕнын.

17 Чырысти мӕ аргъауынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ фарны уац хъусын кӕнынмӕ, уыимӕ зондджын къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй нӕ, цӕмӕй ма фесӕфа Чырыстийы дзуары тых.1:17 2 Пет. 1:16; 1 Кор. 2:13.

Хуыцауы тых ӕмӕ зонд

18 Сӕфты фӕндагыл цӕуджытӕ дзуары тыххӕй ныхас ӕнӕзондыл нымайынц, махӕн та, фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытӕн, Хуыцауы тых у.1:18 Ап. хъ. 17:18; Ром. 1:16.

19 Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст дӕр: «Зондджынтӕн фесафдзынӕн се стыр зонд, ӕмбаргӕтӕ нал ӕмбардзысты».

20 Кӕм и зондджын? Кӕм и динамонӕг? Кӕм ис ацы дунейы хъуыдыгӕнӕг? Хуыцау ацы дунейы зонд ӕнӕзонд не скодта, мыййаг?

21 Хуыцау Йӕ зондмӕ гӕсгӕ куыд снысан кодта, афтӕ дуне йӕхи зондӕй Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы бафӕндыди дзуары тыххӕй «ӕнӕзонд» ныхасы фӕрцы уырнджыты фервӕзын кӕнын.1:21 Мф. 11:25.

22 Уымӕн ӕмӕ иудейтӕ диссӕгтӕ домынц, бердзентӕ зонд агурынц,1:22 Мф. 12:38; 16:1.

23 Мах та хъусын кӕнӕм дзуарыл тыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейтӕн цӕлхдур у, муртаттӕ та йӕ ӕнӕзондыл нымайынц.1:23 Ап. хъ. 17:18; Ром. 9:32.

24 Иудейтӕй ӕмӕ бердзентӕй Хуыцау кӕй ӕрхуыдта, уыдонӕн та Чырысти Хуыцауы тых ӕмӕ Хуыцауы зонд у.1:24 Ром. 1:16; Кол. 2:3.

25 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы «ӕнӕзонд» ми адӕмы зондӕй уӕлдӕр у, ӕмӕ Хуыцауы «лӕмӕгъ» ми адӕмы хъаруйӕ домбайдӕр у.

26 Ӕркӕсут-ма, ӕфсымӕртӕ, Хуыцау уӕ куы ӕрхуыдта, уӕд цавӕртӕ уыдыстут: зӕххон барӕнтӕй баргӕйӕ, уе ’хсӕн бирӕ нӕ уыди зондджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди тыхджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди уӕздӕттӕй.1:26 Ин. 7:48; Иак. 2:5.

27 Фӕлӕ Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты ӕнӕзонд чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕхудинаг кӕна зондджынты, ӕмӕ дунейы цӕсты лӕмӕгъ чи у, уыдоны сӕвзӕрста Хуыцау, цӕмӕй фӕхудинаг кӕна тыхджынты.1:27 2 Кор. 10:5.

28 Дунейы цӕсты ницӕйаг, ӕгад ӕмӕ ӕнахадгӕ чи уыди, Хуыцау уыдоны сӕвзӕрста, цӕмӕй ахадгӕты скӕна ӕнахадгӕ,

29 Ӕмӕ иу адӕймаг дӕр Хуыцауы раз йӕхицӕй ма раппӕла.1:29 Ром. 3:27; Эф. 2:9.

30 Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ – Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, ссӕрибар, сраст ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кодта,1:30 Ин. 17:19; 1 Пет. 1:18; Кол. 2:3.

31 Цӕмӕй уа, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд Хицауӕй».1:31 2 Кор. 10:17.

2

Павел хъусын кӕны дзуарыл тыгъд Чырыстийы тыххӕй

1 Ӕмӕ уӕм ӕз дӕр, ӕфсымӕртӕ, куы ӕрцыдтӕн Хуыцауы сусӕгдзинад фехъусын кӕнынмӕ, уӕд ӕй рӕсугъд ныхӕсты ӕмӕ адӕймаджы зонды руаджы нӕ хъусын кодтон.2:1 1 Кор. 1:17.

2 Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарыл тыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын.2:2 1 Кор. 1:23; 15:3; Флп. 3:8.

3 Ӕз сымахмӕ уыдтӕн лӕмӕгъӕй, ӕнцой нӕ зыдтон, аккаг куы нӕ разынон, уымӕй тӕрсгӕйӕ,2:3 Ап. хъ. 18:1.

4 Ӕмӕ фарны уац хъусын кодтон зондджын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ мӕ ныхас фидаргонд уыди Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ,2:4 2 Пет. 1:16.

5 Цӕмӕй уӕ уырнындзинад аразгӕ уа адӕймаджы зондӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ.2:5 2 Кор. 6:7.

Хуыцауы уӕлзонд

6 Зондыл та ахуыр кӕнӕм алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уырнджыты, ӕрмӕст ацы дунейы зондыл, стӕй сӕ кӕрон кӕмӕн ӕрцӕуы, а дунейы уыцы ӕлдариуӕггӕнджыты зондыл нӕ,2:6 Иак. 3:15.

7 Фӕлӕ мах дзурӕм Хуыцауы сусӕг, ӕмбӕхст уӕлзондыл – махӕн намыс раттыны сӕраппонд дуне сфӕлдисыны агъоммӕ кӕй рахаста, Йӕ уыцы уынаффӕйыл.2:7 Ром. 14:24; Эф. 3:9.

8 Уыцы уӕлзонд а дунейы ӕлдариуӕггӕнджытӕй иу дӕр нӕ базыдта. Куы йӕ базыдтаиккой, уӕд намысджын Хицауы дзуарыл нӕ байтыгътаиккой.2:8 Мф. 11:25; Ап. хъ. 13:27; 2 Кор. 3:14.

9 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Цӕст нӕ федта, хъус нӕ фехъуыста ӕмӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр никӕмӕн уыд, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау цы ӕрцӕттӕ кодта, уый».

10 Махӕн та йӕ Хуыцау раргом кодта Йӕ Уды руаджы; Уд та ӕххӕссы алцӕмӕ дӕр, суанг Хуыцаумӕ ӕмбӕхст цы ис, уымӕ дӕр.2:10 Мф. 13:11; Мк. 4:11; Ин. 14:26.

11 Адӕймагмӕ цы ис, уый адӕмӕй чи зоны, адӕймаджы мидӕг чи цӕры, уыцы уды йеддӕмӕ? Афтӕ Хуыцаумӕ цы ис, уый дӕр Хуыцауы Уды йеддӕмӕ ничи зоны.2:11 Ром. 11:33.

12 Мах та схайджын стӕм ацы дунейы удӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд Удӕй, цӕмӕй зонӕм, Хуыцау нын цы ралӕвар кодта, уый.2:12 Ром. 8:15.

13 Ӕмӕ ууыл мах дзурӕм, адӕймаджы зонд нӕ цы ныхӕстыл сахуыр кодта, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ нын Сыгъдӕг Уд цы ныхӕстӕ бацамыдта, уыдонӕй. Удӕй цы у, уый ӕмбарын кӕнӕм Удӕй хайджынтӕн.2:13 1 Кор. 1:17.

14 Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы у, уый нӕ хъары – ӕнӕзондыл ӕй нымайы, ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.2:14 Ром. 8:5.

15 Фӕлӕ Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый аргъ кӕны алцӕмӕн дӕр, уымӕн аргъ кӕнын та никӕй бон у.

16 Уымӕн ӕмӕ «Хицауы зонд афтӕ чи базыдта, ӕмӕ Йын амонӕг уа?» Махмӕ та Чырыстийы зонд ис.2:16 Ром. 11:34.

3

Хуыцауӕн ӕмкусджытӕ

1 Ӕмӕ, ӕфсымӕртӕ, Хуыцауы Удӕй хайджынтимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, мӕ бон уемӕ афтӕ дзурын нӕ уыд. Ӕз уемӕ дзырдтон тӕригъӕдджын мондӕгтӕн коммӕгӕстимӕ дзурӕгау. Уымӕн ӕмӕ уӕ чырыстон уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сымах нырма дзидзидайтӕ стут.3:1 Эф. 4:14.

2 Ӕз уӕ хастон ӕхсырӕй, хъӕбӕр хӕринаг та уын нӕ лӕвӕрдтон, йӕ бахӕрын уӕ бон кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй; ӕмӕ ныртӕккӕ дӕр нӕу уӕ бон йӕ бахӕрын,3:2 1 Пет. 2:2.

3 Уымӕн ӕмӕ нырма дӕр тӕригъӕдджын мондӕгты коммӕ кӕсут. Кӕд стут хӕлӕг ӕмӕ уӕм ис хъаугъатӕ, уӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды дӕлбар не стут ӕмӕ, адӕм дунейы куыд цӕрынц, ахӕм цардӕй нӕ цӕрут, мыййаг?

4 Уымӕн ӕмӕ сымахӕй кӕд иу афтӕ зӕгъы: «Ӕз Павелы ахуыргӕнинаг дӕн», иннӕ та: «Ӕз Аполлосы ахуыргӕнинаг дӕн», уӕд ацы дунейы адӕмау не стут, ӕви?3:4 1 Кор. 1:12.

5 Чи у Аполлос? Чи у Павел? Уыдон сты, сымах кӕй фӕрцы баууӕндыдыстут, ӕрмӕстдӕр уыцы кусджытӕ; ӕмӕ сӕ алчидӕр сарӕзта, Хицау ын цы хъуыддаг бафӕдзӕхста, уый.3:5 Ром. 12:6.

6 Ӕз байтыдтон, Аполлос дон рауагъта, фӕлӕ хор Хуыцау радта.3:6 Мк. 16:20; Ап. хъ. 19:1.

7 Уӕдӕ тауӕгӕй дӕр ӕмӕ донуадзӕгӕй дӕр ницы аразгӕ у – ӕппӕт дӕр аразгӕ у хордӕттӕг Хуыцауӕй.

8 Тауӕг ӕмӕ донуадзӕг иу хъуыддаг аразынц, ӕмӕ алчидӕр райсдзӕн йӕ мызд, цас бакуса, уымӕ гӕсгӕ.

9 Мах Хуыцауимӕ иу хъуыддаг аразӕм, сымах та стут Хуыцауы хуым, Хуыцауы хӕдзар.

10 Хуыцау мын цы хорзӕх ракодта, уый фӕрцы зондджын аразӕгау ӕз сӕвӕрдтон бындур, иннӕ та уыцы бындурыл аразы. Фӕлӕ алчидӕр хъуамӕ лӕмбынӕг кӕса, куыд аразы, уымӕ.

11 Бындур ӕвӕрд у ӕмӕ ӕндӕр бындур сӕвӕрын никӕй бон у, уымӕн ӕмӕ ӕвӕрд бындур Йесо Чырысти у.3:11 Эф. 2:22.

12 Уыцы бындурыл чи цӕмӕй аразы – сызгъӕринӕй уа, ӕвзистӕй, зынаргъ дуртӕй, хъӕдӕй, хосӕй ӕви хъӕмпӕй –

13 Алкӕмӕн дӕр рабӕрӕг уыдзӕн йӕ хъуыддаг; уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕни бон, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг бафӕлвардзӕн арт ӕмӕ арты сбӕлвырд уыдзӕни, цавӕр ын у, уый.3:13 1 Пет. 1:7.

14 Кӕй арӕзт хъуыддаг нӕ басудза, уый райсдзӕни хӕрзиуӕг.

15 Кӕй хъуыддаг басудза, уый та баййафдзӕни зиан. Ӕниу, йӕхӕдӕг фервӕздзӕни, фӕлӕ артӕй раирвӕзӕгау.

16 Сымах Хуыцауы хӕдзар кӕй стут, ӕмӕ Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый нӕ зонут, ӕви?3:16 Ин. 14:23; Ром. 8:9; 1 Кор. 6:9; 2 Кор. 6:16; Гал. 4:6; Дзут. 3:6.

17 Хуыцауы хӕдзар чи фӕчъизи кӕна, уый Хуыцау бафхӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар сыгъдӕг у; ӕмӕ уыцы хӕдзар сымах стут.

18 Йӕхи уӕ мачи сайӕд. Кӕд сымахӕй искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы дунейы зондджын у, уӕд суӕд «ӕнӕзонд», ӕмӕ уыдзӕни зондджын.

19 Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты ӕнӕзонддзинад у, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау зондджынты ацахсы сӕхи хинӕй».

20 Ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Хицау зоны, зондджынты фӕндтӕ дзӕгъӕлы кӕй сты, уый».

21 Уӕдӕ адӕймагӕй мачи ӕппӕлӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр сымах у:

22 Павел уа, кӕнӕ Аполлос уа, кӕнӕ Кифӕ уа, кӕнӕ дуне уа, кӕнӕ цард уа, кӕнӕ мӕлӕт уа, кӕнӕ абон уа, кӕнӕ фидӕн уа – ӕппӕт дӕр сымах у;

23 Сымах та Чырыстийы стут, Чырысти та Хуыцауы у.

4

Чырыстийы апостолтӕ

1 Уӕдӕ нӕ сымах хъуамӕ нымайат Чырыстийы кусджытыл, Хуыцау Йӕ сусӕгдзинӕдтӕ кӕуыл баууӕндыди, уыдоныл.4:1 2 Кор. 6:4.

2 Ӕмӕ ахӕм ӕууӕнкӕй чи фӕхайджын, уыдонӕй домдӕуы сӕхи иузӕрдионӕй равдисын.4:2 Мф. 24:45; Лк. 12:42.

3 Сымах кӕнӕ иннӕ адӕм мӕнӕн цы аргъ кӕнынц, уый мӕ не ’ндавы. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр мӕхицӕн аргъгӕнӕг нӕ дӕн.

4 Кӕд мӕ зӕрдӕ мӕхимӕ ницӕмӕй ӕхсайы, уӕддӕр уымӕй мӕхи нӕ раст кӕнын; тӕрхонгӕнӕг мын Хицау у.4:4 Ап. хъ. 23:1.

5 Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Хицау ӕрцӕуа, уӕдмӕ – Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.4:5 Мф. 7:1; Ром. 2:1.

6 Ӕз цы дзырдтон, ӕфсымӕртӕ, уый уӕ сӕраппонд мӕхи ӕмӕ Аполлосы тыххӕй загътон, цӕмӕй мах бафӕзмат, фыст цы у, уый сӕрты нӕ хизыныл – иу адӕймагӕй сӕрыстыр ма уат, иннӕйыл та дӕлӕмӕ ма хӕцат.4:6 Ром. 12:3.

7 Дӕу уӕлдӕр чи ӕвӕры? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый Хуыцауӕй нӕ райстай, ӕви? Ӕмӕ йӕ кӕд Хуыцауӕй райстай, уӕд цы ӕппӕлыс, цыма дӕхи у, афтӕ?4:7 Ин. 3:27.

8 Сымахмӕ ныридӕгӕн фагӕй фылдӕр ис ӕппӕт дӕр, ныридӕгӕн схъӕздыг стут, ӕнӕ мах систут паддзӕхтӕ. Бӕргӕ паддзахиуӕг ӕцӕгӕй куы кӕниккат, цӕмӕй мах дӕр уемӕ суӕм паддзӕхтӕ!

9 Уымӕн ӕмӕ мӕнмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мах, апостолты, Хуыцау сӕвӕрдта тӕккӕ цауддӕрты бынаты – цыма нын рахастӕуыд, адӕм нӕм куыд кӕсой, афтӕмӕй амарыны тӕрхон. Махыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта дун-дуне – зӕдтӕ ӕмӕ адӕм.4:9 Ром. 8:36; 2 Кор. 4:11.

10 Мах ӕнӕзонд стӕм Чырыстийы сӕраппонд, сымах та зондджын чырыстӕттӕ стут; мах ӕдых стӕм, сымах та – тыхджын; сымах кадджын стут, мах та – ӕгад.

11 Суанг абон дӕр ӕййафӕм стонг ӕмӕ дойны, бӕгънӕг, нӕмынц нӕ, рахау-бахау кӕнӕм,

12 Нӕхи цӕнгтӕй кӕнӕм уӕззау куыст. Ӕлгъитынц нӕ, мах та сын Хуыцауӕй хорзӕх курӕм. Ӕфхӕрынц нӕ, ӕмӕ мах фӕразӕм.4:12 Мф. 5:44; Лк. 23:34; Ап. хъ. 7:60; 20:34; 1 Фес. 2:9; 2 Фес. 3:8.

13 Цъыф ныл калынц, мах та сӕ нӕ дзыхыныхасӕй рӕвдауӕм. Мах абонмӕ дунейӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр стӕм быронау.

14 Ӕз уыдӕттӕ уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ уӕхиуыл ӕрхудат, фӕлӕ уын, уарзон хъӕбултӕн амонӕгау, зонд амонын.

15 Кӕд уын бирӕ чырыстон хъомылгӕнджытӕ ис, уӕддӕр уын фыдӕлтӕ бирӕ нӕй – фарны уац уӕм ӕрхӕссыны фӕрцы Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕз сдӕн уӕ ныййарӕг.4:15 Гал. 4:19; Флм. 10.

16 Уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдиагӕй курын: фӕзмут мӕ [ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ].

17 Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы – Хицауыл иузӕрдион чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ цардӕй куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цард у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ.

18 Сымахӕй чидӕртӕ схъал сты – афтӕ сӕм кӕсы, цыма ӕз сымахмӕ нал ӕрцӕудзынӕн.

19 Фӕлӕ кӕд Хицауы бафӕнда, уӕд уӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уыцы хъалтӕн бафӕлвардзынӕн сӕ ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хъару,4:19 Ап. хъ. 18:21; Иак. 4:15.

20 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъаруйӕ у.4:20 1 Кор. 2:4.

21 Куыд уӕ фӕнды? Лӕдзӕгимӕ уӕм ӕрцӕуон, ӕви уарзондзинадимӕ ӕмӕ ӕвӕлмасӕй?

5

Ӕнӕуаг ми

1 Бӕлвырдӕй куыд айхъуыст, афтӕмӕй уӕм фӕзынди хъахбай ми, стӕй ахӕм хъахбай ми, ӕмӕ суанг муртаттӕй дӕр ахӕм хъуыддаг нӕ райхъуыст – чидӕр, дам, цӕры йӕ фыдыусимӕ.

2 Хъалы бӕсты сымахӕн кӕуын ӕмбӕлы, цӕмӕй ахӕм хъуыддаг чи сарӕзта, уый фӕсырдӕуа уе ’хсӕнӕй.

3 Ӕз та уӕм дард дӕн, фӕлӕ удӕй уемӕ дӕн, ӕмӕ цыма ӕцӕгдӕр уемӕ дӕн, афтӕ бауынаффӕ кодтон, ахӕм хъуыддаг бакӕнӕгӕн цы бачындӕуа, уый тыххӕй:5:3 Кол. 2:5.

4 Нӕ Хицау Йесойы номыл куы ӕрӕмбырд уат, уӕд мӕ уд дӕр уыдзӕн уемӕ, ӕмӕ уыцы фыдгӕнӕджы нӕ Хицау Йесойы хъаруйӕ

5 Бакӕнӕм хӕйрӕджы бар йӕ буар ын бафхӕрыны тыххӕй, цӕмӕй йӕ уд фервӕза, нӕ Хицау тӕрхон куы кӕна, уыцы бон.5:5 1 Тим. 1:20.

6 Раппӕлинагӕй уӕм ницы ис. Армыдзаг ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕй сӕнхъизын кӕны, уый нӕ зонут, ӕви?5:6 1 Кор. 15:33; Гал. 5:9; 2 Тим. 2:17.

7 Уӕдӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй, цӕмӕй фестат ног, ӕнӕнхъизӕн хыссӕ. Сымах ӕцӕгдӕр ахӕмтӕ стут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы, нӕ Куадзӕны Уӕрыччы, нывондӕн ӕрхастӕуыд.

8 Уӕдӕ бӕрӕгбон сыгъдӕгзӕрдӕйӕ бӕрӕг кӕнӕм зӕронд ӕнхъизӕнимӕ нӕ, хӕлды ӕмӕ фыдӕхы ӕнхъизӕнимӕ нӕ, фӕлӕ ӕцӕгады донгонд дзултимӕ.

9 Ӕз уӕм мӕ фыстӕджы фыстон, хӕтаг чи у, уыдонмӕ ӕмгӕрон нӕ цӕуыны тыххӕй.

10 Ӕниу уӕм ацы дунейы хӕлд адӕммӕ, кӕнӕ кӕрӕфтӕм, кӕнӕ стигъджытӕм, кӕнӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕм ӕмгӕрон нӕ цӕуыны тыххӕй нӕ фыстон, – науӕд сымах ацы дуне ныууадзын хъӕуид, –

11 Фӕлӕ уӕм ӕз фыстон, цӕмӕй ӕмгӕрон ма цӕуат, йӕхи ӕфсымӕр чи хоны, афтӕмӕй хӕтаг кӕнӕ кӕрӕф, кӕнӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг, кӕнӕ цъыфкалӕг, кӕнӕ расыггӕнаг, кӕнӕ стигъӕг чи у, уымӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр макуы бадут.5:11 Мф. 18:17; 2 Фес. 3:14.

12 Ӕнӕуырнджытӕн ӕз цӕмӕн хъуамӕ тӕрхон кӕнон? Уырнджытӕн та сымах хъуамӕ хӕссат тӕрхон –

13 Ӕнӕуырнджытӕн Хуыцау у тӕрхонгӕнӕг. Уӕдӕ «хӕлд адӕймаджы фӕсурут уе ’хсӕнӕй».

6

Уырнджыты хъаугъатӕ

1 Уӕ иу иннӕйыл куы фӕхъаст кӕны, уӕд йӕ ныфс куыд хӕссы йӕ хъаст ӕнӕхуыцӕуттӕм бахӕссынмӕ, сыгъдӕджыты бӕсты йын уыдон куыд тӕрхон кӕной, афтӕ?

2 Дунейӕн сыгъдӕджытӕ кӕй тӕрхон кӕндзысты, уый нӕ зонут, ӕви? Кӕд иугӕр дунейӕн сымах тӕрхон кӕндзыстут, уӕд хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ равзарыны аккаг не стут?6:2 Мф. 19:28; Ӕрг. 20:4.

3 Зӕдтӕн мах кӕй тӕрхон кӕндзыстӕм, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕд зӕххон царды быцӕутӕ равзарын нӕ бон нӕу?

4 Кӕд ахӕм быцӕутӕ рауайы, уӕд сын тӕрхонгӕнджытӕй цӕмӕн сӕвӕрут, аргъуанмӕ чи ницы бар дары, уыдоны?

5 Уӕхиуыл ӕрхудыны тыххӕй уын зӕгъын: йе ’фсымӕрты быцӕу чи равзара, иунӕг ахӕм зондджын лӕг дӕр уӕм нӕй, ӕви?

6 Сымахмӕ та ӕфсымӕр ӕфсымӕрыл хъаст кӕны, уыимӕ йӕ хъаст ӕнӕуырнджыты размӕ хӕссы.

7 Кӕрӕдзийыл кӕй хъаст кӕнут, ӕрмӕст уый дӕр уӕ стыр ӕгадмӕ ӕртардта. Ӕфхӕрды бынаты баззайын уын хуыздӕр нӕ уаид? Куы уӕ бастыгъдӕуа, уӕд уын хуыздӕр нӕ уаид?6:7 Мф. 5:40; Лк. 6:29; Ром. 12:19.

8 Сымах та уӕхӕдӕг ӕфхӕрут ӕмӕ стигъут. Ӕмӕ кӕй? Уе ’фсымӕрты!

9 Ӕви галиутӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уый нӕ зонут? Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ,6:9 Гал. 5:21; Эф. 5:5.

10 Нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр кӕрӕфтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ, нӕдӕр цъыфкалджытӕ, нӕдӕр стигъджытӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты.

11 Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.6:11 Эф. 2:2; Тит. 3:3.

Кад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй дӕр

12 Ис мын алцыдӕр кӕныны бар, фӕлӕ мын алцы пайда нӕу. Ис мын алцыдӕр кӕныны бар, фӕлӕ хъуамӕ мацӕй цагъар суон.6:12 1 Кор. 10:23.

13 Хойраг гуыбынӕн у, гуыбын та – хойрагӕн, фӕлӕ Хуыцау сӕ дыууӕйы дӕр фесафдзӕни. Буар та хӕтынӕн нӕу, фӕлӕ Хицауӕн, Хицау та буарӕн дӕр хицау у.6:13 Мф. 22:30; Ром. 6:13, 19.

14 Хуыцау Йӕ хъаруйӕ райгас кодта Хицауы, райгас кӕндзӕни мах дӕр.6:14 2 Кор. 4:14; 1 Фес. 4:14.

15 Уӕ буӕрттӕ Чырыстийы уӕнгтӕ кӕй сты, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ Чырыстийы буары уӕнгтӕ райсдзынӕн ӕмӕ сӕ хъахбайы уӕнгтӕ фестын кӕндзынӕн? Ницы хуызы!6:15 Эф. 5:30.

16 Кӕнӕ хъахбайимӕ чи ӕриу уа, уый йемӕ иу буар кӕй свӕййы, уый нӕ зонут, ӕви? Уымӕн ӕмӕ афтӕ загъдӕуыд: «Дыууӕ уыдзысты иу буар».

17 Хицауимӕ чи баиу вӕййы, уый та Хицауимӕ уды ӕгъдауӕй иу у.

18 Уӕхи хизут хӕтынӕй: адӕймаг цыдӕриддӕр тӕригъӕды бафты, уый буары ӕдде вӕййы, фӕлӕ хӕтаг йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы.

19 Хуыцауӕй Кӕй райстат, уӕ буар уыцы Сыгъдӕг Уды хӕдзар кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Ӕмӕ уӕхиуыл уӕ бар нӕ цӕуы,6:19 1 Кор. 3:16; 2 Кор. 6:16; 1 Пет. 2:5.

20 Уымӕн ӕмӕ уӕ стыр аргъӕй балхӕдӕуыд. Уӕдӕ кад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй.6:20 Ап. хъ. 20:28; Гал. 3:13; 1 Пет. 1:19.

7

Лӕг ӕмӕ усы иумӕйаг цард

1 Сымах мӕм цӕй тыххӕй фыстат, ныр та уый фӕдыл: хорз у, нӕлгоймаг сылгоймаджы ӕмгӕрон куы не ’рцӕуа, уӕд.

2 Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой.

3 Мой хъуамӕ ӕххӕст кӕна, йӕ усы раз ыл цы хӕс ӕвӕрд ис, уый; афтӕ ус дӕр.7:3 1 Пет. 3:7.

4 Усы буарыл цӕуы йӕхи бар нӕ, фӕлӕ йӕ мойы бар. Афтӕ мойӕн дӕр йӕ буарыл йӕхи бар нӕ цӕуы, фӕлӕ йӕ усы бар.

5 Уӕ дыууӕйы дӕр куы фӕнда, уӕд ӕнӕ кӕрӕдзи ут ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ – [ком даргӕйӕ ӕмӕ] кувгӕйӕ, уый фӕстӕ ут иумӕ, цӕмӕй уӕ хӕйрӕг ма мондаг кӕна, уӕхиуыл фӕхӕцын кӕй нӕ фӕразут, уый аххосӕй.

6 Ӕниу ӕй бардзырды хуызы нӕ зӕгъын, фӕлӕ уын ахӕм бар ис.

7 Мӕн та фӕнды, цӕмӕй адӕм иууылдӕр уой мӕ хуызӕн, фӕлӕ алкӕмӕ дӕр йӕхи сӕрмагонд курдиат ис Хуыцауӕй: иумӕ – ахӕм, иннӕмӕ – ӕндӕр.7:7 Мф. 19:12.

8 Къай кӕмӕн нӕй, уыдонӕн ӕмӕ идӕдз устытӕн та зӕгъын: мӕнау иунӕгӕй куы баззайой, уӕд сын хуыздӕр у.

9 Фӕлӕ кӕд сӕхиуыл хӕцын нӕ фӕразынц, уӕд курӕнт устытӕ ӕмӕ цӕуӕнт моймӕ. Уымӕн ӕмӕ монцы арты судзынӕй лӕг ӕмӕ усӕй цӕрын хуыздӕр у.7:9 1 Тим. 5:14.

10 Усджын ӕмӕ моймӕдзыд чи у, уыдонӕн та ӕз нӕ, фӕлӕ Хицау фӕдзӕхсы: ус йӕ мойы ма ныууадзӕд;7:10 Мф. 5:32; Мк. 10:11; Лк. 16:18.

11 Куы йӕ ныууадза, уӕд та мой мауал скӕнӕд, кӕнӕ йӕ моимӕ бафидауӕд; мой дӕр йӕ усӕй ма ахицӕн уӕд.

12 Иннӕтӕн та Хицау нӕ, фӕлӕ ӕз зӕгъын: кӕд ӕфсымӕртӕй искӕмӕн ис ӕнӕуырнӕг ус, ӕмӕ усы фӕнды йемӕ цӕрын, уӕд ӕй лӕг ма ныууадзӕд.

13 Ӕмӕ устытӕй дӕр ӕнӕуырнӕг лӕг кӕмӕн ис, уымӕн кӕд йӕ мойы йемӕ цӕрын фӕнды, уӕд ӕй ус ма ныууадзӕд.

14 Уымӕн ӕмӕ ӕнӕуырнӕг лӕг йӕ уырнӕг усы фӕрцы сыгъдӕг кӕны, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ус дӕр йӕ уырнӕг мойы фӕрцы сыгъдӕг кӕны. Науӕд уӕ цот сыгъдӕг нӕ уаиккой, ныр та сыгъдӕг сты.

15 Кӕд ӕнӕуырнӕджы ахицӕн фӕнды – ахицӕн уӕд; ахӕм уавӕры ӕфсымӕр кӕнӕ хо сӕрибар сты. Хуыцау уӕ фидыдӕй цӕрынмӕ ӕрхуыдта.7:15 Ром. 12:18; 1 Кор. 14:33.

16 Ды кӕцӕй зоныс, ус, ӕмӕ дӕ мойы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Кӕнӕ ды кӕцӕй зоныс, лӕг, ӕмӕ дӕ усы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ?

Райгонд у дӕ уавӕрӕй

17 Ӕрмӕст алчидӕр цӕрӕд, Хицау ын куыд снысан кодта, афтӕ, ӕмӕ баззайӕд, Хуыцау ӕй цы уавӕры ӕрхуыдта, уыцы уавӕры. Ӕз уый фӕдзӕхсын ӕппӕт аргъуантӕн дӕр.7:17 Ап. хъ. 15:28; Эф. 4:1.

18 Сунӕтгондӕй дӕ ӕрхуыдта Хуыцау – ма йӕ сусӕг кӕн; ӕнӕсунӕтӕй дӕ ӕрхуыдта – сунӕт ма скӕн.

19 Сунӕт скӕнын дӕр ницы у, сунӕт не скӕнын дӕр ницы у – ӕрмӕст Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын у ахсджиаг.7:19 Гал. 5:6.

20 Алчидӕр баззайӕд, Хуыцау ӕй куы ӕрхуыдта, уӕд цы уыди, уымӕй.7:20 1 Фес. 2:12.

21 Цагъайрагӕй дӕ ӕрхуыдта – ма йыл тыхс; фӕлӕ кӕд дӕ бон сӕрибар райсын у, уӕд дын хуыздӕр уыдзӕни уыцы фадатӕй спайда кӕнын - 7:21 Ацы бынатӕн бамбарӕн ис афтӕ дӕр: |iЦагъайрагӕй дӕ ӕрхуыдта – ма йыл тыхс, фӕлӕ кӕд дӕ бон сӕрибар райсын у, уӕд дын хуыздӕр уыдзӕни дӕ абоны уавӕрӕй спайда кӕнын.|r .

22 Уымӕн ӕмӕ Хицау кӕй ӕрхуыдта, уыцы цагъары Хицау ссӕрибар кодта; сӕрибарӕй кӕй ӕрхуыдта, уый та Чырыстийы цагъар у.7:22 Ин. 8:36; Ром. 6:22.

23 Сымах стыр аргъӕй балхӕдӕуыд – ма сут цагъартӕ адӕймагӕн.7:23 1 Кор. 6:20.

24 Ӕфсымӕртӕ, кӕй цы уавӕры ӕрхуындӕуыд, алчидӕр уыцы уавӕры баззайӕд Хуыцауы раз.

Къайады фарстатӕ

25 Ӕнӕцыд чызджыты ӕмӕ ӕнӕус лӕппуты тыххӕй мын Хицау нӕ бафӕдзӕхста, фӕлӕ Хицау кӕй схорзӕхджын кодта ӕмӕ ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймагау уын уынаффӕ кӕнын.7:25 1 Кор. 2:17.

26 Мӕ хъуыды ахӕм у: абоны зынтӕм гӕсгӕ адӕймагӕн хуыздӕр у, цы уавӕры ис, уыцы уавӕры баззайын.

27 Дӕ усимӕ къайадӕй баст дӕ? Йӕ фехалыныл ма архай. Усимӕ баст нӕ дӕ? Ус ракурыныл ма архай.

28 Ӕниу, ус куы ракурай, уӕд уымӕй тӕригъӕды не ’фтыс; ӕмӕ чызг мой куы скӕна, уӕд уый дӕр уымӕй тӕригъӕды не ’фты. Фӕлӕ ахӕмтӕ сӕ царды ӕвзардзысты зынтӕ, ӕмӕ уыл мӕ зӕрдӕ риссы.

29 Ӕз уын зӕгъын, ӕфсымӕртӕ: рӕстӕг бирӕ нал баззад, ӕмӕ устытӕ кӕмӕн ис, уыдон нырӕй фӕстӕмӕ хъуамӕ уой, цыма сын устытӕ нӕй, афтӕ.

30 Кӕуджытӕ хъуамӕ ма уой кӕуджытау; цингӕнджытӕ – цингӕнджытау; ӕлхӕнджытӕ хъуамӕ уой, цыма сӕ къухы ницы бафтыд, уыйау.

31 Ацы дунейы хорзӕхтӕй чи пайда кӕны, уыдон хъуамӕ уой афтӕ, цыма дзы нӕ пайда кӕнынц. Уымӕн ӕмӕ мах цы дуне уынӕм, уымӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуы.7:31 Иак. 1:10; 4:14; 1 Пет. 1:24; 1 Ин. 2:17.

32 Мӕн та фӕнды, цӕмӕй сымах уат ӕнӕмӕт. Ӕнӕус мӕт кӕны Хицауы хъуыддагыл, Хицауы зӕрдӕ балхӕныныл.

33 Усджын та мӕт кӕны зӕххон хъуыддӕгтыл, йӕ усы зӕрдӕ балхӕныныл. Моймӕдзыд ӕмӕ ӕнӕцыд чызг ӕмхуызон не сты.

34 Ӕнӕмой мӕт кӕны Хицауы хъуыддагыл, [Хицауы зӕрдӕ балхӕныныл,] цӕмӕй буарӕй дӕр ӕмӕ удӕй дӕр уа сыгъдӕг. Моймӕдзыдӕн та йӕ мӕт у зӕххон хъуыддӕгтыл, йӕ мойы зӕрдӕ балхӕныныл.

35 Ӕз уын уӕ бартӕ байсынмӕ нӕ хъавын, фӕлӕ зӕгъын уӕ пайдайӕн, цӕмӕй Хицауӕн кусат нывыл, ӕнувыдӕй, ӕмӕ уӕ мацы къуылымпы кӕна.

36 Кӕд искӕмӕн йӕ чындздзон чызг моймӕдзыд кӕй нӕма у, уый йӕм худинаг кӕсы, уӕд йӕ бар йӕхи – йӕ чызджы раттӕд моймӕ; уымӕй тӕригъӕды нӕ бафтдзӕн.

37 Фӕлӕ йӕ бар йӕхи кӕмӕн у, афтӕмӕй йӕ чызджы ӕнӕцыдӕй ныууадзыны фӕнд фидарӕй чи скодта, ӕмӕ йӕ фӕнд нӕ аивыны тых кӕмӕ ис, уый раст кӕны.

38 Уӕдӕ йӕ чызджы моймӕ чи дӕтты, уый раст кӕны; чи йӕ нӕ дӕтты, уый та ноджы хуыздӕр кӕны.

39 Усӕн цалынмӕ йӕ лӕг удӕгас у, уӕдмӕ йемӕ баст у. Йӕ лӕг куы амӕла, уӕд кӕмӕ ӕрцӕуа, уый йӕхи бар у, ӕрмӕст Хицауыл ӕууӕндӕгӕй хъуамӕ смой кӕна.7:39 Ром. 7:2.

40 Фӕлӕ уыцы ус, мӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ, куы нал смой кӕна, уӕд тӕхудиагдӕр уыдзӕн. Мӕнмӕ та афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕз дӕр хайджын дӕн Хуыцауы Удӕй.

8

Мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондты тыххӕй

1 Ныр та мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондты тыххӕй. Мах ӕмбарӕм, неппӕтмӕ дӕр зонынад кӕй ис, уый. Фӕлӕ зонынад адӕймаджы хиуыл ӕрвӕссын кӕны, уарзондзинад та фидаргӕнӕг у.8:1 1 Кор. 13:4.

2 Йӕхицӕн исты зонын ӕнхъӕл чи у, уыцы адӕймаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ницыма зоны.8:2 1 Кор. 13:12.

3 Фӕлӕ Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕймаджы Хуыцау нымайы хионыл.8:3 2 Тим. 2:19.

4 Уӕдӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕй хӕрыны тыххӕй мах зонӕм: мӕнгхуыцау дунейы ницы у, иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.8:4 1 Тим. 2:5.

5 Кӕд арвыл кӕнӕ зӕххыл ис, хуыцӕуттӕ кӕй хуындӕуы, ахӕмтӕ, – уымӕн ӕмӕ «хуыцӕуттӕ» ӕмӕ «хицӕуттӕ» бирӕ сты, –

6 Уӕддӕр махӕн ис, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста ӕмӕ мах Кӕмӕн цӕрӕм, уыцы иунӕг Фыд-Хуыцау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕй руаджы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ цардӕй Кӕй фӕрцы схайджын стӕм, уыцы иунӕг Хицау Йесо Чырысти.8:6 Ин. 13:13.

7 Фӕлӕ алкӕмӕ фаг зонынад нӕй: иуӕй-иутӕ мӕнгхуыцӕуттыл афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ уыдонӕн хаст нывондтӕй куы фӕхӕрынц, уӕд ӕй абон дӕр ма нымайынц мӕнгхуыцӕуттӕн табуйыл. Цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уый раиртасынхъом кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ цӕсгом фӕчъизи вӕййы.8:7 Ром. 14:23.

8 Хойраг мах Хуыцаумӕ нӕ хӕстӕг кӕны: куы нӕ хӕрӕм, уӕд дӕр нӕ ницы сӕфы; куы хӕрӕм, уӕд дӕр ныл ницы ӕфты.8:8 Ром. 14:7.

9 Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ уыцы бартӕ лӕмӕгъ уырнджыты ма фӕрӕдийын кӕной.8:9 Ром. 14:13.

10 Дӕумӕ ис зонынад, ӕмӕ дӕ исчи муртатты кувӕндоны фынгыл бадгӕ куы фена, уӕд йӕхӕдӕг лӕмӕгъ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын йе ’фсарм мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕй хӕрыны бар нӕ ратдзӕн, ӕви?

11 Ӕмӕ дӕ зонынадӕй бабын уыдзӕни лӕмӕгъ – Чырысти кӕй сӕраппонд амард, дӕ уыцы ӕфсымӕр.8:11 Ром. 14:15.

12 Афтӕмӕй сымах цӕут уӕ лӕмӕгъ ӕфсымӕрты тӕригъӕды, ардаут сӕ, се ’фсарм сын тӕрхон цӕй тыххӕй кӕны, уыдӕттӕ аразыныл. Ӕмӕ уымӕй цӕут Чырыстийы хъыджы.8:12 Ром. 14:1.

13 Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме ’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме ’фсымӕры.8:13 Ром. 14:21.

9

Апостолы бартӕ

1 Ау, ӕз апостол нӕ дӕн? Ау, ӕз сӕрибар нӕ дӕн? Ӕз нӕ Хицау Йесо Чырыстийы нӕ федтон, ӕви? Ӕз Хицауы сӕраппонд цы бакодтон, сымах мӕ уыцы фӕллой не стут, ӕви?9:1 Ап. хъ. 9:3; 22:18; 1 Кор. 4:15; 15:8.

2 Кӕд иннӕтӕн апостол нӕ дӕн, уӕддӕр сымахӕн апостол дӕн. Ӕз Хицауы апостол кӕй дӕн, уымӕн ӕвдисӕйнаг сымах стут.9:2 2 Кор. 3:2.

3 Гъе, уый у мӕ дзуапп, мӕныл даутӕ чи кӕны, уыдонӕн.

4 Ӕви махӕн хӕрыны ӕмӕ нуазыны бар нӕй?9:4 Лк. 10:7; 2 Фес. 3:9.

5 Ӕви иннӕ апостолтӕн, Хицауы ӕфсымӕртӕн ӕмӕ Кифӕйӕн, устытӕ куыд ис, афтӕ мӕнӕн нӕй уырнӕг хотӕй цардӕмбал скӕныны бар, цӕмӕй кӕмдӕриддӕр мемӕ уа?

6 Ӕви ӕрмӕст мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн нӕй нӕ кусыны бар?

7 Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза?

8 Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз, мыййаг, адӕймаджы зондӕй зӕгъын? Моисейы Ӕгъдау дӕр афтӕ нӕ зӕгъы, ӕви?

9 Уымӕн ӕмӕ дзы фыст ис: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых бастӕй ма дар». Хуыцауы мӕт, мыййаг, галтыл у?9:9 1 Тим. 5:18.

10 Ӕви уый мах тыххӕй загъд у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый мах тыххӕй фыст у; уымӕн ӕмӕ хуымгӕнӕг хъуамӕ хуым кӕна зӕрдӕдаргӕйӕ, ӕмӕ найгӕнӕг най кӕна йӕ хай райсыны ныфсимӕ.

11 Мах уӕ удтӕн байтыдтам тауинаг уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ нӕ гуыбынӕн исты куы ӕркӕрдӕм, уӕд уый ӕгӕр уыдзӕни?9:11 Ром. 15:27.

12 Иннӕтӕн уӕм ахӕм бар кӕм ис, уым мах уыдонӕй барджындӕр не стӕм, ӕви? Уыцы бартӕй мах уӕвгӕ дӕр нӕ пайда кодтам, фӕлӕ быхсӕм алцӕмӕн дӕр, цӕмӕй Чырыстийы фарны уацӕн мацы цӕлхдур сӕвӕрӕм.9:12 Ап. хъ. 20:33; 2 Кор. 11:8; 1 Фес. 2:9.

13 Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдон сӕ хӕлц уырдыгӕй кӕй исынц, ӕмӕ нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕн нывондтӕй хай кӕй ис, уый нӕ зонут, ӕви?

14 Афтӕ Хицау фарны уац хъусынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхста фарны уац хъусын кӕнынӕй цӕрын.9:14 Мф. 10:10.

15 Фӕлӕ ӕз уыцы бартӕй не спайда кодтон; мӕ фыстӕг дӕр уӕм уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын райдайон. Уый бӕсты мӕ амӕлӕт хуыздӕр уаид! Раппӕлинагӕй мӕм цы ис, уымӕй мӕ ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн.

16 Ӕз фарны уац адӕммӕ кӕй хӕссын, уымӕй мӕхицӕй нӕ раппӕлдзынӕн – уый мӕ хӕс у, ӕмӕ додой мӕ сӕр, фарны уац адӕммӕ куы нӕ хӕссон, уӕд!9:16 Ап. хъ. 9:6; 13:2.

17 Уыцы куыст барвӕндонӕй куы кӕнин, уӕд мын уаид мызд; фӕлӕ йӕ ӕз барвӕндонӕй нӕ кӕнын – ӕз ӕрмӕст аразын, цы хъуыддаг мын бафӕдзӕхстӕуыд, уый.

18 Уӕдӕ мӕ мызд цы у? Мӕ мызд уый у, ӕмӕ фарны уац хъусын кӕнын лӕвар, ӕмӕ афтӕмӕй фарны уац хъусынгӕнӕджы бартӕй нӕ пайда кӕнын.

19 Ӕз никӕй дӕлбар дӕн, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр мӕхицӕй скодтон цагъар, цӕмӕй ӕрхонон фылдӕр адӕм.9:19 1 Кор. 10:33.

20 Иудейты ӕрхоныны сӕраппонд иудейтӕн ӕз сдӕн иудейау; Моисейы Ӕгъдауы дӕлбар уӕвджыты ӕрхоныны сӕраппонд ӕз уыдонӕн сдӕн Ӕгъдауы дӕлбар адӕймагау, кӕд Ӕгъдауы дӕлбар нӕ дӕн, уӕддӕр.

21 Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдонӕн сдӕн, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, ахӕмау, – афтӕмӕй та Хуыцауы раз ӕнӕ ӕгъдау нӕ дӕн, фӕлӕ дӕн Чырыстийы ӕгъдауы дӕлбар, – цӕмӕй ӕрхонон, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдоны.9:21 1 Кор. 7:18.

22 Лӕмӕгъты ӕрхоныны сӕраппонд лӕмӕгътӕн сдӕн лӕмӕгъау. Ӕппӕтӕн дӕр ӕз сдӕн алцы, цӕмӕй цыфӕндыйӕ дӕр фервӕзын кӕнон иуӕй-иуты.9:22 Ром. 15:1.

23 Ӕз ӕппӕт уыдӕттӕ фарны уацы сӕраппонд кӕнын, йӕ хорзӕхӕй мӕ хай куыд райсон, афтӕ.

24 Згъорӕн фӕзы сеппӕт дӕр фезгъорынц, фӕлӕ хӕрзиуӕг иу адӕймагмӕ кӕй ӕрхауы, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ згъоргӕут, ӕмӕ райсат хӕрзиуӕг.9:24 Флп. 3:12; 2 Тим. 4:7.

25 Ерысты архайджытӕ хиуылхӕцгӕ сты алцӕмӕй дӕр. Уыдонӕн сӕ нысан у, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм хӕрзиуӕг райсын; махӕн та нӕ нысан у мыггагмӕйы хӕрзиуӕг райсын.9:25 2 Тим. 2:4; Ӕрг. 2:10.

26 Уымӕ гӕсгӕ ӕз не згъорын, бӕлвырд нысан кӕмӕн нӕй, уыйау; уӕлдӕф тымбылкъухӕй цӕвӕгау нӕу мӕ цӕф.

27 Хъизӕмарӕй марын мӕ буар, аразын дзы цагъар, цӕмӕй ма разынон, иннӕтӕм фарны уац чи ӕрхаста, афтӕмӕй фӕлварӕнтӕ раттын кӕй бон нӕ баци, ахӕм.9:27 Ром. 6:18.

10

Израилӕгтыл цы ӕрцыд, уый зондыхос у

1 Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, нӕ фыдӕлтӕ иууылдӕр ӕврагъы дӕлбазыр кӕй уыдысты, ӕмӕ сеппӕт дӕр Сырх денджызыл кӕй ахызтысты, уый.

2 Уыдонӕн сеппӕтыл дӕр Моисеимӕ саргъуыдӕуыд ӕврагъ ӕмӕ денджызы.

3 Сеппӕт дӕр хордтой уыциу уӕларвон хойраг.

4 Сеппӕт дӕр нуӕзтой уыциу уӕларвон донӕй – семӕ чи уыдис, уыцы уӕларвон къӕдзӕхӕй ракӕлгӕ донӕй; уыцы къӕдзӕх та уыди Чырысти.

5 Фӕлӕ Хуыцау сӕ фылдӕрӕй райгонд нӕ уыд, ӕмӕ фӕцагъды сты ӕдзӕрӕг бӕстӕйы.

6 Уыдӕттӕ та махӕн зондыхос сты – фыдӕхмӕ ӕмхиц ма уӕм, уыдон ӕм куыд ӕмхиц уыдысты, афтӕ.

7 Ма ут мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, уыдонӕй сын бирӕтӕ куыд куывтой, афтӕ; Сыгъдӕг Фыст уыдоны тыххӕй зӕгъы: «Адӕм ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, стӕй сыстадысты ӕмӕ сын бацайдагъ хъазт».

8 Ма хӕтӕм, уыдонӕй бирӕтӕ хӕтыныл куыд бафтыдысты, афтӕ; уый тыххӕй дзы иу бонмӕ фӕмард ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз мины.

9 Ма къахӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд къахтой, афтӕ; уый тыххӕй фӕцагъды сты кӕлмыты хӕстӕй.

10 Ма хъуыр-хъуыр кӕнут, уыдонӕй бирӕтӕ куыд хъуыр-хъуыр кодтой, афтӕ; уый тыххӕй сӕ фӕцагъта удхӕссӕг зӕд.

11 Сӕ хабӕрттӕ махӕн зондыхос сты; ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыди, цӕмӕй мах, рӕстӕджы кӕроны цӕрджытӕ, ахуыр кӕнӕм уыдоныл.10:11 Ром. 15:4.

12 Уӕдӕ кӕд исчи афтӕ ӕнхъӕл у, фидар лӕууы, зӕгъгӕ, уӕд кӕсӕд йӕхимӕ, цӕмӕй ма ахауа.10:12 Ром. 11:20.

13 Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм фӕлварӕны. Фӕлӕ Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ уыл не ’руадздзӕн, тых уӕм кӕй фаг нӕ разына, ахӕм фӕлварӕн, фӕлӕ уын уӕ фӕлварӕны баххуыс кӕндзӕн, куыд ын бафӕразат, афтӕ.10:13 2 Пет. 2:9; Дзут. 12:4.

Хицауы фынг ӕмӕ дӕлимонты фынг

14 Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕм кувынӕй.

15 Ӕз зӕгъын, ӕмбаргӕтӕн куыд фӕзагъдӕуы, афтӕ. Ӕмӕ цы зӕгъын, ууыл уӕхӕдӕг ахъуыды кӕнут.10:15 1 Кор. 1:5.

16 Цы арфӕйы кӕхцы тыххӕй арфӕ кӕнӕм, уый мах Чырыстийы Тугимӕ нӕ иу кӕны, ӕви? Ӕмӕ цы дзул асӕттӕм, уый мах Чырыстийы Буаримӕ нӕ иу кӕны, ӕви?

17 Дзул иу кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах, бирӕ адӕм, иу буар стӕм, уымӕн ӕмӕ иу дзулӕй райсы алчидӕр йӕ хай.10:17 Ин. 6:33.

18 Акӕсут-ма, туг-стӕгӕй израилаг чи у, уыдонмӕ – нывондӕй куы фӕхӕрынц, уӕд нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕ нӕ вӕййынц, ӕви?

19 Ӕз цы зӕгъын уымӕй? Мӕнгхуыцау исты у, кӕнӕ мӕнгхуыцауӕн цы нывонд ӕрхӕссынц, уый исты у, зӕгъгӕ?10:19 1 Кор. 8:4.

20 Нӕ! Фӕлӕ муртаттӕ цы нывондтӕ ӕрхӕссынц, уыдоны Хуыцауӕн нӕ хӕссынц, фӕлӕ дӕлимонтӕн. Мӕн та нӕ фӕнды, ӕмӕ дӕлимонтимӕ баст уат.

21 Хицауы кӕхцӕй дӕр нуазын ӕмӕ дӕлимонты кӕхцӕй дӕр нуазын уын не ’мбӕлы. Хицауы фынгыл дӕр бадын ӕмӕ дӕлимонты фынгыл дӕр бадын уын не ’мбӕлы.10:21 2 Кор. 6:15.

22 Ау, мах Хицауы мӕсты кӕндзыстӕм? Мах Уымӕй, мыййаг, тыхджындӕр стӕм?

Цы кӕныс – уый Хуыцауы кадӕн

23 Ис алцыдӕр кӕныны бар, фӕлӕ алцы пайда нӕу. Ис алцыдӕр кӕныны бар, фӕлӕ алцы фидаргӕнӕг нӕу.10:23 1 Кор. 6:12.

24 Йӕхи пайдайыл мачи тыхсӕд, фӕлӕ алчидӕр тыхсӕд иннӕйы пайдайыл.10:24 Ром. 15:2.

25 Уӕййаг цыдӕриддӕр ис, уый хӕрут ӕнӕ равзар-бавзарӕй, ӕнӕзӕрдӕхсайгӕйӕ.

26 Уымӕн ӕмӕ «зӕхх, стӕй зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый Хицауы у».

27 Ӕнӕуырнджытӕй уӕ исчи куы фӕхона, ӕмӕ уӕ ацӕуын куы бафӕнда, уӕд уын цы ӕрӕвӕрой, уый бахӕрут ӕнӕ равзар-бавзарӕй, ӕнӕзӕрдӕхсайгӕйӕ.

28 Фӕлӕ уын исчи куы зӕгъа: «Уый мӕнгхуыцауӕн хаст нывонд у», уӕд дзы ма бахӕрут уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕмӕ ӕфсармы сӕраппонд.

29 Ӕз сымах ӕфсармы тыххӕй нӕ зӕгъын, фӕлӕ уыцы адӕймаджы ӕфсармы тыххӕй. Мӕ сӕрибарӕн мын кӕйдӕр ӕфсарм цӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ уа тӕрхонгӕнӕг?

30 Кӕд бузныгӕй хӕрын, уӕд бузныг цӕмӕй дӕн, уый тыххӕй мын цӕмӕн хъуамӕ бауайдзӕф кӕна исчи?10:30 Ром. 14:6.

31 Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн.10:31 Кол. 3:17.

32 Цӕлхдур ма ут нӕдӕр иудейтӕн, нӕдӕр бердзентӕн, нӕдӕр Хуыцауы аргъуанӕн,

33 Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕйы зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдамӕ нӕ бӕллын, фӕлӕ бирӕты пайдамӕ, цӕмӕй фервӕзой.10:33 Ром. 15:2.

11

1 Фӕзмут мӕ, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ.11:1 1 Кор. 4:16; Флп. 3:17.

Кувыны ӕгъдау

2 Ӕппӕлын уӕ, ӕфсымӕртӕ, мӕнмӕ цы федтат, ӕппӕт уыдӕттӕ уӕ зӕрдыл кӕй лӕууынц ӕмӕ уӕм цы ахуырад ӕрхастон, ууыл ӕнӕхъӕнӕй дӕр фидар кӕй хӕцут, уый тыххӕй.11:2 1 Кор. 15:1.

3 Ноджы ма мӕ фӕнды, цӕмӕй сымах зонат: алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау Чырысти у, сылгоймаджы хицау нӕлгоймаг у, Чырыстийы хицау та Хуыцау у.11:3 Ин. 14:28; Эф. 5:23.

4 Кувгӕйӕ кӕнӕ пехуымпариуӕг кӕнгӕйӕ бӕгъӕмсар цы нӕлгоймаг нӕ уа, уый йӕхи ӕмӕ йӕ Хицауы ӕгад кӕны.

5 Бӕгъӕмсарӕй цы сылгоймаг кувы кӕнӕ пехуымпариуӕг кӕны, уый дӕр йӕхи ӕмӕ йӕ хицауы ӕгад кӕны – ахӕм сылгоймаг сӕрдастӕй уӕлдай нӕу.

6 Кӕд сылгоймаг сӕрбӕттӕн нӕ дары, уӕд йӕ сӕр алвынӕд; фӕлӕ сылгоймагмӕ кӕд йӕ сӕр алвынын кӕнӕ адасын худинаг кӕсы, уӕд сӕрбӕттӕн дарӕд.

7 Нӕлгоймаг бӕгъӕмсар хъуамӕ уа, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста ӕмӕ йӕ намыс Уымӕй у; сылгоймаджы намыс та нӕлгоймагӕй у.11:7 Кол. 3:3.

8 Уымӕн ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймагӕй нӕ рацыд, фӕлӕ сылгоймаг рацыд нӕлгоймагӕй;

9 Нӕлгоймаджы не сфӕлдыстӕуыди сылгоймагӕн, фӕлӕ сылгоймаджы сфӕлдыстӕуыди нӕлгоймагӕн.

10 Ӕмӕ сылгоймаг дӕлбар кӕй у, уый равдисынӕн зӕдты сӕраппонд хъуамӕ дара сӕрбӕттӕн.

11 Ӕниу, Хицауы раз сылгоймагӕн нӕлгоймаг куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг у сылгоймаг дӕр нӕлгоймагӕн.

12 Уымӕн ӕмӕ кӕд сылгоймаг нӕлгоймагӕй рацыд, уӕддӕр нӕлгоймаг сылгоймагӕй райгуыры. О, фӕлӕ ӕппӕт дӕр Хуыцауӕй у.

13 Ахъуыды-ма кӕнут уӕхӕдӕг, сылгоймагӕн бӕгъӕмсарӕй Хуыцаумӕ кувын фидауы?

14 Ӕрдз уӕ йӕхӕдӕг ахуыр кӕны: нӕлгоймагӕн сӕрыхъуынтӕ уадзын ӕгад у;

15 Сылгоймаг та сӕрыхъуынтӕ куы уадза, уӕд ын уый кад у, уымӕн ӕмӕ йын сӕрыхъуынтӕ ӕрдзон ӕмбӕрзӕнау лӕвӕрд сты.

16 Фӕлӕ кӕд уыдӕтты тыххӕй искӕй быцӕу кӕнын фӕнды, уӕд мах дӕр ӕмӕ Хуыцауы аргъуантӕ дӕр ахӕм ӕгъдауыл хӕст не стӕм.

Хицауы ӕхсӕвӕры тыххӕй

17 Ныр та уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕй уӕ ӕппӕлгӕ нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ уе ’мбырдтӕ пайдайы бӕсты зиан ӕрхӕссынц.

18 Фыццаджыдӕр, ӕз хъусын, зӕгъгӕ, аргъуанмӕ куы ӕрцӕут, уӕд фӕкъордтӕ вӕййут, ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый мӕ иуырдыгӕй уырнгӕ дӕр кӕны.11:18 1 Кор. 3:3.

19 Ӕцӕг уӕм алыхуызон зондахаст дӕр хъуамӕ уа, уе ’хсӕн фӕлтӕрд чи у, уыдон куыд сбӕлвырд уой, афтӕ.11:19 Лк. 17:1.

20 Сымах иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уын дзы Хицауы ӕхсӕвӕр нӕ рауайы –

21 Алчидӕр батагъд кӕны йӕ ӕхсӕвӕр бахӕрыныл, ӕмӕ иу ӕххормагӕй баззайы, иннӕ та расыг свӕййы.

22 Хӕрынӕн ӕмӕ уын нуазынӕн хӕдзӕрттӕ нӕй, мыййаг? Ӕви Хуыцауы аргъуан ницӕмӕ дарут ӕмӕ мӕгуыртыл дӕлӕмӕ хӕцут? Цы уын зӕгъон? Уый тыххӕй уӕ раппӕлон? Нӕ уӕ раппӕлдзынӕн.

23 Уымӕн ӕмӕ ӕз Хицауӕй цы базыдтон, сымахӕн дӕр уый бацамыдтон: гадзрахатӕй Йыл куы рацыдӕуыд, уыцы ӕхсӕв Хицау Йесо райста дзул,11:23 Мф. 26:26; Мк. 14:22; Лк. 22:19; 1 Кор. 10:16.

24 Арфӕ ракодта, асаста йӕ ӕмӕ загъта: «[Айсут ӕмӕ хӕрут –] ай Мӕ Буар у, ӕмӕ саст цӕуы уӕ сӕраппонд. Афтӕ кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн».

25 Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у, Мӕ Тугӕй фидаргонд чи цӕуы, уыцы ног фидыд. Кӕдфӕнды дӕр дзы ма нуазат – уый кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн».

26 Уӕдӕ ацы дзул куы фӕхӕрут ӕмӕ ацы сӕн куы фӕнуазут, уӕд уымӕй хъусын кӕнут Хицауы мӕлӕты тыххӕй, цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.

27 Аккаг аргъ сын чи нӕ кӕны, афтӕмӕй ацы дзул чи хӕра ӕмӕ ацы сӕн чи нуаза, уый бацӕудзӕни Хицауы Буары ӕмӕ Туджы тӕригъӕды.11:27 Дзут. 10:29.

28 Уӕдӕ алы адӕймаг дӕр ныккӕсӕд йӕ зӕрдӕмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ хӕрӕд ацы дзулӕй ӕмӕ нуазӕд ацы сӕнӕй.11:28 2 Кор. 13:5.

29 Хицауы Буарӕн аргъ чи нӕ кӕны, афтӕмӕй чи хӕры ӕмӕ нуазы, уымӕн уыцы дзул ӕмӕ сӕн уыдзысты тӕрхонӕн.

30 Уымӕ гӕсгӕ сымахӕй бирӕтӕ сты лӕмӕгъ ӕмӕ рынчын; чи амарди, уыдон дӕр дзӕвгар сты.

31 Уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг нӕхицӕн тӕрхон куы кӕниккам, уӕд тӕрхонгонд нӕ уаиккам.

32 Хицау нын куы фӕтӕрхон кӕны, уӕд та баййафӕм ӕфхӕрд, цӕмӕй дунеимӕ тӕрхонгонд ма уӕм.

33 Уымӕ гӕсгӕ, ме ’фсымӕртӕ, ӕхсӕвӕрмӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд-иу банхъӕлмӕ кӕсут кӕрӕдзимӕ.

34 Кӕд исчи ӕххормаг у, уӕд бахӕрӕд йӕ хӕдзары, цӕмӕй уӕ уыцы ӕмбырд ма ӕркӕна тӕрхонмӕ. Иннӕ хъуыддӕгтӕ банывыл кӕндзынӕн, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд.

12

Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы курдиӕттӕ

1 Мӕн фӕнды, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы курдиӕтты тыххӕй.

2 Сымах зонут: муртаттӕ ма куы уыдыстут, уӕд уӕ цыма иставӕр тых сайдта, афтӕ куывтат ӕгомыг гуымирытӕн.12:2 Эф. 2:12.

3 Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Хуыцауы Уд кӕмӕ ис, уый Йесойы нӕ ралгъитдзӕн, ӕмӕ Йесойы Хицау ничи схондзӕн, Сыгъдӕг Уд ӕм куы нӕ уа, уӕд.12:3 Мф. 16:17; Мк. 9:39; Флп. 2:11.

4 Курдиӕттӕ алыхуызон сты, дӕтгӕ та сӕ уыциу Уд кӕны.12:4 Эф. 4:11.

5 Хуыцауӕн алы хуызы балӕггадгӕнӕн ис, разӕнгардгӕнӕг та уыциу Хицау у.

6 Куыстытӕ алыхуызон сты, фӕлӕ неппӕты фӕрцы ӕппӕт дӕр уыциу Хуыцау аразы.

7 Алкӕй фӕрцы дӕр Сыгъдӕг Уд Йӕхи ӕвдисы иумӕйаг пайдайӕн.12:7 Мф. 25:15.

8 Уды руаджы иуӕн лӕвӕрд цӕуы уӕлзонд ныхасы курдиат, иннӕмӕн та уыциу Уды руаджы – зонынады ныхасы курдиат;

9 Аннӕмӕн уыциу Уды руаджы – уырнындзинад; иннӕмӕн уыциу Уды руаджы – низтӕ дзӕбӕх кӕныны курдиат;12:9 Мк. 16:17-18.

10 Иуӕн – диссӕгтӕ аразыны, иннӕмӕн – пехуымпарады, иннӕмӕн – уд Хуыцауӕй у ӕви нӕ, уый зоныны, иннӕмӕн – алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурыны, иннӕмӕн – ӕвзӕгтӕ ӕмбарын кӕныны курдиат.12:10 Ап. хъ. 2:4.

11 Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ кӕны уыциу Уд. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр дӕтты, куыд Ӕй фӕнды, афтӕ.

Буар иу у, йӕ уӕнгтӕ та – бирӕ

12 Буар иу у, йӕ уӕнгтӕ та – бирӕ. Фӕлӕ кӕд бирӕ сты, уӕддӕр сеппӕт дӕр иу буар сты. Афтӕ у Чырысти дӕр.12:12 Ром. 12:4.

13 Уымӕн ӕмӕ неппӕтыл дӕр – иудейтӕ ӕмӕ бердзентыл, цагъартӕ ӕмӕ сӕрибар адӕмыл – иу Удӕй саргъуыдӕуыд, ӕмӕ иу буар систӕм, неппӕтӕн дӕр уыциу Уд рардӕуыди.12:13 Мк. 1:8; Гал. 3:28.

14 Буар та иу уӕнгӕй нӕу, фӕлӕ бирӕ уӕнгтӕй.

15 Къах куы зӕгъид: «Къух кӕй нӕ дӕн, уымӕ гӕсгӕ буары хай нӕ дӕн», уӕд уый тыххӕй буары хай нал уаид?

16 Ӕмӕ хъус куы зӕгъид: «Цӕст кӕй нӕ дӕн, уымӕ гӕсгӕ буары хай нӕ дӕн», уӕд уый тыххӕй буары хай нал уаид?

17 Кӕд ӕнӕхъӕн буар цӕст у, уӕд хъусгӕ та куыд кӕнид? Кӕд буар ӕнӕхъӕнӕй хъус у, уӕд ӕмбудгӕ та куыд кӕнид?

18 Хуыцау та буары алы уӕнгӕн дӕр скодта бынат, куыд Ӕй фӕндыд, афтӕ.

19 Уӕнгтӕ иууылдӕр иу уӕнг куы уаиккой, уӕд буар уӕвгӕ уаид?

20 Ныр та уӕнгтӕ бирӕ сты, буар та иу у.

21 Цӕст къухӕн нӕ зӕгъдзӕни: «Ницӕмӕн мӕ хъӕуыс». Сӕр къӕхтӕн нӕ зӕгъдзӕни: «Ницӕмӕн мӕ хъӕут».

22 Уый нӕ, фӕлӕ нӕм лӕмӕгъдӕр цы уӕнгтӕ кӕсынц, уыдон ӕнӕмӕнг хъӕуынц.

23 Иннӕтӕй нӕм къаддӕр чи кӕсы, нӕ буары уыцы уӕнгтыл фылдӕр мӕт кӕнӕм.

24 Аив чи нӕу, нӕ уыцы уӕнгтӕ хуыздӕр ӕмбӕрзӕм; аив уӕнгты та ӕмбӕрзын нӕ хъӕуы. Хуыцау буар афтӕ скодта, цӕмӕй фылдӕр мӕт кӕнӕм, фаг нымад чи нӕу, уыцы уӕнгтыл,

25 Буары уӕнгтӕ ма ныххицӕнтӕ уой, фӕлӕ кӕрӕдзийыл мӕт кӕной ӕмхуызон.

26 Уымӕ гӕсгӕ буары иу уӕнг куы фӕриссы, уӕд иннӕтӕ дӕр фӕриссынц йемӕ. Иу уӕнг куы снамысджын уа, уӕд иннӕ уӕнгтӕ дӕр цин кӕнынц йемӕ.

27 Сымах Чырыстийы буар стут, хицӕнтӕй та – Йӕ буары уӕнгтӕ.12:27 Эф. 5:23.

28 Ӕмӕ Хуыцау уыдонӕй иуты аргъуаны сӕвӕрдта фыццаджыдӕр апостолтӕй, дыккаджы – пехуымпартӕй, уый фӕстӕ – ахуыргӕнджытӕй; дарддӕр иутӕн радта диссӕгтӕ ӕвдисыны тых, низтӕй дзӕбӕх кӕныны, ӕххуыс кӕныны, разамынд дӕттыны, алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат.12:28 Ром. 12:6; Эф. 4:11.

29 Сеппӕт дӕр апостолтӕ сты? Сеппӕт дӕр пехуымпартӕ сты? Сеппӕт дӕр ахуыргӕнджытӕ сты? Сеппӕтмӕ дӕр ис диссӕгтӕ ӕвдисыны тых?

30 Сеппӕтмӕ дӕр ис низтӕй дзӕбӕх кӕныны курдиат? Сеппӕты бон у алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын? Сеппӕт дӕр ӕвзӕгтӕ ӕмбарын кӕнынц?

31 Тырнут ахсджиагдӕр курдиӕттӕм. Ӕмӕ уын ӕз ныртӕккӕ бацамондзынӕн тӕккӕ ахъаззагдӕр фӕндаг.

13

Уарзт

1 Ӕз адӕймаджы ӕмӕ зӕдты ӕвзӕгтыл куы дзурон, фӕлӕ мӕм уарзт куы нӕ уа, уӕд ӕз дӕн зыланггӕнаг мырмыраг кӕнӕ зылангзӕл ӕрхуытӕбӕгъ.

2 Кӕд мӕм ис пехуымпар ныхас, зонын ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ, ис мӕм алы зонынад, стӕй хӕхты ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын кӕй бон у, ахӕм уырнындзинад, уарзт та мӕм нӕй, – уӕд ӕз ницы дӕн.13:2 Мф. 7:22.

3 Ӕз меппӕт мулк дӕр куы байуарон, мӕ буар басудзынмӕ куы раттон, уарзт та мӕм куы нӕ уа, – уӕд мын уыдӕттӕй ницы пайда ис.13:3 Мф. 6:1.

4 Уарзт у бирӕбыхсаг, зӕрдӕхӕлар, уарзт хӕлӕг нӕ кӕны, уарзт нӕу хиппӕлой, нӕу сӕрыстыр,13:4 1 Пет. 4:8; Флп. 2:3.

5 Нӕу ӕнӕуаг, нӕ бӕллы хи пайдамӕ, нӕу мӕстыгӕр, фыдӕх йӕ зӕрдӕмӕ нӕ хӕссы,13:5 Ром. 15:1.

6 Ӕвзӕрдзинадыл нӕ райы, фӕлӕ цин кӕны рӕстадыл;

7 Хатыр кӕны ӕппӕт дӕр, алцӕуылдӕр ӕууӕнды, алцӕуылдӕр йӕ зӕрдӕ дары, фӕразы алцӕмӕн дӕр.13:7 Гал. 6:2.

8 Уарзтӕн кӕрон никуы уыдзӕни, пехуымпарад та банцайдзӕн, алыхуызон ӕвзӕгты курдиат нал уыдзӕни, зонынадӕн ӕрцӕудзӕни кӕрон.

9 Уымӕн ӕмӕ нӕ зонынад ӕххӕст нӕу, ӕмӕ нӕ пехуымпарад ӕххӕст нӕу.13:9 2 Кор. 5:7.

10 Алцӕмӕй дӕр ӕххӕсты дуг куы ралӕууа, уӕд ӕххӕст цы нӕу, уый нал уыдзӕн.

11 Ӕз саби куы уыдтӕн, уӕд сабиау дзырдтон, сабийы хъуыдытӕ мӕм уыди, алцӕмӕ дӕр кастӕн сабийы цӕстӕй. Лӕджы кары куы бацыдтӕн, уӕд та ныууагътон, сабийӕ мӕм цы уыди, уыдӕттӕ.

12 Абон мах уынӕм, рӕстмӕ кӕм ницы зыны, ахӕм кӕсӕнмӕ кӕсӕгау, уӕд та фендзыстӕм комкоммӕ. Ныртӕккӕ мӕ зонынад ӕххӕст нӕу, уӕд та базондзынӕн ӕххӕстӕй, мӕн Хуыцау ӕххӕстӕй куыд базыдта, афтӕ.13:12 Флп. 3:12; 2 Тим. 2:19.

13 Ныр та сты ӕртӕйӕ: уырнындзинад, зӕрдӕдарӕн, уарзт. Фӕлӕ уыдонӕй тӕккӕ ахъаззагдӕр уарзт у.

14

Пехуымпарады ӕмӕ ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат

1 Тырнут уарзӕгойӕ цӕрынмӕ, ӕнувыдӕй архайут, Уд кӕй дӕтты, уыцы курдиӕттӕ райсыныл, уӕлдайдӕр та пехуымпариуӕг кӕныныл.

2 Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уый адӕмӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн дзуры. Ничи йӕ ӕмбары – Уды руаджы сусӕгдзинӕдтӕ дзуры.

3 Пехуымпариуӕггӕнӕг та адӕмӕн дзуры, цӕмӕй сӕ сфидар, сразӕнгард кӕна ӕмӕ барӕвдауа.

4 Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уый ӕрмӕст йӕхи фидар кӕны, пехуымпариуӕггӕнӕг та аргъуан фидар кӕны.

5 Мӕ зӕрдӕ уеппӕтӕн дӕр зӕгъы ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын, уӕлдайдӕр та пехуымпариуӕг кӕнын. Ӕвзӕгтыл дзурӕг аргъуан сфидар кӕныны сӕраппонд йӕ ныхас куы нӕ ӕмбарын кӕна, уӕд пехуымпариуӕггӕнӕг ӕвзӕгтыл дзурӕгӕй уӕлдӕр у.

6 Ныр уӕм ӕз куы ӕрцӕуон, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл куы дзурон, уӕд уын цы пайда фӕуыдзынӕн, Хуыцауӕй мын цы раргом, ахӕмӕй исты, кӕнӕ зонынад, кӕнӕ пехуымпарад, кӕнӕ ахуырад куы не ’рхӕссон, уӕд?

7 Зӕлтӕ кӕмӕй рацӕуынц, ахӕм ӕнӕуд дзаумӕттӕн, зӕгъӕм, уадындзӕн кӕнӕ фӕндырӕн, сӕ зӕлтӕ бӕлвырд куы нӕ уой, уӕд куыд базындӕуа, уадындзыл кӕнӕ фӕндырыл цы цӕгъдынц, уый?

8 Ӕмӕ хӕстон сыкъауадындзӕй бӕлвырд зӕлтӕ куы нӕ хъуыса, уӕд хӕстмӕ йӕхи чи ӕрцӕттӕ кӕндзӕн?

9 Бамбарӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ныхӕстӕ сымах дӕр ӕндӕр ӕвзӕгтыл куы дзурат, уӕд куыд базындӕуа, цы дзурут, уый? Уымӕн ӕмӕ уӕ ныхас уыдзӕн дымгӕмӕ дзурӕгау.

10 Дунейы бирӕ ӕвзӕгтӕ ис, ӕмӕ дзы ӕнӕхъуыды иу дӕр нӕй.

11 Фӕлӕ ӕз ӕвзаг куы нӕ зонон, уӕд ныхасгӕнӕгӕн ӕндӕрбӕстаг дӕн, ӕмӕ ныхасгӕнӕг дӕр мӕнӕн ӕндӕрбӕстаг у.

12 Афтӕ уӕд сымахмӕ дӕр. Уд кӕй дӕтты, кӕд уыцы курдиӕттӕм бӕллут, уӕд архайут, цӕмӕй уӕм бирӕ уа, аргъуан сфидар кӕнынӕн ахъаз чи у, ахӕм курдиӕттӕ.

13 Уӕдӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уый кувӕд, цы дзуры, уый ӕмбарын кӕныны курдиат райсыны тыххӕй.

14 Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕнӕзонгӕ ӕвзагыл куы кувон, уӕд мӕ уд кувдзӕн, мӕ зондӕн та дзы пайда нӕ уыдзӕн.

15 Уӕдӕ цы бакӕнон? Кувдзынӕн удӕй, кувдзынӕн зондӕй дӕр, зардзынӕн удӕй, зардзынӕн зондӕй дӕр.14:15 Кол. 3:16.

16 Уымӕн ӕмӕ ды Хуыцауӕн удӕй куы арфӕ кӕнай, уӕд ӕвзӕгтӕ ӕмбарынхъом цы адӕймаг нӕу, уый дӕ арфӕйӕн «амен» куыд зӕгъдзӕн, цы дзурыс, уый куы не ’мбара, уӕд?

17 Ды хорз арфӕ кӕныс, фӕлӕ дзы иннӕйы уырнындзинад нӕ фидар кӕны.

18 Бузныг дӕн мӕ Хуыцауӕй: ӕндӕр ӕвзӕгтыл ӕз уеппӕтӕй дӕр фылдӕр дзурын.

19 Фӕлӕ мӕ аргъуаны фӕнды ӕндӕр ӕвзагыл мингай дзырдтӕ зӕгъыны бӕсты фондз ныхасы мӕ зондӕй зӕгъын, цӕмӕй сахуыр кӕнон иннӕты дӕр.

20 Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та – хъомылтӕ.14:20 Мф. 18:4; Мк. 10:14; Ром. 16:19.

21 Ӕгъдауы фыст у: «Ацы адӕмӕн дзурдзынӕн ӕндӕр ӕвзӕгтыл ӕмӕ ӕндӕрбӕстӕгты дзыхӕй, фӕлӕ Мӕм уӕд дӕр нӕ байхъусдзысты», – зӕгъы Хицау.

22 Уӕдӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕ Хуыцау ӕвдисӕйнагӕн радта уырнджытӕн нӕ, фӕлӕ ӕнӕуырнджытӕн; пехуымпарад та ӕнӕуырнджытӕн нӕ, фӕлӕ уырнджытӕн радта.

23 Уӕдӕ ӕгас аргъуан куы ӕрӕмбырд уа, ӕмӕ иууылдӕр ӕндӕр ӕвзӕгтыл куы дзурой, ӕмӕ ӕвзӕгтӕ ӕмбарынхъом чи нӕу, уыдон, кӕнӕ ӕнӕуырнджытӕ куы бацӕуой, уӕд уӕ ӕрратӕ нӕ фӕхондзысты, ӕви?

24 Фӕлӕ иууылдӕр пехуымпариуӕг куы кӕной, ӕмӕ сӕм ӕнӕуырнӕг кӕнӕ ӕвзӕгтӕ бамбарынхъом чи нӕу, ахӕм куы бацӕуа, уӕд цы ныхӕстӕ фехъуса, уыдон ын йӕ цӕстмӕ бадардзысты йӕ тӕригъӕдтӕ, йӕхиуыл ӕрхуддзӕн,

25 Раргом уыдзысты йӕ зӕрдӕйы сусӕггӕгтӕ. Уӕд ӕрхаудзӕни дӕлгоммӕ, бакувдзӕни Хуыцаумӕ ӕмӕ зӕгъдзӕни: «Хуыцау, ӕцӕгдӕр, уемӕ ис».

Уаг ӕмӕ ӕгъдау аргъуаны

26 Уӕдӕ цы зӕгъон, ӕфсымӕртӕ? Сымах куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уӕ алкӕмӕ дӕр вӕййы кӕнӕ зарӕг, кӕнӕ зондамонӕн ныхас, кӕнӕ ӕндӕр ӕвзаг, кӕнӕ уыцы ӕвзаг бамбарын кӕныны курдиат, кӕнӕ искӕмӕн Хуыцауӕй исты раргом вӕййы. Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ фидар кӕной аргъуан.14:26 1 Кор. 12:8.

27 Кӕд исчи ӕндӕр ӕвзагыл дзуры, уӕд дзурӕнт дыууӕйӕ, тӕккӕ фылдӕр ӕртӕйӕ, уымӕй дӕр радгай, иу та йӕ ӕмбарын кӕнӕд.

28 Кӕд ӕмбарынгӕнӕг нӕй, уӕд аргъуаны ма дзурӕд, фӕлӕ дзурӕд йӕхицӕн ӕмӕ Хуыцауӕн.

29 Пехуымпартӕ дӕр дзурӕнт дыууӕйӕ кӕнӕ ӕртӕйӕ, иннӕтӕ та сын сӕ ныхас ӕвзарӕнт.

30 Фӕлӕ чи бады ӕмӕ хъусы, уыдонӕй искӕмӕн Хуыцауӕй исты куы раргом уа, уӕд дзургӕ чи кӕны, уый банцайӕд –

31 Уеппӕты бон дӕр у радгай пехуымпариуӕг кӕнын, цӕмӕй иууылдӕр ахуыр кӕной ӕмӕ сӕ бауагъдӕуа ныфс.

32 Пехуымпары разӕнгардгонд уд пехуымпарӕн коммӕгӕс у.

33 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕнӕсӕрфаты Хуыцау нӕу, фӕлӕ фарндӕттӕг Хуыцау у. Уыцы фарнӕй хайджын сты сыгъдӕджыты ӕппӕт аргъуантӕ.14:33 1 Кор. 12:25; 1 Фес. 5:23.

34 Сылгоймӕгтӕ аргъуаны ма дзурӕнт, уымӕн ӕмӕ сын дзурын не ’мбӕлы, фӕлӕ сӕ бынат зонӕнт – афтӕ зӕгъы Ӕгъдау дӕр.14:34 Кол. 3:18; 1 Тим. 2:11.

35 Кӕд сӕ исты базонын фӕнды, уӕд хӕдзары бафӕрсӕнт сӕ лӕгты, уымӕн ӕмӕ сылгоймагӕн аргъуаны ныхас кӕнын аив нӕу.

36 Хуыцауы ныхас, мыййаг, сымахӕй рацыди, кӕнӕ ӕрмӕст сымахмӕ бахъардта?

37 Кӕд исчи йӕхи нымайы пехуымпарыл кӕнӕ Сыгъдӕг Удӕй лӕвӕрд курдиаты хицауыл, уӕд бамбарӕд: ӕз уӕм цы фыссын, уый Хицау бафӕдзӕхста.

38 Уыдӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уымӕн йӕхи дӕр ницӕмӕ дардӕуы.

39 Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, тырнут пехуымпариуӕг кӕнынмӕ, ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны бар дӕр дӕттут.

40 Ӕппӕт дӕр уӕд нывыл ӕмӕ ӕгъдауыл.

15

Чырыстийы райгас

1 Ноджы ма уын иу хатт уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын, ӕфсымӕртӕ, ӕз уӕм цы фарны уац ӕрхастон, уый; сымах ӕй райстат уӕ зӕрдӕмӕ, сси уын царды бындур.

2 Ирвӕзгӕ дӕр уыцы фарны уацы руаджы кӕнут, ӕз уын цы фехъусын кодтон, кӕд ууыл фидар хӕцут, уӕд; науӕд дзӕгъӕлы баууӕндыдыстут.

3 Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕз ӕрхастон, мӕхӕдӕг цы райстон, уыцы тӕккӕ сӕйрагдӕр: Сыгъдӕг Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ Чырысти амарди нӕ тӕригъӕдты тыххӕй;

4 Уыди ныгӕд ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас, Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ.15:4 Ин. 2:1.

5 Ӕмӕ Йӕхи равдыста Кифӕмӕ, уый фӕстӕ та ӕппӕт дыууадӕс апостолмӕ дӕр.15:5 Мф. 28:17; Мк. 16:14; Лк. 24:34.

6 Стӕй уыциу рӕстӕг Йӕхи равдыста фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр абон дӕр сты удӕгас, иуӕй-иутӕ та дзы амардысты.

7 Уый фӕстӕ Йӕхи равдыста Иаковмӕ, фӕстӕдӕр – ӕппӕт апостолтӕм.

8 Сеппӕты фӕстӕ, ӕфтыддагмӕ фӕзынӕгау, фӕзынди мӕнмӕ дӕр.15:8 Ап. хъ. 9:3.

9 Уымӕн ӕмӕ ӕз апостолтӕн сӕ тӕккӕ къаддӕр дӕн, ӕмӕ апостолы ном хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн, Хуыцауы аргъуан кӕй ӕфхӕрдтон, уый тыххӕй.15:9 Ап. хъ. 8:3; Эф. 3:8; 1 Тим. 1:13.

10 Фӕлӕ ӕз цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз сеппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон – ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.15:10 Мф. 10:20; Мк. 16:20; Эф. 3:7.

11 Уӕдӕ мах – ӕз дӕр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дӕр – уыцы фарны уац хъусын кӕнӕм ӕмӕ йыл сымах баууӕндыдыстут.

Мӕрдтӕ райгас уыдзысты

12 Чырысти мӕрдтӕй кӕй райгас, кӕд фарны уац ууыл дзуры, уӕд сымахӕй иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, мӕрдтӕн райгасы амал нӕй, зӕгъгӕ?15:12 Ап. хъ. 17:18; 2 Тим. 2:18.

13 Кӕд мӕрдтӕн райгасы амал нӕй, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас.15:13 Ин. 11:25; Ром. 8:11.

14 Ӕмӕ кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд цы уац хъусын кӕнӕм, уый дӕр дзӕгъӕлы у, ӕмӕ уӕ уырнындзинад дӕр дзӕгъӕлы у.

15 Ӕмӕ кӕд мӕрдтӕн райгасы амал нӕй, уӕд мах дӕр Хуыцауӕн разыниккам мӕнгӕвдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй дзуриккам, зӕгъгӕ, Уый райгас кодта, Кӕй нӕ райгас кодта, уыцы Чырыстийы.

16 Уымӕн ӕмӕ кӕд мӕрдтӕн райгасы амал нӕй, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас.

17 Ӕмӕ Чырысти кӕд нӕ райгас, уӕд уӕ уырнындзинадӕй пайда нӕй ӕмӕ нырма уӕ тӕригъӕдтӕй не ссӕрибар стут.15:17 Ап. хъ. 13:38; Ром. 4:25.

18 Уӕд Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон дӕр бабын сты.

19 Ӕмӕ кӕд Чырыстийыл ӕрмӕстдӕр ацы царды дарӕм нӕ зӕрдӕ, уӕд ӕппӕт адӕмы ӕхсӕн махӕй ӕнамонддӕр нӕй.

20 Фӕлӕ Чырысти мӕрдтӕй райгас – чи амарди, уыдонӕй фыццаг Уый райгас.15:20 Ап. хъ. 26:23; Кол. 1:18; Ӕрг. 1:5.

21 Уымӕн ӕмӕ мӕлӕт адӕймаджы руаджы куыд у, афтӕ Адӕймаджы руаджы у мӕрдтӕй райгас дӕр.15:21 Ин. 6:39.

22 Адамимӕ иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ иууылдӕр райгас уыдзысты Чырыстиимӕ,

23 Алчидӕр йӕ рӕстӕджы: фыццаг Чырысти, Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд та – йӕхионтӕ.15:23 1 Фес. 4:15-16.

24 Уый фӕстӕ ӕрцӕудзӕн кӕрон. Чырысти ӕппӕт ӕнӕбуар ӕлдӕртты, барджынты ӕмӕ тыхджынты куы басӕтта, уӕд Паддзахад ратдзӕни Фыдмӕ – Хуыцаумӕ.15:24 Мф. 28:18; 1 Тим. 6:15.

25 Уымӕн ӕмӕ Чырысти хъуамӕ паддзахиуӕг кӕна, цалынмӕ Йын Хуыцау ӕппӕт знӕгты Йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕра, уӕдмӕ.15:25 Ап. хъ. 2:34; Дзут. 1:13.

26 Бабын уыдзӕн фӕстаг знаг – мӕлӕт.15:26 Ӕрг. 20:14.

27 Уымӕн ӕмӕ Чырыстийӕн Хуыцау «ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта Йӕ къӕхты бын». Кӕд загъд у «ӕппӕт дӕр Ын ӕрӕвӕрдта Йӕ къӕхты бын», уӕддӕр бӕлвырд у – ам ныхас нӕ цӕуы ӕппӕт дӕр Чырыстийы къӕхты бын ӕрӕвӕрӕг Хуыцауӕн Йӕхиуыл.15:27 Дзут. 2:8.

28 Хуыцау Ын ӕппӕт дӕр Йӕ дӕлбар куы бакӕна, уӕд Фырт Йӕхӕдӕг дӕр бацӕудзӕн, ӕппӕт дӕр Ын Йӕ дӕлбар Чи бакодта, Уый дӕлбар, ӕмӕ Хуыцау алцӕмӕн дӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр уыдзӕн иунӕг Хицау.15:28 1 Кор. 11:3.

29 Науӕд мӕрдты сӕраппонд цӕй охыл райсынц аргъуыд? Кӕд мӕрдтӕн райгасы амал нӕй, уӕд цӕмӕн райсынц аргъуыд мӕрдты сӕраппонд?

30 Ӕмӕ мах дӕр ӕрвылсахат цӕй тыххӕй вӕййӕм тӕссаг уавӕрты?15:30 2 Кор. 11:26.

31 Ӕфсымӕртӕ, ӕз алы бон дӕр мӕлгӕ кӕнын: нӕ Хицау Йесо Чырыстийы руаджы сымахӕн цы сарӕзтон, ӕз уымӕй буц дӕн ӕмӕ мын уый дӕтты афтӕ зӕгъыны бар.15:31 Ром. 8:36.

32 Ӕз Эфесы хъӕддаг сырдтимӕ куы тох кодтон, уӕд мӕ нысан кӕд зӕххон уыди, уӕд мын уымӕй цы пайда ис? Кӕд мӕрдтӕ ӕгас нӕ кӕнынц, уӕд «байдайӕм хӕрын ӕмӕ нуазын, уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм!»

33 Ма фӕсайды ут: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты».

34 Куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕхи ӕрӕмбарут ӕмӕ тӕригъӕды мауал ӕфтут. Уӕ худинаджы тыххӕй уын ӕй зӕгъдзынӕн: сымахмӕ ис, Хуыцауы чи нӕ зоны, ахӕмтӕ.15:34 Ром.13:11.

Чи райгас уа, уыдонӕн цавӕр буар уыдзӕн

35 Исчи бафӕрсдзӕн: «Куыд райгас уыдзысты мӕрдтӕ? Ӕмӕ цавӕр буары ӕрцӕудзысты?»

36 Ӕнӕзонд, ды цы тауыс, уый нӕ райгас уыдзӕни, куы нӕ амӕла, уӕд.15:36 Ин. 12:24.

37 Ӕмӕ ды куы фӕтауыс, уӕд фидӕны буар нӕ тауыс, фӕлӕ бӕгънӕг нӕмыг, мӕнӕуы нӕмыг уа, ӕви ӕндӕр истӕй нӕмыг.

38 Фӕлӕ йын Хуыцау дӕтты, цавӕр Ӕй фӕнды, ахӕм буар, ӕмӕ афтӕ алы нӕмыгӕн дӕр – йӕхи буар.

39 Буӕрттӕ та ӕмхуызон не сты. Адӕмӕн – иу буар ис, цыппӕркъахыгтӕн – ӕндӕр буар, мӕргътӕн – ӕндӕр, кӕсӕгтӕн – ӕндӕр.

40 Ис ӕрвон буӕрттӕ ӕмӕ зӕххон буӕрттӕ: ӕрвонтӕн иу намыс ис, зӕххонтӕн – ӕндӕр,

41 Ӕндӕр намыс ис хурӕн, ӕндӕр намыс – мӕйӕн, ӕндӕр намыс – стъалытӕн. Сӕ намысмӕ гӕсгӕ иу стъалы иннӕйы хуызӕн нӕу.

42 Афтӕ уыдзӕн, мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд дӕр: байтыдӕуы бамбийынӕн, райгас вӕййы ӕнӕмӕлгӕйӕ;

43 Байтыдӕуы ницӕйагӕй, райгас вӕййы намысджынӕй; байтыдӕуы лӕмӕгъӕй, райгас вӕййы тыхджынӕй;15:43 Мф. 22:30.

44 Байтыдӕуы ӕрдзон буар, райгас вӕййы уӕларвон буар. Ис ӕрдзон буар, ис уӕларвон буар.

45 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Фыццаг адӕймаг – Адам сси удӕгас», фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг уд.15:45 Ром. 5:18.

46 Раздӕр уӕларвон нӕ вӕййы, фӕлӕ ӕрдзон, уый фӕстӕ та – уӕларвон.

47 Фыццаг адӕймаг у зӕххон, сыджытӕй конд, дыккаг Адӕймаг та – уӕларвон.15:47 Ин. 3:31.

48 Сыджытӕй конд фыццаг адӕймаг цавӕр у, ахӕмтӕ сты зӕххонтӕ дӕр, ӕмӕ Уӕларвон цавӕр у, ахӕмтӕ сты уӕларвонтӕ дӕр.15:48 Ин. 3:6.

49 Ӕмӕ мах сыджытӕй конд адӕймаджы хуызӕн куыд уыдыстӕм, афтӕ уыдзыстӕм Уӕларвоны хуызӕн дӕр.15:49 Ром. 8:29.

50 Зӕгъын уын, ӕфсымӕртӕ: фыд ӕмӕ тугӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуын сӕ бон нӕу, ӕмӕ мӕлӕт тых цӕуыл у, уый ӕнӕмӕлгӕ нӕ уыдзӕн.15:50 Ин. 1:13; 3:3.

51 Зӕгъын уын сусӕгдзинад: мах неппӕт дӕр нӕ амӕлдзыстӕм, фӕлӕ неппӕт дӕр фендӕрхуызон уыдзыстӕм15:51 1 Фес. 4:17.

52 Уайтӕккӕ, цӕстыфӕныкъуылдмӕ, куыддӕр фӕстаг сыкъауадындз ныууаса, афтӕ. Куы ныууаса, уӕд мӕрдтӕ райгас уыдзысты, мӕлӕт сын нал уыдзӕн, мах та фендӕрхуызон уыдзыстӕм.15:52 Мф. 24:31; Ин. 5:28; 1 Фес. 4:16.

53 Уымӕн ӕмӕ чи ӕмбийы, нӕ уыцы буар хъуамӕ суа ӕнӕмбийгӕ, ӕмӕ мӕлӕт тых цӕуыл у, уый хъуамӕ суа ӕнӕмӕлгӕ.

54 Ацы ӕмбийгӕ буар ӕнӕмбийгӕ куы суа ӕмӕ мӕлӕт тых цӕуыл у, уый ӕнӕмӕлгӕ куы суа, уӕд сӕххӕст уыдзӕни, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: «Мӕлӕт аирвӕзт уӕлахизы хъуыры».

55 «Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ маргджын фат?»- 15:55 Фӕстӕдӕры къухфыстыты ацы бынат у афтӕ: «|iМӕлӕт! Кӕм ис дӕ маргджын фат? Мӕрдты бӕстӕ! Кӕм ис дӕ уӕлахиз?|r»

56 Тӕригъӕд – уый у мӕлӕты маргджын фат; тӕригъӕд та хъару Ӕгъдауӕй райсы.15:56 Ром. 4:15.

57 Бузныг Хуыцауӕй – Уый нын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы руаджы дӕтты уӕлахиз!15:57 1 Ин. 5:4-5.

58 Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Хицауӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Хицауӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.15:58 Кол. 1:23.

16

Ӕххуыс Иерусалимы аргъуанӕн

1 Ныр та сыгъдӕджытӕн ӕххуысы тыххӕй. Сымах хъуамӕ бакӕнат, ӕз Галатийы аргъуантӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ.16:1 Ром. 12:13.

2 Къуырийы фыццаг бон сымахӕй алчидӕр рахицӕн кӕнӕд, йӕ мулк куыд амоны, уыйбӕрц ӕмӕ йын уӕд цӕттӕ, ӕз уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ уыцы ӕххуыс ӕмбырдгӕнинаг куыд нал уа, афтӕ.

3 Ӕз уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд сымах аккагыл кӕй банымайат, уыдоны арвитдзынӕн фыстӕджытимӕ, цӕмӕй Иерусалиммӕ фӕхӕццӕ кӕной уӕ лӕвар.16:3 2 Кор. 8:19.

4 Кӕд мӕн дӕр ацӕуын бахъӕуа, уӕд ацӕудзысты мемӕ.

Павел хаты коринфӕгтӕм

5 Ӕз уӕм ӕрцӕудзынӕн, Македонийыл куы ахизон, уӕд. Уымӕн ӕмӕ мӕ фӕндаг Македонийыл уыдзӕн.

6 Ӕз уӕм, чи зоны, афӕстиат уон, чи зоны, зымӕг дӕр сымахмӕ арвитон, ӕмӕ мӕ сымах срӕвдз кӕндзыстут, кӕдӕм цӕуон, уырдӕм.

7 Нӕ мӕ фӕнды ныртӕккӕ сымахмӕ ӕхстуадӕй бацӕуын, фӕлӕ кӕд Хицауы бафӕнда, уӕд мӕ зӕрдӕ дарын иуцасдӕр уӕм баззайыныл.16:7 Иак. 4:15; 1 Кор. 4:19.

8 Эфесы та уыдзынӕн Хорысӕры бӕрӕгбонмӕ –

9 Уымӕн ӕмӕ кӕд мӕ ныхмӕлӕуджытӕ бирӕ сты, уӕддӕр мын ис парахатӕй ӕмӕ ӕнтыстджынӕй кусыны фадат.

10 Кӕд уӕм Тимофей ӕрцӕуа, уӕд бацархайут, сымахмӕ йын ӕдас цӕмӕй уа, ууыл. Уымӕн ӕмӕ уый дӕр, мӕнау, Хицауӕн кусы.

11 Ӕмӕ йыл ӕнӕрвӕссон мачи уӕд. Ифтонгӕй йӕ афӕндараст кӕнут фарнимӕ, цӕмӕй ӕрцӕуа мӕнмӕ – иннӕ ӕфсымӕртимӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын.

12 Ныр та не ’фсымӕр Аполлосы тыххӕй. Ӕз ӕм тынг ӕрхатыдтӕн сымахмӕ ӕфсымӕртимӕ ацӕуыны тыххӕй. Фӕлӕ йӕ ныртӕккӕ ницы хуызы бафӕндыд; фадат ын куы фӕуа, уӕд уӕм ацӕудзӕн.

13 Къӕрцхъус ут, уӕд уӕм фидар уырнындзинад, ут ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых.16:13 Мф. 24:42; 1 Пет. 5:8; Ӕрг. 3:11-20.

14 Уӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕвдисут уарзондзинад.

15 Ахайы фыццагдӕр Стефан ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ кӕй баууӕндыдысты ӕмӕ сыгъдӕджытӕн лӕггад кӕнынӕн сӕхи кӕй снывонд кодтой, уый уын зындгонд у. Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ,16:15 1 Кор. 1:16.

16 Сӕ коммӕ кӕсут ахӕмтӕн, стӕй ацы хъуыддаджы семӕ чидӕриддӕр фӕллой кӕны, уыдонӕн дӕр.

17 Сымах мемӕ кӕй не стут, уый мын баххӕст кодтой Стефан, Фортунат ӕмӕ Ахаик. Райын се ’рцыдыл.

18 Уыдон мӕнӕн дӕр ӕмӕ сымахӕн дӕр ӕрхастой удӕнцой. Ахӕмтӕ уӕм уӕнт нымады.

19 Салам уын дӕттынц Асийы аргъуантӕ; зӕрдиаг чырыстон салам уын дӕттынц Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ, стӕй сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уый дӕр.16:19 2 Тим. 4:19.

20 Салам уын дӕттынц ӕппӕт ӕфсымӕртӕ. Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ.16:20 1 Пет. 5:14; Ром. 16:16; 2 Кор. 13:12.

21 Ӕз, Павел, ацы салам фыссын мӕхи къухӕй.

22 Хицауы [Йесо Чырыстийы] чи нӕ уарзы, уый ӕлгъыст фӕуӕд. Марана та!- 16:22 Арамейаг ӕвзагыл амоны «Ӕрцу, Хицау».

23 Нӕ Хицау Йесойы хорзӕх уӕ уӕд.

24 Ӕз уарзын уеппӕты дӕр – Йесо Чырыстиимӕ иудзинад кӕмӕн ис, уыдоны.